Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 40 часть



— Æмæ уæдæ ныр цытæ архайыс?

— Мæгъа. Абон мыл доны найынæй аивгъуыдта.

— Найын дæр хорз у, фæлæ дын цы зæгъон, уый зоныс? — йæ хинæнгæс цæстытæй мæм комкоммæ ныккаст. — Быдырмæ рацу æмæ дæхицæн иу-дыууиссæдз фæллойбоны уæд та бакус донбыл хуыссыны бæсты.

— Ау, скъоладзаутыл дæр та хæс æвæрд æрцыди?

— Цæмæн, цæ?

— Уæдæ дзы цы аразын фæллойбонтæй? Мамæ кæд нæ сæххæст кодта йæ бонтæ, ахæм аз нæ хъуыды кæнын, æмæ цы? Йæхæдæг хæсджынæй баззайы алы хатт. Фарон уæлбыл фестæм йæ мæнæуы дыууæ путæй.

— Афтæтæ ма дзур,— уæлæмæ æмæ дæлæмæ та акасти ногæй. — Æдзух афтæ кæд нæ уаид. Ацы аз зæрдæ æвæрынц мæнæу дæр æмæ хъæбæрхор дæр байуарынæй.

— Зæрдæ та кæд не ’вæрдтой?

— Фарон æндæр хъуыддаг уыди — колхоз тыхамæлттæй бафыста паддзахады хæс. Æз дын дæхицæн хуыздæры тыххæй дзурын. Килæйы æрдджытæ куы байуарой, уæддæр хор нæу? Æмæ уæд фæсмон нæ кæндзынæ? Мæ цæст дын цыма нæ уарзы, раст уый ныхæстæ кæныс. Анымай ма дæхæдæг, мæнæй рæвдздæр куы дæ, дыууиссæдз фæллойбонæн фæйнæ килæйы æрдæджы. Æмæ уæд та ма килæйы æрдджыты бæсты фæйнæ килæйы, науæд килæйы æмæ æрдæджы байуæрстой.

О, куыннæ, килæ æмæ æрдæгыл дæр мæ нæ ныууадздзысты. Æниу, уæд та ма рæстытæ дзуры. Хæсты размæ, дам, цы нæ уæрста колхоз, ахæм нæ уыди — суанг мыд æмæ харбызы онг. Цалдæргай бинойнæгтæй чи куыста, уыдон, дам, гуыффæйы дзаг нартхоры бричкæтæ сæ дуарæй здæхтой: «Алас æй, алас æй фæстæмæ хордонмæ, цы йæ фæкæнон, уый нал ис, уæртæ мæ къутуйæ æддæмæ куы кæлы!» Æцæг афтæ уыдаид æви зæрдæтыхст адæмы ныфсæвæрæнтæ сты? Уыдаид, чи зоны, иу æмæ дыууæйæ йæ куы нæ фехъуыстон, мыййаг. Зын бауырнинаг хъуыддаг. Кæд кæрæдзимæ гæсгæ дзырдтой; иу иннæмæн, иннæ æртыккагæн зæрдæтæ æвæрдта, ома, бабыхс, ахæм рæстæджытæ дæр ралæудзæн.

Дыууиссæдз фæллойбоны. Ссæдз килæйы. Дыууиссæдз килæйы. Æртиссæдз килæйы. Цыппар путы цыппар килæйы цух. Голладжы дзаг! Мамæ цы хор райса, уымæ бæгуы æмхасæн. Æртæфондзыссæдзæй къаддæр никуы уыдысты йæ бонтæ. Килæтæ йеддæмæ куы нæ радтой — фæуæд килæтæ,— уæддæр æнæхъæн фондз голладжы. Ноджы ма сæм голладжы дзаг — мæ фæллойæн — бафтау.

— Цы ныхъхъус дæ?

Куыд цы ныхъхъус дæ? Йæхæдæг мын куы загъта: анымай-ма, ды мæнæй рæвдздæр дæ. Æ, мæнгард, мæнгард, ахæмтæ нымайынмæ дæ æз нæ, фæлæ мæ алгебрæйы æмæ геометрийы ахуыргæнджытæ иумæ дæр нæ аййафдзысты.

— Дæхи дзы, мыййаг, нæ мардзынæ — хыгъдхæссæг мæ бахъуыди.

— Æмæ Ахберд нал кусы?

— Ахберд хъомвосимæ хохмæ ацыд фермæйы хыгъдхæссæджы бæсты, уымæ та æфсадмæ фæсидтысты.

А-гъа, æмбæрстгонд у ныр хабар. Мæ фæллойбонты мæтæй дын мæлы. Йæхи катай кæны — ме ’нæзонгæ Али куы нæ у, мыййаг. Халсарты бригадирæй кусы æмæ йæ фыссæг бахъуыди, йæхæдæг ницы уадиссаг рæвдз у фыссынтæм, æцæуый та йæ разæй никæцы гуырды ауадздзæн кæцыфæнды самалы дæр.

Бригадирæн йæ зын — адæмы райсомæй куыстмæ фæрæвдз кæнын, сихортæм сæ фæдыл хæринаггæнæджы арвитын: кæд исты хуыппаг уа, уæд хорз, науæд та айдагъ къæбæримæ. Иугæр куы ацæуой, уæд алкæмæн йæ хуымы хай бæрæг у, куыстыл æрлæудзæн æмæ йын амонын ницуал хъæуы, кæрæдзимæ гæсгæ æвналдзысты: чи — зæрдиагдæрæй, чи æнæбары. Хыгъдхæссæг та сæ цуры бонасадæн кæны, уæлдайдæр — рувæнты. Нартхортонæнты вæййы æнæвдæлон: кæримæ хæстæг хæтæлты куырисыл æруадз дæхи æмæ чи цал тæсчъы æрбахæсса, уый кърандасæй нымай гæххæттыл. Ацафон та кæд йæ зæрдæйы хорзыл фæуа, уæд хиуæттæй, науæд сыхæгтæй искæцы хистæры рувæн райсдзæн æмæ йын йæ рæнхъ кæронмæ фæхæццæ кæндзæн: уый дæр ыл хæс æвæрд нæу, æрмæст йæхи æфсæрмæй. Науæд дæр адæм, абон уал æгъгъæд фæуæд куы зæгъой, уæд сын сæ куыст уæрхмæ æмæ дæргъмæ æрнымай сардзинæй, æмæ цал фæллойбоны æмбæлы, уый бахынц, алкæмæн æй йæ мыггаг æмæ номы акомкоммæ банысан кæн, æмæ ууыл дæ фыдæбон ахицæн.

— Дæ мад дæр уадз æмæ иу гыццыл фервæза уыцы быдырæй. Дæ бонтæ ууыл фысдзынæ æмæ йæм азы кæрон ницы уайдзæф æрхаудзæн,— йæ ныхас фæцис Али.

Уыцы уынаффæ мæ зæрдæмæ фæцыд æмæ тæккæ дыккаг бон быдыры балæууыдтæн хиконд сардзинимæ. Алчи йæ къабускайы рæнхъытæ знон кæйонг барывта, уырдыгæй сæ дарддæр ахæццæ кæныныл æрлæууыд.

Али дæр уайтагъд бæхуæрдонæй схæццæ. Йæ гуыффæйæ зынынц цæвæг æмæ сагой. Гуыффæйы фарсыл асыччы та амайæн фæрæт, дзæбуг æмæ армыдзаг рейкæйы зæгæлтæ.

Иумæ дæр æмæ иннæмæ дæр дзырдæппаргæ æрзылд адæмыл. Æз дæр дзы нæ ферох дæн.

— Цæй, куыд цæуы куыст?

Йæхæдæг æй цыма нæ уыны — адæм æмвæтæнæй рувынц къабуска: чи раздæр фæцис, чи фæстæдæр аззад. Хæмпæл — уæрджытæм, хорз æмæ рувæны фæстæ уайтæккæ æргæмæл вæййы сусæны хуры судзгæ тынтæм. Уæддæр бон йæ тыхы нæма бацыд.

— Бæрджытæ скодтай? — фæрсы мæ Али.

— Цавæр бæрджытæ?

— Чи кæм æрлæууыд, уый. Уæдæ куыд банымайынмæ хъавыс алкæмæн йæ боны куыст?

— Æмæ уæртæ хæмпæлы хусæй бæрæг нæу — зноны рывд куы адзæгæрæг.

— Уыцы зæрдæ дæ ма фæсайæд — абоны рывд дæр изæрмæ афтæ адзæгæрæг уыдзæн. Алкæмæн дæр йæ фæдыл цæхгæрмæ хаххæй банысан кæн, кæм райдыдта, уый æмæ мемæ цом.

— Кæдæм?

— Дард нæ — уæлæ къанауы сæрмæ.

Куыд мын бацамыдта, афтæ цæхгæрмæ ауæдзтæ ауагътон рувæны фындзæй æмæ уæрдоны фæрсæй-фæрстæм бабадтыстæм. Фæндагыл мын нæ цыды сæр бамбарын кодта:

— Хæрисæй михтæ æрцæгъдæм æмæ адæмæн агъудгонд скæнын хъæуы, науæд тæригъæд сты ацы араугæ хурмæ. Сихоры улæфты рæстæг уæд та абадой аууоны. Знон мын Хъазыбег — колхозы сæрдарæй зæгъы — алывыд акалдта, адæмы марын, дам, дæумæ кæсы æви тæригъæд дæр не сты? Уæллæй, мæхи сæр æй куыннæ æрцахста, нæ зонын. Йæ рæстæджы дзы замманайы стан бæргæ уыди, фæлæ йæ хæсты заман фæйнæрдæм фæхастой.

Хабæрттæ цалынмæ кодта, уæдмæ Цæлыччы къанауы донмарæны сæрмæ схæццæ стæм.

Хæрис уыйонг уæларвмæ цæуы æмæ уый стæвдæн вæййы, ууыл нæ баууæндыдаин, мæхи цæстæй йæ куы нæ федтаин, уæд. Хъæуæн йæхи мидæг уынджы дæр æмæ донбылты дæр цы хæристæ ис, уыдоны та афæдзцухæй цæгъдынц хъæдуры михæн æмæ сын хæрдмæ ницы æнтысы, кæд ставдæй фаг ставд сты сæ зæнгтæ, уæддæр. Адоны та хъыгдарæг нæй æмæ кæуылты къабæзтæ ауагътой донæфсæст дæлбылы. Уæдæ сыл азтæ дæр фагæй фылдæр цæуы. Зарæг кæуыл ис, уыцы Хъæстуаты Хъазыбег дæр, дам, ацы ран ссардта йæ адзал. Æмæ уый кæд æмæ кæд уыди — къаддæр уæддæр цыппарыссæдз азы размæ.

Æнцондæр схизæн гуыбыр бæласы æккой балæууыд Али æмæ дзы уайтагъд æхсæз ставдгомау æмраст къабазы æрцагъта, иу уый бæрц та — лыстæгдæртæ.

— Æхсæдын та дæ бар фæуæд,— æрæппæрста мæм фæрæт.

Уæрдоны фæстаг фæйнæг систам æмæ дзы хъæдтæ самадтам, цъупдзаг бацис æмæ, куыд нæ хауой, афтæ сæ тыхамалæй бафидæрттæ кодтам.

Хуымгæрон æрурæдта бæх Али.

— Ам сæ калæм?

— О, мæ бар уадз уыдон, ды та марадз, Джабраил æмæ Æхсарбегмæ фæдзур.

Цыппарæй февнæлдтам æмæ халагъудгонд сихормæ срæвдз. Æхсæз цæджындзы цастæ асадзинаг уыдысты. Суанхъæдтæ сыл ауагътам. Сæ сæрты та — цæхгæрмæ-дæргъмæ хъилтæ æмæ уистæ. Цалынмæ мах уыдонимæ архайдтам, уæдмæ Æхсарбег къанаугæроны бæзджын кæрдæгæмхæццæ мæнтæгæй ракарста. Æртæ гуыффæйы дзаджы скалдтам æмæ халагъуд цæттæ. Æвæджиауы агургæ æмæ æнаргæ аууон ацы дудгæ хурмæ.

— Æ, Хуыцауы салам уыл сæмбæла, уый чи æрхъуыды кодта,— арфæтæгæнгæ æппæты разæй æрбахæццæ Гуыбатæ. — Науæд ардыгæй донмарæны хæристы бынмæ уæлæмæ верст фæцу, дæлæмæ — верст, уæд уый цавæр сихоры улæфт у? Къæхты фидар дæр дзы хъæуы дыууæрдæм.

— Уе ’ппæты фаг кæд нæ уыдзæн, уæддæр уал дзы хистæртæ баулæфæд. Чызджытæн хæристы бынмæ суайынæй дæр ницы у. Райсом ма йыл иу уыйас бафтаудзыстæм,— зæрдæ бавæрдта Али.

— Уæ цæрæнбон бирæ, уæ цæрæнбон.

Уæдмæ нæ сихор дæр схæццæ: алкæмæн дæр дзулы цыппæрæм хай, ахуыйæнæн та — ногтынд джцтъри гуыбыны тæригъæдæй. Хæрд куы фестæм, уæд сылгоймæгтæ халагъуд æнæхъæнæй дæр сæхи бакодтой. Чызджытæ дæр ныззивæг сты хæристæм æмæ сын халагъуд тыхамæлттæй сфаг зæрондæй, ногæй. Сфаг, зæгъгæ, дыууæ рæнхъæй сæ сæртæ кæрæдзимæ арæзтæй ныддæлгæмттæ сты, астæуæй дæлæмæ хурмæ физонæг кæнынц, уый сæм нымады дæр нæу. Сæр аууоны уæд æрмæст, гуыр фæразон у, сахуыр.

Лæппутæм дзы бынат нал æрхауд. Стæй нæ хъæугæ дæр ницæмæн кæны. Зиллачы малмæ фæраст стæм. Мæнæй дзы кæстæр ничи у æмæ æфсæрмы кæнын мæ дзаумæттæ раласынмæ, фæлæ найджытæм фæрсырдыгæй дæр куыд кæсдзынæн.

Донбылмæ куы бахæццæ стæм, уæд æппæты разæй Джабраил феппæрста йæ дзаумæттæ. Феппаринаг дæр ын цастæ уыдысты: кæддаг хæлаф æмæ æддæты уагъд кæттаг уæлгуыр; хæцъил дзабыртæн сæ зæвæтты уафс баихсыд æмæ фæхуынчъытæ, уæдæ стыр æнгуылдзты бон дæр æддæмæ ракæсын бацис; рувгæ-рувыны сыджытæй цы байдзаг уой, æндæр цы æххуыс сты, уый не ’мбарын. Нæхи найынмæ куы рараст стæм, уæд раласта йæ уæлгуыр æмæ йæ уæхсчытыл баппæрста, афтæмæй цыдис; куы бахæццæ стæм, уæд дзабыртæ фелвæста, нарæг хом гæрзæй рон суагъта æмæ хæлаф йæхæдæг æрхауди — цæй мидæггаг æмæ цæй æндæр; мадард бæгънæгæй æнхъæлмæ кæсы, иннæтæ сæ дзаумæттæ кæд раласдзысты, уымæ.

— Джабраил, дæ галиу цæст дзы скъахай! Уыцы родтæздахæн дæхиуыл æрзад æви йæ Бибойы хæрæгæй æфстау райстай?! — йæ англисаг батинкæйы бос халгæ йæм фæкомкоммæ Æхсарбег. Йæ цæстытæ дзы атонын нал фæразы, афтæмæй батинкæйы босимæ архайы — æлхынцъ ын фæцис æви? — Уый дын цæй дæлиау æрзæбул?

Æхсарбеджы диссагмæ йæм æз дæр куыннæ фæкастаин. Æллæх-æллæх!

— Æнтæф у, æмæ,— йæхи растгæнæгау къæмдзæстыгæй багуым-гуым кодта Джабраил.

— Æнтæфы æфсон дын фæцис. Нæ, фæлæ Лизæйы фарсмæ дзæгъæл хуымæтæджы нæ равзæрстай дæ хай,— хъазы дзы Æхсарбег.

Æз та ма æнхъæлдтон æмæ йæ мæнæй æддæмæ ничи бафиппайдта. Ницы дзы ирвæзы Æхсарбегæй.

Æнтæфæй дæр куыннæ у. Ноджы ма, æнæхайыр фæуинаг, абонсарæй йæ размæ Лизæйы уыцы фæтæн дывæр синтæ, рувæнæй цал къуырццы кæны, уал хатты мæстæй марæгау фезмæлынц; æвзары рæбын, рувæн кæдæм нæ арæхсы, уым хæмпæл къухæй стонынмæ куы æргуыбыр кæны, уæд та бынтон бæллæх — фæдджи уæраджы быны къуырфæй фæуæлдæр вæййы æмæ хурцух урс-урсид буар разыны; уагæр ма уæлдæр цы хуызæн уыдзæн? Йæ цыппар рæнхъы сихоры размæ бæргæ барывтаид Джабраил, æрмæст æм Лизæйы разæй фæуыны хъару нæй. Мæгъа, цы йæ цæстытыл уайдзæн уыцы сины къуырфимæ æмæ уæраджы бынимæ, фæлæ.йæм зулаивæй кæсы æмæ та уæд къабускатæй æнæ акъуыргæ кæм и. Барæй нæ — аджих вæййы. Æмæ йæ Али нæ уыны, кæй рæнхъ у, уый? Масты хай бавæййы Джабраил, æцæг ын бирæ нæ ахæссынц Алийы æлгъыстытæ æмæ æртхъирæнтæ: «Дæ фæллойбонтæй дын алы къабускайы хыгъдмæ дæр иу æппардзынæн, куыддæр ма дзы алыг кæнай, афтæ!» Се ’ппæт дæр æппарæд, мæлæты сойтæ дзы куы нæ мæрзы йæ фæллойбонтæй.

Йæ батинкæйы бос æппынфæстаг суагъта Æхсарбег. Джабраил гæпгæнæн былмæ сындæггай куыд фæраст, уый бафиппайдта æмæ йæ фарсмæ уисойæнгæс пысырайы гуцъула æд уидаг срæмыгъта — йæ къух та йын куыд нæ судзы? — æмæ Джабраилмæ чъылдымырдыгæй бахъуызыд.

— Цæвы дæ, Джабраил! — бæргæ ма йæм ныхъхъæр кодтон æз, фæлæ байрæджы: пысырайы гуцъула уыцы æмвæтæнæй Джабраилы счъилтыл сæмбæлди.

— А-ай-дæ-дздзы-ай! — нырдиаг ласта бæгънæг лæппу æмæ дыккаг цæфы тæссæй размæ асхъиудта фæстæмæ фæкæсфæкæсгæнгæ.

Ныццæвынæввонг та гуцъула дард фæхаста Æхсарбег æмæ счъилтыл бæргæ æруагъта ногæй, фæлæ йæ нæ баййæфта.

Фæтæхынц уæртæ дыууæйæ: Джабраил — разæй, мадард бæгънæгæй, Æхсарбег — йæ фæстæ, иу къах бæгъæмвад, иннæ батинкæйы, фæчеипфæчепгæнгæ. Донмæ йын амал нæй Джабраилæн — йæ фæндаг ын æрæхгæдта Æхсарбег. Иунæг ран ын баззад фервæзынæн — халагъуд, сылгоймæгтæ йæ кæд бахизиккой. Æмæ уыцырдæм сарæзта йæхи; фæстæмæ фæкæсфæкæсгæнгæ уæрæх санчъехтæй лæгæрды уæрджытæм кæрдæджы. Æмбисфæндагмæ куы бахæццæ, уæд æй ауыдта сылгоймæгтæй чидæр æмæ иууылдæр рабадтысты, диссагмæ. кæсæгау æм кæсынц, хъæлдзæджы хос сын фæцис æмæ кæлкæлæй худынц.

— Джабраил, дæ цæсгомы цъар дыл æрлæбыра — кæдæм цæуыс бæгънæгæй сылтыл ’рдæм? — райхъуыст Гуыбатæйы цъæхахст. — Аздæх фæстæмæ!

Фæстæмæ здæхынтæ йæ куы уадзид, уæд бæргæ. Фæлæ уæддæр йе згъорд зына-нæзына фæсабырдæр æмæ та дыккаг хатт сæмбæлди гуцъула йе счъилтыл.

— А-а-ай-дæ-дз-дзы-ай! — асхъиудта та размæ æмæ йæ нал æййафы Æхсарбег.

Сылгоймæгты æхсæн куы нæ уа, уæд æндæр кæм фервæза, ахæм бынат нæй Дæлбылы парахат тъæпæнты. Æмæ сæм комкоммæ йæхи сарæзта.

— Æхсарбег, Хуыцау дæ æрцæва! — йæ уæраджы сæртæ хойы Гуыбатæ. — Ныууадз æй, кæд йæ хал нæ ахордтай!

Джабраил сæм куы бахæстæг æмæ йæм æндæрырдæм фæзилыны зонд нæй, уый куы бамбæрстой сылгоймæгтæ, уæд цыма немыцаг бомбæйы къуыззитт сæ хъустыл ауад æмæ ныртæккæ сæ астæу ныннæрдзæн, уыйау раздæр куыддæриддæр хуыссыдысты, афтæ дыууæ рæнхъæй фæдæлгоммæ сты, сæ цæстытæ дæр ма бацъынд кодтой суанг; æрмæст ма Гуыбатæ куыд бадти, афтæ бадгæ баззад, фырдиссагæй дыууæ къухæй куы уæраджы сæртæ хоста, куы-иу артæнтыл фæхæцыд, фынддæсаздзыд чызджы куы хъыдзы чындæуа, уыйау худæгæй бакъæцæл æмæ йæ бон Джабраилыл схъæр дæр æмæ Æхсарбегæн бауайдзæф дæр нал у.

Хорз æмæ сылгоймæгтæй йæ сæрыл хæрдмæ ничиуал схæцыд, науæд дзы чи ныхыскъуыд фæцадаид, чи хъулон цæф — сæ астæуты асыххуытт ласта Джабраил.

— Хуыцау дæ йæ уæззау рæхысæй æрцæва! — æппынфæстаг ма сфæрæзта Гуыбатæ æмæ Æхсарбегмæ тымбыл къухæй бадодой кодта: — Æндæр нæ цæмæй бабуц кæнай, уый дын нæй?

Æхсарбег — уæздан гуырд — дæрддзæфгомау æрлæууыд æмæ йæхи рæстытæ кæны:

— Уæдæ цæмæй бахъæлдзæг уыдаиккат?

Джабраилы уæддæр нæ уырны — фервæзт æви нæма — æмæ фæстæмæ фæкæсфæкæсгæнгæ дæрдты æрзылди, найæны ’рдæм йæхи сарæзта...

Кæд æмæ кæд уыди уый — æртæ æмæ дыууиссæдз, цыппар æмæ дыууиссæдз азы размæ.

Тæккæ уыцы фæззæг ын хъуыддаг бакодтой: сидзæр у, æвæгæсæг,уадз æмæ йæ амонд рагацау ссара, кæд ыл фæтыхджын уаид. Фæсджеуæргуыбайы фыццаг митуарды уыди. Уастырджийы стыр бон куыддæр арвыстой, афтæ æвирхъауы уазал æрæлвæста. Сыхбæстæн сæ цæрæнбон бирæ — чындзхæссæг дæр æмæ кæрты фæкæсынмæ дæр зивæг ничи базыдта.

Æхсарбег фæрæвдз æмæ къухылхæцæг фæлæууыд — æмгар æмæ сыхаг ма хуыздæр кæм хъæуынц уæвгæ та? Æгъдаумæ гæсгæ Джабраил йæ хъаймæты æфсымæры хæдзары æнхъæлмæгæсгæ бадти чындзы æрхастмæ. Æхсарбеджы мад Дзусатæм фæцыд уынаффæгæнæг: хъуамæ алцыдæр æгъдауыл уа. Уазал уаты цас хъуамæ бафæрæзтаид Джабраил, мæгъа, фæлæ йæ уæдмæ йæ тæнтæ сæлвæстой. Мæлæты æрæгмæ хъуысы чындзхæсджыты хъæлæба. Зымæгон цыбыр æмбисбоныл бабадтысты гуыффæджын уæзласæн «форды». Æмбисфæндагыл исты æрцыдаид хæлддзаг машинæйыл æви фыдбылызы Заманхъул бафæстиат кодтой чындзхæсджыты — нал æмæ нал зынынц.

Фæрæзта, фæрæзта Джабраил æнарт уазал хæдзары, стæй уæд уынгмæ рахызт. Æнæбаст хуыскъаг хъуг æддæмæ куыннæ рафта, афтæ кæрты дуары къæбæл æддæрдыгæй æртъыста æмæ сæхирдæм, мæстæймарæн фæздæг кæцæй калди, уырдæм араст. Цъаммар хъызтæй фервæзæн нæй: бæмбæджджыны фæсонты фæмидæг, æрчъитæм хъуызы æмæ зæвæттæ æлхысчъытæ кæны, хъусы кæрæттæдо лæбуры. Бæмбæджджыны тæрттæ комытæфæй салф сæвæрдтой уайтагъд; лæбырд тæрхъусдзармæй худы бын тæрных бырауæй зилæгау рæхойы налат уазал.

Кауы сæрты аивæй бакаст сæ кæртмæ Джабраил: змæлæг дзы нæй, чи дзы хъуамæ змæла ахæм хъызты? Нæма зынынц чындзхонтæ, æрмæст хæдзары дуар рæстæггай фегом вæййы æмæ йæм дзæбæх разыны пецы дзыхæй цæхæр: хъарм, мæстæймарæн. Дуар фегом вæййы æмæ та йæ ахгæнынц: рудзынгæй кæлы фæтæген цырагъы фæлывд рухс. Фегом дуар æмæ та пецы цæхæр разынд кæйдæр æндæрджы чъылдыммæ. Хæрæг се ’ппæтæн дæр, кæд ын цæй тыххæй ацы фыдæбæттæ æвзаринаг сты.

Айтæ-уыйтæ — нал, хъарм хæдзары фæмидæг Джабраил. Æ-гъæ-гъæ. Сыгъзæрин фестæд арт рауадзæг. Хуыцау маринаг кæй у., уыдоны фырсыды бæсты фыртæвдæй амарæд. Чъиригæнæг æфсинтæй дарддæр ничи ис хæдзары: дыууææртæйæ. Иннæтæ уаты хъæлæба самадтой фæндыры хъырру. мыррумæ: уырдыгæй куы чызджыты хъыллист, куы лæппуты «Дæ-дæ-дæй, чызгай!» райхъуысы. Кафынц, фыдæлтыккон тулдзæй пъол хойынц чи салдаты уæззау цырыхъытæй, чи æлхæнæггаг англисаг батйнкæтæй. Махоркæйы æмæ бапъерозы хъыхъхъаг фæздæг уаты дуары зыхъхъырæй хилы, фындзыхуынчъытæ хъыдзы кæны, уæддæр чъирийы хусæсмаг амарын йæ бон нæу. Цыппæрдигъон стъолыл нал цæуынц чъиритæ — утæппæт бæркад никуы федта йæ цард-цæрæнбон Джабраил — æмæ æфсинтæ сарайы царæй кау æрисын кодтой, йæ рыгтæ æмæ хæлуарæджы тынтæ йын цъылинагæй асæрфтой, хæдзары пъолыл æй æрæвæрдтой æмæ йыл чъиритæ æртыгæйттæй-æртыгæйттæй кæрæдзийы сæрыл амайынц сойаджы мæнг сæрстæй.

Пецы дзыхмæ дзудздзæджы æрбадт Джабраил æмæ йæ бæмбæджджыны цæппæртæ суагъта, стæфсти, мæлæты хъарм дзы у. Чъиригæнæг æфсинтæ ныхасыл фесты æмæ йæ иудзæвгар не ’рхъуыды кодтой, стæй йæм фыдбылызы Гуыбатæ фæкомкоммæ:

— Джабраил, дæ цæсгомы цъар дыл æрлæбыра! Ус дын куы хæссæм, уæд зæронд устыты размæ куыд æрбауæндыдтæ?

— Мæн ус ницæмæн хъæуы,— бахъуыр-хъуыр кодта Джабраил. — Æриут ма мын уæртæ уæлибæх.



Просмотров 1236

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!