![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 12 часть
— Бауырнæд уæ, хъæды халæттæй дæр мæнæй мæгуырдæр æмæ æнамонддæр ничи разындзæн — мад кæмæн нæй. Уæдæ! Марадз æмæ ды уыимæ дзур: йæ бирæ цотæй цалдæр йæхи разæй кæй бацыдысты мæрдтæм, уымæй йæ хоны йæхи æнамонд, фæлæ йын мад кæй нал ис, уымæй. Æз та ма цы зæгъон уæд: цас рацардтæн, уымæй мæ бирæ фылдæр ацæрын куы хъæуы нырма Пуцыры аййафынмæ. Ставд нымадæй афæдзы фаг дæр нал ссис Бабу, куы æруатон, уый фæстæ. Æруатон, зæгъгæ, ома, мæнæ бынтон хуыссæнæй æддæмæ мауал хиза, ахæм бонтæ йыл æрмæст фæстаг дыууæ мæйы бакодта. Низтæн се ’намонддæры амæттаг цæмæн бацис цымæ, Хуыцауæй йын хуыздæр амонд куы æмбæлди, уæд? Уæвгæ, йæхи загъдау, сидзæрæн Хуыцау амонд куы дæттид, уæд-иу æй сидзæрæй дæр нæ ныууадзид. Кæд уыди сæ фыццаг, ингæнмæ йæ чи батардта, уыцы æнæхайыры зæрдæхъæрмттæн? Цыппор æхсæзæм æви цыппор æвдæм азы? Æви цыппор æстæмы? Нæ, цыппор æстæмы нæ уыди, уæдмæ къæбæр парахатæй кæд нæма фæзынди, уæддæр æххормагæй амæлыны тасæй фервæзтысты адæм. Цыппор фæндзæмы та æппындæр нæ уыди — уæд ма нæ Доданы дзулы гæххæтт ирвæзын кодта: Фыдæлон стыр хæсты сахъатæн бон æхсæзсæдæ граммы дзул æмбæлди, æмæ кæд алы бон нæ, уæддæр кæм бон, кæм дыууæ цухæй æфтыди къухы. Уалынмæ кусынæн сбæззыд Додан æнæбары æмæ Дербентмæ афтыди, йæ дзулы хайæ дæр нæм ницуал хауди. Хорз нæ аирвæзын кодта уæддæр. Цыппор æхсæзæмы æви æвдæмы уыдаид? Мæлæты тынг ыл стыхстæн, цыма бирæ уæлдай у. Нæ-ы, фыдæнæн ыл ныттынг дæн, куыд хъуамæ ферох уа? Æрхъуыды йæ кодтон — цыппор æвдæмы уыди. Бæлвырдæй, цыппор æвдæмы. Уыцы аз фæдæн авд къласы æмæ æфсæнвæндаджы техникуммæ скарстон мæхицæн. Иннæ техникумты разæй цæмæн уырдæм? Æрыхъусæггагæй зыдтон: дарæс дзы лæвар дæттынц иннæ техникумтæй хъауджыдæр. Йæхи мидæг аслам хæрæндон. Уый æдде дын Беслæнæй Дзæуджыхъæумæ поезды лæвар билет: кæд дæ фæнды, уæд дзы бонизæрмæ дæс хатты дæр ацу. Уæд ма уымæй бæллиццагдæр цы уа? Зилгæйæ Беслæнмæ та цастæ быдыр у фистæгæй цæуынæн. Раст зæгъын хъæуы, ахуырмæ баййафыны тыххæй райсомæй фондз сахатыл сыстын хъæудзæн. Мур дæр мын нæу. Уыйхыгъд фæсурокты сихор скæн хæрæндоны, фæссихоры поезды рафардæг у æмæ хæдзарыл изæргæрæттæй дзæвгар раздæр сæмбæлдзынæ, уыйас дæр бад дæ уроктыл фæтæгены цырагъы рухсмæ. Æвдæм къласы фæлварæнтæ куыддæр ахицæн сты, афтæ техникуммæ цæттæ кæныныл æрбадтæн. Чингуытыл бæргæ бадын, хынцинæгтæ бæргæ хынцын, фæлæ хæринаджы сагъæс æндæр хъуыды æмгæрон нæ уадзы сæры магъзмæ. Æртæ боны дæргъы нæ цард цъиудзæхæрайы хуыппагæй у, æнæ къæбæры хъæстæ. Уымæй размæ-иу мамæ йæ хъæбæрхорæмхæццæ магары кæрдзыны хай — армытъæпæныйас — быдырæй æрбахаста, дыууæ дихы-иу æй бакодтам æмæ афтæмæй ирвæзтыстæм. Æнахуыр дæрзæг æмæ хус — æнæ ахуыйæнæй йæ ницыхуызы аныхъуырдзынæ. Æмæ сын уый дæр нал радтой фæстаг æртæ боны. Афтæмæй, дам, кусут; йæ фæллойбонтæ чи нæ сæххæст кæна афæдзы кæронмæ, уыдон адæмы знагыл нымад уыдзысты; знагæн та йæ бынат кæм ис, уый алкæмæн дæр хорз зындгонд у. Нæ мæгуыр æхсæвæр ахицæн кодтам дысон хурныгуылдыл, хуыссынæн æгæр раджы у æмæ хæдзары къæсæрыл бадæм. Бахордтон, нæ бахордтон — никæцæй мыл фæзынд. Цъиудзæхæра æмæ футæг рагацау æрцæттæ кодтон мамæйы æрбацыдмæ, тæрс фæйнæджы гæбазыл сæ хойгæ дæр мæхæдæг ныккодтон къуымыхгомау амайæн фæрæтæй. — Нæ та нын радтой абон дæр кæрдзын,— æнкъард хабар æрбахаста быдырæй мамæ æмæ цæхæра уæларт сæвæрдта. — Къуыри, дыууæ къуырийы куы аирвæзиккам истæмæйты, уæд картоф бæргæ фæзынид уалынмæ. Къуыри, дыууæ къуырийы. Куыд атæхдзысты, уый æфсæст адæймаг æмбаргæ дæр нæ бакæндзæн. Фæлæ футæгабмхæццæ цъиудзæхæрайы æвджид адæймагмæ та афæдз, дыууæ азы фæкæсдзысты. Уæлдайдæр дын райсомы бон дæр уæлдай ницы æрхæсдзæн, уый куы зонæй, уæд. Æрталынгмæ æнхъæлмæгæсгæ бадæм къæсæрыл. Ахсæв дæр та цырагъ ссудзыны зонд нæй мамæмæ: фæтæгеныл зымæгмæ ауæрды. Стæй нæ хъæугæ дæр цæмæ кæны рухс, хæрдгæ, мыййаг, куы нæ бийæм. Фæлтау рагацау ныффынæй у æмæ дæ де стонг байрох уа. Цæмæйдæрты мæ фарста мамæ, фæлæ йын иуафон йæ ныхас нал хъуыстон. Ау, адæймагæн бадгæйæ дæр фæзилы йæ сæр? Уæдæ уый циу. Зæрдæ æвиппайды схæццæ æмæ ма — къæсæрыл аив нæу! — тыхамæлттæй чъылдыммæ ахæццæ дæн, мæ артæнтæ дзы бындзарæй фæкалдтон. Ахсæны мур ницуал баззад, уæддæр ма лæмарын æмæ лæмарын, сæры мæсчъытæ фæйнæрдæм рæдувынц. Мамæ мæ фæдыл фæфæдис, мæ ныхыл мын армытъæпæнæй æрхæцыди: — Де ’нгуылдзтæ дæ дзыхы арфдæр атъысс. Мæ сæр ныттылдтон: цæмæ ма йæ тъыссон æнгуылдз, ахсæны куы ницуал ис, уæд, æрмæст ма дзы комыкъултæ æмæ фындзыхуынчъытæ арауæг маст хъары алы слæмæрстæн дæр, рату-рату йæ бæргæ кæнын, уæддæр ын фесæфæн нæй. Уаты фаллаг къуымы йæ хъæццулы бын сусæгæй куыд кæуы мамæ, уый мæм дзæбæх хъуысыд. Мæныл кæй кæуы, уый хорз æмбæрстон — ахæм æнæмбаргæ сывæллон нал уыдтæн, æнæхъæн цыппæрдæс азы мыл цыди. Æмæ йын кæд тæригъæдæй мæ зæрдæ фæйнæрдæм скъуыди, уæддæр æм ницы сдзырдтон, мæхи ныхъхъус кодтон фынæйы æфсонæй, уымæн æмæ иугæр куы сдзырдтаин, уæд мæхицæн дæр мæ кæуын фемæхстаид. Стыр аххосджын кастæн йæ цуры мæхимæ. Афтæмæй та мæ аххос уыд, дунемæ кæй фæзындтæн, æрмæст уый мидæг. «Никуы, æппындæр æм никуы æрхæсдзынæн маст,— ард хордтон, сомытæ кодтон мæхицæн. — Мæн тыххæй, æрмæст мæн тыххæй æвзары ацы хъизæмæрттæ. Æз та ма йын физикæйы фæлварæнмæ нæ куымдтон. Цыма мæ йæхицæн исты агуырдта. Æнæ ахуырæй куы баззайон, уымæй тынгдæр мын куы ницæмæй тæрсы. Уæд дзы куыд хъуама? исты маст бауадзон? Никуы, æппыйдæр никуы...» Æмæ уыцы хйсайæн хъуыдыйæ мæ рыст буар æппынфæстаг æрæнцад, адджын фынæй бадæн. Дыккаг бон быдырæй кæрдзыны армытъæпæныйас хайимæ æрбаздæхт. Куыддæр дуарæй æрбахызти, афтæ йæ фелвæста йæ куатæйы дзыппæй æмæ мæм æй æнкъард мидбылхудтимæ æрбадардта. — Хæц, лæппу, мæ хай дын,— фæзмы кæйдæр. Кæйдæр, зæгъгæ, гыццылæй-иу хисты кæнæ куывды заман кæрты науæд уынджы кауы рæбын куы ралæууыдыстæм, уæд-иу нын кæфойы мидæг чъирийы кæрстытæ чи рахаста æмæ сæ рæдауæй чи уæрста, уыцы нæлгоймаг æфсинты. Уыцы хус магары кæрдзыны æрмытъæпæныйас хай. — Æмæ дæхицæн та? — Мæхæдæг та йын йе ’мбис быдыры бахордтон. Дысоны цæхæрайæ ма цы баззади, уый цугуны мидæг уæларт сæвæрдта ахъарм кæнынмæ. Мæ артæнтæ дзы куы фæкалдтон, уый фæстæ йæм мæ бон кæсын дæр бæргæ нал у, фæлæ дæрзæг кæрдзын хуыппагимæ дæр хурхы сæртæ куы ныххафы, уæд ма æнæ ахуыйæнæй та хъуыры куыд ныццæудзæн? Тæбæгъы дзаг дзы мæ разы бæргæ æрæвæрдта, æмæ йæм дысоны зæрдæцъæхæй æрæвналын чи уæнды. — Ма тæрс, къæбæримæ дын ницы кæндзæни,— мæ гуырысхотæ мын фембæрста мамæ. Æнæбары хуыппытæм бавнæлдтон, кæрдзыныл ауæрдгæ, фылдæры фаг мын куыд суа, афтæ. Уæд та йын райсоммæ фæцауæрдин йе ’мбисыл? Бæргæ хорз уаид. — Æз дæр дзы хъармæй куы ахуыппытæ кæнин æххæст,— сарайы дæргъæй-дæргъмæ стъолы иннæ кæрон æд тæбæгъ æрбадти мамæ. Кæрдзынæй ма цы аззад, уый æрсастон æмæ йын йе ’рдæг мамæйы раз æрæвæрдтон. — Хæргæ, хæргæ дæхæдæг,— радта мæм æй фæстæмæ. Æз та йæ ногæй æрæвæрдтон, уæддæр æй нæ бакуымдта. — Хæрдджынæй æрбацыдтæн быдырæй, æрмæст мæнæ мæ ком абонсарæй ныххус æмæ цæхæра дойныйæн хуыппытæ кæнын. Цæй райсоммæ æмæ цæй æндæр — цæхæрайы тæбæгъимæ фæдæле кæрдзын. Тæбæгътæ сæнхъæвзта æмæ уынджы ’рдæм фæрасти мамæ, дуары цурæй мæм æрбадзырдта: — Æз устытимæ абадон иугыццыл. Нæхи дуармæ дæр хæристæ, нæ акомкоммæ Рубайты дуармæ дæр. Хъæдуры хъилы мондагæн сæ ныссагъдæуыдаид йæ заманы, æндæр сæм цы бæллиццаг ссардтаиккой, нæ зонын. Уæвгæ, иннæ бæлæстæй се ’ппæтæй раздæр кæй раппарынц сыфтæр, айдагъ уый дæр фаг бæллиццаг у. Сæ аууоны абадынæй хуыздæр хорз мацы ракæн сыхы устытæн сæ бирæ дзуринæгтимæ. Арæхдæр — Рубайты дуармæ. Иу бæласæй иннæмæ дзы дыууæ фæйнæджы ныххоста Али: иу — æрбадынæн, иннæ — фæсонтæй банцой кæнынæн. Куы бабирæ вæййынц, уæд та бандон фаг кæмæн нал вæййы, уый йæхи кæрдæгыл æруадзы. Æз дæр та æд чиныг æрбадтæн сарайы стъолы уæлхъус. Æмæ-иу æрмæст чиныгимæ куы уаиккой мæ хъуыдытæ, уæд бæргæ. Гуыбыны сагъæс дæ æрбайрох, уæд та æндæр исты сагъæс фæмидæг вæййы зæрдæйы. Ныр техникуммæ тыхбонæй цæттæ кæнын, фæлæ мын ардыгæй уæдмæ дзабыртæ куы нæ уа, уæд та? А, нæхимæ скъолайы ратт бæгъæмвадæй дæр фæлварæнтæ, фæлæ горæты та куыд? Худинаджы тыххæй нал дзурæм, фæлæ дæ чи бауадздзæн бæгъæмвадæй техникумы къæсæрæй бахизын? Дыууæ дзабыры ма мæ исты амалæй куы фæуид, уæд сæ дарын бæргæ базонин. Хъæууынгты ницы худинаг у, дæ дæларм сæ бакæн æмæ афтæмæй араст у Беслæнмæ. Станцæмæ куы нæма схæццæ уай, уæд æфсæнвæндаджы тæккæ был доны кърант, уым дæ къæхтæ сæнхъæвз æмæ дæ дзабыртæ скæн. Стæй та сæ фæстæмæ дæр дæ дæлармы æрхæсс. Уæллæй, дыууæ хатты фылдæр сфаг уыдзысты афтæмæй. Йæ цæгатыл тынг йæ зæрдæ дары æрчъиагæй мамæ, фæлæ йын Джызæлмæ ницуал æмæ ницуал æнтысы. Барæй уыдзæн, æндæр цы: ома мын рагацау куы бахуыйа дзабыртæ, уæд уайтагъд аихсидзысты. — Душинка! Душинка! — æрбайхъуыст уынгæй Бабийы тарст хъæр. Цавæр фæдис уа? Чиныг фæуагътон æмæ тагъдгомау дуар ’рдæм рауадтæн. — Душинка! Душинка! — цалдæр хъæлæсы баиу сты. Дуарæй ракастæн æмæ — ничи. Æрмæст уынджы фаллаг фарс, Рубайты бæлæсты бын устытæ цæйдæр алыварс æртыгуыр сты. Сæ кæртæй дзаг къæртаимæ рауади Рабиат æмæ се ’хсæн фæмидæг. — Душинка! Душинка! Мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта. Уынджы фаллаг кæрон устыты раз куыд балæууыдтæн, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон. Се ’хсæн кæрдæгыл хуыссы мамæ, йæ цæстытæ цъынд, цæсгом мæрдон фæлурс. — Мамæ! — мæ цъæхахст бауромын нæ бафæрæзтон, айрох мæ: мæ кары лæппуйæн ахæм цъæхахстытæ нал фидауынц. — Ма тæрс, ма йын тæрс,— мæн сабыртæ кæнынмæ фæцис Баби. — Хур æй ныццавта, ницы йын уыдзæн. — Йæ ныхас баууæндинагдæр цæмæй уа, уый тыххæй иннæтæм разылд: — Абоны хуызæн судзаг хур искуы федтат уæ дунейыл? Мах ын бæлæсты аууон куы нæ фæрæзтам, уæд уагæры быдырдзаутыл цавæр бон уыдаид. Бадинæт мамæйы хъуыры æгънæджытæ суагъта, доны къæртайы йæ арм атъыссы æмæ йын дзы йæ хъуыртæ æмæ ных пырх кæны, устытыл сбустæ: — Акæнут ма сывæллоны иуварс, йæ зæрдæ фæтæрк уыдзæн, мæлæты халтахъ куы нæ у æнæуый дæр. Æмæ сын чи комы иуварс? Зырзыргæнгæ лæууын мамæйы уæлхъус, мæ уæрджытæ æрлæмæгъ сты æмæ мæ тыххæйты уромынц. Фæтæригъæд мын кодта Хуыцау: йæ цæстытæй ракасти мамæ, исдуг джихæй алæууыд, йæ къух уæзбынæй систа æмæ дзы йæ хъуыры æмæ ныхы уымæлтæ асæрфта. Сыстыны фæлтæрæнæй йын ницы рауад æмæ йæм фæйнæрдыгæй февнæлдтой, æнцой йын фæлæууыдысты, фæйнæгыл æй æрбадын кодтой. — Цы кодтон, цы? — къæмдзæстыгхуызæй афæлгæсыд алырдæм. — Цы кодтой, уымæй дын дæхи бафæрсын хъæуы,— бауайдзæфау ын кодта Бадинæт. Йæ алыварс удæнцойæ сулæфыдысты — æгайтма æрыгас. Се ’ппæтæй æрхъуыдыджындæр разынди Баби: — Хæргæ исты бакодтай абон? Ницы дзуапп дæтты. Айдагъ цъиудзæхæрайы хуыппагæн цæй хæринагыл банымайæн ис? Басæттын æм цæмæдæр гæсгæ худинаг кæсы. Ноджы худинагдæр та — гæды ныхас зæгъын. Фæлтау ницы дзуры. Æмæ цастæ зын бамбаринаг у Бабийæн, кæд æмæ йæ бирæ царды дæргъы æртыккаг æххормаг рæстæг æрæййæфта. Бустæгæнгæ йæхи сцагъта мамайыл: — Æ, Хуыцау дын æй куыд нæ ныббарста, кæд цавæр фырнымд разындтæ! Афтæмæй дæ сидзæр æххæст сидзæрæй куы баззайа, уымæй дæр нæ тæрсыс? Уæд цавæр диссаг уыди иу кæрдзынхор ссад ракурын? — Цымæ йæ æнæхъуаджы фыдæфхæрд кæй бачындæуыд, уымæн æвдисæн фæлæууынмæ сæм сидæгау иннæтæм разылд: — Нæ худинаджы хъæр куы хъуысыд æнæхъæн сыхæй дæр, се ’хсæн адæймаджы сыдæй мæлын бауагътой, зæгъгæ. Уыдон дæр стыр азымджын цыма сты, уыйау сæ сæртæ æруагътой. — Марадз-ма,— бадзырдта Баби йæ чызг Рабиатмæ,— иу къус ссад радав. Йæ доны къæрта æрæвæрдта чызг, мидæмæ бауад æмæ уайтагъд фæстæмæ фæзылди. Къус нæ — хæдзары мидæг стырдæр цы кæхц разынди, уый нартхоры ссадæй цъупдзагæй рахаста. Бадинæт æй куы ауыдта, уæд йæ зæрдыл æвиппайды цыдæр цыма æрбалæууыд, уыйау сæхимæ фæрæвдз. — Марадз, марадз æмæ сызмæнт кæрдзинаг. Æмæ ма дæ иннæ хатт афтæ бакæнгæ куы фенон, уæд мын сар дæ сæр уыдзæни,— йæ мæллæг æнхъырдтæ тымбылкъухæй бадодой кодта Баби. — Мæхæдæг дын æй бадавон,— мамæйы разæй фæцис Рабиат æмæ кæхц нæ сарайы стъолыл æрæвæрдта, йæхæдæг феддæдуар. — Хуыцау куы фæдæтты, уæд, дам, рудзыгæй æрбадæтты,— гæзæмæ мидбылхудтимæ сдзырдта мамæ æмæ кæхцы цур æрбадти, ссадæй уырзыдзаг систа æмæ йæ æнгуылдзты æхсæн æууæрста æмæ æууæрста. — Цу æмæ æндзарæн æрбадав, æз та хыссæ азмæнтон. Чыргъæдимæ рауадтæн сугдонмæ. Каухалæнтæ, лыстытæй йæ æмбис бакодтон. Фæрæт райстон æмæ суг сæттыныл балæууыдтæн. Артваг нæма æрсастон, афтæ мæм мамæ сарайæ радзырдта: — Ныууадз сæ æмæ рауай ардæм, нал нæ хъæуынц ахсæв. Ау, уый та куыд нал хъæуынц? Мæхи мæт мæ нал ис — йæхæдæг куы ахæрид иу кæрдзыны къæбæр. Сарамæ бацыдтæн. Ссады кæхцы цур стъолыл ауыдтон пецы къулыл фых кæрдзыны фылдæр æмбис, æртысгæны фæдтæ йыл дыууæ тæлмæй бæрæг дарынц — æнæхъæнæй лæгуæрдоны цалхыйасæй къаддæр нæ уыдаид. Йæ фарсмæ — хæцæнджын цыбырхъуыр дурын, хæстæгдæр куы балæууыдтæн, уæд æрдæгтуаг хуырхы мондаггæнаг тæф фындзыл сæмбæлди. — Бадинæт сæ æрбалæвæрдта,— бамбарын кодта мамæ. — Сæ цæрæнбон бирæ Рубайтæн: фесæфынæй нын тас нал у. Ссæндгæ дын бакæнон æви хуыппæй ахæрдзынæ? — Хуыппæй. Фыдæлтыккон литруат æрхуы кружкæ мын байдзаг кодта. Кæрæдзийы акомкоммæ æрбадтыстæм æхсæвæрыл. Сыгъдæг урс нартхоры кæрдзын. Кæдæй æмæ дзы кæдæй нал фæхъæстæ дæн, йæ ад мæ фæцæйрох кодта. Сындæггай æууилы, зæрдиаг хуыппытæ кæны мамæ. Нæ иу дæр æмæ иннæ дæр ницы дзуры. Равдæлон мæ кружкæ, иуварс æй æрæвæрдтон, мæхæдæг ма афтид къæбæр гыццыл комдзаггай æууæрдгæ æууилын; мæ рагон ахуыр — цыфæнды ахуыйæны фæстæ дæр ма хъуамæ афтид къæбæр æууилон. — Ма йыл ауæрд, æркæн ноджыдæр хуырх. — Нал мæ хъæуы — бафсæстæн. Фæстаг комдзаг куы аныхъуырдтон æмæ мæ къухтæ кæрæдзийыл куы асæрфтон, æрмæст мæ уæд бафарста мамæ: — Тынг мын фæтарстй? Ницы сдзырдтон, кæрæдзийæн буц ныхæстæ æмæ митæ ахуыр нæ уыдыстæм. Æрмæст ын фындзы сым-сымæй дзуапп радтон æмæ фынгæй сыстадтæн. ... Сæрдыгон мигътæ Сау денджызы ’рдыгæй куы слæгæрдынц æмæ Зилгæйы сæрмæ куы æрбатар вæййы, уæд дард кæмдæр райдайы арв мынæг æрттывд кæнын; йæ гуыргуыр Æрджынарæджы рæгътæй нæма сыхъуысы, фæлæ йæ зон: раздæр-фæстæдæр, схæццæ уыдзæн, тæрккъæвда фемæхсдзæн, арв фæркдихтæ хаудзæн дæ сæрмæ, йæ гыбаргыбурæй æмæ уæззау цæлхъытæй хъустæ æмыр кæндзысты, кæд нырма цыфæнды дард у, уæддæр. Раст уыцы мынæг арвы æрттывдау уыди мамæйы зæрдæхъарм дæр. Æмæ кæцæй хъуамæ бамбæрстаин, æппынфæстаг цæмæ расайдзæн, уый. Куы бахуыссыдтæн, æрмæст мæм уæд бахъардта, зыбыты иунæгæй аззайынмæ мæ бирæ кæй нал хъуыд. «Мæн тыххæй, мæн тыххæй ныууагъта йæхи æххормагæй, мæн тыххæй стыдта йæ комдзаг йæ хъуырæй. Уæд куыд хъуамæ иунæгæй аззайон? Нæ, уымæн уæвæн нæй, уый никуы уыдзæн. Куы уа, уæддæр æрмæст рæдыдæй. Æнæхъæн сыхмæ куы акæсай, стæй фаллаг сыхмæ дæр, уæд дзы мад кæмæн нæй, иу дæр ахæм куы нæ ис. Бирæтæн та мад æмæ фыд дæр. Фæлæ йын мад дæр æмæ фыд дæр ма уа — ахæм ничи. Дардмæ цæмæ цæуон — мæнæ Али нæ тæккæ акомкоммæ гъæйтт, зæгъгæ, лæг куы у æмæ уымæн дæр мад куы ис, Баби. Бабийæн йæхицæн та? Æмæ уый зæронд у, бынтон зæронд, афон дæр ын нал у, хъæугæ дæр ма йæ цæмæн кæны мад? Нæ, афтæтæ ма дзур уæддæр: куыд хъуамæ уа, мад кæй нæ хъæуы, ахæм? Хорз ус у, æвæдза, Баби, мад дæр ын мæ цæст уарзы. Федтай, куыд рæдауæй нын авæрдта ссад. Бирæ нæ ахаста мæ тарст, байрох мамæйы зæрдæхъарм. Æмæ цымæ бирæ уыдзысты, хæсты фæстæйы азты фырæххормагæй зæрдæхъæрмттæ чи нæ бацис, уыдон? Байрох æмæ та бирæ азты фæстæ мæ зæрдыл æрлæууыд. Куы базæронд сты Бабу æмæ сыхы мидæг йе ’мгар устытæ, низтæ сыл тыхсын куы байдыдтой, уæд уартæ Цæцæны зæххыл Бæрæгъуыны хъæрмæдонмæ фæцалх сты. Æндыснæгæн æмæ ахсæны низтæн æндæр ран, загътой, а бæстыл хос нæй. Кæрæдзимæ гæсгæ, æндæр ницы. Нæма сæ уырныдта, нæ сæ фæндыд басæттын, сæ бирæ фыдæбæттæ æмæ азтæ сыл кæй ®ртыхстысты æмæ сын хос кæй нал ис, ууыл. Дыууæ хатты йæ нæхимæ Хохы Хъæрмæдонмæ арвыстон, иу хатт — Тæмискъмæ, иннæ хатт — Урсдонмæ, æмæ дзы-иу адæмæй уæлдай хуыздзыд æмæ тæнхаудæй æрхæццæ фæстæмæ. Дыууæ-æртæ хатты йæ бæрæг кодтон алы хъæрмæдоны дæр, кæм дыргъимæ, кæм адджинагимæ, кæм харбызимæ, æрмæст Бæрæгъуынмæ никуы афтыдтæн. Цы уа, цæуылнæ йын у исты æххуыс, хуыз ыл уымæй уæлдай цæуылнæ фæхæцы иннæтæй хъауджыдæр, зæгъгæ, дисы æфтыдтæн. Иу бынат дæр зын ссарæн уыди, уæлдайдæр сæрдыгон, æз ма-иу дыууæ дæр самал кодтон, сыхæгтæй искæимæ куыд ацæуа æмæ æцæгæлон адæмы æхсæн куыннæ тыхса, афтæ. Æмæ-иу куы æрыздæхтысты, уæд сæм дохтыртæ куыд зылдысты, сæ цæрæнуат куыд райдзаст æмæ удæнцой уыд, уый кой-иу сæ нæ фехъуыстаис, фæлæ дзы куыд дзæбæх æмæ уæздан адæмтæ æрбамбырд Иры алы кæрæттæй, æрмæст уыцы кой. Уæд ма цымæ цы хъуаг æййæфтаиккой? Рацæй-рабон æмæ мын хабар нæхи хъæуккаг чызг — Урсдоны сæйраг дохтырæй куыста — бамбарын кодта:
![]() |