Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 17 часть



Æз та, куыддæр схæццæ стæм, афтæ æрдæгконды фæмидæг дæн. Сæ бынаты разындысты хæзнатæ — чиныггæндты асыччытæ. Иуы фарсмæ дзы тымбылцъæгæй æрбадтæн æмæ фæйлауынмæ бавнæлдтон. Куы равдæлон, уæд æй дæлгоммæ æрфæлдæхтон — замманайы стъол. Мæ зæрдыл æрбалæууыдысты кърандæстæ. Зæронд устыты размæ бацыдтæн.

— Нана, чырыны сæр ма мын байгом кæн.

— Цы дæ хъуыддаг ис кæйдæр чырыны, кæд къулбадæг нæ дæ, уæд? — тызмæгæй мæ бафарста Яи.

— Ма йæм хæц,— мæ сæрыл радзырдта нана. — Йæ ахуыр нæ халы: кърандас æй хъæуы. Уадз æмæ йæхицæн хæххытæ кæна, цъиуты ахстæттæ къахыны бæсты.

Йæхæдæг армытъæпæнтæй уæраджы сæртыл æнцойæн æрхæцыд æмæ уæзбынæй сыстад. Æз дæр йæ фæстæ бацыдтæн уатмæ. Чырыныл æвæрд нарæгхъуыр дурынæй систа, чи фæгæмæл, ахæм сирены æргъом æмæ йæ мæнмæ ралæвæрдта:

— Марадз, бырæттæм æй аппар чъылдыммæ.

Йæ фæдзæхст ын сæххæст кодтон æмæ цæстыфæныкъуылдмæ фæстæмæ фæзылдтæн. Мыййаг та сын сæ ныхас куы бакъуылымпы кæнон, уый тæссæй мæлæты рæдау разынди ацы хатт: иу нæ, фæлæ мын дыууæ цыргъ кърандасы радта. Дæлгоммæ фæлдæхт асыччы цур зонгуытыл æрлæууыдтæн, чиныггæндтæй йыл æрæвæрдтон æмæ, мæхицæн æвзагæй æххуысгæнгæ, фыссыс ма — нал.

— Ам лæууыс æви дæ нæхимæ фæнды? — иуафон мæм æрбадзырдта Яи.

— Нæ-ы,— ме ’нæвдæлонæй йæм нæ разылдтæн, афтæмæй.

Дыууæрдæм дзуапп фæкасти Яимæ: лæууын дæр ын ис бамбарæн æмæ фæнды дæр.

— Нæхимæ нæ сагъуыйдзынæ?

— Нæ-ы.

— Куыддæр сагъуыйай, афтæ дын де счъилтæ уисæй нæмдзынæн.

Æртхъирæнтæ сты, æндæр ницы — нæ батасдзæни йæ къух.

— Дæ зонгуытыл æгæр ма фæлæуу, фæрисдзысты дын.

Нæ фæрисдзысты, радгай сыл куы уадзай дæ уæз, стæй фылдæр рæмбыныкъæдзтыл куы æнцой кæнай, уæд.

Дыууæ зæронды ныхасы гуыв-гуыв дзæвгар фæхъуысти, стæй бамынæг, уæддæр ма æз фыстон æмæ фыстон: хъыгдарæг мæ нæ уыди. Яи нæхимæ куыд ацыди, уый зонгæ дæр нæ бакодтон.

Хуры ныгуылдмæ бирæ нал хъуыд, афтæ йæ куыстæй æрцыди Гиуа æмæ мæ чъылдыммæ æрлæууыд:

— Ам дæ, мæ гыццыл каис? Цытæ кусыс уый?

— Фыссын.

— Стæ-ма, æз дæр æй фенон, цымæ цытæ фыссыс,— дзуццæджы æрбадт мæ цуры,— «Ветеринарный паспорт». Кæс ма, дæ хорзæхæй, æнæ иу рæдыдæй йæ куыд рафыста! Уæллæй, дæуæй ахуыргонд лæг кæй рауайдзæн, уый бæрæг у.

Йе ’нгуылдзтæй мын мæ сæрыхъуынтæ рæвдаугæ хæрдмæ сфаста.

Мæхицæй ныббузныг дæн.

— Кæрæдзийыл та дын цæмæн баныхæстысты?

Иууылдæр та мæ уымæй фæрсынц. Дынджыр сты, афтæмæй йæ ма ’мбар: рæнхъыл гæрзæй-гæрзмæ цыдæриддæр фыссыс, уыдон кæрæдзийæ хицæнгонд куы нæ уой, уæд бирæ аивдæр у. Æз дæр ма йæ куы зонын, уæд ахæм хуымæтæг хъуыддаг куыннæ ’мбарынц?

— Дæ кърандæстæ бынтон куы ныкъкъуымых сты уый.

Сыстад æмæ йæ хæлафы дзыппæй хæрынкъа систа, йе ’взаг ын армытъæпæныл дыууæрдæм адаудта æмæ уыцы зæрдиагæй цыргъ кæнынмæ бавнæлдта.

— Хæц, адон дын мæ лæвар,— æрбадардта мæм аив цыргъгонд кърандæстæ.

Цымæ мæнæй хъæздыгдæр разындзæн æгас дунейы?

Æхсæвы Гиуайы хъæбысы хуыссыдтæн. Кърандæстæ дæр базы бын бавæрын уыдис мæ зæрды, фæлæ мæ нæ бауагъта:

— Асæтдзысты дын. Уæртæ сæ рудзынгыл сæвæр.

Бæргæ мæ нæ фæндыд,.фæлæ йæ коммæ дæр æнæ бакæсгæ кæм уыди. Цы нæ вæййы, зæгъгæ, æххæст рудзынг дæр ма æрбахгæдтон.

— Цæмæ йæ æхгæныс? Ма тæрс, ничи сæ айсдзæн.

Æхгæд рудзынгимæ бынтон æнæзæрдæхсайгæ уаиккой бæргæ.

Дыккаг бон дæр æрдæгконд хæдзары арвыстон. Хæрынмæ дæр бынтон æнæбары ракуымдтон нанайæн. Йæ дисæн кæрон нал уыд:

— Ахæм ма дзы æнувыд уа чиныгыл. Мæнгæн нæ фæзæгъынц: чи кæмæй уа, уымæй вæййы. Хуыцауы цæст дын æй кæронмæ хорзæй бауарзæд.

Дзæгъæлы мын тарсти нæхимæ сагъуыйынæй Яи: хæдзар дæр мæ ферох æмæ бинонтæ дæр.

Æртыккаг бон райхъал дæн Корæйы зилахармæ. Мæнæй рох дæр ма фæцис, хъуыды дæр ыл нæ акодтон — хæдзары цæуылнæ ис? Ныр тагъд-тагъд рауай-бауай кæны шифанерæй къамоды æхсæн, цыдæртæ агуры. Къамоды лæгъзтæй куы иу раласы, куы иннæ. Æппынфæстаг дзы райста тар къаба, йæ уæхсчытыл ын æрхæцыд, рудзынджы ’рдæм дзы акаст æмæ йæ æруагъта, Кæртæй йæм нана цыдæр æрбадзырдта, фæлæ цы, уый нæ равзæрстон.

— Ахицæн,— радта йын цыбыр дзуапп.

Æндæр ницы загъта, уæддæр æй бамбæрстон. Фондзаздзыд сывæллоны зонд цастæ ахсы, фæлæ йæ зæрдæ базыдта, ахицæн цы амоны, уый дæр æмæ, чи ахицæн, уый дæр.

Корæ йæ хъулон къаба раласта, тар къаба æркодта æмæ йæ разæй-фæсте армытъæпæнтæй æрсæрфта. Ногæй та къамодæн куы йæ иу лагъз раласы, куы йæ иннæ. Сау цъындатæ ссардта, уыдонмæ дæр рухсмæ акасти. Къамоды сæрæй хуыйæнгæрзты къопп райста. Цъындайы йæ къух атъыста æмæ йæ тагъд-тагъд рæхсы. Цъындатæ скодта æмæ æддæмæ рахызт.

— Нана, дæ сау сæрбæттæн мын куы нæ авæрæй, уæд мæхицæн нæй.

Уатмæ уымæй уæлдай нал баздæхт. Фæхæрам æм дæн: дзургæ нæ, фæлæ мæм кæсгæ дæр нæ ракодта. Æмæ уæд æз дæр — æрæджиау — тæргайæ къулы ’рдæм азылдтæн.

Хуысгæйæ баззадтæн. Хур уæлиау ссыд, сыстыны афон раджы ахицæн, уæддæр æнцад мæхицæн хуыссын. Кърандæстæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты æмæ сæм ракастæн: сæ бынаты сты, куыд сæ бавабрдтон дысон, афтæмæй лæууынц фæрсæйфæрстæм.

— Дæ хорзæхæй, уыцы саби кæуылты феддæдуар? — æрбайхъуысти иуафон нанайы ныхас кæртæй. — Чындзимæ дæр куы нæ ацыд. Æнæуи уынгмæ акæсын куы нæ уæнды йе ’мгæрттимæ ахъазынмæ, уæд сæхимæ иунæгæй йæ ныфс куыд бахастаид?

Йæхиимæ ныхасгæнгæ уатмæ æрбахызти. Мæн куы ауыдта, уæд къæсæргæрон сагъдæй аззади.

— Мæ къонайыл, нырма хуыссæны куы дæ! Стыр сихæрттæ куы ссис, уæд дын стонджы дæр нæу? Сыст æмæ истытæ бахæрæм.

— Нæ мæм цæуы.

— Уый та куыд нæ мæм цæуы у? Æйчытæ дын афыцон æви дæм æхсыры сæндæг хуыздæр кæсы?

— Нæ мæ хъæуы.

— Уæд та дын хъайла скæнон, хъæдындзтимæ? Ахæм куы уарзыс.

— Нæ мæ хъæуы.

— Уæд та дæ зæрдæ цы агуры, уый мын зæгъ.

— Ницы.

Æппындæр мæм нæ цæуы хæрын.

— Уæхимæ дæ фæнды, мыййаг?

Нæхимæ дæр мæ нæ фæнды.

Къæсæргæронæй мидæгдæр нал æрбахызти нана. Иудзæвгар хъуыдытæгæнгæ алæууыд æмæ кæртмæ ацыди.

— ... цыма йæ æмбаргæ бакодта, уыйау,— гом рудзынгæй мæм æрбайхъуысти йæ ныхас.

Суанг изæрмæ æрмæст иунæг хатт рахызтæн хуыссæнæй — дон бануазынмæ. Нана мæ цалдæр бæрæджы акодта, алы хатт дæр хæринаджы койимæ. Мæ сæрыл-иу йæ армытъæпæн авæрдта:

— Кæд дæ исты риссы?

— Ницы.

— Уæдæ цæуылнæ бахæрыс?

— Нæ мæм цæуы.

Æрталынг. Гиуа æмæ Корæйæн куыстæй æрцæуыны афон раджы аивгъуыдта, уæддæр сæ ничи зыны.

Цырагъ ссыгъта нана. Сæгъдзарм мидæмæ æрбайста æмæ йæ къуымы æрæвæрдта. Уаты къæсæрыл æрбадт.

— Рауай, мæ къона, дон мын æркæн.

Æнæбары сыстадтæн æмæ хъуывгъан райстон. Йæ цæсгом æрæнхъæвзта, къæхтæ æмæ къухтæ цæхсадта.

— Дынджыр лæг дæ Хуыцау акæнæд.

Сæгъдзарммæ бацыд, йæ дзабыртæ раласта, уæрджытыл æрлæууыд æмæ ламаз кæны. Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ ных зæххыл андзæвы æмæ та гуыр сæмраст вæййы, сабыргай цыдæртæ дзуры.

— Нана, Гиуа æрæгмæ цæмæн цæуы?

Ницы дзуапп мын радта. Нæ мæ фехъуыста, æвæццæгæн.

— Гиуа æрæгмæ цæмæн цæуы, нана? — бафарстон æй хъæрдæрæй.

Нæ та мын радта дзуапп. Зоныгыл лæууы, сæр пъолыл андзæвы æмæ та гуыр сæмраст вæййы. Уалынмæ армытъæпæнтæй радгай йæ цæсгом æрсæрфта, сыстад æмæ дзабырты къæхтæ атъыста. Мæнырдæм разылди.

— Цыдæр мæм цыма сдзырдтай? Афтæ макуал бакæн — ламазгæнæгмæ дзурын не ’мбæлы.

— Гиуайæ дæ фарстон.

— Гиуамæ æнхъæлмæ ма кæс — æхсæвбадæны ис. Мæнæ ныртæккæ иумæ хъæбыс-хъæбыс бахуысдзыстæм.

Æхсæвбадæн та цы уа? Ламазгæнæгмæ дзурыны тыххæй нанайы уайдзæфы фæстæ йæ бафæрсын нал бауæндыдтæн, æрмæст бамбæрстон: иугæр йемæ хъæбыс-хъæбыс хуысдзыстæм, уæд Гиуамæ æнхъæлмæгæсгæ нæу. Æмæ æнцад мæхицæн ныхъхъус дæн. Нана цырагъы авджы сæрмæ йæ къух бадардта æмæ дзы ныффу кодта. Цырагъ ахуыссыд æмæ рудзынгæй уатмæ сындæггай æрбакалд мæйы рухс. Нана мæ фарсмæ æрхуыссыд. Йæ ком ивазгæ «бисмиллагъи рæхманæр-рæхим» загъта æмæ оффытæ æмæ улæфтытæгæнгæ иу фарсæй иннæмæ бирæ фæрафт-бафт.кодта, йæ алы фезмæлдæн дæр-иу сынтæджы цъæты хъинцъ фæцыди. Æппынфæстаг басабыр, уыцы иугæндзон мæллæг хуыр-хуыр ауагъта.

Куы райхъал дæн, уæд фыццагдæр цы ауыдтон, уый уыд мæ райсбавæры фæлыст: æмхуызон тарцъæх уæраджы сæртæм хæлаф æмæ матросы хæдон фæтæн æфцæгготимæ сынтæджы цур бандоны къухыл æвæрдæй. Мæ цæстытæ æууæрдгæ сæм бирæ фæкастæн: ам кæцæй фегуырдысты, Дзиуатæм мæ иударон дарæсы куы ссыдтæн — æнæдыс даргъ цъында хæдон, йæ фæдджийы бæстастæу цæппæрæй æвæргæ — хæлафæн дæр æмæ хæдонæн дæр. Æви мæ фынæйæ нæхимæ ахастой? Нæ, уат Дзиуаты уат у: уæртæ сæ къамод æмæ чырын, рудзынгæй та зыны пæлæхсар сирень, йæ дидинджытæ æмпылын байдыдтой, фæбур сты.

Бæрзонд сынтæджы кæрон мæ гуыбыны цъарыл æрхуыссыдтæн æмæ къæхтæ бынмæ æруагътон. Мæ хæцъил дзабырты бæсты дзы разындысты мæ сæрак туфлитæ, цæппæрæй æвæргæ бостæ сын. Æнгомад кæнынц æмæ мын æнад сты. Сынтæджы бынмæ бакастæн, уаты къуымты цæст ахастон, æмæ дзабыртæ никуы разындысты. Æнæбарыгомау скодтон туфлитæ, сæ цæппæртæ сын сæвæрдтон.

Цæхæрдонмæ ахизæн дуары фарсмæ фæйнæгæй быруйыл фидаргонд æрхуы хихсæнмæ бацыдтæн. Уæлиаугому — бинонтæн сæхимæ гæсгæ — фидаргонд у æмæ йæм дзæбæх не ’ххæссын: хихсæны бикъыл хæрдмæ схæцын дыууæ уырзæй æмæ та дон лыстæг цыхцырæй рæмбыныкъæдзтыл хъыдзыгæнгæ æртæдзы; къухтæ æмæ цæстытæ æууæрдын.

— Гæдыйы лæппыны æхсæдтытæ куы кæныс уый,— цæхæрадоны дуарæй æрбахызт нана. — Донæй тæрсгæ ма кæн, науæд дыл лæппутæ худдзысты; дзæбæх скæлдтытæ кæн армыдзагæй дæ цæсгомыл.

Фæлæ мын дон дыууæ къухы æхсæн нæ лæууы, цалынмæ йæ цæсгоммæ сцæйхæссын, уæдмæ рæмбыныкъæдзтæй æркæлы, суанг дæлæрмттæ хъыдзы кæны.

— Стæ-ма, уыдон ницы æхсæдтытæ сты,— мæ чъылдыммæ æрбалæууЫд нана. — Дæуыл ничи худдзæн, фæлæ иууылдæр мæныл худдзысты.

Хихсæны сæрæй сапон райста, мæ къухтæ мын дзы дæлæрмтты онг сæууæрста, стæй сыл уæд дон парахатæй æруагъта; уый фæстæ йæхи къухтæ сæууæрста сапонæй æмæ дзы мæ цæсгом æхсынмæ бавнæлдта; зонын æй — сапонæй цæстытæ дуддзысты æмæ сæ рагацау бацъынд кодтон. Мæ цæсгом мын цалдæр хатты æрæнхъæвзта æмæ йæ уырынгтæ дæрзæг хисæрфæнæй бæстон куы ныссæрфта, æрмæст уæд ракастæн мæ цæстытæй. Фæстагмæ ма мын хуылыдз армытъæпæнæй мæ сæрыхъуынтæ æрлæгъзытæ кодта.

— Марадз ныр, уæртæ дын сæрдыгон хæдзары гыццыл стъолыл хъæдындзджын хъайла. Æцæг æй иууылдæр куыд бахæрай, афтæ.

Фæстаг комдзæгтæ мæ хъуыры бæргæ нал цыдысты, фæлæ мæм нана дуаргæронæй йæ къухтæ йæ риуыл дзуарæвæрдæй йæ хъус дардта, æмæ уæлдай ныууадзын нæ бауæндыдтæн.

— Уый дын сæрæн лæппу: дзæбæх æй куы амерс кодтай хъæддзау лæгау,— мæ былтæ куы ныссæрфтон, уæд мæ раппæлыди нана. — Дæ дзаумæттæ скæнын дæхæдæг базондзынæ?

— Æз сæ мæхæдæг фæкæнын алы хатт дæр.

— Уый æнæхъæн лæг куы дæ æмæ йæ куы нæ зыдтон æз. Марадз, скæн сæ уæдæ, æмæ дæ æз уæхимæ фæхæццæ кæнон, мæ тæнæг фæрстæ дын æрбайхæлой.

Кæрты дуар къæбæлæй сæхгæдта нана æмæ нæхирдæм араст стæм.

Тигъæй скастыстæм æмæ нæ хæдзары цур уынг лæгтæй йæ тæккæ дзаг, къордтæ-къордтæй лæууынц, чи та нæ сарайы рæбын, кæрты дуары фæйнæ фарс дæргъæй-дæргъмæ æвæрд фæйнæджытыл бады. Нæ акомкоммæ Рубайты дуармæ дæр бæлæсты бын дуне адæм, чи — бады, чи — лæууы. Цæмæй фæтарстæн, нæ зонын, æмæ нанайы фæдджийыл ныддæвдæг дæн, æрурæдтон æй.

— Ма тæрс, мæ къона, ма тæрс,— мæ армыл мын æрхæцыди æмæ мын зæрдæтæ æвæры нана.

Фæлæ æз мæ зæвæттæ ныссагътон æмæ йын размæ нæ комын:

— Цом фæстæмæ Дзиуатæм.

— Фæстæдæр... фæстæдæр ацæудзыстæм Дзиуатæм,— ахæцыд мын мæ къухыл.

Æмбарын æй: сайгæ мæ кæны, æмæ æз дæр ныцъцъаммар дæн.

Адæм цы уыдысты, уымæй иууылдæр махмæ кæсæг систы. Уæды онг дæр цы богъ-богъ æмæ хъарæг хъуысыди, уыдон фæтыхджындæр сты.

Махмæ кæсынц адæм, уый куы федта нана, уæд мын мæ къух суагъта, æргуыбыр мæм, мæ сæр йæ хъæбысы æрбанорста æмæ мæ уадулыл йæ судзаг цæссыг æртагъди:

— Æ-æ, мæ тæнæг фæрстæ дын куыд æрбайхæлдысты, дæ сидзæры дугмæ дæ зæвæттæ бæргæ ныббыцæу кодтай, де ’дзард фыд дæ тæригъæдæй йæ быны хъиутæ æхсынгæ фæцæуа...

Чидæр мын мæ уæраджы бынтыл æрхæцыд æмæ йæ хъæбысы февзæрдтæн. Нæ акомкоммæ сыхаг Дабетт, хъæлдзæг æмæ хъазаг Дабетт. Цалдæр хатты папæйы бæрæггæнæг ма æрбауайа, ахæм бон ыл никуы скодта. Куыддæр къæсæрæй æрбакастаид, афтæ мæ хъуамæ йæ хъæбысы фелваса, цары онг мæ сæппара, стæй уæд иу къухæй мæ дыууæ къахыл ныххæца æмæ мæ сæрбынмæ æрцауындза; мæ къухтæ пъолмæ не ’ххæссынц æмæ хъыллистгæнгæ йæ фадыгмæ лæбурын, фæлæ йæ къух æддæуæз айсы æмæ йыл нæ хæст кæнын; хъыллист кæнын тыхбонæй, уæддæр мæ нæ уадзы: «Ды ма искуы мæнæй æмбæхсдзынæ æви нæ? Зæгъ æй ныртæккæ мæнæ адæмы раз!» — «Суадз æй, сæрхъæн! Йæ ахсæн йæ хъуыры фæбаддзæн». — «Нæ фæбаддзæн, нæ: ахсæн ын уæвгæ дæр куы нæ ис». Гъопп, æмæ йæ дæларм февзæрын, йæ астæуыл бæндæн тухæгау мæ зилдзæн æмæ зилдзæн; æппынфæстаг мæ куы æруадзы зæхмæ, уæд къахыл лæууынæн нæ вæййын сæрызылдæй æмæ пъолыл тыгуырæй баззайын дзæвгар рæстæг; афтæ мæм фæкæсы, цыма мæ зилынæй нæма æрлæууыдтæн.

Ныр мæ йæ риумæ нылхъывта хæкъуырцгæнгæ, йæ хæкъуырцмæ æз дæр фестъæлф-фестъæлф кæнын.

Нана нæ разæй дзыназгæ æмæ йæ уæрджытæ хойгæ цæуы, афтæмæй нæ дуармæ фæхæццæ кæнæм. Мамæйы æфсымæр Гæмос дæр ныл æрбафтыд, йæхимæ айсинаг мæ уыди, фæлæ мæ Дабетт нæ радта. Нæ дуармæ лæгтæ фæйнæрдæм алæууыдысты æмæ нанайæн фæндаг радтой. Богъ-богъ æмæ хъарæг ноджы хъæрдæрæй райхъуыстысты.

Нанайы фæдыл бæргæ фæцæйцыдыстæм мах дæр кæртмæ, фæлæ Асæмо нæ размæ æрлæууыд:

— Кæдæм æй хæссут?

— Мидæмæ.

Зæхмæ мæ æруагъта Дабетт æмæ мын мæ къухыл хæцы. Цыма мын мæхи атонынæй æмæ алидзынæй тас у, уыйау мын мæ иннæ къухыл та Гæмос æрхæцыд.

— Цы хъуыддаг æй ис мидæгæй? — размæ нæ акъахдзæф нæ уадзы Асæмо.

Адæм иууылдæр махмæ æркастысты. Æз дæр сæм кæсын, æмæ дзы иу зонгæ нæй. Кæртæй чи зыны, уыдон дæр æцæгæлон.

— Дæ Хуыцауы хатырæй, йæ фыды йæ фæстаг хатт фенын. нæ уадзыс æви? — Асæмойыл йæхи сцагъта Дабетт.

— Кæд ын йæ фыды уынын кодтат, уæд раздæр кæм уыдыстут? Ныр ма дзы сынты уæлæ цы хъуамæ фена? Цикъæйы тыхтон? Фæтæрсынмæ? Зæрдæдзæф куы фæуа, уæд та? Акæнут сывæллоны, ницыма æмбары фенынтæн дæр æмæ нæфенынтæн дæр.

— Раст у. Раст зæгъы Асæмо. Акæнут æй, хистæртæм хъусут,— схор-хор кодтой алырдыгæй æмæ Дабетт дæр ницуал сдзырдта.

Цалынмæ хъæлæба кодтой, уæдмæ æз та адæмы къæхты æхсæнты мидæмæ, кæртмæ кастæн. Æрлæууæнтæ дзы нал уыди, фæлæ дзы бйнонтæй мæ цæст никæуыл æрхæцыд. Яи та мæм куыд никæцæй рауайы?

— Мæрддзыгой. Мæрддзыгойæн фæндаг раттут,— Дабетты цырыхъыл йæ къæдз лæдзæджы кæронæй иуварс ахæцыд, дуармæ чи бадт, уыцы зæронд лæгтæй иу.

Фаллаг. Рубайты, Апполаты дуармæ мæ бахæццæ кодта Дабетт. Уым æмбырдæй уыдысты сыхы сывæллæттæ æмæ мæ уыдоныл бафæдзæхста. Иннæ хæттытæй хъауджыдæр уыдысты æнахуыр сабыр, сæ хъыллист дæр нæ хъуысыд æмæ кæрæдзийы дæр нæ расур-басур кодтой; чи дзы кæрдæгыл æртъæпæн, чи дурыл æмæ уыцы сабырæй.кастысты мах дуары ’рдæм; алы мæрддзыгойы дæр хъамаджынтæ ис æви нæ, уый нымадтой, кæд ис, уæд — цал.

Адæм та цыдысты æмæ цыдысты къордтæй: лæгтæ — хицæнæй, устытæ — хицæнæй; æмæ та-иу ноджы тыхджындæрæй райхъуыстысты богъ-богъ, дзыназын æмæ хъарджытæ.

Нымайынц, хъамаджынты нымайынц мæ алыварс. Мæнæн та хæдзаронтæй искæй фенынмæ æнхъæлмæ кæсынæй мæ цæстытæ ныуурс сты. Æмбарын æй: дзæгъæлы не сты уыцы богъ-богъ æмæ хъарджытæ иннæтæй уæлдай мах кæрты, дзæгъæлы нæ уыди Корæйы «ахицæн». Зæрдæ скæуынæввонгæй уынгæг кæны, фæлæ мæ алыварс ничи кæуы æмæ æз дæр нæ уæндын.

Ничи зыны хæдзаронтæй. Мæ кæуындзæг мын уромы мынæг ныфсы цъыртт: Гæмос æмæ Дабетт мæ нæ бауадздзысты фесæфын утæппæт адæмы æхсæн.

— Рахæссынц æй,— сдзырдта лæппутæй чидæр.

Рахæссынц.

Рахастой.

Фæхæссынц. Астæй. Сынты уæзæй сæ уæхсчытæ фæтасыдысты. Сынтыл — кæрдæгхуыз тар æмбæрзæн.

Зæрдæ аскъуыйыны фаг богъ-богъ.

Уынджы цыдæриддæр лæгæй уыдис — иууылдæр сынты фæдыл аивгъуыдтой. Æппæты фæсте йæ къухы æрхуы хъуывгъанимæ фæцæуы æнæхъæн сыхæн цумайы æнæзивæг Али. Хъуывгъан хурмæ цæхæртæ калы. Æвæццæгæн та йæ фæныкæй ныххафта Яи; куы фæтар вæййы, уæд æнæхъæд къæдз белмæ пецæй фæнык ракалы, къæхтæхсæн тасы дон æркæны æмæ сæ дугдоны цурмæ ахæссы. Уым къодахыл æрбады, хæцъил доны атъыссы, ныллæмары йæ, стæй та йæ фæнычы атъыссы æмæ хъуывгъаны фæрстæ хафынмæ бавналы. Цы уыди, уымæй чъиллондæр свæййы. Фæлæ йæ къæртайы сыгъдæг донæй цалдæр хатты куы æрæнхъæвзы, уæд тæмæнтæ скалы.

Æмæ йæ тæмæнкалгæ фæхæссы Али.

Уæртæ ис, уæртæ ис Яи йæхæдæг дæр. Дыууæрдыгæй йын йæ цæнгтыл хæцынц, иргъæвынц æй æмæ йæ иргъæвын нæ фæразынц, йæ сæр хойы, йæ цæсгоммæ лæбуры:



Просмотров 1182

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!