Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 19 часть



Йæ дзыхмæ йæ схаста æмæ сындæггай æууилы.

— Дзул дæр дын радавон?

Йæ сæрæй ацамыдтаæууилгæ-æууилын: нæ. Дыккаг карст дæр сындæггай бахордта.

Æууылд куы фæци, уæд йæ сæр фæстæмæ базыл æруагъта æмæ хъусæй лæууы.

— Ноджыдæр ахæр, Бабу.

— Ахæрдзынæн, бæгуыдæр ахæрдзынæн.

Куыд æнæкъуызгæ рæвдз радта дзуапп, уымæй йæ бамбæрстон: Мотяйы фæзмы, æндæр хæрын йæ хъуыдыйы кæрон дæр нал ис.

Хæсты фæстæйы æххормаг аз Уæрæсейæ сæфтыдысты мад æмæ чызг. Кæцæй фæхауæццаг сты æмæ кæмыты фæрахаубахау кодтаиккой, мæгъа, фæлæ æппынфæстаг Беслæнæй Зилгæйы æхсæн Бабуимæ баиу сæ фæндаг. Цалынмæ Зилгæмæ хæццæ кодтой, уæдмæ сæ Бабу цъæррæмыгъдæй бамбæрста: кæмдæр Курскы бынмæ сæ хуымтыл хур атылди æмæ сæ стонг йæ разæй ардæмты расырдта. Æнæ фысым, æнæ æнхъæлмæгæсæгæй цæуынц йскæм ран гуыбыны хардзыл фыдæбон кæнынмæ. Тæнзæрдæ Бабу сын æхсæвиуаты фысым фæлæууыд æмæ нæм сæрддон-сæрддæргъы цæргæ баззадысты. Тæккæ рувынафон уыди æмæ чызгæн бирæ куыст разынд: гуыбыны хардзыл æй æххуырстой, йæ цæхæрадоныл чи нал æххæссыд, уыцы æвæгæсæг зæрæдтæ, сæхи хъуырæй тонгæ йын-иу удыбæстæйы къæбæр дæр ма авæрдтой йемæ фæскуыст. Мад та, иуæй зæронд, иннæмæй цы æххормæгтæ баййæфта, уыдоны фæстæ кусынæн нал уыд æмæ бон-изæрмæ куы фынæй кодта, куы мама-дзедзырой. Æвæдза, Бабу мæнгхæдзары исты хуыппаг суæларт кодта, уæд-иу пецы тæф цыфæнды тарф фынæймæ дæр йæ фындзыл ауад æмæ-иу йæ уæлхъус балæууыди; кæм-иу æндзарынмæ фæкастаид, кæм та хойраджы хæрзадæн цытæ æмбæлы, уыдæттæ нымайыныл схæцыдаид. А, ныртæккæ срæвдз уыдзæн хъæрмхуыпп, уæд-иу йæ уаты ’рдæм йæхи байста; ома, афтæ ма банхъæлут, æмæ исты æнхъæлæй уыдысты мæ зилæнтæ дæр æмæ мæ ныхæстæ дæр; нæ, кæд стонджытæ æййафын, уæддæр мæ уæздан туг нырма мæ гуыбынæй домбайдæр у. Æз дæр ма йæ куы æмбæрстон, уæд Бабуйæн цастæ зын бамбарæн уыдаид. Æмæ иугæр хæринаг срæвдз, уæд æм æнæ бадзургæ никуы фæци:

— Бабуля, хъæрмхуыпп ахæрдзыцæ?

— Ахæрдзынæн, бæгуыдæр ахæрдзынæн,— дзуапмæ æнхъæлмæ кæсын æппындæр никуы бауагъта.

Кæд, мыййаг, афтæ æнхъæл уыди: æфсоны загъд мын кæны, æмæ дзуаппыл куы афæстиат уон, уæд æм æндæр зонд æрцæудзæни æмæ мæ гуыбыны тæригъæд мæхицæй дарддæр никæй уыдзæн.

Йæ цырд дзуапп та-иу Бабуйæн худæджы хос уыди.

— Емынæ макуы бахæр, кæд «нæ» никуы зæгъдзынæ,— бафтыдта ма-иу йæ ныхасыл иронау.

Æмæ-иу æртæйæ иумар æрбадтыстæм нæ куынæг сихорыл.

Кæд æмæ кæды незаманты уыд, афтæмæй абон дæр ма мæ цæстыты раз лæууы йæ æнцъылдтæ тымбылкъухыйас цæсгом, урс хæцъилæй сæрбæттæн ныхыл ныллæг уагъд, хъустыл уайы йæ æнæдæндаг комыкъулты адджын цъæм-цъæм. Нæ ферох Бабуйæ дæр. Исты хæрынæй йæ афарстай, уæд йæ дзуапп æдзухдæр уыд Бабуляйы æнæкъуызгæ дзуапп: «Ахæрдзынæн, бæгуыдæр ахæрдзынæн», æппындæр æм хæрыны фæнд куы нæ уыдаид, уæддæр.

Хæтæнхуаг мæгуыр зæрондæн рæдауæй цы удыбæстæйаг хъæрмхуыппы къустæ фæлæвæрдта, кæд ын уыдон дæр барæныл æвæрд разыниккой Ахæрæты бон.

— Цæй-ма, Бабу, кæдмæ хуыссæны баддзынæ, мæ цæстытæй мæ бон кæсын куы нал у. Кæд ма исты дæ зæрдæ зæгъы?

— Ницы зæгъы мæ зæрдæ, фæлæ мæ цы Хуыцау æхсæвæддæйæ ардæм рахаста?

Хорз æхсæвæддæ у. Анымадтон сæ — аст мæйы æмæ æрдæг. Йæ сæрæн ма куы уыди, уæд-иу цалынмæ Джеуæргуыбайы æртæ чъирийы йæхи къухтæй скодтаид æмæ сæм сыхбæсты скувынмæ æрбахуыдтаиккам, уæдмæ никуы ракуымдта хъæуæй горæтмæ. Уый дæр нæвæндонæй, фæстæмæ фæкæсфæкæсгæнгæ: «Гъер, марадз, сæхгæн дæ дуæрттæ æмæ дæхæдæг араст у». Иу аз æмæ дыууæ азы куы уыдаид — æнæхъæн цыппар æмæ ссæдз азы дæргъы.

Ноджы ма раджы кæддæр йæ кæрчытæ цал уыдысты, уалæй куы фесæфтысты, уымæй фæстæмæ бынтон ныззивæг. Кæрчытæ, зæгъгæ, бирæ дæр нæ уыдысты, æдæппæт цыппæрдæс, æфтауаг урс мыггагæй. Рагуалдзæджы уыд хабар. Тракторæй мын зæрдæ бавæрдæуыд æмæ къуырийы астæу бæрæггæнæг æруадтæн. Холлагхъуаг дæр нæ уыдысты, уæддæр цæхæрадоны балæууыдысты, фыццаг ауæдз куыддæр ауыдтой, афтæ. Тракторы уынæрæй мæ хъустæ æмыр кодтой æмæ фæсвæд мæхи айстон, уыдон та ногфæлдæхт хуымы уаллæттæ уыгътой æмæ сын се ставддæрты, иу ныхъуырдæн нынныхъуырын кæй нæ фæрæзтой, уыдон кæрæдзийы дзыхæй скъæфтой иу иннæйы сургæ. Сабаты райсомæй раджы — фылдæр нын бантыса акусын — æрхæццæ стæм Бабуимæ. Кæртмæ бахызтыстæм, æмæ дзы нæдæр карк зыны, нæдæр — уасæг. Ау, цы диссаг уа, æнæуый кæрты дуары уынæрмæ пæрпæргæнгæ куы разгъорынц; иу æрцыдæй иннæмæйы фаг сын калд вæййы нæмыг, æххормаг нæ баййафынц, уæддæр сахуыр сты æмæ Бабуйы хызынмæ лæбурын байдайынц: хус къæбæртæ бырондонмæ акалын æм тæригъæд кæсы æмæ сæ къуырийы дæргъы бамбырд кæны, рацæуыны размæ сæ баудайы æмæ сæ банкæйы ныннæмы — къаддæр бынат ахсой; куы сын сæ акалы, уæд цыфæнды æфсæстæй дæр зыдæй февналынц хæрынмæ, мæн дзы фылдæр фæуайы къуппытæ байдайынц кæрæдзийы.

Цæхæрадоны дæр никæцæй зынынц,’стæй сын уырдæм ацæуæн дæр нæй, цалынмæ дуар байгом кæнай, уæдмæ. Уæдæ кæркдоны дуар дæр куыд ныууагътон, афт-æ гуыдырæй æхгæд.

— Ау, нæ фос ныронг фынæй уой? — кæркдоны дæгъæл тарвазæй райста Бабу. Дуар байгом кодта æмæ — афтид. — Мæ хæдзарыл, уæдæ цы фæцадаиккой?

Диссаг кæсы мæнмæ дæр. Кæд искæуылты чъылдыммæ самал кодтой, зæгъгæ, цæхæрадоны къуымты æрзылдтæн. Мæ раздæхынмæ дæр нал бахъæцыд Бабу æмæ мæ фæстæ цæхæрадоны балæууыд. Никуы æмæ ницы. Уынджы иу кæронæй иннæмæ дæр æрзылд. Нæй æмæ нæй.

— Ау, уæдæ цы фæцадаиккой?

Цы дзуапп ын радтон? Хуыснæг зæгъин, æмæ нæ зонын.

Цæй хуыснæг — ахæм сыхы æхсæн нæ цæрæм; ауал азы кæд зымæг-зымæджы дæргъы æдзæрæг вæййы хæдзар, уæддæр дзы. нартхоры æфсир дæр никуы фесæфт. Стæй хуыснæг аргæ дæр не скодтайд дæгъæл. Куы йæ ссара, уæддæр дын йæ фæдыл гуыдыр бæстонтæ æхгæныныл æмæ дæгъæл бынаты æвæрыныл ма схæца.

Диссаг сыхæгтæн радзурынмæ ахызт Бабу уынгмæ, æз та хъуыдытæгæнгæ баззадтæн кæрты. Сæ нæмыг калдæй лæууы цъайы фале тасыдзаг доны фарсмæ. Цыма сын зæххы бынæй фегуырын æнхъæл уыдтæн, уыйау ноджыдæр ма иу каст бакодтон кæркдонмæ. Йæ дуары фæйнæджытæй иуы бинаг кæрон лыг — кæрчытæн дзы бабырæн æмæ рабырæн куыд уа, афтæ. Гæды дзы кæд самал кæна, æндæр дзы куыдз дæр нæ бахиздзæн. Афтид æфтуанхъæдтæ, æндæр ницы. Рувас уыдаид æмæ куыд хъуамæ схила уыцы бæрзонд æфтуанхъæдтæм? Стæй йæ кæуылты хъуамæ æрбауадзой хъæуы бæстастæумæ куыйтæ? Уæвгæ йыл æууæнк нæй. Раджы кæддæр, нæ цæхæрадон телбыдæй æхгæд нæма уыд, афтæмæй иу фæззæджы нартхор тыдтон. Æфсиртæ чыргъæдмæ æппаргайæ гага зæхмæ æнæ æрхаугæ кæм вæййы æмæ кæрчытæ мæ ф#дыл зылдысты. Иу заман уæллаг сыхы кæмдæр хъæугæроны бæстæ куыйты рæйын ссис, хæстæгæй-хæстæгдæрæй хъуысын байдыдта. Иннæ сыхтæй дæр сæ рæйынмæ згъордтой хæпхæпгæнгæ, чи — фæсус, чи — цъæхснаг хъæлæсæй. Афтæ знæтæй сæ никуы фехъуыстон. Мæнæ бынтон æрбаввахс сты цæхæрадоны кæронмæ, æвæццæгæн, æгас хъæуы куыдзæй цыдæриддæр ис, уыдон. Уалынмæ мæ тæккæ рæзты рувас фатау асыффытт ласта. Йæ къæдзилмæ фæлæбурынæввонг æй кæд æрбацæйæййæфтой куыйтæ, уæддæр ма фæрсырдæм дыууæ мæсты къæппы фæкодта нæ дзыгъуыр уасæгмæ æмæ цæстыфæныкъуылдмæ фæтары. Куыйты æрдонг кæуылты æрбацæйтахт, уым та нартхоры цъуппытæ уаддымгæйæ ризæгау рызтысты, сæ фырзнæтæй нартхоры зæнгтæ риуы гуыдырæй къуырдтой: гъæйтт-мардзæ, æз фæлæбурон иннæты разæй уыцы мæстæймарæн къæдзилмæ! Хъæуы бинаг кæрон кæмдæр бамынæг сæ рæйын, æрмæст ма фæсте чи баззад, фæдисмæ чи байрæджы кодта, уыдон йæ фæдыл лæбурдтой мæ рæзты — йæ тæфмæ гæсгæ уыдаид æви кæрæдзи æмхицмæ. Баййæфтой йæ, нæ — мæгъа. Уæд ыл искуыдæр ма æууæнк ис? Цы нæ вæййы, зæгъын, кæркдоны сæрыл дæр ма схæстытæ кодтон. Ницы, куыд хост уыдысты, афтæмæй лæууынц шифертæ. Æхгæд къутумæ дæр ма бакастæн, сарайы къулы рæбын амад фæйнæджыты бын æмæ чъылдым басгæрстон. Фесæфтысты æмæ фесæфтысты, нæ сæры зианмæ сæ Хуыцау фæкæнæд. Кæд Бабу исты бæлвырддæр хабар æрбахæссид.

Циганты конд уæззау халамæрзæнимæ цæхæрадонмæ ахызтæн. Уæртæ Мысыкаты дуармæ бадынц Нади, Уæлинка æмæ Бабу. Хæрзаг дæрдты хабæрттæ та æрæмысыдысты карчы сæфты тыххæй. Уæдæ æххæст фосы давдмæ дæр ма ахæццæ уой, уымæн уæвæн нæй. Стыр сихæрттæм дæр нæ фæуыдзæн сæ ныхас.

Мæлæты къæйтæ-къæйтæ афæлдахы трактор, похци та къухы никуы æфты. Æмæ халамæрзæнæй хой хæлофæй, науæд куы ныддæвдæг уа, уæд æй фæрæты цæгат дæр нал исы. Æнаддæр æмæ уæззаудæр куыстæн æрхъуыдыгæнæн нæй: сæрымагъз дзы сæнкъуысы æмæ суанг губаккафонмæ дæр йæ рыстæй нал банцайы. Адæмы æфсæрмæй, æндæр ацы цæхæрадонмæ бæргæ нæу нæ каст. Горæтæй ардæм йæ фæндаджы хардз цы сысты, уыйас йæ пайда нæ разыны.

Ауæдзтæ-ауæдзтæ куыд ныууагъта трактор, афтæ сыл дæргъырдæм æрлæууыдтæн хойынмæ. Дыккаг ауæдзæн йе ’мбисæй куы фæфалдæр дæн, уæд мæм фæрсырдыгæй цыдæр сæнтурс разынди сыджыты бынæй. Ракъахтон æмæ — карчы мард. Систон æй. Æнæхъæн. Æрмæст йæ къубал къæбутырдыгæй æхсыд.

— Мæнæ дæ кæрчытæй иу разынди, Бабу,— адзырдтон устытæм.

Æртæйæ дæр цæхæрадоны кæронмæ æрбауадысты. Телбыды сæрты сæм алæвæрдтон карчы мард.

— Сæлавыр,— базыдта йæ Уæлинка. — Нæ уын загътон уайтæккæ дæр? Рувас уæздан хастæй иунæг ахæсдзæн æмæ йæ бахæрдзæн. Сæлавыр та цалдæриддæрыл бамбæла, уалæн сæ къæбуттæ æхсыны. Мин дæр уæд, иу дæр дзы æгасæй нал ныууадздзæн, ахæм æнамонд сырд у. Иннæтæ дæр ын хæстæг искуы ныгæд уыдзысты.

Æцæгдæр конды бынæй рахаудысты иуæй фæстæмæ иннæтæ се ’ппæт дæр, уыцы иу ын бантыст, æвæццæгæн, бахæрын.

Бон-изæрмæ йæ сау æрдиагæй нæ банцади Бабу:

— Æ, Хуыцауы зæрдæ йыл куыд фæхудт, уагæры цавæр æнамонд сырд разынди. Хæрзаг уынгæг бон сыл бакодта æдзæрæг хæдзары талынг кæркдоны. Цæуылнæ мæ мæгуыр къуымы бадтæн æнцад мæхицæн, цæй горæттæ æмæ æндæртæ мæ хъуыди?! — Æмæ та-иу судзаггаг зианыл хойæгау йæ уæраджы сæртæ æрхоста: — Ныр мæм уыдоны тæригъæд та ма кæцырдыгæй касти?

— Мауал сыл æрдиаг кæн — нæ сæры зианмæ сæ фæкæнæд Хуыцау.

— Æмæ, æнхъæлыс, сæ зианыл у ме ’рдиаг? Уыдоны тæригъæд та ма мæм кæцæй касти?

— Ницы тæригъæд дæм дзы хауы — лæдзæгæй сæ нæ ныццагътай, сыдæй сæ нæ амардтай.

— Мæ фæрстæ сын айхæлой, хæрзаг уынгæг бон акодта сæ мæгуыр удтыл, æдзæрæг кæрты къуымты сæ йæ разæй куы ахаста уыцы æнамонд сырд, уæд. Кæртмæ-иу куы æрбахызтæн æмæ-иу мæ размæ куы разгъордтой хъахъагæнгæ, уæд-иу мæм хæдзар æдзæрæг нал касти, бинонты ахсджиагдæртæ рауайæгау.

Æцæг зæгъы, æцæг: мæнмæ дæр-иу æдзæрæг нал касти хæдзар, бæгъдулæггæнгæ сæ-иу куы æрæййæфтон, уæд.

Æртхъирæны мæй кæронмæ æрхæццæ, афтæ Бабу æндыснæгæй рабадын нал фæрæзта, мæнæн та къуырийы астæу амал нæ фæцис æмæ æрмæст сабаты æруадтæн хъæумæ: афонмæ сæ холлаг фæцадаид æмæ сыдæй ныммардысты. Дуары уынæрмæ иннæ хæттытау нæ разгъордтой. Кæртмæ куы бахызтæн, уæд æнæрцæугæ диссаджы уындæй сагъдау баззадтæн мæ бынаты: кæрчытæ æмбырдæй лæууынц къутуйы цур æмæ цыдæр уидзынц. Къутуйы фарсыл бады хъулон-хъомыл хъæдхой; кæрты дуары уынæрмæ æхсгæ каст фæкодта мæнæн уайдзæфгæнæгау: цæй æрæгмæ уыдтæ, дæ хорзæхæй? — фæлæ йæм атæхыны зонд нæй; ракаст æмæ дарддæр йæ куыст кæны: фæйнæджыты зыхъырйвй нартхор хойы æмæ кæрчытæн згъалы, уыдон дæр æй уыцы зыдæй уидзынц. Уыцы æнахуыр тагъд-тагъд йæ къупп, раст къахæйзилгæ машинæйы судзин куы сцырын уа æмæ йыл цæст куы нал хæца, уый хуызæн. Ныр афтæмæй йæхæдæг зулкъæй дарддæр нæмыг уæвгæ дæр ма куы хæрид. Йæ бындар фæуа, æнтысгæ та йын куыд кæны афтæ тагъд: Калашниковы автоматы хус гилдзытæ куы згъæлой, уыйау тæхынц нартхоры гагатæ иуварс. Цыдæр æнахуыр цинæй мæ хъуыртæ ахгæдтой æмæ мæм акъахдзæф кæныны хъару нал ис. Кæртмæ куыд бахызтæн, афтæ æнæзмæлгæйæ лæууын тæккæ дуаргæрон: мыййаг, куы фæтæрса æмæ куы атæха. Уый æндæрæн йеддæмæ куы нæ у, уæд цымæ кæцæй йæ гыццыл сæр æрцахстаид кæрчытæн нартхор æркалын? Æмæ, дам, никуы ницы ис. Уый зæгъæг æндæр хорз макуы фенæд.

— Цæмæ бадыс æмбисæхсæв, Бабу? Мæнæн дæр ма мæ хуыссæджы хай тсуы фæлыгъди.

— Куы ма мыл сбон уаид исты амалæй, уæд фæстæмæ дæр нал фæкæсин, фæлæ нæхимæ фæцæуин. Сымахмæ куы хъуса адæймаг, уæд...

Йæ хъуыды кæронмæ нал ахæццæ, хуыссæны тæккæ кæрон куыд бадт, афтæ йæхи æруагъта. Сыстадтæн æмæ йæ рæбындæр бахуыссын кодтон, хъæццулæй йæ дзæбæх æрæмбæрзтон.

Нæхимæ. Уый цавæр нæхимæ уа, алы бон æм уыцы кой цæмæн ис? Æви уымæн дæр горæтаг райдзаст фатер, мæнау, «нæхиМæ» не ссис, Зилгæйы саманкъул дæлæмæдзыд къуымтæ йын мæнæн куыд сты, уымæй къаддæр адджын не сты? Фæласин æй, æмæ уæд бынтон цыбыр баст æрцæудзынæн хæдзармæ, йæ цурæй мын æппын никæдæм уыдзæн ауайæн: кæд æрмæст сабат æмæ хуыцаубоны, бинонтæй исчи куы ныззына, уæд. Цы уæлдай йын у горæтæй, Зилгæйæ; йæ кæддæры бадæнты дзы куынæуал абаддзæн йæ адджын сыхæгтимæ, йæ кæддæры уайæнты дзы куынæуал ауайдзæн: йæ сынтæгæй уазæгдонмæ искæй æнцæйтты бацæуыйæй æмæ фæстæмæ йæ хуыссæнмæ рацæуынæй дарддæр куы нал сты йæ цæуæнтæ æмæ фæндæгтæ. Фæндон мын бæргæ нæу, исчи йæ мæгуырхуыз æмæ æдзæллагæй уына, уый. Æниу ыл худгæ дæр чи хъуамæ бакæна — Хуыцауы лæвæрд у низ, курдиатæй йæ ничи бацагуры. Уæддæр... Уæддæр.

Хуыссæг иу афонты фæуæлахиз уæззау хъуыдытæ æмæ сагъæстыл.

Гом фæсонтæ сынтæджы уазал цъæтыл андзæвыдысты æмæ фехъал дæн. Алы æхсæвы хабар. Иугæр хуыссæны мæхи æруагътон, афтæ уайтагъд хъуырдухæн-зилдух райдайын. Гобан æддæмæ-æддæмæ бырдзæн, йæ æмбис пъолмæ æрхæццæ вæййы йæ быны тыд кæддагимæ æмæ фæсонтæ дæрзæг цъæтыл æрæнцайынц. Хъæбæрдæр æмæ фæлмæндæрæй кæцы сынтæг нæ бавзæрстон, ахæм нал баззад хæдзары — ницы уæлдай у. Кæддæр газеты бакастæн: адæймагæн, дам, йæ нывæрзæн хурыскæсæнырдæм хъуамæ уа. Бавзæрстон афтæмæй дæр, фæлæ ницы феххуыс. Уый æмæ дын Зилгæйы: цыфæнды уæззау сагъæстимæ дæр ахæм удæнцой фынæй авæййын, æмæ, куыд фæзæгъынц, мæ къах дæр нал атилын бонмæ. Сынтæгæй куы рахизон, уæд æм чи æркæса, уый зæгъдзæн: ам дысон ничи хуыссыд. Æнæ уæлдай æнцъылд, æнæ уæлдай фæд, сæры уæзæй баз цы æрбада, æндæр. Бынаты хицауы хорзæхæй, æвæццæгæн.

Сихормæ хæстæг дзæнгæрæг æрбалхъывдæуыд. Токон.

— Цæй, куыдтæ стут? Куыд у сæ чызг?

— Куыд нæ ныууагътай, афтæ: зæрдæрухсагæй нæм ницы ис.

Йæ къухы — хъулон-мулон целлофан хызын, уырыссаг æмæ латинаг дамгъæтæй йыл фыст: «Сочи»; пальмæтæ, цъæхцъæхид денджыз, сыгъзæринхуыз змис былгæрон, сæ сæрмæ — фæтæнсин, нарæгастæу, риуджын, бурдзалыг æвзонг чызг мондаггæнæн бикъ æмæ сагæхтимæ; цæсгомы æмбис цалхы чъилыйас сау кæсæнцæстытæй нæ зыны; æмбæхсинæгтæ —. гом, равдисинæгтæ — æмбæхст.

— Денджызы былæй схæццæ дæ, Токон? — ацамыдтон хызынмæ.

Бæрзонддæр æй систа æмæ нывмæ æркаст:

— Æдзæсгæмттæ! Хъуыды дæр æй куы нæ æркодтон. Хæрзаг мыл Джызæлæй ардæм худæгæй мардысты. — Фæсдуар йæ ныллæг сау туфлитæ раласта, хызын цы къухы уыд, уымæй къулыл æнцойгæнгæ. — Исты фæлмæн дзабыртæ мын фен — амардтæн мæ къæхтæй.

— Омæ цæуыл у дæ цоппай, Токон, дæхæдæг дæхи айсынæн куы нал дæ, уæд?

— Мæнæн бæргæ ницы у, фæлæ мæ зæрдæ сæ чызгмæ ахсайдта. Мæнæ йын йæ цæгатаг фæлыст дæр мæхи къухтæй бахуыдтон.

Уæззау къахдзæфтæй уатмæ бахызт.

— Гъы, куыд дæ, сæ чызг? — йæ былты зыр-зыр ссыди, цæстытæ баумæл сты, фæлæ уæддæр цæссыг баурæдта,— Уый цытæ архайыс, дæ хорзæхæй? — æрбадт Бабуйы дæлфæдтæм..

— Мæгъа, мæхæдæг дæр ын ницы зонын, — йæ куыст фæуагъта Бабу.

Куыст, зæгъгæ, раст мæнæ дзидзидай сывæллон авдæны рабадынхъом куы фæуа æмæ йæ бæттæнтæ райхалыныл куыд архайа, афтæ Бабу дæр фæцалх ставд сынкæй хуыд хъæццулы кæрдæгхуыз дари уæллаг халыныл; хуыссæны рабады, кæройнаг сынк агурдзæн æмæ агурдзæн, куы йæ ссара, уæд æй хъавгæ, æндах куыннæ аскъуыйа, афтæ — заууаты мæгуырахуыр туджы ныффидар: скъуынынмæ æмæ æппарынмæ æвгъау у, иннæ хатт дæр та бахъæудзæн — кæронмæ райхалы уыцы хъуыддагхуызæй. Бафæрс æй: «Цæмæ йæ халыс, Бабу?» æмæ йæ дзуапп алы хатт дæр: «Мæгъа, мæхæдæг дæр ын ницы зонын».

Токон йæ хызынæй цыдæртæ урс гæххæтты тыхтæй систа. Бабуйы дæлфæдтырдыгæй бандоныл æрæвæрдта афтид хызын, тыхтон та — йæ уæрджытыл. Сыбар-сыбургæнаг гæххæтт райхæлдта.

— Кæс-ма, сæ чызг, мæнæ дын цы къаба бахуыдтон.

Фæлурс морæ урс тæппытæджын даргъдыс джиппæйфыст къабайы уæхсчытыл хъавгæ дыууæ къухæй хæцы, афтæмæй йæ æрцæгъдæгау кодта йе ’нцъылдтæ æрлæгъз кæнынæн æмæ йæ Бабумæ бадардта. Уый дæр йæ хуыссæны рабадт æмæ къабайы фæдджи уырзæй æрысгæрста:

— Цы дзæбæх у.

Æндæр ницы сдзырдта æмйв къабайы фæдджи суагъта. Цалынмæ йæ сæрæн уыд, уæдмæ йæм исты лæвар искæцæй æрбафтыди, зæгъгæ, уæд æй алы хатт дæр къæмдзæстыджы хосыл нымадта цæмæдæртæсгæ. «Цæй хуынтæ æмæ лæвæртты æфсарм уæ ис? — уайдзæфтыл схæцыдаид æрбахæссæгæн. — Дæ бабуц кæнын мæхицæн æмбæлы, бæргæ, фæлæ алы хатт дæхæдæг фæраздæр вæййыс». Буцхъуагæй дæр никуы никæй ныууагъта, кæмæн æмбæлди, уыдонæй, уæддæр йæ ныхасыхъæд ахæмæй баззад. Æргом æй никуы загъта, фæлæ йын йæ нымæхст хъуыды хорз æмбæрстон: ома, хъуæгтæ æмæ фæкæсинæгтæ куы уыдыстæм, уыцы рæстæджытæ дивгъуыдтой; ныр мæнæ — Хуыцауæн табу — мæ иунæг рахъомыл, хæдзардарæг ссис, ницы хъуаг мæ уадзы; сымах та ма мын кæддæрау мæгуыр æнхъæл стут, æмæ йæ мæхицæн æфхæрдыл нымайын, кæд уæ хуын цыфæнды зæрдиагæй у, уæддæр.



Просмотров 1301

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!