Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 27 часть



Уæлæ ноджыдæр ма дыууæ æндæрджы. Дзæгъæлы нæ сарæх сты ацы тыгъдызæйы; аргъæвæн кæмæн ис, ахæм хъуыддаг сæ кæм тæрдзæн размæ. Цæстызулæй Барисмæ бакастæн; йæ цæсгомы хъуынтъызæй бæрæг у: æнæбары цæуджытæ сæ фæндаг кæдæм дарынц, уый йын дызæрдыггаг нæу.

Машинæ нæхи тигъыл фæзылди. Уæлæ нæ дуармæ цалдæр адæймаджы зынынц къæвдайы фæлмы. Раст мæм ацы тæккæ ранæй разындысты мæрддзыгой дæс æмæ дыууиссæдз азы размæ мæ фыды ныгæнæн бон, раст ам ныссагътон мæ зæвæттæ æмæ ардыгæй нал куымдтон нанайæн размæ.

Архайын, мæхи хъарын, фæлæ йæ мæ бон æрхъуыдыгæнын нæу: нæ дуармæ куыд схæццæ стæм, машинæйæ куыд рахызтæн, кæртмæ куыд бацыдтæн. Уаты кæй баййæфтон, уый дæр нал равзæрстон; цæссыгтæ афтæ бæзджынæй ныссæххæтт ластой, æмæ мæм ницуал зынди. Богъ-богъгæнгæ ныддæлгом дæн Бабуйыл æмæ йæм мæхи нылхъывтон:

— Уæ, Бабу, цæй тагъд бакодтай, куыд нал мæм банхъæлмæ кастæ — сахат дæр æххæстæй куы нæ бафæстаит дæн? Цæмæн мæ иунæгæй фæуагътай, куыд ма цæрдзынæн ныр æнæ дæу?! Цæуылнæ мæм банхъæлмæ кастæ, дæ фæстаг фæдзæхст мын цæуылнæ загътай?!

— Уæ, мæ фæрстæ дын æрбайхæлой, мауал уайдзæфтæ кæн дæ мæгуыр мадæн, мацæмæйты уал æй дом, æнæ мадæй дзы баззайай! — райхъуыст мæ чъылдыммæ устытæй кæйдæр хъарæг. — Дæуæн тæригъæдгæнгæ куы нæ бакуымдта удхæссæгæн йæ уд дæ цуры раттын, уымæй дæр дыл куы бацауæрста, уæд ма йæ цæмæйты домыс, йæ фæдыл дзыназгæ баззайай!

Устыты богъ-богъæй уаты къултæ ризæгау кæнынц. Чидæр мын мæ цонгыл ныххæцыд æмæ йæ аиваз-аиваз кæны, фæлæ æз атонын нæ комын.

— Уæ, Бабу, куыд ма фæцæрдзынæн æнæ дæу, кæмæн мæ ныууагътай?!

— Асайдта дæ, асайдта, дæ мæгуыр Бабу, дзæгъæлы йын сывæллойгæсау æнæхъæн афæдз хъахъхъæнæг фæбадтæ, уæддæр æй удхæссæгæй бахъахъхъæнын куы нæ бафæрæзтай! — йæ хъæлæсæй базыдтон Римæйы. — Ныр мын Хуымæллæджы скъолайæ дæ къæхтæ æрдæгсалдæй куы схæссай, уæд ма дæм чи загъд кæндзæн æмæ дын дæ донласт цъындатæ пецы уæхскыл чи хус кæндзæни, мæ фæрстæ дын æрбайхæлой!

— Уæ, Бабу...

— Акæн æй, Барис, æддæмæ, цалынмæ зæрдæскъуыдтæ нæ фестæм, уæдмæ.

— Бауадзут æй, йæ бирæ зæнæг ын, мыййаг, куы нæ æрæхсдзысты сæ дудгæ цæссыгтæй йæ мæрдон фæндаг.

Мæ дыууæ уæхскыл мын схæцыд Барис:

— Фæуром дæхи...

Сарамæ рацыдыстæм. Сыхы лæгтæ дзы иууылдæр æмбырдæй разындысты, семæ — нæ мыггаджы хистæр Алимырза. Тæфæрфæс мын ракодтой. Мæ хæкъуырццæй куы фенцадтæн, уæд Алимырза мæ цуры æрлæууыд:

— Рухсаг уæд дæ мад. Раздахæн.ын нал ис. Зйаны хабæрттæ та бирæ сты æмæ рæстæг зынаргъ у. Фыццаджы-фыццагдæр — хъæргæнджытæ. Куыд сæ арвитæм: кæд æфснайæм, зæгъдзысты, зиан?

Æвиппайды йын дзуапп раттын мæ бон нæу æмæ æдзæмæй лæууын. Уæдмæ ныл иннæтæ дæр æрбамбырд сты.

— Райсомы тыххæй цы зæгъдзынæ? — нæуæндонхуызæй йæ ныхас æрбаппæрста Мырза.

— Райсом?.. — мæ сæр дзæбæх нæма кусы æмæ ныхъхъуыды кодтон. — Куы нæ срæвдз уæм райсоммæ. Стæй æгæр тагъд нæ уыдзæни райсом?

— Тагъд дæр куыннæ, фæлæ... — сдзырдта Алимырза æмæ фæхъус; цыдæр зæгъинаг ма уыд, фæлæ йæ нал загъта.

Ахæм заман ирвæзынгæнæгæй уæлдай нæу Барис:

— Иннæбонмæ дæр æй цæмæ æргъæвут, нæ зонын. Адæмыл дæр ахъуыды æмбæлы: абон цæуынц, райсом цæудзысты, стæй иннæбон дæр та?

— Уый дæр у, фæлæ мæнæ йæ фырты куыд бафæнда, афтæ бакæнæм,— загъта Алимырза. Ихæнриз мыл бахæцыд, уымæ фæкомкоммæ — райсомæй айдагъ цыбырдыс хæдоны æмæ бæгъæмсарæй ацыдтæн æмæ бынтондæр ныххуылыдз дæн. Мæ чъылдыммæ чи лæууыди, уыдонæй кæмæдæр адзырдта: — Марадз-ма, йæ уæлæ цы скæна, уый йын рахæсс.

Иууылдæр мæ уынаффæмæ кæсынц, уый бамбæрстон. Æгæр тагъд та ма куыннæ у райсом, фæлæ Барисы ныхас дæр раст у — цæмæн хъуамæ уæлдай фæлмæцыд кæной адæм? Æмæ мæхи фæхъæддых кодтон:

— Иннæбон дæр ма йæм, райсомæй уæлдай, дард бæстæтæй йæ бирæ æфсымæртæ æмæ цот, мыййаг, æрбахæццæ уыдзысты? Фæлæ райсоммæ куы ницæмæй срæвдз уæм, уымæй тæрсын.

— Æмæ иннæбонмæ арахъ рауадзинаг дæ? — ныхас та фæхъæбæрдæр кодта Барис. — Тæккæ стырдæр сагъæс æргæвдинаг æмæ нозт вæййынц. Уыдон та дын райсом дæр æмæ иннæбон дæр æлхæнгæ сты. Иннæ лыстæг хабæрттæн дæр амал уыдзæни Хуыцауы фæндæй.

— Разы дæ? — бафарста мæ Алимырза.

— Сымах куыддæриддæр фæнды, афтæ.

— Уæдæ нæм æххæст хъæргæнæг кæмæ фервитгæ у, уыцы номхыгъдтæ саразынмæ фæкæс: дæхæдæг сæ хуыздæр зоныс; æцæг макæй ферох кæн. Ахæм заман хъæстагæй æмæ къæмдзæстыгæй бирæтæ баззайынц.

Сыгъзæрин фестæд сыхаг раттæг Хуыцау: хабæрттæ иууылдæр сæхимæ айстой сыхбæстæ; Рамазан — сæ уынаффæгæнæг, кæрт ын йæ бар бакодта Алимырза.

Сарайы аууон лæууын кæртмæ тæккæ бахизæны дыууæ фыртимæ. Адæм иугæйттæй æмæ къордтæй цæуынц æмæ цæуынц, тæфæрфæс мын кæнынц. Хъæддых фæлæууыныл мæхи бæргæ хъарын, фæлæ сылгоймæгтæ хъарæггæнгæ мæ разы куы æрлæууынц æмæ мыл сæхи куы æрбауадзынц, уæд марадз æмæ æнæ скæугæ фæлæуу. Сылгоймæгтæ мидæмæ, Бабуйы цурмæ баивгъуыйынц, нæлгоймæгты та къæвда уайтагъд сарамæ батæры. Бæллæх у æмæ бæллæх, уымæй уæлдай куы нæ фенцайа, уæд. Зианæн ахæм бон куы скæны, уæд мæрдджынæн дыууæ зианы хуызæн вæййы. Дон ныридæгæн зæххы нал хъары; ау, афтæ тагъд афсæстаид æнæхъæн мæйæ фылдæры дæргъы уыцы дзæгæрæг хурбонты фæстæ? Мæй цæмæн, мæй...

Мæ хъуыдытæ мын æрбаскъуыдта Мырза. Уæдæй нырмæ сарайы рæбын сыхы иннæ лæгтимæ къордæй цæуылдæр тæрхон кæнынц. Цæуылдæр, зæгъгæ, бирæ уыдзысты сæ сагъæстæ: æргæвдинаг кæм агургæ у? Цыхт кæцæй æрбаластæуа? Ингæнкъахæг чи ацæудзæн? Нозт æнæсайддæр кæм разындзæн? Цал æмæ цал сты: кæрон дæр сын нæй. Мæ къухыл мын ахæцыд Мырза æмæ мæ сæ къордмæ акодта.

— Сылгоймаг æфсинтæ дæ чи фæнды? — бафарста мæ Барис.

— Омæ уыдæтгимæ та мæн цы хъуыддаг ис? Уæхæдæг сæ мæнæй хуыздæр куы зонут, сыхы мидæг кæй бацагурынц, уыдоны.

— О, бæргæ йæ зонæм: Мими æмæ нын Бабу уыдысты æдзухдæр агуырд æмæ ма сæ мæрдтæй æрхонæм уæларынг балæууынмæ? Ссардзыстæм æфсинтæ дæр, фæлæ дын дзы исчи нæвæндон куы разына, мыййаг, цы нæ вæййы.

— Гъемæ, кæд мæ фæндонмæ у каст, уæд Терезæйæн зæгъут æмæ хистæр къæбæргæнæг фæлæууæд æмæ йæ кæй фæнды, уыдоны йæхæдæг бацагурæд æмбалæн. Æцæг дзы Ханиффæ куыд нæ уа, афтæ.

Мæнæй йæ хуыздæр зонынц, Ханиффæ мын фæндон цæмæн нæу, уый, æмæ мæ фæрсгæ дæр нæ бакодтой, цæуылнæ, зæгъгæ. Кой дзы райхъуысти, йæ лæг куы амарди, уæд, дам, ын, цалынмæ ничима фæзынди, уæдмæ йæ сыгъзæрин дæндæгтæ йæ комæй фелвæста. Мысгæ йыл æрчындæуыдаид, науæд сылгоймагмæ нæ, фæлæ нæлгоймагмæ дæр разына марды комæй дæндæгтæ рафтауыны ныфс, уый мæ нæ уырны.

Кæд сын дзæгъæлы бафæдзæхстон, уæддæр бæрæг нæй, чи зоны йæ сæхæдæг дæр нæ бацагуырдтаиккой, фæлæ Ханиффæмæ иу æдзæсгом миниуæг ис: агурæг æй нæ вæййы, афтæмæй фæтъыссы æфсинтимæ йæхи. Ныр æм мæ ныхас куы фæхæццæ уа, уымæй дæр бæрæг нæй. Фæхæццæ йæм уæд, æрмæст Бабуйы хæрнæггагмæ йæ къухæй ма бавналæд.

— Йед та... — фæкъуызгæ Мырза. — Уæртæ оркестры кой кæнынц æмæ...

— Уый та ма цавæр оркестр у?! — æгæр фæхъæрæй мæ ныхас. — Кæд мын Германы хæстæй цæнкуыл афицерæй нæ сыздæхти. Чи мыл худа, уый-иу фæхудæд, йæ мады мардæн йæ цæст оркестр нæ бауарзта, зæгъгæ. Зæронд усæн оркестр куы ’рцæгъды, уæд мæнмæ та хъазинаджы хуызæн фæкæсы ахæм мард. Мæ мадæн нæ, фæлæ мын-иу мæхицæн дæр ма ’рцæгъдын кæнут. Æххæст ма митинг дæр куы зæгъиккат...

— Омæ марды уæлхъус фыдæлтæй баззад...

— Цавæр митинг баззад фыдæлтæй, мардæн-иу фæндараст загътой, æндæр? Митинг! Цæуыл митингтæ аразут, ирон адæм, цавæр хæрзтæ уыл æрцыди? Мæнæ уын кæд майдантæ байуара паддзахад, уæд-иу саразут стыр митинг.

— Раст у,— мемæ сразы Мырза. — Раст у — мæнмæ дæр æнæфенд хабар кæсынц цы оркестр, цы митинг.

Кæм лæууыдтæн, уырдæм, кæртмæ бахизæнмæ рацыдтæн фæстæмæ. Мæй цæмæн, мæй?. — ахæццæ кодтон дарддæр мæ хъуыды. Сусæны æртындæсæм бон — мæ зæрдыл хорз лæууы — æрластон Бабуйы Зилгæмæ, ныр та у хорфыцæны аст æмæ ссæдзæм бон. Æнæхъæн мæй æмæ æрдæг. Æмæ уыцы мæй æмæ æрдæджы дæргъы уæларвæй иунæг æртæх куы нæ æрхауди, уæд сæ абонмæ æмбырд кодта? Æвæццæгæн, абонмæ, æндæра арвæй иу рухсы цъыртт куы никæцырдыгæй кæлы æмæ дзы ракæлинаг дæр куы нæ у, уыцы æнгом хъуынтъызæй куы лæууы, æнауæрдонæй куы калы æмæ калы. Фæлтау утæппæт хурбонтæй иуыл абонмæ куы фæцауæрстаид адæмы удæнцойæн. Ноджы ма Бабу ацы хæдзармæ æрцæуынæй цалынмæ йæ къахыл лæууынæн уыди, уæдмæ кæрт бæрзуисойæ мæрзыны куыст фæкодта æмæ фæдзыхъгомау, къæвдайы донбадæн дзы рауад.

Суанг изæрмæ нæ банцади уарын, суанг талынгмæ фæцыдысты хъыггæнæг адæм: Бабуйæ чи цы хæс дардта, уый бафидыны рæстæг ралæууыд. Куы банафон, уæд фæзынди Барис — сихорæй фæстæмæ йæ нал федтон, зианы хабæртты фæдыл кæдæмты ахæццæ уыдаид, мæгъа; цасдæр рæстæг мæ фарсмæ алæууыд æмæ загъта:

— Абон æрбацæуинаг чи уыди, уыдон æрбацыдысты, ацафон ничиуал фæзындзæн. Бакæсæм нæхимæ æмæ нæ фæллад суадзæм. Срæвдз сты хабæрттæ иууылдæр, мацæмæ æхсайæд дæ зæрдæ.

Дæ цæрæнбон бирæ уа, дæ цæрæнбон. Сыхы мидæг зиан æрцæуа æви дзы цины хабар уа — кæд иннæтæ дæр сæ сæртæ нæ бафснайынц, уæддæр уæз тынгдæр Барисыл æрæнцайы; йæ конд ахæм у — фæрсырдыгæй кæсын нæ зоны. Йе стырдæр сагъæс — иннæ сыхтæй æмæ æндæр хъæутæй чи æрбамбæла, уыдон хъаст ахæссыны бæсты фæлтау æппæлгæ æмæ хæлæггæнгæ аздæхой.

Къæвда æхсæвы дæр нæ банцади. Хуыссын, фæлæ хуыссæг æмгæрон кæм Цæуы, рафт-бафт кæнын сынтæджы. Аивгъуыдта Бабу, фæстаг æхсæв ма æрвиты уæлæуыл, райсом йæ æнусон хæдзарыл сæмбæлдзæн, йæ хуыссæн афтидæй аззайдзæни, наЛ- æй афæрсдзынæн: «Цæй, куыд дæ, Бабу?», йæ иудадзыджы дзуапп «Саджы лæппыны хуызæн» мын нал ратдзæни. Фæуагъта мæ. Фервæзт йæ удхарæй æмæ афонмæ æнæмæтæй хуыссы; мæхи сагъæстæй уæлдай уымæ чи хаудй, уыдон дæр ма ме ’ккойы æрбаппæрста. Уæд, цымæ, цытæ кæндзынæн æмæ куыдтæ арæхсдзынæн? Мæгуыр, дам, амæлæг. Мæгуыр дæр куыннæ, фæлæ йæ фжстæ хæдзары мидæг хистæртæн чи баззайы, уый дæр хъæздыгдæр нæу.

Тæдзынджыты цъыкк-цъыкк кæд дзæбæх хъусын, уæддæр мæ зæрдæ нæ фæлæууыди æмæ иуафон рабадтæн æмæ арвæй иу рухсы цъыртт æркæлыны, иу стъалы ферттивыны æнхъæлæй кæртмæ рацыдтæн. Куыннæ стæй! Уæлхæдзарыл, кæрты асфальтыл, бæлæсты сыфтæртыл æнæнцойæ хъуысы уарыны сыф-сыф; дымгæйæн йæ кой дæр нæй æмæ афтæмæй кæцырдæм феккуырсой дондæнгæл æврæгътæ?

Къæртайы цанæбæрæг зыланг мæ хъустыл ауади æмæ фехъал дæн; бæрæг у: Дзандарон йæ хъуццытæ дуцынмæ фæцæуы. Рабадтæн æз дæр. Хъуынтъыз бон йæхиуыл схæцын нæ фæразы, тарæй Лæууы, знон изæрмæ æмæ дысон куыддæриддæр уарыд, афтæ уары, бæстæ ныллæхъир, дон зæххы ахъарынæн нал у æмæ култæ-култæй баззади. Цæй уынгæджы бон уыдзæн мæрддзыгойыл дæр æмæ мæрдджынтыл дæр.

Сарамæ мæхи æрæнхъæвзынмæ бахызтæн æмæ Дзандаронимæ хæрхæмбæлд фестæм: сарайы æмкъул хъомдонæй рахызт æд æхсыры къæрта. Райсомхорзы бæсты йын мæ хъаст ракодтон:

— Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, бауырнæд дæ, — Дзандарон, мардæн къæвда кæнæ хъызт бон куы скæны, уæд мæрдджынæн дыккаг мард у.

— Уæдæ, уæдæ — бæстæ дон куыд фестади!

— Йæ цард куыд уынгæг уыди, йæ мардæн дæр ахæм уынгæг бон куы скодта, мæгуырæг.

— Ма йæ дæ зæрдæмæ хæсс: уый йыл Хуыцауы зæрдæ дæр суынгæг æмæ йыл цæссыг калы.

Уæдæ мын æниу цы хуыздæр зæгъа зæрдæтæ авæрынæй дарддæр?

Нæ ныхасмæ Барис дæр йæ уаты къæсæрæй ракасти, йæ цæст арвыл ахаста æмæ ницы сдзырдта, афтæмæй йæ сæр ныт-; тылдта.

Дыууæйæ фæраст стæм нæхимæ. Къæбæргæнæг æфсинтæ æхсæв-бонмæ фæцархайдтой æмæ сæ арынгтæ æфснайгæ баййæфтам. Нæ хæдфæд зынын байдыдтой сыхбæстæ хистæрæй кæстæрмæ, лæппуты æмгæрттæ æндæр сыхтæй фæкæсынæввонг иударон дарæсты. Алкæмæн йæ куыст рагацау бæрæггонд у æмæ æнæ уæлдай ракæ-бакæйæ февнæлдтой. Æргæвдинагæн нæдæр кæрты, нæдæр цæхæрадоны ис æрфæлдахæн — цъыфæй азмæлæнтæ нæй — æмæ йæ сарайы хъуыддаг кæнынмæ бавнæлдтой.

— И? Ды та куыд зæгъыс? — æрбацыдысты мæм Мурикк æмæ Мырза.

— Цæмæи? — сæ ныхас цæуыл у, уымæн ницы æмбарын.

— Цæмæй куы зæгъай, уæд дæм фæйнæг арæх, стъарапилтæ фагæй фылдæр, шифер дæр — афтæ. Уынджырдыгæй дзы хæдзары æмкъул дæлбазыргонд куы ауадзиккам рæстæгмæ, уæд дæм куыд кæсид? Уæдæ цы фæуыдзысты адæм ацы къæвдайы — лæугæ дæр кæм кæндзысты æмæ рухсаг дæр кæм зæгъдзысты? Кæддаг агурыны бæсты. Стæй кæддаг цыфæнды фидар куы бакæнай, уæддæр доны уæзæй æрдзæкъултæ вæййы æмæ адæмы къæбутты тæдзын байдайы.

Æ, макуы мын амæлат, мæ сыгъзæрин æмгæрттæ! Уыцы катай ныр дыккаг бон мæ мардыл катайæ фыддæр куы у æмæ мæхи сæр куы нæ æрцахста, уæд æй сымах цæй хорз æрхъуыды кодтат?

— Шифертæн мацæмæй тæрс — æрмæст кæройнæгтæ фæфидар кæндзыстæм зæгæлтæй, æндæр иннæты хойын дæр ницæмæн хъæуы.

— Цытæ дзурут, цытæ?! Æгайтма æрхъуыды кодтат, уæ цæрæнбон мын бирæ. Цы боныхорзæн мæ бахъæудзысты хуыздæр та? Фæрсгæ та мæ цæмæ кæнут, уе ’рхъуыдыйæн аргъ куы нæ ис, уæд?

— Афæрсын æмбæлы уæддæр ахæм заман. Адæм се ’ппæт æмхуызон не сты: иуæй-иу мæрдджынæн йæ дуармæ фыхдур мингæйттæй амад æрæййафы, уæддæр дзы йæ цæст нæ бауарзы æмæ ингæны фаг дыууæфондзыссæдзы искæцæй ратоныныл скатай вæййы.

— Ахæм мæрддзæсты гуырысхо мыл искуы фестут æви?

— Нæ, фæлæ уæддæр...

Кæстæртæй цалдæрмæ фæдзырдтой — се ’ппæты зонгæ дæр нæ кæнын: лæппуты æрдхæрдтæ æндæр сыхтæй,— хъуыддаг сын бамбарын кодтой æмæ уыдон дæр рæвдзгомау февнæлдтой.

Тæдзынджытæ куы цыхцырæй ныллæууынц, куы цъыккцъыкмæ рахизынц, æрмæст сын банцайыны амал нæй.

— Марадз, ингæнкъахджытæ цæттæ сты,— мæ разы та æрбалæууыд Мырза. — Семæ абад æмæ сын дæхæдæг бацамон ингæны бынат.

Мæ рацыдмæ кæрты дуармæ амад фыхдуртæй гуыффæмæ скалдтой æмæ сæхæдæг дæр схызтысты; целлофан сæ сæрмæ байтыгътой, афтæмæй бадынц. Сæ уынаффæгæнæг — Биджелты Сослан — кæмдæр афæстиат æмæ уымæн дæр йе ’рбахæццæ машинæйы цурмæ, мæнæн дæр.

— Цал дуры сæппæрстат? — дзуры ингæнкъахджытæм хæрдмæ.

— Астыссæдз дуры, стæй ма дæс æмæ ссæдз та уæлæмхасæн: мыййаг, куы нæ сфаг уой.

— Æдзух уын фæдзæхсынæй баффæлладтæн: нымад астыссæдзæй фылдæр макуы æвæрут, — загъд самадта Сослан. — Æрдæттут уæлдай дуртæ!

— Уадз сæ, Сослан, уæд та ма не сфаг сты.

— Ды йæ мæнæй хуыздæр зоныс æви? — мæнырдæм фæци Сослан. — Æнхъæлыс, ауæрдгæ сыл кæнын? Фæлæ уæлдай дуртæ ингæны алыварс æдзæлладжы хосæн куы баззайынц къæхты бын, уæд дæм аив кæсы? Мæхи бар мæ уадз.

Нæ сæ ныууагъта æнæ раппарынгæнгæ, æмæ дуртæ кæцæй райстой, уым сæ фæстæмæ биноныг сæвæрдта. Æз дæр гуыффæмæ схизинаг уыдтæн, фæлæ мæ нæ бауагъта, кабинæйы мæ бабадын кодта.

Уæлмæрды нæхи Ермакы дæле равзæрстон бынат, æмæ ингæнкъахджытæ куыддæр дуртæ машинæйæ ракалдтой, афтæ хæдзармæ раздæхтæн.

Кæстæрты сæ тæккæ архайгæ æрæййæфтон дæлбазыримæ: хæдзары æмдæргъ уынджы ’рдыгæй цалдæр цæджындзы æрсагътой, рагъхъæдтæ сыл гæрзæй-гæрзмæ ауагътой, сарайы æфснайд стъарапилтæн сæ даргъдæртæ — æхсæз метры дæргъæнтæ — равзæрстой; ног хæдзар æрæмбæрзынæй дарддæр ницы бафтыд мæ къухы сæрддон-сæрддæргъы æмæ йæ рудзгуытæ гомæй куыд нæ лæууой, афтæ сæ цы дуртæй сæхгæдтам, уыдонæн сæ уæллаг фæлтæртæй цалдæргæйттæ фелвæстой æмæ стъарапилты æддаг кæрæттæ рагъхъæдмæ æрхостой, сæ мидæггаг кæрæттæ та сын рудзгуыты атъыстой; ныр чи стъарапилтыл фæйнæджытæ хойы, чи — шифер æвæры. Хуыздæр æрхъуыды нæ вæййы. Хъыг ма фæкæсæд Бабумæ, фæлæ мын бæлвырд фенцондæр. Хъыг дæр ын цæмæн хъуамæ уа, кæд æмæ, æвæццæгæн, ахæм хабæртты тыххæй фæзæгъынц: адæм зиан сæхимæ куы райсынц, уæд зианджыны рыст æмбис къаддæр фæвæййы. Уæдæ, æниу, ацы тыгъдызæймæ куы фæлæууой адæм, уæд мардæн дæр цастæ удыбæстæ уыдзæн?

Хæстæджытæ æмæ хионтæ æрбамбырд сты, кæрты дуары фæйнæ фарс лæууынц. Æндæр сыхтæй мæрддзыгойтæ дæр зынын байдыдтой.

Быгъдæг гом кæртыдуарæй чысыл рæбындæр къулрæбын æрлæууыдтæн, дыууæ фырты — мæ фæйнæ фарс. Ныр мын ардыгæй фенкъуысæн нал ис, цалынмæ мард рахæссой, уæдмæ. Мæрддзыгой дуармæ æрлæууынц, арфæгæнæг сын арфæ ракæны, уыдон — тæфæрфæс, æмæ уый фæстæ мæ цурмæ æрбацæуынц:

— Рухсаг уæд дæ мад. Сыгъдæджытимæ йын дзæбæх бынат скæнæд Дунедарæг.

— Рухсаг уæд Душинка. Фæразын хъæуы — æндæр гæнæн нæй...

Рухсаг уæд дæ мад, дзæнæты — йæ бынат, сымахыл та рæстаудæн кæнæд.

— Рухсаг уæд дæ мад...

Мæрддзыгойы сылгоймæгтæ цæссыгкалгæ куы æрбахизынц æмæ мæ сæ хъæбысы куы акæнынц — «Æ, мæ фæрстæ дын æрбайхæлой, ныр ма куыд цæрдзынæ æнæ дæ мадæй? Æрхъæцмæ дыл куы нæ хъæцыди»,— уæд мæхимæ æнахъом сидзæр æркæсын æмæ цæссыгтæ нал бауромын, хъæрæй ныккæуын; уыдон та мидæмæ, Бабуйы цурмæ, хъарæггæнгæ баивгъуыйынц; мæ хæкъуырццæй нæма банцайын, афтæ мыл иннæ къорд баузæлы æмæ та цæссыгтæ ноджы тынгдæр фемæхсынц.



Просмотров 1254

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!