![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 15 часть
Уалынмæ æндæр сылгоймаг — къуырттытæгæнгæ — уатмæ егъаугомау тæбæгъы бахаста цыдæр хойрæгтæ æмæ сæ фынгыл æвæрын байдыдта. Айдæнæй мæм разындысты: мæймæ булкъ, цъæх хъæдындзтæ, къуыдырфых æйчытæ дыгай дихтæй. Æвæрд сæ куы фæцис, уæд мæ рæзты æддæмæ раивгъуыдта. Йæ хæдфæстæ фæмидæг хæнкъуытæ æмæ фынджы алыварс æрзылди. Хъæдындзты бынæй цыдæр урс карст фелвæста — цыхт кæнæ булкъ — скомдзаг дзы кодта æмæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, дæндагдзæфæй йæ фæстæмæ хъæдындзты бын авæрдта. Стæй уæд æйчытæм ныдздзагъыр. Февнæлдта æмæ се ’ппæтæн дæр сæ буртæ фелвæста, нынныхъуыр-нынныхъуыр сæ кæны, æвæццæгæн, æгæр сурфых уыдысты, цæххы атъыссынмæ та йæ фыртагъдæй не ’вдæлы; бур дзы ис æви афтид сты, уый бæрæг куыннæ уа, афтæ сæ иууылдæр дæлгоммæ фæфæлдæхта, йæхæдæг æнæуынæрæй феддæ æмæ уымæй уæлдай нал фæзынд. Джихæй баззадтæн: ау, фынг уазджытæн куы цæттæ кæнынц, уæд искуыдæр ма афтæ вæййы? — Цæуæм, байрæджы нын уыдзæн,— дуарæй мæм æрбадзырдта мамæ. Фысымтæ нæ фæдыл рацыдысты хатыртæ кургæ: сбуцгæнинаг нын бæргæ стут, не ’мхæрæфырты лæппу кæдæй уæдæй нæ къæсæрыл æрбахызт, цæй, иннæ хатт кæд хуыздæр рæстæджытæ скæнид. Уый мæнæ уæ уазджытæ фынгыл куы æрбадой, уæд бæрæг уыдзæни. Æниу, уæвæн ис, æмæ æйчытæм уæвгæ дæр ма бавналой æмæ ницы базондзысты. Калонкæйы онг уырдыг фæлæууыдыстæм æнуд вагоны, фæлæ уым дзæвгар адæм ахызт æмæ нæм бынат æрхауди. Куыддæр æрбадтыстæм, афтæ мæ къух мамæйы хызыны фæтъыстон. Афтидармæй та нæ рауагъта Елмæсхан йæ уазджыты ацы мæгуыр заман дæр. Æппын мацы — хъæдур æм æдзух разыны. Хъæдрæбыны михарæх Джызæлы. Хъæдæй дæрддзæф Зилгæйы та æрмæст уæрдонджынты бон у Бæтæхъойыхъæуы кæнæ Заманхъулы рæгътæм фæцæуын æмæ мих æрласын; уæрдон кæмæ нæй, уымæн та кæд йæ цæрæнмæ хæстæг хæрис уа, уæд ын — михаг. Газеты мидæг — фиу; хуыздæр рæстæджытæ куы уыди, уæд Джеуæргуыбайы æнæ уæныг кæнæ гал никуы ныууагъта бинонты Гацыр. — Иу Стырбонæй иннæмæ-иу æй сæ бон бахæрын нæ бацис æмæ афæдзгæйттæ тыхтæй лæууыд цары. «Цъылынæй мæрзæгау ныккодтой немыц хæдзар, æгæр-мæгуыр нартхоры ссады тæпп нал ныууагътой, æрмæст ацы фиумæ нæ бацыбæл сты; салдат æй тыргъы хъайваныл ауыгъдæй цы банхъæлдтаид, нæ зонын, цымыдисхуызæй йæ райста, сысмыста йæм æмæ йæ цæсгом банхъырдтæ, раст бæхы хуыррытт ныккодта,— худгæйæ радзырдта хабар Елмæсхан фиу газеты тухгæ: — Насджынæн замманай у». Уарзын æз дæр фиуимæ насджын, æрмæст цалынмæ тæвд уа, уæдмæ. Хызын сфæйлыдтон. Зинæйы хуыд дзабыртæ. Цалдæр æнгузы, мамæйы тæбын кофтæ — æнуд вагонмæ куы бахызтыстæм, уæд æй раласта. Чиныг дзы нæ разынд. Мæ зæрдæ уайтагъд фæкъæпп ласта æмæ кæуындзастæй мамæмæ скастæн: — Мæ чиныг! Цыма мæныл нæ баууæндыд, уыйау мамæ дæр хызын сгарынмæ фæци. — Мæ хæдзарыл, мæхи къухтæй йæ куы сæвæрдтон, уæд цы хъуамæ фæцадаид? — джихæй скасти Зезимæ. — Кæд фæндагыл, мыййаг, схауди, æндæр цы хъуамæ фæуа. — Куыд хъуамæ схауа арф æвæрдæй? Кæс-ма, æнгузтæ дæр æнæхъæн.къусы дзаг куы уыдысты æмæ дзы мæнæ фондз, æхсæз йеддæмæ куы нал ис. Диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ! Кæд хызын хуынкъ фæци, зæгъгæ йæ бандонæй уæлиау систа æмæ йæм бынæй хæрдмæ скаст. Цыма æнгузтæ хъæдуры разæй æркалдаиккой, уый хуызæн. — Хæнкъуытæ! — æрбалæууыд мæ зæрдыл. — Хæнкъуытæ сæ адавтаид, æндæр ничи! Æгæр хъæрæй фæци мæ ныхас æмæ нæм адæм сæ хъус æрдардтой. — Сухырæй зæгъыс, æви? — мæнырдæм ныттар Зези. — Ма дын бавнала Сухыр — йæхицæй уæздандæр лæппу æгас Иры зылды куы нæ разындзæн. Æниу ын сыгъзæрины кæритæ куы ныккалис йæ къæхты бын: сæ сæрты ахиздзæн æмæ сæм гуыбыр дæр не ’ркæндзæн. Ахæм лæппу нæу Сухыр — ма дын бавнала. Бынтон та мын уый мæ тъæнгтæ ныццагъта. Ома, Сухыр — зæды къалиу, аз та йыл тугтæ мысын. — Уæдæ! Мæхæдæг æй фæдтон: уазджыты æрбацыдмæ стъолыл цы æйчытæ æрæвæрдтой, уыдонæн сусæгæй сæ буртæ ахордта иууылдæр æмæ сæ дæлгоммæ фæфæлдæхта. Æнуд вагоны фæлвых адæм бахъæлдзæг сты. Худæджы хос сын фæцис æмæ алырдыгæй дзырдæппарæн байдыдтой. — Æфсины аххос уыди — кæдæм рагацау æвæры къуыдырфых сур æйчытæ? Фæлтау дзы æнæцагъд хъайла скæн æмæ йæ тебæйы мидæг цъысцъысгæнгæ æрæвæр дæ уазджыты раз. — Бæркады тыххæй уыдаиккой дыгай дихтæ. — Æмæ цал айчы уыдысты, цал: дыууæ æви фылдæр? — Ха-ха- ха! Цæуылнæ худой, исты сæ, мыййаг, «Куыд æхсыстыс æндон» искæмæй фесæфт? Мæнæн та фырмæстæй мæ хурхыуадындзтæ ныддæнгæл сты æмæ сдзурын ницуал фæразын, уымæн æмæ йæ зонын: куыддæр сдзурон, афтæ ныккæудзынæн æмæ мыл алырдыгæй худгæ цы фæкæной, æндæр мæ маст никæмæ бахъардзæн. Зезийы аххос у — æнæ Сухыры фенгæ фæцæрын нал фæрæзта. Æ, куыдзæй гуырд Сухыр! Афонмæ æйчыты хабар мæныл баххуырстаид, æндæр цы. Æмæ йын иууылдæр къæссайы комыл хæцæг фæлæудзысты; мæнæ йыл Зези къæм абадын куы нæ уадзы, уæд ма йæ бинонтæ та куыд хъуамæ цæсты бафтауой. Зезийы аххостæ сты иууылдæр — йæ фæдыл нæ куы нæ баластаид, уæд чиныг дæр мæхимæ уаид, æйчыты дау дæр мыл не сбадид. А, æйчытæ фæуæд; фæлæ чиныг мæхицæй ддрддæр никæй аххос у: цæй гæлæбутæ ахсыны мæт мæ уыди? Æнцад æй нылхъив дæ дæлармы æмæ цалынмæ нæхимæ ныххæццæ уай, уæдмæ йæ ма суадз. Зезийы нæ, фæлæ. мæхи аххос: цæмæн æй бакуымдтон хызыны æвæрын? Æмæ уый хæйрæг чи уыди ? Ницы кæны, зонды хос мын уыдзæн иннæ хатт. Иннæ хатт... Дæ хъустыл уæлдæр схæц — алы хатт дын «Куыд æхсыстис æндон» дæтдзæни Зинæ. Дæ хæлиудзыхыл басæтт æмæ... «Стæ-ма, дæ къах. Куы ницуал та дæ хъæуы чиныгæй уæлдай». Газеты гæбазыл мæ æрлæууын кодта — дзабыры ныв скæрда. «Ахæм ма дзы къах рæзгæ уа. Хæрæджы къах у æмæ хæрæджы!» Æз дæр-иу мæхицæй ныббузныг дæн, цыма истæмæй тынг фесгуыхтæн, уыйау. Æнæ ногхуыд дзабыртæй мæ никуы рауагъта. Æмæ уæд куыд аив уыдысты, уый та. Сау кæнæ сырх сæракæй сыл разæй-фæсте уадздзæгтæ: разæй — аивдæрæн, фæсте — фидарæн; кæд йæ къух амона, уæд ма сыл фæрсырдыгæй дæр аивы хос нывæфтыд гæппæлтæ. «Абар сæ»,— куыддæр хуыд фæцадаид, афтæ. Нæдæр æлвасгæ кæнынц, нæдæр уæгъдад. «Цæмæн сæ раластай?» Нæ, нæ, кæй цæст сæ уарзы иударонæн. Фæлтау сæ скъоламæ скæндзынæн æмæ уадз алырдыгæй хæлæггæнгæ æркæсой. Сæрбæттæн æдзухдæр æрфгуыты онг æнгом æлвæстæй дардта. Алы цыдæн дæр-иу йæ дзыккутæ æхсын мæнмæ æрхаста. Уазал рæстæг у, уæдхæдзары, мидæггаг уаты, дуарæхгæдæй, сæрдыгон — кæрты, хордоны чъылдыммæ. Тасы мидæг-иу хуырх стæвд кодта æмæ-иу æй фæскъуыммæ ахастаид, куыд ничи йæ уына, афтæ. Нæлгоймæгтæй нæ, фæлæ йæ суанг сылгоймæгтæй дæр исчи йæ сæр æхсгæ фена, уый йæм стыр худинаг касти. Цалынмæ йæ сæр æхсадтаид, уæдмæ-иу уæларт цы доны къæрта æрæвæрдта, уый рафыцынмæ бирæ нал хъуыд. Стæй-иу уæд йæ мынæг «кыс-кыс» хъус тыхамæлттæй ацахста. Мæнмæ-иу сидти: рахæсс, афон у. Æз дæр-иу къæрта пецы сæрæй райстон, йе ’мбис ын-иу æндæр къæртамæ рауагътон æмæ йыл-иу уазал дон — буарыл æхсызгонæй куыд æмбæлдаид, афтæ — бафтыдтон, иннæ та фæстæмæ пецы сæр тæвдæй лæууынмæ сæвæрдтон. Кæцæй мæм сидтаид, уырдæм-иу фæраст дæн. Тас-иу бандоныл æвæрд нал уыд, фæлæ йæ зæххыл æрæвæрдтаид, афтæмæй мæм-иу æнхъæлмæ каст йæ астæу къæдзæй, дзыккутæ къæбутæй размæ æппæрстæй. Æмæ-иу литруат æрхуы кружкæйæ къæбуты дзыхъы хъавгæ æртагътон: «Æгæр тæвд нæу?» — «Йæ тæккæ ахъаззагæй у, уадзгæ кæн». Æмæ-иу дыстæ арф фæлдæхтæй æнхъæвзта æмæ æнхъæвзта — цалынмæ дыууæ къæртайы дæр фæстаг æртахы онг фæцадаиккой, уæдмæ — йæ цыллæйы хуызæн фæлмæн сæнтсау бæзджын дзыккутæ. Уый фæстæ та-иу сæ фасынæн кæрон нал уыди; сæрвасйвны фæлмæн сыф-сыфмæ-иу мæ хуыссæг фæцæйахста, уæддæр-иу цалынмæ фаст фацис, уæдмæ йæ уæлхъус лæууыдтæн. Уый дæр мæм йæ сæр фæрсырдæм къулæй цæстытæй худтаид: «Ды куы нæ уай, уæд мын мæ сæрыл дон чи æркæна, ахæм æнæхъæн Джызæлы нæ вæййы». О, нæ. Æмбарын æй: мæ зæрдæ æлхæнынæн дзуры, уæддæр мæхицæй ныббузныг вæййын. Йæ бæзджын сау дзыккуты иу хаттæй иннæмæ урс хилтæ цыма фылдæрæй-фылдæр бæрæг дарынц. Æви мæнмæ афтæ кæсы? Цал азы йыл цыдаид, фæстаг хатт æй куы федтон, уæд? Æхсæз æмæ ссæдз? Æви авд æмæ ссæдз? Мæлæты арæх куы нæ æфтыдтæн мæмады ’рвадæлтæм, уæд мыл куыннæ хъуамæ цин кодтаиккой, куыннæ мæ рæвдыдтаиккой Гацыр æмæ Елмæсхан — дада æмæ нанайæ сæм мæн йеддæмæ чи хъуамæ сдзырдтаид, уæддæр мын Зинæйы рæвдыд æмæ цин — «мæнæ цæйас лæг ссис нæ хæрæфырт!» -т- уæлдай æхсызгондæр уыди. Æмæ мын æй Хуыцауы цæст кæронмæ нæ бауарзта. — Амардтай мæ, Бабу! Мæ астæуыстæг мын асастай! — Мæн йеддæмæ уæ маргæ дæр ничи кæны сымах, уæ астæуыстæг дæр уын ничи сæтты. — Омæ, куыннæ, куыннæ, Бабу, кæй зæрдæйæ атигъ кодтай Зинæмæ дæхи? Куыд дæ байрох, дæ зæрæдтæм дын хи хъæбулау кæй фæкаст, уый? — Хуыздæр каст ма цы вæййы — дзыназгæ сæ фæуагъта дыууæ зæронд къодахы. Мæнæй уæлдай моймæ дæр куы нал фæцыди, уæд ма сын цымæ уыцы зæрдæниз та цæмæ скодта? — Гъер дын цымæ æндæр бузньнтаг цæуылнæ разынд йæ авд азы фыдæбон, куырдуаты бадæгау? Кæдмæ йæ бадын кодтай? — Бадтаид. Йæ сæрыхицау цалынмæ ссæуа, уæдмæ. — Æй, Бабу, Бабу, бадынтæй куы здæхиккой хæстонтæ, уæд бæргæ бирæ чидæртæ абон дæр ма бадиккой æнхъæлмæгæсгæ. — Куы йæм фæбадтаид, уæд бæгуыдæр ссыдаид. Сæ марды хабар кæмæн сыхъуысти, уыдон дæр ма куы ссыдысты. — Йæ цæссыгтæ та ногæй æргæр-гæр кодтой. — Ацу-ма, стæй мæ уæд дæ ныхтæ ныссадз, цыма дын æндæр куыст нæй, уыйау. Æнæуый дæр мæ зæрдæмæ рухсы цъыртт никæцæй кæлы æмæ ма мæ ды дæр баййар. Цалдæр боны уыцы хъуынтъыз ахаста æмæ уæдмæ йæ маст ссыди: рæстæг — хосгæнæг. Уæд йеддæмæ никуы скуыдта йе ’фсымæртыл. Стæй куыд хъуамæ скуыдтаид æнæ бæлвырд хабарæй? Бонтæ æмæ азтæ ивгъуыдтой, уæддæр æнхъæлмæ касти, йæ зæрдæ дардта: кæд фæзыниккой; нæ йæ уырныдта, иу хæдзарæй дыууæйæн фесæфæн ис, уый. Дыууæйæн нæ, Бабу, фæлæ æхсæзгæйттæ æмæ æвдгæйттæн дæр. Сойын цырагъау мынæггæнгæ батади йæ ныфсы цъыртт. Æмæ йын ныр Зинæйы фенд æхсызгоны бæсты йæ зæрдæ ныррæхуыста, æвиппайды йæ сæрызонды фæрттывта: æрыхъал у, мауал дæхи сай, æнхъæлмæгæсгæ нал у. Æгъгъæд, ахицæн. Ферох дæ уæд дæ сæнттæ: «йæ марды хабар кæмæн сыхъуысти, уыдон дæр ма...» Ауал азы йæм сæ кой куы никуал уыди, уæд ныр куы æруатон, уæд сæ бон цалдæр хатты цæмæн цымæ мыса? — Ныр уыцы лæппутæ куыствæлладæй куы æрбацæуой, уæд, цымæ, цы бахæрдзысты? — Кæцы лæппутæй зæгъыс, Бабу? — Гæмос æмæ Мысостæй, æндæр кæмæй. Уæлдай нæу — райсомæй уа æви изæрæй. Мæ алыггæнинаг сæр æй уæддæр не ’рцахста, цалынмæ нæм йæ чындз рынчынфæрсæг æрбацыд, уæдмæ. Чындзæй йæ бацамонон Токоны, æндæр цы, кæд ыл цыппарыссæдз азы цæуы, уæддæр. Хæстæгдæр ничиуал баззад Бабумæ цæгатырдыгæй — йæ фыды ’фсымæры фырты бинойнаг. Кæд йæхи айсынæн нал у, уæддæр æй йе ’фсарм сæнкъуысын кодта, сæ чызгмæ — æндæр номæй йæм никуы сдзырдта — йæхи æрбаласын кодта. «Сæ чызг...» Полийы куы æрхастой, уæд цас цыдаид Бабуйыл? Дыууадæс æви æртындæс азы? Сывæллон, æндæр ницы. Уæддæр æм йæ номæй сдзурынмæ нæ атасыд йе ’взаг. Æгъдау афтæ домдтаид æви йæхи æфсармæй? Гъа, нæлгоймаджы ном уайсадын æмбæрстгонд у, фæлæ сылгоймаджы ном та: сылгоймаг, зæгъгæ, сывæллон чызджы ном? Кæс-ма, кæс. Полийæ куы райстаид Бабу дæр, æвæццæгæн, уыцы миниуæг: номæй йæм никуы сдзырдта йæхимæ дæр æмæ фæсаууонмæ дæр, æрмæст Токонæй. Йæ тиуты амыдта, æз сыл цы нæмттæ сæвæрдтон, уыдонæй — Даду æмæ Додан, сæхимæ сын дзуры, уæд та — уæртæ лæппу; йæ ходыгъд — сæ чызг, йæхимæ йын дзуры, уæд та — уæртæ чызг; йе ’фсины мыггаг Бæтæгатæ зæгъынмæ нæй, нæ тасы æппындæр æвзаг — Мæнтæгатæ; йе ’фсицы æфсымæры ус — дæрддзæфдæр æмæ фæлмæндæрæй амынд: йæхимæ дæр æмæ фæсаууонмæ дæр — Тамарæйы мад. Уый æмæ дын ныры чындзытæ: хæдзары хистæр уа æви мыггаджы хистæр — йæ тæккæ номæй йæ ныццæлхъ ласынц сылгоймаджы дæр æмæ нæлгоймаджы дæр; ацу æмæ мæстæй ма атон. — Бадын дæр мæ бон нал у. Цу-ма, баз мын радав, æз сæ чызджы дæлфæдтæм мæхи æруадзон æмæ истытæ дзурæм. Ды та марадз, кæд дæ искуы, мыййаг, исты хъуыддаг ис, æз уал æм фæкæсдзынæн. — Æлхынцъгонд æрцыдысты, Токон, мæнæн мæ хъуыддæгтæ æмæ фæндæгтæ. Бинонтæ куы ’рбамбырд вæййынц изæрырдæм, уæд ма мын фæвæййы æрмæстдæр æддæмæ акæсыны фадат, æндæр нал. Хуыцауы салам дыл сæмбæла, Токон, мæ уавæр мын чи бамбæрста. Изæргæрæттæм ахицæн сты мæ кæнингæгтæ æмæ фæстæмæ æрбаздæхтæн. Куыд сæ ныууагътон, афтæ сæ дæлфæд-уæлфæд æрбаййæфтон. — Ахъаззаг фæхабæрттæ кодтам абонсарæй сæ чызгимæ,— загъта Токон æмæ диванæй уæззаугомау рахызт. Хæринаггæнæны стъолы фæйнæ фарс æрбадтыстæм. Токон амонæн æнгуылдзæй стъолæмбæрзæн дзæвгар фæрасæрфбасæрф кодта дыууæрдæм, йæ æнцъылдтæ йын лæгъзгæнæгау, стæй æппынфæстаг арф ныуулæфыд: — Мæ фæрстæ йын æрбайхæлой, æз ма йын хуыздæр æнхъæл куы уыдтæн, æмæ бынтон дзæгъæлтæ кæнын куы байдыдта. Рагæй афтæ у? — Цы дын зæгъон, нæ зонын, Токон. Йæ рохзæрдæйæ цалдæр азы дæргъы йæхæдæг дæр тынг тыхсти, йæхимæ-иу смæсты. Ницы йæм уадиссаг мæ хъус æрдардтон райдианты, фæдисаг мæм нæ фæкасти: зæронд кæны, зæронд та кæм рохзæрдæ вæййы, кæм цы. Иу æмæ дыууæ сты, мыййаг, рохзæрдæтæ, суанг ма мæнæ мæхæдæг дæр. Фарон нæ, æндæраз мæм фæкасти фыццаг хатт гуырысхойаг. Уæлинкайы марды фæстæ. — Уæлинка амарди?! — фестъæлфыд Токон. — Бауырнæд дæ, амарди, æндæраз сæрды тæккæ райдайæны. — Рухсаг уæд, мæгуырæг,— йæ бандоныл банкъуысыд Токон, армытъæпæн сыстыны æнцойæн стъолыл æрæвæрдта. — Нæ йæ фехъуыстон, æндæра мæнæн дæр ме хæс уыди йæ зианы сæмбæлын. Сæ чызг дæр мын куы ницы загъта. — Ферох дзы, æвæццæгæн. — Æвæццæгæн. Ау, æмæ цы кодта, мæгуырæг, нырма мæлыны зæронд куы нæма уыди? Сæ чызгимæ æмгæрттæ уыдысты, æнхъæлдæн. О, æмгæрттæ, цæугæ дæр иу азыл æркодтой. — Зæрондæй куы уаид æдзух, уæд бæргæ, Токон. Йæ хъулон уарзт кæстæр лæппу куы фæмард Уæлинкайæн, уæдæй фæстæмæ нал снывыл. Бæлвырд низæй дæр æм ницы иртæстой, æрмæст æдзух йæхимæ хъуыста, сындæггай тади. Сæрдыгон ма уынджы цы абадтаид, æндæр цæугæ дæр куы никæдæмуал кодта. — Бауырнæд дæ, йæ рынчын дæр ын никуы фехъуыстон. Кæс-ма, дæ хорзæхæй, афтæмæй махоны зианы гъæйтт, зæгъгæ, сæрæн сылгоймагæй сæмбæлди. Æфтгæ дæр никæдæмуал кæнын, æмæ... — Мауал фæсмонтæ кæн, Токон. Дæ разы дæхи айсынæн куы нал дæ, уæд ма дæм цæй мæрддзыгойты кой ис? — Афтæ бæргæ у, фæлæ адæймаг куы никæдæм цæуа, уæд ын йæхимæ дæр ничи æрцæудзæн. — Хуыцау дæ дзæбæх уадзæд. Бирæ фæцыдтæ, цалынмæ цæуынтæн уыдтæ, уæдмæ, зонæм æй иууылдæр. — Омæ, уæддæр Уæлинкамæ... Æгæр-мæгуыр ын йæ рынчын ма фехъус. — Кæцæй йæ хъуамæ уал хъæуы сæрты фехъуыстаис? Рынчын, зæгъгæ, дыууæ-æртæ къуырийæ фылдæр нæ ахаста сынтæджы. Бабу йæ уæлхъус фæбадти сæрæй-кæронмæ; æрмæст-иу хуыссынмæ цы æрбацыди хæдзармæ, æндæр йæ рæстæг иууылдæр рынчыны цур æрвыста. Уæлинка йæ уд дæр Бабуйы къухыл хæцгæйæ систа. Уый бæрц адджын уыдысты кæрæдзийæн. — Диссаг дæм ма кæсæд. Æмгæрттæ уыдысты, сыхæгтæ. Уæдæ куыд вæййы? — Диссаг та ма куыд нæ у — уагæры сæм цас дзуринæгтæ ’уыди бон-сауизæрмæ? Уæлинкайы фæстæ нал сси Бабу дæр йæ сæрæн. Ноджы ма бафæдзæхста: æрмæстдæр æй Бабу куыд цынайа, афтæ. Стæй, дам, уæларынг дæр Бабу балæууæд. Бæргæ дзырдтон Бабуйæн йæхицæн дæр, сыхы устытæн дæр: куы никуы цынадта мард, мæлæты фидар зæрдæйы хицау куы нæ у. Ской дæр мæ нæ бауагътой: удисæг адæймаджы фæдзæхстæн, дам, æнæ сæххæстгæнгæ нæй, иугæр адæмæн се ’ппæты æхсæн Бабуйы равзæрста, уæд. Бæргæ мын фæндон нæ уыди, фæлæ мæ бон ницы бацис. — Цы гæнæн ис, хуымæтæджы нæ бафæдзæхстаид афтæ бæлвырдæй. — Æмæ ницуал загътон æз дæр. Гъе, æрмæст уæдæй фæстæмæ æргомæй байдыдта дзæгъæлтæ кæнын. — Адджын уыдысты кæрæдзийæн. Дæлæмæ ныфтгæйæ сæ æдзух иумæ бадгæйæ æййæфтон. Дæлæмæ, ома, Зилгæмæ. Токоны зæрдыл цыдæр æрбалæууыд æмæ йæ сæр додойгæнæгау банкъуыста: — Кæс-ма, дæ хорзæхæй, уайтагъд дæр ыл фæгуырысхо дæн, фæстаг хатт нæм куы æрбафтыди, уæд. — Исты кодта? — Кæнгæ та цы хъуамæ кодтаид, фæлæ мын ахæм хъыг уыдис, ахæм, æмæ йæ мæ бон зæгъын дæр нæу. Æнаддæр бон нæ вæййы, ахæм рæстæг скодта: куы митфæлдзæгъдæн хаста, куы та-иу фæсæбыр. Сихæрттæм хæстæг уыдаид, афтæ сывæллæттæ хъазынæй бафæлладысты æмæ сыл хуыссæг стыхджын. Афынæйгæнинаг сæ уыдтæн, фæлæ мæ иу заман раст цыма ардаугæ счындæуыди, уыйау рудзынджы цурмæ бауадтæн. Кæсын æмæ дæлæ сæ чызг уынджы бæрæг астæуты фæд лæгæрдгæ ссæуы, йæ кæлмæрзæн æмæ палтойы уæхсджытæ митхъæпæн сæвæрдтой. Нæ хæдзары акомкоммæ куы схæццæ, уæд иу æхсгæ каст фæкодта æмæ дарддæр йæ фæндаг дары. Ай, зæгъын, цавæр диссаг уа, зæгъгæ, мæхиуыл сгуырысхо дæн. Кæсын æмæ уынджы дзæвгар сивгъуыдта. Цалынмæ кæлмæрзæн ме уæхсчытыл æрбаппæрстон, цалынмæ къалостæ кодтон, уæдмæ Хъодзаты тигъы онг схæццæ. Сурæгау йæ фæдыл алæгæрстон: «Уæ, сæ чызг!» Куы мæ фехъуыста, уæд сонтæй фæлæууыди, сындæггай мæм разылд. Сбустæ йыл кодтон: «Дæ хорзæхæй, сæ чызг, дæ хæдзар нал зоныс æви кæйонг фæцыдтæ? Цыма ацы митфæлдзæгъдæны дæу ссурынмæ мæ былыцъæрттæ хæрын». Барæй, дам, сивгъуыдтон: фендзыстут мæ æви нæ. Æмæ нæ, зæгъын, уынгты цæуджыты хъахъхъæныны мæт тынг ис? Абон дæр мæ нæ уырны, барæй сивгъуыдтаид, уый. Афтæ мæм кæсы, цыма дзæгъæл фæцис. Кæд барæй уыдаид, уæд иу хæдзар дæлдæр ныццу, дыууæ хæдзары, æмæ фæстæмæ раздæх, тигъы онг дзы æнæ фæцæугæ нæй?
![]() |