![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 18 часть
— Ныр дæ фæдыл дзыназгæ цы сабийы ныууагътай, уый райсом йæ фыды куы бацагура, уæд æм кæй равдисдзынæн? Ауадзут мæ! Ауадзут æмæ йæ бæсты ингæнмæ æз ныххизон! Асайдта Яийы дæр, мамæйы дæр, йе ’фсымæрты дæр, йæ хойы дæр, суанг мæн дæр асайдта папæ: мæлыны фæнд, дам, мæм нæй нырма. Стæй нæм уæд мамæйы цæгат цæуын байдыдтой. Иу хатт. Иннæ хатт. Æртыккаг хатт. Æмæ алы цыдæн дæр стыр хъæлæба æмæ загъд бакъахынц. Мамæ мидæггаг уаты бамбæхсы. Æз дæр йемæ. Ныхас æм дзæбæхдæр куыд хъуыса, афтæ дыууæ уаты æхсæн дуармæ хæстæг слæууы. Фæлæ æнæуи дæр хорз хъуысы: мæстджынæй æмæ хъæрæй у ныхас. — Хорз уын æмбарын, бæргæ, Хæблиатæ, уæ уавæр,— дзуры Солтан, мамæйæн йæ фыдыфсымæры лæппу. Мамæйы æфсымæртæ дæр йемæ сты, фæлæ Солтан уыдонæй бирæ хистæр у æмæ сæм йæ разы ныхасы бар нæ хауы. — Ахæм уæззау бæллæхæй фыдызнаг дæр хызт уæд. Хуыцау æвдисæн: махæн дæр тынг адджын уыди не сиахс. Æмæ цæуылнæ — зондæй зæгъай, æгъдауæй зæгъай. Уæдæ йæ уæздан æмæ æфсармæй та æнæхъæн сыхы зæрдæ балхæдта. Фæлæ Хуыцауы тæрхоны ныхмæ лæууæн нæй: рухсаг уæд. Уæхæдæг æвдисæн: æгъдау куыд амоны, афтæ цалынмæ дыууиссæдз. боны ахицæн сты, уæдмæ йæ нæ дзыхæй дæр не суагътам. Исты мæнг зæгъын? — Ницы, Хъассохы-фырт, дæ салам бирæ,— дзуапп ын радта Асæмо. Даду æмæ Додан, папæйы æфсымæртæ, стæй Яи дæр æддаг уаты сты, фæлæ уазджытимæ цæмæдæр гæсгæ æрмæст Асæмо ныхас кæны. — Уæдæ иугæр нæ чызгæн йæ сæры хицау нал ис, афтæмæй искæй хæдзары бада, уый фидаугæ дæр нæ кæны æмæ раст дæр никæмæ фæкæсдзæн. — Хъусгæ дæм лæмбынæг кæнын, Хъассохы-фырт, фæлæ — хъыг дын ма уæд — демæ æппындæр разы нæ дæн,— фæкарз Асæмойы ныхас. — Искæй хæдзар цæмæн зæгъыс? Фыдæлтæй нырмæ куыд баззад царды фæтк? Чызг райгуыры, йæ мад, йæ фыды фæндиаг бахъомыл вæййы, стæй йын æрдз куыд скарста, афтæ йæ амонд ссары. Уæхæдæг æвдисæн, Хæблиатæ лæбургæ нæ бакодтой Хъассохатæм, уæ чызджы уын бирæгътау скъæфгæ нæ ракодтой. Уæллæй, мæхæдæг дзы минæвар уыдтæн. Кæд дæуæй, мыййаг, ферох, уæддæр æй æз тæккæ абоны хуызæн хорз хъуыды кæнын: иу фынджы уæлхъус бадтыстæм демæ; хъуыддаджы фæрæстмæйы æртæ чъирийы иумæ скуывтам. Афтæ нæ уыди? — Афтæ бæгуыдæр. Фæлæ... — Фæлæуу, фæлæуу, мæ ныхас мын кæронмæ бауадз. Науæд ды мæнмæ куы нæ хъусай, æз та — дæумæ, уæд кæрæдзийы дæр никуы бамбардзыстæм. Æгъдауыл æмæ аивæй нæм куы ’рцыди уæ чызг, уæд æм кæйдæр хæдзайраджы дау цæмæн хæссут? Ды куыд зæгъыс, афтæ куы хъуыды кæнæм иууылдæр, уæд мæнæ Бæтæгонæн дæр кæйдæр хæдзарыл банымайгæ у. — Бæтæгоныл нæ цæуы ныхас: уый хæдзары хицау у, йæ дæле домбай цот рахъомыл, хъæддых цæджындзтæ. — Нæ, мæ хур æрбакæнай, ацы хæдзарæн Бæтæгонæй, Хъассохонæй уæлдай нæу: сæ иу дæр чындз æмæ иннæ дæр. Кæмæ цы амонд кæсы, уый та Хуыцау йеддæмæ ничи зоны. — О, кæуылты у нæ чызджы амонд: раздæр дæ хъæбулы баныгæн, афæдзы фæстæ та — дæ мойы. — Дæ ныхæстæм дын мæсты байдыдтон, Хъассохы-фырт. Дæумæ байхъус, уæд уын стыр фыдæнæн бакодтам, уæ чызджы уын кæй ракуырдтам, уымæй. Раст æй цыма зианты бын фæкæнынмæ æрхастам, уыйау. — Цæмæн зæгъыс, Асæмо! Куы ницы фыдæх арæм дæумæ дæр æмæ Хæблиатæм дæр. Фæлæ мах цармы дæр бацу. Адæм цы нæ уынынц, ахæм нæй. Ныридæгæн нæ хъусыл уайын байдыдта: кæсут, сæ чызджы йæ цæгатмæ ракæнын сæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй. Йæ мад æгас куы уаид, уæд æй афтæ бæргæ нæ ныууадзиккой. Уæдæ, æниу, фыдыусмæ хуыздæр истæмæ æнхъæлмæгæсгæ у? Цæмæн уæздан Елмæсханыл уыцы даутæ бадой? Тыбау-Уациллайыстæн, мæхи цæстыты раз сæ схаста æмæ искуы йæ дзыхæй схуыст ныхас дæр схауди, уый нæ хъуыды кæнын. Уæллæй, ныййарæг мад дæр афтæ фæлмæн нæ фæрæвдаудзæн. — Куы ницы зæгъæм уый тыххæй, йæ цæрæнбон бирæ уæд, сидзæртыл баузæлыны хъару кæмæ разынди. Тынг фæлмæн сылгоймагæй йæ хъусæм мах дæр. — Бузныг уæ цæстуарзон ныхасæй, фæлæ æгæр дард ахæццæ стæм. Цы хъуыддаджы фæдыл у нæ цыды сæр, уый кой бакæнæм. — Бахатыр кæнут, нæлгоймæгтæм дзырдæппарæн аив нæу æмæ,— райхъуыст Яийы ныхас. — Йæхи фæнд ын базыдтат чындзæн? Йæхи йын бафарстат? Кæд ын фæндон у йæ цæгатмæ, уæд æй мах бон дæр тыххæй бауромын нæ бауыдзæн. — Йæхи та йын цæмæ хъæуы фæрсын? — тызмæг дзуапп радта Солтан. — Æгъдау цы домы, мах дæр уымæй дарддæр ницы домæг.стæм. Рахæцæд йæ сывæллоны къухыл æмæ йæ цæгатмæ рацæуæд. Уыцы сабийы фаг суыдзыстæм. Уæллæй, зул цæстæй бакæсын дæр ма йæм-иу исчи бафæлварæд. — Ау, ис хæдзар, ис мыггагæй куыд хъуамæ фæхæтæнхуаг уа нæ мадызæнæджы иунæг бындар?! — ныронг ницы дзырдта Даду, фæлæ ныр йæ ныхас æгæр хъæрæй дæр ма фæцис. — Æви мах лæгтыл нæ нымайут? Æви дыууæ æфсымæрæй уыцы сидзæры фаг не суыдзыстæм? — Гъе-и, мæ хуртæ, сымах куыд æнхъæлут, афтæ хуымæтæг нæу цард,— уынæргъæгау ныуулæфыд Солтан. — Уый нырма хъæддыхæй дзурыс, фæлæ уæ алкæмæн дæр бинонтæ æмæ цот куы фæуа, уæд æндæр х:ъæлæсæй зарын байдайдзыстут. Фæлтау рауадзут сывæллоны дæр йæ мадимæ; бауырнæд уæ, йæ мадæй йæ хуыздæр ничи барæвдаудзæн, ничи йыл тынгдæр баузæлдзæн. Куы фембаргæ уа æмæ йæхионты куы æрцагура, уæд æй мах дæр уромынтыл не схæцдзыстæм. — Нæ, Хъассохы-фырт,— фæцырд æм Асæмо. — Ис мыггаг, ис хæдзарæй цæмæн хъуамæ æндæр мыггаджы æхсæнмæ афта? Нæ уыд æмæ нæй ахæм æгъдау ирон адæммæ. Чызгæн ма кæд фидыдта йæ мадимæ фæцæуын, уæддæр лæппуйæн æгъдауы нæ баззад. — Йæхи фæнд уал ын базонут чындзæн, йæхи фæнд,— ногæй та сæм бадзырдта Яи. — Æндæр хъæуы куы нæ ис, мыййаг: уæртæ мидæггаг уаты дуарæхгæдæй бады. — Цы ’мбары йæхæдæг та? Тыбау-Уациллайыстæн, Зали, дæуæй тынгдæр никæмæй æфсæрмы кæнын. Зонын æй, бæргæ: дæуæй тынгдæр ничи фæрысти. Бауырнæд дæ, æз дæр мæхи зондæй не ’рцыдтæн ардæм: мыггаджы уынаффæ ахæм у. — Раст зæгъы Бæтæгон, раст,— ныхас та йæхимæ айста Асæмо. — Кæд тæккæ абон фæраст уыдзæн нæ чындз йæ цæгатмæ, уæддæр ын исты зонæм? Уæд ма кæрæдзийы масты хай та цæмæ кæнæм æнæхъуаджы? Марадз-ма, лæппутæ, исчи йæм ардæм фæдзурæд. Ныхъхъус сты. Мамæ дуарæй æддæдæр алæууыди. Цасдæры фæстæ дуар хъинцъгæнгæ сындæггай байгом. Æрбахызт дзы Додан æмæ иуварс кæсгæйæ сдзырдта: — Агурынц дæ. — Цæмæ? Асæм.ойы дзуаппæй уæлдай мæм æндæр дзуапп нæй мæнмæ дæр. Хорз æй куы зонут иууылдæр. — Омæ уæддæр сæ размæ ацу. — Никæдæм цæуинаг дæн æз. Додан азылди æмæ дуар куыд хъавгæ æрбайгом кодта, искæмæн фæцъистæй тæрсæгау, афтæ хъавгæ йæ фæстæмæ ахгæдта. Цалынмæ йæм æнхъæлмæ кастысты, уæдмæ æддаг уатæй сыбыртт нал ссыди. — Нæ комы,— æрбайхъуыст Доданы ныхас. Æмæ та сæ дзолгъо ногæй стынг. — Æфсæрмы кæны æмæ йæ уадзут,— дзуры сæм Яи. — Раст зæгъы Бæтæгон. Мæнæ йе ’фсымæртæ мемæ рацæуæд æмæ йæ уыдоны раз æз мæхæдæг бафæрсдзынæн. Дуар парахатæй æрбайгом. — Æмбæлы дæм, чындз? — мидæмæ æрбахызт Асæмо. Йæ фæстæ Даду æмæ Гæмос. Дуар гомæй ныууагътой сæ фæдыл æмæ йæ мамæ ассыдта, фæсдуар æрлæууыд сæргуыбырæй. — Дæ цæгатæн сæ цыды сæр цæй фæдыл у, уый æмбарыс? — бафарста йæ Асæмо. О, зæгъгæ, йæ сæры æнкъуыстæй дзуапп радта мамæ. — Кæнынмæ дæ хъавынц. Æд сывæллон. Æмæ дæм цы фæнд ис, уый мæнæ де ’фсымæр æмæ дæ тиуы раз зæгъ. Æфсæрмыйагæй дзы ницы ис. Уавæр иууылдæр æмбарæм, ды та йæ уæдæ махæй хуыздæр æмбардзынæ. Дæхи фæхъæддых кæн æмæ дæ дзуапп зæгъ. Мамæйæн йæ кæуындзæг йæ хъуыры абадт æмæ тыхамæлттæй сдзырдта: — Никæдæм цæуинаг дæн æз. Цалынмæ нын ацы кæрты бынат уа, уæдмæ дзы цæрдзыстæм, кæд нын, сыстут æмæ цæугæ ут, зæгъой, уæд та нæ сæрæн исты хос агурдзыстæм. — Фаг зæрдæрыст куы стæм æнæуи дæр, уæд ма уыдон та цавæр ныхæстæ сты артæнты хъама ныссадзæгау? — йæ цæссыгтæ æркалдысты Дадуйæн æмæ сæ раздæр иуырдæм, стæй та иннæрдæм асæрфта йæ хæдоны дысалгъæй. — Нæ мадызæнæг иунæг хойæ адджындæр нын куы фæдæ, уæд дæм зул цæстæй дæр чи бакæса, уый мæрдты бæстæм цæуын æмæ йæ фыд, йе ’фсымæры раз æрлæууын куы хъæудзæн. Ногæй та фæрсы Асæмо мамæйы: — Дзæбæх ахъуыды кодтай дæ цардыл? Сидзæргæс æрбадын дзыхы ныхæстæй нæу, бирæ уæззау схæцæнтæ дзы’ис. Фыдæлтæй ардæм дзæгъæлы нæ баззад: сидзæрхæссæг тугдзых у, родхæссæг та — æхсырдзых. Дæ ныфс бахæсдзынæ сидзæргæс æрбадынмæ, бонтæ дыл куы адаргъ уой, уæд? Æндæр зонд дæм не ’рцæудзæн? — Цы загътон, уымæй уæлдай мæм æндæр дзуапп нæй. Бамбарын сын кæнут: ацы хъуыддаджы фæдыл сæхицæн сæрниз дæр æмæ дзæгъæл цоппай дæр ма кæнæд. — Гъемæ дæ цæрæнбон бирæ. Æндæр дзуапмæ дæм æнхъæлмæ дæр нæ кастæн — дыккаг мардæрцыд уыдаид бинонтæн,— загъта Асæмо æмæ дуары хæцæнмæ æрæвнæлдта. Æдзæмæй фæлæууыд æвдисæнæн Гæмос, сæргуыбырæй куыд æрбахызт мидæмæ, уымæй уæлдай хæрдмæ не скасти. Бирæ ма фæхъæлæба кодта Солтан. Фæстагмæ æртхъирæнгæнгæ загъта: — Тыбау-Уациллайыстæн, æгады æрвыстæй нæ æрвиты нæ чызг æмæ йын æй амæлæты бонмæ дæр нæ ферох кæндзынæн. Бонтæ йыл куы адаргъ уой, уæд ма бæргæ йæ къухы фыдтæ æхсындзæн, фæлæ мын-иу йæхи ма фенын кæнæд: æппæты разæй йæ мæхæдæг фæтæрдзынæн æгады тардæй. Йæ масты фæдыл уыдысты йæ ныхæстæ; куыдфæстæмæ ©рфæлмæн йæ зæрдæ, æз та йын — рацæй-рабон æмæ — хæрæфыртты адджындæр разындтæн... *** — Цымæ сæ куыйтæ хæцаг сты? — фæрсы Бабу. Куыддæр фыццаг дзырд схауд йæ дзыхæй, афтæ фехъал дæн. Кæмæ дзуры, уый бæрæг нæу. Æрдæгталынг уаты фаллаг къуымы рæстæгмæ æвæрд сынтæджы кæйдæр æндæрг йæ цæст ахсы, фæлæ чи у, уый равзарынæн нæу. Æрæджыйæ нырмæ йыл иунæгæй нал æууæндын æхсæв æмæ мæ сынтæг йæ уатмæ рахастон. — Кæмæй зæгъыс, Бабу? — Уæллæгтæй. Уыдон та ма дзы чи уыдзысты, йæ цæстытыл чи ауадаид? Кæцы дуг? — Кæцы уæллæгтæй? — Доййатæй, æндæр кæмæй? Йæ мадырвадæлтæй зæгъы. Æййафгæ йæ бæргæ æркодта йæ мады, фæлæ йæ цæсгомæй нæ хъуыды кæны. Чындзытæ цалдæр уыдысты æнæуæрст хæдзары мидæг: кæмæн дзы цот уыдис, кæмæн — нæма. Сæхи зæнæджы иннæтæй уæлдай ничи ницæмæй хъулон дардта. Сывæллæттæй исчи скуыдта — чи фæраздæр уа, уый йæ барæвдыдтаид, сагъуыди — уæд дæр афтæ. Иууылдæр сын мадæлтæ, суанг æнæзæнæг чындзыты онг. Æмæ дзы йæ мад кæцы уыди, уый цæсгомæй кæй нæ бадардта йæ зæрдыл, ууыл æдзух хордта Бабу йæхи. Йæ мад куы амарди, уæд уый фæстæ арæх æфтыд йæ мадырвадæлтæм æхсæвæддæты æмæ къуыригæйтты; мадыфсымæртæ йæ кæрæдзийæ скъæфтой: æз буцдæр барæвдауон сидзæры. Æвæццæгæн, сæ искæцытæм куыдзæй фæтарст æмæ дзы ауал азы нæ ферох. Зноны, знон цы хонын — фондз минуты размæйы хабæрттæ дзы куы айрох вæййынц, уæд дæс æмæ æртиссæдз азы размæ цытæ федта, уыдæттæ цæй хорз йæ зæрдыл лæууынц, цавæр диссаг уа? Тæхудиаг, куыдзы хæцаджы сагъæс адæймаджы стырдæр сагъæс куы вæййы, уæды дугыл кæмæн æрæнцади йæ зонд. — Кæцæй дæ зæрдыл æрлæууыдысты, Бабу, Доййаты куыйтæ, чындзы куы рацыдтæ, уæдæй нырмæ сæм куы нал сæфтыдтæ, уæд? — Кæд, зæгъын, хæцаг сты сæ куыйтæ. — Æмæ дæ цы хъыгдары сæ хæцаг дæр æмæ нæхæцаг дæр? Æви дæ дæхи хъуыдыйы ауайын фæнды? — Бæргæ мæ фæнды, фæлæ мыл, зæгъын, куы фæхæцой. — Ма тæрс, уæдæ. Рабад, æз дæ фæхæццæ кæндзынæн. Рабадынтæн ма куы уаид, уæд бæргæ, æрмæст йæ къæхтæ цы æруадза хуыссæнæй æндæр. Æнцой-æнцой, фæлмæн дзабырты зæвæттæ фæчопфæчопгæнгæ. Фæстæмæ дæр æй æнцой-æнцой æрбахæццæ кодтон йæ хуыссæнмæ. Диваны кæрон æрбадт, фæлæ йæм йæхи æруадзыны зонд нæй. — Æрхуысс, Бабу, цæмæ бадыс æмбисæхсæв? Æви ма дæ зæрдæ истæмæ æхсайы? Хæрын дæм цæуы, мыййаг? — Уанцоны хæрд нæу! Нырма ныртæккæ куы бахордтам. Замманайы фæлмæн картофджынтæ акодтон æмæ дзы мæлæты адджынæн ахордтой бинонтæ. Кæнынтæй дæ бæргæ нал домæм, æрмæст ма нын дæхæдæг хæрынæн куы уаис æмæ... Ауылты-ууылты, æмæ та йæм хæринаджы кой рауайы. Йæ цард-цæрæнбоны тас æмæ сагъæс: мыййаг та æххормаг рæстæджытæ куы скæна. Мæхи дæр кæд тынг нæ уырныдта, уæддæр ын æдзух зæрдæ февæрдтон: ма тæрс, Бабу, нал скæндзæн æххормаг заман, фаг æвæрæнтæ ис паддзахадмæ, стонджы онг нæ никуал æруадздзæн. Хъусгæ мæм бæргæ кодта, æхсызгон ын уыдысты мæ ныфсæвæрæнтæ, фæлæ йæ хатыдтон: нæ йæ уырны мæ ныхас, нæ мыл æууæнды æххæстæй. Худæн дæр ыл нæй — æгæр арф ахъардта стонджы тас йæ туджы, æгæр карзæй йæ бавзæрста æртæ хатты йæхиуыл. Æмæ ныр йæ зонд куыд мынæггæнгæ цæуы, афтæ дзы ирдæй-ирддæр кæны уыцы тас. Зыгъуыммæгондæй. Бон-изæрмæ къæбæр нæ бакомдзæн, лæгъстæтыл ын схæцæм: «У-у, Бабу, иу комдзаг уæд та скæн, цæуыл дæхи сыдæй марыс?» Хуыздæры бæсты дæ масты хай бакæндзæн: «Нал мæ ныууадздзыстут æви? Нырма ныртæккæ куы бахордтон». Нæй, нал агуры йæ зæрдæ хойраг. Хорзы нысан нæу уый. Æмæ уæд марадз æмæ бинонтæн дæр сæ хъуыры комдзаг ацæуæд. Æнæбары æууил, æууил кæрæдзимæ гæсгæ, стæй йæ уæд тыхамалæй нынныхъуыр, кæмдæр хурхыуадындзты сæрмæ нынныхсы. — Бабу, цæй-ма æрхъуыды йæ кæн, адджындæрæн цы ахæрис, цы дæ зæрдæ зæгъы хуыздæр? Исдуг ницы дзуры. Цармæ ныккомкоммæ, афтæмæй хъуыдыты аныгъуылд. Мæ фарстыл уа æви æндæр истæуыл? Йæ уæлхъус лæууын æнхъæлмæгæсгæ. — Цæй-ма, Бабу, цы хуыздæр ахæрис? Ау, æппын ницы мысыс? — Ногтынд пæмидортæ. Гъæйда-гъа, сæ тæккæ афон у ногтынд пæмидортæн: цæрвкъахæны къæсæрыл. Æцæг зæгъа æви фыдæнæн: кæд мæ нал ныууадздзыстут, уæд сæ марадз æмæ ссарут. Фæлæуу, фæлæуу, цæмæй фæтарстæ, æцæг куы уа йæ ныхас, уæд дæр: базары афæдзæй-афæдзмæ куы нæ цух кæнынц. Райсоммæ дæр æй цы æргъæвон: цæуон æмæ фæцæуон, цалынмæ базар гом у, уæдмæ. Мæ дзаумæттæ скодтон æмæ йæм уаты дуарæй мидæмæ Дзурын: — Бабу, иу сахат уынджы ’рдæм куы ауайон, уæд дæм куыд фæкæсдзæн? Разылди мæм: — Дæхи куы рарæвдз кодтай, уæд ма мæн та цы фæрсыс? Марадз æмæ дæ хъуыддæгтæ кæн, мæнмæ дæ зæрдæ мацæмæ æхсайæд: иугæр мæм удхæссæг куы фæзына, уæд æй ды дæр уæлдай нал баиргъæвдзынæ. Кæс-ма, дæ хорзæхæй: уæззау зондджын ныхас. Зыбыты иунæг ран разынди æнæхъæн базары пæмидортæ уæййаг. Æрдæгцъæх, згæхуыз, æнгузыйас. Ахæмтæ мæхи цæхæрадоны æрæгвæззæг баззайынц, адæймаг сыл æртонынмæ дæр нал фервæссы; кæд фæлвыхæй цывзыйы сыфтимæ бабæззой, æндæр цæхджынæн дæр ницуал вæййынц, арæхдæрарæхдæр сæ халас æрцæвы æмæ æнæтындæй фесæфынц. Ау, адонæй хуыздæр нæ разындзæн ацы стыр базары? Ноджыдæр ма иу хатт æрзылдтæн сæрæй кæронмæ. Нæй, æрмæст иунæг ран. — Цас у сæ фæстаг аргъ? — æнгуылдзæй амонгæ афарстон уæйгæнæджы; пæмидор сæ схонынмæ æвзаг нæ тасы. — Туман, мæ къона. Кæсгæ дæр мæм нæ ракодта. Ныллæг, фыдцъылыз, æнæдаст. Æвæццæгæн, йæ æрдуйыл хæсгард цы суадза, æндæр æм сæрдасæнæй бавналæн нæй: цæсгом æмвæтæнæй цъутхал у æви лыстæг бызычъи — нæ йæ равзардзынæ. Дзойдзойгæнгæ лæууы тæрхæджы фале, йæ нозт йæ цæстытæй æддæмæ хъары. Йæхи хуызæн ныллæг саурихи лæппу-лæгимæ персайнагау цæуылдæр быцæу кæнынц æви тæрхон — марадз æмæ йæ бамбар. Фылдæр дзуры лæппу-лæг; уæйгæнæгæй рæстæггай æрмæст «арæ»схауы, хæлафæн куы йæ галиу, куы йæ рахиз дзыпмæ нывналы æмæ дзы армы мидæг тыххæйты чи цæуы, ахæм ставд æхцаты барджи фелвасы æмæ сæ лæппумæ дæтты: «арæ», фæлæ йын сæ уый нæ комы, фæстæмæ йын сæ йæ дзыппы нытътъыссын кæны, æмæ та сæ цасдæры фæстæ фелвасы æмæ йæм сæ дæтты: «арæ»; афтæ сæ цалдæр хатты систа æмæ йын сæ лæппу фæстæмæ йæ дзыппы нытътъыссын кодта. Лæууын. Уæ цæсгомы цъар уыл æрлæбыра, кæд цавæр цæсгомимæ æрæвæрдтат ацы фаджыстæ уæй кæнынмæ. Æлхæнон æви нæ? Æнæ æлхæнгæ дæр кæм ис, Бабу кæдæйуæдæй йæхи дзыхæй куы æрæмысыд хойраг, уæд. Æмæ йын сæ цымæ йæ цуры куыд æрæвæрдзынæн, æрæвæрынмæ куы нæ бæззынц, уæд. Æмæ дын хуыздæр искуы йс? — Асламдæрыл сæ нæ ратдзынæ? — Кой дæр нæ! — Рынчынæн мæ хъæуынц æмæ... — Зонын æй. Кæцæй йæ хъуамæ зона? Æниу, цастæ зонд хъæуы йæ базонынæн — тыхст адæймаг йеддæмæ чи рацæудзæн æртхъирæны мæй пæмидор æлхæнынмæ? — Килæйы ’рдæг мын сбар. — Дæхæдæг дзы равзар. Æмæ та уыцы «арæ» æмæ æхцайы барджи. Дзæбæхдæр æнхъæлæй сæ фæравзар-бавзар кодтон, уæддæр уыцы ницæййаг. Мæ размæ сын сæ дзæбæхдæртæ балхæдтаиккой æви дзы нывылдæр уæвгæ нæ уыдаид? Райс, райс, цы ис, уый. Æмæ тагъддæр нæхимæ. — Æрбахæццæ дæн, Бабу. — Гъемæ нæм алæбон æгас цу. Дыууæ пæмидоры тæвд донæй æрæнхъæвзтон, цыппæргай дихтæй сæ уæлæнгай тæбæгъы æрæвæрдтон Бабуйы цур бандоныл. Æххæст ма сыл цæхх дæр æрызæрстон. Бабу йæ сæрыл базæй схæцыд æмæ сæм æнæууæнкхуызæй дзæвгар фæкасти. — Цы сты, цы? — Пæмидортæ мысыдтæ æмæ дын æрбахастон. Ноджы сæм æдзынæгдæр ныккасти, йæ цæстытыл не ’ууæндæгау. Стæй мæнырдæм разылди: хъазгæ кæнын æви æцæг дзурын? Дыууæ æнгуылдзæй дзы иу карст хъавгæ систа æмæ йæм смуды. — Æцæгдæр пæмидоры тæф куы кæны.
![]() |