Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 11 часть



Цъыбар-цъыбур кæны, хуры фыццаг тынты йæхи найы цины сæнтсау къуыбар, армыдзаг йеддæмæ нæу, афтæмæй йæхимæ æрыхъусын кодта адæмы дæр, фосы дæр, мæргъты дæр — йе ’ргом скæсæнмæ арæзтæй, хуры хорзæхмæ кувы, йæ гыццыл уд ыл фæдзæхсы.

Мæ кусинæгтæ æгæр бирæ куы нæ уаиккой, уæд сæм бæргæ нæ бафсæдин хъусынæй. Æмæ кæм ис ахæм фадат: лыстæг хуымты зæхх къахинаг, халамæрзæнæй лæгъзгæнинаг, бæлæстæй знон кæй нæ баййæфтон, уыдон æхсæдинаг, мæнæргъыйы пыхс тæнæггæнинаг, уæдмæ картоф дæр садзинаг; уæдæ фæззæджы трактор фынджыйас къæйтæй кæй афæлдæхта, уыцы хуым дæр иуæй нартхоры бындзæфхæдтæй асыгъдæггæнинаг, иннæмæй та уыцы уæззау къæйтæ кæд зымæджы ныссæлыны фæстæ æрызгъæлдысты, уæддæр сын кæм рувæнæй, кæм фæрæты цæгатæй æнæ æрхойгæ нæй, уымæн æмæ йыл тракторы похци куы ауадзай, уæд æй нæмгæ цас ныккæна, йæ пайда уыйас нæ разындзæн. Се ’ппæтыл адæймаг иу бонмæ кæм аххæсдзæн, æмæ зæхкусæджы фыдæбон иугай бонтæй та кæд хицæн кодта. Нæй, æргъæвæнтæ æмæ æмгъуыдтæгæнгæ нæу.

Хуыссæнтæ мæ куыннæ айрох уой, афтæ сæ рагацау хурмæ раппæрстон æмæ æххормагæй — доны хъуырттæй дарддæр къæбæр кæй хъуыры цæуы ацафон — цæхæрадонмæ рахызтæн æд халамæрзæн, æд бел.

Адæмæн алы къуыри дæр фæлладуадзæн дыууæ боны, мæнæн та мæ куыстæгтæ уыдонмæ кæсынц. Раст зæгъын хъæуы, æнтысгæ дæр мын дзæвгар бакодта, фæлæ изæрмæ фæхты хосты хуызæн уыди мæ буар æнæхъæнæй дæр. Ницы кæны — уыйхыгъд тарфдæр æмæ адджындæр фынæй бауыдзынæн.

Хур цалынмæ касти, уæдмæ æрбайстон хуыссæнтæ мидæмæ, сæ хъарм сæ хуылфы куыд баззайа, афтæ сæ гобаны мидæг æнгом æрбатыхтон æмæ сынтæджы æрæвæрдтон. Изæры сæ куы райхæлдтон, уæд дæр ма дзæбæх фæлмæн рæвдаугæ хъарм уыдысты. Тас тæвд донæй байдзаг кодтон æмæ цалынмæ æруазал, уæдмæ дзы фæдардтон хуыссыны размæ мæ къæхтæ æмæ сын дон сæ фæллад йæхимæ куыд цъиры, уый мæм дзæбæх хъардта.

Æгæр тагъд куы нæ æруазал уаид дон, уæд бад æмæ бад кæрты астæу, зæрæхсидмæ кæс æмæ хинымæр нымай: хъуынтъыз у æви райдзаст, хур кæсдзæн райсом æви къæвда уыдзæн? Фидын дæр ын нæ хъæуы æмæ дзуапп дæттын дæр — дæхи тыххæй нымайыс. Кæд фæрæстмæ уа, уæд хорз, кæд нæ, уæд дæр дæ ничи бафхæрдзæн. Абон нæ фæрæстмæ дæ нымад — хурбон уыдзæн æви къæвдабон, уæддæр райсом, иннæбон, къуыри-дыууæ къуырийы фæстæ — дыууæ къуырийæ фылдæр никуы ахæссынц фæд-фæдыл къæвдатæ — фæрæстмæ уыдзæн. Æмæ цас фылдæр фенхъæлмæ кæсай, уыйас райгонддæр æмæ рæвдыддæр уыдзынæ царддæттæг хуры рухс тынтæй. Горæты та уыцы сагъæстæ дæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы уыдзысты, райсом дæ балцы цæуын куы нæ хъæуа, уæд.

Ацы изæр дæр та æнæ цырагъæй бахуыссыдтæн — иугæр æй куы ссудзай, уæд адæймаг кæнæ чиныг, кæнæ газет йæ къухмæ æнæ райсгæ нæ фæлæудзæн æмæ уæд райсомæй æгæр ныууæззау вæййы рагацау сыстынмæ.

Хуыссæнты мынæг хъарм мæлæты дзæбæх рæвдауы куыствæллад буары, сæ хусæсмаг æхсызгонæн улæфынæй нæ бафсæстæн, афтæмæй уайтагъд афынæй дæн. Удæнцой æмæ æнæмæт тарф фынæй, мæ къах дæр нæ атилдзынæн ардыгæй бонмæ, иу фарсæй иннæмæ дæр нæ рафæлдæхдзынæн.

Æхсæв йæ тæккæ æмбисыл уыдаид, афтæ чидæр мæ сынтæджы кæрон æрбадт æмæ йæ уæзæй цъæты хъинцъ фæцыди; къулмæ рæбындæр цы бахуыссыдтæн, æндæр хъал нæ радæн. Йæ уæз сынтæджы кæроныл бæрæг дары, мæнæн райхъалæй тæрсы, æвæццæгæн, æмæ æнцад бады. Цас фæбадтаид, мæгъа. Фынæй дæр нал дæн, хъал дæр нæма дæн, æмæ йæ хорз æнкъарын. Фыны у, уæдæ цы, æндæр уанцоны сынтæгыл бадт нæ уыдзæн.

— Æй, мæ фæрстæ дын куыд æрбайхæлдысты: фыдæбонæй уæлдай куы ницы æвзары дæ уд,— дæрзæг хус къухæй мын æрсæфта мæ сæр, æмæ йæ ныхасмæ æххæстæй райхъал дæн.

Уымæ куы æнхъæлмæ кастæн, уымæ, цард-цæрæнбон: кæд мæнæн дæр мæ сæрыл исчи рæвдаугæ йæ къух æрхæссид, æмæ мын дзы æрмæст зæрондырдæм куы фæцис хай. Æниу, рæвдыд кæуылты æмæ кæуылты амонд у, æппæтæн дзы кæм разыны хай; мæнæн та цард-цæрæнбон æндæр уыди мæ бæллиц: тæхуды, тæхуды, йæ фыдæй æмæ фыды фыдæй рæвдыды бæсты лæдзæджы кæнæ ехсы дзæхст уæд та чи бавзæрста йæ фæсонтыл. Æмæ ныр фырæхсызгонæй мæ зæрдæ æрбауынгæг. Мæнæ куыд адджын у, мæнæ, уыцы рæвдыд; мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæйы хъуæгтæ æппындæр куы ницы сты йæ цуры, уæд мын æй афтæ æрæджиау цæмæн бауарзта Хуыцауы цæст? Фырамондджынæй мæ зæрдæ æрбауынгæг.

— Æ, мæ фæрстæ дын æрбайхæлой,— загъта дыккаг хатт мæ сæр рæвдаугæ æмæ йæ къух айста: кæй райхъал дæн, уый базыдта.

Æз ын йæ къухмæ февнæлдтон — ноджыдæр, ноджыдæр ма мын æрсæрф мæ сæр,— фæлæ йыл нæ фæхæст дæн; фестад æмæ та сынтæджы хъинцъ фæцыди, æрмæст ма йæ куырæты — о, о, бæлвырдæй йæ зонын — куырæты фæлмæн фæдджи андзæвыд мæ уадулыл.

Даде! Даде уыди,— æнæгуырысхойæ мын загъта мæ зæрдæ, кæд æй къамтæм гæсгæ йеддæмæ нæ зыдтон, уæддæр; цы дыууæ къамы дзы баззад, уым дыууæйы дæр цухъайы æмæ куырæты ист у. «Яи, йæ роны сæрмæ та æмпъызт цæмæн у? Афтæ мæгуыр уыдыстæм?» — «Яи дæ фæхъау æрбауа, уый мæгуыры æмпъузæн нæу, сæрачы гæбаз æвæрд ыл ис, науæд хъамайы фистон цухъайы хафы æмæ уайтагъд фæхуынкъ вæййы».

Рæвдзгомау рабадтæн, мæ къæхтæ сынтæгæй æруагътон.

Диссæгты диссаг: рудзынджы фæрсæгтæ æнгом æхгæд, рухсы цъыртт дзы нæ кæлы; уыйхыгъд уаты дуар быгъдæг гомæй лæууы, ногдзыд мæй, æвæццæгæн, аныгуылд æмæ дзы æрмæст стъалыты мынæг рухс мидæмæ хъары. А, зæгъæм, иу-дыууæ арахъы ануæзтон, уæд ма сдызæрдыг уыдаин, кæд мын гомæй баззади, зæгъгæ, æмæ дзы ахæмæй дæр куы ницы уыди. Гомæй ныууадзыны бæрц хъарм нæма вæййы æхсæв, ризæг куы бахæцы йæ уазалæй адæймагыл. Нæ, дызæрдыгæн дзы бынат нæй, хорз æй хъуыды кæнын: æхгæд уыди дуар, æхгæды æдде ма — къæпсырæвæрд.

Къæхтæ дзабырты атъыстон æмæ кæртмæ ракастæн. Никуы æмæ ницы: нæдæр дзы æндæрг ахсы цæст, нæдæр аууон, уæдæ хъусыл дæр ницы сыбыртт уайы. Ногдзыд мæйæн арвыл йæ кой нал ис, æрмæст уæлиау тыбар-тыбур кæнынц, кæрæдзимæ сæ цæст ныкъулынц хъоппæг ирд стъалытæ.

Мидæмæ баздæхтæн æмæ уаты дуар рахгæдтон, æцæг къæпсыр нал сæвæрдтон: уадз æмæ йын æнцондæр уа æрбацæуын.

Бахуыссыдтæн æмæ хъуыдытæгæнгæ æнхъæлмæ кæсын. Иннæтæй хъауджыдæр мæм Даде цæмæн фæзындаид? Цы амыдтой йæ ныхæстæ? Æвæццæгæн мæ райгонд у, æндæра дзы исты уайдзæф фехъуыстаин.

Ногуард митыл Яиимæ куы фæцыдыстæм мæ фыды ингæнмæ, уæдæй цалынмæ дзæбæх æмбарынхъом фæдæн, мæ фындзыбын куы фæмил, суанг æм уæды онг æнхъæлмæ куы фæкастæн, уæд мæ уый цæуылнæ бабæрæг кодта? Æви мæм истæуыл хæрам у? Æмæ цалынмæ æгас уыди, уæдмæ маст бауадзынхъом куы нæма уыдтæн. Уæдæ мæхи куы фембæрстон, уымæй фæстæмæ та дзы мæрдтæм дæр æфсæрмы куы кодтон. «Тæхуды, ныр ын йæ фыстытæм йæ фыд куы æркæсид,— æдзух хъуыстон хионтæй. — Скъоламæ фæцæйцæугæ йæ куы фенид, уымæй тынгдæр ын куы ницæмæ бæллыд». Æмæ уæд æз дæр мæ удыл нал бацауæрстон, скъолайæ уайдзæф никуы æрбацыд хæдзармæ.

Æрмæст иунæг азым хæссын мæ зæрдæмæ: мыггаджы уæлмæрды мидæг йæ ингæн кæцы у, уый нæ зонын. Мæгуырхуыз æнæцырт цалдæр ингæны, чи дзы дойнаг дурæй, чи та фыхдурæй амаддзагимæ. Кæцы уа? Яиимæ йæ куы бабæрæг кодтон, уæд кæройнаг бæргæ уыди, хъæдын цыртимæ. Æмæ уæдæй ардæм мыггагæй цал æмæ цал фæхъуыди, иу нæ, фæлæ дыууæ рæнхъы куы бацахстой. Бабуйы дзы бæргæ фæфарстон, æмæ йæ уый дæр нал зоны. «Ау, уый та куыд?» — «Ме ’дылыйæ, мæ фырнымдæй. Майрæмæхсæвы уа, æндæр исты кæнды уа, уæд-иу уæлмæрдмæ сæфтгæйæ алчи йæ зианы ингæныл йæ къух æнæ авæргæ нæ уыди, æз та æфсæрмы кодтон, худинаг мæм каст уæлмæрддзаутæй дæр æмæ мæрдтæй дæр, хæрзаг ма зæгъой сæ зæрæдтæ: «Гъы, йæ моймæ басхъæл нæ астæуты. Ахæм ма дзы цæсгом суадзгæ уа». Уаих æрбауай, уаих, Бабу, дæ фырнымдæй æз дæр ма къæмдзæстыгæй куы баззадтæн. Кæд ын йæ ингæнмæ кæй нæ базылдтæн, уымæн мæм фыдæх хæссы, бæрæг дæр мæ уый тыххæй кæд нæ бакодта.

Рæдзæмæдзæгæнгæ æрдæгфынæй, æрдæгхъалæй фенхъæлмæ кастæн суанг бонмæ, кæд мæм Даде ногæй фæзынид, зæгъгæ, фæлæ нал.

Райсомæй цæхæрадоны куыстыл хъуыдытæгæнгæ æрлæууыдтæн: дысоны диссаг искæмæн радзургæ уа æви нæ фæтчы? Фæтчы, нæ фæтчы фыны тыххæй куы фæзæгъынц: цалынмæ, дам, дæ цæсгом ныхсай, уæдмæ не ’мбæлы фын радзурын. Мæнæн та фын куы нæ уыди.

Нæ цæхæрадоны æмкъул — Надиаты хъуджы зымæгон бонхæрæн, йæ фæрстæ зæронд фæйнæджы хæррæгътæй конд, йæ сæр шиферæй æмбæрзт, дымгæйæ æмæ къæвдайæ ирвæзæн. Фосы рæгъаумæ нæма скъæрынц — ницыма хиз ис быдыры. Нади се стурæн къæртайы цыдæр рахаста — цъатайы змæст кæнæ дон. Цæхæрадоны кæронмæ рауадтæн йæ цурмæ, кæрæдзийæн райсомхорз загътам æмæ йын хабар радзырдтон.

Диссаг дæр æм нæ фæкаст, фæрсгæ дæр мæ ницæмæйуал бакодта, æрмæст хæлæггæнæгау загъта:

— Тæхудиаг, йæ дуаг афтæ æргомæй кæмæ фæзыны. Фыдæлтæй баззад ныхасæн: мардæй, зæдæй, дам, хъауджы нæй, æмхуызон аудæг сты. Йæ хорзæх дæ уæд, йæ хорзæх.

Уæдæй фæстæмæ хуыссæны цал хатты мæхи æруагътон, уал хатты æнхъæлмæ кастæн, кæд та мæм фæзынид, зæгъгæ, фæлæ фæфыдæнхъæл дæн: нал фæзынд. Æмæ цы? Иунæг хатт мæ кæй бабæрæг кодта, уый дæр мын фаг у: фыды кæнæ фыды фыды рæвдыдæй хайджын нæ. фæдæн, фæлæ йын уыйхыгъд йæ ад базыдтон.

Даде æмæ Яиимæ хабар дызæрдыггаг нæу, уæдæ уыдонæй хистæртимæ дæр афтæ — кæстæр æмæ кæстæр, цы хæс æвæрд мыл ис сæ цуры, уый кæндзынæн. Фæлæ мæ фыдимæ та куыд уыдзæн хабар? Йæ цуры бынтон зæронд лæгæй куы балæудзынæн. Æппын мацы, уæд дзы ныридæгæн дыууæ хатты хистæр куы дæн. Дæдæй, Хуыцау, дæдæй, уагæры йæ цæмæн фæхуыдтай дæхимæ фараст æмæ ссæдзаздзыдæй? Сывæллон лæппу, æндæр ницы. Нæ, кæд цыфæнды æрыгонæй баззад, уæддæр мæхицæн уыдзæн йæ размæ бауайгæ. Фондзыссæдз азы куы фæцæрон æмæ цъæх хъуына куы сæвæрон, уæддæр фыд хистæр у йæ фараст æмæ ссæдз азимæ æмæ мыл зæрондæй дæр хъæбулы лæггæдтæ кæныны хæс уыдзæн, цумагæнæг ын уыдзынæн, цумайы гыццыл лæппуйæ йын — цы кары мæ ныууагъта, уыцы кары баззайдзынæн.

Мæ буары æппындæр уæз нæй, афтæмæй астæуæй дæлæмæ цы мигъы ныгъуылын, уый мæ хæссы уæлдæрæй-уæлдæр, фæлмæн æмæ хъарм рухсмæ; арвы тыгъдадыл цæст кæйонг æххæссы, уыйонг æмхуызон фæлмæн, нæдæр ирддæр, нæдæр мынæгдæр никæцырдыгæй у; зæххæй афтæ тынг адард дæн, æмæ мæм дзы ницуал зыны æппын, мигъы аныгъуылд пыхцылсæр æхсынцъы дæр уылæнгай æнхъæвзгæ æркæрдынæввонг мæнæуы хуымы æхсæн...

— Райхъал у, рынчын. Хъусыс мæ? — лæгъстæгæнæг удайст хъæлæс. — Ма фынæй кæн, науæд нал æрыхъал уыдзынæ. Хъусыс мæ — нал æрыхъал уыдзынæ.

Дыууæ армæй мын фæриссыны бæрц нæ, фæлæ бахъарыны фаг радыгай цæвы мæ уадултæ.

— Ма фынæй кæн, рынчын, нал æрыхъал уыдзынæ.

Æллæх, æллæх, цæй зын мын сты уæдæ йæ ныхæстæ! Цы мæ баййардта, цæуылнæ мæ ауадзы мæ фæндагыл, цæуылнæ мын уарзы йæ цæст уыцы æвидигæ удæнцой? Æнхъæл куыд нæ уыдтæн, афтæ æнцонæй куы фервæзтæн зæххон сагъæстæй, уæд ма мæ кæдæм фæстæмæ здахы?

Æз кæм балæууйдтæн, кæд-иу, мыййаг, Ритæ дæр уыйонг фæхæццæ æмæ, мæнæн куыд зын у æрдæгфæндагæй здæхын, уымæн дæр афтæ зын уыд æмæ-иу уый тыххæй ахæм знæт уыдис йæ ныхас:

— Цæмæн мæ райхъал кодтай?!

Фæлæуу, фæлæуу, нæ хъæуы мæсты дохтырмæ — йæ хæс цы у, уый кæны. Æмæ науæд дæхæдæг та — фæлидзынмæ хъавыдтæ, цыма а дунейыл дæ кæнинæгтæ иууылдæр ахицæн сты, уыйау? Афтæ нæ вæййы, афтæ. Адæймаг дунемæ айдагъ йæхи тыххæй куы фæзынид, уæд бæргæ — алчидæр сфаг уаид йæхи фæдарынæн. Фæлæ ма йыл би-и-ирæ хæстæ æвæрд разыны, се ’ппæтыл уæвгæ дæр ничима аххæссыд, фæлæ, дам, дзы цас фылдæр сæххæст кæнай, уыйас дын бæрзонддæр бынат лæвæрд æрцæудзæн Ахæрæты Бон.

Дзæгъæлы дохтырмæ ныккомкоммæ дæ: дохтырæй аразгæ куы уаид, уæд иуы дæр никуы ауадзид, ома, йæ хæс ахæм у, уый тыххæй нæ, фыццаджыдæр — йæхи кадæн. Хуыцауы фæнд уыди, æндæр ницы: бахъардта йæм дæ катай æмæ дæ фæндагæй раздæхта: марадз, зæрдæхсайгæ кæмæ фæцæуыс, уыцы хъуыддаг баххæст кæн — дæ зæронд ныййарæджы уал бафснай, стæй уæд æркæсдзыстæм, кæд дæм уыдзæн фæсидгæ.

***

Æллæх, æнхъæлдæн æмæ та Калонкæйы фæстиат кæны поезд. Куы ницы къуылымпы уа, уæд дзы минут-дыууæйæ фылдæр нæ бафæстаит вæййы: цалынмæ хизинаг чи у, уыдон рахизынц æмæ бадинаг чи у, уыдон сбадой, уæдмæ. Хъуыдытыл фæдæн æмæ сахатмæ не ’ркастæн, фæлæ фондз минутæй къаддæр нæ лæууы.

Йæ хуыссыны афон аивгъуыдта Лæппынæн æмæ вагоны къулыл æнцойæ бафынæй, уæдæ цы, йæ къæхтæ зæбулæй. Поезд куы рараст, уæд рудзынджы хид йæ æрмкъухæй адауадау фæкодта æмæ йæм дзы талынджы куы ницы разынди, уæд хъарммæ уайтагъд æрлæмæгъ. Йæ уадултæ сырх-сырхид афæлдæхтысты. Йæ дзабыртæ йын раластон æмæ сæ пъолыл æрæвæрдтон, йæ къæхтæ йын бандонмæ систон, йæ худæй йын нывæрзæн ацарæзтон æмæ йæ æрхуыссын кодтон. Нæ райхъал, æрмæст æй куыддæр æрæвæрдтон, афтæ йæ цæсгом бандоны чъылдымырдæм азылдта, æвæццæгæн æй цырагъы рухс хъыгдары. Æххæст ын йæ палтойы цæппæртæ дæр суагътон, хъуырбæттæн райхæлдтон, науæд уыцы фиуы тыхтæй рахид уыдзæн æмæ вагонæй куы рахизæм, уæд куы суазал уа.

Рудзынг асæрфтон æмæ æддæмæ ракастæн. Иу змæлæг нæй перроны, цырæгъты мынæг рухсмæ зивæггæнгæ хауынц урс гæлæбутæ, ногуард миты уæлæ бæлвырд бæрæг дарынц, поездæй чи ахызт, уыдоны къахвæдтæ. Фæрсæй-фæрстæм сагъд дыууæ зазбæласы бын сатæгсауæй зыны зæхх, иунæг миты гæлæбу дæр ыл нæ фæхæцыд. Æниу ахæм фыццаг мит нæ, фæлæ сæм зымæг-зымæджы дæргъы мит дæр нымады нæу, сæ бынмæ йæ тымыгъ ма бахæссæд фæрсырдыгæй, æндæр æм уæле æрхæццæйæ тас нæу, афтæ æнахуыр бæзджын æмæ — цы сæрд, цы зымæг — æмхуызон тар у сæ хих. Мæнæ уæларвмæ фæцыдысты, уый зæгъæн сæ нæй — рæстæмбис бæлас цы уа, уый; сæ фарсмæ сæ сæрты кæсынц сусхъæд æмæ акъаци. Уæдæ сырæзинаг дæр нал сты, куы сæ зонын, уæдæй нырмæ сыл уылынг дæр нал бафтыд. Бæзджыны æдде ма теманæй даргъдæр у сæ хих; уыцы æнахуыр хъæддых къалиутæ: миты уæз сæм нымады дæр нæу, уыцы æмраст пакайæ лæууынц. Немыцæй баззадаиккой, æндæр цы. Сæ гыркъомæ куыд ничи фæкомкоммæ вæййы æмæ сын сæ мыггаг цæуылнæ сарæх кæнынц, фæндаггæрæтты, скъолайы кæрты æмæ уæлмæрдты зазбæлæстæ садзынмæ куы фемхиц сты, уæд?

Лæууы поезд, фенкъуысыны зонд æм нæй. Кæй дзы бафарстæуа, цæуыл у йæ фæстиат? Кассæйæ рухсы цъыртт нæ кæлы, æрмæст иннæрдыгæй иу рудзынджы цырагъ судзы, радхæссæджы уат у, æвæццæгæн. Уæд та йæм бауаин фæрсынмæ — кæдмæ уыдзæн нæ лæуд? Æмæ цалынмæ уырдæм цæуон, уæдмæ поезд куы фенкъуыоа, мыййаг? Хæрзаг зæрдæскъуыд фæуид Лæппын, райхъал æмæ йæ уæлхъус нæ разындтæн, уæд. Тобæ, тобæ, йæхиуыл æй бавзара, уый нæ, фæлæ йæ цæстытыл фыдызнагæн дæр макуы ауайæд ахæм.

Ацафоны поезды размæ вæййы фæстаг автобус Зилгæмæ. Æвæдза, дæс минуты дæр байрæджы кодта, уæд æм нал банхъæлмæ кæсы. Æмæ кæй зæрдæ хъуамæ фæхуда шофырыл — уымæн дæр хæдзар, бинонтæ ис.

Сахатмæ æркастæн: бирæ нал ис фарастмæ. Нæй, нал баййафдзыстæм. Цы чындæуа ныр, фæстæмæ раздæхиккам? Цæуыл сывæллоны дæр фыдæхсæв кæнын, тæригъæд нæу? Цæй, машинæтæн æнæ уæвгæ нæ уыдзæн вагзалы цур фæзы, баххуырсдзынæн. Нæ, фæстæмæ здæхынæн йæ кой дæр хъуамæ ма уа. Худинаг у Бабуйæ, фæндаг ын куы нæ асыгъдæг кæнон, уæд. Исчи афтæ дæр хъуамæ зæгъа: гъы, кæсут, фæндæгтæ йын мæрзы æрæджиау; фæлтау йæ уд йæ мидæг цалынмæ уыди, уæдмæ йæ куы дардтаид буц. Цы уын зæгъон, мæгъа. Буцтæ ахуыр никуы уыди, мæгуырæг. Æз та... Мæнæн та... Æмæ чи кæд бафыста мады хæс? Гъе-и, мæнæй уый, иугæр дæхи рæстытæ кæнынмæ кæм бавнæлдтай, уым...

Æгæр сонтæй асыгъди, æвæдза. Æз та æнхъæлдтон, иунæгæй никуы аззайдзынæн. Зонгæ йæ куыннæ кодтон, раджы уа, æрæджы, кæй мæ ныууадздзæн, фæлæ зæрдæ разы нæ уыди, ницы хуызы йæ уырныдта.

Йæ цыртыл фыстмæ гæсгæ Борыхъуаты Пуцыр дыууадæс æмæ цыппарыссæдз азы фæцарди. Фыстытыл се ’ппæтыл æууæндæн дæр нæй, раст зæгъын хъæуы — ацы паддзахады уæззау хъалонтæй исты амалæй фервæзыны бæллицæй кæмæн куыд амал уыди, афтæ фефтыдта йæ азтыл: чи дæс, чи фынддæс, чи та ноджы фылдæр.

Фæлæ Пуцыры цырт баууæндинаг у йæ цотмæ гæсгæ — кæдыккон æмæ кæдыккон сты. Куы æруæззау, уæд йæ уæлхъус бадын байдыдтой хионтæ æмæ сыхæгтæ, куыд вæййы, афтæ. Æмæ иуахæмы фæстаджы бадт ракодта йæ хуыссæны æмæ йæхиуыл сау æрдиаг байдыдта:

— Цæмæн мæ цымæ ахæм æнамонд фæкодта мæн Хуыцау иннæ адæмæй се ’ппæтæй хъауджыдæр?

Йæ цуры чи бадти, уыдонмæ диссаг куыннæ фæкастаиккой йæ ныхæстæ.

— Цæмæй дæхимæ æнамонд кæсыс, Пуцыр, цæрынхъуаг дæ æви буцхъуаг?

— Æмæ фидиссаг сты мæ бирæ цæрæнбонтæ? Хуыцауæй сæ давгæ ракодтон, мыййаг? — сбустæ кодта рынчынфæрсджытыл. — Æви искæй хыгъдæй цæрын? Уæдæмæ æнамонд дæн æмæ æнамонд, æндæр ницы.

— Кæс-ма, дæ хорзæхæй, ауал азы йыл цæуы, афтæмæй йæ зонд мисхал нæ фæкъахыр.

— Омæ цæмæй æнамонд дæхи хоныс? Акæс-ма дæ дæлемæ — цал æмæ цал фæлтæры сты дæ кæстæртæ: цот зæгъай, цоты цот зæгъай, уыдоны цот зæгъай. Уæд цæмæй дæхимæ æнамонд кæсыс адæмæй хъауджыдæр? Цæмæй мæгуыр дæ?



Просмотров 1238

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!