![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 24 часть
Бæгуыдæр, Надийы карз æмæ комкоммæ ныхас æнæхъæн хъæубæстæн дæр зындгонд у æмæ йæм уый тыххæй хæрам чи у, ахæмтæ дæр дзæвгар ис. — Цы уыдис уагæры, цæмæн æм афтæ фæфыдæх дæ? — Цыфыддæр та ма цы вæййы: мæхæдæг быдырмæ цæуынæн нæ, фæлæ цæхæрадоны куыстæн дæр нал уыдтæн цæхнизæй. Хасанбег — æфсады. Хадзысмел — Сыбыры. Муричы йе скъола ныууадзын бахъуыд æмæ быдыры хафта. Ам къуырцц-уым къуырцц рывдæй йын рывд бæргæ бантыст нæ цæхæрадон, фæлæ Уациллайы рæстæг нæ зонут уæхæдæг — къæвда къæвдайы фæдыл, æмæ хæмпæлæн баиргъæвæн нал вæййы. Фæцæйсæфт не ’ддаг цæхæрадон, æмæ æз дæр Муриччы дыууæ боны быдырмæ нал ауагътон, цалынмæ йæ рывд фæцис, уæдмæ. Æртыккаг бон дын Хъазихан Дзæрæхохты Дзамболатимæ сæ бричкæ, уæртæ кæрчытæ кæм бæгъдулæг кæнынц, уым куы æруромиккой тæккæ каурæбын. Æрхызтысты æмæ гуыффæйæ тыхтухитимæ гутон æристой. Хъазихан æрбацыд æмæ нын нæ дуар ехсы хъæдæй æрбахоста. Ракастæн сæм. «Уæ лæппу кæм и?» — «Нæ лæппу бонивайæнтæй нырмæ фæрывта æмæ уæртæ аууоны йæхи æруагъта». — «Гъы, ничи йæм кæсы — йæхи æруагъта! Æмæ быдыры йæ хай æнæрывдæй кæй лæууы, уый дзы рох фæцис æви йæ зонгæ нæ кæны?» Мæгуыры къултæ бакодтон мæхи: «Бæргæ йæ зонæм, фæлæ нæ цæхæрадон хæмпæлы бын фæцæйсæфт æмæ лæппуйы æз нал ауагътон, мæхицæн та мæ бон кусынтæ æмæ рувынтæ нæу». — «Гъы, ничи сæм кæсы?! Æмæ алчи йæхи цæхæрадон рувыныл куы æрлæууа, уæд ма паддзахады пълан та чи сæххæст кæндзæн?» — «Омæ уын, гормæттæ, хорз куы кусы паддзахадæн: белсыгъд æмæ рувæнсыгъд куы баисты йе ’нахъом армытъæпæнтæ. Колыты Хихайы дæргъæн ныццис, уымæ йын ма кæсут — нырдоа йе ’хсæрдæс дæр йæхи куы нæма сты...» — «Æз Хиха-Михайæн ницы зонын, фæлæ райкомы уынаффæ зонын æмæ куыд домы, афтæ бакæндзынæн: быдырмæ чи нæ цæуы, уыдонæн сæ цæхæрадæттæ афæлдахут!» Амонæн æнгуылдз мæм дамбацайы хуызæн ныддардта, кфтæмæй уыдис уæдæйсарæй йæ ныхас, ныр æй галиуырдæм акъуырдта, ома, мæнæ афтæ афæлдахгæ у уæ цæхæрадон, йæхæдæг Дзамболаты ’рдæм фæзылд. Уый, мæгуыр, гуыффЦйы æнцой лæууыд сæргуыбырæй, куы æрбацыдысты, уæдæй фæстæмæ йæ дзыхæй иу сым не схауд. Ныр мæм къæмдзæстыгæй æрбакасти: «Фæлæуу-ма, фæлæуу, дæ хорзæхæй — хæдзар Арсæмæджы хæдзар нæу?» — «Арсæмæджы хæдзар бæргæ у». — «Ау, æмæ Арсæмæг колхозæн йæ саразджытæй иу куы уыди, уæд ын æз та ныр йæ цæттæ фыдæбон афæлдахон? Уæллæй, нæ уыдзæн уый, мæ мад-мæ фыдыстæн! Ау, æндæр бузны йын нæ ацыдис? Нæ уыдзæн, мæ мад-мæ фыдыстæн!» Йæхæдæг схæцыд, гутон гуыффæмæ сæппæрста, бæхты æрхоста æмæ афардæг, Хъазиханы дæр ма ныууагъта мемæ хъаугъагæнгæ. Фæразгæ та куыд скодта уыцы гутон иунæгæй, гуыффæйæ йæ тыххæйты куы æристой дыууæйæ, уæд? — Æфсармæй адæймаг цы нæ бакæндзæн,— загъта Уæлинка. — Æрмæст уый тыххæй дæр ын куы æмбæлди хатыр Хуыцауæй, уæд ын куыннæ батæригъæд кодта? — О, о, ахæм ма дзы диссаджы адзал уа. — Мæгуырæг, Дзамболат... Хабар мæхæдæг хуыздæр зонын æмæ сæ ныхас кæрæдзи дзыхæй исгæ ныууагътон. Куыннæ йын уыд хатыр та ма Хуыцауæй? Мад амæла, фыд амæла, уæддæр йæ ныгæнæг хъæбул макæмæн амæла. Ме ’мгар уыд Дзамболаты хистæр фырт Ахболат: æртæ азы хистæр кæнæ кæстæр æмгар у, æндæр цы, уæлдайдæр æмудæй кæрæдзийы куы æмбарат, уæ цыд, уæ бадт иумæ куы уа, уæд. Æгæр раджы басыгъд, æгæр æнафоны йæ барвыста мæрдтæм тугниз. Æфсады йæ ссартаид, æвæццæгæн, æндæр кæм: уыцы æнæхайыры атомæй ифтонг кæнын куы райдыдтой флот, уæд æнæхъæн æхсæз азы æрдаудта денджызы. Сæрæн æмæ къабазджынæй бæргæ сыздæхт хæдзармæ, бинойнаг æрхаста æмæ æхсæны куыстыты æрлæууыд: раздæр партийы райкомы, стæй та Зилгæйы колхозы сæрдарæй; низ йæ бакастыл нæ зынд, фæлæ мидæгæй йæ куыст сындæггай кодта æмæ йæ боныфæстагмæ рынчындоны сынтæгыл æрфæлдæхта. Иу хатт. Иннæ хатт. Аннæ хатт. Куыд дарддæр, афтæ дæргъвæтиндæрæй. Адæргæй домбай Дзамболат дæр æруатон, хуыссæнæй нал стад. Йæхи хордта фыркатайæ, æмæ цы йæ бон уыд? Уалынмæ декабры налат бонтæй иуы Ахболат рынчындоны ахицæн æмæ йæ æрластой. Фаллаг уынгты. Дзамболат куыд ницы бамбара, афтæ сæ зæрды уыди бинонтæн дæр, мыггагæн дæр, хъæубæстæн дæр. Цот куы фæзынди Ахболатæн, уæд фыды кæртæй иу хæдзар фалдæр бæстыхæйттæ æрæвæрдта: йæ кæстæр æфсымæры рад дæр ралæууыд бинонты хъуыддаг бакæнынмæ. Æмæ ныр изæргæрæттæм хæстæг йæхи хæдзармæ бахастой Ахболаты. Уæззау бæллæхæн мацы бамбара фыд, зæгъгæ, сæхи бæргæ хъардтой бинонтæ, фæлæ Дзамболат тыхсын байдыдта æваст, йæ райс-бавæры дарæс æрдомдта. — Кæм дæ цы хъуыддаг ис, уазалæй æддæмæ акæсгæ куы нæ у? — Фаллаг хæдзармæ цæуын. — Цы дзы архайыс, Ляля рынчындоны куы ис, уæд? Ляля — хоты æмæ мады буц ном Ахболатæн. — Мæ морæ тæбын хæдон ма мын рахæссут. — Ничи ис фаллаг хæдзары — чындз дæр Ляляйы уæлхъус бады рынчындоны. — Мæ тæбын хæдонæй зæгъын — рахæссут æй. — Цы хъуыддаг дæ ис фаллаг хæдзары? Махæн æй зæгъ æмæ йæ бакæндзыстæм дæ бæсты. — Мæхæдæг æй зонын, цы хъуыддаг мæ дзы ис, уый. — Омæ куы суазал уай, уæд бынтон фæрынчын уыдзынæ. — Кæмæ дзурын?! Уынаффæхъуаг нæма дæн æз,— мæсты кæнын байдыдта Дзамболат. Йæ ахаст ын хорз зыдтой бинонтæ: иугæр ныхас сфæрæзта, уæд æм хæдзары мидæг фæстæмæ мачиуал сдзурæд. Æмæ йæ ныр дæр бамбæрстой: нæ йæ бауромдзысты. Цалынмæ йæ ныхæстыл дардтой, уæдмæ аивæй арвыстой сыхбæсты хистæр, йæ хорз хæлар Елдзарыхъомæ. Уайтагъд æрбахæццæ. Бæргæ йæ урæдта уый дæр, фæлæ йæ нæ бафæрæзта баиргъæвын. — Йарæби, мæ зонд мæхимæ куы ис, дзæгъæлтæ куы нæ кæнын, уæд мæ удыл мæ бон нал цæуы? Хабар ын зæгъыны фаг ныфс Блдзарыхъомæ дæр нæ разынди. Кæддæр Мысыкаты дуармæ гутон гуыффæмæ рогæн чи сæппæрста, уыцы домбай Дзамболаты бон иу кæртæй иннæмæ дыууиссæдз къахдзæфы акæнын нал уыд æмæ йæ машинæйы бабадын бахъуыд Елдзарыхъоимæ. Бинонтæй ма хæдзары чи баззади, уыдон дæр кæртмæ рацыдысты æмæ машинæ куы фенкъуысти, уæд богъбогъгæнгæ йæ фæдыл араст сты. Æгъгъæд æмæ æгæр диссаг дæр ма у, марды уæлхъус дзыназгæ чи бадти, уыцы сылгоймæгтæ зæрдæскъуыд куыннæ фесты Дзамболаты бакастæй, уый. Сылгоймæгтæм гæсгæ йæ богъ-богъ нал баурæдта Елдзарыхъо дæр. Дзамболат та цыма æгомыг бацис, уыйау æдзæмæй бацыд марды уæлхъусмæ, йæ цуры æрбадт, æдзæмæй йын армытъæпæнæй сæрфта æмæ сæрфта йæ цанæбæрæг халасдзæф сæнтсау къæбæлдзыг айв фаст сæрыхъуынтæ. Зæрдæ аскъуыйыны фаг уыдысты фыд æмæ фырты алыварс сылгоймæгты марой æмæ хъарджытæ. Дзамболат та, цыма лæппу раджы кæддæр фадынæгæй куы фæрынчын æмæ хуыссæны йæ фыртæвдæй сæнттæ куы цагъта, уæд ын йæ сæрыхъуынтæ æнгуылдзæй фасгæ зæрдæтæ куыд æвæрдта: «Ма тæрс, мæ лæппу, адзæбæх уыдзынæ», афтæ хъавгæ сæрфта йæ сæрыхъуынтæ, йæ уазал ных, æмæ йæм æнхъæлмæ каст æрыхъалмæ. Сахат. Дыууæ сахаты. Бæргæ банхъæлмæ кæсид ноджыдæр, фæлæ йæ афон йæхæдæг базыдта, рынтæгæнцой сыстад æмæ мынæг хъæлæсæй сдзырдта: — Аласут мæ фæстæмæ. Йæ дзыхæй æндæр ныхас нал схауд. Йæ чызг Венерæ æмæ Елдзарыхъо йе ’нцой балæууыдысты æмæ йæ машинæмæ рахæццæ кодтой. Хæдзармæ куы бацыдысты, уæд йæ дарæс сындæггай раласта, бандоны къухыл сæ аив æрæвæрдта, æрхуыссыд æмæ ууыл йæ уд систа: лæппуйæн иунæгæй ауадзæн нæй. Елдзарыхъо ныккуыдта æмæ йын йæ цæстытæ æрæхгæдта. Дыууæ сынты иумæ рахастой Дзæрæхохты кæртæй. Уæд ын куыннæ уыд хатыр та ма Хуыцауæй: йæ адджын хъæбулы фæстæ йæ иунæг бон дæр нæ ныууагъта дзыназгæ... Ныллæг бандоныл æруагъта Бæди сынтæджы цур йæхи æмæ цыдæртæ дзурынц; рæстæггай уыцы зæрдиагæй ныххуды Бæди; æнæуи къуырма у, фæлæ ныр мæлæты дзæбæх хъусы, уæдæ хъæрæй дæр нæу сæ ныхас: гом рудзынгимæ йын уатæй кæртмæ равзарæн нæй. Дзурынц æмæ дзурынц, сæ уæззау фыдæбæттæ мысынц. Уыцы бон æмæ дыккаг бон сыхбæстæ рынчынфæрсæг фæцыдысты хуынтимæ, стæй та хæстæджытæ æмæ хиуæттæ æндæр сыхтæй: алчи-иу йæ хæс сæххæст кодта æмæ йæ хæдзармæ æнæмæтæй ацыди. Базыдта се ’ппæты дæр Бабу, фæфарста, фæныхæстæ кодта семæ. Æ, мæ дыууæ дуры æхсæн фæхоинаг сæр, раздæр æрласинаг куы уыди, уæд æй цæуыл «нæхимæ»-гæнгæ хурхæй мардтон?! Бабуйы цы бон æрластон, уыцы бонæй фæстæмæ хæдзар нал ссардта Бæди: райсомæй-иу æрбацыди æмæ хуыссынафонтæм фæбадтаид рынчыны уæлхъус, ноджы ма алы хатт хуынимæ: куы хъæрмхуыппы къус, куы истыджын; куыддæриу уаты къæсæрæй бахызт, афтæ-иу йæ ныфсæвæрæн уайдзæф фæраздæр: — Гъы, ничи йæм кæсы — ауагъта мын йæхи! Уæлæмæ рабад, уый дын! Кæдæй-уæдæй ма йын ныхасæмбал фæцис æмæ йыл базыртæ разадй. Ничиуал ис йе ’мгæрттæй уæлæуыл: нал дæр Нади, нал дæр Уæлинка, æмæ цы кæна, кæимæ хуыздæр абада? Чызгæй нæхи хъæуккаг Мелыкатæй у, чындзæй та — заманхъуйлаг Бæройты чындз, фæлæ хæсты заман æд цот Зилгæмæ æрæфтыд æмæ йæ цæгаты æрбынатон. Стæй та мах сыхы æрцарди, бригады кæрты. Уалынмæ бригадæн йæ кой нал уыди, кæртæн йæ хицау фæзынд æмæ Бæдийы æд цот сыстын бахъуыди. Йæ цæгаты та ацардысты, фаллап сыхы дæр, фæлæ йын иу ран дæр ад никуы скодта, йæ зæрдæ æдзух Къуымы сыхмæ æхсайдта æмæ дзы куыддæр хæдзар уæййаг фæзынди, афтæ фæстæмæ æрбынатон. Йе ’мбал устыры мондагæн, æндæр æй æз, мыййаг, æхсызгон хъуыдтæн? Бады рынчыны уæлхъус ныллæг бандоныл Бæди; цалдæр æнгузы сыфы кæрæдзийыл абæтты æндахæй, бонæй-бонмæ ногæй, æмæ йæм бындз æмгæрон нæ уадзы; бады æмæ сæ ныхæстæн кæрон нæй, дзургæ-дзурын хатгай æрфынæй вæййы æмæ та уайтагъд фестъæлфы; Бабуйæн та йæ цæстытæ арæхдæр цъынд, нæ йæ равзардзынæ — фынæй уа æви хъал. Æз дæр æнæмæтæй мæ зилинæгтæм зилын, мæ кæнинæгтæ кæнын куы кæрты, куы цæхæрадоны. Арауы хур, бæстæ йæ арты судзы; нæрсынц, цæттæ кæнынц дыргъæй, хорæй; рухсы æфтауынц адæймаджы зæрдæ: ницы нын у, аирвæздзыстæм та даргъ æнæфсис зымæджы. Иу иннæйы фæдыл ивгъуыйынц, тайынц сыгъзæрин фестинаг сæрды бонтæ. Семæ тайы, даргъ балцмæ йæхи цæттæ кæны Бабу дæр, уæлхъæдæй бахус, хæринагæй сцух бынтондæр. — Цы хуыздæрæн ахæрис, Бабу, цы мысыс? — Мæгъа, мæхæдæг дæр æй нæ зонын. — Стæ-ма, æз нæхимæ бауайон,— йæ бандонæй фестади Бæди. — Чындз уæлкъæй цыдæртæ куы змæлыди: кæд афонмæ фæрæвдз йæ хæринаг. Ацыди Бæди. — Мими та мæ цæй æрæгмæ бæрæг кæны, дæ хорзæхæй? — Бæди куы феддæдуар, уæд мæ афарста Бабу. Милинкайæ зæгъы, йæ æмдзуарджыны усæй. Æмдзуарджыны æдде ма йе ’фсины æфсымæр уыд Мимийы мой. Уымæй размæ дæр иу бинонты цард фæкодтам, иннæты разæй агуырды уыдыстæм кæрæдзийæн, иу кæнæ иннæ хæдзары исты хъуыддаг æрæййæфта, уæд. Уæлинка æмæ Нади куы аивгъуыдтой, уый фæстæ та æнæ кæрæдзи бынтон нал фæрæзтой. Кæс æмæ та уынджы уæлæрдæм фæуайы Бабу: «Æз уæллæгты абæрæг кæнон». Уæллæгтæ — йе ’фсины цæгат. Зивæг дæр сæм нæ зыдта. Уый нæй, уæд та Мими йæхæдæг фæраздæр уыдаид — йæ уæздан къуырцц-къуырцц никæимæ фемхæццæ кæндзынæ. «Нæ куыдз дыл цыма фæхæцдзæн, уый хост нæм куы ’рбакæныс, Мими. Къæпсырыл æрхæц æмæ æрбахиз, æндæр дзы кæрты дуар хойын та цæмæн хъæуы æцæгæлонау?» — «Нæ, нæ, не ’мбæлы искæй кæртмæ æнæ бахойгæ, цыфæнды хион куы уой, уæд дæр. Кæм и уæ ус, куы никæцæй зыны? Мæ цæстытæ йæм куы ныуурс сты абонсарæй». — «О, рагæй нал федтат кæрæдзи, æмæ...» — Мимийы æрцыдмæ бирæ фæцæр, Бабу: фарон Джеуæргуыбаты йæ куы баныгæдтам. — Æндæр цæмæй ахъазай, уый кæд нæ зоныс, уæд фæлтау дæ дзыхыл фæхæц. Тæргайхуызæй къулы ’рдæм азылд йæ хуыссæны. Цыма Мимийы цард кæнæ мæлæт мæнæй аразгæ сты, уыйау. Дзæвгар фæлæууыд хъусæй, стæй сдзырдта: — Уæдæ ма мын æфсинæмбал кæм уыдзæн? Тæхудиаг сагъæс. Бæргæ ма куы балæууиккат чындзæхсæвы кæнæ куывды хъæлдзæг уæларынг. Рагацау агуырд-иу уыдысты ахæм заман. Хъуыр-хъуыр дæр сыл бирæ хæттыты скодтон: — Уæ хорзæхæй, зивæг та куыннæ зонут, уый мæм диссаг кæсы. А, нæхи сыхы æмбæрстгонд у, фæлæ уæллаг сыхæй, дæллаг сыхæй кæм нæ балæудзыстут, ахæм куы нал баззад. — Æмæ, дæу зæрдæйæ, мах нæ былыцъæрттæ хæрæм бонизæрмæ судзгæ пецы уæлхъус лæууынмæ? Фæлæ адæймаджы иугæр куы бацагуырдæуа, уæд æфсарм домбай у. — Æмбарын æй æфсармы хабар дæр, фæлæ цы сыхмæ ахæццæ вæййут, уымы устытæн хъыг нæу? Стæй æмбæлгæ дæр кæны цалдæр сыхы сæрты? Хæрзаг мачи зæгъа — къабайаг æмæ куатæйы мондагæй æрбахæццæ вæййынц. — Æ, дæ раттæг æндæр мацуал радта, кæд искæмæн йæ дуæрттæ нæ басастам куатæ æмæ æфсин мондагæй. Уыцы хуызæнæй-иу иннæ хатт дæхæдæг аздах къæсæрæй, чи нæм æрбахойа, уыдоны. — Мæн чи агура, уымæн исты дзуапп уыдзæн, фæлæ ныхас сымахыл цæуы. — Гъемæ уæдæ мах дæр нæхи тыххæй дзуапп раттынхъом стæм. Æдылы, æндæр исчи дæ бынаты йæхицæй ныббузныг уаид, æгайтма мæ мад къæбæр кæнынмæ агуырд у, зæгъгæ. Ууыл куы никуы ахъуыды кодтон, фæлæ ахъуыдыйаг куы у æцæгдæр. Дзæгъæлы кæм фæравзар-бавзар кæндзысты бинонтæ, хæдзары исты хъуыддаг куы вæййы, уæд, уæларынг нæм чи æрлæудзæн, зæгъгæ. Науæд дæлæ Бæтæгаты Надя. Куы æррынчын, уæд рагацау бафæдзæхста йæ цотæн æмæ чындзытæн: мыггагмæ ничи цæры, исты мыл, мыййаг, куы æрцæуа, уæд уæларынг Милинка æмæ Душинка йеддæмæ мачи æрлæууæд, уыдонæй сыгъдæгдæр сылгоймæгтæ Зилгæйы ничи ис, æмæ хъуамæ мæ хæрнæджы къæбæр сæ къухæй рацæуа. Мæлæты фæндагыл нæма лæууыд, афтæмæй уыди Надяйы фæдзæхст, йæ адзалæй цалдæр азы раздæр. Кæс-ма, кæйонгты дард сын вæййынц хабæрттæ нымад. Дзæгъæлы куы уыдысты, дзæгъæлы, мæ бустæ. Кæй-кæй, фæлæ Надяйы фæдзæхстæн æнæ сæххæстгæнгæ нæй. Кæд искæмæй зæгъæн ис — зæды хуызæн адæймаг, уæд æрмæст йæхицæй. Сидзæргæс æрбадт уый дæр бынтон æвзонгæй. Фельдшерæй фæкуыста цард-цæрæнбон, кæй къæсæрæй нæ бахызт — нæхи фарсæй, фаллаг фарсæй — хъæуы мидæг иу хæдзар ахæм нæ разындзæн. Дохтыр дæр нæм бæргæ уыди, фæлæ сихоры дыууæ сахатыл йæ куыст иугæр ахицæн, уæд ын йæ дуар мачи бахойа: аба-бау, куыйты хæринаг дæ бакæндзæн æмæ дæнгæл мæстджынæй раздæхдзынæ. Надяйы та афонæй-æнафонæй ничи фарста: марадз, фервæзын кæн, ды куы нæ уай, уæд нæ рынчын райсоммæ нал ахæсдзæн. Æмæ «нæ» зæгъын никуы сфæрæзта, æрбабонмæ никæмæн сæмгъуыд кодта. Цыфæнды къæвдайы дæр араст уыдаид суанг кæркуасæнты, иу къухы — йæ хосты хызын, иннæ къухы — фæтæген фанар резинæ цырыхъыл хойгæ. Æмæ уый дæр ма — гъа, фæлæ — Зелим, Зелим. Йæ хистæр лæппуйыл дыууæ азы цыдаид, йæ кæстæр гуыбыны уыди, афтæмæй Надяйы мой Мæхæмæтæй фаллагфарсаг чызг басывæрджын. Чызджы æфсымæр худинаг йæ сæрмæ не ’рхаста æмæ фæззыгон хъуынтъыз бон раст хъæуы астæу, хиды тæккæ хъусыл, дамбацайы цал нæмыджы уыди, уал ныццавта Мæхæмæтыл. Чызгæн цасдæры фæстæ лæппу райгуырд æмæ йæ Бæтæгаты къæсæрыл æрæвæрдтой — Зелим. Сæхицæн æй туджджыныл, йæ фыды марæгыл нымадтой Бæтæгатæ æмæ йæ æмгæрон нæ уагътой. Æндæр исчи бæллæхтæ бакъахтаид æмæ йæ фæдджитæ æрбатымбыл кодтаид. Надя та — æллæх, æллæх, цавæр зæрдæйы фидарæй! — сывæллоны систа æмæ иу дзидзийæ Махары схаста, иннæмæй — Зелимы; суанг æй йæ ралæджы онг никуы ницæмæй бахъулон кодта. Бæгуы дзæгъæлы куы уыдысты мæ бустæ Мимийæн æмæ Бабуйæн се ’фсиниуæджы тыххæй... Бæди куы ацыд, уæд æз дæр мæхи цæхæрадонмæ айстон. Хъæдындзмæ кæсгæ нал у: йæ сыф тæккæ рæбынæй зæххыл æрхуыссыд, бахус, скъахын æй хъæуы. Ацы дæвдæг хурмæ æрмæст иунæг бон куы фæлæууа къахтæй, уæд ын уый дæр фаг у ахусæн, стæй ма йæ сарайы дæр æртæнæг кæндзынæн хæлттæ сбийыны размæ. Цал æмæ цал рывды фæвæййы рувæнæй зæгъай, къухæй зæгъай, уæддæр йæ къахыны афонмæ хæмпæлы бын фæвæййы. Къахын, зæгъгæ, дзы белы сæр ницæмæн хъæуы — хъæдындзæн йе ’мбис зæххæй хæрдмæ кæсы, къухæй йыл схæц æмæ схауы. Ныллæг бандон æрæвæрдтон æмæ æртæ рæнхъы иумæ хæссын, æмтынд сæ кæнын хъæдындзæй, хæмпæлæй; йæ мыггаг æрызгъæлынмæ бауадзгæ нæу хæмпæлæн æмæ иннæ аз къаддæр рувинаг уыдзæн. Бабуйы дзурын ссыдис æви йæм зæрдæ æхсайы æмæ уымæн мæ хъустыл ауадаид? Рæвдзгомау æрбауадтæн кæртмæ. Æнæ искæй æнцой сынтæгæй рахизынæн дæр куынæуал у, уæд, цымæ, суанг дуары онг куыд ахæццæ уыдаид? Уым къæхтæхафæны къæлæтыл дыууæ къухæй ныддæвдæг, афтæмæй дзойдзойгæнгæ лæууы, сывæллон хибарæй куы аззайа æмæ афтæмæй фыццаг хатт авдæнæй куы рахиза æмæ ахауыны тæссæй авдæны къухыл куыд ныххæца, уыйау. Уаты даргæ дзабырты, фадхъулты онг урс цикъæ мидæггаг хæдоны, бæгъæмсарæй; цард-цæрæнбон æй фыццаг хатт федтон уаты къæсæрæй æнæ сæрбæттæн рахизгæ. Лæууы æмæ цымыдисæй йæ алыварс фæлгæсы, æцæгæлон кæртмæ рæдыдæй бафтæгау. Фæцæуыс, фæцæуыс, Бабу, æмæ дæ мæ бон бауромын дæр куы нæ у, уæд дæ, цымæ, фæстæмæ та ма куыд раздахдзынæн, куы никуыма ничи никæй раздæхта, уæд? Куыддæр йæ размæ бахæццæ дæн, афтæ мæ афарста: — Адон иууылдæр нæхи цъиутæ сты? — Нæхи, Бабу, нæхи. — Æмæ цæй бирæ сты? Цас бирæ йæм фæкастаиккой: дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр ссæдз цъиуы балхæдтон мæйы размæ æмæ уыдонæй дæр кæд фæхъуыди, уæддæр сын ницы зонын, нал сæ банымадтон. — Ардæм цæмæ рахæццæ дæ, Бабу? Кæдæм фæцæйцыдтæ иунæгæй? — Нæхимæ. — Æмæ нæхимæ куы стæм, уæд ма цавæр нæхимæйы кой кæныс? — Дæ хорзæхæй, æмбаргæ æцæгæй ницы кæныс, æви дын уый цавæр æнахъинон фарст у алы хатт? Уайдзæфхуыз дæр нæу йæ ныхас, бустæхуыз дæр, афтæмæй мæм комкоммæ ныккасти. «Нæхимæ». Фалæрдæмы кой йæм уа, мыййаг? Æмæ йæ чи уæнды бафæрсын.
![]() |