Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 8 часть



Цалынмæ мæнæуы адджын хусæсмаг риуы дзагæй æхсызгонæн улæфыдтæн, уæдмæ Ритæ та бæласы бын йæхи дзæбæхтæ кодта.

— Гъеныр цы бакуыстай уый?! — райхъуыст йæ кæуынæмхæццæ уынгæг ныхас.

— Цы у, Ритæ? — бауадтæн йæ цурмæ.

Армыйас айдæнмæ æдзынæг кæсы йæхимæ, сæр куы иуырдæм азилы, куы иннæрдæм, къухмæрзæн куы йæ былтыл авæры, куы йæ æрисы. Бинаг был ницы уыйас, фæлæ уæллагыл бæлвырд бæрæг дары дондæппал, фæцъæхбын.

— Ныр афтæмæй нæхимæ куыд бацæудзынæн?

Хорз нæу, бæргæ, æмæ ма йын цы гæнæн ис? Дзæгъæлы мыл йæхи цæгъды, цыма аххос æрмæст мæн у, уыйау. Кæцæй хæйрæг уыдтæн, æмæ ахæм лæмæгъ разындзысты йæ былтæ, уыцы хъæддых куы уыдысты, уæд.

Сæхимæ дæр куыннæ, фæлæ уынгты та? Адæм цы банхъæлдзысты? Цас зын бамбарæн сын уыдзæн, ацы чызг адджын пъатæ кæй фæкодта кæйдæр лæппуимæ.

— Былтæ ахорæнæй сæ ацахор уæд та æмæ æппындæр бæрæг нал уыдзысты.

Айдæн йæ риуыл æрæвæрдта æмæ мæм йæ хъоппæг цæстытæй ныккомкоммæ:

— Æмæ дæм ис былтæ ахорæн?

— Ау, æмæ дæхимæ нæй? Æз та æнхъæлдтон, иунæг сылгоймаг дæр æнæ ахорæн никуы вæййы.

— Ахорæнхъуаг нæма дæн нырма, фæстæдæр мæ кæд бахъæуа, æндæр. Æви дæм афтæ зæронд кæсын?

Айдæн та ногæй систа æмæ йæхимæ лæмбынæг кæсы, цыма фæзæронды æнхъырдтæ агуры йæ цæсгомыл, уый хуызæн. Ахæмæй дзы куы ницы ссардта, уæд фæрайдзастхуыз, амонæн æнгуылдзы кæрон æвзагæй асдæрдта æмæ дзы йæ æрфгуытæ радыгай адзæбæхтæ кодта. Былтæм та æдзынæгдæр бакаст æмæ ногæй фæхъуынтъыз:

— Афтæмæй куыд ацæуон ныр?

— Цалынмæ æризæр уа, уæдмæ нæ æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн, Ритæ. Хуыздæр хос ницы мæ сæр ахсы.

Цыма стыр диссаг æрхъуыды кодтон, уыйау мæм бузныгхуызæй æрбакаст.

— Æндæр гæнæн дæр ма цы ис? — ныуулæфыд йæ къæхты бынæй.

Цæуылнæ нын ис бафсис кæрæдзийæ? Цыма ныл райсом нал сбон уыдзæн, цыма фæстаг хатт уынæм кæрæдзийы...

— Ма фынæй кæн, рынчын, нал æрыхъал уыдзынæ.

Мæнмæ дзырдæуы æви æндæр искæмæ? Мæнмæ, мæнмæ, йæ комытæф мæ цæсгомыл куы сæмбæлди. Рынчын? Æмæ мæ куы ницы риссы. Æрмæст мæ бон цæстæй ракæсын нæу. Уæдæ мæ буары дæр уæз бынтон куы нал уыд, афтæмæй куы фæцæйцыдтæн уæларвмæ, уæд ныр цæй уæззау æрис, нæдæр къух, нæдæр къах сисын куы нал у мæ бон, цыдæр мæ хъыгдары. Æви сыл хъадамантæ æвæрд ис? Рынчын. Æмæ кæдæм фæцæйцыдтæн, уым дæр кæд рынчынтæ ис, уæд ма йæм цæугæ та цæмæн кодтон?

— Йæ цæсты уæлтъыфылтæ бæргæ базмæлдысты,— мæ тæккæ хъусы рæбын та сдзырдта уыцы хъæлæс.

Куы нæ мæ хъыгдарид, куы мæ ауадзид мæ фæндагыл, уæд дзы уымæй хуыздæр бæргæ ницы уаид.

Кæд афтæ ахсджиаг у цæстæй ракæсын, уæд — гъа... Æнцон куы нæ у, æнцон, куыройы фыдтæ фæлдæхт куы ис цæстытыл. Къухæй сыл схæцын бавзарон. Нæй, баст сты къухтæ дæр.

— Йæ цæссыг рахъардта, мæгуырæг.

Е-и, дохтыр, дохтыр, дзæгъæлы мын тæригъæдтæ кæныс: се ’ппæтыл дæ зæрдæ афтæ куы рисса, уæд бирæйы фаг не суыдзынæ, рæхджы дæм мæ хуыссæн æрхаудзæн.

Ницы йын бамбæрстай, дохтыр: мæхиуыл нæу мæ маст, мæ зæронд мад кæй фæфыдæнхъæл, ууыл калын цæссыг. Афтæ мын куы фæдзæхста: мæ разæй дæхи фæкæныны зонд дæм макуы æрцæуæд. Стæй мæхæдæг дæр Хуыцауæй уыцы тæккæ стырдæр хорзæх курæг куы уыдтæн; мæрдтæм мын цæссыгхъуагæй куы аирвæза, мæ фæстæ йыл зæрдиаг богътæ куы ничи ныккæна, уымæй йын куы тарстæн, æмæ йæ ныр йæ сидзæр сидзæргæс сæр кæй баййæфта, мæн та мæрдтæ дæр сæхимæ куы нæ бауадзой, ууыл куы у мæ хъыг.

Уыцы рæхойæг хъуыды мын радта, æвæццæгæн, скæсыны фаг хъару.

Мæрдон фæлурс цармæ бынæй кæцæйдæр цæвы мынæг рухс. Дыууæйæ лæууынц мæ уæлхъус. Хæстæгдæр мæм чи лæууы, уымæн йæ сæрыл гопгонд урс-урсид худ, сатæгсау бæзджын æрфгуытæ, сау цæстытæ, гуыбыр фындзы рагъыл цалдæр дæрзæг хъисы бæрæг дарынц, æнахуыр бæзджын æмæ фæтæн рихитæ иугай урс æрдутимæ. Мæ фындзыл сæмбæлд нурыйы карз тæф. Дохтырæй дзы ахæм тæф куы нæ кæла. Цæй, кæд æй йæ зæрдæ агуры, уæд дохтырæн дæр æмбæлы. Иннæйыл дæр ахæм гопгонд худ, бынтон æрыгон, йæ цæсгом биноныг даст, къухтæ риуыл дзуарæвæрдæй уыцы æнæзмæлгæйæ лæууы.

— Хъусыс мæ æви нæ? — тыхстхуызæй фæрсы рихиджын.

Цы уæлдай у — хъусон дæ, нæ хъусон?

Астæуæй уæлæмæ урс мигъы ныгъуылдæй араст дæн ногæй хæрдмæ, хъарм рухсмæ. Нырма мæ æгасыл кæм нымайынц, уым афтæ раджы кæм уыдзæн мæ балц. Æрмæст, дам, дыууиссæдзæм бон сæмбæлы адæймаджы уд йæ бынатыл. Æмæ ныридæгæн ахæм рухсмæ кæм фæхæццæ дæн, уым уагæры дыууиссæдзæм бонмæ цавæр диссаг уыдзæн? Иугæр æй бонгай кæм нымайынц, уым дзы, бæлвырд у, æхсæв нæ вæййы.

Мæнæй раздæр чи бацыди, уыдоны, цымæ, се ’ппæты иу ран баййафдзынæн? Кæмæн сæ цавæр тæрхон уыдаид? Фыццаджы-фыццаг алкæмæн йæхи уæлион цардæй аразгæ у, кæмæ цавæр бынат æрхаудзæн, уый. Мæнæн та мæ къух цы амыдта, уымæй сын сæ ном зæрдиагæй фæардтон мæ цины бон дæр æмæ зианы бон дæр. Хуыцауæй сын сыгъдæджытимæ бынат фæкуырдтон, номæй-номмæ сæ кæй нæ зыдтон, уыдонæн та сæхицæй хатыр курæг уыдтæн.

Æппæты разæй мæ гыццыл хо Зинæ разгъордзæн мæ размæ. Уæлæуыл æй цæугæйæ нæ хъуыды кæнын, æрмæст згъоргæ; кæд йæ ингæнмæ тагъд кодта, æнæнтыст, æндæр уый цавæр згъорд уыди æдзух, цыма йæхи йеддæмæ а дунейыл къахæй уæвгæ дæр никуы ничи ауад, уыйау: йæ мады хъæбысмæ дæр згъоргæ, кæрты дуар æрбахойæгмæ дæр згъоргæ — уыцы бар та æппын никæмæнуал лæвæрдта, кæд-иу æз фæцæйуадтæн йæ разæй, уæд-иу цъæхахст самадта; йæ сынтæгмæ дæр згъоргæ. Мæ хъæбысмæ йæ фелвасдзынæн, мæ риумæ йæ нылхъивдзынæн æмæ дзы хатыр ракурдзынæн, Яийы хъæбысы ахсæв æз хуысдзынæн, зæгъгæ-иу кæрæдзийы нæмынмæ куы æрцыдыстæм, уæд ын йæ къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ кæй ивæзтон, уый тыххæй. Кæд мыл хистæрты зæрдæ нæ фæхудид — раздæр уал уыдонмæ цæуылнæ бауадтæн? М[е ’рбацыдмæ дæр æй рæвдыдхъуаг кæм уагътаиккой, фæлæ уал ууыл бацин кæнон — уымæй æдзарддæрæй сæ ничи ацыд. Худинаг кæд уыдзæн хистæртæй, уæддæр нæ зонын; худинаг дæр цæмæн хъуамæ уа — табу Хуыцауæн, мæ цотæй ничи у, мæ хо куы у æмæ мæ размæ куы разгъордта, уæд нæуынæг скæнон мæхи æмæ йæ цурты баивгъуыйон?

Цымæ куыд уыдзæн нæ фембæлд? Базондзынæн сæ цымæ се ’ппæты? Науæд мæ сæхæдæг базондзысты? Базондзысты, базондзысты, уыдонæн сæ тæрхон ахæм у, зæрдæйæ зонынц алцыдæр. Фыдыфыдмæ дæр æмæ фыдымадмæ дæр мæхи хæс уыдзæн бауайын. Цин мыл бакæндзысты æви сын хъыг уыдзæн мæ фенд? Адæймаг уæлион цардæй куы ахицæн вæййы, уæд афтæ куы фæзæгъынц: сæхимæ йæ бацагуырдтой мæрдтæ. Æмæ йæ се ’ппæт иумæ бацагурынц æви йæ фендмæ тынгдæр чи бæллы, уыдон? Æви айдагъ Хуыцауы фæндæй у алцыдæр? Кæд уыдонмæ хъусæг разыны Хуыцау дæр? Æмæ йæм уæд, уæлæуыл чи ис, уыдон та ма цæмæ фæкувынц, се стырдæр курдиат бирæ цæрæнбон цæмæн вæййы? Цæй, уыдæттæ бамбарыны фаг зонд лæвæрд нæй адæймагæн æмæ дзæгъæлы мæ сæр та ма цæмæн риссын кæнон. Бынатмæ куы фæхæццæ уон, уæд алцыдæр йæхи амондзæн.

Куыд мыл хъуамæ ма бацин кæна Яи, уæлæуыл мыл æрхъæцмæ чи нæ хъæцыд? Уый куы нæ уыдаид, уæд кæй размæ у мæ фæндаг, уымæн уæвгæ дæр нйцы æмбарин, номæйноммæ мын сæ ничи бацамыдтаид.

— Дæ фыд къахыл нæма ауади, Даде хадзыйы хæдзарæй куы сыстади, уæд.

Мæгъа, цæмæн уыцы хабар æрæмысыдаид Яи. Кæд æй йæхицæн дзырдта, уæддæр бæрæг нæй, уымæн æмæ æз ахæмтæ æмбарынхъом нæма уыдтæн. Цастæ мыл цыди — дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр фараст азы. Бæгуыдæр йæхицæн дзырдтаид: æхсызгон ын уыди йæ рагбонтæ мысын.

Зымæгмæ æвæрынæн цы фæткъуытæ æртыдтам, уыдон равзарынмæ иумæ схызтыстæм цармæ. Фæткъуытæн се ’мбис æвæрд уыди тæсчъыты, кæфойты æмæ асыччыты, сæ иннæ æмбис та — уæгъдæй калд. Цар цы уыди, уым æнæхъæнæй дæр — тохынайы алыварсæй фæстæмæ: зымæджы арт æндзарын куы райдайæм, уæд, мыййаг, куы ссудза — Яи байтыдта бур-бурид хъæмпы бæзджын фæлтæр, къæхты бын йæ хус сыбар-сыбур цыди. Фæззыгон ирд арвыл мигъы тæпп никæцæй зынди æмæ нæхимæ ирон бæлæгъ æмбæрзæндуры зыхъыртæй фаг рухс хæццæ кодта цармæ, уæлдайдæр та хур ныгуылæнырдæм фæкъул æмæ йæ тынтæ фæрсырдыгæй калдысты.

Яи ныллæг бандон æрæвæрдта чыргъæды цур æмæ дзы фæткъуытæ иугай иста, лæмбынæг сæм-иу æркаст алырдыгæй — мыййаг ыл сау ыстъæлф куы фæзына, уæд æвæрынæн нал бæззы, æнæ бамбийгæ йын нæй æмæ иннæты дæр ма фесафдзæн; зæрдæхсаинаг-иу дзы кæцы разынд, уымæн йæ бынат уыди, хицæн кæфойы, æнæсахъæттæ та мæнмæ лæвæрдта иу фæлтæрæй æртæнæг кæнынмæ.

— Куыддæр иу хъайванæй иннæмæ æвæрд фæуæм фæлтæр, афтæ йæ хъæмпæй æрæмбæрздзыстæм,— амыдта мын Яи. — Стæй та дыккаг фæлтæр. Фæткъуы мæнгæфсон у, гыццылдæр куы фæхъæн кæнæ цъæррæмыгъд уа, уæд æмбийынмæ фæвæййы. Махмæ йын ахæм буц митæ чи кæны, фæлæ, дам, гуырдзыйæн сæ чызджытæ сæ къухы ныхтæ цалынмæ рæбыниау ракæнынц, уæдмæ сæ дыргъдонмæ æмгæрон дæр нæ уадзынц тонынафон: мыййаг, фæткъуы кæнæ кæрдо куы фæцъæррæмыгъд уа. Ды дæр сæ, мæ къона, хъавгæ æвæр, кæрæдзийы къуырын сæ ма уадз.

— Тынг хъавгæ сæ æвæрын. Кæс-ма, мæнæ кæрæдзийыл дæр куы нæ æндзæвынц.

— Гъемæ дæ цæрæнбон бирæ. Æз дын цалынмæ æгас дæн, уæдмæ истæуылты ахуыр кæн. Иу фæлтæр — фæткъуы, иу фæлтæр — хъæмп, афтæмæй сæвæр æртæ фæлтæры, æрмæст цыппæрæм фæлтæрæн сæвæрæн нал ис, уымæн æмæ йæ уæзæй бинаг дыууæ фæлтæрæн фæхъæнæй тас у. Хъæмп та сын, улæфгæ цæмæй кæной, уый тыххæй хъæуы. Кæс-ма, дæ хорзæхæй, искуыдæр ма ацафон хур афтæ зæрдиагæй тавгæ фендæуыд,— æмбæрзæн дуртæм скаст Яи.

Цары æцæгæй дæр зын сулæфæн уыд иуæй дурты тæвдæй, иннæмæй та раджы кæддæр хъармы хосæн кæй ныччындæуыд æмæ уæдæй ардæм æртхутæг чи фестад, уыцы хъæдфадæнты рыгæй.

— Фæткъуы дæр адæймаджы хуызæн хид кæны тæвдæй. Йæ тæвд хъæмпмæ бахиздзæн æмæ куы фæуазалтæ уа, уæд æм хъаргæ дæр ницуал бакæндзæн. Уæвгæ, ардыгæй зымæгмæ цытæ æрцæудзæн æмæ кæй амæттаг бауыдзысты, Хуыцау йæ зонæг,— æнæнхъæлæджы фæиннæрдæм Яийы ныхас.

Уыцы амæттаджы койыл сахуыр дæн æмæ йæм ницы уый бæрц мæ хъус æрдардтон. Фæткъуы зымæгмæ куыд æфснайгæ у, стæй йæ немыц иу æрбадтæн бафтъæрдзысты æви йæ зымæгзымæджы дæргъы сындæггай хæрдзысты, уымæй мæм диссагдæр Дадейы хабæрттæ кастысты. Уæды рæстæгмæ æрыхъусæггагæй зыдтон: æз куы райгуырдтæн, уымæй æртæ азы раздæр, колхозтæ сæ тæккæ аразгæйæ куы уыдысты, уæд паддзахад адæмæн сæ хордæттæ бынтон равдæлон кодта æмæ хор вагæтты бавгæдта. Беслæнæй йæ Дзæуджыхъæумæ цы æхсæв хъуамæ ластаиккой, уыцы æхсæв хоры хицау мæстджын адæм бавдæлдысты æмæ поезды фæндаг фехæлдтой. Сæ зæрды уыдис, поезд куы æрлæууа, уæд вагæтты дуæрттæ басæттын æмæ сæ хор фæстæмæ сæ хæдзæрттæм куы нæ уа, уæддæр бæлвырд рæттæм фæласын æмæ йæ уым бамбæхсын. Уæдæ хъызт зымæджы къæйыл сæ бинонтæ сыдæй дæр цæмæн хъуамæ амардаиккой, сæ удвæллойæн хицау исчи цæмæн хъуамæ суыдаид? Хуыцау сын æй макуы ныббарæд, адæмы фæллой чи байста, уыдонæн дæр æмæ фæндаг фехалджытæн дæр: хорласæны разæй фæндаджы хæлдмæ талынджы уыцы тындзгæ æрхæццæ адæмласæн поезд æмæ фæфæлдæхт. Æнаххос мæгуыр бæлццæттæ цагъды фесты. Фæдисæттæ дзоныгъæй йæ мард кæмæн æрластой, уыдонæй иу уыди мæ фыдыфыд дæр. Йæ дардыл амад фæндтæ цыбыр лыггонд баййæфтой.

— Яи, æмæ Даде йæ фыды хæдзарæй куы рацыди, уæд та цы фæци?

— Куыд цы фæци? Мæнæ ацы тæккæ ран æрбынатон. Доны былы тыгъд быдыр уыди ам, бæрæзедон. Йæ хæмпæл ын ныссыгъдæг кодта, кауæй йæ æрæхгæдта, гутонæй йæ афæлдæхта. Стæй уæд хæдзары бындурæн дойнаг дуртæ галуæрдонæй ласынмæ бавнæлдта. Сæ цæрæнбон бирæ — лæппутæ йæм тынг фæкастысты, мæ тиутæ. Галуæрдоны уæззау хъыррыст æмæ дурты гыбар-гыбур абон дæр ма мæ хъустыл уайынц. Мæгуырæг, цас фыдæбон бавзæрста йæ уд, уымæн зæгъæнтæ дæр нæй. Æгæрмæгуыр судзин дæр нæ рахаста йæ фыды хæдзарæй, йæ къухтæ йæ дзыппы тъыстæй рацыди. Уæд афтæмæй æнцон у хæдзар кæнынтæ? Фæлдахгæ бæргæ акодта утæппæт тъæпæн, фæлæ дзы æрмæст иунæг аз цы ныссагътам лыстæг хуымтæ æмæ хъæдур, æндæр дыккаг аз ницæмæуал рантыст. Тæккæ уыцы фæззæг Уыналмæ фæцыди.

— Уынал та циу, Яи?

— Хъæуы ном. Дард у ардыгæй, тынг дард, авд хохы æмæ авд доны фале. Кæддæр æм, лæппу ма уыди, афтæмæй хуындзау бафтыд æмæ йæ диссаджы дыргъдæтты йæ цæстытæ баззадысты. Æз дæр сæ никуы федтон, фæлæ, дам, махырдыгæй ахæм дыргъдæттæ никуыма уыди. Уыцы кой йеддæмæ дзы ницуал фехъуыстаис. Æмæ йæхицæн зæххы хай куы фæцис, уæд хъуымыхъы баххуырста самандур кæнынмæ. Фæззæгмæ нæ хæдзар срæвдз. Хæдзар, зæгъгæ, уал иунæг уат. Иннæ дыууæ уаты дыккаг аз срæвдз сты. Йæхæдæг тæккæ уыцы фæззæг Петкайы æмæ Адзумайы бацыбæл кодта æмæ Уыналмæ фæцыдысты талатæ ласынмæ. Цæхæрадон цы уыди, уый æнæхъæнæй дæр бæлас ныссагъта, иу гæбаз дзы хъæдындзы хуымæн уæд та куы ныууагътаид. Мæнæ картоф кæм ныссадзæм, уыцы гæбаз дæ фыд фæстæдæр, Цæлыччы нын нæ зæххытæ колхоз куы байста, уæд уый фæстæ асыгъдæг кодта бæлæстæй. Фæткъуытæ Уыналæй фæласта, кæрдотæ — Уæллагирæй, лыстæг хабæрттæ та — балтæ, чылауитæ — быдыры хъæуты дæр фаг самалгæнæн уыди.

— Куы акæсай, уæд алкæмæн йæ цæхæрадоны картоф æмæ нартхорæй дарддæр ницы ис, махæн та — айдагъ бæлæстæ. Уæд æй утæппæт бæлæстæ садзын цæмæн бахъуыди? — загътон мæ рагон маст.

Маст дæр куыннæ: адæмы сывæллæтты цъæх нартхорафон æндæр ницы хæргæ фендзынæ, æз та дзы курæггагæй куыд хъуамæ мæ мондаг суадзон? Кæд сыхæгтæй искæмæ бафтон æмæ иу хъуыдыды кæнæ уæларты фыхæй, кæнæ цæхæрыл арыдæй мæ къухы раттын йæ сæр æрцахса, уæд хорз.

— Æвæццæгæн, æгас хъæуы сывæллæттæ скъоламæ æнæзивæгдæр цæмæй уайой, уый тыххæй,— бахудæнбыл Яи. — Уæды онг лæдзæгæй дæр тæрын нæ куымдтой скъоламæ. Фæлæ иугæр нæ бæлæстыл гага зынын куы байдыдта, уæд сæ марадз зæгъын никæмæнуал бахъуыд. Мæ сæрæн сæ нал дæн, баиргъæвæн сын æппын ницæмæй ис.

Иугæр уыйонг кæм æрхæццæ, уым та сæ номæй-номмæ нымайын байдайдзæн, роныдзагæй, худы дзагæй, голлаггай чи хæссы, уыдоны. Æмæ сæ æз мæхæдæг дæр хорз куы зонын, цалынмæ сæ нымайынмæ нæма бавнæлдта, уæдмæ фæразæй дæн:

— Æмæ йæ фыды хæдзарæй цæмæн рацыди Даде?

— Цæмæн та цы хоныс? Фыдæхæй, мыййаг, нæ рахицæн стæм мæ фæлмæн æфсин Моргоны æмæ зæронд лæджы хæдзарæй — æндæр гæнæн нын нæ уыди. Мæ сæры хицауæй дæлæмæ авд фырты уыди хадзыйæн. Уый ныртæккæ нал у уæлдай — кæмæн цы сахат йæ зæрды æрæфты, уыцы сахат бинонты хъуыддаг кæныныл ныллæууы. Уæды заман та æрмæст хистæрæй кæстæрмæ хастой æфсымæртæ, йæ хистæры сæрты ахизыны зонд дын макæмæ æрцæуа — аба-бау! — зарæггаг фæуыдаид. Дæ фыдыфыд се ’ппæты хистæр уыд æмæ иннæты разæй бакодта æгъдаумæ гæсгæ хъуыддаг. Уалынмæ Аминæты лæгæн йæ рад ралæууыд. Уæдмæ дæ фыд дæр гуырд уыди æмæ хадзыйы кæрты нæ каст ницæмæуал уыди, нæхицæн ахстоны амал хъуыд. Мæ дзæнæты фæбадинаг æфсин раст тæрхон рахаста: дыууæ файнусты дуарыл хизгæйæ кæрæдзийæн цалынмæ æгъдау дæттынц, уæдмæ фæхицæнгæнгæ сты, иугæр знæт ныхас иунæг хатт куы сфæразой, уæд сæ хъаматæ уымæй фæстæмæ фæцъорттæввонгæй дардзысты. Науæд сæ устыты дзыхæй иу æмæ дыууæ æфсымæры фестадысты кæрæдзийæн тугзнæгтæ?

Кæд ын йæ хъуыдыты нывæзт дзæбæх нæ ахсы мæ сæр, уæддæр æм хъусгæ тынг зæрдиагæй кæнын. Йæхи фыртты æмæ чызджы разæй мæ хъулон уарзтæй уарзы Яи, уæлдайдæр ныртæккæ, иунæгæй йын куы аззадтæн, уæд: фырттæ кæм сты, марадз æмæ йæ базон, чызг та йæ хæдзар раджы ссардта.

— Яи, хадзыйæн йæ ном та цы хуынди?

— Тобæ, Хуыцау, тобæ! — йæ къухтæ мыл сцагъта Яи. — Цытæ дзурыс уый? Йæ ном мын хъæрæй нæ, фæлæ хинымæр зæгъын дæр не ’мбæлы мæнæн.

— Мæн та йæ базонын фæнды, Яи!

— Цы дын загътон, уый нæ фехъуыстæй æви? Нæ мын æмбæлы йæ ном зæгъын — искуыдæр ма уый фендæуыд, æмæ чындз сæ зæронд лæджы ном йæ дзыхæй суагъта? Уæвгæ, мæнæй йæ куы нæ базонай, уæд æй зонгæ та кæмæй бакæндзынæ. Стæй адæймаг йæ фыдæлты куы нæ зона æмæ сæ рох куы кæна, уæд ничийæ уæлдай ничи у. — Яи рогæн фестад йæ бандонæй. — Хатыр мын бакæнæд мæрдты бæстæйы æмæ бумбулиау рог уæд йæ сыджыты хай: Дзаххот хуынди нæ зæронд лæджы ном, Дзæхциу-хадзы дæр æй хуыдтой. Дзæнæты бæстæйы йæ фæлмæн къæлæтджынæй рæстаудæн кæнæд дæ сидзæр удыл; мæнæн та ме ’взаг мæ къæбутмæ баст фæуæд, йæ ном мæ дзыхæй кæй суагътон, уый тыххæй.

Йæ бандоныл бæстон нæма æрбынатон, афтæ та йæ хынцфарст акодтон:

— Уый фыды ном та?

— Тобæ, иунæг цытджын Хуыцау, ныббар мын мæ тæригъæдтæ иууылдæр! — фесхъиудта ногæй йæ бандонæй æмæ сæрбæттæн бынтон дæлиау æруагъта йæ цæстытыл. — Æнахъом сабийы сæр уыдæттæ нæма ахсы, æмæ йын хатыр курæг дæн уе ’ппæтæй дæр. Ме ’взаг мæ къæбутмæ баст: Бибо уыди йæ ном хадзыйы фыдæн, мæрдты бæстæйы рухсдæр бынатæй йын хай уæд, мæнæн та хатыр бакæнæд мæ къæйныхы тыххæй. Мауал сдзур, мауал,— стылдта мыл йæ къухтæ; бамбæрста, дарддæр æй кæй фæрсдзынæн, уый. — Иугæр дыууæ зæронды нæмттæ кæм сфæрæзтон, уым мын уæлдай нал у, ме ’взаг мæ къæбутмæ баст: Таджи хуынди хадзыйы фыды фыд. Уымæй раздæр ничи æрцард дæ дард фыдæлтæй Зилгæйы. Иннæтæй мæ фæрсгæ дæр мауал кæн — нæ сæ зонын æз дæр. Се ’ппæты хорзæх дæ уæд, мæнæн та хатыргæнæг фæуæд мæ къæйных.



Просмотров 1269

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!