![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 30 часть
Хуыцау йæ дæсны, йæ амондагурæй уындджын æмæ кондджын Мурик тæккæ ныллæгдæр æмæ тæнтъихæгдæр цы чызгыл бамбæлди, уый цæмæн равзæрста. Йæ риуыгуыдырмæ дæр нæ хæццæ кодта, цæй риуыгуыдыр! — йæ ронбастæй чысыл уæлдæр. Фыццаг хатт сыл чи фембæлдаид, уыдоны кой нал кæнын, фæлæ сæ иумæ лæугæ кæнæ фæцæйцæугæ алы бон чи уыдта, уыдонæн дæр худæджы хос уыдысты. Бынтон сидзæр чызг. Æмæ цæй диссаджы бинойнаг разынди: фæлмæн, хæдæфсарм, хæрзæфснайд, цингæнаг, къæбæрдæттон, æнæмаст. — Дæ бындур макуы ныззила: зæххæй уылынг йеддæмæ. куы нæ ссыди хæрдмæ, уæд ын хъуыдыгонд цы нæу æмæ цæуыл не ’ххæссы, ахæм куыд ницы баззад дунейыл. Тæхуды, тæхуды, иу ахæм дæр кæй хæдзары къæсæрæй æрбахизы,— тæхуды йæм кодтой æгас хъæубæсты æфсинтæ. Фæцæстдзыд æй кодтой, æвæццæгæн; æгæр дæр ма ныззылди Муричы бындур. Римæйæн йе стырдæр маст — йæ мой искæцæй нозтджынæй, уæлдайдæр та æмбæлттимæ, куы фæзына, уæд ууыл; нозтхъуаг сæ ничи у, уæддæр ма сæ мидæмæ ласдзæн; æнæуи дæр хъæрæй дзураг, нозтджынæй та йæ хъæлæс суанг фаллаг сыхтæм араудзæн. Уайтагъд Римæ йæ уæлхъус фæзыны, фырæфсæрмæй йæ сæр хæрдмæ нал сисы, афтæмæй лæджы къабазыл рахæц-рахæц райдайы. Къæдзæхыйас Мурик куы ныббыцæу уа, уæд æй дыууæ ифтыгъд галы дæр йæ бынатæй фенкъуысын куы нæ бафæраздзысты, уæд ыл ай мæлдзыджы хуызæн куыд ныддæвдæг æмæ ахæц-ахæц кæны, уый йын стыр худæджы хос у; басур вæййы, барæй цудын байдайы æмæ ус дæр йæ удæй бацæуы: «Цæй-ма, рацу мидæмæ, адæмы дæхимæ мауал кæсын кæн». — «Æх-ха-ха!» — хъæлæсыдзагæй худы, нозтджын цас нæу, уыйас барæй цудын байдайы Мурик. «Цæйма, мæнæ цы ис!» — фырæфсæрмæй ныртæккæ зæххы скъуыды ныххаудзæн Римæ, райваз-райваз ын кæны йæ цонг. «Омæ мæ акæн, акæн, нæ йæ уыныс — къахыл нал лæууын». — «Мæнæ цы и, мæнæ» —. æмæ та йæ айвазы. «Æх-ха-ха!» — «Цæй-ма, худинаг у! Гъер-ма дæхимæ æркæс, де ’мбæлттæй исчи дæ хуызон у?» Худæджы хос махæн дæр, æмæ йын уæдмæ исчи æнæ фæтæригъæдгæнгæ нæ фæуыдзæн: «Гъер цæуыл дæ хъуырмæ сдæ, Римæ? Махæй уæлдай нозтджындæр куы нæ у. Нæма сахуыр дæ йæ хъæрæй худт æмæ ныхасыл?» «Омæ, æз дæр уый зæгъæг дæн: махоны худын æмæ ныхас йеддæмæ ма искæй уынæр хъуысы æндæр сыхмæ?» Фырыхъулы хуызæн дыууæ лæппуйы йын ныййардта фæд-фæдыл, стæй ма сæм аст азы фæстæ иу цъæх чызг дæр бафтыдта, афтæмæй сæ æнахъомæй фæуагъта, йæхæдæг та æцæг дунемæ фæфардæг. Римæйы фæстæ æрхауд Нади — фондз æнахъом сидзæры кæй æвджид баззади æмæ цалдæр æххормаг дуджы кæуыл нæ фæтых сты, уыцы домбай Нади. Фæцудыдта, йæхимæ æрыхъуыста; йæ уæздан æмæ фæлмæны кой Зилгæйæ дарддæр кæмæн айхъуыст, йæ уыцы гыццыл чындзыл, йе ’намонд хъæбулыл, йæ сидзæр цоты цотыл сусæг-æргом æрдиагæй æмæ катайæ йæхи бахордта, батади, цæстуынгæйæ баруади. Тъæнджы мæйæ нартхортонæнтæм йеддæмæ нал сфаг. Фæззыгон хъæрмтты йæ Хасанбег, йæ хистæр фырт, йæхимæ аласта Беслæнмæ дыууæ-æртæ боны æмгъуыдæй; йæхи найынмæ-иу уырдæм цыд Нади; лæппуйæн йæ абана йæ хæдзары мидæг — бæгуы удæнцой. Цæхæрадонæй кæртмæ куыд æрбацæйцыд, афтæ дурæй астæрд къахвæндагыл æрхауд æмæ йæ уд систа. Цæй æрæгмæ зыны, зæгъгæ, йæм чындз чъылдыммæ акаст æмæ цъæхахстгæнгæ фæстæмæ фæзылд. Уыцы уæззау сылгоймаджы иунæгæй куыд сфæрæзта æмæ йæ сынтæгмæ.куыд æнцонæй бахаста, уый абон дæр ма диссаг кæсы Хасанбегæн йæхимæ. Æй, Мурик, Мурик, уыцы фыдæвзарæнтæ дæм кæцæй кастысты, айдагъ Шарикы тыххæй дæр дын хатыр куы æмбæлди. Æхсæв-бонмæ фæхоста зæхх фароны хурхæтæны фыдкъæвдатæй иу. Райсомæй хур бæргæ ракаст, фæлæ нырма кæд æмæ кæд сбæздзæн цæхæрадон рувынмæ, кæд абон уæвгæ дæр сбæзза, уæд. Малтæ-култæй лæууынц уынгтæ, акъахдзæфгæнæн никæуылты ис. Автобусæй æрхызтæн, хуыздæрæнхъæлæй фаллаг уынгты ацыдтæн æмæ уым та бынтон бæллæх: æнæуи ма кæд зæххы ахъарын бафæрæзта, уæд ам куыд рауарыд, афтæмæй баззад хуырастæрд фæндагыл. Хуырастæрд, зæгъгæ, йæ машинæтæ æмæ трактортæ раджы къуыпп-дзыхъ ныххостой. Цалдæр къахдзæфы фæстæ рогхъус дзабыртæн сæ уæлфæдты хуынчъытæй ныхъхъардта цъыфæмхæццæ дон, уæддæр ма хъавгæ цæуын, цыма исты уæлдай у, уыйау. Ныр бынтон бæллæх Моргуатæй Алыккаты æхсæн дæлбылы ахизын уыдзæн. Æз æй не ’рæййæфтон, фæлæ йæ заманы ауылты калди Хуымæллæджы дон, æрдыны къæлæтау зылди мæзджыты дæлæты, скъолайы алыварс. Стæй ног фæд алæгæрста комкоммæ, ныртæккæ кæм кæлы, ууылты. Зæронд донвæды та ма бирæ азты гуырыди суадæттæ æмæ стыр донмæ хæлхæлгæнгæ згъордтой Моргуатæй Алыккаты цæхæрадæтты æхсæн. Алыккатæ сæ хæдзар раджы ауæй кодтой, уæддæр ном баззад: Алыккаты дæлбыл, Алыккаты чъылдыммæ мал; хæдзары ног хицæуттæй йыл никæй ном сбадти. Фæндаджы астæуæй каурæбынмæ бахызтæн. Кау, зæгъгæ, телбыд. Ам хурварс у æмæ чысыл сурдæрæй зыны. Телбыды æдде фос ницы хал бауагътой скæсын, мидæгæй та дзы рæбынты-рæбынты астæумæ ссыд тарцъæх бæзджын пысыра. Дæлæ уый та циу? Бурбын мæллæг куыдз телбыды мидæмæ бахизыныл хъуырдухæн кæны. Æмæ куыд йæ зæрды ис, цымæ, карчы цъиу дзы куы нæ бабырдзæн, уæд? Йæ тæккæ цурмæ æрхæццæ дæн, уæддæр мæм кæсгæ дæр нæ ракодта. Шарик ма уæд? Æмæ фаллаг уынгæй ардæм куыд æрбахæццæ уыдаид, уынгæ дæр æмæ хъусгæ дæр куы нæ кæны. — Шарик! Йæ фæлтæрæнтæ нæ ныууагъта, телбыды рæбын зæххы фæцæв-фæцæв кæны йæ мукъу. — Шарик! — сдзырдтон æм хъæрдæрæй. Йæ хъуырдухæн фæуагъта, сæрыл схæцыд æмæ бахъуырхъуыр кодта, цыма йын ме сдзырд хъыг уыдис, уыйау. Йæ разы æрлæууыдтæн. Нæ мæ уыны, уый бæрæг у. Фæстæмæ та йæ куыстмæ бавнæлдта. «Йæ мæлæт базыдта, мæгуырæг,— февзæрди мæ сæры. — Уæд, дам, хæдзарæй дарддæр айсы йæхи. Кæд, мыййаг, доныбылмæ йæ зæрды ис. Доны йæхи баппарынмæ? Цæмæн, цæмæн — æнæ баппаргæ дæр дзы фаг ис пыхсбынтæ, къардиуы рæбынтæ æмæ фæсвæд къуымтæ». Хъуырдухæнгæнгæ йæ ныууагътон æмæ мæ фæндаг адардтон. Уый у, æндæр ничи, Муричы Шарик. Бæлвырддæрæй та Муричы æмкъул сыхæгты Шарик. Сæхæдæг горæтмæ алыгъдысты, куыдз та хæдзары баззади. Раджы заманты-иу адæймаг йæ цæрæнуатæй куы сыстади æмæ-иу йæ исбон уæрдоны амадæй æндæр ранмæ куы фæцæйлыгъд, уæд-иу йæ куыдз дæр йемæ фæраст, йæ хицауыл йæ зæрдæ нæ ивта. Уый раджы. Ныр та машинæйы бавгæны алчи йæ бынтæ æмæ сæ афтæмæй аласы; кæцы куыдзы бон бауыдзæн машинæйы фæдыл згъорын? Кæд йæ зæрдæйы хорзæхыл фæуа, уæд гуыффæйы къуымы йæ куыдзæн дæр разындзæн бынат. Фæлæ кæдæм хъуамæ Агуыбе фæластаид æстæм уæладзыгмæ Шаричы; горæтаг хъал адæм сæ уаты буцæн кæй дарынц, уыдонæй дæр ма куы уыдаид. Куыннæ стæй! Мæнæ нæхимæ хуымæтæджы хъæуккаг æнæфенд; йæ хъуыддаг æй кæм æртæра, уым фæскъуыммæ кæнæ айсдзæн йæхи, кæнæ нæ. Уæдæ йæм фæстаг къахыл схæцын та кæмфæнды дæр нымады нæу. Баззади, уæдæ цы. Хæдзары хицæуттæ æдылы не сты мæнау дыууæрдæм кæнынмæ: кæд къуыри иу хатт æрæфтой æмбойны цыдæй цæхæрадоны куыстыты афон, уæд хорз. Фæззæгæй уалдзæгмæ та сæ мæй иу хатт кæнæ фендзынæ, кæнæ нæ. Ныр æнæхъæн аст азы дæргъы. Тæригъæд зæгъын не ’мбæлы — æнæ хуынæй никуы æрцыдысты Шарикмæ. Бæргæ, адæймаджы бæрц куы ахсид йæ сæр æмæ йæ хойрагыл фæстæдæрмæ куы ауæрдид: къуыриваг ын-иу суаид. Ноджы ма дзы дзæгъæл куыйтæн дæр — æнæбары хай. Автобусæй чи æрхизы нæ сыхæй, уыдонæн сæ фæндаг уынгты нæу, фæлæ скъолайы кæртыты æмæ зæронд донвæды рæбынты — афтæ цыбырдæр у. Фæндагыл цæуджытæй фылдæр цы ис, фæлæ сæ никæмæ йæ хъус дары Шарик; сæр æй куы бахъуыди, се ’ппæтмæ куы дара, уæд. Гъе, æрмæст автобусæй чи рахизы, уыдоны бæлвырд базоны, уынгмæ нæма æрхæццæ вæййынц, афтæ. Зонгæ та сæ скъолайы быруйы æфсæн дуары хъинцъæй бакæны. Æмæ уæд йæ размæ суанг дæлбылмæ разгъордзæн, хъустæ æмæ къæдзил ныттынг вæййынц. Кæд æцæгæлон разына, уæд ыл æнæбары цалдæр хæппы скæндзæн дардмæ, ома, фæфыдæнхъæл дæн; кæд сыхбæстæй исчи уа, уæд куыдзмæ рæвдаугæ сдзурдзæн: «Шарик, Шарик, никæцæй зынынц дæ хицæуттæ уымæй уæлдай?» — æмæ куыдз æрлæудзæн, кæдзил дыууæрдæм сцырын вæййы; а, æвæдза, хиуæттæ сты, уæд та сæ къæхты бын атулдзæн фæсонты нуæрттыл æмæ сæ размæ асанчъех нал фæуадзы. Афтæ, мæгуырæг, æнхъæлмæгæсгæ ивгъуыйынц йæ бонтæ. Мæхи куы хъуыды кæнын, уæдæй фæстæмæ Муриккатæ сæхæдæг никуы дардтой куыдз, ома, дам, сыхæгтæ афтæ куы банхъæлой, исчи сæм сонтæй бауайыны тæссæй йæ дарынц. Ныр сæм Шарик йæ тæригъæддаг фæкæсинаг зæронд æрхаста æмæ йыл сæхи нæ атигъ кодтой, хойрагхъуаг æй никуы ныууагътой. Стыр диссаг касти Муричы бинонтæм: æдзæрæг хæдзарыл йæ зæрдæ куыд нæ сивы; йæ хæрд-йæ нозт махмæ у бонизæрмæ, æхсæв та сæхимæ афардæг вæййы æмæ сæхи кæртæй хъуысы суанг бонивайæнтæм йæ хæпп-хæпп. Гъе, æрмæст фæстаг дыууæ азы, бынтон куы æрхæлддзаг, уæд æрбынатон æхсæвæй-бонæй Мурикмæ; скъолайы æфсæн дуары хъинцъ дæр нал хъусы, згъоргæ дæр никæйуал размæ кæны. Цæй згъорынтæ æмæ цæй æндæр: йæ хæринаджы къусы йын цалынмæ йæ мукъутæ нытътъыссай, уæдмæ йæ уынгæ дæр куы нал кæны йæ тæккæ фындзы бын. Кæдыккон æмæ кæдыккон у: уæртæ Ахбердæн йæ чызг ныр чындздзон куы у, афтæмæй йæ чындзæхсæвы рæстæг сыл куыйты къæдзилы бынмæ смудынхъом къæбыла уыди. Зымæгон æрæййæфта чындзæхсæв — уазал ницы уыйас уазал, фæлæ мит арфгомау æрæвæрдта. Мырза — хистæр æфсин, мах цалдæрæй — фынгæвæрджытæ. Зымæгон скæс-ныккæс бон æрталынг, уæддæр чындзхæсджытæ зынæг нæма ис, фæлæ бадты адæм дзæбæх бахъæлдзæг сты мидæгæй: иуæй — арахъ нывыл, иннæмæй та йæ — хъармæй дæр ма куы уыдаид — тæвдæй домдтой, æмæ гæлæбутæ куыннæ стахтаиккой. Нæхæдæг дæр уазалы æдде сыдæй кæм мардтаиккам нæхи сарагонд æнарт къæбицы. Нæ фарсыл хæцын дæр нын æй кæм уагътой; минутæй-минутмæ куы иу æрбакæсдзæн дуарæй, куы — иннæ: — Уæртæ уырдæм фынг... — Уæртæ уырдæм арахъ... — Уæртæ хуыны тæбæгъæн хай... Хъонтхорайы баст æмæ джедджыны баст кæцæйдæр рахаста Мырза, сæ рыгтæ сын æрцагъта, йæ дзыппæй цалдæр дæргъæццон сырх цывзыйы систа: — Адон стыр аджы никæцæй разындысты. Фæлтау басæй арахъуадзæн агмæ равгæнæм æмæ сæ уым ныппардзыстæм. Кусартфыцæн аджы фарсмæ миты рагъыл къаддæр æрæвæрдтам, Мырза дзы цывзы дыгай дихтæй æмæ кæрдæджытæ ныппæрста, басæн йæ арфытæй — сой дзы къаддæр куыд бахауа, афтæ — æвгæнын байдыдтам. — Гъеныр сæ ад ахъарын бауадзæм иугыццыл æмæ йæ тæккæ ахъаззагæй уыдзæни. Нæхæдæг къæбицы ’рдæм нæхи айстам. Нæма бахæццæ стæм, афтæмæй фæскъуымæй иу къæбыла фæзынди. Уæдæй нырмæ дæр къæбицы дуармæ куы иу куыдз æрбауайы, куы иннæ: кæм дзы æрдæгæхсыд стæг ратæхы дуарæй, кæм та — уæлибæхы къæрис. Ныр куыйты æнахъомдæр, бас кæдæм равгæдтам, уыцы аджы фарсмæ дæлгоммæ фæлдæхт асыккыл алæууыд, агмæ фыртæвдæй бавналæнтæ нæй, уый бамбæрста æмæ фырадæргæй галиу фæстаг къахыл уæлиау схæцыд æмæ аджы фарсыл банысан кодта: «Мæ хай у, мачи йæм фæныхилæд; куы æруазал уа, уæд æм фæзындзынæн». Раст æм уыцы тæккæ уысмыл Мырза фæкомкоммæ æмæ худæгæй бакъæцæл: — Ха-ха-ха! Уæд та ма дын дæ цæмæйцæратæ ацарыдта фыцгæ аг. Æддæмæ, дæ быныкъусгыл! — йæхæдæг зæххæй исты цæвæнгарз исæгау æргуыбыр кодта. Къæбылайы цæгздыхт къæдзил бынмæ æрхауд æмæ æхгæдæфсæрæй фындзыбын хъуырхъуыргæнгæ — цыма йæхæдæг не ’рбацыд кæйдæр кæртмæ, фæлæ мах баййæфта йæ хицауы кæрты хæддзуйæ æмæ къулыл мизгæ, уыйау кауы бынты йæ æрбахизæн хуынкъмæ дæрдты æрзилгæ атындзыдта; цæстызулæй нæм йæ хъус дары: искæй къухы цæвæнгарз — дур кæнæ суджы лыггаг — зыны? — Ей, цы йыл хъæртæ кæнут, цы? — къæбицы дуарæй ракасти Мурик. — Шарик, Шарик, рауай ардæм! Кæй æнæгъдау куыдз у, кæй?! — уыцы мæстыхуызæй йæ афарста Мырза. Цыма куыйты мизынцъагæй исты хъауджы ис æмæ нывыл адæймаг куы разына йæ хицау, уæд ма бас хуыппытæн сбæздзæн, науæд æй йæ æнæджелбетт хицау сардыдта ахæм æнаккаг митыл, уыйау. — Мæ сыхæгты Шарик у, æндæр кæй,— дзуапп ын радта Мурик. — Æмæ галиууæг у? — Цы, цы? — нæ йæ бамбæрста Мурик. — Ды йæ нæ федтай, фæлæ йæ рахиз къахыл схæцыд, афтæмæй бамызта агыл. Уæд дæм уый раст кæсы? Куыдз къодахмæ бацæуа, дурмæ бацæуа, науæд къулмæ æмæ йæ рахиз къах схъил кæнынмæ кæд хуыздæр фæарæхсы, уæддæр йæ мидбынат æрзилы æмæ галиу къахыл схæцы. Сымахæн та цыдæр галиууæг у. — Æх-ха-ха! — зæрдиагæй ныххудти Мурик æмæ къæбицмæ бахызт. — Цæуæм, бадты адæммæ бакæсæм, сæ фынджы æууæлтæ сын фенæм, — хæдзары ’рдæм фæраст Мырза. Уыцы æнуд тæф цæсгом ныццавта, чи кæцы у, уымæн равзарæн нал ис тамакойы бæзджын фæздæгæй, хъæлæба, дзолгъо. — Мидæмæ! Мидæмæ! — Æфсинтæн æмбæлæггæгтæ! Нуазæнтæ райстам æмæ бадты адæм зына-нæзына фæсабырдæр сты. — Цæй, куыд у уæ фынджы уаг? — йæ цæст ахаста Мырза. — Хорз у алцыдæр! — Уæллæй, цармæ нæ скæсын кодтат! — Йæ басæй ма дзы куы уаид, йæ басæй! — Басы кой дзы нал ис. — Ау, донбеттыртæ стут, Куыд дзы нал ис? — Ис, фæлæ нал бæззы — куыдз дзы фæмызта. — Ха-ха-ха! Ныхæстæ дæм цæуы! Куыд хъуамæ фæмиза куыдз фыцгæ аджы? — Ха-ха-ха! Æй, дæ бындар фæуай, Мырза! Нæ, фæлæ йæ дæ цæст нæ уарзы — уæхицæн ыл ауæрдыс. — Рахæсс-ма дзы литруат, кæд дзы мизгæ нæ, фæлæ бадгæ ныккодта, уæддæр. Кæс-ма, дæ хорзæхæй, кæдыккон Шарик у! Æмæ ма куыд кæна хъусгæ дæр æмæ уынгæ дæр. Æмæ мæнæ ныр йæ адзал фæхæссы, Тамарæйы цæхæрадоны фæскъуыммæ уа æви донбылы байбынмæ. Тæригъæд бæргæ дæ, Шарик, фæлæ дын цы мæ бон у? Дæу ацы тæригъæддагæй феныны бæсты фæлтау цыфæнды лæхъиры дæр куы балæгæрстаин нæхи уынгты. Хур арвы астæумæ схæццæ æмæ аууонæй æддæмæ ракæсын нал уадзы, йæ судзаг тынтæй цæстытæ къахы. Куы æрцыдтæн, уæдæй нырмæ мæстæймæлгæ фæзылдтæн хуымгæрæтты: нырма къуырийы размæ барывтон нартхор, афтæмæй йæ хæмпæл йæ сæрты акасти. Фæлæ марадз æмæ уыцы лæхъиры бавзар балæгæрдын: уæззау годзатæй хæцы дзабыры бынтыл чъиузæхх: рувæнæй нæ — уырзæй дæр нæй бавналæн. Цæй, мæстæй тъæппытæ хауыны бæсты уал мæхи æруадзон иу-дыууæ сахаты, кæд уæдмæ зæхх асур уаид ацы дудгæ хурмæ. Сарайы хъæдын сынтæгыл зæронд сгæллад хъæццул æрытыдтон. Мæлæты дзæбæх æрцæйфынæй кодтон, фæлæ мæ хъустыл ауад: — Шарик! Шарик! Цæц-ма, цы кæныс? Альбинæйы кæуынхъæлæс. — Шарик! Цæй-ма, нæхимæ цом, Шарик! Уыцы лæгъстæхуызæй, хъæрæй. Цæмæн уа — Хуыцау йæ зонæг — æнæхъæн сыхы æмхуызон хъæрæй дзураг Надийы цот йеддæмæ ничи рахаста; цот нæ, фæлæ суанг цоты цот дæр; хъусыс мæнæ амæ дæр: — Шарик, Шарик, цæй-ма, цы кæныс? Скæуынæввонг, бустæхуыз. Цæй фынæй æмæ цæй æндæр. Рабадтæн æмæ уынгмæ рацыдтæн. Сарайы тигъæй акастæн. Рамазан йæ кæртæй къæвдайы донуадзæн фæд кæм ракъахта, раст уыцы тæккæ ран хъуырдухæйнаг зилахар кæны Шарик, цыма æнæзынгæ къæбæлмæ æнæзынгæ æндахæй фидаргонд у, уый хуызæн. Йæ уæлхъус йæ къухы алюмин къусимæ скатай Альбинæ; фынддæс азы йеддæмæ йыл нæма цæуы, афтæмæй йæм хæрдмæ кæсын хъæуы, йæ фыды феййафы дæргъмæ. — Шарик, уæд та хæргæ бакæн. Куыдз куыд зилахар кæны, афтæ йын куы иуырдыгæй, куы иннæрдыгæй йæ размæ фæцаразы къус. Цæй хæргæ æмæ цæй æндæр, æрмæст æнæнцой зилдух; куы йæ фæстæгтæ фæдыдагъ вæййынц æмæ цъыфы ныллæсы æмæ дзы уæззау схæцсхæцы фæстæ тыхамæлттæй схилы, куы та йæ цыппар къахы дæр иумæ фæсайынц æмæ йæ гуыбыныцъарыл æрхауы æмæ афтæмæй размæ хилыны фæлтæрæнтæ кæны; иу уысм æнцой нæ зоны, йæ хъиу-хъиу куы уыцы мынæгæй цæуы, куы та уыцы тæригъæддаг цъæхснагæй хъусты йннæрдæм ахизы, сæр уæлиау сисы, йæ рыст Хуыцауæн хъастгæнæгау. — Шарик, Шарик, цæй-ма, цы кæныс? Нæ мæ уыны, куыдзæй йæ цæст æппындæр нæ исы, æмæ йæм куы сдзырдтон, уæд фæстъæлфыд. — Ныууадз æй, Альбинæ, ницуал æй хъæуы: мæлгæ кæны. Æз æй абон райсомæй Моргуаты цæхæрадоны рæбын куы федтон, уæд ма фæстæмæ цæй хорз ссардта фæндаг? — И? Кæуынхъæлæсæй. Джихæй мæм кæсы, бæрæг у: цы загътон, уый нæ бамбæрста. — Ныууадз æй, зæгъын. — Æмæ тæригъæд нæу? — Къус зæххыл æрæвæрдта, йæхæдæг куыдзмæ æрæвналынæввонг æргуыбыр кодта. — Ма кæ, ма йæм бавнал. Йæ рыстæй йæхи дæр не ’мбары æмæ дын дæ къухтæм фæлæбурдзæн. Сæмраст æмæ иу къахдзæф æддæдæр алæууыд; цыма фæлæбурынæй æрмæст йæ къухтæн у тас, уыйау сæ йæ чъылдыммæ амбæхста. Уæдмæ Мурик сæ дуарæй ракаст йæ къухтæ йæ хæдоны фæдджийæ сæрфгæ; æвæццæгæн, лыстæг хуымтимæ архайдта æмæ сæ дуарæй рахизыны размæ донæй æрæнхъæвзта. — Цы кæны, цы? — сдзырдта Альбинæмæ. — Мæгъа, мæнæ хæрын нал комы. «Мæлы» зæгъынмæ йе ’взаг нæ тасы. Сындæггай сæ цурмæ æрцыд Мурик æмæ Альбинæйы фарсмæ æрлæууыд: — Шарик, Шарик. Фæлмæн, рæвдаугæ хъæлæс, сывæллонимæ дзурæгау. Нæ йæ хъусы Шарйк; уæдæй нырмæ куыд зылди йæ мидбынаты, афтæ зилы, йæ сæр зынтæй уромы, бæрзæй фæтасфæтас кæны, мукъутæ зæххыл æрæндзæвынц æмæ та уæд фесхъиуы, сæр уæлиау сисы æмæ нынниуы. Тæригъæдæй мары. Дыууæ хатты йæ цы Хуыцау фæкодта абон мæ размæ? Лæхъир цъыфы бынтондæр самæзта йæхи, йæ хъуын уымæл фистæй æрзæбултæ. — Шарик, Шарик, Шарик,— æргуыбыр æм кодта Мурик. — Ма дæм фæкъæпп кæнæд, йæ фыртыхстæй ницуал æмбары, уый нæ уыныс? Мæнырдæм ракаст æмæ йæ сæр банкъуыста, ома, салам; æцæг мæм ницы сдзырдта. Тæккæ рындзыл лæууыдтæн ссæдз къахдзæфы æддæдæр, афтæмæй мæ, цалынмæ сдзырдтон, уæдмæ нæ бафиппайдта: сæ кæрты дуарæй куыд рахызт, афтæ Альбинæмæ æмæ куыдзмæ фæкомкоммæ, æндæрырдæм нал фæкаст.
![]() |