![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 33 часть
Хур æмбисбонæй дзæвгар куы акъул, уæд райхъал Рая хæрæджы артæнивазæг арауынмæ. Йæ цæстытæй нæма ракаст, афтæмæй йæ базыдта, кæм ис, уый; хинымæр ахъуыды кодта: диссагæн æнæ æрцæугæ нæй. Ракаст, æмæ ницы диссаг. Нартхоры хуымы астæу лæууы хæрæг; Баба уæрдоны цалхы рæбын дзаг голлаг тъæпæн æрæвæрдта æмæ æнцад бады, хъуыдыты аныгъуылд; тракторы æнæнцой уынæр куы хъæрдæрæй, куы мынæгдæрæй. — Райхъал дæ, Бабайы карк? Цæуынафон дæр нын у — цыппар ныууасыди Яшæ. Дæумæ уыди каст, мæнæн мæ голджытæ рагæй цæттæ сты. Хæрын дæм нæма цæуы? Цæуы. — Мæнæйдæрма цæуа — ахæм адджын фынæй фæкодтай быдираг уддзæфмæ. Уæдæ æххæст нæ сихор ахицæн кæнæм æмæ нæ фæндаг адарæм. Цæхæры фых кæрдзыны æмбис, цыппар картофы æмæ цæххы тæпп разынди тыхт дзæкъулы мидæг сихорæн. Хæрд фесты æмæ донгарзæй схуыппытæ кодтой. Хæрæджы баифтыгъта Быдыго. Иу къухæй комбастыл, иннæ къухæй голладжы къуымы хуыскъæлыл хæцгæ голджытæ гуыффæмæ сæппæрста. — Схиз, Бабайы карк, ды дæр. Йæхæдæг фистæгæй араст уæрдоны фарсмæ. — Æмæ ды цæуылнæ бадыс, Баба? Дыууæйæ дæр нæ куы афæраздзæн Яшæ, домбай у. — Домбайæ домбай у, уымæй раст зæгъыс, фæлæ йæ айдагъ абоны фаг куы скæнæм, уæд раст нæ уыдзæн. Рая цæугæ-цæуын уæрдонæй æрцæйгæпп кодта, фæлæ йын Быдыго йæ къабазмæ февнæлдта: — Ды бад, дæу уæз ын уаргъ нæу. — Нæ-ы, мæн дæр фистæгæй фæнды. Сайы, фæндгæ йæ нæ кæны — йæ фыды ныхæстæм хæрæгæн фæтæригъæд кодта æмæ уымæ гæсгæ æрхизинаг у. — Гъемæ фæндагмæ куы ахæццæ уæм, уæд æрхиздзынæ, науæд дæ къахы исты суайдзæн. Йæ фыды къæхтæм æркаст сывæллон, дæхицæн куыннæ тæрсыс, зæгъгæ. Быдыго йын йæ хъуыды бамбæрста. — Мæнæн ницы у,. цырыхъхъытæ мыл ис. Цыппар бур голладжы нымады дæр не сты Яшæмæ. Сыбайы хæрды уаргъимæ чи сфæлтæрдта, уый лæгъз быдыр йæхæдæг размæ схойы цæлхытæй. Ноджы ма фæндаг хæдзармæ кæй у, уый æмбары, æмæ йæ тыххæйты æййафы Быдыго. Уæлбылæй разынди Зилгæ. Къанауы хидыл æруадысты хъæугæрæтты-хъæугæрæтты. Хæрæг йæ цыд фæсабырдæр кодта, Быдыго йæ куыд æрбаййафа, афтæ: иуырдæм дæр уынг, иннæрдæм дæр — кæцырдæм фæзылдæуа? Йу уынджы фæзылдысты, иннæйы, æмæ разæй, хæдзæртты æмæ бæлæсты сæрмæ сæрттывтой мæзджыты цъуппытæ. Цæлхыты къуыр-къуыр сосайы дуртыл ссыд æмæ Быдыгойы цæсгом банхъырдтæ, цыма йæ дæндаг срыст, уыйау. — Суадонмæ нал цæуæм, Баба? — Куыннæ, куыннæ, Бабайы карк. Дæ зæрдæмæ фæцыд, æнхъæлдæн? Рая баХудт æмæ йæ сæр разыйы тылд бакодта. Дзæгъæлы нæ фенхъæлмæ каст Рая абонсарæй диссагмæ — диссаг æрцыд: цъымарабыны, зæронд донвæды фæйнæ фарс хæристæ уымдæлæмæ иууылдæр ногдзыд сыфтæры аныгъуылдысты; цыма йæ каст Гæдзайы халамæрзæн æмæ сагоймæ уыд, уыйау æмвæтæнæй цъæх-цъæхид адардта суадоны ракомкоммæ тъæпæн; цъæх дары суадоны сæрмæ хæрис дæр, лыстæг фæлмæн сыфтæр рафтыдта. Йæ бынмæ бандоныл — райсомæй йæ нæ бафиппайдта Рая — бадгæ баййæфтой Гæдзайы: фæсонтæй хæрисыл банцой кодта, иу къах иннæйыл баппæрста, къухтæ уæрагыл æлхынцъæвæрд. — Æрбахæццæ стут? — салам дæтгæйæ йæ бынатæй банкъуысæгау кодта. Рая уыциу згъордæй суадонмæ æрызгъордта æмæ йыл ныддæлгом. — Мæнæн дæр дзы едав,— донгарз æм æрлæвæрдта Быдыго, йæхæдæг Гæдзайы фарсмæ бандоныл йæхи æруагъта. Æрхуы донгарзы сæр разылдта Рая æмæ йæ суадоны фæтъыста, фæрсырдæм ыл æрхæцыд æмæ уайтагъд йæ хъуырхъуыр ссыди. Кæд æнхъæвзинаг нæ уыди, уæддæр æй сæнхъæвзта, ногæй та йæ атъыста доны æмæ рог хæл-хæлимæ айдзаг. — Рæвдздæр кæн, рæвдздæр, дойны мын у. Тынг йæ зæрдæмæ фæцыди, Гæдза, дæ суадон; мæзджыты цурмæ нæма æрбахæццæ стæм, афтæ мæ афарста, суадонмæ, дам, нал цæуæм? Гæдзайæн бæрæг-бæлвырдæй фехсызгон ныхас, йæ рихитæ бахудызмæл сты. — Бæгуыдæр ма фæцыдаид — дыккаг ахæм суадон нал ссардзынæ Ирыстоны. Дæхæдæг сæ федтаис: ам уæлæмæ дæр ис æртæ суадоны, ам дæлæмæ дæр, уæддæр дзы мæнæ амæй хæрзаддæр æмæ уазалдæр нæй. — Ау, цы хъауджыдæр сæ ис, иу рæнхъыл куы сты? — Мæгъа. Уæлæ йæ уыныс, нæ сыхæгтæн сæ тæккæ ракомкоммæ ис суадæттæ, уæддæр ардыгæй хæссынц. Æз æй афтæ æмбарын: донвæдæй дæрддзæфдæр ис æмæ уымæ гæсгæ арфдæрæй гуыры, дон та куыд арфдæр, афтæ хæрзаддæр у. Яшæ уæдæй нырмæ æнцад лæууыд йæ бынаты, стæй цыбыргомау «хъихъ» фæкодта, фæлæ цы зæгъинаг у, уый куы нæ бамбæрста йæ хицау, уæд дæлбылмæ фенкъуысыд, йæ лыстæг къæхтæ ныттынг сты, афтæмæй æрхызт: дыууæ доны сæрты куы æрбацыдыстæм, уæд дæм Хуыцауы сконд цæуылнæ кæсын, мæн дæр дæу æмхуызон куы фæсыгъта абонсарæй хур, дыууæ æмраст дихы куы у нæ фыдæбон? Суадонмæ æрхизæн ын æгæр æмдзæхгæр хæрд у, фæлæ нарæг тæдзæнмæ сарæзта йæхи æмæ йæ мукъутæ доны фæцавта. — Сæрæн у дæ хæрæг, фесæфынæй йын тас нæу. — Мæгуыры амæлттæ кæны уый дæр, æндæр цы кæна? — Фæндаггон лæг дæ, æз та дæ ныхæстыл дарын. Фысым нæм бакæн. — Бузныг дæ уæздан ныхасæй. Æмбары йæ Быдыго: æфсоны загъд кæны, æндæр уазæджы дæ хæдзармæ бакæнай, ахæм нæу рæстæг; йæхицæй йæ хорз зоны. Иугæр куы бацæуай, уæд æфсæрмы хос, нымадæй йæм кæд уа цалдæр карчы, æмæ дзы иу аргæвдын бахъæудзæн тæккæ æфтауынафон. Рая дæлбылмæ, хæрæджы цурмæ æрхызт æмæ ногдзыд кæрдæджы разгъор-базгъор кæны. Иузаманы хæрдмæ скаст — Бабамæ цæуыны зонд нæма ис? — æмæ суадоны сæрты хæдзармæ фæкомкоммæ: хибар, аив чъырæйцагъд, тæккæ фисыныл лæууы, райдзаст фондз рудзынгæй фæлгæсы, йæ рæбыны бæрзонд фæцыдысты хæрзæхсæст акъацитæ, æрмæст ма кæмдæр сæ тæккæ цъуппытыл — уыйонг схизын дæр хъуыд — къæбæлдзыг пыхс дарынц быгъдæг къалиутæ. Иннæ хæдзар да-алæ кæм æмæ кæм ис. Сæхимæ, Беслæныхъæуы та хæдзæрттæ уынгæг æмкъул, уæдæ уынгмæ дæр сонтæй нæ рауайдзынæ æмæ нæ ахъаздзынæ: Гуырдзыйæ Уæрæсемæ æмæ Уæрæсейæ Гуырдзымæ цыдæриддæр машинæ цæуы, уыдоны фæндаг сæ дуæртты у. Кæд сыхы сывæллæттæ бакъорд уой æмæ куыройы фале фæзмæ кæнæ скъолайы кæртмæ афтой хъазынмæ искуы-иу хатт, уæд хорз, æндæр сæ къулрæбынтæм æлхъивы соса. Куыройы фалæмæ дæр сын хуыснæггагæй цæугæ у, уайтагъд хистæртæ фæфæдис вæййынц: «Цы Хуыцау уæ ардæм æрбахаста, æнæнтыст къулбадджытæ — доны ныххаудзыстут!» Æдылы сты æмæ æдылы ацы сыхы сывæллæттæ — ахæм парахат хъазæн фæз сын, уыдон та кæмдæр къуымы бабырыдысты, иу дзы æддæмæ нæ зыны. Ехх, уæлæ уыцы хæдзар мах куы уаид! Цæуыны зонд нæма ис Бабамæ — йæхæдæг дæр куыннæ бафæлладаид уыцы дард фæндагыл уæззау цырыхъхъыты, стæй, æвæццæгæн, хæрæгæн дæр тæригъæд кæны, йæ фæллад суадза. Ногæй та суадонмæ æрбазгъордта Рая æмæ йыл ныддæлгом: йæ уазалæн дæндæгтæ нæ фæразынц, уæддæр дзы бафсис нæ зоны. —...Сталинградмæ нæма æрбахæццæ стæм, афтæ ныл... — хъуысы Гæдзайы лыстæггомау фæлмæн хъæлæс. Яшæйы зæрдæмæ дæр фæцыд Гæдзайы суадон, тæдзæны цурæй йæ æддæмæ нал хæссы йæ къах, рæстæггай йæм æргуыбыр кæны. Йæ фалæты хæрæджы ’рдæм фæкæсфæкæсгæнгæ — фæхæпп мæм кæндзæн æви нæ? — æрбахъуызы фæныкхуыз хъомыл гæды. Ахæм егъау никуыма федта Рая, родыйас æм фæкаст. Тæдзæны сæрты æрбагæпп ласта, æрлæууыд, стæй йæ фæстаг къæхтæ æлгъгæнæгау радгай ацагъта: кæрдæджы бын дон нæ федта æмæ йын схуылыдз сты. Хæрæгæй йын ницы тас у, уый куы бамбæрста, уæд хусдæры æрбадт æмæ йæ къæхты саггæмттæ сдæрын æмæ æхсыныныл схæцыд. Рая йæ цурмæ базгъордта. Гæды йæ куыст ныууагъта. Чызг æм æрæвналын нæ уæнды, гæды та æрсæр.фынмæ æнхъæлмæ кæсы. Гæды цалдæр къахдзæфы æрбакодта, къæдзил уæлиау систа æмæ сывæллоны къæхтыл йæхи ахафта; йæ уæзæй чызг фæцæйхауд. Гæдыйы хуыр-хуыр райхъуыст, иуырдæм, иннæрдæм, иу хъусæй, иннæ хъусæй йæхи хафы чызджы къæхтыл. Рая фæуæндон æмæ йын йæ сæр æрсæрфта, хъæбысмæ йæ систа. Мæнæ цы уæззау у, мæнæ! Æнарæхстæй йыл хæцы: гæдыйы фæстаг къæхтæ зæхмæ æрхæццæввонг æрзæбул сты, уæддæр йæ райгондхуыз хуыр-хуыр хъуысы, цæстытæ уæзбын цъынд æркæны. — ...уырдыгæй та нæ Варонджынмæ дппæрстой... Лæгты цурмæ схæццæ Рая. — Баба, байхъус-ма йæм, куыд зары. Цыма æрмгуырой ис йæ хуылфы. — Уый заргæ нæ кæны,— загъта Гæдза. — Аргъау дын дзуры. Нæ йæ æмбарыс? — Нæ-ы,— йæ сæр батылдта Рая. — Раджыма-раджы,— дзурын райдыдта Гæдза. Рая æд гæды хæстæгдæр балæууыд: ай цыдæр диссаджы дада куы у — гæдыйы æвзаг æмбары. Ноджы ма кæд дзуры аргъау. Аргъауæй диссагдæр та цы уа æмæ йæм хъусынæй. чи кæд бафсæддзæн? Йæ хъæбысы дарын нал фæразы гæдыйы æмæ йæ дыууæ лæджы æхсæн бандонмæ сæргъæвта. Гæды уайтæккæ æргæпп кодта æмæ та сывæллоны къæхтыл йæхи дыууæрдæм хафыныл схæцыд хуырхуыргæнгæ. Æрсæрфон æй, зæгъгæ, йæм куыд æргуыбыр кодта, афтæ йæ къабайы риуыл ауыдта гæдыйы цармæй армыйас чъепп. ч Тарстхуызæй йæм ныдздзагъыр, æнæхъæн куы у йæ царм, уæд дзы ацы гæбаз кæцæй схаудаид? — Цæмæй фæтарстæ — йæ хъуын ивы, æндæр ыл ницы æрцыд,— зæрдиагæй ныххудт Гæдза. — О. Æмæ раджымараджы бæстыл арт сирвæзти. Фосæй, сырдæй иууылдæр лыгъдысты. Иу барæджы размæ калм фæцис. «У-у, ма мæ ныууадз, басудздзынæн! — ныллæгъстæ кодта калм. — Дæ хорз дын никуы ферох кæндзынæн æмæ дæ мæ сæр дæр искуы бахъæудзæн». Барæг æй систа æмæ калмы йæ роны бавæрдта. Цæуынтæ байдыдтой, цæуынтæ байдыдтой. Уæд иу заман калм лæгмæ дзуры: «Фæхуыдуг кæнын дæ роны, æндæр цскуы мæ сæвæр». Барæг калмы куыд систа, ме уæхскыл æй сæвæрон, зæгъгæ, афтæ калм йæ хъуыры фæмидæг, ахсæнмæ аирвæзт. Сыгъд быдырæй куы рахызтысты, уæд барæг бæхы æрурæдта æмæ калммæ дзуры: «Ралæс ныр, ницуал дын уыдзæни». «Цалынмæ мæ, хæрзгæнæг хорз кæм ссардта, уырдæм фæласай, уæдмæ никæдæм лæсинаг дæн æз»,—. радзырдта йæм калм. Цы гæнæн ма уыдис барæгæн: калм йæ ахсæны, афтæмæй дунетыл зилын байдыдта, кæй нæ бафарста, хæрзгæнæг хорз. кæм ссардта, уымæй, ахæм нал баззад, фæлæ йын ничи ницы дзуапп радта. Иунæг гæды ма йын баззад нæ бафæрсгæ. «Цæй, æххæст ма уый дæр бафæрсон»,— загъта лæг. «Мæн йеддæмæ йæ а дунейыл ничи зоны, хæрзгæнæг хорз кæм ссардта, уый»,— загъта гæды. «Кæм? — радзырдта йæм калм лæджы ахсæнæй. «Бæгуыдæр æй зонын, фæлæ алкæмæн зонинаг нæу. Кæд дæу йæ базонын фæнды, уæд дæ хъус æрбадар æмæ дын æй уым бадзурон, лæг æй куыд нæ базона, афтæ. Сусæгæй зæгъинаг у». Калм йæ сæр радардта æмæ йын гæды дæр йæ бæрзæймæ фæлæбурдта, лæджы хъæлæсæй йæ радавта æмæ йæ гæбазгай бакодта. Уæдæй фæстæмæ гæды æмæ адæймаг æнæ кæрæдзи нал цæрынц. — Дæ дзыхы бындз ма батæхæд,— аргъау конд куы фæцис Гæдза, уæд йæ чызгмæ сдзырдта Быдыго. Бандонæй сыстад. — Ахæм диссаджы аргъау æз дæр фыццаг хатт хъусын. Рая йæ дзых ахгæдта, ныфсæрмы. Гæды дæр дзы айрох, афтæмæй бандонрæбынты сындæг-сындæг зæронд лæгмæ бацыд æмæ йæ уæрагыл банцой кодта. — Ничи йæм кæсы! — ныддис Быдыго. — Афтæмæй нæхимæ сырдæй уæлдай нæу — æмгæрон дын ма бацæуа æцæгæлон адæймагмæ. — Саби æмæ куыдз, дам, лæджы зæрдæ æмбарынц,— сывæллоны йæ хъæбысы æрбакодта Гæдза. Хæрæгæн уæлбылмæ схизынмæ феххуыс кодта Быдыго. — Хуыцау дæ барæвдауæд, Гæдза, махæн та цæуынафон у. Голладжы ком феуæгъд кæнон æмæ дын мæ хуыскъæлæй иу къæрта... — Цытæ дзурыс, цытæ дзурыс! — йæ бынатæй фестад æмæ йæ къухтæ сцагъта Гæдза. — Нæ хъæуы, ма райхал! — Мæлæты хæзна не сты, фæлæ фосæн уæд та... — Хæзнайы тыххæй нæ зæгъын — нæхи лæппу дæр хуыскъæлдзау ацыд лæгуæрдонæй, цалдæрæй бакъорд сты. Цыдæр æрæгмæ зынынц. — Хъазыныл фесты, æвæццæгæн. Гæдымæ хæрзбоны гуыбыр æркодта Рая æмæ йын йæ фæсхъустæ ныхы, уымæн дæр йæ хуыр-хуыр хъæрдæрæй ссыд, цæстытæ фырæхсызгонæй бацъынд сты. — Ахæсс æй, ахæсс, дæхицæн, кæд æй уый бæрц тынг бауарзтай, уæд,— дзуры сывæллонмæ Гæдза. Рая йæм æнæууæнкхуызæй скаст: хъазгæ дзы кæна ацы дада æви æцæгдæр ахæм хæзна суæлдай кæныны бæрц рæдау разына? — Фыдæлты æгъдау афтæ амоны: уазæгæн хæдзары цы йæ зæрдæмæ фæцæуа, уый йын балæвар кæнын æмбæлы; Уæдæ куыд вæййы, куыд! — худынц Гæдзайы рихитæ æмæ цæсгомы æнхъырдтæ. Йæ фыдмæ дæр фæрсæджы каст скодта Рая. — Лæвар исгæ у: рахæсс æй æмæ нын уа. Уæдмæ та нæм кæд мыстытæ æмæ уырытæ дæр фæзыниккой. Цалынмæ йæ фæнд нæма аивта ацы диссаджы дада, уæдмæ гæдыйы уæрдонмæ рæвдзгомау сæргъæвта Рая æмæ йæхæдæг дæр схызт, йæ хъæбысы йæ æрбакодта. — Дæ лæвар бирæ æмæ Хуыцауæй рæвдыд у, Гæдза. — Уастырджи уе ’мбал! Уæрдон фенкъуысыд. Дунетæ дæр йæхи баисты, афтæмæй бады Рая; рагæй дæр цыма хæрæгуæрдоны цæуын ахуыр у, уыйау йæ хъæбысы хуыр-хуырæй зары гæды. Чызг æм уыцы зæрдиагæй хъусы. Уæрæх санчъехæй хæрæджы фарсмæ цæуы Быдыго. Хъæуæй цалынмæ хызтысты, уæдмæ Æрджынарæджы рæгътыл андзæвыд хур æмæ сындæггай фæсхохмæ ныттылдй. — Баба, æз дæр куы базæронд уон, уæд базондзынæн? — Цы? — Гæдыты æвзаг. — Мæгъа, цы дын зæгъон: иутæ зæрондæй дæр къуыдтыйæ баззайынц, гæдыты нæ, фæлæ сæм адæмы хъæр дæр нæ бахъары, иннæтæ та дуры æвзаг дæр бамбарынц. Дæуæн дæр дæ амонд конд уыдзæн. Æгæр фæсномыг æмæ зынæмбарæн разынд дзуапп æмæ Рая ныхъхъус. Хур цалынмæ касти, уæдмæ мæлæты дзæбæх хъарм уыди, ныр изæрмилтæ семæ хæссынц ирдгæ, гуыбын æмæ къухтæ пецау бæргæ æндавы гæды, фæлæ къæхтæ уæрджытæй дæлæмæ уазал кæнынц æнæзмæлгæйæ. — Махæн дæр Гæдзайы хæдзары хуызæн куы уаид. — Æмæ дæм нæхи хæдзар цæмæй æвзæр кæсы? Хорз æмæ æвзæрыл нæу ныхас, фæлæ йæ хъуыды куыд бамбарын кæна, уый нæ зоны сывæллон æмæ та ногæй ныхъхъус. Кæд ын дойны нæ уыд, уæддæр уæрдоны фарсыл асыккæй донгарз систа æмæ дзы схуыпп кодта. Абоны иннæ диссаг та йæм сæхимæ æнхъæлмæ каст: Маня дыууæ роды ныззади. Сывæллæттæ цинæй хæрдмæ хаудтой, Кудзиан та сын.тæригъæд кодта: сæ сæр нæма ахсы, æхсыр сæм æмбис къаддæр кæй хаудзæн, уый. *** Уыцы æхсæвы хуызæн хъæлдзæгæй сæ цоты никуы федтой Быдыго æмæ Кудзиан, базыртæ сыл базад иуæй родты, иннæмæй гæдыйы цинæй. Быцтон æнафонмæ сæ хуыссыны зонд никæмæ æрцыд. Хуыссынвæнд куы скодтой, уæд та сын хъаугъа бацайдагъ: кæй хъæбысы хъуамæ хуысса Хуырреу — ахæм ном авæрдтой гæдыйыл, йæ хуыр-хуырæй æппындæр кæй не ’нцад, уый тыххæй. Æппынфæстаг цал уыдысты, уалæй иу сынтæджы бахуыссыдысты сывæллонæй, гæдыйæ. Иуафонты гæды дуаргæрон уасын райдыдта. Быдыго сыстад æмæ йæ æддæмæ ауагъта. Райсомæй куыддæр райхъал сты сывæллæттæ, афтæ Хуырреуы агурын.райдыдтой. Хæдзарæй, скъæтæй, кæркдонæй, уæрмæй иу къуым, иу хуынкъ æнæсгæрстæй нал ныууагътой — нæй æмæ нæй. Рая кæуынæй амардта йæхи. — Искуыдæр ма уæдæ гæды æцæгæлон ран лæууы,— сабыртæ кодта чызджы Быдыго. — Авд хохы чъылдымæй дæр ссардзæн йæ хæдзармæ фæндаг. Куыдз æндæр хъуыддаг у — иугæр йæ хицау куы сыста, уæд йæ фæдыл фæцæудзæн кæдæмфæнды дæр, гæдыйæн та хæдзар ныууадзæн нæй. Мауал ку, лæппынтæ куы ныййара, уæд дын дЪы æз дыууæ иумæ схæсдзынæн. Лæппынæн уæлдай нæу, æмбарынхъом цалынмæ фæуа, уæдмæ, нæ дын алидздзысты. Дыууæйæ дын дзæбæх хъаздзысты, хъæбысæй хæцдзысты, кæрæдзийы æвдулдзысты. Иу дзы дæ хъæбысы хуысдзæн æхсæв, иннæ та — дæлфæдтæм. Аргъæуттæ дæр дзурдзысты? — йæ хæкъуырццæй фенцад Рая. — Уæдæ, уæдæ! *** Дыууадæс азæй фылдæр рацыд уыцы бонæй. Скъолайы фæстæ Рая базонгæ зилгæйаг лæппу Дзиуаты Хазбиимæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ йын фæндаг радта, æмæ лæппуйы фыд Хасан минæвæрттæ сæрвыста Быдыгойы хæдзармæ. Беслæныхъæуæй Зилгæйы æхсæн бирæ быдыртæ нæй, фæлæ цалынмæ дæргъвæтин сидтытæ уагътой, цалынмæ иу фæстиат, иннæ фæстиат кодтой чындзхæсджытæ, уæдмæ æрталынг. Дзиуаты дуармæ куы æрлæууыд машинæ, уæд Рая иуæй хæрдмæ скæсын нæ уæндыд, иннæмæй та йæм йæ алыварс адæмæй ницы зынд, афтæмæй бахæццæ кæртмæ, хистæрты фынджы цурмæ — уым ын æртæ чъирийæ æгасцуай загътой,— стæй дарддæр, æфсинтæм, æмæ æппынфæстаг чындзы уатыл сæмбæлд, Галуаныйас уатæн уынджы ’рдæм уыд дыууæ рудзынджы, кæрты ’рдæм та — дуар æмæ ноджыдæр ма иу рудзынг. Райсомæй хуры фыццаг тынтæ рудзынджы зыхъхъыртыл куы сæмбæлдысты, уæд фестад æмæ раздæр кæрты ’рдæм рудзынг байгом кодта, стæй та уынджы ’рдæм рудзгуытæ. Фыццагджыдæр цы ауыдта, уый уыдис незамантаг хæрис, фæндаджы æдде, йæ бынмæ — суадон, дæлбылы нæудзар тъæпæн. Йæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ ссыди Раяйæн — кæд нæма райхъал æмæ йæ фыны уыны, бирæ азты дæргъы чи нæ ферох, уыцы суадон æмæ хæдзар — уый йеддæмæ искуыдæр ма зæххон адæймагмæ уый бæрц амонд хауы æмæ йæ сабидуджы бæллиц сæххæст уа. Йæхиуыл сгуырысхо æмæ та рудзынгæй ракаст; хæдзары рæбын — акъациты рæнхъ, фæндаджы фале — пæлæхсар хæрис, йæ быны фæйнæгæй бандон, дæлбылы — суадон, кæрдæгджын тъæпæн, ноджы фалдæр — скъола, дарддæр акæс æмæ уæлиау фæцыдысты мæзджыты дæлдæр-уæлдæр цъуппытæ. Кæрты ’рдæм рудзынджы цур дæр æрлæууыд æмæ аивæй акаст. Кæрты цæхгæрмæ фæцæуы халасрихи гуыбыргомау. зæронд, йæ уæлæ бурбын нымæтхуд; хуызивд æфсæддон хæлаф æмæ хæдон ын уæрæхад кодтой, хæлафы фадгуытæ цыбырхъус цъындаты тъыст, хæдон æддæты уагъд, къæхтыл — ирон дзабыртæ. Ау, ауал азы фаг ын куыд суыдаид йæ хæстон фæлыст? Нæ фæлæ йæ фырты æфсæддон дарæс уыдзысты, æвæццæгæн. Æмæ йæ Хасан куы хуыдтой Хазбийы фыды? А, йæ бæрæгбоны ном уыдзæн уый, хионтæн та — Гæдза. — Гæдза! — фырдиссагæй йæ хъæр нал баурæдта. Зæронд фестъæлфыд, æнæууæнкхуызæй алырдæм акæстытæ кодта: йæ хъустыл ауад æви ног чындзыл арвæй Гæдзайыйас ДУР æрхауд æмæ йæ хицауы ном йæ дзыхæй суагъта? Къабузы фыййау
![]() |