![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 21 часть
Хауаг та ма куыннæ у худæджы хал. Æстæм æви фарæстæм къласы фæстæ фæсидтысты Сослæнбегмæ цыппор дыккæгæм азы. Сидты хæдзармæ бон постмæ бацыд фæссихæртты — газеттæ æрхæццæ уыдаиккой æви нæма, уый бæрæггæнæг: байуарыны размæ-иу æм æркæсынмæ авæрдта цосты хицау Хадизæт. Газеттæ нæма уыдысты æмæ стъолы фарсмæ æнхъæлмæгæсгæ æрбадти. Телефонмæ фæкомкоммæ æмæ йæ.зæрды ахъазын æрæфтыд. Хъæусоветмæ бадзырдта. Куыд æнхъæл уыд, афтæ дзы разынд æрмæст бонгæс, зæронд Дыбу. «Хъæуыхицау кæм ис?» — «Уæлæ хъæуы сæрмæ танктимæ хæцæн дзыхъхъытæ кæм къахынц, уырдæм ацыд». — «Секретарь та?» — «Мæгъа, нæ зонын. Ныртæккæ дæр ма ам уыдис. Кæд, мыййаг, сæхимæ сихор хæрынмæ ауади». — «Уый та ма цавæр сихортæ йедтæ сты?! Хæсты заман алчи бон-изæрмæ йæ бынаты кæй хъуамæ уа æнæцухæй, уый нæ зонут, æвæццæгæн. Ничи сæм кæсы: хæрынмæ, дам, ауад. Емынæ бахæрат!» — «Ды чи дæ, ды?». — фæпысыра Дыбу. — «Æз мæнæ районы æфсæддон комиссдры хæдивæг дæн». — «А-а, бахатыр кæн, нæ дæ базыдтон, бахатыр кæн»,— фæлæгъстæхуыз Дыбуйы хъæлæс, цыма комиссары хæдивæгимæ рагæй зонгæ уыдысты æмæ иумæ бирæ цæхх. кæрдзый бахордтой, уыйау. — «Æгæр дæр ма мæ базондзынæ!» — ноджы карздæрæй загъта Сослæнбег. — «О, о, бахатыр кæн. Цы фæдзæхсинаг уыдтæ хъæуыхицауæн æмæ секретарæн? Æз сæ тæккæ ныртæккæ бацагурдзынæн». — «Агурын сæ ницæмæ хъæуы. Ды чи дæ, уым цы архайыс?» — «Æз? Æз мæнæ бонгæс дæн». — «Фыссын зоныс?» — «Ау, куыд нæ зонын?! Зæронд скъолайы æнæхъæн дыууæ къласы куы бакастæн». — «Хорз, иттæг хорз! Маладез! Кæд æнæхъæн дыууæ къласы бакастæ,. уæд кърандас æмæ гæххæтт райс». — «Фæлæуу, мæнæ стъолыл ручкæ æмæ чернилæдон ис. Лагъзы кæд гæххæтт дæр разынид. А-гъа, йс дзы». — «Уæдæ фысгæ кæн. Цæттæ дæ?» — «О, о, цæттæ». — «Æппæты уæле ныффысс: райсом аст сахатмæ, куыд ничи байрæджы кæна, афтæмæй...» — «Фæлæуу, фæлæуу, сабырдæр дзур: нæ дæ æййафын». — «...хæстмæ ацæуынæввонгæй, æд дзаумæттæ, æфсæддон комиссарадмæ сидæм... Ныффыстай?» — «О, о, ныффыстон. Дзур дарддæр: кæмæ сидут? « бацымыдис Дыбу. Æмæ Сослæнбег дæр нымайын байдыдта, зæрондæй-æрыгонæй Зилгæйы къуылыхæй кæйдæриддæр зыдта, уыдоны. «Рубайты Сау. — Банхъæлмæ каст. — Ныффыстай?» — «О, о, ныффыстон». — «Хæблиаты Къæлæу. — Банхъæлмæ та каст. — Ныффыстай?» — «Ныффыстон, ныффыстон». — «Дзарасаты Елбыздыхъо». — «Æмæ Елбыздыхъо авд азы размæ куы амард». — «Уый мæ хъуыддаг нæу! Махмæ нырма мæнæ номхыгъды фыст ис: Дзарасаты Елбыздыхъо. Ныффыстай?» — «Омæ йæ...» — «Уый мæ хъуыддаг нæу! Ссарут æй, мардæй уа, æгасæй, æмæ йæ рарвитут. Ныффыстай?» — «Ныффыстон». — «Слонаты Агуыбе. Ныффыстай?» — «О, о, ныффыстон». — «Слонаты Дыбу...» — «Æз нæ! Мæн нæ! Æз къуылых дæн!» — «Уый мæ хъуыддаг нæу! Фысгæ кæн: Слонаты Дыбу». — «Нæй, мæнæн хæстмæ цæуæн нæй: бынтон къуылых дæн æз!» Ацы ран рæмбыныкъæдзæй — йæ пыррыкк ма райхъуыса — йæ дзых ахгæдта Сослæнбег, хæтæл къоппыл æрцауыгъта æмæ фырхудæгæй йæ тъæнгтыл хæцгæ баззад дыдагъæй. Уæды онг уаты рæбинаг къуымы йе стъолы уæлхъус къæбæлтæй цыдæртæ нымайгæ Сослæнбеджы ныхасмæ чырчыргæнгæ хъуыста Хадизæт. Дыбуйæн дзы йæхи дæр фæтъыста æмæ лæг йæ хъуырмæ ссис, уый куы бамбæрста, уæд йæ бынатæй сыстад: «Уæгъуырæй гуырд, цæмæ хынджылæг кæныс мæгуыр зæрондæй? Афтæмæй зæрдæдзæф куы фæуа, уымæй дæр нæ тæрсыс?» Бацыд æмæ телефон æрзылдта. «Дыбу, ды дæ? Ма тæрс, æфсæддон комиссарадæй нæ дзырдтой. Уый мæнæ Сослæнбег хынджылæг кодта... Мæнæ постæй... Æз? Æз Хадизæт дæн... О, о, Дæхцыхъойы фырт Сослæнбег». Иу, кæддæры Дзарасаты — кулак сæ скодтой — кæрты, уыдысты пост æмæ хъæусовет. Уайтагъд — артæнтыл хæцгæ дыдагъæй ма æрбаййæфта Сослæнбеджы — æрбахæццæ Дыбу. — Æнхъæлдтон, аирвæздзынæн дзы,— ауал азы фæстæ дæр йæ худæг уромын нæ фæразы, афтæмæй дзуры Доданæн Сослæнбег. — Уаты мыл нæ фæхæст, фæлæ дуарыл куы рацæйгæпп ластон, уæд ме рагъыл ахæм дзæхст сæмбæлди, æмæ йæ лæдзæджы фæд абон дæр бæрæг ма дара, уый мæ нæ уырны,— йæ фæсонтæм сæвнæлдта. — Иннæтæй никæмæй загъта, къуылых у, цæй хæстон лæг дзы ис, зæгъгæ, цалынмæ йæхимæ æрхæццæ дæн, уæдмæ. Суанг уæхи Къæлæуæй дæр — æнæ дыууæ лæдзæджы æнцой акъахдзæф йæ бон куы нæ у. Ноджы ма йæхæдæг — йæ къуылыхы æдде бонгæс йеддæмæ æхсæвгæсæн дæр куы нал бæззыд фырзæрондæй. Уый та дын худаджы хал,— йæ сахъат уæраг армытъæпæнæй æрсæрфта Сослæнбег. Сæ дæргъвæтин хабæрттæй базыдтон: Додан куыддæр хæцæнмæ ныххæццæ, афтæ уацары бахауди. Ралыгъд æмæ партизанты бацагуырдта. Белоруссийы хъæдбынты æмæ цъымараты сæ къорд куы немыцмæ лæбурдта, куы сæ-иу немыц сæ хъæлæсы ахастой. Йæ Уастырджийы хай йæ дыууæ сæрды æмæ дыууæ зымæджы фæхъахъхъæдта, уæддæр фæстагмæ пулеметы рæмудзгæ нæмыгæй фадхъул ныппырх. Цавæр маргджын разынди уагæры уыцы нæмыг, йæ хъæдгомæн байгас куы нал æнтысы æмæ дзы æртыккаг аз йæ уд æрдуйæ нарæгдæр куы ссис. Хуыцауæй дзæгъæлы хатыртæ куры мамæ — нæ базайрагæй Доданæн дæр уыдзæни хай: гуыл, лыстæг бапъерозтæ кæнæ хикарт тамако; кæд рантыса, уæд ма сæны авг дæр; æнтысгæ фылдæртæ дæр бæргæ ракæнид, фæлæ афæдзæйафæдзмæ не ’хцайы каст ацы фæткъуытæм вæййы æмæ та хъалбнты æнæфсис гуыбыны аирвæзы. Фыццаг хатт куы схастам фæткъуытæ уæймæ, уæд мын мамæ мæхи арвыста гуыл алхæнынмæ. — Дзæбæхдæр кæцы уа, ахæм-иу равзар. Тæрхæджытыл æрзылдтæн. Буртæ, фæлурсытæ, сыгъддзæфтæ, стырдæртæ æмæ къаддæртæ, тымбылтæ æмæ дæргъæлвæстытæ. Дзæбæхдæры тыххæй мæ мамæйы фæдзæхст айрох æмæ сæ тæккæ хъомылдæрмæ бабæллыдтæн. Сыгъдбын разынд, фæлæ йын ницы у: афтæ куы фæзæгъынц, сыгъд кæрдзын чи бахæра, уый æхца ссардзæн. Цалынмæ мамæйы размæ здæхтæн, уæдмæ гуыл æрлæмæгъ, лæбырын байдыдта, æмæ зæхмæ куыд не ’рхауа, афтæ йæ дыууæ дыдагъæй армы æрæвæрдтон. — Уый цы балхæдтай, уый? — хъавгæ йæ мæ къухæй райста мамæ æмæ йæм алырдыгæйты æркаст, йæ уæз барæгау ыл армæй схæцыд. — Амæй дзы стырдæр нæ уыди. — Æ, дæ раттæг æндæр мацуал ратта. Æз дын дзæбæхдæр равзар куы загътон. Гъы, марадз, айдагъ картоф, нуары хъæстæ дзы нæй æппындæр. Мæхимæ дæр æгæр лæхъир кæсы, фæлæ уыйхыгъд — егъаугомау. Гуыл. Гуыл дæр дзы Гыцуйы коид куы нæ уа, уæд иннæтæ цæй гуылтæ сты? Суанг мын Яи дæр ахæм никуы сфыхта. Хæсты размæ Доданимæ цалдæр хатты уыдыстæм фаллаг фарсы, йе ’рдхорд Бзарты Мæхæмæтатæм. Æмæ-иу алы хатт дæр Мæхæмæты мад Гыцу уайтагъд уæларынг балæууыд. Уæливыхты уæлæмхасæн мæнæн та — дæргъдзæф гуыл, йæ цыхт пæрпæргæнгæ мын-иу æй æрæвæрдта хибар ныллæг фынгыл: «Уæлдай дзы куы ныууадзай, уæд дын иннæ хатт нал скæндзынæн». Æмæ йæ чи фæрæзта æнæхъæнæй бахæрын та? Ноджы-ма йæ хыссæйæ цы аззадаид, уымæй та — хæдзармæ хайæн — къалаци; урс хъуымацы гæбазы-иу æй æрфæлмæнæруазалмæ бауагътаид, стæй-иу æй мæ хъуырыл бафтыдта, йæ хæрздæф — сæрзилæн æмæ мондаггæнæн. Ныуулæфыдтæн æмæ сыгъдбын лæхъир къæбæр скомдзаг кодтон. Цæй ад æмæ цæй æндæр, фæлæ стонг гуыбын ахæмтæй фæрсы? Йе ’мбис ын мамæмæ бадардтон. Нæ йæ бакуымдта: «Кæд дын уырыссаг нæ дæн адæмы æхсæн хæрынмæ». Æнæбары йæ феууылдтон, феууылдтон, уæддæр æй хæрд нæ фæдæн. Цы ма дзы баззад, уый та мамæ йæ куатæйы атыхта æмæ йæ голладжы сæрыл фæткъуыты къусы бын æрæвæрдта: фæстæдæр бабæздзæн. Уæдæй ардæм мыл нал æууæнды æмæ йæхæдæг ауайы гуылæлхæнынмæ. — Тигр! Тигр! — азæлыд базары иу кæронæй иннæмæ. Цæй æрæгмæ фæзынди абон? Тæккæ æмгуылфдæр куы вæййы базар, уæд аууæтты-аууæтты æрбайсы чъылдымæй йæхи: дзагъырдзаст, бæгъæмвад, фадхъулты сæрмæ хæлафы, хæдон æддæты уагъд, хъуынджын риуыкъæй — гом, йæ мæкъуыстджытæ — мæ астæуæй ставддæр. Хъуызынмæ рæвдз кæй у, æвæццæгæн ыл уый тыххæй сбадт ном дæр — Тигр. Къуырддон карк йæ цъиутæ хъæрццыгъайæ куы хъахъхъæна, уыйау-ма бæргæ адæлгом вæййынц сæ уæййæгтыл сылгоймæгтæ, «Тигр! Тигр!» — ма бæргæ райхъуысы сæ цъæхахаст, фæлæ уæдмæ уый фыццагдæр кæм сарæхсы, уым фæлæбуры. Махæн дзы ницы тас уыд — фæткъуыйы мæтæй дын марди. Гуыл. Иугæр куы фæхæст уа гуылыл, уæд ыл дыууæ къухæй ныддæвдæг уыдзæн æмæ йæ байсын никæйуал бон бауыдзæн. Комдзаг дзы куы бафæраза, уæд та ма йæ фæнды байс, фæнды ма байс: кæй ма цæмæн хъæуы? Цалдæр русæн æй фæдæле кодтаид, дзыхæй йæ бынмæ нал уагъта. Æрмæст ма нæмынæй кæд райстаиккой гуылты хицæуттæ сæ маст. Цавтой сæр, бæрзæй, фæсонтæ; армытъæпæнæй, тымбыл къухæй. Æвæдза, иу фыд-зондмæ лæдзæгæй ныццæвыны фæнд фæзынди, уæдиу сылгоймæгтæ цъæхахстгæнгæ сæхæдæг февнæлдтой иргъæвынмæ — æлхæнæгæй, уæйгæнæгæй. Йæ цæсгомыл куыд нæ суайа цæф, афтæ хъахъхъæны йæхи: базыртæ радгай тилæгау куы иу рæмбыныкъæдз, куы иннæ фæхъил кæны. Цæфæй цы бавзæрстой йæ фæсонтæ — кæсгæ дæр æм никуы фæкодтаид цæвæгмæ, дзургæ дæр. Гоби уыдаид æви — йæ ныхас ын никуы фехъуыстон. Æрмæст йæ уынæргъынæй уæнгтæ дон кодтой: ныууынæргъыд, уæд нæмæг иуварс асхъиудтаид. Бирæ азты фæстæ, рæстæгмæйы сырддон горæты мæ фатермæ хæстæг куы æрбынатон, уæд ма-иу райхъуыст изæргæрæтты домбайы ахæм уынæргъын, æрвнæрды гыбар-гыбуры æнгæсæн; иннæ сырдтæ-иу æй куы фехъуыстой, уæд-иу хъыллистгæнгæ сæ къæлæтты къуымты кæм аныгъуылдаиккой, уый нал зыдтой. Уæздан та ма куыд нæ уыд — иунæг гуыл йеддæмæ не скъæфта. Æрмæст алы бон дæр дыууæ кæнæ æртæ хатты. Хæрд фæци, уæд-иу куыд æнæнхъæлæдясы фæзынди, афтæ æнæнхъæлæджы-иу æрбатар. Мамæйы уæхсчыдзаг уæйгонд фæци, фæкъахыр, æз кæй фæхастон, уый дæр. Чидæртæ сæ уæййæгтæ æрбамбырд кодтой æмæ вагзалы ’рдæм фæраст сты. — Цæуæм мах дæр поезды размæ,— загъта мамæ. Бакуйæ Мæскуымæ поездæй зæгъы; цалынмæ станцæйы фæлæууы, уæдмæ бæлццæттæ рахизынц се уæнгтæ аивазынмæ, æлхæнæг дæр дзы дзæвгар вæййы. Куыддæр хæрзмарзт перроны æрæвæрдтон голлаг æмæ мамæ къус байдзаг кодта, афтæ нæ уæлхъус алæууыд фæтæнрихи саухил булкъон дыууæ сылгоймагимæ, поездмæ æнхъæлмæгæсджытæ. Булкъоны риуыл хæрзиуджытæ йеддæмæ ницуал уынын: тæмæнтæ калынц Ленины дыууæ ордены, Сырх Тырысайы цыппар ордены, Суворовы орден, Александр Невскийы орден, Фыдыбæстæйы хæсты дыууæ ордены, цалдæр майданы. Æргуыбыр кодта æмæ хæрзиуджыты зыланг ссыди; къусæй иу фæткъуы систа, стыр æнгуылдзæй йæ балвæста, йæ тæфмæ йын адджынæн смуды. — Мæнæ кæй агуырдтон, уыцы фæткъуытæ,— разылд йе ’мбал сылгоймæгтæм. — Цæйаргъ у дæ къус? — Туман. — Иууылдæр та? — Мæгъа, æркæс дæхæдæг. Булкъон йæ къух бадардта æмæ йæм сылгоймæгтæй иу æрбалæвæрдта хæцæнджын егъаугомау тарбур сæрак хызын. Фæткъуытæ голлагæй хызынмæ равгæдтой æмæ дзаг дæр нæ бацис. — Адæй сæ уæд та федтаис,— сдзырдта мамæ. — Сæ ад сын хорз зонын: нæхи цæхæрадоны дзы æнæхъæн æхсæз бæласы уыдис. Уыдис æмæ нал ис: зæрæдтæ сæ сугæн акалдтой,— ныуулæфыд булкъон. Йæ риуыдзыппæй æхца систа, сырх æртыгай тумантæ дæс банымадта æмæ сæ мамæмæ æрбадардта. — Бирæ сты, æгæр бирæ,— къæмдзæстыгхуызæй йæ къухтæ йæ чъылдыммæ амбæхста мамæ. — Сымахæй æхца райсын уæвгæ дæр бæргæ не ’мбæлы, фæлæ цы бакæнæм: тыхст æмæ уырыд стæм. — Айс, айс, нæ мады хай. Уæ фыдæбон æмæ тæригъæд уын хорз æмбарын, кæрон сын нæй. Дæ уæздан ныхасы тыххæй та бузныг. Мæ гуырысхотæн мын кæрон сæвæрдта Поли, йæ цæрæнбон бирæ. Æнæуи дæр нæм иу æмæ дыууæ хатты нæ уыди кой бинонты æхсæн, алырдæм дæр рабар-бабар кодтам æмæ горæт алцæмæй дæр фадатджындæрыл нымадтам. Фæлæ æдзух уыцы нæхимæйы кой, уыцы. Зæрдæхæлæн, æндæр ницы. Ныр Полийы уынаффæйы фæстæ хъæддыхæй скарстон: ласгæ у, дæргъвæтин æмгъуыдтæ дзы ницæмæн хъæуы — тæккæ райсом. ...Нæхимæйы коймæ бæлвырд фæсæрæндæр, йæ дзаумæттæ, цъындатæй фæстæмæ, йæхæдæг скодта, æнæ искæй æххуысæй; лифты онг дæр йæхæдæг рацыд. Æрмæст лифтæй куы рахызтыстæм, уæд машинæйы онг йæ фæйнæ фарс æнцой балæууын бахъуыд: къæпхæнтыл йæ уæрджытæ дыдæгътæ кодтой, иу къæпхæнæй иннæмæ йæ къах стыр зынтæй æмæ æнарæхстæй æвæрдта. Мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, фæстаг хатт кæй рахызти нæ горæтаг къæсæрæй. Æнхъæлдтон: абон сусæны æртындæсæм бон, сæрд нырма мæй æмæ æрдæг, уадз æмæ сыгъдæг уæлдæфæй фæулæфа, кæд ын, Полийы загъдау, æцæгдæр æвдадзы хос разына; фæкъæвдаты размæ йæ фæстæмæ горæтмæ сласдзынæн æмæ та дарддæр бæрæг уыдзæни. Мæхæдæг разæй, шофыры фарсмæ, сбадтæн; Бабу — фæстаг бандоныл астæуæй, йæ фæйнæ фарс — лæппу æмæ чындз. «Волгæйæн» цастæ цыд у Дзæуджыхъæуæй Зилгæмæ — фылдæр-фылдæр дыууиссæдз минуты, уæддæр ын фæндагыл зæрдæхъармæй тарстæн æмæ, размæ цас нæ кастæн, уыйас фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодтон. — Куыд дæ, Бабу? — Саджы лæппыны хуызæн. Йæ иудадзыгон цæттæ дзуапп. Æндæр ничи ницы дзуры машинæйы: чындз æмæ лæппу, æвæццæгæн, мæнæй хуыздæр æмбарынц хъуыддаг æмæ сæм дзурыны зæрдæ нæй. Беслæнæй фæдæлæ машинæ. Зилгæйы уæлмæрдтæ фæсте аззайдзысты ныртæккæ æмæ хъæуы ’рдæм фæзилдзыстæм. Комкоммæ размæ кæсы Бабу, цыма фæндагыл стыр диссаг разындзæн, уыйау. Æндæр хатт дын уæлмæрдтæм æнæ фæкæсгæ фæуа: фистæгæй — йæ сæрæй сын акувдзæн, автобусы — йæ мидбынаты банкъуысдзæн: «Рухсаг ут». Нæй, кæсгæ дæр нæ фæкодта, æнкъуысгæ дæр. Фæхъыг мын. Хуыцаумæ мын тæригъæд ма фæкæсæд, фæлæ афтæ банхъæлдтон, цыма барæй нæуынæг æмæ нæзонæг скодта йæхи, ома, кæд мын сымах уыцырдæм амонут, уæддæр мын нырма раджы у уæлмæрдтæм. Бæргæ, бæргæ... Хуырастæрд цæхгæрмæ уынгыл нæхирдæм фæзылд машинæ æмæ нæ кæрты дуармæ æрлæууыд. Рахызтæн æмæ дуар байгом кодтон, мидæмæ куыд бацæуа, афтæ. Нæ мæ фæндыд, зын мын уыди, исчи йæ дзойдзойгæнгæ æмæ фæйнæрдыгæй æнцæйттимæ бацæугæ фена, уый. Уæвгæ дæр ничи зындис уынджы: сусæны араугæ æмбисбоны хур се ’ппæты дæр мидæмæ, аууонмæ батардта; хæдзæртты цур бæлæсты бын кæрæдзийы мондагæн чи абада, ахæм зæрондæй та сыхы ничиуал баззади. Кæрты астæу машинæйæ раргъæвтам Бабуйы. Иуырдыгæй æз балæууыдтæн йе ’нцой, иннæрдыгæй — чындз, афтæмæй йæ мидæмæ бакодтам. Йе фæйнæрдæм акæса, йе исты сдзура — ахæмæй ницы. Ногæй та мын фæхъыг, ногæй та ныррæхуыста зæрдæ: «нæхимæ», «нæхимæ» куы кодта æдзух, уæд цавæр у уагæры, хæдзары къултæм уæд та куыннæ скасти, къæсæрыл уæд та куыннæ фæфæстиат: «Табу Хуыцауæн, кæмæ бæллыдтæн, уыцы нæхимæ дæн ныр». Чындз ын цалынмæ йæ хуыссæнмæ зылдис, уæдмæ йæ сынтæджы ныхмæ æвæрд диваныл æрбадын кодтам. Фæлæ йæ бон бадын нæ уыдис, фæрсырдæм фæлдæхт, æмæ йын чындз йæ нывæрзæны баз æрæвæрдта. Æрхуыссыд. Уалынмæ йæ хуыссæн дæр срæвдз; срæвдз, зæгъгæ йын рæвдз уыди, фарон фæззæг дзы йæхæдæг куыд хуыссыд, афтæмæй баззади, уæдæй нырмæ сæ гобанæй, хъæццулæй дыууæ-æртæ хатты хурмæ цы акалдтам, æндæр. Ныр сын чындз сæ цъæрттæ ивынмæ февнæлдта — уадз æмæ кæд исчи, мыййаг, рынчынфæрсæг фæзына, уæд æй тæмæнкалгæ хуыссæнты æрбаййафа — æмæ уый дæр нымадæй цалдæр минуты куыст йеддæмæ нæ уыди. Къухæнцæйттæ рабадт диваны æмæ пъолыл æрлæууыд. Диванæй сынтæджы æхсæн къулæнцой чингуыты тæрхæджы цур фæфæстиат. Рæнхъæвæрд чингуытыл амонæн æнгуылдз цæхгæрмæ ахаста æмæ йæм æдзынæг æркасти: — Не срыг сты? — Рыг дæр сыл бады, уæдæ нæ бады, авгæвæрд скъаппы куы нæ уой, уæд,— дзуапп ын радта чындз. Йæхицæн æй уайдзæф банхъæлдта æмæ йæ хъæлæсыуаджы мæ хъустæ ацахстой арф æмбæхст бустæ. Нæ, уайдзæф нæ уыди; тæрхæджы чингуытæ куы федта, уæд йæ сæрызонды ферттывта йæ мойы фæдзæхст, æмæ куыд æвиппайды февзæрд, афтæ æвиппайды бамынæг. Чындз æй кæцæй хъуамæ зыдтаид, фæлæ мæнæн мæ зæрдыл æрбалæууыд. Зырнæйзылд незамантаг чингуыты тæрхæг: мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ йæ зонын. Сæракцъар бæзджын чингуытæй æмыдзагæй йæ æрæййæфтон; ахæм. уæззæуттæ дзы уыдис, æмæ йæ райсын тыххæйты фæрæзтон; кæсын бæргæ зыдтон уæдмæ, фæлæ дзы цы фыст ис, уый нæма æмбæрстон, æрмæст сæ радыгай истон нывты мондагæн. Сæ рафæлдах-бафæлдахæй æфсис нæ зыдтон, хæрын дæр мæ ферох уыдаид æмæ хъазын дæр; искуы тымбылцъæгæй бабад къуымы — хъыгдарæг дæр дæ нæй, хъыгдаргæ дæр никæй кæныс. «Зингернмæ» иумæ хæдзары мидæг тæккæ стырдæр хæзнайыл нымад уыдысты. — Ма сæ аскъуын, стæй сæм чъизи къухæй дæр макуы æвнал,— æдзух мын фæдзæхста Яи. — Куы рахъомыл уай, уæд сæ кæсдзынæ æмæ дæ сæ хицауы хуызæн стыр лæг рауайдзæн. Æрмæст дын-иу Хуыцау дæ амонд Афæхъойы амондæй тыхджындæр фæкæнæд. Фæлæ сæ иу сæрдыгон æнтæф бон æнæнхъæлæджы бавдæлон дæн. Цыппор дыккæгæм азы сусæны кæнæ хорфыцæн мæйы уыдаид. Бабу хъæуы сæрмæ танкæуромæн дзыхъхъытæ къахынмæ цыдис. Цыма Уæрæсейы цалдæр фурды сæрты чи æрбахызт æмæ Æрджынарæгмæ чи æрбахæццæ, уыцы немыцаг танкæты Зилгæйы сæрмæ сылгоймæгты æмæ зæрæдты къухтæй къахт дзыхъ баиргъæвтаид, уыйау. Фæлæ уыдæттæ ской чи хъуамæ бауæндыдаид? Ской кæн æмæ дæм хъæуыхицау, Кцойты карз Дыгына бауырдыг уыдзæн: — Ды та Гитлеры æрбацыдмæ бæллыс? Иугæр дæм куы фæфыдæх уа, уæд дæ гуырæй райгæ у: нæлгоймаг дæ æви сылгоймаг, зæронд æви æнахъом, уымæ дын ничиуал фæкæсдзæн. Аирвæзт дзы уæддæр Яийы æфсымæры чызг Оля, йæ къах нæ авæрдта нæдæр хуыммæ, нæдæр дзыхъытæ къахынмæ; махмæ æрбынатон æмæ уынгмæ йæхи нал æвдыста: — Æндæр сæ ницы хъæуы? Джебогъимæ мæ æрлæууын кæнæд Гитлеры ныхмæ! Айонг æй чи æрбауагъта, уыдон æй фæстæмæ дæр атæрæд: æз мæхицæн мæгуыр сылгоймаг дæн æмæ мæ хæцынтимæ æмæ акъоппытæ къахынтимæ ницы хъуыддаг ис. Æлдары кой хъæдрæбын, зæгъгæ, уыйау йæхи Яийы æмæ Бабуйы цур хъæбатырæй æвдыста, æндæр ма уыдæттæ Дыгынамæ бауæндыдаид.
![]() |