![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 7 часть
— Мæ туфлитæ мын мæ къæхтæ фергæвдынц. — Феппар сæ. Æнæууæнкхуызæй мæм æрбакаст: æцæг дзурын æви хъазгæ кæнын? — Бæгъæмвадæй ацæуон? — Æмæ цы диссаг у? Мæн куы хъыгдариккой мæ дзабыртæ, уæд сæ раласыныл мæ цæст дæр нæ фæныкъулин. Хъуыдытæгæнгæ лæууы йæ уæраджы сæртыл хæцгæ: нæма мыл æууæнды. Кæд æй, мæгуырæг, æппындæр ницы хъыгдарынц, уæддæр сыл ауæрды, æндæр цы. Æмæ йыл куыд хъуамæ бахудон: горæтаг асфальтыл йеддæмæ быдираг къуызыртæ фæндæгтыл цæуынæн не сты цъилзæвæттæ. — Цæй, фелвас сæ; кæд исчи фæзына, уæд сæ акæндзынæ, æмæ фæци. Йæ иу къухæй мæ цонгыл фæхæцыд æнцойæн, афтæмæй феппæрста йæ туфлитæ. Ай йын æцæгдæр куы аргæвстой йæ къæхтæ: сæ хъустæ æнгуылдзты сæрмæ гæрзæй-гæрзмæ нынныхстысты, туг дзы тæлмæй фæбадт, зæвæттæ — дондæппал. Æргуыбыр æмæ тугтæлмытæ уырзæй асæрфтытæ кодта; æнгуылдзтæ ма кусынц æви нал, уый бæрæггæнæгау базмæлдысты; æвæццæгæн сын кæрæдзийæ фæхицæн æнхъæл нал уыд, афтæ сæ нылвæстой туфлитæ. — Æллæх, æллæх, бæгъæмвадæн æмбал дзы нæй,— удæнцойæ сулæфыд, цалдæр къахдзæфы куы акодта, уæд. — Исчи горæты уынгты бæгъæмвадæй куы ацæуид, уæд æй фыццагдæр æз бафæзмин. — Æмæ дыл цы мæгуыры бон ис ахæм æнгом дзабыртæ дарынмæ? — Ха! Хæрзуынд уай, уый куы фæнда сылгоймаджы, уæд цы нæ хъизæмарæн бафæраздзæн, ахæм нæй. Уымæ чи нæ бæллы, ахæм сылгоймаг та агургæ дæр ма кæн; никуы йæ ссардзынæ. Куы фæндаджы бæрæг астæу рыгыл йæ къахы ныв уадзгæ цæуы, куы фæндаггæрон кæрдæгмæ бахизы æмæ йæ фасæгау æхсызгонæн уадзы æнгуылдзты æхсæнты. Хуымы астæуты уæрдонвæдыл дзæвгар бауайын хъæуы, цалынмæ æхсынцъымæ бахæццæ уай, уæдмæ. Стæй уæд уæрдонвæдæй цæхгæр фæзил æмæ ссæст мæнæуыл иу-ссæдз къахдзæфы бацу. Æфсир йæ тæккæ нæрсгæ у, сыг нæма фæдæрзæг, афтæмæй йæ тæф æмбисонд у, фындзыхуынчъытæ хъыдзы кæны. Адæймаджы буар бамбарынхъом кæй нæу, ахæм уддзæф æй уылæнгай фæйлаугæ ацæуы æмæ цалынмæ дард кæмдæр атайы, уæдмæ дзы марадз æмæ дæ цæст атон. Иу уылæн кæронмæ нæма ахæццæ вæййы, афтæ йæ иннæ фæцæйсуры. — Цигайнаджы къæхтæ,— йæ сæр ныттылдта Ритæ. Бæгуыдæр, цигайнаджы — рыг сыл бæзджын фæлтæр сæвæрдта; цалынмæ цыдыстæм, уæдмæ сæ рæсыд æрбадти, æнгуылдзтæ хъæлдзæгхуызæй фæпака сты. — Куыд ма скæндзынæ уыцы чъиллон къæхтыл дæ туфлитæ? — Исты амал сын уыдзæн,— æнæмæтхуызæй ауыгъта йæ къух. Цалхвæдыл æхсынцъыйы акомкоммæ бахæццæ стæм. Фæндагæй бæласы онг мæнæу разынди æрдæгссæст — чидæр дзы уыди æрæджы. Йæ быны дæр мæнтæгæмхæццæ цæвæгхос над æмæ ссæст. Сывæллæттæ йæм фæцалх сты æнæмæнг: йæ рæгъæдафонмæ нырма дзæвгар бонтæ ис, афтæмæй йыл иу гага нал ныууагътой; хорз зындгонд мын сты ацы тъæпæнтæ: мæнæуы хуымы фале дæлбылы халсарты хуымтæ, уырдæм фæкæнынц скъоладзауты рувынафон, æмæ сæ фæндагыл цæуыл бамбæлой, уымæн æрмæст йæ дидинæг азгъæлæд, æндæр æй уайтагъд æрфистæг кæнынц. Ацы æхсынцъы дæр сæ куыд хъуамæ аирвæзтаид? Йæ къалиутæ йын æхсæдæг никуы фæцис æмæ суанг зæхмæ æрхæццæ сты уыцы пыхцылæй, мусонг дзы рауад, йæ бынмæ дæ фистæг дæр нæ фендзæн æмæ барæг дæр канд сæрдыгон бæзджын сыфтæрафон нæ, фæлæ фæззæджы быгъдæгæй куы аззайа, уæд дæр, цалынмæ комкоммæ æрбацæуа æмæ дæ уæлхъус æрлæууа, уæдмæ, афтæ бæзджын у йæ пыхс: хуры тын æм нæдæр уæле хъары, нæдæр фæрсырдыгæй. Гæххæттытæ æрытыдтон æмæ бæласы æнцой æрбадтыстæм уæхски-уæхск. Йæ арм ын мæ къухмæ райстон æмæ кæрæдзимæ кæсæм. Йæ сыгъзæрин стъæлфæнджын цæстытæ иуæй цымыдис, иннæмæй тарстхуыз, æнæмæт æмæ сагъæсæйдзаг. Уый дæр ницы дзуры, æз дæр, йæ хъарм уæхск мын ме уæхск судзы. Уæды онг никуы бауæндыдтæн, фæлæ ныр мæхи нал баурæдтон æмæ нæ былтæ кæрæдзийыл андæгъдысты. Æмæ никуал æмæ ничиуал ис æгас дунейы, æрмæст мах дыууæйæ. Кæд искуы арв нæры, уæддæр мæм мæхи зæрдæйы гыбар-гыбурæй дарддæр ницы хъуысы. Цымæ йын схауынæй тас нæу? Науæд ныллæууынæй? Цæй судзаг сты уæдæ йæ хъæддых былтæ, улæфт дæр мæм куы нал ис, суадзын дæр сæ мæ бон куы нæ у. Йæ цæстытæ æнгом æхгæд, йæ буар æнæхъæнæй дæр зыр-зыр кæны, афтæмæй дыууæ цонгæй мæ хъуырыл ныттыхсти, йæхи мæм æнгомæй-æнгомдæр æлхъивы. Сыгъзæрин дадалиты бын къæмисæны тугдадзин арæмудзынæввонг цæлхъытæ кæны æнæнцойæ. Цас рæстæг ис æнæ сулæфгæйæ фæцæрæн? Минут? Сахат? Æви царды æмбис? Йæ цæнгтæ æрлæмæгъ сты æмæ йын йæ былтæ суагътон, риу сонтæй айдзаг сатæг уæлдæфæй. Йæ цæстытæ байгом сты, æмæ мæ фыццаг хатт цыма уыны, уыйау мæм джихæй кæсы. Стæй уæд йæ цæнгтæ мæ хъуырæй суагъта, дыууæ къухæй мын мæ сæр нылхъывта, æмæ йын бæрзæйы хъултыл хæцын æнхъæл цыма нæ уыд, уый хуызæн æй хъавгæ йæ зæнгтыл æруагъта, æргуыбыр æмæ мæм æдзынæг кæсы, æрдæгæхгæд былты æхсæнæй зынынц йæ фырурсæй цъæхбын дæндæгтæ; æрфгуытæй куы иу фестъæлфы, куы иннæ, иу къух мын йæ зæнгтыл нывæрзæнæн сæвæрдта, иннæмæй мæ тæрных сабыргай сæрфы. Стæй мыл уæд ныддæлгом, тымбыл къухæй мын мæ риуы гуыдыр ныххоста: — Худинаг кæй хъуамæ уа, уый куы зонын, уæд мын цæуылнæ у худинаг?! Хорз æй куы зонын, уæд мын цæуылнæ у худинаг? — ныххоста та мын мæ риу. — Зæгъ-ма, цæуылнæ мын у худинаг, худинаг мын хъуамæ куы уа, уæд? Цæуыл ныхъхъус дæ, цæуылнæ исты зæгъыс? Æви мыл хинымæр худыс? — Афтæтæ ма дзур, Ритæ. Худинаггагæй ницы уынын æмæ дыл цæмæн хъуамæ худон? — Æцæг зæгъыс? — Ау, æмæ дæм уæдæ гуырысхойаг кæсы? Йæ цæсгом фæрайдзаст. Йæ былтæ фæцъæхтæ сты. Хорз бæргæ нæу æмæ ма сын ныр цы хос ис? Цæй, кæд цалынмæ ардыгæй цæуæм, уæдмæ сæ хуыз ссариккой. Йæ дзыкку йын суанг рæбынмæ райхæлдтон æмæ цардæгас хъыдзыгæнаг цыллæ уылæнтæ мæ цæсгомыл æркалдысты. — Цæй худæг дæ! — Гъемæ уыйас дæр худ. Дæ зæнгтæ нæ бафæлладысты? — Нæ-ы. Хуысс æнцад. Йæ зæгъын бæргæ æнцон у. Хуыссын, уæдæ цы, уæлгоммæ. Пыхсæвæрд къалиуты æхсæнæй лыстæг сыхырнайæ зыны арвы цъæх, сыгъдæг, æнæкъæм. Дымгæйы цъыртт никæцæй кæлы, уæддæр сыфтæртæ — цæст æй тыххæйты ахсы, ахæм æнæбары зына-нæзына змæлд бакæнынц. Ритæмæ скастæн. Мад йæ сабийыл куыд узæла, афтæ мыл дæлгомæй лæууы, йæ хъæбулы уындæй куы нæ æфсæда — тынгдæр кæй æнгæс у: мæн æви йæ фыды? — уыйау мæ йæ цæст нал исы, йæ былтæ стъæлфæгау цанæбæрæг базмæлынц, уæлдайдæр уæллаг был. Сæр зилыны онг æнхъæвзы, тугмæ хъары æмæ уæнгтæн æнахуыр хъару æмæ æнцой дæтты мæнæуы хус тæф. — Уæрцц былдыхъ,— цæвы куы хæстæгдæрæй, куы дарддæрæй. — Уæрцц былдыхъ, — дзурынц кæрæдзимæ. Ома, мæнæ дæн æз дæр, дард никæдæм атахтæн, кæм мæ цы хъуыддаг ис зад хуымы астæу ахстонæй дарддæр; тæхгæ дæр бæргæ не скæнин, æнæ стæхгæ дæр мын нæй: æгæр фиу сæвæрдзынæн, базыртæ мæ нал сфæраздзысты, æмæ фыццагдæр цы дзæгъæлдзу рувас æрбамбæла, уый амæттаг бауыдзынæн. Ахæм æнтæф бон адæймаг йæхицæй дæр куы тыхсы, уæд мæ цымæ цæуылнæ хъыгдары чызджы тæвд буары андзæвд? Йæ зæнгтæй æмæ къухтæй мæм хъары цавæрдæр æнахуыр хъарм, ме уæнгты иннæрдæм хизы, цыма мæ зæххæй фæиртæста æмæ уæлдæфы ауындзæгæй лæууын, афтæ мæм кæсы. Рæстæг лæугæ ныккодтаид? Нæ, мæхи сайын уымæй. Мæныл дæлгомæй бафæллад, йæ астæустæг срыст, æвæццæгæн, Ритæйæн æмæ йæхи фæстæмæ ауагъта, бæласыл банцой, йæ къух мæ нывæрзæнæй райста, уæддæр иннæ къух мæ ныхыл дары. Мæ фæсонтæй æнкъарын зæххы хус хъарм, чызджы къух мæ ныхæй райстон æмæ йæ мæ уадулмæ нылхъывтон. — Цæуын афон нын нæма у? Дзуапп ын нæ.радтон, æрмæст сæры батылдæй бамбарын кодтон: нæма. Æмæ къух мæ уадулмæ тынгдæр нылхъывтон. — Мæн ницы мæт ис, фæлæ дæумæ кæм куыст кæсы, кæм хæдзар. Сыгъд сыл ссæуæд куыстæй дæр æмæ усæй дæр, мæлæты райгонд куы нæ дæн сæ иуæй дæр æмæ иннæмæй дæр. — Афонмæ... — цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ ныхас кæронмæ нæ ахæццæ; сусæгæй бæргæ ныуулæфыд, æмæ йын бамбæхсæн ис? — Зæгъ æй. — Ницы, афтæ æнæуый цыдæр мæ зæрдыл æрбалæууыд. Цы уа, цымæ? Баййарынмæ дæр мæ ныфс нæ хæссын, мæ уавæр мæ рох нæу. Заууат фæуинаг, куы æгæр тагъд бакæнын, куы мын æрæджы бавæййы æдзух. Нæ, уыдæттыл цас нæ хъуыды кæнай, уыйас хуыздæр. Æмæ сыл æнæ хъуыдыгæнгæ куы уаид, уæд бæргæ. Æнцад лæуу дæхицæн, æгæр мæнгæфсон у дæ амонд, ма къах дæ Хуыцауы хайы. Амонды тыххæй.æгæр загъд у. Æмæ йæ уæвгæ та цы схуындæуа уæдæ? Мæгъа, мæгъа, уый куы зонин, уæд бæргæ. Мæнгæн нæ загъта йæхæдæг: «Сылгоймаджы зæрдыуаг никуы бамбардзынæ æппындæр. Усджын!» Уæдæй ардæм усджыны кой никуал схауд йæ дзыхæй. Мæн та сагъæсы бафтыдта: цы сты нæ фембæлдтытæ? Масты хос ма разыной? Куыддæр рахъæр уа, афтæ мын хатыр никæцырдыгæй уыдзæн: сывæллон чызджы сайы. Нæ сайын, ницæмæй сайын, Хуыцау ме ’вдисæн, ницæмæй йын зæрдæ æвæрын. Сывæллонæй йæ амондзысты иууылдæр, йæ нудæс азы нымад никæмæ уыдзысты. Æз та дзы дæлæмæдæр, уæлæмæдæр фондз азы хистæр — кæуылты зæронд! Хуыцау æвдисæн, йæ фæдыл нæ зылдтæн, йæхæдæг мæ бацагуырдта. Æмæ йæ уæд ссонгæ хъуамæ акæнон, мæхицæй гуырымыхъ саразон? Никуы æмæ ницæй тыххæй! Кæд мæнæн йемæ куыд хорз у, уымæн дæр, мыййаг, кæд мемæ афтæ хорз у. Уæд æй куыд хъуамæ ассонон? Нæ, уыцы тæригъæд нæ райсдзынæн мæ удмæ. Ритæ базмæлыд. — Цы кæныс, бафæлладысты дæ зæнгтæ? Æнæрхъуыды къодах, бафæллайынафон дæр сын у уæдæй нырмæ. Мæхиуыл сцæйхæцыдтæн, фæлæ мæ нæ бауагъта. — Хуысс æнцад, нæ бафæлладтæн, æрмæст бæласы къуызыр мæ тæккæ астæуыхъæдмæ арæзт фæцис. Ницы мын уыдзæни, бафæраздзынæн. — Æмæ ныл бафæразыны бæрц цы хæс æвæрд ис? Сыстадтæн. Чызг бадгæ баззад, йæ къæхтæ æрбатымбылцъæг кодта æмæ сæ ибкæйæ дæлиау æрæмбæрзта. Бæласы æнхъырдтæ æмæ скъуыдтæ зæнгыл мæ къух æрхастон. Хуымæтæджы къуызыр дæр ма куы разындаид, фæлæ чъиуы къуызыр. — Стæ-ма, дæ фæсонтæ. Лыстæг халæй уæфт тæбын кофтæйыл ныххæцыдысты хъуынайы муртæ, бæласы цъары хихау лыстæг схъистæ, æфцæгготæй уылынджы бæрц бындæр та — чъиуы гуппар. — Æллæх, Ритæ! — Циу? — тарстхуызæй фесхъиудта чызг. — Дæ (] чюнтыл чъиу ныххæцыд. — Кæм? — цыма къубал уый бæрц азилдзæн, уыйау йæ фæсонтæм акæсыны фæлтæрæнтæ кæны, кофтæйы уæхсчытæ куы галиуырдæм ивазы, куы рахизырдæм, къухтæй куы уæхсчы сæрты сгары, куы уæны бынты æмæ йæм иуырдыгæй дæр нæ арæхсы. — Тынг хъулон у? — Гæды мын ма зæгъын кæн — фаг. Æмæ та ногæй уæхсчы сæрты куы рахизырдæм ивазы кофтæ, куы галиуырдæм. — Стæ-ма, мæ бар æй бауадз. — Нæ, нæ, мæхæдæг. — Омæ йæм дæхæдæг иуырдæм дæр куы нæ арæхсыс. Раиваз-баивазæй кофтæйæ ибкæйы æхсæн разынд фæлурс сырхбын цыллæ хæдоны тæлм. — Фæлæуу, уæдæ, афтæ бакæнæм,— йæ былтæ размæ рацъупп сты, ахсыдта сæ. — Цæйбæрц аргъ мын кæныс, уый ныртæккæ базондзынæн. Хорз? — Зæгъ уал æй, циу? — Нæ, раздæр уал бафидауæм,— йæ арм мæ армы фæцавта, мæ къух мын нылхъывта. — Цæуыл фидауæм? — Цæуылы кой дзы нал ис — бафидыдтам, дæ къух мæм куы радтай. — О, разы дæн, фæлæ йæ зæгъæн нæй — цæуыл бафидыдтам? — Дæ цæстытæ бацъынд кæн æмæ иннæрдæм азил. Æз дын цалынмæ зæгъон, уæдмæ ма ракæс. — Омæ дзы уыдæттæ цæмæн хъæуынц? Фæлтау æз фæндаджы ’рдæм ацæудзынæн æмæ мæм цалынмæ фæдзурай, уæдмæ уым лæудзынæн. — Нæ, нæ! Ам лæуу, иунæгæй нæ уæндын. — О, гæппæй дæм бадынц бæласы чъылдыммæ. — Нæ, нæ, ма ацу. Æз дын куыд зæгъын, афтæ бакæн. Хорз? — Хорз, уæдæ цы? Дæхæдæг куы бафидыдтай мæ бæсты дæр. — Цæй-ма, æз дын æцæгæй зæгъын. Мæ хъæбысы йæ æрбакодтон. — Мæнг фидыдтытæ æмæ мæнг сомытыл мæ цæмæн ардауыс? Дæ фæнд мын æмбæрстгонд у: æз цъынд цæстытимæ иннæрдæм азилон, ды дæ кофтæ раласай æмæ йæм æркæсай. Стæй уæд цалынмæ йе ссыгъдæг кæныны фæлтæрæнтæ ахицæн уой, уæдмæ æз чъылдымвæлдæхтæй æнхъæлмæ кæсон. Цавæр зæрдæимæ? Дæумæ гæсгæ, удæгас адæймаг нæ дæн? Æви мæ туг бынтондæр амарди? Æмæ дзы утæппæт хабæрттæ кæцырдæм хъæуы, хъуыддаг йæхæдæг йæхи куы амоны, уæд? Кофтæйы фæдджийыл схæцыдтæн. — Нæ! Нæ! — ныддæвдæг мæ къухтыл. — Фæхæрам дæм уыдзынæн! — Нæ фæхарæм уыдзынæ. — Нæй, нæй уый гæнæн. Хæрзаг зæгъыс, айонг мемæ рацыди, уæд... Йæ дзых ын мæ армæй ахгæдтон: — Куыддæр ма исты сдзурай, афтæ мын мæ фæд дæр нал фендзынæ. Истæмæй мыл дæ зæрдæ фæхудт ныры онг? — Омæ худинаг нал ис? — Куыннæ! Худинаг кæддæриддæр худинаг у, мах та йæ демæ нæ сæрмæ не ’рхæсдзыстæм. — Нæ мæ фæнды,— ныддæвдæг ис кофтæйы фæдджийыл. Фæлæ йын йæ къухыл æд кофтæ схæцыдтæн æмæ йæ уæд йæхæдæг раласта, сонтæй дзы йæ риу ахгæдта æмæ йæ роцъомæ æлхъывдæй дары, йæхиуыл ризæг бахæцыд. — Мæнæ æркæс,— равдыстон æм чъиуы къуыбар. Хорз æмæ фæлмæн нæ разынд, æндæра тæбыны иннæрдæм ахызтаид. Уæддæр ыл фаг ныддæвдæг. Хъавгæ, иу хал дæр йемæ куыннæ ратона, афтæ йæ суæгъд кодтон æмæ тæбыны уæлæ фæд бæрæг дæр нал баззад. — Цæй тынг хъуыддагхуыз дæ, уымæ фæрсырдыгæй куы бакæсис, — бахудт мæ цæстытæм мын æдзынæг кæсгæ. — Цыма нæ цард, нæ мард уыцы чъиуы мурæй аразгæ у, уыйау. Йæ роцъомæ æлхъывдæй дары кофтæйы гуыр. Йе ’нгуылдзтæ йын иугай-иугай суагътон æмæ кофтæ кæрдæгыл иуварс æрæвæрдтон. Йæ хъуырыл разынд бæхсныгæй лыстæгдæр сыгъзæрин рæхысыл ауыгъд къаннæг дзуар. Уый тыххæй куы цæуы, уый, æдзухдæр æхгæдхъуырæй. — Ритæ, Хуыцауыл æууæндыс?! — хъавгæ бавнæлдтон дыууæ риуы æхсæн къуырфгондмæ, дзуар мæ армытъæпæнмæ райстон, мæлæты рог у. — Тынг дæ хъыгдары? А-а, ды фæскомцæдисы куы кусыс, айрох мæ,— йæ ныхасыуаг фæдæрзæг. — Куы йæ зыдтаис, уæд мемæ нæ рацыдаис, зæгъынмæ хъавыс? — Цæмæн мæ æфхæрыс, æхсызгон мын куы у, уæд. Хуыцау ме ’вдисæн — мæнг нæ зæгъын. Фæлæ мыл, æвæццæгæн, нæ баууæндыд, дзуар мæ армæй райста æмæ йæ рæхысыл къæбуты ’рдæм азылдта. Æз æй фæстæмæ йæ бынаты сæвæрдтон — дыууæ риуы æхсæн къуырфы. Ноджыдæр дзы разынди дунейы мидæг тæккæ адджындæр æрдæгцъæх мыртгæйы дыууæ гагайы. Æмæ та рæстæг ногæй ныллæууыди. Æнхъæлдæн æмæ цыдæр кодта, æмæ бабын дæн: мæлæты æндæгъд сты æфсæртæ кæрæдзийыл, мæлæты цъынд — йæ цæстытæ. — Ритæ! Ритæ! Нæ мæ хъусы — мард æмæ мард, мæрдон фæлурс йæ уадултæ, туджы цъыртт нал ис былты, сæ цъæхтæ ноджы фæбæрæгдæр сты. Æмбисонды хъæр мæ хъуысы æнхъæлдæн æмæ. Мæнтæджы сыфтæн се стырдæр ратыдтон æмæ йын дзы йæ цæсгомæн дымгæ кæнын тыхбонæй. Нæй, ницы æмæ ницы. Мæ хъус йæ галиу риуыл авæрдтон — зæрдæйы цæф бæрæг нæу, æрмæст æнæнцой тыбар-тыбур. — Ритæ! Ритæ! — ныууыгътон ын йæ уæхсчытæ. Оф-ф... Табу дæхицæн, иунæг цытджын Хуыцау: йæ цæсты хаутæ зына-нæзына базмæлдысты. — Ритæ,— лæгъстæгæнгæ йын йæ тæрныхыл мæ арм æрæвæрдтон. Йæ цæстытæ æрдæггом раисты, мынæг æрттивынц; хъусæй, æнæзмæлгæйæ лæууы. Æппынфæстаг фестъæлфыди, цæстæй ракаст, фæйнæрдæм фæлгæсы; къухæнцойæ рабадт æмæ та фæстæмæ рæмбыныкъæдзыл æрхауди. — До-он... — Æллæх, Ритæ, кæцæй дын æрхæссон дон, æмгæрон куы никуы ис, уæд? Фæкомкоммæ мæм, чи дæн, уый æрхъуыды кæныныл цыма фæлтæры, уыйау йæ ных фенхъырдтæ, мæ уæхскыл йæ сæр æрбанцой кодта. Иуцасдæр афтæмæй фæлæууыд. Йæ уадулыл мæ былтæ авæрдтон — ихы къæртт æмæ ихы къæртт. Йæ сæрыл схæцыд æмæ кæдæй-уæдæй йæ дзыхæй ныхас схауд — уый æнхъæл ын нал уыдтæн: — Цæмæн мæ райхъал кодтай? Уыцы знæтхуызæй. Афтæ мын хъæуы. Æз ын тæрсгæ фæкодтон, уый та... Йæ риутæ бафснайдта, хæдоны уæхскбæстыл уæлдæр схæцыд. Æмæ та кæрдæгыл тыд гæххæттыл йæхи æруагъта. Æз дæр йæ фарсмæ. Абон мæ бон у, бынтон бæлвырдæй йæ зонын: дыккаг ахæм бон никуал уыдзæн мæ царды. Нæй, кæрæдзийæ æфсис нæ зонынц былтæ. Ногæй та амард æмæ райгас. Æмæ та ногæй уыцы уайдзæф: — Цæмæн мæ райхъал кодтай?! ...тæккæ адджындæр æрдæгцъæх мыртгæйы дыууæ гагайы. Æмæ та райгас. — Ныссæфыдуынд кодтай! — сцагъта мыл йæ къухтæ. — О, бæргæ йæ зонын, фæлæ аххос дæхи аххос у — цæмæн афтæ æгæр адджын разындтæ? Хорз æмæ йын кæрон нæй абоны даргъ бонæн. Нæ, мæ къона, дæхи сайыс уымæй: дзæвгар акъул хур. Цудтытæгæнгæ сыстади Ритæ, мæ уæлхъус æрлæууыд æмæ мæм уæле дæлæмæ кæсы, йæ былтæ худынц, худы йæ рæхснæг æрыгон буар иууылдæр. Йæ кофтæмæ æрæвнæлдта, фæлæ йæм æз фæраздæр дæн, нæ йын æй дæттын. — Суадз æй, цы мын дæ зæрды ис? Абоны фаг мæ скæнынмæ хъавыс æви дæ райсом нал хъæуын? — Иу хъæбыс ма, науæд дын æй нæ ратдзынæн. Хорз æмæ нын бæлас æнцой разынди: искуы дæр ма афтæ зилгæ уыдаид адæймаджы сæр? Кофтæ скæныны размæ ма иу каст ныккодта хæдоны хъуырмæ æмæ та мыл йæхи сцагъта: — Ныссæфыдуынд кодтай бынтон! Мæ аххос зонын æмæ ныхъхъус дæн, цы дзуапп ын хъуамæ раттон? Æрмæст хатыр курæгау мæ рус йæ русыл асæрфтон æдзæмæй. Худæг сты йæ уайдзæфтæ: цыма йæхи нæ фæндыд, уыйау. Хур дзæвгар акъул, бæндæнбæрц цы фæзæгъынц, уый ма баззадаид йæ аныгуылынмæ, уæддæр йæ судзаг тынты хъару нæма асаст, парахатæй сæ тауы мæнæуы æнæкæрон — цæст алырдæм дæр кæйонг æххæссы, уыйонг — хуымыл, æхсызгонæй сæ ахсы æмæ нæрсы æфсир, фæбурбын, йæ сыг фæдæрзæг; зæххы сойæ æмæ хуры хъармæй цы райсинаг у, уый йæхирдыгæй фæцис, нырма æхсырдзæф у, фæлæ ма йыл абоны хуызæн бонтæ нымадæй æртæ-цыппар куы скæна, уæд æрнайæввонг фæхъæбæр уыдзæн; ранæй-рæтты дзы бæрæг дарынц цæвæгхосы сæнтбур тæппытæ — куы æрбацæйцыдыстæм, уæд сæ уынгæ нæ фæкодтаин æви уæдæй ардæм дидинæг ракалдтаиккой?
![]() |