![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 34 часть
«Мæ хъустæ мæ сайынц æви æцæгдæр фыййауы хъæлæс уа?» — йæхиуыл сæнæууæнк Хъуырман. Ныр цалдæр æхсæвы дыккаг кæркуасæнты фæстæ йæ мидфынæйæ фестъæлфы зонгæ хъæлæсы суагъдмæ. «Уæу-у-у-уу-уæуу»,— æнкъард æмæ даргъ æй ауадзы уыцы иугæндзонæй, кæмæдæр йæ хъаст цыма хæссы, фæлæ йæм æрыхъусæг нæй, уыйау. Дымгæ кæцырдæм уа, уымæ гæсгæ æрбайхъуысы куы тынгдæр, куы мынæгдæрæй. — Йæ-иллаха-ил-аллах,— йæ ком ивазгæ хъæццул иуварс аппæрста Хъуырман, сынтæджы рабадт, къæхтæ æруагъта æмæ сæ фæлмæн иударон дзабырты атъыста. Рудзгуытæй мидæмæ кæлы стъалыты мынæг рухс, зæронд фыййауы цæстытæн уый дæр фаг у. Цырагъ не ссыгъта — йæ къæпмæ, мыййаг, кæстæртæ куы райхъал уой фаллаг уаты,— нымад æртæ къахдзæфы тъахтины ’рдæм бакодта æмæ дæрдджын кæрц райста. Талынджы дуары къæпсыр уырзæй басгæрста æмæ йæ феуæгъд кодта. Айдагъ цикъа мидæггæгты — йæ амонд бирæ лæппуйы лæппуйæн: æфсадæй куы сыздæхт аст азы размæ, уæд ын дзы цалдæр фæлысты сласта, æндæр уæййаг рагæй дæр нал сты — астæумæ æхгæд ирон тыргъмæ рахызт, кæрц йæ уæхсчытыл æрбаппæрста æмæ тæрхæгыл æрæнцад. Фынæй æмæ æдзæм дуне. Æрмæст скъæты уæззау оффытæгæнгæ сынæр цæгъдынц стуртæ. Уæларвы тыбар-тыбур кæнынц уалдзыгон ирд стъалытæ. Сыфтæр нæма фæхæцыд бæлæстыл, æрмæст сæ иутæ дидинæг рафтыдтой, иннæтæ — нæма. Тæрхæгыл æнцойæ дзæвгар фæлæууыд Хъуырман, стæй уæд асинтыл хъавгæ æрхызти æмæ æххæст чъылдыммæ дæр акаст. Фæхъуыста, фæхъуыста, фæлæ хъус уæлдай ницæуыл æрхæцыд. «Фынæйæ мæ хъусыл ауад, æндæр цы». Хуыссæнмæ фæцæуон куыд загъта, афтæ дæллаг сыхы ’рдыгæй сыхъуысыд: «уæу-у-у-у-уæуу...» «Йарæби, фынæй дæр куы нæ дæн. Иугæр мæ сайгæ ма кæнæд мæ хъустæ, уый йеддæмæ фыййау у». Науырæй хохмæ сæ тæккæ раскъæрынафон у фосæн. Æмæ сæ ныр цалдæр азы уæвгæ дæр куы нал скъæрынц: машинæты сæ бавæрынц æмæ мах къуыригай кæдæм цыдыстæм, уырдæм æмбойны бахæццæ вæййынц. Стæй дзугæн йæ фæндаг хъæуы бынты уæвгæ дæр никæд уыдис. Дæрдты цæмæн зилой æмæ доны цæхгæрмæ цæмæн хизой, кæд æмæ хид хъæуы сæрмæ ис. «Мæ хъустыл уайы, æндæр ницы». Æмæ та ногæй уыцы æрхæндæг æмæ дæргъвæтин «уæу-уу-у-уæуу». «Чындзæй худинаг бæргæ у, фæлæ ацафон сыхæгтæм дæр куыд хъуамæ бахойон?» Тыргъмæ схызти æмæ кæстæрты уаты рæзты йæ фаллаг кæронмæ уæзбын къахдзæфтæй араст, схуыфтытæ кодта æмæ фæстæмæ разылд йæхи уаты ’рдæм. «Мæлæты адджын фынæй сты». Дзæгъæлы афтæ æнхъæл уыд. Нанайы куы баныгæдтой æндæраз, уæдæй нырмæ алы æхсæв дæр зæронд йæ уатæй цал хатты рахизы, уал хатты йæ фырты фырт Хъайсын фехъал вæййы, уæд та ма йыл исты æрцыд, зæгъгæ. Æмæ зæронд куыддæр йæ сынтæгыл сæмбæлы, афтæ та лæппу дæр фæстæмæ афынæй вæййы. Æрмæст æм ацы хатт цыдæр гуырысхойаг фæкаст: æгæр бирæ фæлæууыд тæрхæгæнцойæ, стæй чъылдымæй куы æрбахызт, уæд ма тыргъы цы зилы? Кæд истæмæй тыхсы? Тагъд-тагъд йæ дзаумæттæ акодта — зæронды цурмæ æрдæгбæгънæгæй рацæуын худинаг у, ахæмтæ нæ уарзы — æмæ дуарæй ракаст. — Дада, ды дæ? — Æз дæн, уæдæ чи хъуамæ уа? — Æмæ цæуыл æхсæвдзу кæныс? — Йарæби, ныр цалдæр æхсæвы мæ хъустыл уайы æви æцæгдæр фыййау йæ хъæлæс суадзы, уый рахатынæн нал дæн. — Фыййау, зæгъыс? — Уæдæ, уæдæ. Байхъус-ма йæм ды дæр. Раст æм цыма сæ ныхас фæхæццæ, уыйау та æмыр тары æрбайхъуысыд: «уæу-у-у-у-у-уæууу». — А-а,— кæронмæ дæр æм нал байхъуыста, афтæмæй загъта Хъайсын. — Æвæццæгæн та Къабузы къæбыла ниуы. — Къабузы, йа? — О, о. Къабузы. Знон уыди, æндæрæбон — хъаст кодта, мæ къæбыла, дам, æхсæв ниуын байдыдта æмæ йын фесафын йеддæмæ хос нал ис, зæгъгæ. — Ау, уый та куыд сафгæ, хæдзарыйаргъ куы у, уæд? Гъæйтт, мæ хæсгæ мæрдтæ! Ай æппындæр уæ сæр куыницуал ахсы, кæстæртæ. Цы йæ схуыдтай, цы? Къабуз, зæгъыс? Уый та кæцытæй У? — Тогызты лæппу. — Хадзыйы фырт ма уæд? — Дæлæ куыройгæс Тогызты лæппу. Йæ фыды йын нал æрæййæфтон æз æмæ йæ хистæртæй бацамонын мæ бон нæу. Бонивайæнтæм фæрафт-бафт кодта йæ сынтæджы Хъуырман, æмгæрон æм нал æрцыд хуыссæг. «Кæс-ма, дæ хорзæхæй,.Тогызтæ, дам. Хæсты фæстæ æххормаг азтæ куы скодта, уæд дыууæ хæдзарæй дæр сыстадысты æмæ уæдæй ардæм сæ кой сæ хъæр нал райхъуыст. Ныр кæсыс, Тогызтæй амонын та сæ райдыдтой. Уæдæ, уæдæ — лæг кæм райгуыра, уыцы зæхх æй раджы уа, æрæджы йæхимæ сайы фæстæмæ». Куыддæр хъуг æрдыгъта чындз, афтæ Хъуырман дæр йæ лæдзæг райста æмæ дæлæсыхы ’рдæм араст. Стуртæ хъæугæронмæ чи рацæйтардта, уыцы сылгоймæгтæ æфсæрмдзастæй салам лæвæрдтой хъæубæсты хистæрæн æмæ-иу сæ цурты куы æривгъуыдта, уæд-иу аивæй разылдысты æмæ сæ цымыдис хъуыды уыд: «Кæдæм æй рахастой фæдисы тындзæгау ацафон йæ къæхтæ?» Диссæгтæн сæ диссаг та уый уыд, æмæ Хъуырман бирæ азты дæргъы йæ къæсæрæй нал рахызт, æгас ма у æви нæ, уый канд хъæубæстæй нæ, фæлæ йæхи сыхæй дæр байрох. Æмæ ныр джихтæгæнгæ йæ фæдыл кæсынц; кæм ма ис кæддæры къобор Хъуырман — æрмæстдæр царм, стджытæ æмæ нуæрттæ дæрдджын æфсæддон хæлаф æмæ хæдоны, цъæх нымæтхуды æмæ фæлмæн дзабырты. Куыройы хид кæм уыдис кæддæр, раст уыцы тæккæ ран хъæугæроны сæвзæрдис фыхдурæй амад бæстыхæйттæ. — Йæ, хæдзар, кæм стут?! — лæдзæджы æфсæн бырынкъæй дуар бахоста Хъуырман. Мæрдон æдзæм кæртæй æппынфæстаг райхъуыст лæппуйы тамакосыгъд хъæлæс: — Кæцы дæ? Фæцæуын дæм! Æмæ уый хæдуæлвæд бахизæн дуарæй ракаст рæстæмбис кары пыхцылсæр лæппулæг дæрзæг кæттагæй нарæг хæлафы æмæ къуындæг къуырткæйы. — Мидæмæ, Хъуырман! — барайдзаст лæппуйы цæсгом, фæлæ цæстæнгасæй бæрæг уыд, цы Хуыцау æй æрбахаста, зæгъгæ, дисы кæй бафтыд, уый. — Рахиз мидæмæ. — Дæ цæрæнбон бирæ,— раарфæ кодта Хъуырман æмæ кæртмæ бахызт. — Къабуз дæу ма хонæнт? — Æз бæргæ дæн,— йæ разæй цæуæг зæронды æнцъылдтæ бæрзæймæ æдзынæг кæсгæйæ дзуапп радта лæппу. — Кæм ис дæ фыййау? — разылд æм Хъуырман. — Цавæр фыййау? — нæ йæ бамбæрста Къабуз. — Цавæр куы зæгъай, уæд цалдæр æхсæвы адæмы хуыссын чи нæ уадзы, уый кой мæм ис? Йæ хъæлæсы суагъдæй йæ базыдтон. — А-а,— фембæрста йæ Къабуз. — Тæнхауы кой дæм ма уæд? — Тæнхауы, йæ? — О, о, йæ ном афтæ у. Уæртæ чъылдыммæ хуыссы. — Цæуæм-ма, фенон æй,— фæраст Хъуырман. Къабуз йæ разæй ахызт чъылдымы дуарыл. Рахизырдыгæй цæгæвæрд телæй конд æмбонды мидæгæй — кæрчытæн батæхæн куыд нæ уа, афтæ — цъæх дарынц хъæдындзы æмæ нурыйы райдзаст хуымтæ, дыгай сыфтæ — æвæццæгæн, нырма æрмæст знон кæнæ æндæрæбон скаст — раскъæрдта мæймæ булкъ, иннæ хуымты ницыма равзæрди, гобæттæ хурмæ раппарæгау фæрсæй-фæрстæм дæргъæй лæууынц. Галиуырдыгæй — фыхдурæй амад сис цас ахаста, уыйас иувæрсыг дæлбазыр. Кæрчытæ зæрдиагæй фæйлауынц зыгуымы пырхæнтæ. Лæгуæрдоны цалхы рæбын — фыццаг бакастæн — уæгъд æппæрст хъуынджын царм æрдæгтыхтæй. Фæлæ йæ Хъуырман уайтагъд базыдта. Сабыргай йæ цурмæ бацыд æмæ уæрдоны рæтæнагъдыл йæхи æруагъта. Царм базмæлыд, разылдис, куыдз йæ сæр систа æмæ æрбацæуджытæм цæсты зулæй ракаст, стæй йæ сæр æруагъта раззаг дзæмбытыл. Хъуырман æм æдзæмæй бирæ фæкаст, стæй уæд сдзырдта: — Нæхимæ хохаг фыййау. Кæцæй дæм æрбафтыд? Къабуз ныр дæр нæма æмбæрста зæронды æрбацыды сæр æмæ йæ цуры хъуыдыты аныгъуылгæйæ лæууыд. Фæлæ уæддæр фарстæн дзуапмæ фæрæвдз: — Фарон фæззæджы нæ хæдзæрттæ куы срæвдз сты, уæд сын æртæ чъирийы акодтам. Нæ гуырдзиаг сиахсмæ дæр хонæг фервыстам Къобмæ. Ахъаззаджы хуынимæ æрцыдысты, стæй ма мын ацы къæбыла дæр гæдыйы лæппынимæ æрласта. Уатмæ, дам, сæ баппарын хъæуы, цалынмæ дзы нæма æрцардыстут, уæдмæ. Бинонтæ, дам, уæд кæрæдзийы хуыздæр фембарынц. — Уый хиуæгты æгъдау у,— йæ ныхас баппæрста Хъуырман. — Мæгъа. Худæгæй дæр ма мыл амардысты хуынды адæм. Хъомыл бæргæ рацис Тæнхау, фæлæ цыдæр æгуыдзæг у: рæйын нæ зоны. Æрмæст ныр цалдæр æхсæвы йæ ниуынмæ нæхæдæг дæр райхъал вæййæм, сыхæгтæй дæр æфсæрмы кæнын.. Фесафынмæ та мæм æвгъау кæсы. — Фесафынмæ, йа?! — фестъæлфыд Хъуырман. — Æ, Хуыцау дын æй куыд не схатыр кодта, дæ дзыхæй та куыд схауди фесафыны кой! Зондæй адæймаджы йæ разæй куы нæ ауадздзæн, уæд. Рæйыны хъаст дзы дзæгъæлы кæныс. Ирон фыдæлты æмбисæндтæ нæ зоныс: хæрæг — уасынæн, куыдз — рæйынæн. О, о, куыдз — рæйынæн. Ай та фыййау у, хъахъхъæнæг, гæс. Æмæ æнæхъуаджы цæмæ рæйа? Рæйгæ чи кæны, уый зоныс? Йæхицæн чи тæрсы, кæнæ йæхи бон кæмæн ницы у, уыдон; сæ хицауæн хъусын кæнынц: марадз, æцæгæлон, хуыснæг, кæд ын ды исты бакæнай, æндæр ыл мæ тых нæ цæуы. Куыйтæм дæр ахæм хъауджытæ ис, уый æнхъæл нæ уыд Къабуз æмæ хъуахъдзыхæй хъуыста зæрондмæ. Сдзурыны рад æм куы æрхауд, уæд пыхцыл сæрыхъуынтæ армытъæпæнæй æрсæрфта: — Омæ, ниуыны бæсты фæлтау рæйгæ куы кæнид. Нæхи дæр нын фынæй нæ уадзы, адæм дæр дзы сфæлмæцыдысты. — Дзæгъæлы ниуа, уымæн уæвæн нæй. Ныртæккæ йæ фендзыстæм. Рæтæнагъдæй сыстад Хъуырман æмæ куыдзмæ æргуыбыр кодта, уый йæм æрдæгцъынд цæстытæй каст. Йæ рагъ æрсæрфынмæ йын куыд хъавыд, афтæ куыдз сонт хæпп фæласта æмæ зæронды уæларм йæ дзыхы куыд февзæрд, уый Къабузы цæст уæвгæ дæр нæ ацахста. — Æддæмæ, дæ бындар! — фæхъæр ласта æмæ куыдзы истæмæй ныццæвынмæ хъавыд. Фæлæ уый уæдмæ уæларм феуæгъд кодта, уæзбынгомауæй йæ бынатæй рабадт, дыууæ къахдзæфы æддæдæр ацыд æмæ уым фæрсæджы лæуд æркодта: исты зæгъинаг ма уæм ис уымæй уæлдай? Зæронды æфсæрмæй Къабуз йæ куыдзы дыууæ дихы бакæныныл дæр нæ бацауæрстаид, фæлæ йæм Хъуырман, цыма æппындæр ницы æрцыд, уыйау сдзырдта: — Ма йыл хъæртæ кæн. Æвзидын та йæм æппындæр никуы хъæуы. Уымæй йын хъыгдæр ницы ис, æмæ йæ фыдæх зондыл куы фæуа, уæд ахæм рæстæг йæ хицауыл дæр нæ бацауæрддзæн. Нæхимæ хохаг фыййауæн йæ æууæлтæ мæнæй хуыздæр ничи зоны, æхсæны фосы фæдыл уыдонимæ хæтынæй куы базæронд дæн. Сабыргай суæгъд кодта дысалгъы цæппæртæ Хъуырман æмæ хæдоны дыс мидæмæ бафæлдæхта. Къабузы зæрдæ ныссæххæтт ласта: ныртæккæ туджы лæсæнтæ разындзысты. Алгъы хъулæй æддæмæ, хур æмæ дымгæ кæдæм хæццæ кодтой, уыйонг цас сау уыдис куыстæфхæрд къух, уымæй мидæмæ та разынд уыйас фæлурс, бæрæг уыд: цæхæрадоны дысфæлдæхтæй кусыны афон нæма ралæууыд. Алгъы рæбын, æлхуый кæм фæсаджил, уым уæлармы дæр æмæ разармы дæр бæрæг дардтой гæзæмæ сырхбын цалдæр носы — дæндæгты фæдтæ. Туг дзы нæ рахъардта, уый куы федта Къабуз, уæд риуыдзаг сулæфыд. Зæронд æй бамбæрста æмæ йæ цыбыр æлвыд урс рихитæ бахудæнбыл сты: — Дæ уд хорз куы фæхауди, лæппу. Æз дын цытæ дзурын уæдæй нырма, уыдон нæ хъусыс æви? Зондæй йæ адæймаг нæ амбулдзæн. Цæмæн мыл хъуамæ фæхæца, нæ йæ уыны, ницы фыдæх æм дарын, мæхи дæр дзы не ’мбæхсын æмæ ме ’рбацыд дæр хуыснæггаг нæ, фæлæ йæ хицауимæ у, уый? Дæу зæрдæйæ, туг рауадзыны хъару йæм уæвгæ нæй? Уæллæй, стæг адзæнгæл ластаид бахъуыды мидæг. Дысалгъы цæппæртæ сæвæрдта фæстæмæ Хъуырман æмæ йæ хъæстæйы сахъдæрæй æппæлæгау йæ ныхас дарддæр нывæзта: — Уæдæ йæ æхсарæй та æмбулгæ ничи акæндзæн. Зондæй ма йыл кæд немыцаг фыййау фæтых уа, уæддæр æхсарæй æмæ ныфсæй — никуы. Немыцаг фыййау иугæр бирæгъы æфсæрты ахаст иунæг хатт куы базона, уæд æм дыккаг хатт ницæйуал тыххæй бауæнддзæн, ардаугæ йæ куы кæнай, уæд дæр. Йæхи дзы хиздзæн æмæ уый та йæ сæфт у. Нæхимæ хохагæн та уæлдай нæу — фыццаг хатт уа æви фæстаг хатт — йе знаг цалынмæ æгас уа, уæдмæ йæ цард цардыл нæ банымайдзæн. Куыдз та дыууæ къахдзæфы æддæдæр куыд алæууыд, афтæ лæугæйæ баззад æмæ йын бамбарæн нæ уыди: сæ ныхас цæуыл у, уымæ хъусы æви кæд ацæудзысты æмæ йæхи фæстæмæ кæд æруадздзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсы. — Марадз-ма, кæрц радав. — Кæрц? — нæ йæ бамбæрста Къабуз, ацы хурæфсæст райсом æй кæрцы сæр цæмæн бахъуыд, уый. — Кæрц мын нæй, фæлæ дын хъарм палто рахæсдзынæн. — Цы дзы кæнын дæ палтойæ, цы? Æз дын кæрц куы зæгъын. Кæд кæрц нæй, уæд та уæлдзарм худ. Къабуз рæвдзгомау хæдзармæ фæраст. Æцæгæлон адæймаг иунæгæй аззад дæлбазыры, уый куы федта куыдз, уæд йæ сæрыл бæрзонддæр схæцыд, цæмæндæр гæсгæ уæлдæфмæ сысмыста, йæ цæстæнгас фæцырддæр. Уæдмæ Къабуз дæр чъылдымы дуарæй рахызт йæ зымæгон худ йæ къухы, афтæмæй. — Уый цы рахастай, уый? — бахъуыр-хъуыр кодта Хъуырман, йæ разы куы æрлæууыди, уæд. — Æз дын уæлдзарм зæгъын, ай та цавæрдæр доны уырыйæ хуыд у. Ахæсс æй, ахæм ницы æххуыс у. Ахæсс æй æмæ кæстæртæй нæхимæ искæй сæрвит. Кæд хæдзары ничи уа, уæд дæр кæройнаг уаты тъахтиныл мæ кæрцы зæронд фендзæн æмæ йæ рæвдз æрдавæд. — Мæгъа, кæй арвитон, кæстæртæ скъоламæ ацыдысты. — Марадз, дæхæдæг суай, уæдæ. Æрмæст рæвдз. — Æмæ уал уæртæ мидæмæ цом, кæд дын уазал у, уæд. — Цавæр уазалы кой кæныс, æз мæнæ хурварсæй аууонмæ куы æрбайстон мæхи, уæд. Рæвдздæр фезмæд. Уыцы тыхстæй цы аразы кæрцæй, уый æмбаргæ дæр кæд нæ кодта æмæ йæм диссаг дæр каст, уæддæр ницуал сдзырдта æмæ хъуыдытæгæнгæ фæдуарæддæ. Хъуырман та ногæй рæтæнагъдыл æрбадт, армытъæпæнтæ уадулы стджытæм сбыцау кодта, рæмбыныкъæдзтæй уæрджытыл æрæнцад, афтæмæй куыдзмæ ныджджих æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Цымæ цал уыдысты, Хъæриуы фæхстæй Науыры тъæпæнтæм йемæ æмдзу бæлццон чи уыдис, уыцы фыййау куыйтæ? Цал дзы баис бирæгъты амæттаг? Раст не сты, æвæдза, фыййæуттæ, сæ куыйтæн нæмттæ кæй нæ дæттынц, уымæй. Цалынмæ дзуджы фæдыл зылдис, цалынмæ йын цардысты, уæдмæ сæ мæлæты хорз зыдта, ныр дзы иуы дæр йæ бон æрхъуыды кæнын нал у, æрмæст йæ цæстыты раз лæууы сæ иумæйаг фæлгонц: тæнхауд, рæхснæг, дзæмбыджын, куы къæвдайæ удæст фыстимæ, куы фыййауы даргъ фæндæгты рыгæвдылдæй. Иунæг дæр дзы йæхи адзалæй нæ амарди: цалынмæ сæ хъару сæхимæ уыд, уæдмæ сын тых нæ ардта бирæгъ, стæй-иу æппынфæстаг уæддæр йæ амæттаг баисты. Ныр, дам, бирæгъ дæр скуынæг, æхцайæ æлхæнын æй байдыдта иу паддзахад иннæмæй. Æрымысгæ ныхас уа æви æдылы уой? Балхæнынмæ хорз фыййау къæбылайæн нæй аргъ, уый йеддæмæ искуыдæр ма цæттæ фыдбылыз æлхæдæуыд? Уæвгæ, мах заман æндæр уыд, рæстæг, йæ бындар, ивгæ цæуы. Сæ иу бадгæ кæны, иннæ — лæугæ, афтæмæй хъуыдыты аныгъуылдысты лæг дæр æмæ куыдз дæр. Сæ дыууæйæн дæр царды тæккæ стырдæр хорзæх — зонд — радта се сфæлдисæг. Æрмæст сын дзы æмхуызон хай нæ бакодта, къахыр разынд сæ иуæн: адæймагæн йæ хъуыдыты æмбис у ивгъуыд бонтыл, иннæ æмбис — сомбоныл, куыдз та сом нæ зоны, æрмæст ивгъуыд æмæ ныртæккæ, абон. Уæд сæ, цымæ, кæцы амондджындæр у? Мæгъа, мæгъа. Хуыцау йеддæмæ йæ чи зоны. Адæймагæн йæ сомбоныл сагъæс йæ хъизæмайраг бæллæх у, куыдз та уыцы сагъæсæй хайджын кæй нæу, уый у йæ амонд. Æмæ уæд адæймагæн та цæй мидæг ис йæ амонд? Ау, цард дæм йæхæдæг амонды фаг хорзæх нæ кæсы? Ай-гъай дæр нæ кæсы, уымæн æмæ цард адæймагæн дæр радта Хуыцау æмæ куыдзæн дæр. Адæймагыл бирæ хатт фæхудтис мæ зæрдæ, мæ фыййауыл — никуы. Æмæ йыл куыд хъуамæ фæхуда, кæд æмæ гадзрахат циу, уый уæвгæ дæр нæ зоны. Гуыбыныл йæ зæрдæ нæ ауæй кæндзæн, мулк æмæ йæ бынат та хъæугæ ницæмæн кæнынц. Фаг æм кæсы, Хуыцау ын цы хорзæх радта, уый йæхæдæг — цард. «Ай фынæй дæр куы нæ дæн, уæд сæнттæ цæгъдын æвй цы уа?» — фестъæлфыд Хъуырман æмæ йæм куыдз гуырысхойаг каст æрбакодта. Уæдмæ Къабуз дæр æрхæццæ Хъуырманы дæрдджын кæрцимæ. — Гъе уый æндæр хъуыддаг у,— банкъуысыд зæронд æмæ кæрц йæ уæхсчытыл баппæрста. Сабыргай бацыд æмæ дзуццæджы æрбадт куыдзы цур, фæлмæн хъæлæсæй йæм сдзырдта: — Æрхуысс-ма, мæ хæлар, мах æй фенæм, цымæ цæмæй тыхсыс? Къабуз йæ цæстытыл. нæ баууæндыд: бинонтæй дæр йæхи æмæ лæппуйы йеддæмæ æнæхъинцъæй æмгæрон чи никæй уагъта, уыцы Тæнхау коммæгæсæй йæ фарсыл æрхуыссыд Хъуырманы раз. Уый йын уырзæй æрысгæрста йæ бæрзæй, йæ хъуыртæ, йæ гуыбын, къæхты фæтасæнтæ. Къабуз зæронды цур сзилахар; уæдæ йæм ныр фæхæпп кæндзæн куыдз, зæгъгæ. Уый йын йæ катай бамбæрста, фæлæ йæм здæхгæ дæр нæ ракодта, афтæмæй йæхицæн дзурæгау загъта: — Æнæмæт у, фысдзармы мын мацæмæй тæрс. Куыдзы куыд сгæрста,. афтæ коммæгæсæй фæлдæхт иу фарсæй иннæмæ, фæсонтæм. Æппынфæстаг ын йæ дæндаджы фыдтæм æркаст æмæ Къабуз федта: ныронг куыд æнхъæл уыдис, афтæ зыхъыр не сты куыдзы дæндæгтæ кæрæдзийыл æвæрдæй, фæлæ æмыр æхгæд, æддæг-мидæг ауадысты, цы дзы лыг кæна, уый карды комæй лыггæнæгау адзæнгæл ласдзæн. — Авгау сыгъдæг у низæй,— æппынфæстаг Къабузмæ разылди Хъуырман. — Фæлæ йын, æнхъæлдæн, стæг нæ дарыс. — Æмæ стæгмæ æрхауд, мыййаг? Цыдæриддæр ын раттай, уый хæры — къæбæрæй дæр, хъæрмхуыппæй, картофæй дæр, суанг ссады змæст дæр, æрмæст ын фых уæд, уый йеддæмæ. Дзидза та æдзух мæхицæн куы нæ ис, уæд амæн кæцæй æрхæссон? — Дзидза цæмæн дзидза, æз дын стæг куы зæгъын. — Æмæ фæскъуымты стæгæй арæхдæр куы ницы ис, ацæуæд æмæ æхсынæд, кæд æй хъæуы, уæд. — Хынджылæг мæ кæныс æви æцæгæй æндæр ницы æмбарыс? — фæхъыг зæрондæн. — Фæскъуымты чи ис, уыдоныл кæй не ’рвæссы, уый нæ зоныс?. — Ау, куыд не ’рвæссы? Уæдæ сыл кæрæдзийы тонын цæмæн байдайынц? Æмбисондæн куы баззади, куыдзы хъуырæй стæг, зæгъгæ. Уайдзæфгæнæджы змæлд бакодта Хъуырманы сæр: — Уыдон куыйтæ дæр уымæн хуыйнынц, æмæ дзы иу иннæйы стæджы тыххæй æфхæры. Ай та фыййау у, нæма дæм бахъардта, уæдæй нырмæ дын цы дзурын, уый? Æндæр куыдзы комы тæф кæмæ фæхæццæ, уыцы стæг йæ сæрмæ нал æрхæсдзæн.
![]() |