![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 36 часть
— Уынгæ нæ куы нæ кæныс, Хъуырман, уæд нæ цы домыс? Марадз æмæ ды ма смæсты у, ахæм æргом æдзæсгом ныхасмæ, æмæ-иу Хъуырманæн уайдзæфæй дарддæр йæ бон ницы зæгъын уыд: — Æз уæ нæ уынын, зæгъут? Дæу нæ уынын, Асæхмæт? Æви дæу, Мæхæмæт? Æви дæу, Керым? Науæд.дæу, Бексолтан? Йæ зæрдæйæ сæм тынг хъæрæй дзырдта, афтæмæй йæ ныхас йæхимæдæр нæ хъуыст. Нæлгоймæгтæ-иу æрбатар сты, фæлæ Хъуырманмæ æрдæгфынæйæ бæлвырд хъуыст фаллаг фарсæй сæ хъæр: — Мах дæ уынæм, фæлæ нæ ды нæ уыныр, Хъуырман! Кæд, мыййаг, фаллаг фарс Аминоны бæстæ у æмæ дзы Хъуырманæн бынат нæма ис. ...Мах дæ уынæм, фæлæ нæ ды нæ уыныс, Хъуырман!... Афтæ ма дзы багæдыгæнгæ уа цæстæй хъусмæ. Алы хæдзæрттæй æмæ мыггæгтæй уыдысты, фæлæ сын уæддæр цыдæр иумæйаг уыдис, цыдæр. Науæд иу хаттæй иннæмæ айдагъ Мæхæмæты, Керымы, АсæхмæТы æмæ Бексолтаны цæмæн уыны, кæд æмæ мæрдты бæстæм йæ.разæй чи бацыд, уыдон æнæнымæц бирæ сты? Уый рахатын Хъуырманы бон нæ уыд æмæ-иу стыхсти, фæлæ Дзаххоты куырой кæм уыдис, уырдæм мæнæ ныр, Тæнхау æмæ далысимæ куы схæццæ, уæд æй æвицпайды бамбæрста: цыппарæй дæр уыдысты.тыхмард, кæйдæр къухæй; сæ цыппары дæр сæ сыджыты хайыл сæмбæлын кæныны размæ Хъуырман йæхæдæг цынадта, иу зианæй иннæмæ мæзджыты кæрты къулыл æнцойгондæй чи лæууыд, уыцы тæрсхъæдæй найæны æмæ-иу сæ авд тыхты бакодта урс-урсид- цикъæйæ мæрддзаджы. — Дуа æнæ скæнгæ нæй, Тæнхау,— сдзырдта Хъуырман. — Дзæгъæлы сæ кæм уыдтаин мæ фыны алы æхсæв раст мæнæ ацы тæккæ ран. Куыройæн æмæ ауæзтæн сæ фæд дæр бæрæг нал у, афтæмæй сæ Хъуырман бæлвырдæй уыны. Кæддæр Дзаххоты куырой, найгæнæн æмæ хырхæйфадæн цы тъæпæн ахстой, уый фосы ривæддон ссис, бассæстой æмæ йæ ныннадтой, кæрдæг дзы нывыл рагæй нал хæцы. — Ныр мын цы цæсгомимæ зæгъыс, Асæхмæт, нæ мæ уыныс, зæгъгæ? — уайдзæфгæнæгау йæ сæр банкъуыста Хъуырман. Уыцы бон — сæрды кæроны уыдаид æви фæззæджы райдайæны — мæнæуы куыристы цъуппамад бæхуæрдон Дзаххоты найгæнæнмæ æрбаласта Хъуырман. Найгæнæн дæр куыста куыройы донмарæнæй. Тигъæй нæма базылди уæрдон, афтæ йæ гуыв-гуывæй бамбæрста Хъуырман: чидæр дзы най кæны, æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн. Мусы разынди Асæхмæт: йæ найгæнинагæй ма нымад цалдæр куырисы аззад. Йæ ахуыр — хъæуа-нæхъæуайы быцæу — ацы хатт дæр та нæ ныууагъта: — Æхсæз суарийы дын фагæй фылдæр уыдзæн. Дæхæдæг æй федтай: уæрдон æмбисмæ дæр дзаг нæ уыди, ды та мæ æнæхъæн уæрдоны аргъ домыс. Уæд искуыдæр ма афтæ вæййы? Хадзыйы ном куы хæссыс... Бæрзонд, сырхрихи Дзаххоты сæрыл цалмæхыз хъæддых баст, афтæмæй дыууадæскъухыг сагойæ зыгуым иуварс калдта. Йæ бакастæй бæрæг уыд: сæ ныхас рагæй цæуы æмæ дзы стыхсти. — Сомырдæг. Фиддон алкæмæн дæр æмхуызон у. Куырисгай дын куы нæ нымадтон дæ наййаг. Уæрдонæн — сомырдæг. — Æхсæз суарийы дын ратдзынæн æмæ æгъгъæд у! — Дзаххоты ныхас цас уæзбын уыд, уыйас знæт та Асæхмæты ныхас. Дæлæмæдзыд, фæтæнтæ — бынæй хæрдмæ хылгæнæг уасæджы каст кæны Дзаххотмæ. — Бауырнæд дæ, сфæлмæцыдтæн дæ алы хатт, алы хатт. Адæмæй цы исын; уымæй дæ фылдæр кæнæ къаддæр куы нæ агурын — сомырдæг. — Дæ Хуыцаумæ скæс — цавæр сомырдæг у?! Зæгъын та йæ дæ цæсгом куыд бахъæцыд? Ау, адæм нал стæм æви? Лæгтæм дæрддзæфгомау, йæ цыллæ хъулон сæрбæттæн суанг æрфгуыты онг бастæй лæууыд Асæхмæты чындз, цы уыди, уымæй хъус фестад, фæлæ йæм найгæнæны уынæрæй сæ ныхас нæ хъуысыд. Сæ хæдзары хицау хылмондаг кæй у, уый хорз зыдта æмæ ныр дæр та йæ тентекк схъиудтытæй бæрæг уыди: загъдкъахæн кæны. Æмæ сæм цы хъуамæ уа загъдагæй; наййаг æрбаластой, Дзаххот куыройæ рацыд, салам радтой, кæрæдзийы цæмæйдæрты афæрстытæ кодтой æмæ уæрдон æвдæлон кæнынмæ бавнæлдтой, чындз дæр сын æххуыс фæлæууыд. Уæд цы къæм сæ мыды бахаудаид? Хъуырманимæ фемдзаст сты æмæ йын æнгуылдзæй ацамыдта: рауай-ма ардæм. — Цæуыл хъæлæба кæнынц? — Уæртæ аргъыл нæ фидауынц. — Æмæ йæ кæронмæ цы æрхастой, раздæр сæ бон нæ уыди бафидауын? — бахъуыр-хъуыр кодта чындз. Цы дзуапп ын раттаид Хъуырман æмæ фæстæмæ найгæнæны ’рдæм ацыдис. — ...Уæллæй, ды хадзыйæн нæ бæззыс, фæлæ дын Къардоны хуытæ хизын æмбæлы! — райхъуыст æм Асæхмæты фидис. Дзаххоты цæсгом мæрдон фæлурс афæлдæхт, сагой бæрзонд фæхаста æмæ йæ тых-йæ бонæй Асæхмæты сæрыл æруагъта. Найгæнæны уынæрмæ дæр Хъуырманы хъустæ æрцахстой сæрыкъуыдыры къæрцц: тæккæ тенкайыл сæмбæлди цæф. Чындз ныцъцъæхахст кодта, сæрбæттæн фелвасынмæ нал арæхсти, афтæмæй дыууæ лæджы æхсæн бамидæг, фæлæ байрæджы. Асæхмæт цыма ракафынæввонгæй хъазты астæу æрлæууыд, уыйау къухтæ хæрдмæ фæхаста, æвæццæгæн, цæфмæ фæлæбурынмæ хъавыд, фæлæ къухтæ фæстæмæ æрхаудтой æмæ йæхæдæг дæр.уæлгоммæ ахауди, фестъæлф фестъæлфгæнгæ баззади зæххыл, йæ сæры хъæдгомæй та фемæхсти æмæ цыхцырæй ныллæууыди туг. Сагойы тигъ разынд æвзæн æмпъызт æмæ раст уымæй æрæййæфта цæф. — Марадз æмæ Гамболмæ фæхабар кæн,— сдзырдта Дзаххот Хъуырманмæ, йæхæдæг сагой иуварс ныззыввытт ласта æмæ Асæхмæты цур дзуццæджы æрбадт. Гамбол, æгас Ирыстоны дæр хъуыстгонд хосгæнæг, кæд хъæуы уæллаг кæрон царди, уæддæр уайтагъд æрхæццæ. — Рæвдз згъоргæ æмæ æхсыры агуывзæ радав! — схъæр кодта Хъуырманыл. Мусæй Дзаххоты хæдзары онг кæд уыдаид дæс æмæ ссæдз санчъехы. Уырдæм дæр згъоргæ, фæстæмæ дæр — æхсыры агуывзæимæ. Гамбол Асæхмæты сæр йæ уæрджытыл æрæвæрдта, хъамайы цыргъæй йын йæ дæндæгтæ фæзыхъыр кодта æмæ йын æхсыр йæ хъуыры ауагъта; фæлæ фæстæмæ йæ фындзыхуынчъытæй ракалди. — Ардыгæй æмбисæхсæвмæ дæр нæ ахæсдзæн,— загъта Гамбол, иу къухæй хъæмп æрбассывта æмæ йыл Асæхмæты сæр æруагъта хъавгæ, йæхæдæг тызмæгхуызæй Дзаххоты ’рдæм разылд:— Йскуыдæр ма афтæ бачындæуыд? Дзаххот ницы дзуапп радта, æрмæст арф ныуулæфыд. Æмбисæхсæвмæ дæр нал, фæлæ изæргæрæтты æрæнцад йæ хъæдын сынтæджы Асæхмæт. Райсомæй пъырыстыфы линейкæ æрлæууыд Дзаххоты дуармæ, йемæ дыууæ бæхджын милицæйоны. — Йæ сæрбаст ын райхалут,— загъта пъырыстыф: закъонмæ гæсгæ лæгæн цалмæхызы æрцахсæн нæ уыди. Уæды заман сылгоймаг æвдисæнмæ нæ хъуыстой, стæй Асæхмæты чындзæн цы зæгъын йæ бон уыди, кæд æмæ найгæнæны уынæрмæ лæгты ныхæстæй ницы фехъуыста. Лæджы мард дзы кæй рауад, уый? Æмæ йыл Дзаххот йæхæдæг дæр басаст, æрмæст Асæхмæты фидис рафæзмыныл ницы хуызы сразы. Баззад дзы æрмæст иунæг æвдисæн — Хъуырман. — Цал азы цæуы лæппуйыл? — Æнæхъæн æхсæрдæс. — Æхсæрдæсаздзыд æвдисæнæн бæззы. Тæрхонгæнæджы уынаффæ уыд цыбыр æмæ бæлвырд: хадзыйы æфхæрд ныббаргæ нæ уыди. Æмæ моллоты хистæр цалмæхыз ногæй бабаста Дзаххоты сæрыл. — Ау, уæд дæ куыд нæ хъуыды кæнын, Асæхмæт? Уæд фыццаг хатт федта лæг амаргæ Хъуырман æмæ йæмиу кæд уый тыххæй фæзынд йæ фынты Асæхмæт. Хъуырман йæ нымæты тæрттыл фæйнæрдæм ахæцыд æмæ зæхмæ æрхауд, хордзен йæ уæхскæй æриста æмæ йæ нымæтыл æрæвæрдта, лæдзæг сыл банцой кодта, Чабæйы ’рдæм æрлæууыд, дыууæ армы цæсгомы æмвæз систа æмæ йæм сæхæдæг æрцыдысты, рагæй кæй никæйуал загъта, уыцы æрдæгрох сыгъдæг дзырдтæ. — Фа-атигъа... Далыс, кæм кæрдæгмæ смудгæйæ, кæм хизгæйæ, сындæггай размæ цыди. Тæнхау та, цыма зæронд цы гæнæг у, уый æмбæрста, уыйау æддæдæр æрлæууыд æмæ йæм æнхъæлмæ касти. — Фа-атигъа,— дыууæ армæй йæ цæсгом æмæ рихитæ радыгай æрсæрфта Хъуырман, цас æмбæлы, уыйас алæууыд йæ бынаты, стæй хордзен, лæдзæг æмæ нымæт зæххæй систа. — Рухс дзæнæтæй дын хай уæд, Асæхмæт. Дæхи аххосæй дарддæр дзы никæй аххос уыд. Сæ цыд фæрæвдздæр æмæ стыр фæндагыл цæхгæрмæ ахызтысты, донвæд-донвæд хъæуæй адæрддзæф сты. Мæнæ ам та хæсты заман æмæ хæсты фæстæ цалдæр азы дæргъы быдыр рагуалдзæгæй æрæгвæззæгмæ лæууыд сатæгсауæй, кæрдæджы хал ыл нал хæцыд, артаг æмæ йæ сæрдæн басыгътой, хуымгæндау æй сфæйлыдтой «шевролеты», «доджты», «фордты» æмæ «студебекерты» цæлхытæ: машинæтæ тардтой ирайнаг Джульфайæ Арвыкомыл. Мингай километртæй нымайгæ фæндаджы фæстæ сæм-иу Беслæны бынмæ базылдысты æмæ сæм ардыгæй та ныгуылæнырдæм æнхъæлмæ кастысты ног мингай километртæ. Уалынмæ быдыры фæзынди зæрдæрухсы цъæх сакъадæхтæ æмæ дыккаг аз æмвæтæн гауызы бын фæцис. Фæлæ фыййæуттæ æнæбафиппайгæ нæ уыдысты: фос Науырæй скъæрыны рæстæг фыстæ ардæмты куы æрбахæццæ вæййынц, уæд дзы футтытæгæнгæ æнæбары фæхизынц, се ’хсыр куынæгмæ цæуын байдайы æмæ уæрыччыты тæригъæддаг уасынæй хъустæ æмыр кæнынмæ фæвæййынц. Залты мит кæй хонынц, ахæм уарыди хæсты размæйы зымæджы. Мæхæмæт куысты размæ йæ моймæдзыд хойыл акодта йæ фæндаг æмæ йæ баййæфта йæ къухы хъæдын фыййагимæ. Кæрты къуыммæ мит кæдæм фæкалдта, уым лæууыд адæймаджы бæрзæндæн обауæй, йæ алыварс хъыллистытимæ разгъор-базгъор кодта Фатъимæты астаздзыд фырт, сæууон уазалмæ йæ уадултæ сырххъулон афæлдæхтысты. — Мæхæмæт! Цы кусыс уый, Мæхæмæт, дæ сæрызонд фæцыди! — куыддæр дуарæй бахызт Мæхæмæт, афтæ нырдиаг кодта йæ хо. — Дæ дзидзидай сабийыл уæд та ахъуыды кæн, Мæхæмæ-æт! Хæрæфырт æрбазгъордта æмæ Мæхæмæты цыбырдым кæрцы фæдджийы йæ цæсгом фæцавта. — Цы ’рцыдис, Фатъимæт, удæгасæй мыл цæуыл хъарджытæ кæныс? — Мæхæмæ-æт! — фыййаг иуварс аппæрста æмæ йæ уæраджы сæртæ дыууæ армæй ныххоста Фатъимæт. — Сæрра дæ, æндæр ницы! Нæ дын ныххатыр кæндзæн йе ’фсымæр, сау бон мæ сæрыл куыд бакодта! — Æфсы-мæ-æр? — мæстæймарæн даргъгомау ауагъта Мæхæмæт. Сывæллоны йæ хъæбысмæ фелвæста æмæ йæ сæрбынмæ фæлмæн миты обауы астæумæ ныссагъта, йæ тæбæрттытæгæнгæ къæхтыл ын фæхæцыд æмæ йæ сласта; хæрæфырт худæгæй бацъæх, йæ насыаппæнгæс ставд дæндæгты зыхъыртæй зындысты йæ аходæны — æхсыры сæндæджы — фæдтæ; ногæй æмæ йæ ногæй сæрбынмæ ныццæвы миты обауы æмæ йын бамбарæн нæй: сывæллояæй йæм ахъазын цæуы æви сæ ныхасы сæр цæуыл у, уый ма бамбара, ууыл архайы. — Ныууадз-ма, Мæхæмæт, уыцы сывæллоны æмæ дын æз цы дзурын, уымæ байхъус: æгас хъæубæстæ йæ халæттау уасынц; абон куы нæ уа, уæддæр райсом йе ’фсымæрмæ дæр бахæццæ уыдзæн... — Æнæмæт у, Фатъимæт, мæнæ дзы уый бæрц дæр нæ тæрсын йе ’фсымæрæй,— галиу къухæй йæ кæрцы фæдджийыл æрхæцыд Мæхæмæт. Дзæгъæлы нæ разынди Фатъимæты æрдиаг: тæккæ уыцы аз хъæуы бæстастæу æнæхъæн аст нæмыджы ныссагъди Мæхæмæты буары, уæддæр ма йæ хъæддзау фæрæт йæ къухы, афтæмæй йæ марæджы баййафынмæ хъавыди. — Ехх, Мæхæмæт, Мæхæмæт, уый цы бакуыстай дæхицæн? — уайдзæфтæ ма йын бæргæ кодта йæ сыхырна мард найгæ-найыны Хъуырман; къуындæг найæны мидæг æртæ лæгæй тыххæйты фæрæзтой рафæлдахын къæдзæхыйас гуырды. Уæдмæ ног хицауад Ирыстоны кæрон сæвæрдта туг исыны æгъдауæн; марæгæн рахастой дæс азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Иннæ марæгæн та йæ тæрхон уыди — мады тæрхон. Хъазты лæцпутæ уæд Хъуырманы сæхи æмсæрыл нымайын байдыдтой æмæ ма йæхицæй хъалдæр кæм разындаид: уымæй размæ йæм чындзæхсæвы заман æрмæст æхсæр уисæй фæйнæгыл æмдзæгъд кæныны бар хауди. — Керым! Керым! — æндæр ницы хъуысыд чындзæхсæвы. Бæгуы æнаипп гуырд рахаста æцæгдæр Керым: цы уындæй, цы кондæй, цы æхсарæй, цы йæ уæзданæй, цы йæ куыстуарзонæй. Саргъы бæхыл хъазынæй, хæдзары сæр æрæмбæрзынæй, гутоны къухыл æрхæцынæй йæ ничи аййæфтаид. Сæ фынты æмæ сæнтты ма хуыздæр кæмæ бабæллыдаиккой хъæуы рæсугъддæр чызджытæ. Алчидæр сæ сусæгæй йæ зæрдæ дардта: кæд мæн равзарид цардæмбалæн Керым. Æмæ усгурты æнæдзуаппæй æрвитын байдыдтой, сæ мадæлтæн-иу бамбарын кодтой: тагъдгæнгæ ниКæдæм у, мæнæ æххæст Керым кæй равзардзæн, уымæ банхъæлмæ кæсæм; мад та-иу фыды хъусы бацагъта хабар аивæй. Æмæ дын мæнæ диссæгты диссаг — æнæхъæн дыууæ азы дæргъы зилгæйаг чызг зилгæйаг лæппуйæн нал бакуымдта. Афтæмæй куыннæ хъуамæ сæхсида сæртæг фæсивæды туг. Ноджы ма дын мæстæймарæгау: — Симгæ! Симгæ! Æппæты разæй — Керым! — Керым, хистæртæй арфæйы нуазæн дæ номыл рацыди. — Керым, сис ма Елберды зарæг... Фæсивæдæн сæ фыдуагдæртæ загътой: кæдмæ йын быхсдзыстæм? Сæ маст æмæ хæлæг сæ зондыл фæтых. Сусу-бусу Керымы хæлæрттæй иуы хъустыл æрцыд æмæ йын бамбарын кодта: — Куыд ничи фæгуырысхо уа, афтæ сабыргай дæ. сæр бафснай, цыдæр æвзæр фæндтæ ис фæсивæдмæ. — Ома, фæлидз, зæгъынмæ хъавыс? — гæзæмæ мидбылты бахудти Керым. — Уæллæй, Керым кæмæй бамбæхса, ахæм хъæб.æтыр нæма райгуырди. Хотыхæй йæм æппындæр ницы разынд: цæмæ йæ хъуыдысты, дард балцы, мыййаг, куы нæ рараст, æрмæстдæр доны иу фарсæй иннæмæ. Фæлæ уæддæр стырзæрдæ не ’мбæлы: куыд ничи йæ бамбара, афтæ чъылдымты йæхи айсдзæн, Хуымæллæджыдоны цъенгæйыл комкоммæ сæхимæ бауайдзæн, ливор æмæ хъама æрбæтдзæн æмæ уайтагъд фæстæмæ хъазты фæсивæды æхсæн æрлæудзæн. Нæмыг æй баййæфта доны бæстастæу.. Ливоры мынæг гæрах тымыгъы ниуынæй чындзæхсæвы хъæлæбагæнæг адæммæ нæ, фæлæ донбылы хæдзæрттæм дæр нæ фехъуыст. — Нæ, нæ, ма йæ æрбахæссут мæ кæртмæ, уый Керым нæу, уый дæлимон бабырыд Керымы дармы! — йæ урс дадалитæ бындзыггай рæдывта, йæ уадулты царм æррæдывдтытæ кодта йæ зæронд мад. — Керым фыдгуылмæ йæ чъылдым равдисын никуы æрхастаид йæ сæрмæ! Хъуырман уæд йæ царды мидæг фыццаг хатт æрлæууыд мард найджыты фарсмæ гогоны дзаг хъарм донимæ. Найгæ та кодтой йæ сыхаджы, йæ хуыздæр хистæр хæлары æмæ зондамонæджы. Керымы мады та сæррамæ бирæ нал хъуыди, иргъæвын æй нал фæрæзтой мæрддзыгойы сылгоймæгтæ; нæ йæ уырныдта, йæ сæр нæ ахста, лæгæй-лæгмæ хæстæй уæлдай ма чъылдымырдыгæй гадзрахат гæрах дæр кæй вæййы, уый. Адæм баныгæдтой Керымы, фæхъыг кодтой сæ хуыздæры мардыл. Чи уыдаид, куыд уыдаид, зæгъгæ, хъус-хъус кодтой, фæлæ бæлвырдæй сæ бон никæуыл дау æрхæссын уыди. Се ’ппæтмæ дæр диссаг касти: иу æмбалæн, иу æрдхордæн хæрзæхсæв ма зæгъ, афтæмæй куыд хъуамæ ныууагътаид хъазты фæсивæды? Чи, чи, фæлæ уæздан æмæ æгъдауыл мард Керым. Раджы уа, æрæджы цы нæ рахъæр уыдзæн, ахæмæй ницы ис. Сандыры ахстæй фæдардтой цалдæр мæйы, фæлæ йæ чи бавдыстаид, уый нæ разынд, йæхæдæг та сæтгæ ницæуыл бакодта æмæ йæ æппынфæстаг рауагътой. Куы æрыздæхт, уæд æй уаты къæсæрыл мидæмæ хизын нæ бауагъта йæ ныййарæг мад, йæхæдæг ын рахаста тæрхон: — Ды дæ фыдæн фыртæн нæ бæззыс. Фыны йæ бæлвырдæй федтон: дæ фыд ингæны дæлгоммæ ныффæлдæхт, йæ фырт кæйдæр чъылдымырдыгæй багæрах кодта, уый куы базыдта, уæд. — Никæй багæрах кодтон æз, мамæ! — Банцай! Цы цæсгомимæ мын комкоммæ мæ дыууæ цæстмæ кæсыс?! Æнхъæлыс, уыцы æнамонд æхсæв дæ ливор сусæгæй куыд сыгъдæг кодтай, уый ничи федта. Марадз, райс æй ныр йæ арф æвæрæнæй æмæ йæ дæ тæккæ ныхыл ныццæв дæхæдæг. — Никæй амардтон æз, мамæ! — Банцай! Банцай æмæ мæм мады номæй ма дзур. Æгайтма дын дæ хоты æмæ æфсымæрты сауниз афоныл ахаста æмæ ацы худинаджы онг нæ фæцардысты — Хуыцауæй сын ахæм хатыр разынди. Æз сылгоймаг дæн æмæ мын хотых мæ къухтæм райсын не ’мбæлы, фæлæ марадз, дæхæдæг дæхиуыл ныццæв дæ ливор. — Ницы аххосджын дæн, мамæ! — Ма мæм дзур мады номæй дын загътон! Нал ис мæнæн хъæбул, дзыназгæ баззадтæн иунæгæй уæлæуыл. Йæ фырты хуыссæн — дыууæ зæронд нымæты, иу лыстæнæн, иннæ æрæмбæрзынæн — йæ дæларм рахаста æмæ сæ хъомдоны рæбинаг къуымы, афтид кæвдæсы æрæвæрдта. Ризæгниз ыл бахæцыд, афтæмæй дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæвы æддæмæ нæ ракаст, рабадын нæ бафæрæзта Сандыр. Мард у, æгас у, уымæ кæсгæ дæр нйл бакодта йæ мад, райсомæй-иу скъæты дуар байгом кодта, хъуццыты-иу æрдыгъта æмæ-иу сæ армытъæпæнæй сæ сины фæлмæнтæ хойгæ раскъæрдта, къæдзбелæй-иу хъомты фаджыс ракалдта æмæ суанг изæрмæ кæртæй ницуал уынæр райхъуыстаид. Изæрæй та-иу хъом бауагъта, æрдыгъта-иу сæ æмæ тулдз дуарыл уæззау гуыдыр гыбаргыбургæнгæ сæвæрдта. Сандыр йæ зæрдæ дардта: раджы уа, æрæджы мад æрфæлмæн уыдзæн, фæтæригъæд ын кæндзæни, мидæмæ йæ бахондзæн æмæ йын фынг йæ разы æрæвæрдзæн. Дур дæр ма куы атайы. Æмæ æцæгдæр, æртыккаг бон йæ фосимæ зылдтытæ куы ахицæн сты, уæд иуафоны мад фæзынди, кæвдæсы æрæвæрдта кæрдзыны æмбис, хъæдуры къус æмæ дурыны дзаг дон. Йæ дзыхæй иу сыбыртт не схауди. Куыдфæстæмæ Сандыр кæртмæ цæуын, цыдæртæ змæлын байдыдта, фæлæ мады зæрдæ раздæрау дурæй баззади. Раздæрау Сандыры хуыесæн уыди скъæты, раздæрау ын фосæн холлаг дæттæгау йæ хæринаг æвæрдта кæвдæсы. Афæдз аивгъуыдта æмæ афæдзы дæргъы мады дзыхæй иу ныхас нæ фехъуыста Сандыр. Стæй афæдзы фæстæ йæхи кæдæм айста æмæ цы фæцис, уый ничиуал базыдта...’ Сæ фæндаг дардтой сындæггай, куы иу, куы иннæ ран сæ фæллад уадзгæ, сусæны æнтæфæй куыд нæ бафæлмæцой, афтæ. Хъуырман æмбæрста: хурныгуылдыл бинонтæ дæр æмæ Къабуз дæр фæфæдис уыдзысты. Стæй цæуыл фæдис кæнынц, кæд æдылы не сты, уæд? Зæгъын хъуыди бæргæ бинонтæн, уæ зæрдæ-иу ма æхсайæд, зæгъгæ. Æмæ йæ уæд алы æфсæнттæй ныкъкъуылымпы кодтаиккой æмæ иуæн дæр масты хосæй уæлдай ницы разындаид. Аив нæу, аив нæу цыфæндыйæ дæр, фæлæ йыл макæй зæрдæ фæхудæд: Тæнхауы курдиатæн «нæ» зæгъын йæ бон нæ бацис. Æмæ ма йæ ныр æмбисвæндагыл куыд фæфыдæнхъæл кæна. Стыр фæндæгтæй дæрддзæфдæрты цæугæ у:. цас къаддæр адæм сæ уына, уыйас хуыздæр. Куы сæ уыной, уæддæр дзы диссагæй цы ис:уæртæ зæронд лæг иу хъæуæй иннæмæ фæцæуы йæ далыс æмæ куыдзимæ æмæ цæугæ дæр кæуылты хъуамæ кæной доныбылтæй хуыздæр: иуæй дзы далысы хиз сойджындæр, иннæмæй та бæлæсты æмæ къудзиты сатæг аууон.
![]() |