Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 26 часть



Уынджы ’рдыгæй уаты мын бакодта хуыссæн Зарæ. Рудзынг зыхъхъырæй ныууагътон: исты уынæр куы ссæуа нæ кæртæй, уæд æй куыд фехъусон, афтæ. Рæдзæ-мæдзæ, фестъæл-фестъæлфæй мыл тыххæйты сбон. Цæсгом тагъдтагъд сæнхъæвзтон æмæ нæхимæ бауадтæн. Хуыссынц нырма бинонтæ дæр, рынчынгæстæ дæр. Хуыссынц, зæгъгæ, æд дзаумæттæ бакъул кодтой чи сынтæгыл, чи диваныл æмæ афтæмæй æрфынæйтæ сты. Æрмæст Бæди сагъды хуызæн бады Бабуйы цур ныллæг бандоныл, æмæ кæд бындзытæ нæма базмæлдысты, уæддæр рæстæггай æнгузы сыф батилы. Уатмæ куы бахызтæн, уæд мæм ракаст, фæлæ ницы сдзырдта, афтæмæй рынчыны ’рдæм азылди ногæй. Æз дæр æй ницæмæй бафарстон. Цы йæ фæрсон, нæ йæ уынын, мыййаг, мæхи цæстæй: хæрхæрæмхæццæ тыхулæфтгæнгæ хуыссы Бабу, æнæнцойæ хъæрзы уыцы сабыр хъæрзтæй. Алæууыдтæн æмæ кæртмæ рахызтæн. Æнæхъуаджы æдзæллаггæнæнтæ кæм фæскъуыммæ, кæм чъылдымырдæм хæссынмæ бавнæлдтон. Уæдмæ мидæггæгтæ дæр базмæлдысты.

Ивæг æй фæцис æмæ Бæди рæвдзгомау цыбыр къахдзæфтæй сæхимæ фæуайы.

Бæгуы æнуд бон та нæм æнхъæлмæ кæсы — бæрæг у йæ уагыл; хур нырма ныртæккæ сзынди, афтæмæй улæфæнтæ судзы ныридæгæн. Сæрд-сæрддæргъы цы нæ бантыст сæрдæн, уый йæ фæстаг къуырийы баххæстгæнинаг у, æвæццæнæн.

Рынчынфæрсджытæ цалынмæ нæ сарæх сты, уæдмæ мидæмæ бацыдтæн æмæ дæлфæдтырдыгæй бандоныл мæхи æруагътон. Уидыгæй нуазынæн дæр нал у Бабу: кæрдæйнаджы гæбаз агуывзæйы атъыссы чындз æмæ йын æй йæ былтæм æрлæмары. Цæссыггæ тыххæй уромгæ бадын рæмбыныкъæдзтæ уæрджытыл æнцойæ.

— Блусик... — йæ хъæрзынæй исдуг фенцад, афтæмæй иуафон сдзырдта рынчын.

Хæстæг кæмдæр уыдис лæппу æмæ йæ уайтагъд æрбахæццæ кодтой. Мæ бандон ын раттон æмæ æддæдæр алæууыдтæн.

— Мæнæ ис Блусик, ракæс-ма йæм, Бабу,— дзурынц æм сылгоймæгтæ.

Фæлæ та уæдмæ Бабу адард, нæ йæм ракасти. Сылгоймаг ахæмтæм рæвдздæр у, бамбæрстой йæ уайтагъд: ныртæккæ йæ богъ-богъ нал бауромдзæн цоты цотæн сæ тæнзæрдæдæр, æмæ йæ феддæдуар кодтой.

Мæнгæн куы нæ загъдæуыд, æвæдза: сайд, дам, мыл æрцыди — удæнцой цардмæ, дам, дзæгъæлы куывтон Хуыцаумæ, æнцой мæлæт дзы курын куы хъуыди.

Ногæй та йæ хъæрзынæй фæлæууыд Бабу, йæ улæфт дæр феуæгъд; кæдæй у, уæдæй нырмæ йæ къухтæ нал базмæлдысты, иууыл сæ хъæццулы æддæты уагъдæй дардта; ныр сæ йæ цæсгоммæ систа, цыма йæ уадултæ æрсæрфынмæ хъавыд, уыйау; иуцасдæр сæ афтæмæй фæдардта дызæрдыггæнæгау æмæ сæ фæстæмæ æруагъта, стæй уæд рахиз арм галиу армы уæлтъæпæныл æрæвæрдта æмæ бафарста:

— Афтæ, Асатин? Æви мæнæ афтæ?

Ныр та галиу арм æрæвæрдта рахиз армы уæлтъæпæныл æмæ ныхъхъуси, къухтæ нал базмæлын кодта.

Йæ мадырвад Доййаты Асатинæй загътаид, æндæр кæмæй; дыккаг Асадин ном никуы фехъуыстон. Раджы амарди, дæс азæй йыл къаддæр нæ цæудзæн. Æмæ йе ’гасæй мæлæты хъæрмуд куы нæ уыдысты, уæд æй ныр кæцæй æрæмысыди, къухтæ куыд сæвæргæ сты, уый тыххæй йæ Асатины уынаффæ цæмæн бахъуыд? Цард-цæрæнбон дзы хъаст куы фæкодта: Гацыры хъама, дам, кафджытæм ахаста æмæ уыйадыл йæ фæд фесæфт. Кæд, мыййаг, æцæгæй дæр рацæуынц хионтæ адæймагæн йæ размæ æмæ йын фæндагамонæг фæлæууынц.

Йæ зæрдæ та нæ фæлæууыд Бæдийæн æмæ сихæрттæм хæстæг фæстæмæ æрбауади. Куыддæр дуарæй æрбакасти, афтæ йын йæ ныллæг бандон суæгъд кодтон æмæ йæхи æруагъта, стæй мæнырдæм разылд:

— Уæд та йын Хъуыраны бакæсын кæниккам?

Бамбæрстон æй. Ома йын фæндараст зæгъыны афон ралæууыд. Ау, афтæ тагъд? Æз ма йæм адзæбæхмæ, рабадынмæ куы æнхъæлмæ кæсын. Æниу, æз мæхи сайын, æмæ уæд иннæтæ дæр ницымбарæг скæной сæхи?

— Куыддæриддæр уæ фæнды, афтæ, Бæди. Кæд æмбæлы, уæд бакæсын кæнут. Фæлæ йæхæдæг мæлæты Хъуыраны кæсæг æмæ ламазгæнæг куы нæ уыди.

— Афтæтæ ма дзур. Мах дæр Хъуыраны кæсджытæ æмæ ламазгæнджытæ не стæм, æмæ цы? Кæд чырыстон хæдзарæй рацыди, уæддæр мах цы «бисмиллагъи» фæзæгъæм, уый дзырдта Душинка дæр. Фылдæртæ нын ничи бацамыдта æмæ æндæр ницы зонæм.

Мæнгæй ницы зæгъы Бæди. Цалынмæ йæ уагыл уыди Бабу, уæдмæ алы изæр дæр, куыддæр йæ хуыссæны йæхи æруагътаид, афтæ æнæ скувгæ никуы фæци: «Бисмиллагъи, рахманæррæхим. Табу дæхицæн, иунæг цытджын Хуыцау, дæ уынаффæты хуыздæрæй нын хай бауарзæд дæ цæст; нæ сабитæ дæ нывонд». Уымæй фылдæртæ кæмæй базыдтаид, ахæмæй никæй æрæййæфта хадзыйы хæдзары. Уымæй фылдæртæ нæ зыдта Яи дæр æмæ йын цы бацамыдтаид?

— Æмæ Дæллагхъæуæй æви Кантышæй æрласгæ у молло? — бафæрстон устыты.

— Цæмæн, цæмæн? Дæлæ йын Уæкки бакæсдзæн.

— Фидараты Уæкки?

— Уæдæ ма цавæр Уæкки зоныс?

Хъусгæ дæр нæ фæкодтон, мæ фæсонæрхæджы дæр никуы æрцыдаид, æмæ Уæкки Хъуыраны зона.

— Æмæ кæд Уæкки Хъуыраны кæсы, уæд æм мæнæ Хансиаты, науæд уæртæ Елдзарыхъойы заман цæуылнæ бадзырдтой? Мæхъæлæй ма цæмæн æрхуыдтой моллоты? Буцдæрæн?

— Æ, де ’гæрыл фæуай! — кæронмæ дзурын мæ нæ бауагъта Терезæ. — Уымæй уæлдай мацы æмбар! Фылдæр институттæ бакæсын дæ хъуыди горæты: Хъуыраны бакæсын æмæ дуа скæнынæй цы хъауджы ис, уый чи нæ иртасы. Искуыдæр ма сылгоймаджы дуагæнгæ федтай?

— Цæй, дæ ныхтæ дзы ныссадз, кæд æй дуатыл æмæ ламазтыл нæ ахуыр кодтой институты,— мæ сæрыл рахæцыди Токон. — Æрбакæнут уыцы усы, æндæр.дзы бирæ тæрхонтæ кæцырдыгæй хъæуы?

— Æз æм ауайдзынæн, æрмæст кæм цæры, уый мын бацамонут,— фæрæвдзи чындз.

— Афтæ ауайгæтæ йæм нæу,— загъта Терезæ. — Машинæйæ æрбаласын æй хъæуы, йæ къæхтыл цæуынæн рагæй куы нал у, мæгуырæг.

Машинæ. Гъе уæууæй, мæгуыр, иннæ уынгтæй хъауджыдæр æнæмашинæ Къуымысых — ма ауай æмæ иу сыхаджы дуар ма бахой: мæ тыхст мын ацараз. Цалынмæ алкæмæн дæр йæхи æрæййафа, уæдмæ йæм нæ бахъардзæн, æндæра иумæйаг æхцайæ уæд та балхæдтаиккам. Уæвгæ, нæ иумæйаг фæллæйттæ дæр куы нæ фæрæстмæ сты — хæринаг кæцы фæрныгæн разындысты, уымæн йæ фæд дæр куы нал ссардзынæ боныфæстагмæ.

Уыцы катайтæгæнгæ фаллаг сыхмæ, нæхи Черменмæ, бахæццæ дæн. Хæдзары нæ разынди. Кæдæм ма фæцыдæуа æмæ дыууæ изæрастæу мæнмæ чи æнхъæлмæ кæсдзæн æд машинæ?

Æртæ уынджы сæрты ахызтæн дæлæмæ-уæлæмæ фæлгæсгæ. Уæртæ Цорæты дуармæ лæууы копрадзхуыз «Москвич». Бирæ дзурын мæ нæ бахъуыди Агубечырæн — йæ цæрæнбон бирæ.

Уæккийы уайтагъд схæццæ кодтой нæ уынджы дæллаг кæронæй. Тыххæй ма йæ базыдтон — кæдæй æмæ йæ кæдæй нал федтон: Хуымæллæгмæ куы цыдтæн,— сæ дуæртты уыди мæ фæндаг,— уæдæй ардæм. Райсомæй йыл-иу амбæлдтæн йе стуртæ рæгъаумæ скъæргæ, æцæг-иу сихорыл куы сцæйздæхтæн, уæд æй иннæ устытау уынджы бадгæ дæр никуы федтон. Скъолайы фæстæ та сæ цурмæ кæд афæдз иу хатт ныфтыдаин, уæд хорз, æмæ йæ кæм хъуамæ федтаин? Ноджы, дам, йæ дарæг фырт машинæйæ куы фæмард, уый фæстæ кæрты дуарæй æддæмæ уæвгæ дæр нал касти.

Терезæйы æмæ чындзы æххуысæй зынтæй рахызт машинæйæ, йæ фæйнæ фарс балæууыдысты, афтæмæй æрбацæуы. Уаты чи разынди, уыдон йæ размæ рауадысты.

— Хорзы бонтæ уыл скæнæд уе ’ппæтыл дæр æмæ Хуыцауы хорзæхæй хайджын ут,— раарфæ кодта фæлмæн ныхасыуагæй æмæ мæнырдæм разылди: — Дæуæн та дæ цæрæнбон бирæ фæуæд. Фехъуыстон дын дæ хабæрттæ, фехъуыстон; æгайтма сидзæргæсы фыдæбæттæ нæ ферох кодтай. Адæм цы нæ уынынц æмæ цы нæ зонынц, ахæмæй ницы ис а дунейыл.

Азтæ йыл цас нæма цæуы, уыйас æруæзбын. Бæгуыдæр: мад амæла, фыд амæла — йæ ныгæнæг хъæбул макæмæн амæла.

Æрдæгталынг уатмæ æрбахызт; дæргъæй-дæргъмæ тарморæ къабайы, кæд æнтæфæй сулæфæнтæ нæй, уæддæр ыл ставдбыд къуымбилæй уæлгуыр; иунæг дадали æддæмæ нæ зыны, афтæ ныллæг баст сау сæрбæттæн; афæдзы афонмæ гæсгæ æнахуыр фæлурс — æвæццæгæн, хурмæ не ’фты — хæмпус цæсгом; къæхтыл — удæнцойы хихуыд уафсбын дзабыртæ; галиу къухæй йæ риумæ æлхъивы кæддаджы тыхт бæзджын чиныг.

Бæдийы ныллæг бандоныл нæ сарæхст æмæ йын бæрзонддæр бандон æрæвæрдтой рынчыны нывæрзæнырдыгæй.

— Æй, Душинка, Душинка, хъæрзынтæ æмæ сæйынтæ дыл куы нæ фидауы æмæ хъæрзгæ куы кæныс, — йæ къухæй æрсæрфта Бабуйы сæр.

Бабу дæр цыма къæмдзæстыг фæци, уыйау йæ хъæрзынæй фенцад, йæ улæфт фæсабырдæр.

— Уый куыд ауагътай дæхи, мæ къона, улæфынтæ æмæ хуыссынтæм дæ куы никуы равдæлди цард-цæрæнбон. Цы дæ риссы, цы, зæгъ-ма мын æй, мæ уд дæ фæхъау æрбауа?

Бабу йæм скасти, фæлæ ницы сдзырдта, афтæмæй уайтагъд йæ цæстытæ фæстæмæ æрæхгæдта.

Уæккийы диссаджы фæлмæн ныхасыуагæй мæ зæрдæйы дур æрлæмæгъ, æнахуыр æнцой уæнгты хъарын байдыдта, афтæмæй лæууын фæсдуар.

— Рудзынджы æмбæрзæн-ма ассонут, стæй уæхæдæг дæр рухсæй иуварс алæуут æмæ йæм дзæбæх æркæсон. Батади, мæгуырæг, мæ фæрстæ йын æрбайхæлой. Рагæй æфтæ тыхст у?

— Дыццæгæй нырмæ,— загъта чындз. Йæхæдæг сыгъдæг кæрдæйнаджы гæбаз райста, агуывзæйы мидæг æй доны сæвдылдта æмæ дзы рынчыны былтæ асæрфта.

— Бакæсон ын, уæдæ, Хъуыраны? — сылгоймæгтæй хъауджыдæр цæмæдæр гæсгæ мæн бафарста Уæкки. Цыма æз уыдонæй дæсныдæр дæн.

— Бакæс, кæд афтæ вæййы, уæд.

— Æххæст ын йæхи дæр бафæрсæм — афтæ æмбæлы. Душинка, уæ, Душинка, Хъуыраны дын бакæсон?

Бабу йæм скасти, «нæ», зæгъгæ, ацамыдта сæрæй æмæ цæстытæ уайтагъд фæстæмæ æрæхгæдта.

Цæуылнæ йæ бафæндыдаид, цымæ, йæхи тынг пысылмон куы хуыдта, сираджы фыдæй куы нæ фæхъæстæ, чъылдыммæ æнæ хъуывгъан куы никуы ацыди, гъе æрмæст ком никуы бадардта æмæ ламаз кæнын нæ зыдта, æмæ кæд уымæ гæсгæ æххæст пысылмон æнхъæл нæ уыди йæхицæн æмæ йын Хъуыраны бакæсой, уый йæм тæригъæддаг фæкаст. Нæ, фæлæ кæд æмбаргæ нæ бакодта, Уæкки йæ цæмæй фæрсы, уый. Æмæ йæ цæстæнгас æмбаргæ куы уыди, уæдæ йæ сæрæй ацамынд дæр — бæлвырд.

Æнхъæл уыдтæн æмæ Уæккийæн фæхъыг уыдзæн йæ дзуапп. Мур дæр нæ. Йæ къухæй рынчыны сæр æрсæрфта æмæ уыциу фæлмæн ныхасæй сдзырдта:

— Ма тæрс, Душинка, хатыр дын уыдзæни Ахæрæты бон алцыдæр. Тæригъæддагæй дæ никуы ницы райхъуысти æмæ дын уый бæрзондыл бадæгмæ нымад уыдзæни. Мацæмæй тæрс æппындæр — дæ хъизæмæрттæ иууылдæр а дунейы ахицæн кодтай, цы нæ дзы бавзæрстай, ахæмæй ницуал баззади. Де ’взонгæй абонмæ не ’хсæн базæронд дæ сидзæргæсæй æмæ дæ иууылдæр уыдтам, цы гæнæг дæ, уый, ничи дыл ницы бавдисдзæни. Дæ цæхæрадонмæ искæй стур баирвæзт æмæ дын дæ нартхоры хуым бассæста, суанг уæд дæр дæ тæккæ карздæр æлгъыст уыди: «Æ, иунæг Хуыцауы зæрдæ дыл куыд фæхудти!» Æндæр исчи хистагмæ æмæ бинонты хуыздæрæн фæлдисинагмæ ахæццæ уыдаид. Мацæмæй тæрс, мæ къона, дæ моймæ æмæ зæрæдтæм дæр ницы къæмдзæстыг æрхастай æмæ дын сыгъдæджытимæ æркурдзысты бынат.

Уæккийы ныхæстæм мæ цæстытæ баумæл сты, зæрдæйысæры æлхынцъ феуæгъд, сулæфæнтæ æххæстæй фегом сты. Зæронд адæймагмæ нæ, фæлæ сывæллонмæ дæр афтæ зæрдæбын æмæ рæвдаугæйæ дзургæ никуыма фехъуыстон, раст цыма уæларвон зæд дзырдта Уæккийы дзыхæй, уыйау.

Иуцасдæр ма æдзæмæй абадт рынчыны уæлхъус. Кæд уаты дзæвгар сылгоймæгтæ уыди, уæддæр сыбыртт никæцæй хъуысыд. Æрмæст сæ чидæр арф ныуулæфыд æмæ кæрæдзи фæзмæгау радыгай иууылдæр ныуулæфыдысты.

Сыстыны размæ Уæкки армытъæпæнæй æрсæрфта Бабуйы сæр æмæ ноджыдæр ма иу хатт загъта:

— Мацæмæй тæрс, мæ къона.

Цыма йæ дыууæаздзыд сабийæн зымæгон хъызт сæумæйæ хуыссæнмæ фæдзæхсы: «Мацæмæй тæрс, мæ къона, æз уæртæ цъайæ доны къæрта фелвасон æмæ дæм фæстæмæ уайтагъд æрбауайдзынæн «.

Бандоны къухæнцой сыстад Уæкки, уæззау цалдæр къахдзæфы ракодта, уаты астæу æрлæууыд æмæ мæнырдæм разылди:

— Дæуæн та — мæнæ ацы адæмы æхсæн — дæ цæрæнбон бирæ: æгайтма уый бæрц æгъдау радтай дæ ныййарæгæн. Бирæ фæцæр, мæ къона, æнæнизæй, бирæ. Дунесфæлдисæгæй рох ницы у æмæ Ахæрæты бон дæуæн дæр нымад уыдзæни дæ лæггад.

Кæдæй-уæдæй ма мæнмæ дæр æрхауди «мæ къона»: сывæллонау ыл бацин кодтон.

Сылгоймæгтæ иууылдæр суанг уынгмæ рацыдысты Уæккийы фæдыл. Машинæ цалынмæ тигъæй фæаууон, уæдмæ йæ фæдыл фæкастысты, цыма йын æндæрырдæм адзæгъæлæй тас уыди, уый хуызæн.

Фæсæхсæвæр фынджы уæлхъусæй куыд сцæйстадтæн, афтæ ис фысым фæурæдта:

— Бад, кæдæм тагъд кæныс? Нырма раджы у хуыссынмæ. Мæн дæр райсом куыстмæ цæуын нæ хъæуы — хуыцаубон у.

Бадæм.Уый дæр ницы дзуры, æз дæр. Фæлæ цыдæр зæгъинаг кæй у æмæ йæ кæй нæ фæразы, хинымæр кæй тыхсы, уый æмбарын. Æппынфæстаг мæ бафарста:

— Истæмæй рæвдз дæ?

Дæ цæрæнбон бирæ, Барис. Ныр мæ æнæхъæн къуыри цух чи нæ уадзы, фæлæ зæгъын кæй нæ уæндын, уыцы хъуыдыйы уаргъ сисыныл мæ бæсты бафыдæбон кодта.

— Мæгъа. Цы дын зæгъон, нæ зонын. Цыдæр æхцайы муртæй дарддæр ницæмæй. Дæхæдæг æй уыныс — хæдзары æргæвдинагæй ницы ис.

— Æмбарын дæ, æмбарын. Хуыцау æй дæхи æмæ мах фæндиаг уадзæд Бабуйы, фæлæ цы нæ вæййы...

— Æз та ма йæ ской нæ уæндыдтæн; исчи хæрзаг ма зæгъа: ау, йæ уд нырма йæ мидæг куы ис рынчынæн, уæд рагацау æргæвдинæгтæ æмæ хæрнæггæгты сагъæсы цæмæ бацыд?

— Æмбарын дæ, æмбарын. Хуыцауæн зын ницы у, фæлæ уæддæр адæймагæн йæ рæбыны иу-дыууæ голладжы дзуллаг куы уа, уæд æй ницы бахъыгдардзысты: уадз æмæ лæууой, æхсæвæр сын, мыййаг, куы нæ хъæуы. Райсом дæлæ мæ боныгоны такси баифтындзæм æмæ Беслæны дуканитæм скæсæм, кæд дзы искæцыйы разынид ссад.

«Искæцыйы» æфсоны ныхасæн зæгъы. Кæцыдæры йæ федта, уый бæрæг у. «Боныгоны такси» дзыгъал-мыгъулгæнгæ хæлддзаг уæзласæн машинæ хоны, раст хæсты тæккæ фæстæ уадзын кæй байдыдтой, уыдонæй. Базилынтæм æмæ йæм барæвдзмæ шофыртæй йæ ныфс ничиуал бахаста, никæйуал хъæуы æмæ йæ Барис йæ дуармæ æртардта. Æгæр-мæгуыр ыл цырагъ дæр нæй æмæ дзы æхсæвыгон никæдæм ацæудзынæ. Уымæн ыл сæвæрдта боныгоны таксийы ном. Цыфæндыйæ дæр фæздæгкалгæ тулы кæм хуыфгæ, кæм æхснырсгæ æмæ дзы йæ æхсызгæттæ аразы: кæм Цæлыччы былгæрæтты хæмпæл æркæрды йе стуртæн æмæ йæ æрбаласы, кæм — куыроймæ суайынæн, кæм хъæмпы гуыффæ самал кæнынæн, кæм — цæмæн; а уалдзæджы дзы суанг Дзантемыры комы балæууыдыстæм давондзау æмæ хъæдуры хъилтæм. Хæдзармæ цыппар цалхы куы тулой, уæд ын мæгуыры хос никуы уыдзысты.

Æнæуи хуыссынафонмæ бæргæ фæсатæггомау вæййы; хæдоны цæппæртæ иууылдæр суадз æмæ æхсызгон уддзæф сæмбæлы буарыл, фæлæ ахсæв æнуд æппындæр нæ сæтты. Мацæмæ расайа?

Нæ фæрæдыдтæн. Уæнгтæ æмæ цæстыты уæлтъыфылтæ сæумæйæ куыд уæззау разындысты, уымæй бæрæг уыди — хъуынтъыз бон скæндзæн. Æцæгдæр афтæ рауад: арв æмвæтæн æхгæд, скæсæн-ныгуылæн ыл бæрæг нæй.

Цалынмæ Барис йе стуртæ рæгъаумæ скъæрдта, уæдмæ нæхимæ бауадтæн.

Ницы уæлдай хуызон разынди рынчын.

Сæрд-сæрддæргъы шифанеры ауыгъд — скæнынмæ никуы бахъуыди — пинджачы дзыппæй æхца систон æмæ хыбархыбургæнгæ машинæйы Беслæнмæ араст стæм. Сæлфынæг райдыдта, уæддæр афтид цыбырдысы рацыдтæн.

Æмбисфæндагыл куы уыдыстæм, уæд сæлфынæг уарынмæ расайдта, уыимæ дæр сæртæг сæрдыгон уарынмæ нæ, фæлæ — йæ уагыл бæрæг у — дæргъвæтин æмæ уазал фæззыгон къæвдамæ. Ссад кæм зыдта, комкоммæ уыцы дуканимæ батардта Барис. Æлхыскъгæнаг уазал æртæхтæ фæсонтæ æмæ уæхсчытæ æнад ныррæхуыстой æмæ уайтагъд мæ зыр-зыр ссыди. Дуканийы та æнудæй сулæфæнтæ нæй.

— Банхъæлмæ кæсæм иугыццыл, кæд къæвда фенцаид, науæд не ссад ныллæхъир уыдзæни,— загъта Барис.

— Бакæсæм,— сразы дæн æз дæр.

Рудзынджы цур слæууыдыстæм æмæ æддæмæ фæлгæсæм. Кæд у, уæдæй нырмæ нæ рауарыд, афтæмæй дон бынмæ ахъарыны бæсты малтæ-малтæй лæууы, кæмдæриддæр дзыхъгонд æрæййæфта, уым. Æз та æнхъæлдтон, æмæ уыцы араугæ хурты фæстæ зæхх донæй уæвгæ дæр никуал бафсæддзæн.

Иуцасдæр куы алæууыдыстæм, уæд Барис афарста:

— Цæй, цы кæнæм?

— Цæугæ у, æндæр цы? Куыд кæсын, афтæмæй йæм банцайыны зонд нæй.

— Ныххуылыдз уыдзæн ссад æмæ фесæфынæн æвгъау у.

— Дæ гуыффæйы цалх куы уыди, уым нал и?

— Уым бæргæ ис, фæлæ цы æххуыс у?

— Голджытæ йыл æрæвæрдзыстæм, уæле та сæ, мæнæ клеенкæ алхæнон æмæ уымæй æрæмбæрздзыстæм, кæд сын ницы уаид.

Хуыздæрæн клеенкæ цалхыл дæр ма æрытыдтам æмæ ссады голджытæ сæппæрстам, бæстон сæ батыхтам, иунæг æртæх дæр сæм куыд нæ бахъара, афтæ.

— Истæмæ ма æхсайы дæ зæрдæ?

— Ницæмæ.

— Ахæцыдыстæм уæдæ.

Хуыцаубон у æмæ фæндагыл уадиссаг арæх нæу машинæ; базардзаутæн сæ дзæвгар Кæсæгæй вæййынц æмæ уыдоны дæр къæвда раджыгомау фæсырдтаид кæнæ сæ, чи зоны, уæвгæ дæр не суагътаид.

Æз. æм банцайынмæ æнхъæлмæ кæсын, афтæмæй тыхджынæй- тыхджындæр кæны къæвда. Хуыцау бахизæд: ахæм рæстæг исты, мыййаг... Мæ хъуыды кæронмæ ахæццæ кæнын нæ комы зæрдæ.

Хъæуæн йæ астæуты нæ — колхозы сæрдарыл амбæлыны тæссæй, æниу дзы тæрсгæ дæр мæлæты тынг нæ кæны, фæлæ йыл цас нæ амбæлай, уыйас хуыздæр,— хъæубынты аскъæрдта Барис машинæ æмæ Фидараты рæзты базылдыстæм.

Уæлæ уынджы бæрæг астæуты лæхъир змæнтгæ фæцæуы сылгоймаг тар пæлæзы æмæ къуымбил кæлмæрзæны; бæрзондхъус дзабыртæ цъыфæй нал зыныц. Машинæйы уынæрмæ фæндаджы астæуæй æддæдæр ахызт æмæ махырдæм ракасти пæлæзы тæрттыл æмæ кæлмæрзæны кæрæттыл иу къухæй хæцгæ. Фидараты Римæ, Уæккийы файнуст. Зæрдæ куыд бауазал æмæ йæ цæвынæй исдуг куыд фæлæууыд, стæй уæд куыд уæззау цæлхъ нылласта сонтæй, уый дзæбæх банкъардтон: дзæгъæлы нæ лæгæрддзæн ацы æнад къæвдайы бын. Æниу, уæд та ма дуканимæ цæуы дзул æлхæнынмæ — раст ацафон, дæсæм æрдæгмæ хæстæг, æрбаласынц къæбæр. Æмæ дуканидзауæн йæ къухты исты хызын куы вæййы. Стæй хуыцаубоны уæвгæ дæр куы нæ æрласынц дуканимæ дзул, гом дæр æрмæст фæссихор куы бавæййы, стыр базарæй сæ уæййæгтимæ куы æрыздæхынц дуканигæстæ, уæд. Омæ йæ уæд та æндæр исты ахсджиаг хъуыддаг ис хъæуы астæу æмæ уырдæм фæцæуы. Нæ, нæ, дзæгъæлы дæхйцæн зæрдæтæ æвæрыс, мæнæй уый: цæмæй тарстæ, уый дыл, æнхъæлдæн, æрцыди.



Просмотров 1190

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!