Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 3 часть



Дзæвгар фæстæдæр æй базыдтон — тамакойы марг йæхимæ æмгæрон нæ уагъта буар, лæгъстæ мын кодта: бахиз мæ уыцы емынæйæ. Фæлæ йæ ницæмæ æрдардтон. Къуыри. Дыууæ къуырийы. Боны дæргъы куы иу тамако, куы цалдæр. Курæггаг æмæ хуыснæггагæй, куыд ничи мæ фена, афтæ.

Фæгуырысхо мыл мамæ — тамакойы фæздæг кæнæ тæф йæ фындзыл сæмбæлди, æндæр цы. Зæгъгæ мын ницыма кодта, фæлæ цалдæр райсомы мæ тарф фынæйæ бамбæрстон: мæ цурмæ йæ къахфындзтыл æрбахъуызы æмæ комытæфмæ смуды; диссаг мæм кæсы, йæ хъуызгæ къахдзæфтæм куыд райхъал вæййын, æнæуи уæлкъæй кастрункæйы кæнæ тебæйы гыбар-гыбурмæ, рудзынджы тæккæ фарсмæ фæрæты къуппкъупмæ куы нæ хъал кæнын, уæд; сысмуды, сысмуды, стæй мæ хæлаф сынтæджы къухæй райсы æмæ йын йæ дзыппытæ сфæлдахы — тамакойы рыг дзы ис æви нæй? Никуы дзы ницы ссардта, фæлæ мæ уæддæр тæфæй базыдта. Лæгъстæйæ, æртхъирæнæй, цæссыгæй — нæй, ницæмæй мæ бацис йæ бон баиргъæвын.

Уæд уагæры цавæр æнамонд хор разынд, афæдзы фæстæ мæ цард æмæ мæ марды бæрæггæнæн куы ссис.

Уæд ма нæ чъылдыммæ Хуымæллæджыдоны рагон фæд цъымарайæ бæрæг дардта, скъолайыл дæрдты æркъæлæт. Йæ фæйнæ фарс — незамантаг хæристæ, Дзагъулаты Зауырбег сæ йæхи хуыдта, кæд сæм æндæр ничи дардта бар, уæддæр; цалынмæ йæ хъаруйы уыди, уæдмæ сæ афæдзцухæй хъæдуры михæн цагъта. Цæй хъæдуры мих у хæрис — иунæг сагъды фаг, дыккаг аз æй нал нытътъысдзынæ, кæд ма сугæн бабæзза; стæй суг дæр цастæ суг, æндзарæн, æндæр дзы тавс нæй.

Зауырбег куы æрхæлддзаг æмæ йæ бон бæласы рагъмæ хизын куы нал уыди, уæд хæристæ дæр уæларвмæ æмæ фæйнæрдæм ныццавтой, сæ зæнгтæ та се ’ппæтæн дæр æмхуызон гуыбыр; сæ ныссадзынæй фæстæмæ афтæ рахастаиккой æви Зауырбегмæ гæсгæ фæгуыбыр сты, науæд Зауырбег уыдонмæ гæсгæ фæгуыбыр, мæгъа; цæмæй цардысты æмæ куыннæ фæлдæхтысты уыцы къабæзты уæзæй, уый æгæр диссаг дæр ма у: тутт мæра, æмбæхсгуыты хъазынæн — агургæ æмæ æнаргæ, сау хъæндилæй æмæ æнгуылдзы стæвдæн æлгъаг уырынгтæ къуыдыр кæлмæй æмыдзаг куы нæ уыдаиккой, уæд.

Цæмæдæр гæсгæ цъымарайæн æрмæст йæ иуырдыгæй фарс гуырыди æнхъизгæ суадæттæ — Хуымæллæджыдонæн йæ фæд кæддæр ауылты кæй уыд, уый бæлвырд æвдисæн. Цал уыдысты, цал? Гуыдиаты дæлбыл, Дзгойты дæлбыл, Бесæгъуыры æмæ нæхи Ефæндыйы дæлбыл, Дзагъулатæн сæхи дæлбыл, Дзиуаты дæлбыл; раст цыма сæ хæдзæрттæ, суадон кæм ис, уымæ гæсгæ æрæвæрдтой, уыйау. Змис фæйлаугæ æнхъызтысты суанг тъæнджы мæй дæр, сæхицæн фæд лæгæрстой миты æмæ ихы астæуты, цъымара æрхус нæ уагътой. Нуазынмæ та афтæ хæрзад, æмæ сæм канд ног чындзытæ æмæ чындздзон чызджытæ нæ, фæлæ зæронд устытæ дæр дыгай къæртатимæ зивæг нæ зыдтой цалдæр уынджы сæрты. Сæ уазалæн дæндаг суанг сусæны мæй дæр нæ фæрæзта.

Йæ заманы доны бын, æвæццæгæн, дур æмæ хуыр уыдаид, фæлæ ныр лæхъир æлыг, куы дзы æрлæууай, уæд былгæрæттæм хæстæг кæм фадхъултæм аныгъуылдзынæ, кæм уæрджытæм, астæуæй та — ронбастмæ. Сæрд — къогъобадæн. Къогъойы мондагмæ та — хæфсбадæн; иугæр къæвда ма уæд, æндæр сæ уасынæй æхсæв-бонмæ хъустæ æнцой нæ зыдтой. Цæмæдæр гæсгæ боныгон нæ зарыдысты. Фынæй уыдаиккой, æмæ уый зæгъæн дæр нæй: цъымарайы былты адæймаг фæцæуы кæнæ куыдз фезгъоры, уæд-иу гæрзæй-гæрзмæ тъыллуппытæгæнгæ доны багæппытæ кодтой. А, æвæдза, æризæр, уæд иугай сæ хъæлæстæ фæлварын байдыдтаиккой, раздæр згæхæрд хъыррыстимæ, кæрæдзимæ нæ хъуыстой, афтæмæй, стæй куыдфæстæмæ иу иннæйы дзыхæй исын байдыдтаид: чи дзы зарæгамонæг, чи хъырнæг. Кæд тæфсæг æцæгдæр къогъойæ хæцы, уæд цагъды та куыннæ фесты къогъодзуанæй, адæмæй дзы иу куы ничи ирвæзт алы сæрд фæрынчынæй.

Фыццаг курс каст фæдæн уыцы сæрд. Уæды онг Шолоховы зыдтон, дæсæм къласы хрестоматийы «Фæлдæхт нæудзарæй» цы сæргæндтæ кастæн, æрмæст уыдонмæ гæсгæ. Ныр та чингуыты чиныг — «Сабыр Дон» — мæ къухы бафтыд æмæ æхсæвбон нал нымадтон. Хурхæтæны фæстæ кæд хæмпæл хæрдмæ ныццавта, уæддæр мæ цæхæрадоны мæт нал уыди, сæумæйы сатæгæй цалдæр æнæбары къуырццы кæд ракодтаин рувæнæй, æндæр, æмæ рувгæ-рувын дæр мæ хъуыдытæ Григорийы æвирхъау здыхтытæ хъысмæтимæ уыдысты.

Æлыгбын сара сатæгæнхъæлæй бæргæ бапырх кодтон гогоныдзаг донæй, фæлæ цалынмæ йæ иу кæронæй иннæмæ цыдтæн, уæдмæ фæдбæрæг нал баззади — сусæны æиудмæ уайтагъд айсысти. Уагæр ма бон йæ тыхы ауы бацæуа, уæд цы уыдзæни?

Сарайы къулы рæбын — чъылдымджын дæргъæй-дæргъмæ бандон йæхи æмдæргъ стъолимæ. Бæстон бадт æркодтон æд чиныг стъолы уæлхъус æмæ та аныгъуылдтæн диссаджы дунейы. Цас фæкастаин, нæ зонын, фæлæ мыл иуафон æнахуыр хуыссæг стыхджын. Уый дын гъе! Цæсты уæлтъыфылтæ мæ коммæ нал кæсынц, схæцын сыл нал фæразын. Дзæгъæлы нæ вæййы, дзæгъæлы, мамæйы загъд, дæ цæстытæй бынтон бакуырм уыдзынæ, уыцы æмбисæхсæвмæ цырагъы рухсæй сæ сфизонæг кодтай, зæгъгæ. Степан хæстæй йæ хæдзармæ кæм сыздæхт, уырдæм куы бахæццæ дæн, уæд чиныджы рæнхъытæ æддæг-мидæг уайын байдыдтой, нал сæ æвзæрстон. Мидæмæ цæуон, уым иугæр рудзынджы фæрстæ куы бахгæнай, уæд замманайы сатæг вæййы цыфæнды æнтæф бон дæр. Фæлæ сыстыны æмæ уатмæ бацæуыны бæсты бандоныл мæхи уæлгоммæ куыд æруагътон æмæ куыд фæтыгуыр дæн, уый уæвгæ дæр нал бамбæрстон.

Хурныгуылды мамæ быдырæй куы æрбацыд, уæд мæ, кæм æрфæлдæхтæн хъæбæр бандоныл, уым æрбаййæфта. Æнхъæл уыд æмæ афтæ æнæуи афынæй дæн. Йæ хъуыр-хъуыр цæуы:

— Гъы, нæ йæм кæсут — кæркуасæнтæм фæбады æхсæв, ныр дыууæизæрастæу йæхи ауагъта. Ахæм цард ын æрцыди. Цымæ ахсæв та ма куыд бафынæй уыдзæн?

Йæхæдæг йæ зилæнтæм бавнæлдта. Уаты дуары хъинц фæцыд. Стæй та мæ тæккæ фарсмæ мæнг хæдзары — пецы къæйы цæстыты æнад хъыррыст, æртысгæнæй сæ иуварс ассыдта. Хъуджы мынæг «æм-му» дуары æдде.

Цас рæстæг рацыдаид — мæгъа. Мæ номæй мæм куыд дзуры мамæ, уый бæргæ хъуыстон, æрмæст æрыхъал мæ бон нæ уыд. Стæй мæ уæд уигъын байдыдта. Æллæх, цымæ мæ цæуылнæ ныууадзы, куыннæ йæ æмбары, куыд тарф фынæй дæн? Йæ уд та мыл фæхауди, æндæр цы...

Мигъ нæу, мигъæй тардæр æмæ бæзджындæр лæууы мæ цæстыты раз, ирд стъæлфытæ дзы æнæнцой зилдух кæнынц куы сындæгдæрæй, куы цырындæрæй, æрмæст кæрон нæй сæ зилдухæн, куы æрбаввахс вæййынц, куы — адæрддзæф; куырдадзы дзæбугты æнæнцой æнахуыр цъæхснаг зылангæй хъустæ æмыр кæнынц. Мæ уæхсчытыл мын схæцыди — рабад, рабад, мæ къона,— фæлæ ма чи у рабадынтæн; мæ сæры къупп бандоныл фæцыд æмæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой; цыдæр фæлмæн мын мæ нывæрзæн авæрдта. Мæнæ цы хорз у афтæ хуыссын, куыннæ йæ æмбары! Нæ мæ ныууагъта уæддæр, рабадын мæ кодта тыххъуырдухæнæй, мæ дæларм бацыд æмæ мæ уатмæ фæхоны. Нæ коммæ кæсынц къæхтæ, зæхх мæ йæхимæ æлвасы, уæрджытæ фæдыдагъ вæййынц, куы иу дзабыры фындз фæныхсы, куы иннæ. Сабийы йæ афонæй раздæр къахæй ауайыныл куы ахуыр кæнай, уыйау.

— Фæстаг дæ нуазын нал хъуыди, æфсымæр! — Цыфæнды фæлладæй æмæ тыхстæй дæр йæ хъазын нæ уадзы — йæхицæн ныфсы хос.

Цæстытæй ракæсын æмæ та æрцъынд вæййынц. Арвмæ скæсын чи фæразы, фæлæ нæ размæ цудтытæгæнгæ дыууæ аууонæй бæрæг у — цалхыдзаг мæй дзæвгар суади. Цæй даргъ у, æвæдза, сарайæ уатмæ фæндаг, кæрон ын никуал уыдзæн, æвæццæгæн. Куы размæ цудын, куы фæрсырдæм, æмæ мамæйы дæр мемæ фæцæйхæссын, тыхамæлттæй мæ уромы.

Нæ йæ зонын, мæ хуыссæныл куыд сæмбæлдтæн. Хъæццулы бын бæргæ дæн, уæддæр мæ гæртт-гæртт цæуы. Куыннæ йæ æмбары мамæ, куыд тынг уазал мын у, ноджыдæр ма мыл иу хъæццул куыннæ æрæвæры, ихæнæй йын куы амæлдзынæн.

Цы ма фæуон — афтæ уазал мын куы никуы уыдис æппындæр. Пецы арт сæндзарын дæр куыннæ ахсы йæ сæр мамæйæн?

Мæнæ цы мæгуыр дæн, мæнæ, сдзурынæн чи нæу. Уæд уагæры æгомыг хайуан та цæй мæгуыр у, йæ зæгъинаг зæгъын чи нæ фæразы.

Кæимæдæр ныхас кæны мамæ, фæлæ чи у, уый равзарынæн нæ дæн йæ хъæлæсмæ гæсгæ. Сыхæгтæй исчи æрбауад, æвæццæгæн. Мæнæ мын мæ сæрыл схæцыдысты æмæ æхсыры агуывзæ — йæ тæф фындзы смидæг — мæ былтыл андзæвыд. Нылхъывтон сæ æмæ сæр батылдтон: нæ мæ хъæуы.

— Дон та? Дон дæр дæ нæ хъæуы? — æргуыбыр мæм кодта мамæ, йæ комытæф мæ цæсгомыл сæмбæлд.

Сæры батылдæй та бацамыдтон: ницы мæ хъæуы.

— Æдылы дæ, æмæ æдылыйæ дæхи хæрыс, æндæр ницы. — Йæ хуыздæр хæлар Уæлинка. Хъæлæсæй йæ нæ базыдтон, фæлæ йæ ныхасæй: раджы кæддæр, скъоламæ куы нæма цыдтæн, суанг дзы уæд цытæ фехъуыстон, уыдæттæ мæ нал ферох сты. Æмæ та ныр дæр уыцы ныхасмæ бавнæлдта: — Гъер амæ аирвæзын æнхъæлмæ кæсыс, мæкъуылы цъиуау? Бæргæ дын дзырдтон тæккæ райдайæнæй: цæринаг нæу, фæлтау дæхи сæры кой бакæн. Ныр марадз, йæ цуры тъиз бонцухæй стъæлфгæ.

Куыд ницы дзуапп ын дæтты мамæ? Æви йæм раст кæсынц йæ ныхæстæ?

Мæхи цымадæй цæстытæй бæргæ ракæсын, æрмæст æгомыг тары ницы уынын уыцы зилдухгæнгæ стъæлфытæй дарддæр. Афтæмæй та йæ цæмæдæр гæсгæ хорз зонын, уаты цырагъ кæй судзы.

Сынтæг мæ бынæй фæиртæсы сындæггай æмæ ауындзæгæй аззайын мылазон тар мигъы, буары уæз нал вæййы бумбулиау.

Цы бон у абон? Цас рæстæг фæдæн уыцы тар мигъы ауыгъдæй?

— Сафар, хъусыс мæ?

Фæрсæгмæ скастæн, æмæ та уæлтъыфылтæ уайтагъд сæхи уæзæй æрæхгæдтой. Елæмырзæ æмæ Арсен. Цыбырдыс хæдæтты æмæ итувæрд хæлæфты. Кæдæм рабалц сты, цымæ, уыцы бæрæгбонарæзтæй? Блæмырзæ нывæрзæнырдыгæй бады, Арсен — дæлфæдтырдыгæй. Уазал сын нæу æви, айдагъ хæдæтты? Цыдæртæ дзурынц кæрæдзийæн, мæнмæ та æмыр гуыв-гуывæй хъуысы сæ ныхас, мыдыбындзытæ мæнæргъыйыл дидинæгафон куы æрæмбырд уой, уыйау.

— Цы дæ риссы, Сафар?

Елæмырзæ. Дохтырыл ахуыр кæны, фыццаг курс каст фæцис. Ахуыры азы дæргъы иу уаты фæцардыстæм, стыр хъазарæй йæ баххуырстам.

Ихы къæртт — термометр — мын мæ дæларм фæтъыста. Фестъæлфыдтæн æмæ цæсгом банхъырдтæ. Уæхск базмæлын кодтон — куы дзы фервæзин.

— Бауадз æй,— мæ уæхскыл мын æрхæцыд.

Ногæй та мыдыбындзыты гуыв-гуыв, бынтон æввахсæй.

Ракастæн æмæ цæст уаты царыл ахастон. Æмбисбонæй дзæвгар фæфалдæр, хуры тынтæ рудзынгæй аивгъуыдтой. Дыууæ хъæццулы мыл æмбæрзт, сæ æдде ма къæхтыл та баз æвæрд. Охх, уæдæ коммæ куыннæ кæсынц цæсты уæлтъыфылтæ, сисын сæ куыннæ фæразын, уайтагъд сæхи уæзæй ахгæнынц.

— Цас амоны? — Арсены хъæлæс.

— 40,6 градусы. Дыууæйыл у.

Елæмырзæйы тæрхон. Ау, афтæ æдзардæй дыууæйыл сдæн? Цæссыг хъусрæбынмæ æрлæдæрст судзгæ фæд уадзгæ.

— Тамако дымыс?

«Нæ дымын»,— батылдтон мæ сæр.

— Уæд та дын дæ нывæрзæны бавæрон бапъерозтæ?

Сæры æнкъуыстæй та бамбарын кодтон: нæ хъæуы.

— Иугæр æй тамако кæм нал хъæуы, уым дзы пайда нал ис.

Дохтырыл ахуыр кæны æмæ йæ зоны. Дзæгъæлы дзы кæм загътаид нæ фатеры хицау: «Дохтыр æй дæуæй хуыздæр зоны». Елæмырзæйæн дæр æмæ мæнæн дæр нæ институтты æмдзæрæнты бынат нæ разынди — дард рæттæй, Уæрæсейæ чи æрбацыд ахуырмæ, æппæты разæй уыдонæн æмбæлы; кæд ма дзы баззайа, уæд та — нæхионтæн. Нал дзы баззад. Æмæ нæ фатер æххуырсын бахъуыди. Нæ фысымтæ разындысты æнæзæнæг зæронд лæг æмæ ус, раджы кæддæр Оренбурджы ’рдыгæй цардагур æрбафтыдысты. Лæг — дæлæмæдзыд, тæнтъихæг, фæсус; куыройы барæныл æй æрæвæр æмæ æртæ путы æххæст не ’рластаид; æфсæнвæндаджы типографийы æхсæвгæсæй куыста; цастæ гæс уыдаид, мæгъа: а, æвæдза, хæдзары мидæг истæмæн бахъæудзæн, уæд ын йæхиуыл дæр схæц, давинаг цы разына, уый уæлæмхасæн, æмæ йæ рогæн дæ дæлармы рахæсс. Хылычъи. Алы сæумæрайсом куыддæр куыстæй æрбаздæха, афтæ йын йæ бинойнаджы æнæ ракъахгæ нæй æмæ кæдмæ уыдаид сæ загъд, нæ зонын: мах-иу ахуырмæ ацыдыстæм, уыдон та-иу хъæлæбагæнгæ баззадысты. Иугæр путæй барын кæм райдыдтам, уым ус та — æппын мацы — аст, фараст путы ластаид; лæгæн уæлæ кæуылты æмæ кæуылты йæ сæрты касти; кусынæн нæ, фæлæ йæхи айсынæн дæр нал уыд æмæ йæ рæстæг фылдæр сынтæджы æрвыста æд дарæс. Лæг æфсæнвæндаджы кусæгыл нымад уыд æмæ йын æвзалы лæвар æмбæлди. Æмæ, тæхудиаг, æндзарыныл нæ ауæрстой; мах нæхи уаты рудзынджы æмбис æхсæвæй-бонæй гом дардтам, уæддæр дзы æнтæфæй сулæфæн нæ уыди. Нæ зонын, уыцы тæвды суазалгæнæн куыд уыдис, фæлæ дзы нæ хæдзары хицау суазал, æхснырсæг æй йæ быны снорста. Уымæй æхснырсæг дæр æхснырсæджы хуызæн куы уыдаид: цал хатты æхснырста, уал хатты-иу дыууæ уаты æхсæн дуары бæсты ауыгъд кæддаджы пæр-пæр ссыд пъолæй цармæ. Елæмырзæ йын хостæ бæргæ æрбахаста, фæлæ сæ нæ бакуымдта. Цалынмæ фæллойхъом уыди, уæдмæ рынчындоны æфснайæгæй фæкуыста, афтæмæй цæмæдæр гæсгæ афтеччы хостыл былысчъил хаста. «Адæймаджы уазал куы бацæуа, уæд ын банкæтæ йеддæмæ хос нæй». Ноджы ма йæм дохтыр — афтæ схуыдтой Елæмырзæйы фыццаг бонæй фæстæмæ — куы æрцард, уæд ыл банкæ чи сæвæра, уый агурæг сыхæгтæм цæуын дæр куы нал хъуыд. Сынтæджы дæлгоммæ æрхуыссыд æмæ æртæйæ бавнæлдтам хос кæнынмæ; æртæйæ, зæгъгæ, æртыккаг, ома, йæ мой кæмдæр арф æвæрд хъæбæр гæххæттæй къоппы дзаг банкæтæ цы æрбахаста, æндæр хъыгдарынæй уæлдай æххуыс ницуал уыд. Гуцъулаздыхт «Правда»-йыл арт сæндзæрстон æмæ Елæмырзæйæн йæ къух цалынмæ фæрæзта, уæдмæ банкæ судзгæ газеты сæрмæ дардта дæлгоммæ фæлдæхтæй, стæй йæ зæронд усы дыууæ уæны æхсæн æртъæпп ласта. «Æллæх, басыгътай мæ!» — зæвæттæй къæбуты онг фесхъиудта рынчын. «Банцай, зæронд! — хæрхæргæнаг фæсус хъæлæсæй йыл схъæр кодта лæг. — Дохтыр æй дæуæй хуыздæр зоны!» Ссæдзæй къаддæр дзы нæ бахъуыд æвæрын уыцы бызычъиджын фæсонтыл — цалдæр газеты æртхутæг баппæрстон пецы дзыхмæ — æмæ алы банкæйæн дæр: «Æллæх, басыгътай мæ!» æмæ фæсус уайдзæф: «Банцай, зæронд! Дохтыр æй дæуæй хуыздæр зоны!» Тыххæйты-ма бакуымдтой сæфтауын дæр — тугæрхæм сау зиллаччытæ баззад сæ фæстæ зæронд усы лæхъир буарыл; дыууæ къуырийы уыдаид æви фылдæр, фæсонтыл æрхуыссын йæ бон нал бацис. Стæй æппынфæстаг рабадти, афтæмæй йæхицæн аирвæзын æнхъæл нал уыди.

Уæд æй искуыдæр ма нæ зоны дохтыр? Гуыв-гуыв мынæгæймынæгдæргæнгæ цæуы, цæстыты раз стъæлфæнты зилдух та — цырындæр.

Уæд уагæры цавæр æнамонд хор разынд? Иунæг хабарæй бузныг дæн мæхицæй — æстдæс æмæ ссæдз азы дæргъы никуы сдымдтон Бабуйы цур, цыфæнды уазалы дæр балкъонмæ кæнæ уынгмæ ацыдаин. Йæ цуры нæ, фæлæ куы амарди, уæд дæр дыууиссæдзæм боны онг, йæ дзаумæттæ цалынмæ сынтæджы уæлæ биноныг æвæрд уыдысты, уæдмæ йæ уаты тамако мæ дзыхмæ не схастон; дымгæ-дымыны мæ мидæмæ бауайын бахъуыди, уæд фæлтау тамако тæрхæгыл æрæвæрдтаин. Йæ цардæгасæй нæ, фæлæ суанг мæрдтæм дæр æфсæрмыйаг; мæрддзыгойы кæнæ йæ ингæны хæмпæл стонынмæ куы сæфтай уæлмæрдмæ, уæд цырты чъылдыммæ айс дæхи æмæ уым бадым, йæ къам дæ куыд нæ фена, афтæ.

Иуæй, мæ уыцы ахуырæн фехалæн нæй, иннæмæй та мæхицæн дæр æнад у уаты мидæг фæздæг, уæлдайдæр дзы сывæллон куы уа, уæд.

Балкъонмæ рацыдтæн.

Охх, Бабу, Бабу, кæдæм акъахдзæф кæнай, уым алы ран дæр зæрдæриссæнæн куы баззадысты дæ дзаумæхтæ, уæд сын цы чындæуа? Фесафин сæ, æмæ йын фæстаг хæррæгъы онг æмхуызон зынаргъ куы уыдысты, сæ алкæцы дæр — исты мысæн, сæ аппарын сæ йæ цæст куы нæ бауарзта хæррæгъ æмæ хæлддзагæй дæр. Уæлдайдæр, чи аивгъуыдта, уыдоны номимæ баст дзаумæттæ — гæххæтты гæбаз уа, зæронд зылындæндаг пирæн, хуынчъытæ сасир, саст пецы дуар, лæбырд рудзынгæмбæрзæн, хъуымацы нарæг хауæццæгтæ — нæдæр дзаумайæн сты, нæдæр æмпъузæнæн, æрдæгконд цыллæ хыз...

— Бабу, ацы зæронд хæбырæгътæ царды истæмæн бахъæудзысты, цæуылнæ сæ аппарыс?

— Омæ зæронд æз дæр бадæн æмæ æххæст мæн дæр аппарут семæ, кæй ма хъæуы зæронд?

Гæвзыккæй кæй фæцард, уымæ гæсгæ сæ нæ уарзта йæ цæст аппарын æви фыдæлтимæ баст кæй сты, уый тыххæй сыл фæстæмæ хæца?

Балкъоны къуымы — йæ хуыйæн машинæ. Къахæйзилгæ «Зингер». Йе стырдæр хæзна. Кæдыккон æмæ кæдыккон у — мæ фыдымад Зали чындзы куы цыди, уæд ын æй йæ цæгат балæвар кодтой: дыууæ æмæ цыппарыссæдз азы размæ. Æлхæд та уымæй дæр раздæр кæд уыди, уæддæр æй марадз æмæ базон. Уæдæй нырмæ æгæр-мæгуыр йæ судзин дæр ивд нæма æрцыди. Хуыйгæ дæр дзы цастæ фæхуыдтаиккой йæ хицæуттæ æфсинæй чындзмæ, уыцы хъуымацы мæгуырæй арвыстой цард-цæрæнбонтæ. Хъуымац куы сарæх, уæдмæ та хуыйын кады нал уыди. Цалынмæ дуканийы дарæс парахатæй фæзынди уæййаг, уæдмæ мын дзы Бабу йæхæдæг фæхуыдта хæдон дæр æмæ хæлаф дæр, суанг дзабыртæ рæтауыны онг. Цыппар æмæ ссæдз азы размæ горæтмæ куы ралыгъди, уæд дæр æй йемæ раласта, йæ цæст æй нæ бауарзта Зилгæйы ныууадзын, нæ йыл баууæндыд — исты куы фæуа, мыййаг. Хуыйгæ дæр ма дзы цастæ кодта; фæлæ афтæ уæддæр, уадз æмæ йæ цуры уа.

Хæсты азты дæр æмæ хæсты фæстæйы азты дæр-иу йæ уæззау хъалонтæ — æхцайæ, æйчытæй, æхсырæй, дзидзайæ, къуымбилæй — фидын куы нал æййæфта, уæд-иу финагенттæ æппæты разæй уыцы «Зингер» ныффыстой сæ акты: зынаргъ дзаумайæ æндæр ницы уыд хæдзары мидæг; уымæй йын иу аз иу аргъ кодтой, иннæ аз та — бынтон æндæр, куы къаддæр, куы фылдæр, финагент йæ хорз æви æвзæр зæрдæйыуагыл разына, уымæ гæсгæ, хъалоны хыгъдмæ йæ аласыны æмæ ныууæй кæныны æртхъирæнтимæ. Цы сæ бон уыд финагенттæн дæр — закъон цы домдта, уый кодтой. Уæйы онг никуы æруагъта йæ «Зингер» Бабу æмæ уый тыххæй стыр бузныг уыд йæхицæй дæр æмæ финагенттæй дæр. Куыд хъуамæ рахъаст кодтаид Æццийæ: йæхи зондæй нæ — закъон цы домы, уый кодта. Æнæуый та...

Мæхæдæг æй нæ федтон — Бабу мын радзырдта хабар.

Джиппæйфыст хъуымац æрластой хæсты размæ зымæг Зилгæйы дуканимæ. Ома, цас дæ хъæуы, уыйас балхæнай — куыннæ стæй! Бæрæгбæрцæй йæ уæй кодтой — алкæмæн дæр æхсæз метры. Куы нæ мæ дзы фæуайы тасæй суанг фыццаг кæркуасæнты æрлæууыдысты сылгоймæгтæ — нæлгоймæгтæй дын уыцы афон йæ хъарм хуыссæн мачи ныууадза! — рады. Бонивайæнты йæ дукани байгом кодта Æцци. Йæ рад цалынмæ бахæццæ, уæдмæ дзæвгар фæлæууыд Бабу. Йæ æхсæз метры йæ къухы куы бафтыдысты, уæд рацæуынмæ хъавыди, фæлæ йæ Оля — йе ’фсины æфсымæры чызг — сусæгæй баййардта:



Просмотров 1230

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!