Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 10 часть



Цыдæр мын нæ фаг кæны, цыдæр, ацы диссаджы бон æмæ йæ мæ сæр нæ ахсы. Цы уа, ууыл хъуыдытæгæнгæ кæрты фаллаг кæрон зæронд фæткъуыбæласмæ фæкомкоммæ дæн, Дадейы сагъд бæлæстæй æндæр нал баззади. Диссаг мæм кæсы, иннæтæй хъауджыдæр куыд аирвæзт? Фæцардаиккой, куыннæ фæцардаиккой ныронг иннæтæ дæр, хъыгдарæг сæ куы нæ уыдаид, уæд. Æфсæйнаг разындысты уæддæр: сæрддон-сæрддæргъы сывæллæттæ — сывæллæттæ, зæгъгæ, усгур æмæ суанг усджын лæппутæ — сæ рагъæй нæ хызтысты къалиу сæтгæ, зымæг-зымæджы дæргъы та адæмы фос сæ быны зылдысты кæм къалиу ивазгæ æмæ хæргæ, кæм та суанг уидæгтæй сæнкъуысыны онг сæ фæрстæ бæласы зæнгыл хафгæ, уæлдайдæр æнамонд къамбецтæ — иугæр райсомæй куы æрлæууа йæ фæрстæ хафыныл, уæд суанг стыр сихæрттæм, цалынмæ бæлас бындзарæй сызмæла, уæдмæ нæ ныууадздзæн.

Бæласы бын куы æрлæууыдтæн, уæд ноджы тынгдæр стыхстæн: цы хъуаг уа цымæ абоны дзæнæты бон? Хæрдмæ, къалиуты æхсæнты сыгъдæг арвмæ скастæн æмæ хинымæр Хуыцауæй ракуырдтон: дæ диссæгтæн æмбал нæй, æмæ абоны бон цы хъуаг у, уымæй йæ баххæст кæн.

Æмæ мæ куывд Хуыцаумæ фехъуысти.

Мидæгæй, хæдзары гом дуарæй фараст сахаты «бипп-бипи» куы райхъуысти радиойæ, уæд фæзындысты æнæнхъæлæджы. Æвзалыйы къæрттæй сæнтсаудæр — Африкæйы дудгæ хурмæ басыгъдаиккой афтæ тынг, æндæр цы — æрбадтысты Рубайты дуармæ акъациты бæрзонддæрыл, тæмæнтæ калынц сæууон хуры хъæлдзæг тынтæм. Бæлас цы у, уымæй маргъ фестади æнæхъæнæй дæр, иу уысм æнцой нæ зонынц, сæ базыртæ пæрпæргæнгæ иу къалиуæй иннæмæ гæпп кæнынц æмæ уымæ гæсгæ зынынц, цас сты, уымæй фылдæрæй. «Чырр-чырр» — исынц кæрæдзийы дзыхæй, цæуылдæр тæрхон кæнынц. Иу къай дзы фæхицæн, кæрты дуары сæрты æрбатахт æмæ мæ тæккæ сæрмæ фæткъуыйы мæрайы цур, фарон сæ ахстон кæм уыди, уым æрбадт.

Цæмæй цæры ацы бæлас, уымæй диссагдæр ницы ис: зæххæй суанг кæм фæсаджил, уыйонг йæ фарс байгом, æнæхъæнæй дæр мæра, мидæгæй дзы æртхутæгæй дарддæр ницуал ис, айдагъ цъарæй ма уырдыг лæууы. Яийы амындæй мæ фыды æмгар у, ома йыл иуæндæс æмæ æртиссæдз азы цæуы. Акалын афон дæр ын бæргæ у, фæлæ йæм кæй къух тасы — фыды фыды сагъд у цыфæндыйæ дæр, уадз æмæ кæдмæ лæууа, уæдмæ лæууæд. Сæрдыгон тæрккъæвдаты гыбар-гыбурмæ йæ къæс-къæс куы ссæуы, йæ пыхцыл къабæзтæ йын фыддымгæ куы фæрæдувы, уæд ын аирвæзын æнхъæл нал вæййын æмæ та аирвæзы. Азæй-азмæ дзы куы иу къабаз бахуыскъ вæййы, куы иннæ, уæддæр ног æмæ ног талатæ уадзы, мæлын æй ницы хуызы фæнды. Уæд æм куыд хъуамæ сисон хырх кæнæ фæрæт?

Сæ бумбули æнахуыр пыхцылтæ — мæнæ ма сырддонцъиу рыджы куы фæбæгъдулæг кæны, уæд афтæ ныппыхцыл вæййы,— дард фæндаджы фæстæ йæм нæма базылдысты, фæлæ уыцы æнæвдæлонхуызæй цалдæргай хæттыты мæрайы фæмидæг сты радгай; цыдæртæ ацъыбар-цъыбур кæнынц æмæ та ахстонмæ батæхынц; цалынмæ сæ иу мидæгæй вæййы, уæдмæ иннæ къалиуæй-къалиумæ рагæпп-багæпп кæны. Цæуыл уа сæ тæрхон? Ахстон æгæр æдзæллагмæ кæй æрцыд æмæ йæ бафснайын кæй хъæуы, ууыл? Æви ма бæлас ацы аз аирвæздзæн, нæ аирвæздзæн, мыййаг, сæ фыдæбон куы фæдзæгъæлы уа, уымæй тæрсынц?

Ма атæхут, ма атæхут, базилут уæ ахстонмæ, ма тыхсут, суыдзæни та ацы азы фаг дæр.

Дыууæкъахыг асин ме ’ккойы, иукъухыг хырх мæ дæларм, афтæмæй æндзыгæй баззадтæн бæласы бын, зæгъын, куы фезмæлон æмæ сæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуа, куы фæтæргай уой. Уынгæ та мæ куыннæ кодтой, фæлæ сæм нымады дæр нæ уыдтæн: хъуыддагхуызæй сæ куыст скодтой мæра. Се ’мбæлттæ сæм акъацийыл æнхъæлмæ кастысты; «чырр-чырр-чырр», ома, уæхи хабарыл фестут, фæлæ мах дæр ма рох кæнут, нæ ахстæттæ нырма бацагуринаг сты.

Æппынфæстаг мæ уазджытæ дæр акъацимæ атахтысты æмæ уырдыгæй сæ цъыбар-цъыбур ссыд:

— Куыддæриддæр æй ныууагътам фарон, афтæмæй лæууы, дзæбæх хус у, æрмæст расыгъдæггæнинаг: мах фæстæ дзы сырддонцъиутæ кæй арвыстой сæ зымæг, уый бæрæг у се ’дзæллаг фæдтæй. Цæй, йæ расыгъдæггæнын бирæ фыдæбон нæу. Хуыцауæн табу, æгайтма уæддæр бынатыл сæмбæлдыстæм. Хуыздæр ма цы вæййы: бæлас — æгас, мæра — йæ бынаты.

Алырдыгæй сын уайдзæфтæм фесты:

— Мæлæты кадджын уæм у уыцы зæронд бутъро, цыма хуыздæр ссарæн нæй, уыйау.

— Иу дзæбæх дымгæ йыл куы рацæуа, уæд бындзарæй сфæлдæхдзæн æмæ уæ фыдæбон фæдзæгъæлы. Фæлтау æрзилæм æмæ уын хуыздæр бынат искуы разындзæн: не ’рцыдмæ къалатитæ ногæй-ногмæ ивд куы вæййынц.

— Нæ, мæ хуртæ, чи кæм райгуырди, уымæн дзы æмбал нæй цыфæндыйæ дæр.

Стæй уæд цал уыдысты, уалæй уыциу пæр-пæрæй атахтысты кæдæмдæр, æвæццæгæн, чи кæм æрцæрдзæн, уый фенынмæ æмæ зæрдыл бадарынмæ.

Бæласæн йæхимæ схизын нæ бауæндыдтæн: цы нæ вæййы, уæд та ма мæ уæзæй куы афæлдæха, фæлæ асин сарæзтон æмæ хус къалиутæ æмæ уæлдæйттæ æхсæдын байдыдтон фæйнæрдæм фæкæсфæкæсгæнгæ — мыййаг, куы фæзыной мæ уазджытæ æмæ куы нæ æрбауæндой. Цалынмæ æрхызтæн, уæдмæ никæцæй фæзындысты.

Зæронд бæласы фæйнæ фарс — мæхи сагъд фæткъуы æмæ кæрдо, сæ тæккæ тыхы бацыдысты, уыдон дæр алы аз æхсæдинаг бæргæ сты, æмæ се ’ппæты адæймаг куы баййафы, куы та къухы нæ бафты. Кæрдойы бын æрцарæзтон асин æмæ мæ куыст æххæст нæма фæдæн, афтæ мæ уазджытæ дæр ногæй æрбахæццæ сты. Стыр фæдис самадтой, кæрдойы цъуппæй зæронд бæласы цъупмæ ратæх-батæх кæнынц мæ сæрты. Мæ куыст æрдæгыл ныууагътон æмæ зæхмæ æрхызтæн. Цъиутæ сæ ратæх-батæх ныууагътой, мæрайы сæрмæ къалиуыл æрбадтысты æмæ мемæ загъд-замана самадтой цъæхснаг хъæлæстæй. Куы ницы сæ хъыгдарын, уæд мæ цы домой? Æддæдæр ацыдтæн, уæддæр не ’нцайынц.

Нæй, нæ мæ бауадздзысты, куыд кæсын, афтæмæй. Цæуон, фæлтау чъылдымы бæлæстæ бахсæдон. Асин систон æмæ йæ сарайы цæджындзы æнцой æрæвæрдтон. Куыддæр æй ахастон, афтæ æрсабыр сты цъиутæ. Æвæццæгæн, загътой: айс, айс уыцы æнæхайыры дзаума æддæдæр; æууæнк дыл нæй æппындæр, æнæ асинæй нæ сæххæсдзынæ ахстонмæ, фæлæ йыл куы алæууай, уæд ма дын цастæ зын уыдзæн сæвналын.

Асинæй куыддæр сæнæмæт сты, афтæ уыцы хъуыддагхуызæй ахстонмæ зилыныл фесты. Мæрайæ æддæмæ калдтой хъуынайы муртæ, чъизи пакъуытæ, æруад бæмбæджы бындзыгтæ, синаджы гæбæзтæ. Сæ февнæлд уыцы æнæзивæг, æдзæмæй архайынц, рæстæггай фæрсырдæм акæстытæ кæнынц — кæд, мыййаг, исты знаггадгæнæг искæцæй фæзынинаг у. Куы сæ иу, куы сæ иннæ кæдæмдæр фæтæхы æмæ та цасдæр рæстæджы фæстæ ногæй фæзыны, æвæццæгæн, искуы доны был, науæд цъымарабыны хъæндил кæнæ зулкъ рауидзынмæ.

Фароны сауцъиутæ кæй бацагуырдтой сæ зæронд ахстон, уый мисхал дæр гуырысхойаг нæу. Æцæгæлæттæ афтæ комкоммæ не ’рбатахтаиккой мæрамæ, сæ зæрдыл хорз бадардтой, бирæ азты дæргъы кæм уыди сæ цæрæн, уый; тындзыдтой Африкæйы хурсыгъд былгæрæттæй. Зæххастæу денджызы сæрты фæтахтысты мин æмæ дыууæсæдæ километры, æнæ хойрагæй, æнæ донæй, сæ фæндагамонæг боныгон хур, æхсæвыгон стъалытæ, мигъ рæстæджы та — зæххы магнитæй тæлм; тындзыдтой ардæм, сæ фæсте фæуагътой зæрватыччыты, булæмæргъты, дыгоппæтты; æхсæв-бон нæ нымайгæ тындзыдтой æмæ тындзыдтой ахстæттæ кæнынмæ, зарынмæ, цъиутæ уадзынмæ нæ, фæлæ сæ уындæй мæнæн цы цин æрхастой, æрмæстдæр уый æрхæссынмæ.

Куыстæгтæ мæ ферох сты, афтæмæй кастæн æмæ кастæн сауцъиуты хæдзардзин фезмæлдмæ. Цалынмæ сæ иу мæрайы мидæг цъылынæй архайдта, уæдмæ иннæ та хæстæгдæр къалиуыл бадти, йæ базырты сис, риуыгуыдыры бумбули, дæлæрмтты пакъуы бырынкъæй дзæбæхтæ кодта. Стæй та-иу йæ къайы рад ралæууыд.

Æмбисбонмæ мæра сыгъдæггонд фæцис. Сæ фæллад дæр не суагътой, афтæмæй ахстоны хабармæ бавнæлдтой. Сæ дзыхы хастой фароны хус кæрдæджы хæлттæ, бæхы хъис, хæцъилы гæбæзтæ, æндахы хæлттæ — хæдзаргæнæгæн цы нæ бабæздзæн, ахæм нæй. Æнæ сыбырттæй, æнæ уæлдай фезмæлдæй сæ куыст, кæд сæм хæлæг нæ бакодтон.

Кæсынæй сæм бæргæ нæ бафсæдин, фæлæ мæхи дæр бирæ куыстытæ ис. Суанг стыр сихæрттæм цæхæрадоны фæцархайдтон. Иугыццыл мæ фæллад суадзынмæ кæртмæ æрбацыдтæн. Сугсæттæн къодахыл мæхи æруагътон мæнæргъыйы къудзийы фарсмæ. Мæлæты пыхс свæййынц иу азæй иннæмæ; цалынмæ ахсджиагдæр куыстытæ нæма æрбаййæфтой, уæдмæ атæнæггæнинаг уыдзысты.

Рæмбыныкъæдзтæй уæраджы сæртыл æнцойгæнгæ цас абадтаин, мæгъа, фæлæ уæдмæ сыхæгтæй кæйдæр хъомыл бур гæды мæнæргъыйы астæуты мæ цурмæ æрбацæйцыд хъуызгæ. Сауцъиутæ йæ куыддæр ауыдтой, афтæ сæ ахстон фæуагътой æмæ фæдисгæнгæ зилдух самадтой йæ сæрмæ. Цæуыл уа, цымæ, сæ фæдис? Куы ницы сæ хъыгдары; цыма сæ уынгæ дæр нæ кæны, афтæ йæхицæн сындæггай мæнырдæм æрбацæуы, бæласы ’рдæм фæзилын æмæ йæм схизын йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй. Бынтон ныллæг æм æруагътой сæхи, цъыбарцъыбургæнгæ йæ тæккæ сæрмæ зилынц, цæуылдæр æм загъд кæнынц, цæуыл уа — марадз æмæ йæ равзар; сæ ныфс хæссынц, зæгъгæ, уæд æй сæ цыргъ бырынчъытæй ныццæвыныл бæгуыдæр нæ бацауæрдиккой. Мæнмæ куы æрбахæстæг сты, уæд цъиутæ уæлдæр спæр-пæр кодтой æмæ гæдыйы сæрмæ ауындзæгæй баззадысты. Дыууæ санчъехы æддæдæр æрлæууыд гæды йæ къæдзил дæлиау уагъдæй, йæ тæнтæ мидæмæ хауд; æнæбарыгомау слæмæрста:

— Ми-аы...

Йæ рихитæ базмæлдысты, цъæх-цъæхид дыууæ цæстæй мæм ныккомкоммæ, хуры ирд рухсмæ йæ гагуытæ карды комæй тæнæгдæр. Йæ тæккæ фист ивыны афон, йæ фæрстыл æмæ йæ рагъыл æрхауынæввонг бындзыгтæй æнæбары хæцы.

— Цы зæгъинаг дæ, бурой?

— Ми-аы, — загъта ногæй æмæ йæ цъæх цæстытæ æрцъынд сты.

Марадз æмæ йæ равзар, цы зæгъынмæ хъавы. Йæ тæнтæм гæсгæ сæ бынтон æфсæстытæй нæу, æмæ мæ къухы дæр куы ницы уыны хæринагæй. Æви афтæ зæгъы: ис, нæй — мæ хъуыддаг нæу, марадз æмæ рахæсс. Æнхъæлмæгæсæгау алæууыд, стæй уæд мæнæргъыйы рæбынмæ сысмыста, цыдæр хус халыл дзы схæцыд æмæ йæ æнарæхстæй æууилы, йæ цæстытæ фестъæлфынæввонг цъындæй. Къæбæр ын радавон, зæгъгæ, сцæйстадтæн æмæ мæ фезмæлдæй фæтарст, æрдæгæууылдæй фæуагъта кæрдæджы хал æмæ йæ фæд-йæ фæд фæстæмæ араст, дæуæй ницы пайда фендзынæн, зæгъгæ. Мæнæргъыйы сындзджын зæнгтыл йæ фист баззади. Цæсты зулæй йæ хъус дардта цъиутæм, кæд йæхи нæуынæг скодта, уæддæр; йæ къæдзилы фестъæлф-фестъæлфæй бæрæг уыдысты йæ фæлæбурыны фæндтæ. Фæлæбурыныл дæр бæргæ нæ бацауæрстаид, фæлæ хорз æмбæрста: худинаг цы фæуа, æндæр йæ къухы ницы бафтдзæн æмæ ма йæхи цæсты та цæмæн æфтауа, фæлтау æндæр, хуыздæр рæстæгмæ банхъæлмæ кæсæм.

Кæртæй цæхæрадоны æхсæн быруйы фале фæцис гæды йæ къæдзил фестъæлф-фестъæлфгæнгæ, уæддæр ма сауцъиутæ мæ сæрмæ зылдысты мæстыгæр цъыбар-цъыбуримæ. Сæ иу æппынфæстаг фæныфсджын, зæххы онг йæхи æруагъта æмæ, гæдыйы фистæй мæнæргъыйыл цы бындзыг фæхæцыд, уый йæ дзыхы фелвæста. Ууыд куы уыди, ууыл, уæдæй нырмæ сæ катай. Къодах систон æмæ дæрддзæфдæр мæхи æруагътон. Дыууæйæ дæр уыцы ныфсджынæй февнæлдтой æмæ уайтагъд гæдыйы фистæй бындзыг нал аззади къудзитыл, иууылдæр æй лыстæнæн фæхастой мæрамæ.

Цæст цалынмæ уыдта, уæдмæ фæкуыстон цæхæрадоны, изæрдалынгты мæ мæгуыргомау æхсæвæр — къуыдырфых æйчытæ къæбæримæ — ахицæн кодтон, æмæ цырагъ дæр не ссыгътон, афтæмæй бахуыссыдтæн.

Абонсарæй хуыссæнтæ æдде сты: гобан æмæ баз — тыргъы тæрхæгыл, хъæццул — кæрты иу кæронæй иннæмæ уагъд гæрзтауындзæн телыл тыгъдæй, æмæ сæ хур иннæрдæм ахызти, сæ хус тæф кæлы, куыствæллад буар рæвдауынц; дуарæй, рудзынгæй дæр сæ парахат байтыгътон æмæ абонсарæй уаты дымгæ бæргæ фæзылди, фæлæ уæддæр зымæджы уазал æххæстæй нæма асырдта æмæ ныр къуымтæй хъары. Хъарæд. Мондаг тыхт бакодтон хъæццулы мæхи æмæ мын ницы уыдзæни.

Диссаг та куыннæ у: горæтаг райдзаст фатеры куы бахуыссын, уæд æхсæв-бонмæ мæ рафт-бафтæн кæрон нæ вæййы, мæ хъуырдухæнæй гобаны æмбис иуафон зæхмæ æрбыры æмæ буар сынтæджы уазал цъæтыл куы андзæвы, уæд та фехъал вæййын, уæдæ прастина дæр цыма удæстæй сисыны фæстæ слæмæрстæуыд, уый хуызæн здыхтытæ разыны. Ам та йæ куыд байтыдтон, афтæ лæгъзæй лæудзæн, æнæ иу æнцъылдæй; райсомæй мæ сынтæгмæ исчи куы æркæса, уæд зæгъдзæни: дысон дзы ничи хуыссыд. Æгæр æрæджиау мæм бахъардта: мæ фыдæлты хæдзары цы бонтæ æмæ æхсæвтæ арвитын, æрмæст уыдон сты æцæг царды бонтæ. Гъе æрмæст мæм Хуыцау цæуылдæр фæфыдæх æмæ мæ ахуырыл сардыдта, хæдзарæй афтыдтæн. Цæй ахуыртæ æмæ институттæ мæ хъуыди? Цыппуйæ растдæр ничи загъта. Зилгæмæ куы æрлыгъди, уæд зæххы хай райсыны бæллицæй æнæхъæн фынддæс азы æхсæны хъомгæс фæцыд. Куыннæ цин кодтаид, йæ æмгъуыд куы ахицæн, уæд: замманайы — уалдзæджы дзы рæтæнагъд ныссадз æмæ дзы фæззæгмæ уæрдон æрзайдзæн — саумæры фондз дæсæтины йæм æрхауд Цæлыччы быдыры. Фæлæ мæгуырыл дур хæрдмæ дзæгъæлы, мыййаг, тулы? Раст тæккæ уыцы аз колхозтæ аразынмæ бавнæлдтой. Лæг хъуахъдзыхæй аззад æмæ зæрдæдзæф куыннæ фæцадаид: уый дæр ма дын фондз дæсæтины Цæлыччы саумæрæй. Йæ кæстæр фыртæн уыцы аз æрæййæфта скъоламæ цæуыны афон. Фыд æй ской дæр нæ бауагъта: «Цæй ахуыртæ æмæ скъолатæ дæ хъæуы ацы фæлывд паддзахады? Куы рахъомыл уай, уæд дын кæмфæнды дæр хицау разындзæн, ахуыргонд уай æви æнахуыргонд, æмæ дæ бæсты хъуыды кæндзæни. Дæ хицаумæ хъусдзынæ æмæ дын цы зæгъа, уый æнæмæтæй араздзынæ. Цæмæ дæ хъæуы ахуыры сæр?» Уыйау æз дæр æнцад-æнцойæ цардаин мæхицæн.

Сæрра сты адæм, æндæр ницы, ахуыр йеддæмæ ницуал хъæуы сæхи дæр æмæ сæ цоты дæр. Æрæджиауы зондæй стæм иууылдæр зондджын, æндæра мæм амæй размæ куыд никуы æрцыд фæсмон мæ ахуырыл? Цыма æнæ горæтаг мызд нæ фæцардаин. Мæлæты мыздтæ. Ме ’мгæрттæй ахуыр чи нæ скодта, уыдонæй иу дæр мæнæй цауддæр нæ цæры, æнæмæтдæр æмæ æнæмастдæр цы сты, æндæр. Бабуйы уынаффæтæ мын сты иууыл, цæмæдæр гæсгæ йæм стыр кадджын уыди сахуыр кæнын, æмæ æз дæр йæ зæрдæхуыдты нал бацыдтæн. Уæддæр ма хорз æмæ мæм Хуыцау æмгæрон никуы æруагъта фыдæлты къонайыл стырзæрдæйы фæнд. Бæгуыдæр сты, ам кæй арвитын, уыцы æхсæвтæ æмæ бонтæ æцæг царды бонтæ, æрмæст мын уыдон уыдзысты мысинаг æмæ нымаинаг Тæрхоны бон, иннæтæ иууылдæр — сæфт.

Уыцы хирæвдауæн хъуыдыимæ адджын фынæй куыд адæн, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон.

Мæ мидфынæйæ хъусын: чидæр мæм мынæг хъæлæсæй сиды — «чырр-чырр-чырр». Рудзынджы фæрсæгтæ уыдысты æмыр æхгæд, æнæбары рухсы цъыртт дзы калди æмæ йæ дзæбæх не ’мбæрстон, бон ралæууыд æви мæйрухс у. Сынтæджы цур бандонæй сахат систон æмæ тыхамæлттæй равзæрстон: æхсæз дæс минуты хъуаг.

«Чырр-чырр-чырр»... Цыма мидæггаг уаты чидæр уымæл спичкæтæ ссудзыныл архайы æмæ мæнæн райхъалæй тæрсы æви фынæй нал дæн, уый базонын æй фæнды. Сауцъиу! — цастæ зын бамбæрæн мын уыди. Ахæм сæумæйæ кæм базмæлыд, уым бæрæг у — ахъаззаджы хурбон уыдзæн.

Рæвдзгомау фестадтæн æмæ рудзынг парахат байтыгътон. Мæ тæккæ акомкоммæ хуры фыццаг тынтæм цæсткъахгæ тæмæнтæ калдтой цъитиджын хæхтæ. Уæнгроггæнæг сæууон дфдгæ уæлдæфæй айдзаги риу.

Мæ дзаумæттæ скодтон æмæ кæртмæ рацыдтæн. Цъиутæ бадтысты зæронд фæткъуыйы тæккæ цъуппыл. Куы мæ ауыдтой, уæд сæ «чырр-чырр» фæцырддæр, сæ базырты стæхынæввонг пæр-пæр сцырын, фæлæ сæм стæхыны фæнд нæй. Цыма мын фæстæмæ уатмæ баздæхынæй æмæ сæ хабæрттæ радзурын куы нæ баййафой, уымæй тæрсынц, уыйау æзраздæрæй исынц кæрæдзийы дзыхæй; маргъæй, фосæй, сырдæй се ’ппæты фæзмынц:

— Уæртæ фаллæгтæм та къæбыла фæзынди, фарон сæм нæма уыд, худæгæй мары, фисты къуыбылой; каркæй, родæй кæуыл нæ рæйы, ахæм нал баззад, иууылдæр дзы куы тæрсиккой, уый йæ мæлæты тынг фæнды; йæ хъæлæс æнæнцойæ мæнæ афтæфæлвары: «æу-æу-æу».

— Холлагæй бæстæ нырма мæгуырау у, бæлæстыл зулчъы мыггагæй ницыма фæзынди, бар-æнæбары дардмæ тæхын бахъæуы быдырмæ, похцийы фæстæ кæм уаллон схауы, кæм исты хъæндил; сæ трактор ныллæууыд æмæ сын скусын нал æмæ нал куымдта: «тырр-тырр-тырр»; бирæ йыл фæхъуырдухæн кодтой, фæстæгмæ куы фæрæстмæ, уæд бæстæ ахæм гуыр-гуыр æмæ къыбар-къыбур сси, æмæ æмгæрон батæхын нал уæндыдыстæм; уалынмæ йыл фæцахуыр стæм: йæ уынæр цас у, уыйас æм тæрсинагæй ницы ис, æрмæст куы скуса, уæд ын банцайæн нал вæййы, хъустæ дзы æмыр кæнынц: «тырр-тырр-тырр».

Мæргъты фæзмынæй хуыздæр хорз та сын уæвгæ мацы ракæн:

— Ацы сырддонцъиутыл кæм нæ бамбæлдзынæ, ахæм нæй, кæрæдзийæн бар æппындæр ницæмæй дæттынц — «чик-чирик, чик-чирик»; кæд, мыййаг, зарæггæнджытимæ нымайынц сæхи се стыр зæрдæйæ, афтæмæй сæ загъд æмæ хъæлæбайæ дарддæр ницы фехъусдзынæ; ацы парахат дуне цыма не ’ппæты фаг дæр нæу, уыйау иннæтимæ нæ, фæлæ сæхимидæг дæр бафидауынæн не сты, сæ алы хабар дæр — цæсгомы руаджы; уæд цæуыл у æдзух сæ хыл — «чик-чирик, чик-чирик»?

— Боныцъæхæй гугукгæнаг дæр æрхæццæ; мæлæты зарæггæнаг, дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр «гу-гу-гу» зоны, йæ райдайын дæр æнцон æмæ йæ фæуын дæр, кæронмæ йæ ахæццæ кæнай, ма ахæццæ кæнай — никæцæй разындзæн.

— Булæмаргъмæ ницы фау æрхæсдзынæ, æрмæст æм иу аипп ис: иннæтæ иууылдæр сæумæйæ бавналынц зарынмæ, уый та йæ æхсæвмæ аргъæвы; хиуарзон у тынг, æмæ йыл худæн дæр нæй — се ’ппæты цъыбар-цъыбур æмæ хъæлæбайæ куы нæ райхъуыса йæ хъæлæс, уымæй тæрсы. Кæд искæмæ хæлæг кæнæм, уæд æрмæст уымæ; йæ афæзмыныл фæлваргæ дæр бæргæ акæнæм, фæлæ нæй, ничи йæ аййафдзæн. Уæд куыннæ хъуамæ ныббузныг уа йæхицæй?



Просмотров 1809

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!