Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 4 часть



— Дыккаг хатт æрлæуу мæнæ мæ разæй æмæ ноджыдæр райс!

— Худинаг у.

— Уымæй стырдæр худинаг ныл макуы æрцæуæд. Æрлæуу, æрлæуу, иууылдæр афтæ кæнынц — нæ сæ уыныс нырмæ? Æртæ хатты чи райста, суанг ахæмтæ дæр дзы ис.

Æфсæрмытæгæнгæ æрлæууыд Бабу дыккаг хатт. Кæд æмæ кæд бахæццæ йæ рад, уæддæр æй базыдта Æцци, дыккаг хатт кæй лæууы. Иннæты дæр куыннæ уыдта, фæлæ ницымбарæг скодта йæхи, чи дзы къабаз, чи сыхаг, чи зонгæ; уадз æмæ исой, сæ кæрæдзиимæ хъаугъа ма самайæд, æндæр. Æрмæст Бабумæ ныккомкоммæ утæппæт адæмы æхсæн:

— Ды та дыккаг хатт цæмæн æрлæууыдтæ?

— Куы нæ, нырма ныр куы æрбæхæццæ мæ рад.

— Фыццаг хатт лæууы, фыццаг,— æвдисæн фæлæууыд Оля дæр.

— Ныр цæстæй хъусмæ кæй багæды кæнынмæ хъавут, тынг дзæбæх æй куы бахъуыды дардтон, уæд? — Оляйы ’рдæм фæцис Æцци. — Чи у, чи, куы нæ йæ зонын æз?

— Залийы сидзæргæс чындз у.

— Залийы чындз, зæгъут? Æ, Хуыцау уын æй куыннæ ныббарста! Æмæ мын æй раздæр цæуылнæ бацамыдтат уæд? Рацу-ма хæстæгдæр, Залийы чындз, дæ мой мæнæн ахуыргæнæг куы уыди. Сидзæрæй куы баззадтæн, уæд мын Залийæн айдагъ дзабыртæ цы фæхуыйын кодта, уыдоны аргъ куы нæ дæн мæхæдæг. Рацу, рацу, ма ’фсæрмы кæн. Мæнæ дын æхсæз метры, ноджыдæр æхсæз метры та — мæ лæвар. Дæ мой куы нæ уыдаид, уæд ахуыр дæр не скодтаин æмæ ам дæр нæ лæууин. Уæдæ мын Залийы хæрзтæ та ингæны бонмæ дæр фидинаг сты.

Уæд ма уæздандзинад та цы вæййы?

Уатмæ йæ байсын хъæудзæн машинæ, хуры тынтæй хызт куыд уа, афтæ. Уæвгæ, ауал азы чи ныддæвдæг, уый уæлдай хус нал бауыдзæн, фæлæ йæ хицæуттæй — чындзæй-æфсинæй — уæлæуыл куы ничиуал баззад, уæд ноджы буцдæр даринаг у.

Уый та циу? Кæс-ма, дæ хорзæхæй, бæстæ урс-урсид куыд адардта. Дзæгъæлы нæ уыд абонсарæй уыцы уазал къуыскъуыс, цæсгом æлхысчъытæ кодта. Ноджы ма арв æмæ зæхх баиу сты æмвæтæн уæззау æврæгътæй. Сывæллонимæ рæвдауæндонæй куы æрбацæйцыдыстæм, уæд райдыдта сæлфынæг, фæлæ йæ ницæмæ æрдардтон: сæлфынæгæй арæхдæр цы вæййы æрæгвæззæг. Хорз сæлфынæг нæ разынд, уæллæй. Хæцгæ дæр мæлæты æвиппайды фæкодта зæххыл, уаргæ-тайгæ нæ рауад. Амæй бонмæ дæр банцайа — хæссы æмæ хæссы тъыфылæй; кæрты цырæгъты бурбын рухсмæ зилдух самадтой миты гæлæбутæ, нæвæндонæй хауынц дæлæмæ, ноджы ма хъæды ’рдыгæй куы æрбацæвы дымгæ æмæ уæладзыджы бæрзонд къулыл куы сæмбæлы, уæд сæ зæхмæ нал æруадзы, фæлæ хæрдмæ фæхæссы, раст цыма уæле дæлæмæ нæ, фæлæ дæлæ уæлæмæ уары, уыйау.

Тæккæ хъæдрæбын ис хæдзар. Хъæд, зæгъгæ йæ парк схонын растдæр уаид, æмæ йæ хонгæ дæр афтæ кæнынц. Кæм бæзджын, кæм тæнæг нæ ауадысты йæ бæлæстæ æддæг-мидæг, кæм пыхс, кæм æрдуз, кæм фæрв, кæм æхсæр, кæм кæрдо, кæм хуымæллæг, мыййаг, нæу: дæргъмæ дæр æмæ цæхгæрмæ дæр уыцы æмраст нæзыйы рæнхъытæ. Мæ хидвæллой дæр дзы ис. Хидвæллой, зæгъгæ, уæд дзы цастæ хид рауагътаин, фæлæ уæддæр фыдæбон цы бакодтон, уый бакодтон. Институты фыццаг курсы куы ахуыр кодтон, уæд нæ иу уалдзыгон райдзаст бон зиумæ рарвыстой горæтгæроны тыгъд быдырмæ æнæхъæн курсæй; ардыгæй-ардæм хай нын æрнымадтой æмæ загътой: ныр садзгæ кæнут. Горæтаг буцхаст фæсивæдæй чидæртæ бахъуыр-хъуыр кодтой: ацы уæззау куыст махмæ цæмæн æрхауд? Худæгæй сыл амард нæ физкультурæйы ахуыргæнæг: уагæр ма уæм куыстæн йæ зын æцæгдæр куы æрхаудаид; атæппæт тъæпæн бындзæфхадæй æмæ къудзитæй чи асыгъдæг кодта фарон фæззæджы, зынау зын уыдоны куыст уыди. Мæнмæ дзы йæ ракойы бæрц зын ницы фæкаст: цæст кæйонг æххæссы, уыйонг, суанг хохрæбыны хъæды онг фаты хуызæн æмраст рæнхъытæ; тала кæм садзгæ у, уый сардзинæйсардзинмæ къæбæлтæй амынд. Чызджытæн æнцондæр куыст — тала æрбахæссын, дзыхъхъы йæ æрæвæрын æмæ цалынмæ сыджыты фыццаг белгæмттæ уидаг æрцахсой, уæдмæ йыл æмраст фæхæцын. Лæппутæ та — дзыхъхъытæ къахгæ æмæ сыджыт калгæ. Хъазгæ-худгæ нæ хай изæргæрæттæм сагъд фæци.

Дзæгъæл фыдæбоныл нымадтам нæ фæллой: зын бауырнæн уыд, уыцы мæллæг тихалджытæ фæхæцой, уый. Фыдæнæны хуызæн дзы иунæг дæр нæ фæмæнг. Институт каст нæма фæдæн, афтæ къох къæйттæ-къæйттæ фæныгъуылынæн ахъаззаг разынд, уæлдайдæр та фæндагæн йæ галиу фарс, зазбæлæстæ сагъд кæм уыдысты, уым. Зазбæлæсты хæрдмæ нæ бауагътой, сæ хъысмæт рагацау лыггонд уыди: фидауцæн куыддæр фæбæззыдысты, афтæ сæ ногбонæй-ногбонмæ фæцагътой.

Нæзытæ амондджындæр разындысты, бæллæг сæм нæ фæцис æмæ уыцы æмгуыппæгæй хæрдмæ фæцыдысты, сæ цъуппытæ æддæг-мидæг ауадысты, зæхмæ хуры цъыртт нæ уадзынц, кæд сæ зæнгтыл сæумæйы æмæ изæргæрæтты тæссармæ тынтæ ауайой, æндæр; сæрд арæхдæр, зымæг гæзæмæдæр хих згъалынц æмæ сæ бын гауызау фæлмæнæй лæууы. Мæнæ ныр дæр сæ пыхцыл сæртæ урс-урсид адардтой митæй, сæ бын та уыцы сауæй баззад. Æви талынджы афтæ зыны? Нæ, фыццаг мит цасфæнды куы рауара, уæддæр ын бæлæсты бын фæхæцæн нæй. Иуæй йæ уыцы бæзджын æддæг-мидæг хих зæххы онг нæ уадзы, иннæмæй та ма зæххæн йæхи мидæг баззайы фæхæцын æй нæ бауадзыны фаг хъарм, сæрддон-сæрды дæргъы цы хихтæ фезгъæлынц, уыдон бæзджын гауызæй лæууынц, кæдмæ æмæ кæдмæ нæ ныхъхъардзæн хъызт сæ бынмæ.

Хæдзарæй хъæды онг зæххыл урс пæлæз тыд, хъæдгæронмæ куы бахæццæ, уæд та бæлæстæн сæ рагъмæ схызт.

Афонмæ Бабуйы ннгæн дæр миты бын фæцис. Фыццаг сыгъдæг миты бын. Фыццаг мит та ног марды ингæнæй рамæрзгæ вæййы, уыимæ дæр хуры цæст цалынмæ нæма скæса, уæдмæ. Цас мыл цыди, мæ фыд куы амарди, уæд? Фондз азы æмæ дыууæ мæйы. Мæнæ Лæппыныл цас цæуы, уымæй æртæ мæйы фылдæр. Майы кæрон, сæрды тæккæ къæсæрыл амарди. Бабу уæд Бабу нæма уыди — мамæ. Фыдымад Зали та — Яи; гыццылæй йыл уыцы ном сæвæрдтон — Зали зæгъын нæ зыдтон — æмæ йæм уыцы номæй фæдзырдтой бинонтæ йæ адзалы онг; уæвгæ та мын æй Хуыцауы цæст бирæ нæ бауарзта — дæсаздзыдæй дзы бавдæлон дæн. Цалынмæ æгас уыди, уæдмæ дыууæ мады рæвдыдæй бæргæ хъуаг нæ баййæфтон.

Фыд куы нæма æруатон, уæд мамæ хъугдуцæгæй куыста колхозы, фæлæ йæ сæрыхицау куы æруæззау, уæд фермæ ныууагъта æмæ рынчынмæ касти. Куы ахицæн, уæд та йæм тæккæ дыууиссæдзæм боны фæстæ — фагæй фылдæр уæздан разындысты — ногæй дуар æрбахостой: кусынмæ рацæуыны афон у. Фондз азы дæргъы дыууæ мады хъæбысы фæхуыссыдтæн: иуы хъæбысы-иу бафынæй дæн æмæ иннæйы хъæбысы æрыхъал дæн, сынтæг та — уыциу, незамантаг, кæддæр цъæтджын бæргæ уыд, фæлæ цъæты згæ бахордта, цардгæмттæ фæцис, æмæ йыл уæд æртæ бæзджын тæрс фæйнæджы дæргъмæ ауагътой, сæ уæлæ та — фист гобан.

Изæр-иу мады хъæбысы бæргæ бафынæй дæн, фæлæ-иу райсомæй та фыдымады хъæбысы æрыхъал дæн. Мад куыстмæ цафон цыди, уый никуы базыдтон, æвæццæгæн, зымæгон — сау талынгæй, сæрдыгон та — бонивайæнты. Æмæ-иу уæд йæ бæсты фыдымад æрбахызт нæ сынтæгмæ. Суазалæй мын тарстаид æви фæтæркæй? Æнхъæл нæ дæн. А, зымæг фæуæд уазалы тыххæй. Æмæ сæрд та? Нæ, фæлæ йын æдзардæй мæрдтæм чи фæфардæг, уый мондæгтæ мæ иста. Фыдæлтæй мæнгæн нæ баззад: хъæбулы хъæбул хъæбулæй адджындæр у. Чызг йæ амонд ссардта — кæйдæр хæдзары цыргъ æхсырф. Æртæ фыртæн сæ хистæр аивгъуыдта, йæ фæдыл бындарæн мæнæй уый баззад; дыууæ кæстæрæн бинонтæ нæма ис, куысты фæдыл сæ иу Уæлладжырмæ афтыд, иннæ — дард Невинкæмæ; нырма кæд æмæ кæд фæзындзæн уыдонæн цот. Æмæ уал чи ис, уымæй рæвдауы йæхи, æрхъæцмæ йыл нæ хъæцы. Зыбыты тихалæг, дæ-дæ-дæй, исты йыл куы æрцæуа æмæ йæ зæнæджы хистæры мыггаг куы сыскъуыйа...

Йæхи хъустæй фехъуыста, цæгатмæ фæцæуыны тыххæй чындз йе ’фсымæрты цы мæстæлгъæд дзуаппимæ арвыста, уый, фæлæ йæ уæддæр нæма уырны: сидзæргæс æрбадыны фаг æфсарм æмæ йæм хъару разына? Фæхудæн дæр ыл нæй — цыппар æмæ ссæдзаздзынæй ацы тихалæгæн — цалдæр ма куы уаиккой, уæд дæр — куыд фæбада? Ноджы ма ацы цъаммар хицауад сылгоймагæн йæ цæсгом бахæрын кодта — нæлгоймагимæ йын æмхуызон бартæ радта. Æндæр сæ цæмæй бабуц кæна, уый нæ разынд, æмæ æфсинтæм дæр, сæ лæгтæм дæр æмæ суанг хæдзары хицау зæрæдтæм дæр сæ цæсгом суагътой. Чындзмæ ахæм дау æрхæссын тæригъæд уыдзæн, фæлæ нырма йæ ахæцæнтæ æмæ рахæцæнтæ фæсте сты: йæ сывæллоны къухыл куы ахæца, уæд ын никæй бон ницы у. Чи ма нымайы фыдæлты æгъдау, æндæра уыдонæн алцыдæр бæлвырд лыггонд уыди: æрыгон сылгоймагæн йæ мой амарди, уæд дыууиссæдзæм боны фæстæ йæ хæдзармæ куы фæцæуа, уæд фидиссаг нæ разындзæн: дыууæ мыггаджы сæ фадæттæм æркæсдзысты æмæ сæ тæрхон рахæсдзысты — кæм цæргæ у сывæллæттæн: мады куы фæнда, уæд ын ис чызджыты йемæ акæныны бар, лæппутæ та хъуамæ баззайой, кæй мыггаг хæссынц, уыдоны æхсæн, сæ фыды хæдзары. Æмæ ныр Яи йæхи хъары, мыййаг, йæ æвджид куы баззайон, уæд ыл рагацау цæмæй фæцахуыр уон, мады къаддæр куыд мысон, афтæ...

Иннæ хæттытæй хъауджыдæр цæмæн афтæ раджы райхъал уыдаин? Цырагъы рухсæй? Æмæ мад талынджы кодтаид йæ дзаумæттæ алы сæумæйæ? Æви мæ фарсмæ кæй ничи ис, сынтæджы иунæгæй аззадтæн, уый бамбæрстаин? Дæлиау зылд фæтæген цырагъы мынæг рухс æнхъæвзы уаты къултыл, гуыргуырæй судзы пецы мидæг арт, йе ’взæгтæ къæйы зыхъыртæй царыл хъазынц. Уыдонæй дзæбæхдæр мæм ницы кæсы, уæлдайдæр та зымæгон изæр цырагъ куы ахуыссын кæнынц, пецы та ма арт куы фæсудзы, уæд. Дзæвгар кæрæдзийы фæсурынц, арт куыд мынæггæнгæ цæуы, афтæ æнæбары тæппытæм раивынц. Стæй уæд зынджы сабыр фæд зиллакк-зиллакæй баззайы царыл æмæ иу афон бæрæг нал вæййы. Æмæ уæд æз дæр мады æмæ фыдымады фæзмгæ арф ныуулæфын æмæ æнæфын тары аныгъуылын.

Яи мидæггаг уатмæ бахызт æмæ дуары хъинцъ фæцыди. Уыцы хъинцъмæ райхъал уыдаин, уыцы, æвæццæгæн ма йæ уымæй размæ дæр бакодта. Йæ чырынтæ бæзджын кæлмæрзæн рахаста цалдæр дыдагъæй, райхæлдта йæ, дыууæ къухæй йæ бæрзонд систа æмæ йæм цырагъы рухсмæ кæсы: кæрæттæ бæзджын тар, астæуæй дзы рухс хъары.

— Пуй, налат, рæмпæг æм куыд фæхæццæ. Æмæ, дам, æнгузы сыфæй дардмæ лидзы,— сабыргай дзуры йæхицæн.

Кæлмæрзæн æрцагъта, ноджыдæр ма йæм иу хатт рухсмæ акаст æмæ йæ пецы сæрмæ уагъд синагыл дыууæ дыдагъæй æрцауыгъта.

— Райхъал дæ, Зазар? Æ, мæ къона æрбауай, æз та ма дæм зивæг куы кодтон райхъалмæ. Не суазал дæ?

«Нæ-ы»,— ацамыдтон ын сæрæй, мæхæдæг дыууæ къухæй фындзы хуынчъыты онг хъæццулыл хæцын æмæ æцæгдæр кæй не суазал дæн, куыд фæразон разындтæн, уый равдисыны охыл хъæццул уæхсчыты онг æрæппæрстон.

— Мит рауарыди, мит, мæ хъæбул. Урс-урсид адардта бæстæ,— кæд мæнмæ дзуры, уæддæр йæхицæн сты йæ ныхæстæ. — Афонмæ дæ фыды мæгуыр ингæн дæр миты бын фæцис æмæ йæм фæд амæрзын хъæуы, науæд хæдзармæ фæндаг куы нæ ссара.

Дзургæ-зилгæ кæны хæдзары къуымты. Къамодæн куы йæ иу лагъз раласы, куы иннæ, цыдæр дзаумæттæ дзы сисы, куы та чырыны сæр сыгом кæны æмæ дзы гуыбырæй цыдæртæ фæйлауы.

— Фест, мæ къона, æмæ дæуæн дæр дæ дзаумæттæ скæнон. Иумæ цæуæм уæлмæрдтæм рагацау, хурыскаст нæ куыннæ æрæййафа, афтæ.

Фæтæген цырагъы фител сзылдта æмæ уат фæрухсдæр. Чырынæй æмæ къамодæй цы къабатæ, ибкæтæ, куатæтæ систа, уыдон йæ сынтæгыл амадæй лæууынц. Фадхъултæм мидæггаг хæдоныл уæлдæр схæцыд æмæ йын йæ астæу алдымбыд уадздзагæй бабаста. Йæ уæлæ къаба æркодта. Стæй та ибкæ. Худæг у æмæ худæг: хæлафæй æмæ ибкæйæ уæлдай ницы ис, афтæмæй дзы къæхтæ атъыссыны бæсты йæ сæрырдыгæй æркодта. Ноджыдæр ма иу къаба. Итувæрд райс-бавæрды куатæ. Уый æдде та йæ арфдзыпджын иударон куатæ. Куывдмæ кæнæ хистмæ куы ацæуы, уæд мæ каст уыцы куатæйы дзыпмæ вæййы: хъуамæ дзы исты хай разына — кæнæ карчы сгуы, кæнæ халвайы къæртт гæххæтты тыхтæй, куы кæрдо, куы адджинаг, куы æнгуз.

— Яи, дыууæ куатæйы та цæмæн скодтай? Фылдæр дзыппытæ дын уа, уый тыххæй?

— Яи дæ фæхъхъау æрбауа, кæд мын кæуылты дæ гыццыл сæр æххæссы. Дзыппыты мондагæн бæргæ не скодтон дыууæ куатæйы. Сылгоймагыл авд æддæгуæлæйы куы нæ уа, уæд ын хурныгуылдæй хурыскастмæ уæлмæрдтæм бацæуæн нæй. Рабад, мæ къона, дыккаг кæркуасæнтæй ахызти æхсæв æмæ нал баййафдзыстæм.

Мæ цуры æрбалæууыд æмæ мæм йæ къухтæ æрбадардта. Хъæццул асхуыстон, сынтæджы уырдыг алæууыдтæн æмæ йæ хъуырыл атыхстæн, мæхи йæм нылхъывтон. Æппæтæй адджындæр адæймаг. Æдылы фæрстытæ фæкæнынц стыртæ, æндæр ницы: «Зæгъ-ма, Яийы фылдæр уарзыс æви мамæйы?»

Ме ’нæуынон — хæргæ мæ кæны — цъында хæлаф мыл скодта, фæсмын цъындатæ. Джиппæйфыст тæнæг хæдоны æдде — бæзджын цъында хæдон, хæцъил дзабыртæ æмæ æрттиваг арфхъус къалостæ. Урс æмæ сау къуымбил æмхæццæйæ фæуæфта æмæ дзы фæныкхуыз хъуырбæттæн рауад. Хæргæ ма куы нæ кæнид уый дæр, уæд мæлæты хъарм вæййы. Палтойы æддæты мыл æй æрбабаста æмæ йын йæ дыууæ кæроны фæсонты ’рдыгæй æруагъта. Цыдæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ йæ фæстæмæ райхæлдта. Тæрхъусдзарм худ — диссаджы фæлмæн æмæ хъарм, æрмæст къуындæгад кæны,— мæ сæрыл æркодта, йæ хъустæ йын роцъойы бын бабаста æмæ уый фæстæ палтойы æфцæгготыл худы æддæты хæрдмæ схæцыд, хъуырбæттæн æрбабаста æмæ та йын йæ кæрæттæ фæсонты ’рдæм аппæрста.

Уый дæр æм фаг нæ фæкаст æмæ хуынчъытæ зæронд тинтычъи кæлмæрзæн — даргæ йæ ничиуал кæны, кæд ма йæ кæрты мидæг змæлгæйæ сæ уæхскыл баппарой, æндæр — райста æмæ ма мыл уый дæр æрбабæттынмæ хъавы, фæлæ йæ нæ бауагътон, кæуынхъæлæсæй мæхи сцагътон:

— Ма мыл æй скæн! Лæппутæ йæ куы феной, уæд мыл худдзысты.

— Цæмæн дыл хъуамæ худой? Хъалæй хъарм хуыздæр у, мæ къона. Ничи дыл худдзæн.

— Худдзæн, худдзæн! Зонын æй æз! — цагътон мæхи.

— Ничи дыл худдзæн: лæппутæ ацафон сæ тæккæ адджын фынтæ уынынц.

Сайы мæ. Æмæ нæ акомкоммæ Батмырзæ та? Алы хатт дæр мæнæй раздæр куы сысты æмæ йæ уынджы куы раййафын. Афонмæ дæр та сæ дуармæ лæууы æмæ мæм æнхъæлмæ кæсы.

— Нæ уынынц, нæ! — цыма дзы басудзынæй тæрсын, уыйау иуварс схойын кæлмæрзæн.

Зонын æй: куы ныффæрск уон, уæд та йæ зæрдæ нæ фæлæудзæн.

— Ахæм ма дзы æнæбасæттон уа,— хъуырхъуыргæнгæ æрæвæрдта кæлмæрзæн сынтæджы къухыл. — Афтæ фæлæуу, æз ныртæккæ æрбауайдзынæн.

Пецы гуыр-гуырмæ хъусгæ аззадтæн уаты иунæгæй.

Фæтæген фанаримæ уайтагъд фæстæмæ фездæхт Яи. Батылдта йæ æмæ гæзæмæ цæллахъ йæ зæрдæмæ нæ фæцыди. Æддæмæ та рахызт, тыргъы къуымæй фæтæгены банкæ æмæ хъуырдзæвæн æрбахаста, фанар байдзаг кодта, цыдæр хæррæгъæй фæтæгены фæдтæ асæрфта. Уæлиау æй систа æмæ йын цырагъы рухсмæ йæ авгмæ акасти — милайæдзаг разынд.

— Æххæст æй асæрфон.

Къамоды лагъзæй сыгъдæг хæцъил райста, æлхуыйы уæдæртт рафтыдта æмæ йын йæ хъæдыл хæцъил стыхта, фанары авг систа, комытæф æм бауадзы æмæ та йæ асæрфы. Æппынфæстаг фанар куы срæвдз, уæд æй ссыгъта, цырагъы авджы сæрмæ йæ арм бæлæгъæвæрдæй ныффу кодта, фæлæ цырагъ нæ ахуыссыд, йæ æвзаг хæрдмæ цы фæцыд, æндæр.

Дыккаг фуйæн дæр та нæ ахуыссыд æмæ йæ уæд бынмæ æрзылдта æмæ йыл иунæг фу йеддæмæ нал бахъуыд.

— Цæуæм ныр, мæ къона.

Кæртмæ рахызтыстæм. Бæстæ миты бын фæцис. Фанары мынæг рухсмæ раиртæстон: хæдзары къæсæрæй кæрты дуары ’рдæм марзт у, уисойæ дыууæрдæм куыд амарзтæуыд къахвæндаг, афтæ цанæбæрæг рагъгæндтæй лæууы дыууæрдыгæй. Æвæдырдæм бахызтæн — фадхъултæм дæр мын нæу.

— Рауай, мæ къона, рауай, ды мын цырагъ дардзынæ, æз та фыййагæй калдзынæн. Æз — разæй, ды та — мæ фæд-мæ фæд.

Фанар мæнмæ радта, йæхæдæг сарайы къуымæй фыййаг райста æмæ кæрты дуарæй рахызт.

— Ды уал афтæ фæлæуу.

Кæрты дуарæй уынджы бæстастæуадæ мит ахафта. Фæстæмæ раздæхт æмæ дуарæй сисрæбын тигъы онг хафгæ ацыд.

— Рауай ныр мæ фæдыл.

Хафгæ-хафын тигъыл галиуырдæм фæзылд. Фанар зæххыл куыннæ æндзæва, афтæ йыл хæрдмæ хæцын. Уæззау дæр ницы уадиссаг уæззау у, уæддæр къух уайтагъд афæллайы æмæ та йæ уæд иннæ къухмæ райсын. Йæ рухсмæ мит æвзисты рыгау тæмæнтæ калы.

— Ирдгæ у,— сдзырдта Яи. — Бæгуы уазал фæкæндзæн, уый бæрæг у.

Фыййаджы хыртмæ Гæбылайы куыдз сæ кæртæй æнæбары схæпп-хæпп кодта. Йæ рæйынмæ сыхы иннæ куыйтæ чи бæзджындæр, чи лыстæгдæр хъæлæстæй бафарстой: «Цы хабар у? Фынæй не стæм мах дæр».

Дзиуаты тигъмæ куы схæццæ стæм, уæд Яи фыййагæнцой æрлæууыди йæ фæллад суадзынмæ.

— Не суазал дæ?

— Нæ-ы. Мæнæ-ма кæс — кæцы къухы йæ хæссын, уый мын куыд хорз тавы. Куы схъарм вæййы, уæд та йæ иннæ къухмæ райсын.

— Хорз, Яийы хъæбул, æрмæст æй дæ фадгуытыл ма фæхаф, науæд дын фæтæгены тæф скæндзысты.

Дарддæр араст стæм. Фыййаджы хъæд йæ гуыбынмæ быцæугондæй хафы Яи, цыппар-фондз къахдзæфы фæстæ мит фыййагыл багуппар вæййы æмæ та йæ уæд фæрсырдæм фæфæлдахы, мит иууылдæр куы нæ æркæлы, уæд фыййаджы тигъ зæххыл æрхойы.

Яийы аууон йæ разæй цæуы, куы та — æз æвæдмæ куы бахизын, уæд — фæрсырдыгæй фæвæййы. Фæстиаугомау куы аззайын, уæд ма йæ цæст тыхамæлттæй фæахсы: нарæг æмæ даргъ, кæмдæр атайы; бынтон æввахс æм куы бацæуын, уæд та ма æрмæст къæхты аууон фæзыны, астæуæй уæлæмæ та æнæхъæн уынг цæхгæрмæ сæхгæны æмæ йæ цæст уæвгæ дæр нал фæахсы, кæйонг хæццæ кæны, уый.

Уыцы æмраст фæд фыййаджы фæтæнæй уадзы йæ фæстæ. Æрмæст хатгай, бæхы салд къуыбæрттæ куы фæвæййынц йæ размæ, уæд æй фæрсырдæм фæзилын бахъæуы. Иу тигъæй иннæмæ — йæ фæлладуадзæн. Æмæ уæд æз дæр фанар зæххыл æрæвæрын. Мæнырдæм куы разилы, уæд йæ цæстыты уымæлмæ фæкомкоммæ вæййын.

— Кæугæ кæныс, Яи?

— Уастæн цы зæгъон... Бæргæ сæ уромын, фæлæ сæхæдæг хъарынц.

Фæдджийæ асæрфы цæстытæ, æмæ йæ æз куыд нæ уынон, афтæ иннæрдæм аздæхы. Исдуг алæууы æмæ та дарддæр араст вæййы хафгæ. Куы иу кæртæй, куы иннæмæй райхъуысы куыдзы рæйын. Мах дзæвгар адард вæййæм, уæддæр сын банцайæн нæй. Хорз æмæ æддæмæ нæ лæбурынц.



Просмотров 1311

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!