Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 16 часть



— Цы дын зæгъон, Токон? Æнхъæлыс, мæ фырхъалæй йын гæс æрбадтæн æнæ мызд, æнæ æндæрæй? Хуыздæр гæнæн мын нал уыд, бауырнæд дæ.

— Ма йыл фæсмон кæн. Уый дæуæн фæбадти, ныр та йын ды æрбадтæ. Цард афтæмæйты у. Уæдæ йын чи хъуамæ æрбада дæуæй раздæр?

— Раст мæ нæ бамбæрстай, Токон. Фæсмоны кой мæм куы нæ ис мæнмæ дæр. Бауырнæд дæ, мæхи разæй йыл æууæндгæ дæр никæимæ бакæнин бинонтæй. Ома йæм мæнæй æвзæрдæр фæкæсыны тæссæй нæ. Мæхæдæг куы бадон йæ цуры, уæд бынтон æнæ зæрдæхсайгæ уыдзæн. Афонмæ куыд у, афонмæ цы у хъуыдытæ кæныны бæсты йæ уадз æмæ мæхи цæстæй уынон. Афтæмæй æнæмæтдæр уыдзынæн. Стæй, дæхи загъдау, мæнæй раздæр никæуыл æвæрд ис уыцы хæс. Мады фыдæбæттæ чи кæд бафыста, æмæ сæ æз бафиддзынæн, мыййаг, нæ зæгъын, фæлæ уадз æмæ йæ уæлхъус бадон йæ фæстаг фæндагыл.

— Ахæм æвзæр зæрдæ ма ис дæхимæ, адзæбæх уыдзæн нырма — Хуыцауæн зын ницы у.

— Бæргæ, бæргæ, Токон, Хуыцаумæ æцæгдæр куы фехъуысиккой дæ ныхæстæ. Фæлæ нæ зонын, нæ зонын, раздæха ма нæм, уый æнхъæл нæ дæн. Куыннæ йæ зыдтон зонгæ та — мыггагмæ мын нæ цæрдзæни, раджы уа, æрæджы, ацы бон мыл акæндзæн, æрмæст æм афтæ тагъд æнхъæлмæ нæ кастæн.

Токоны цæстытæ доны разылдысты. Æмбаргæ сылгоймаг у, ницуал сдзырдта. Уæдæй нырмæ стъолæмбæрзæны æнцъылдтæ расæрф-басæрф кодта, ныр. йæ къухтæ дзуарæвæрдæй дыууæ уæраджы æхсæн æруагъта æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд:

— Цалдæр хатты йе ’фсымæрты кой скодта, мæгуырæг, кæд, дам, афонмæ æххормаг сты.

— Дæуæн дæр æй рахабар кодта, Токон? Кæд у, уæдæй нырмæ сæ мысы, загъд сдмайы семæ, цыма, дам, уыдонæй æгуыдзæгдæр ничи у, уый хуызæн сæхи æнæ устытæй ныззæронд кодтой. Мæ зæрдæйы тугтæ ныккæлынц, Токон, бауырнæд дæ; кæцы сæ тæригъæддагдæр уа, нæ зонын: йæхæдæг æви йе ’намонд æфсымæртæ.

— Сæ иу дæр ницы федта цардæй æмæ иннæ дæр. А, йæхæдæг ма, табу Хуыцауæн, бынтон æдзард æмæ æвæгæсæг нæу, фæлæ уыдон бынтон сабитæй куы бабын сты, сæ акæнæг сæ тæригъæд фæхæсса. Амæндтæ дæттæгæн цы хуыздæр зæгъон уастæн, нæ зонын. Искуы сын цымæ сæ ном истæмæй ссардта, йæ сæрæн ма куы уыдис, уæд?

Йæ ныхас ын дзæбæх нæ бамбæрстон æмæ йæм фæрсæджы каст бакодтон.

— Фынджыдзаг сын, зæгъын, искуы ныххæлар кодтат?

— Æнхъæл нæ дæн. Мæ цуры никуы. Уæдæ мæ фæсаууон дæр æнхъæл нæ дæн. Никуы йæ дзыхæй ахæм кой схауди, æмæ уæд æз дæр ской нæ бауæндыдтæн.

Уырны мæ, уырны. Æнхъæлмæ сæм куы касти, уæд сын куыд хъуамæ фынджыдзæгтæ арæзтаид. Бауырнæд дæ, дзæгъæл хуымæтæджы йæм нæй сæ кой. Бавдæл æмæ дæ къух цæмæй амона, уымæй сын сæ ном ссар; кæд, мыййаг, сæрæгас сты искæцы ран, уæддæр Хуыцауæн кæд нæ фæхъыг уаид, хатыр дзы-иу ракур.Куыд дæм кæсы мæ ныхас?

— Тынг раст уынаффæ у, Токон. Кæд ма сæ уд сæ мидæг ис, уæд, ау, куыд никæцæй фæхабар кодтой æнæхъæн авд æмæ дыууиссæдз азы дæргъы? Кæд сæ сæртæ, мыййаг, хъахъхъæнынц, уæд сæ хуыздæр цæмæн хъуамæ бахъуыдаиккой сæ зæронд фыды баныгæныны разæй, нæ зонын. Хуыцауæн зын ницы у, дæхи загъдау, фæлæ мæ нæ уырны, исчи ма сæ æгас уа.

— Æз дæр афтæ æнхъæлын. Зæрдæмæ хæссыны бæсты сын иу фынджыдзагæй сæ ном ссар.

— Бауырнæд дæ, Токон, тæккæ иннæбон.

— Иннæбон цыппæрæм у.

— О, о, майрæмæхсæв.

— Майрæмæхсæвы пысылмæттæ хæлар кæнынц, махмæ та — сабатизæры.

— Æмбарын æй, æмбарын, фæлæ кæд тынг ламазгæнæг нæ дæн, уæддæр хæдзар пысылмоныл нымад у, æмæ...

— Ницы кæны, хорз хабæрттæ дыл цауæд кæддæриддæр, фæлæ кæмæй зæгъæм, уыдон та чырыстон сты, æмæ кæд мæрдтæм фæндаг иумæйаг у, фæзæгъынц, уæддæр сабатизæр аивдæр уыдзæн.

— Куыддæриддæр дæ фæнды, афтæ, Токон.

— Гъемæ дæ цæрæнбон бирæ æмæ дыл хæрзаудæн кæнæд.

Нæ фæсайдтон мæ ныхас. Фынджыдзаг куы срæвдз хæларæввонг, уæд Лæппын мæ уæлхъус æрбалæууыд:

— Æз «оммен, Хуыцау» зæгъдзынæн.

— Цу, Бабуйы размæ уал ауай, «оммен, Хуыцау» иннæ хатт зæгъдзынæ.

Нæ йæ бамбæрста, иннæ хæттыты йæм мæхæдæг куы фæдзурын «оммен» зæгъынмæ, уæд æй ныр цæмæн арвыстон, уый æмæ тæргайхуызæй ацыд, йæ роцъо фестъæлф-фестъæлфгæнгæ.

Кæдæй уæдæй йын «ахæр» зæгъын нæ бахъуыд, афтæмæй ма адджынæн скомдзæгтæ кодта Бабу.

Уыцы бонæй фæстæмæ дзы нал фехъуыстон йе ’фсымæрты кой. Дзæгъæлы куы нæ кæнынц, дзæгъæлы, адæмтæ иууылдæр хæрнæджытæ æмæ фынджыдзæгтæ, дзæгъæлы нын куы нæ баззадысты дзæнæты фæбадинаг фыдæлтæй.

Ау, афтæ тынг сæм фæхæстæг уыдаид фаллæгтæм Бабу, æмæ йын æргомæй æмбарын кæной?

Зицæйыл куы куыдта, уæд æй фæстаг хатт федтон кæугæ.

Фыццаг хатт та?

Райхъал дæн — æвæццæгæн, сæ ныхасмæ,— фæлæ мæ цæстæй ракæсын нæма фæнды. Рудзынджы фæрсæгтæ — æрдæгæхгæд, уаты дуар та — бынтон гом, мидæмæ кæлынц æмбисбоны ирд тынтæ. Сихоры фынæй куы æрвæййын, уæд мыл Яийы зæронд чырынтæ кæлмæрзæн æрæмбæрзынц: фынæй адæймаджы буар, дам, цыфæнды хъарм рæстæджы дæр уазал кæны. Хъармæй мæлæты дзæбæх хъарм у, æрмæст ма йæ дæрзæг хаутæ хъуыр куы нæ хæриккой.

Фыд хуыссы. Сæйгæ рынчын у. Хæрынмæ кæнæ йæхи хъуыды чъылдыммæ акæсынмæ цы рабады, æндæр сынтæгæй нал хизы. Стæй ма йæм исчи курдиат кæнæ хъаст ныффыссынмæ куы æрбацæуы, уæд дæр рабады æмæ æрбафтæгæн æгасцуай фæзæгъы, йæ къæхтæ сынтæгæй æруадзы æмæ сæ дзабырты атъыссы, æцæг хизгæ нæ ракæны, стъол ын йæ цурмæ байсынц. Æмæ уæд мæ тæккæ амондджындæр рæстæг ралæууы. Бандон стъолы цурмæ бахæр-хæр кæнын æмæ йыл уæрджытæй æрлæууын. «Гъы, нæ писырыл дæр та хур ракасти. Стæ-ма, мæнæ ацы хæррæгъ дæ уæрджыты бын бакæн. Нæ мæ уырны, дæ уæраджы кæхцытæ ма фæсахъат уой зоныгыл лæууынæй»,— хъуыр-хъуыр кæндзæни Яи, фæлæ мæм æрбацæуæджы æфсæрмæй тызмæг сдзурын нæ фæразы. Æрбацæуæг та цалынмæ йæ хъасты-курдиаты сæр æмбарын кæны, уæдмæ æз мæ риу стъолы тигъмæ быцæуæй уæрджытыл лæууын; сæ ныхасы сæр цæуыл у, уымæн ницы хатын, уæддæр чи сдзуры сæ дыууæйæ, уый дзыхмæ æдзынæг кæсын. Мæ фыды цур — чернилæдон, фыссæнгарз æмæ сыгъдæг гæххæтты сыфтæ. Мæнæн дæр мæ разы — гæххæтты сыф, мæ къухы кърандасы гæбаз — айфыццаг мын чернилæ Яийы буц къæлæтджын бандæттæй иуы бур хъæдабæйыл куы æркалди æмæ хъулонæй куы баззади, уæдæй фæстæмæ мын чернилæмæ бавналыны бар нал ис; Яи афтæ смæсты, æмæ мын мæ къухы уæларм рацъыччытæ ласта; бирæ æмæ зæрдиагæй фæкуыдтон ставд цæссыгæй, мæ сæрыл рахæцæг дæр ничи фæцис æмæ сабыргæнæг дæр; цæссыг куы байсысти, уæд та ма хæкъуырццæй; ома, уадиссаджы рыст мын фæкодта, уый тыххæй нæ, фæлæ Яийы къух мæн ныццæвынмæ батасдзæн искуы, уый мæ нæ уырныдта æмæ кæй фæфыдæнхъæл дæн, уый тыххæй.

Мæлæты дæргъвæтинæй дзуры æрбацæуæг йæ хабар, æз та, мæ фыд фыссын кæд райдайдзæн, уымæ нал хъæцын; уæрджытæ фæллайын байдыдтой æмæ куы рахизыл æруадзын мæ уæз, куы галиуыл. «Æмбæрстгонд у,— фæзæгъы æппынфæстаг фыд. — Æмбæрстгонд у». Æмæ фыссынмæ бавналы. Æз дæр. Æрбацæуæг арæхдæр-арæхдæр, кæсын æмæ фыссын чи нæ зоны, ахæм вæййы æмæ исдуг хæлæггæнгæ йæ цæстытæ айсын нал фæфæразы, къæдзилджын, къахджын, сæрæмбæрзт аив дамгъæтæ рæнхъ рæнхъы фæдыл сыгъдæг гæххæтты сыфыл куыд æвзæрынц, уымæй. Иуафон æмбæхсгæ арф ныуулæфы æмæ мæнмæ фæкомкоммæ вæййы. Цалынмæ фыд æнæхъæн сыф фæфыссы, уæдмæ мæнæн дæр иу кæнæ суанг дыууæ рæнхъы дæр бантысы. «Кæс-ма, дæ хорзæхæй, ацы сабимæ, æз ын зылын-мылын хæххытæ кæнын æнхъæл уыдтæн, ай та æцæгдæр дамгъæтæ куы фыссы»,— дисгæнгæ, йæ цæстытыл не ’ууæндæгау, дыууæ армы кæрæдзийыл ныццæвы æрбацæуæг. Фыд мидбылхудгæ мæ сыфмæ æрбакæсы; æмбарын æй: æхсызгон ын сты æрбацæуæджы дистæ, æмæ фæзæгъы: «Мæлæты фыссæг. Иууылдæр та дын кæрæдзийыл куы баныхæстысты». Раст зæгъы. Дамгъæтæ мын иууылдæр кæрæдзийыл фидар хæцынц, цыма фæхицæнæй æмæ ахауынæй тæрсынц, уыйау. Уæддæр ма хорз æмæ раздæрау рæнхъы кæронмæ уæлæмæ дæр нал адзæгъæл вæййынц æмæ дæлæмæ дæр. Цæмæ сæ хъæуы хицæнтæ кæнын та, иу иннæйыл хæцгæйæ кæрæдзийæн ныфсы хос куы сты. «Цал азы йыл цæуы, цал?» — «Фондз». — «Æмæ йæ æгæр раджы нæ сахуыр кодтай фыссыныл? Фæзæрдæцъæхæй йын нæ тæрсыс, мыййаг?» — «Йæхæдæг базыдта. Æз ын æрмæст фыссæнгарзыл куыд хæцгæ у, уый бацамыдтон, дарддæр та йæхæдæг фæцахуыр. Дзæбæх æм кæсы æмæ уадз æмæ фысса. Мæлæты фыстытæ: дамгъæтæй чи кæцы у, уый дæр куы нæма зоны. Æрмæст æз куыд фыссын, афтæ сæ кæрæдзийы фæдыл æвæры — иунæг дæр ын дзы нæ фæцух». Йæ цæстытæ худынц, фæлмæн рухс сæ хъары.

Фæстаг заман æм арæх нал цæуынц хъæстытæ фыссынмæ, æвæццæгæн, зæгъынц: йæхи тыхст дæр ын фаг куы у, уæд ма йæ мах та цæуыл хъыгдарæм?

Уый иу сынтæджы хуыссы, æз — иннæйы. Мамæ та уат мæрзы — уынгæ йæ нæ кæнын фæлæ цъылыны сыф-сыфæй бæрæг у. Стæй йæ хуылыдз голладжы зæрондæй тагъдгомау рахсдзæни. О, тасы доны йæ атъыста æмæ йæ лæмары: кæд æй нæ уынын, уæддæр æй йæ уынæрæй зонын.

Цыдæртæ дзурынц, фæлæ цалынмæ мамæ ныккуыдта, уæдмæ сæм мæ хъус не ’рдардтон, сæхæдæг мын фæзæгъынц: хистæрты ныхасмæ дæ хъус ма дар.

Яи дæр æмæ мамæ дæр мæлæты арæх кæуынц фæстаг заман кæрæдзийы сусæгæй. Фæлæ æз сæ иуимæ куы нæ уон, уæд та — иннæимæ, æмæ йын мæнæй бамбæхсæн нæй. Ахæм ма диссаг уа: хъæр дыл мачи скæнæд, дæ къахы сындз ма бауайæд, куыдз дæ ма расурæд, мачи дæ фæнæмæд,афтæмæй ку. Уыимæ хибарæй, дæхи кæмæн бабуц кæнай, уый дæр дæ разы ма уæд.

Мамæйы кæуын куы айхъуыстон, уæд дæрзæг кæлмæрзæны бын бампылдтæн, дуне мыл бакъуындæг æмæ батар: мæ кой сæм ис.

— Хуыздæр ныфс мын ма бавæр, адзæбæх уыдзынæн, зæгъгæ, фæлæ мын уымæй мæ зæрдæ балхæн,— мамæйы кæугæ-дзургæ хъæлæс.

Фыды къæмдзæстыгхуыз, лæгъстæгæнæг ныхас:

— Ау, уæдæ æцæгдæр дæ зæрды ис сидзæргæс æрбадын?

Иу цæстæй ракастæн сусæгæй. Мамæ уаты бæстастæу лæууы, голладжы хæррæгъ тасæй куыд систа, афтæмæй йыл хæцы, нал æй æрлæмæрста, йæ дон лыстæг цыхцырæй пъолмæ тæдзы æмæ йыл сындæггай фæйнæрдæм æнхъæвзы. Мæнырдæм сæ ничи кæсы, сæхи ныхасыл сты, мамæ мæнмæ чъылдымздæхтæй лæууы æмæ кæуынхъæлæсæй дзуры:

— Къахгæ мæ кæныс æви æцæг у дæ ныхас?

— Къахынтæ æмæ хъазынтыл ма куы уаин, уæд бæргæ. Дæ разы уый номыл дæр куыд сбаддзынæ уæдæ? Дзыхы ныхæстæй у, дæумæ гæсгæ, сидзæргæс? Нырма дын мæ цæстæй кæсын, фæлæ дыл бонтæ иунæгæй куы адаргъ уой, уæд хорзау ныл уыдзынæ. Нæу, бауырнæд дæ, дзыхы ныхæстæй. Бирæ фæбадынвæнд дæр-иу ма скæн: æгъдау куыд амоны, афтæ — дыууиссæдз боны, стæй дæ уæд дæ цæгат сæхæдæг агурдзысты.

— Хорз зæрдæтæ мын æвæрыс, хорз,— ныккуыдта мамæ.

Голладжы хæррæгъ тасы æрæппæрста æмæ йæ пæллахъ фæцыди. Йæхæдæг куатæйæ йæ хуылыдз къухтæ асæрфта, ныллæг бандон райста æмæ йыл фыды сынтæджы цур йæхи æруагъта. Куатæйы кæронæй йæ цæстытæ дæр асæрфта дыууæрдæм.

— Кæугæ ма кæн, дæ разы сывæллон райхъал уыдзæни.

Мæнырдæм ракæсынмæ куыд рацæйзылд мамæ, уый ауыдтон æмæ мæ цæстытæ ацъынд кодтон.

— Кæугæ ма кæн, фæлæ мæнмæ хъус, цалынмæ та ничи фæзынди, уæдмæ. Куы цæуай...

— Никæдæм цæуинаг дæн æз, мæ мæгуырыл мæ ныууадз.

— Дæхæдæг куы нæ цæуай, уæддæр дæ нæ ныууадздзысты дæ цæгат. Æмæ куы цæуай...

— Никæдæм цæуын æз!

— Æз дæр дæ тыххæй, мыййаг, не ’рвитын, фæлæ ардæм хъус. Куы цæуай, уæд-иу лæппуйы йæ фыды хæдзары ныууадз, йæ мыггаджы æхсæн. Исты амæлттæ йын кæд кæниккой хадзыйы байзæддаг. Яи йæ æфхæрын нæ бауадздзæн. Ис мыггагæй цæмæн йæ мадырвадæлтæм дæр ахауа? Æндæр мыггагмæ йæ демæ акæныны зонд дæм-иу макуы æрцæуæд.

— Гъер æндæр цы зæгъай, уый дын нæй? — хæкъуырцгæнгæ сфæрæзта мамæ.

— Никуы никæй бахъæудзæн, уый дын бæлвырдæй зæгъын. Æмæ мын искæй фæсдуæртты куы рахау-бахау кæна мæгуырхуызæй, исчи йæм тызмæгæй куы сдзура, науæд æй куы асхойа, уæд мæрдты дыккаг мард кæндзынæн. Фенамонд кодтон дæу дæр, æмæ ма ныр цы зæгъон æрæдж.иау? Хуыцаумæ мын тæригъæд ма фæкæсæд, фæлæ дæ разы уыцы сабийы уæвгæ куы нæ раттаид, уæд хуыздæр уыди, бæргæ. Науæд æй кæд лæвæрдта, уæд ын йæ хойы цæуылнæ бауарзта йæ цæст?

Мамæйы богъ-богъмæ æз дæр ныккуыдтон æмæ сынтæджы рабадтæн дыууæ тымбылкъухæй мæ цæстытæ æууæрдгæ.

Никæйуал хъæуын, æмæ сынтæгæй дæр цæмæ хизон? Кæд æрмæст Яийы æмæ уый дæр æмгæрон куы нйкæцæй зыны.

— Нæ дын дзырдтон — сывæллон райхъал уыдзæн? Гъер, марадз, скуыдта уый дæр.

— Кæуæд. Цы йын кæнон? Уадз æмæ рагацау кæуын ахуыр кæна, нырма фæсте сты йæ кæуæн бонтæ.

— Ма ку, басабыр у. Науæд дæ исчи куы фехъуса, уæд хæрзаг зæгъдзæн: йæ уд йæ мидæг куы ис нырма, уæд ыл кæдæм хъарджытæ кæны.

— Никæдæм цæуинаг дæн æз. Цæрдзыстæм мæнæ дыууæйæ, кæд нын ацы кæрты бынат разына, уæд. Мæхи сидзæр мын æгъгъæд фæуæд, ууыл сидзæры ном сбадын нæ бауадздзынæн, цалынмæ мæ цæст æрттива, уæдмæ.

— Гъемæ уæ дыууæйы цæрæнбон дæр бирæ уæд. Марадз, басабыр кæн сывæллоны. Мæлыны фæнд мæм нæй нырма; къахгæ дæ кодтон. Ныр мæ зæрдæ ницæмæуал æхсайдзæн. Мауал ку, хъазгæ кодтон.

— Æмæ хуыздæр хъазинаг не ссардтай?

— Цымæ дæм, зæгъын, цавæр зонд ис.

Сæ ныхас куы фæфæлмæн, уæд æз дæр басабыр дæн.

— Рауай, папæйы хъæбул, папæйы хъæбысмæ.

Сынтæгæй æрцæйхызтæн, фæлæ мæм мамæ фæцырд:

— Хуылыдз пъолыл ма бацу.

Йæ хъæбысмæ мæ фелвæста æмæ мæ фыды фарсмæ æрæвæрдта. Хъæццулы бын аныгъуылтæн æмæ йæм мæхи нылхъывтон.

Мамæ пъол æхсад фæцис. Тасы дон æддæмæ рахаста. Гыццыл дурыны дзаг донимæ æрбаздæхт уайтагъд.

— Исчи уæ дон нуазы?

Ничи.

Ногæй та феддæдуар æмæ сирены æргъом æрбахаста, дурыны йæ æрæвæрдта.

— Уый та дын сирень — абонсарæй йæ куы мысыдтæ.

Фыд нйцы сдзырдта, æрмæст мидбылты бахудт.

— Æз уын уæ дуар дæр сæхгæндзынæн æмæ рудзгуытæ дæр æрбассондзынæн — уадз æмæ суанг йзæрмæ сатæгæй лæууа уат. Ды та-йу тæлфгæ ма кæн, папæйы ма хъыгдар.

Кæртмæ рахызти.

Талынг уаты уайтагъд сирены тæф анхъæвзта.

Асайдта нæ дыууæйæ дæр, хинæй ныл рацыд папæ: мæлыны фæнд, дам, мæм нæй нырма.

Дыккаг бон уыдаид æви æртыккаг бон мæ Яи бафарста:

— Дзиуатæм дæ нæ фæнды?

— Куыннæ!

Æдзухдæр мæ фæнды Дзиуатæм. Цыппар уынджы фалдæр цæрынц. Нæхимæ мын чингуытæм æвналыны бар нæй — аскъуындзынæ, дам, сæ. Цыма сæ цæмæн хъуамæ аскъуынон? Кæддæр, гыццыл ма куы уыдтæн, уæд — кæд уыди, уый хъуыды дæр нал кæнын — иу чиныг аскъуыдтон æмæ сæ нал æмæ нал рох кæны. Хæцыдысты мæм æмæ йæ базыдтон: чиныгæн скъуынæн нæй. Уæддæр сæ нæ уырны. Ноджы ма дзы алыхуызон тæрсæн нывтæ æмæ сæм куы æркæсын, уæд æхсæвы æвзæр фынтæ фæуынын æмæ хатгай мæ цъæхахстмæ бинонты æдде мæхæдæг дæр ма райхъал вæййын.

Дзиуатæм та бынтон æндæр хъуыддаг у. Кæимæ ахъазай, уый сæм сывæллон нæй, фæлæ мын уæддæр æнкъард нæу. Сæ дæлæмæдзыд зæронд зæхбыны фарсмæ æрдæгконд ног бæрзонд хæдзар, хъæдын къæпхæнтыл æм схизын хъæуы. Йæ къултæ тарсырх фыхдурæй амад, йæ сæр та бæлæгъдурæй нæ, фæлæ цдашинæйы æнгомæвæрд дурæй æмбæрзт. Уæттæн дуæрттæ æмæ рудзгуытæ нæма ис, гæмттæй лæууынц, бынхъæдтæ дзы æвæрд, иу уаты пъол æмбисы онг хост, фæйнæджытыл цалдæр асыччы æвæрд, цавæрдæр чиныггæндтæй сæ тæккæ дзаг. Чиныггæндтæн се ’мбисæй фылдæр — сыгъдæг сыфтæ, нæдæр дзы тæрсæн нывтæ, нæдæр ахæм исты. Цасдæриддæр дæ фæнды, уыйас сæ фæлдах, ма кæ дæр дын ничи зæгъдзæн, хæцгæ дæр дæм ничи кæндзæн. Чи дæм хæца, уый дзы уæвгæ дæр нæй: бинонтæ цал сты, уалæй — мæ фыдыхо Корæ, йæ лæг Гиуæрги, æз æй Гиуа хонын æмæ йæм иууылдæр уыцы номæй дзурын байдыдтой, йæ тиу Мæхæмæт — кусынмæ вæййынц бон-изæрмæ; хæдзар та сæ зæронд нанайы æвджид. Æмæ дын уый та мæ мæтæй мæлы, цы: къæркъæргæнаг ерджен рахæсдзæн æмæ йæ хæдзары рæбын аууоны æрытауы, сæгъдзарм æмæ мутака йыл æрæвæры æмæ йæхи æруадзы; цалынмæ йæ исчи райхъал кæна, уæдмæ йæхи зондæй нæ рабаддзæн. Сæ зæронд хæдзары рæбинаг къуымы лæууы дынджыр чырын, æфсæйнагæй тæлмытæ йыл. Йæ сæр мæлæты уæззау у — сыгом кæнын æй нæ фæразын, æмæ нанайæн лæгъстæ бахъæуы: «Нана, чырын ма мын байгом кæн». — «Цы дзы сæвæрдтай чырыны, цы дæ дзы ферох?» — «Кърандас». Хъуыр-хъуыргæнгæ йæ байгом кæны: «Уый æндæр йеддæмæ нæма у, афтæмæй йын йæ фыды хуызæн кæсынтæ æмæ фыссынтæй бафсис нæй». Чырыны лагъзы — дуне кърандæстæ: иутæ цыргъгонд, иннæтæ æнæхъæн. «А, мæнæ дын цыргъгонд кърандас. Æцæг æй куы фесафай, уæд дын иннæ хатт нал ратдзынæн. Гиуа та дæумæ дæр æмæ мæнмæ дæр хæцдзæни». Йæхæдæг ацæуы æмæ сæгъдзармыл æрхуыссы йæ ком ивазгæ: «Бисмиллагъи рæхман-æр-рæхим, де уазæг, иунæг цытджын Хуыцау». Æз та мæ кърандасимæ æрдæгконд хæдзармæ бацæуын æмæ — мæ бар мæхи: цас мæ бафæнда, уыйас мæ бон у уыцы чиныггæндтæ рафæлдах-бафæлдах, куы мæ бафæнда, уæд та асыччытæй иу равдæлон кæндзынæн æмæ йæ дæлгоммæ æрфæлдахдзынæн: цæттæ стъол, йæ фарсмæ тымбылцъæгæй сбад æмæ чиныггонды сыгъдæг сыфтыл дæ мондæгтæ суадз фыссынæй. Уæд мæ куыд хъуамæ ма фæнда Дзиуатæм?

Схæццæ мæ кодта Яи. Дыууæ зæронды хæдзары аууон, кæрты ’рдæм рудзгуыты бын, сæгъдзармы фарсмæ ныллæг бандæттæ равæрдтой æмæ дæргъвæтин ныхасыл схæцыдысты.



Просмотров 1217

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!