![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 32 часть
— Цы йæм ракæс-бакæс кæнон, кæд дын мойгæнæг чызг нæу. — Æмæ мойгæнæг та циу мæ Яшкæйы цур? Хæрды дæр æмæ уырдыджы дæр йæ сæпп уыцы иу æмхуызон — фондз къахы йын Хуыцауы дзæгъæлы ис? Оцанийы фидис та хъусгæ дæр никуы фæкодта. — Дыууæ йын æгъгъæд у. — Къæхтæй зæгъыс? — бынтон сæнæмбаргæ хæрæджы хицау. — Дыууæ мины йын фагæй фылдæр у, æмæ нæ къухтæ кæрæдзимæ раттæм. Æнæрвæссон счъилтæ баисты хæрæджы хицауы былтæ: — Омæ уæд лæвар зæгъ æххæст, æндæр ма йæ радзур-бадзур та циу? Гæды ныхас ницæмæн хъæуы: æртæ мины йæ фæстаг аргъ. — Дыууæ. — Дæ цæрæнбон бирæ, мæн чи бахъæлдзæг кодта. — Дыууæ æмæ æрдæг. — Нæуыдзæн. Пинджаччы мидæггаг дзыпмæ нывнæлдта Быдыго æмæ чыссæ систа. — Дыууæ æмæ æрдæг дзы ис æмæ дын сæ æд чыссæ дæттын. — Чыссæ дæхицæн уадз, цы дзы ис, уый ма дзæбæхдæр æрнымай. Дыууæ мины æмæ æрдæгыл бафидыдтой. — Давæггаг ма разынæд? — Давын мæнæн фыдæлтæй нæ баззад. Стæй дæуæн та цы уæлдай у — балхæдтай йæ æмæ йæ балхæдтай. — Æмæ йæ хицауы тæригъæд... — Йæ хицаумæ тæригъæддагæй ницы ис, йæхи тæригъæды чи бацæуа, уымæн та мæрдты фæлдыст фæуæд. — Хæрæджы сæр æрбахъæбысгæнæгау кодта, фæлæ уымæн йæ былтæ æнæрвæссонхуызæй фесчЬил сты, ома, ахæм буц митыл ахуыр нæ дæн æмæ хъæугæ дæр ницæмæн кæнынц. — Гæды ныхас уæвгæ дæр нæ зонын æз, фæлæ мыл хуыздæр бон нæй æмæ йæ уый тыххæй суæлдай кодтон. Сыбайы мæ дарæг уыди, Сыбайæ Кантысмæ та мæ ласæг. Ма мыл дæ зæрдæ фæхудæд, Яшæ,— хæрæджы рагъ армæй æрхоста æмæ нымæткъуыхъæд ехс Быдыгомæ радта:— Хуыцауы сконд лæджы каст кæныс, æмæ ай та мæ номыл фæдар. Уæрдонмæ схызти Быдыго. Хæрæг цæсты зулæй скаст йæ ног хицаумæ æмæ зæрдиаг уынæргъыд ныккодта. — Ахæц, Яшæ, ахæц, кæд мын пæрæвоз нæ дæ æмæ семафор æхгæд нæ разынд. «Хорз мыл саргъаудзæн Кудзиан. Мардæй, æгасæй — рохуаты ничи баззайдзæн». Цы æхцайы муртæ ма йæм баззад, уыдонæй сабитæн зæрдæлхæнæн — цæмæ йæм скæсдзысты — балхæдга фæйнæ лæхъир гуылы: хыссæйæн йе -мбис сау дзуллагæй, иннæ æмбис — фых картофæй. Уæрдонмæ куыд сцæйхызт, афтæ ахъуыды кодга, раздæхт æмæ дзы ноджыдæр дыууæ гуылы райста — Кудзианæн æмæ йæхицæн — цы ад кæнынц, уый базонынмæ. Цыма стыр знаггад ракодта æмæ йын хæдзармæ фæндаг дæр нал ис, уыйау сæргуыбырæй, хæрдмæ скæсыны хъару йæм нæ разынд, афтæмæй кæрты дуар бакодта æмæ бозийыл рахæцыд. Хæрæг йæ фæдыл уыцы рæвдзгомау фæмидæг йæ сæр разыйы тылд кæнгæ. Кæрты дуары хъинцъмæ чъылдымæй — цæхæрадоны цыдæртæ архайдта — æрбахызт Кудзиан. — Æз та ма йæ ской хъавыдтæн, фæлæ дæм мæ ныфс никуы бахастон. Быдыгойæн йæ хъуыр ахгæдта æмæ сдзурын йæ бон ницуал бацис, афтæмæй Кудзианы æрбахъæбыс кодта. Сæ гуылтæ æрдæгхæрдæй сæм хæлиудзыхæй аззадысты сабитæ — ахæм дзы куы никуыма федтой. *** Фестъæлф-фестъæлфгæнгæ фæхуыссыд уыцы æхсæв Рая: сæумæйæ хъуамæ йæ цард-цæрæнбонты фыццаг хатт араст уа дард балцы, æцæгæлон Цæлыкмæ; кæстæрты сусæгæй йын ахæм зæрдæ бавæрдта изæрæй Баба. Бæргæ йын бафæдзæхста, уыдонæн æй ма схъæр кæн, зæгъгæ, фæлæ сын ма аппæла, уыйас хъару йæм нæ разынд. Æмæ уыдон дæр сагъуыдысты. Æмбаргæ йын цы кæнынц, фæлæ æнæхъæн къуыри Цæлыччы кой хъусынц. Æртæ хатты дзы æрбаласта æртыгай-цыппæргай голджытæ Быдыго, æмæ æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ рæвдз æрбауæй вæййынц Кудзианæн. Раст та ма куыд нæ у фыдæлты æмбисонд: цалх кæй дуарæй батула, уыцы хæдзарæн фесæфынæй тас нæу. Цæлыкмæ... Цæлыккæй... Иугæр куы бацыбæл сты, уæд ма сын æнæ зæрдæ бавæргæ кæм уыди: ласгæ дæр сæ акæнид бæргæ: цастæ уаргъ сты гогызы цъиутау хæрæгæн, фæлæ бафæлмæцдзысты, стыхсын æй кæндзысты. Æниу ын хъал дæр ницы хуызы рауыдзысты бонивайæнты, сæ тæккæ адджын фынæйæ сæ ныууадздзæн. Стæй йын цымæ цы æнхъæл сты, Цæлыкк, зæгъгæ, куы фехъусынц, уæд? Кæд цыфæнды мæгуыр æрæййæфтæ сабидуг, уæддæр тæхудиаг у. Быдыго куыддæр базмæлыд, афтæ йæ сынтæгæй рагæпп кодта Рая дæр. — Фехъал дæ, Бабайы чызг? Æмæ скъоламæ та? — Хуыцаубоны исчидæр ма скъоламæ фæцæуы? — йæ цæстытæ æууæрдгæ ныддис кодта саби йæ фыды фарстыл. — О, хæдæгай, абон æцæгдæр куы у хуыцаубон. Марадз, уæдæ, Бабайы хорз чызг, дæхи ахс æмæ исты ахæр, æз цалынмæ Яшæйы ифтындзон, уæдмæ. Уæрдоны цæхгæрмæ бадæн фæйнæгыл йæ бæмбæджджын дæр ма æрытыдта Быдыго, бæмбæджджыныл — афтид голджытæ, æмæ фæрсæй-фæрстæм бабадтысты фыд æмæ чызг. Йæ мады тæбын кæлмæрзæн гуырæлхынцъæй фыццаг хатт дард балцы араст Рая. Кæртæй рахызтысты æмæ цæлхыты къуыр-къуыр ссыди сосайы дуртыл. Нæдæр фистæг, нæдæр барæг, нæдæр машинæ змæлæг ис фæндагыл, бæстæ бонивайæнты сабыр æмæ дзы дардмæ хъуысы цæлхыты уынæр. Соса цанæбæрæг лæгъз у æмæ дыууæйæ дæр фесхъиу-фесхъиу кæнынц, цæлхытæ дурнымайгæ куыд тулынц, афтæ. — Дæ гыццыл къæдзилыстæг не схаудта, Бабайы чызг? — Нæ-ы. — Бæлвырдæй йæ зоныс? Чызг æм йæ хъоппæг цæстытæй скаст æмæ фæлмæн бахудти. Цымыдисæй фæлгæсы фæйнæрдæм. — Уазал дын нæу? — Нæ-ы. Æфсæнвæндагыл цæхгæрмæ ахызтысты. Шлагбаумы гæс разынди Быдыгойы зонгæ сылгоймаг. — Ацы сæумæйæ кæдæм ласыс дæ рæсугъд чызджы? — Бæстæтæ йын фенын кæнон. — Цæй хорз дын бакуымдта ацафон райхъал кæнын? — Æмæ мæн дæр ма уый куы райхъал кодта. — Бынтон сæрæн чызг ма разына? Уæд та бахæстæг кæниккам? — Уæ лæппу йæ фыды хуызæн фæныкгуыз куы разына, уæд мах ахæм сиахс ницæмæн хъæуы. Хæст куы ахицæн, уæд фыццагдæр чи сыздæхт, уыцы уæлахиздзаутæн Беслæны хъæугæрон, æфсæнвæндаджы фале радтой зæххы хæйттæ, æмæ чи паддзахады æфстауæй, чи йæхи хъаруйæ февнæлдта саманкъул халагъудтæ амайынмæ — уæдæ цы фæуой, хæдзар дæр чи нал сæййæфта æмæ бинонтæ дæр, уыдон; кæмæн срæвдз, кæмæн æрдæгамад. Сосайы фæйнæ фарс афæдзы æрдæгмæ фæзынд ног уынг — Уæлахизы уынг. Йæ кæройнаг хæдзары дæле куы фесты, уæд Быдыго уæрдон сосайæ надвæдмæ фæзылдта æмæ цæлхыты къуыр-къуыр банцад. Мартъийы донæмхæццæ миты фæстæ къæвда нæма уыди æмæ надвæдæн йæ рыг кæлы уæрдоны бынæй. Афтæ куы ахæсса, уæд та ацы аз дæр хус аз ма скæна. Æмæ уæд адæмæн се сæфт у, æндæр цы?! Кæм сæппæй, кæм сиргæйæ згъоры сосайы фарсмæ надвæдыл хæрæг. Тыгъд быдыры иу змæлæг нæй. Æрмæст фæсте кæмдæр райхъуыст маторы гуыв-гуыв æмæ уайтагъд сæ рæзты сосайыл гыбар-гыбургæнгæ æривгъуыдта уæзласæн машинæ, йæ авгыл схъазыдысты хуры фыццаг сырхбын тынтæ. Хæрæг йæ даргъ мукъутæ размæ раивæзта, цæстызулæй машинæйы ’рдæм ракаст æмæ шофырæн цыдæр фæдзæхсæгау йæ уасынæй бæстæ ныццарыдта, стæй цыма фæсте кæй аззад, уый йæм худинаг æркаст, уыйау йæ сæппыл бафтыдта. Зилгæйы сæрмæ уæлмæрды къуыбыртæм схылд фæндаг. Уæлмæрды быгъдæг бæрзонддæр бæлæсты къалиутыл — æвзалыйы къуыбæрттæ. — Уæлæ-ма, Баба, уыдон та цы сты? — бацымыдис. сывæллон. — Сауцъиутæ, Бабайы карк, уалдзæг æрхастой семæ, ныр мит рауарынæй тас нал у. Дысон æрбахæццæ сты æрмæст, нырма сын хæдзæрттæ дæр нæма ис. — Æмæ цы фæуыдзысты уæдæ? — Дард фæндагæй сæ фæллад куыддæр суадзой, афтæ тæккæ абон ахстæттæ кæнынмæ бавналдзысты. Хуры тынтæм æрыхъал уыдаиккой æви фыд æмæ чызджы ныхасмæ — цъиутæ иу къалиуæй иннæмæ пæр-пæр кæнын райдыдтой, æрмæст сæ стæхыны зонд никæмæ ис. Фæсус бæзджын хъæлæсæй уыдонæн дæр салам радта Яшæ æмæ къуыбыры рагъыл æрхызт, хъæуы ’рдæм фæуырдыг кодта. Хъæуы астæуты та сосайы дуртыл ссыд цæлхыты гыбаргыбур. Уыцы гыбар-гыбурæй тыхсгæ кæны Быдыго æмæ куыддæр амал фæвæййы, афтæ хæрæджы надвæдмæ фездахы. Цæсты дзагæй фæлгæсы фæйнæрдæм Рая. Иу хæдзарæй иннæйы æхсæн — æнæкæрон цæхæрадæттæ, сæхимæ, Беслæныхъæуы та хæдзæрттæ — æмкъул, къуындæг. Хъæуы уынгты дзæвгар куы бауадысты, уæд иу фисыныл уæрдон æрурæдта Быдыго. — Нæ донгарз байдзаг кæнæм. Йæ фæдыл æрхызт Рая дæр. Дæлбылгонды, хæрисы рæбын къардиуы — доны кул. Хæстæгдæр æм куы бацыдысты, уæд Рая федта: суадоны бын цалдæр раны пæлхъ-пæлхъæй æнхъизы, дон кæм гуыры, уым змис фæйлауы, нарæггомау тæдзæныл æддæмæ згъоры æмлæгъз тъæпæныл. Суадонмæ бацæуæны-стыргомау дуртæ. Быдыго йæ къухтæ дуртыл æрæвæрдта, йæ уæз сыл æруагъта æмæ суадоныл ныддæлгом, адджынæн дзы нуазы. Йæ сæрыл схæцыд, нынныхъуырдта æмæ та дзы ногæй нуазы. — Фен ды дæр, Бабайы карк, зилгæйаг дон. «Цы мын æй уынын кæны — дон æмæ дон, морс, мыййаг, куынæу». Уæддæр йæ фыды фарсмæ æрзоныгыл кодта æмæ йæ къух доны атъыста. Мæлæты уазал у. Анызта дзы æмæ йын дон йæ дæндæгтæ срæхуыста, фæлæ йын дзы уæддæр Бабайау бафсис нал и, нуазы æмæ нуазы — æнахуыр хæрзад разынди. — Фæцыд дæ зæрдæмæ? Разыйы тылд бакодта сывæллон йæ сæр, уæлбылмæ куы сцæйхызтысты, уæд ма фæстæмæ фæкаст: донвæды фæйнæ фарс цъæх-цъæхид дары ногдзыд кæрдæг; чызг æрызгъордта, йæ дыууæ гыццыл армыдзаг ма фелвæста суадонæй æмæ йæ анызта. — Яшæйæн дæр дзы бадар. — Яшæ йæ боны хардз нæхимæ бануæзта. Фæлтау æй мæнæ ног хорæй бабуц кæнæм. Быдыго йæ дзыппæй хæрынкъа систа, хæрисæй суадоныл æрæндзæвынæввонг цы цалдæр уисы æрзæбул, уыдонæй иу ралыг кодта, цæмæдæр гæсгæ йын йæ лыгмæ сæсмыста. Хæрисы къуыбар уыд нытътъæппæввонг. — Абон ын сыфтæр æнæ рафтаугæ нæй,— йæхицæн дзурæгау загъта Быдыго. Мæлæты цин ыл бакодта хæрæг, йæ къæдзил дыууæрдæм сцырын, афтæмæй йæм йæ былтæ æрбаивæзта. — Хорз, Яшæ, хорз; ды ам минасыл куы схæцай, уæд бон махмæ нæ кæсдзæн, нырма нæ дзæвгар ауайын хъæуы. Уæрдоны куы бабадтысты, уæд суадоны уæлбыл фисыны хæдзары кæртæй рахызт схъæлрихи зæронд лæг нымæт худы, йæ уæлæ хуызивд æфсæддон хæлаф æмæ хæдон æнæ ронæй, хæлафы фадгуытæ цыбырхъус фæсмын цъындаты тъыст, йæ къæхтыл — ирон дзабыртæ, йæ къухты — халамæрзæн æмæ саго,й. — Дæ райсом хорз, Гæдза,— сдзырдта йæм Быдыго. — Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд,— лыстæггомау хъæлæсæй дзуапп радта зæронд лæг. — Уыцы дзæбæх чызг та дын кæм уыд? — Стыр базары йыл аслам аргъæй бамбæлдтæн æмæ йæ балхæдтон. Рая ныфсæрмы. «Сайгæ кæны Баба, базары мæ нæ балхæдта», зæгъгæ, йæ фыдыл комдзог рацæйцыди, фæлæ нæ бауæндыд. — Уæдæ мæнæн дæр тæккæ иннæ хуыцаубоны æнæ фæцæугæ нæй базармæ,— худынц зæронд лæджы схъæл рихитæ, йæ цæсгомы æнцъылдтæ. — Æрбабад, Гæдза, кæд Цæлыччы ’рдæм у дæ арæзт, уæд. — Фæндараст фæут. Мæнæ, зæгъын, дæлбылы хæмпæл куы басудзин, науæд уыцы æнаив у тæккæ ракæсæн. Хæрæг базмæлыд. Размæ бæргæ цæуы, фæстæмæ та йæ зæрдæ æхсайы — хæрисы уымæл тæф йæ былтыл уайы, æмæ сæр фæрсырдæм хæсгæ сиры. — Рох мæ нæ дæ, Яшæ, æрмæст размæ кæс, науæд фæкæлын дæр зоныс,— къалиу æм бадардта Быдыго. Хæрæг бæлвырд фæхъæлдзæгдæр, къалиу æууилгæ йæ цыдыл бафтыдта. Дæлбылты-дæлбылты, Хуымæллæджыдоны зæронд фæд кæуылты ахаста, уым цъымарадзастæй лæууы, кæронæй дзы æнхъизынц цалдæр суадоны. Йæ заманы дон кæуылты калд, уый бæлвырдæй амонынц рагон пыхцыл хæристæ — йæ кæддæры былтыл. Хурмæ тæмæнтæ скалдтой мæзджыты æфсæн цъуппытæ, фæндаг йæ рæбынты баиу сосаимæ æмæ та ногæй цæлхыты къуыр-къуыр ссыдис дуртыл. Хуымæллæджыдоны сæрты хидыл бауад уæрдон æмæ та сосайæ уынджы астæуты надвæдмæ фæзылд рахизырдæм. Хъæугæрæтты-хъæугæрæтты уайтагъд дыккаг хидмæ схæццæ, Цæлыччы къанауы сæрты ахызт. Къанауы уæлбылты цасдæр куы бауад, уæд Зилгæ фæаууон, кæмдæр чъылдыммæ аззад дæлбылы. Разæй — æнæкæрон тыгъд быдыр, дард кæмдæр, арв æмæ зæхх кæм баиу сты, уым зынынц фæлурс кæрдæгхуыз къуылдымтæ — хуссарвæрстæм хур комкоммæ кæм кæсы, уым бæрæг-бæлвырд раздæр фæхæцы кæрдæг, ныфс æвæры дардмæ дæр: ницыуал та нын уыдзæн, аирвæздзыстæм; иугæр пысыра фæзынæд, уый йеддæмæ нæ стонгæй мæлын кæд нæ бауадзид. Хæрисæфсæст Яшæ уыцы æнæзивæгæй уайы æмæ уайы; хъæуæй куы раивгъуыдтой, уæдæй нырмæ къанауы уæлхæрды дæр йæ сæпп нæ фæсабыр кодта. Фæндаджы фæйнæ фарс — быгъдæг быдыр, иу къудзи, иу бæлас никæмæй зыны, æрмæст дзы уыцы æмвæтæнæй саст æмæ ссæстæй лæууынц нартхоры хæтæлтæ, хъомвос æй фæззæгæй уалдзæгмæ фессæстой, æвзаг цæуыл фæхæца, уый дзы нал баззад, уæддæр ыл бон-изæрмæ зилдух кæнынц; кæддæр цъæх дардта æмæ тархъæдау бæзджынæй лæууыд, уый нæ уырны адæймаджы. Æмæ Быдыгойæн ныфсæвæрæгау разæй разынди фæззыгæнды тъæпæн, цæрдхуыз æмæ райдзаст, кæд фадхъулмæ дæр нæма схæццæ, уæддæр æй сæрвасæнæй фасæгау уылæнгай фасы сæууон рог дымгæ. — Табу дæхицæн, не сфæлдисæг иунæг цытджын Хуыцау! Æгæр диссаг сты дæ диссæгтæ — дæтгæ цас кæныс, исгæ дæр уыйас. Дард кæцæйдæр æрбайхъуысы æмæ бамынæг вæййы, æрбайхъуысы æмæ бамынæг вæййы тракторы уынæр. Фæсте аззад фæззыгæнды хуым. Ногæй та нартхоры хæтæл, ноджы ссæстдæрæй, ноджы пырхдæрæй, фæсалы мур дзы нал ныууагътой фос, æвзагæй сдæрæгау æй бакодтой. Цалхвæдтæ бæрæг кæуылты дарынц, ууылты фæзылдта хуымы астæумæ хæрæджы Быдыго. Иуцасдæр куы бауад, уæд æй æрурæдта, уæрдонæй æрхызт. — Æндæрæбон дæр ам æркъахтон, арæхджындæр нал ссардзыстæм æмæ ма цы дардмæ цæуæм. Хæрæджы уæгъд кæнынмæ бавнæлдта. — Æмæ Цæлыкмæ нал цæуæм, Баба? — Цæлыккæн йæ бæстастæу стæм, Бабайы карк. Ды та йын цы æнхъæл уыдтæ, цымæ, Цæлыкк, зæгъгæ, уæд? Æнæууæнкхуызæй фæйнæрдæм афæлгæсыд Рая. Æнæхъæн къуыри хæдзары Цæлыччы кой йеддæмæ ницы уыд — «Цæлыччы куы нæ æрзайа, уæд...», «Цæлыкк куы нæ фервæзын кæна, уæд...», «Цæлыкмæ æнæ фæцæугæ нæй...» æмæ йæхи æрцæттæ кодта диссаджы галуанджын бæстæ фенынмæ. Ам та — дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр быгъдæг быдыр, саст, над æмæ ссæст нартхоры хæтæл цыдæр сау къæцæлимæ æмхæццæйæ. Змæлæг, цъиутæхæг дзы нæ зыны, æрмæст тракторы уынæр куы хъæрдæрæй, куы мынæгдæрæй. Фæфыдæнхъæл. Нæ, уæддæр абон исты диссагæн æнæ æрцæугæ нæй: йæ зонд æй цас нæ ахсы, уыйас æй зæрдæйæ æмбары. Ау, афтæ дзæгъæлы уыдаид йæ цин, афтæ ницæй номыл ныууагъта йæ хъарм хуыссæн æмæ афтæ дзæгъæлы рараст уыдаид дард балцы фыццаг хатт? Нæ, уымæн уæвæн нæй; диссаг разæй кæмдæр ис, йæ гыццыл зæрдæ йæ зоны. Хæрæгæн йæ хамут æмæ йæ саргъ райста Быдыго æмæ йæ бозийæ рæтæнагъды рæбынмæ бабаста. — Искæдæм куы адзæгъæл уай, Яшæ, æндæр дзы, дæндаг цæмæй асхъауай, ахæмæй ницы ссардзынæ. Сау къæцæлтæ арæхдæр кæм уыдысты, уым бел æрсагъта æмæ зæхх сфæлдæхта Быдыго. Иудзæвгар дзы скалд ставддæрлыстæгдæр фæлурс сырхбын хуыскъæлтæ. — Марадз, Бабайы карк, хохаг кæрдотæ дын. Рая адджын хæмц-хæмцыл схæцыд. Ахордта дзы Быдыго йæхæдæг дæр. Замманайы сатæг. Дæхи тынг баууæндын кæн, уый йеддæмæ дæ æцæгдæр бауырндзæн, кæрдо кæй хæрыс, уый. — Сæ бынтон стæвдтæм.сын дзæгъæлы хъавыс — стæгджын сты. Йæ рæстæмбис æппæтæй аддйсындæр у. Белгом белгомы фæдыл калы Быдыго. Хуыскъæл хауд æнахуыр сыгъдæгæй, иу сыджыты мур ыл нæ хæцыд. Уыцы уазал. Зæххæн йæ салд раджы ссыд, фæлæ йæм нырма кæд æмæ кæд бахъардзæн хуры хъарм. Кæд дзы фаг зæрдæцъæх уыд Рая, уæддæр æм ногкъахт хуыскъæл æнахуыр хæрзад фæкасти. Йæ мондæгтæ дзы куы суагъта, уæд уидзынмæ бавнæлдта æмй къæрта уайтагъд айдзаг. — Кæс-ма, дæ хорзæхæй,— раппæлыд дзы Быдыго. — Ахæм æххуысгæнæг разындзынæ, уый куы зыдтаин, уæд ныронг дæр иунæгæй никуы рацыдацн. Голладжы ком къæртайыл æрфæлдæхта æмæ йæ бавгæдта. Стæй уæд йæхæдæг дæр уидзынмæ бавнæлдта. — Йæ бынтон лыстæджытæ йын уадз, сæ фыдæбоны аргъ не сты. Ставд дæр дзы мах фаг уыдзæн. Авд къæртайы. Аст къæртайы. Мæлæты зын дзаггæнæн у бур голлаг. Хур дзæвгар суади, аууоны кæм балæууай, уый нæй, æмæ йæ тынтæ æнахуыр æлхыскъгæнаг сыгъд кæнынц. Йæ гуырбаст кæлмæрзæн райхæлдта Рая æмæ айдагъ къабайы буар æхсызгонæн сулæфыд. Йæ къурткæ раппæрста Быдыго дæр æмæ афтæмæй кусы. — А, Яшæ, Хуыцау гуыбыны тæригъæдæй лæвæрдта, æмæ дæуæн,— къæртайы æмбис хуыскъæл æркодта хæрæджы раз. Уый дæр зыхъхъырдæндагæй мырт-мырттыл схæцыд. Стæй уæд йæ сæр бæрзонд систа, арф сулæфыд æмæ хъыррыстгæнаг æнæсæрст абухын ныццарыдта быдыр. — Хорз, Яшæ, хорз! Дæсны уасыс, фæлæ йæ æгæр æнахъинон даргъ ауадзыс. Цас у дæ амонæн? Дыууадæс? Æви æмбис? Æмæ та бæста ныссабыр, æрмæст кæмдæр фæсуæлвæз куы хъæрдæрæй, куы мынæгдæрæй æрбайхъуысы тракторы уынæр. Сывæллон æруæзбын æмæ йæ Быдыго фæфиппайдта. — Бафæлладтæ, Бабайы карк? — Ницы бафæлладтæн. Фæллайгæ цас нæ бакодта, уыйас ыл хуыссæг æртыхст, фæлæ йæ схъæр нæ уæнды, уæд æй иннæ хатт куы нал ракæна йемæ. Кæнгæ та йæ хъуамæ ракæна, дзæгъæлы дзы, мыййаг, раппæлыд, хорз æххуысгæнæг мын разындтæ, зæгъгæ. — Æз дын ныртæккæ ахæм хуыссæн бакæндзынæн, æмæ дын нæхимæ дæр чи никуы уыд. Гуыффæйы бæмбæджджын æрытыдта, армæй йæ æрлæгъзытæ кодта. — Мæн аууоны фæнды уæрдоны бын. — Уæрдоны бын хуыссыны фаг нæма стæфсти зæхх, суазал уыдзынæ. Ма тыхс, аууон дæр дын уыдзæн. Æрхуысс афтæ, Бабайы карк. Хуры тæвдæй хъарм бæмбæджджыныл атымбыл Рая. Быдыго йыл кæлмæрзæн æрæмбæрзта. — Мæнæ дын уый та аууон,— сывæллоны сæрты гуыффæйы иу фарсæй иннæмæ байтыгъта йæ къурткæ. — Æмæ дæу нæ ахсы хуыссæг? — Ахсæв та ма мын чи хуысдзæн? Æз дæр ма иугыццыл акъахон, æмæ мæнæ уæрдоны рæбын голджытыл мæ фæллад суадздзынæн. Хæрын дæм нæ цæуы? — Нæ-ы,— уæдмæ йæ цæстытæ ацъынд сты, афтæмæй йæ сæр батылдта сывæллон. Быдыго уæрдоны цурæй рацыд æмæ бел æрсагъта, фæлæ йæ зæрдыл æрбалæууыд: хæрæг сывæллоны тæккæ хъусы куы ныууаса, уæд йæ мидфынæйæ фæсонт уыдзæн. Хæрæгыл рахæцыд, дæрддзæф æй акодта æмæ йæ дзылар йæ къæхтыл сахсæнæвæрдæй ныууагъта.
![]() |