Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 2 часть



Валентин мæ фæхъæстæ кодта уыцы æнамонд хорæй.

Изæргæрæтты бахуыссыдтæн уыцы æхсæв, цырагъ дæр нал ссыгътон, уынгмæ дæр нал акастæн — хъуамæ хорз фæфынæй кæнон; райсом, ссæдзæм майы мæм фæлварæнты ахсджиагдæр æнхъæлмæ кæсы: сочинени. Кæд мæ зæрдæ цыфæнды тынг æхсайдта — куыд уыдзæн, цы уыдзæн,— уæддæр мæлæты адджын фынæй адæн. Цафон уыдаид, мæгъа, афтæ мидфынæйæ хæрдмæ фесхъиудтон: сынтæг мæ бынæй фæиртæст, мæхæдæг та цыма ауыгъдæй аззадтæн уæлдæфы, æмæ уыцы тæккæ уысмыл хъусты ныццарыдта арвы дывæр цæлхъ. Стæй та ноджыдæр æмæ ноджыдæр. Æмыр æхгæд рудзынджы зыхъхъыртæй мидæмæ лæбурынц цæсткъахæг ирд рухсы хъаматæ. Ахæм сонт къæвда рацæугæ никуыма федтон, æцæгдæр, куыд загъдæуы, арв æмæ зæхх кæрæдзийы хойынц. Уайтагъд цалдæр раны тæдзын райдыдта царæй: кæдыккон хæрог бæлæгъдурæй æмбæрзт у хæдзар æмæ ахæм тыхджын уарынтæ нæ уромы, кæм тас, кæм къæрта æвæринаг фæвæййынц цалдæр тæдзæны. Дыууæ уаты æхсæн дуары хъинц фæцыди æмæ мамæ мæ уæлхъус æрбалæууыд: «Фынæй дæ?» Цæй фынæй æмæ цæй æндæр! Йæ халаты дзыппæй спичкæтæ систа æмæ цырагъ ссыгъта, кæцæй къус исы, кæцæй къæрта æмæ сæ тæдзæнты æвæры, уайтагъд сæ цъыкк-цъыкк ссыди æмæ куыд дзагдæр кæнынц, афтæ мынæгдæрæй хъуысы. Æдде та арвы иу æрттывд иннæйы æййафы, йæ чыххытт фæцæуы, арв иу кæронæй иннæмæ къабазджынæй афæды æмæ хуылфыдзаумæттæ рæдувæг цæлхъæй зæхх баризы. «У-у, иунæг цытджын Хуыцау, бахатыр нын кæн»,— лæгъстæгæнгæ мæн дæр æмæ йæхи дæр фæдзæхсы мамæ. Цафон уа, цымæ? Марадз æмæ йæ базон — хæдзары сахат нæй. Цавæрфæнды афон уæд, æрмæст ма ацы гыбар-гыбурæн, уæззау цæлхъытæн æмæ къæвдайæн кæрон куы ралæууид. Нæй, тыхджындæр цы кæны, æндæр æм банцайыны зонд нæй. Ноджы ма дымгæйы футтытæм бæлæсты къæс-къæс адæймаджы уæнгты тас æфтауы. Цырагъы рухсмæ арвæрттывды цыргъ хъаматæ фæмынæгдæр сты, уæддæр ма уаты къулыл бæлвырд бæрæгæй стыбар-тыбур кæнынц рудзынджы акомкоммæ. Уæлхæдзар, рудзынджы фæйнæг, самандур къултæ хойынц къæвдайы сахатæ, сæ гуыр-гуыр æмæ сыфсыф хъæрдæрæй райхъуысы арвы иу цæлхъæй иннæйы æхсæн.

Къус-къоппытæ кæрæдзийы дзыхæй исынц тæдзæнты «цъыкк-цъыкк». Арвы уæлдай уæззаудæр цæфтæй цырагъ батыбар-тыбур кæны ахуыссынæввонг. Æртæхтæ фæйнæрдæм куыд хауынц, афтæ къустæ-къоппыты алыварс пъол тардæргæнгæ цæуы; мамæ сæм æргуыбыр кæны, чысыл сæ фæрсырдæмдæр фессоны, тæдзæны бæстастæумæ куыд æййафой. Хорз æмæ уæддæр мидæггаг уаты иу ран дæр нæ тæдзы, йæ сæрмæ æмбæрзæн дур æнæхъæндæрæй баззад. Астæуккаг уаты сæрмæ та æхсынцъыйы къабæзтæ ныддæлгом сты, сæхи йыл æруагътой. Садзгæ йæ куыд хъуамæ ныччындæуыдаид хæдзары тæккæ рæбын чъылдымырдыгæй; хæдæвзæрдæй ссыд, æвæццæгæн, йæ заманы, æмæ йæ фыдæлты цæст акалын нал бауарзта: замманайы ставд бургага æхсынцъы, раст дзыхы тайы рæгъæдæй. Йæ сыфтæр та афæдзæй-афæдзмæ уæлхæдзарыл гуппаргай баддзæн æмæ æмбæрзæндур схæрог уыдзæн аууонварс йæ уымæлæй, ууыл хъуыдыгæнæг ничи фæцис. Стыр хъизæмæрттимæ йæ бæргæ бахсæстон мæйы размæ йæ тæккæ къуыбар æфтаугæйæ: зынархайæн, сындз-джын; ноджы ма кæройнаг лыстæг къалиутæй бирæтæ æмбæрзæндурты дæр нынныхстысты фæрсырдыгæй. Цалынмæ лыггонд пыхцыл къалиутæ райваз-байваз кодтон, уæдмæ дурты хæрогдæртæй цалдæр асаст, бирæ та дзы фæиртæстысты. Тыхамæлттæй ма бампъызтытæ кодтон курæггаг дурæй — чи нарæгдæр, чи фæтæндæр, чи даргъдæр, чи цыбырдæр; хорз æмæ ма мын уæддæр мамæ ацамыдта — мæхи сæр æй не ’рцахстаид — кæройнаг фæлтæр сисын æмæ æмпъузинæгтæ уымæй сæхгæнын, курæггæгтæ та кæроны ауадзын, æмæ ныр даргъдæр-цыбырдæрæй зынынц æвидауцæй.

— Мæ хъустыл ауад æви нæм æцæг исчи хойы? — рудзынгмæ хæстæгдæр балæууыди æмæ ныхъхъуыста мамæ.

Æз дæр ма ахæм гуырысхо куы фæдæн. Ау æмæ — афон цыфæнды фæуæд, фæлæ ахæм къæвдайы чи хъуамæ хойа?

Рабадтæн æмæ мæ дзаумæттæ тагъд-тагъд акодтон.

— Ма байгом кæн дуар, арв нæргæйæ нæ фæтчы,— бæргæ ма мæм сдзырдта мамæ, фæлæ уæдмæ къæпсыр фæлвæстон æмæ тыргъмæ рахызтæн.

Арвы нæрын нæ, фæлæ къæвдайы сыф-сыф йæхæдæг дæр фаг у хъустæ æмыр кæнынæн. Арвæрттывды æмвæтæн æнæнцой тыбар-тыбурæй бæстæ бонау рухс. Кæрт иу кæронæй иннæмæ малæй лæууы: цалдæр æмæ дыууиссæдз азы дæргъы йæ раздæр æфсин, стæй та чындз фæрывтой æмæ йын йæ сыджыт кæрдæгæмхæццæйæ кæфойыдзыггай чъылдыммæ фæкалдтой; кæрт бæлвырд фæлæнкау æмæ дзы донбадæн рауад. Хæдзары дурастæрд рæбынтæ кæд бæрзонддæр сты, уæддæр доны бын фесты уыдон дæр.

Иунæгæй дæр ма куы хоид кæртыдуар, фæлæ цалдæрæй тъупп-тъупп самадтой чи армытъæпæнæй, чи тымбылкъухæй, цыма сыл стыр хорз æрцыд, уыйау цины хъыллистытæ кæнынц.

— Йе, Сафар, цавæр фынæй бадæ уагæры?! Уæд та ма дæ исчи æд сынтæг систа æмæ къæвдамæ æрæвæрдта!

Мæхиуыл сæнæууæнк дæн — ау, Æхсарбеджы бæзджын хъæлæс уа? Ацы къæвдайы Хуымæллæгæй ардæм?

— Чи сты, чи? — тарстхуызæй мæ чъылдыммæ сдзырдта мамæ.

Мæнæн куы фæдзæхста, нæ фæтчы, зæгъгæ, æмæ йæхæдæг дæр куы нал фæлæууыд, дуары хъинцъ куыд фæцыди, уый дæр нæ фехъуыстон уарыны сæх-сæхæй.

— Дуар бакæн, Сафар, цалынмæ йæ нæ барæмыгътам, уæдмæ!

Æмæ та — тъупп-тъупп: армытъæпæнæй, тымбылкъухæй. Æнцонты йæ бæргæ ничи æрбарæмудздзæн, ставдгомау тæрс хъил дзы ис цæхгæрмæ тъыст.

Уатмæ фездæхтæн æмæ пинджак мæ сæрыл æрбаппæрстон.

— Фæлæуу, кæдæм цæуыс, чи сты, уый бæрæг куы нæ у? — мæ къабазыл ныддæвдæг мамæ.

— Ме ’мбæлттæ сты.

— Цавæр æмбæлттæ, иуы хъæлæс дæр дзы куы нæ зонын?

— Стæ-ма, суадз мын мæ цонг — мæ хуымæллæггаг æмбæлттæ сты. Сæ хойынмæ сых цалынмæ нæ фæфæдис кодтой, уæдмæ сæм акæсон.

Бæгъæмвадæй, фадгуытæ стылдтон — цы феххуыс уыдзысты ацы малы дзабыртæ? Æнахуыр хъарм разынди къæвдайы дон æмæ рæбыны дурастæрдыл хъавгæ нæ, фæлæ комкоммæ кæртыты суых-суыхгæнгæ араст дæн фадхъултæй уæлдæр доны, мæ сæрмæ пинджакыл хæцгæ. Дуары хъил райстон, æфсæн къæпсыр сæппæрстон.

Æзраздæрæй сарамæ ныййарц сты. Нæ фæрæдыдтæн, йæ хъæлæсæй базыдтон Æхсарбеджы. Йемæ Таймураз, Хадзымырзæ, Мурат — нæ къласы лæппутæ. Се ’ппæтæн дæр сæ дзабыртæ сæ къухы, фадгуытæ — кæмæн цас уæрæхдæр сты, уымæ гæсгæ — уæраджы сæрмæ кæнæ уæраджы бынмæ фæлдæхт. Сæ бецыччытæ æмхуызон уымæл, арвы рухсмæ æрттивынц.

— Цы уæ расырдта ацы тыгъдызæйы?

— Темæтæ, темæтæ! — кæрæдзи дзыхæй исгæйæ. — Райсом цы темæтыл фысдзыстæм, уыдон базыдтам.

Хынджылæг сæм цæуы — æркалдтой сын темæтæ рагацау, сæ хъустыл уæлдæр схæцæд! Хорз æй зонын уыцы темæты хабар. Фæлварæнты размæ бон директортæм фæсидынц районы ахуыры хайадмæ æмæ сын сургуч-бецъебейæ æхгæд къонверттытæ байуарынц фысгæ куыстыты темæтимæ. Паддзахадон стыр сусæгдзинад. Бавзарæд ма искæцы директор æмгъуыдæй раздæр йæ сыгом кæнын. Куыстæй фæхаудзæн, уый æдде ахæстоны дæр не сбада, уый мæ нæ уырны. Хъуамæ дæсæм кълас куы æрбамбырд уой фæлварæн фыссынмæ, уæд къамисы уæнгты цур — бецъебе æнæхъæн у, уый сæхи цæстæй куыд феной, афтæ — сыгом кæна къонверт, ахуыргæнæгмæ йæ радта æмæ уый темæтæ ныффысса фæйнæгыл. Уæд сын кæм фæцис ахæм хæрзгæнæг адонæн, чи хъуамæ бахæсса йæ ныфс къонверт рагагъоммæ сыгом кæнынмæ? Разынд, разынд ахæм хæрзгæнæг: къонверт проекцион цырагъы баифтыгъта æмæ афтæмæй бакаст темæтæ.

— Æцæг æй макæмæн схъæр кæн.

Уалыл цы сусæгдзинад ахæлиу, уый ма цас сусæггаг у? Куыддæр æй базыдтой, афтæ дыууæ къордыл фæдих.сты: иутæ — хъæуы бынмæ, иннæтæ — хъæуы сæрмæ, дыууæ дæсæм къласæй иуы дæр рохы нæ ныууагътой, хæдзари-хæдзар сыл фæзылдысты. Стæй уæд сæ зæрдыл æрбалæууыд: ау, æмæ нæ ахсджиагдæртæ Зилгæйæ куы цæуынц, уæд тæригъæд не сты? Куыд сæ хъуамæ æнæ хайæ ныууадзæм? Уæдæ Бæтæхъойыхъæуы дæр Саукуыдзæн куыд ис ферохгæнæн?

— Мах та уымæй æдылыдæр,— мæстæлгъæдæй дзуры Таймураз. — Нæ хорз зæрдæйæ йæм хæрзæггурæггаг фестæм, уый нæм хомæй мидæггаг хæлафы ракаст: «Темæ, зæгъут, базыдтам? Гъы, æмæ цы?» Ома, ахъуыдты ут, цæй охыл мæ рабадын кодтат мæ адджын фынæйæ. Куыдзæй гуырд, уымæ куы нæ баздæхтаиккам, уæд нæ къæвда бæргæ не ’рцахстаид. Ныр ныл дыууæ хъæуы астæу тыгъд быдыры ныккалдта.

Бæрæг у сæ бакастой — донласт цы уа, уый. Къæвдайы бын сæм нæ хъардта, фæлæ сыл ныр сарайы бын ризæг бахæцыд. Таймураз дзургæ-дзурын йæ хæдон майкæимæ иумæ раласта, здухгæ сæ ныллæмæрста, риуыгуыдыр, фæсонтæ æмæ дзы цæнгтæ асæрфта, ногæй сæ ныллæмæрста, мæ къухы сæ фæсагъта, йæхæдæг хæлиу алæууыд, æргуыбыр æмæ бецыкк дæр ма размæ-фæстæмæ алæмæрста дыууæ армæй æмæ йæ хæдæттæ йæ уæлæ скодта. Иннæтæ дæр æй бафæзмыдтой.

Цал сты, уалæй уаты куы балæууыдысты, уæд дзы фезмæлæн нал уыд. Мамæ сзилахар, сæ хæдæттæ сын фелвасын кодта æмæ — кæмæн мæ хæдон, кæмæн мæ бæмбæджджын: къабазджын Æхсарбеджы аккаг нæм ницы разынди æмæ уымæн та æмбæрзæн хъæццул æрбаппæрста йæ уæхсчытыл.

Къæвда фæсабыр, искуы ма иу цъыкк райхъуысы къустæкъоппытæй, стæм гæрæх ма ныккæны арв иу кæронæй иннæмæ, æрмæст йæ мæстыгæр хъуыр-хъуырæй не ’нцайы, кæд мынæггæнгæ цæуы, уæддæр.

— Сымах уал, къæвда цалынмæ банцайа, уæдмæ банхъæлмæ кæсут, æз та лæппутæн фехъусын кæнон,— загътон ме ’нафоны уазджытæн.

— Афтæ нæ,— не сразы Таймураз. — Хæдзар уынаффæйæ фидауы... — Иннæтæ ныххудтысты. Кæй та фæзмы, марадз, базон æй. — Хæдзар уынаффæйæ фидауы, æмæ ардæм хъусут. Лæппутæм махæй исчи ацæудзæн, ды та сбад æмæ фысгæ кæн.

— Ацафон?! — базмæлыдысты мæ сæрыхъуынтæ.

— Ацафон, ацафон. Уæдæ куыд загътай? Æнхъæлыс, дзæгъæлы фæцыдыстæм æмбисæхсæв, арв æмæ зæхх кæрæдзи куы хойынц.

— Æмæ лæппутæм та чи фæцæудзæн?

— Уый мæ быгъдуан фæуæд,— йæ ныхасы хай æрбаппæрста Мурат, нæ къласы тæккæ фыдцъылыздæр, бæсты иблис. — Ды сбад æмæ фысгæ, рæстæг мауал саф.

Цы хъуамæ загътаин, куыд хъуамæ фæфыдæнхъæл кодтаин, ахæм æбуалгъы рæстæг хъæуæй-хъæумæ чи нæ фæзивæг æмæ мæныл йæ зæрдæ чи дардта, уыцы æмгæртты? Уый дæр ма дын ахъаззаджы фынæй фæлварæны размæ.

— Цæй, цæй, гæххæтт рахæсс рæвдздæр, стæй уæд дæхи ныссих кæн,— рæмбыныкъæдзæй мын мæ фарс басхуыста Хаджи. — Иу Хуыцау, дам, сыдзтæ кæнын зыдта æмæ йæ иннæ хуыцæуттæн нæ амыдта.

Æртæ темæйы. Толстой. Фадеев. Маяковский. Кæцы дзы равзæрстæуа? Нæхи зæронд Толстойæн дзы æмбал нæй.

Цырагъмæ хæстæгдæр бабадтæн æмæ сыгъдæг тетрад райстон. Мурат æмæ Хаджи хъуырхъуыргæнгæ — «Ахæм рæстæг йæ куыдзы дæр æддæмæ ничи атæры!» — фæраст сты лæппутыл æрзилынмæ. Уарын банцад, уæддæр кæрт малæй лæууы — кæд ахъардзæн нырма утæппæт дон зæххы.

Бадын. Фыссын. Мæ фарсмæ — Таймураз. Уый фарсмæ — Æхсарбег. Таймураз мæнæй фыссы, Æхсарбег — Таймуразæй. Конвейер. Сыфæн мын йæ иу фарсыл йеддæмæ нæ уадзынц фыссын. Куыддæр кæройнаг рæнхъмæ æрхæццæ вæййы, афтæ йæ ратонын тетрадæй æмæ йæ сæхимæ айсынц.

Таймураз йæ дзыппæй бапъерозтæ систа — «Норд». Ныллæхъир сты, сæ гæххæтт алæбырд. Дзургæ ницы скодта — мидæггаг уаты йæ мамæ куы фехъуса: кæд дуар æхгæд у, уæддæр ын чи цы зоны, фынæй уа æви хъал,— фæлæ йæ сæр додойгæнæгау ныттылдта. Йæ сагъæс мæнмæ дæр æмæ Æхсарбегмæ дæр нымады нæу — ничи нæ дымы.

Иннæты разæй Кан фæзынди. Цыма йæ тынг рагæй нæ федтам, уыйау ыл ныццин кодтам: «Уæуу, мæнæ ма кæдæй-уæдæй Хъантемыр!» (Уыцы ном ыл сбадти). «Банцай!» — уыди йæ дзуапп. Цалдæр ирон дзырды зоны.

Хабар ын æмбæрстгонд у æмæ æнæ уæлдай рафæрс-бафæрсæй фыссыныл сбадт, тетрад дæр æмæ фыссæнгарз дæр йæхимæ разынд.

Цалынмæ иннæтæ — Арсен, Елæмырзæ, Геннадий (уый дæр корейаг лæппу) — æмбырд кодтой, уæдмæ фæстаг стъæлф сæвæрдтон. Сыстадтæн, мæ къабæзтæ айвæзтон. Стъол сын фаг нал у, уæддæр уыцы къуындæджы хъуыддагхуызæй хырттхыртт кæнынц. Урочы дæр афтæ сабыр никуы бадтысты. Искæмæй иу ныхас куы схауы кæнæ цæуыл у, уый бæрæг нæй, афтæмæй куы ныппыррыкк ласы, уæд ыл иннæтæ калмау ссыф-сыф кæнынц: «С-с-с»... Муратæн бынат нал разынд æмæ рæстæг дзæгъæлы сафыны, науæд хъыгдарыны бæсты мæ хуыссæны батымбыл æмæ уайтагъд афынæй. Йæ цурмæ бацыдтæн æмæ йæ басхуыстон.

— Уадз æй, цæмæ йæ хъал кæныс? — сдзырдта мæм Æхсарбег.

— Куыд цæмæн? Уадз æмæ рафысса йæхицæн, уæртæ мæ бынат суæгъд.

— Куыд суæгъд? Æмæ иннæ темæтæ та? — схор-хор кодтой, цал сты, уалæй.

— Цавæр иннæ темæтæ ма? Иу уын фаг нæу?

— Кæцæй?! Фæгуырысхо ныл уыдзысты, æмхуызон куы разыной нæ фыстытæ иууылдæр, уæд, æмæ нын «дыууæтæ» нысхойдзысты.

— О, æндæр сæ мæт нæй. Уыцы хуызæнæй уын темæтæ дæр нæ радтаиккой.

— Сывæллон дæ æви цы? — Таймуразы тæккæ карздæр фидис. — Чи нын сæ радта, нæхæдæг самал кодтам, æндæр. Æхсæвгæс Илушæйæн хуын бахастам — графин, ноджы ма æвгъайуаджы æфтаугæ карк дæр сæргæвдын бахъуыд. Æмæ куы ныффынæй, уæд директоры стъолы лагъзæн дæгъæл ссардтам. Физикæйы кабинетæн та, дæхæдæг æй зоныс, йæ дуар æнцон сыгомгæнæн у.

— Омæ нал кусы мæ сæр къодахæй уæлдай æппындæр.

— Ницы дын уыдзæн — лæг фыдæбонæн у.

Фыссын ма, чи зоны, мæ бон бауид, фæлæ райсоммæ ауæрдын мæхиуыл, афынæй мæ фæнды. Нæ мæ ныууадздзысты, куыд кæсын, афтæмæй.

Дуар байтыгътон æмæ тыргъмæ рахызтæн. Арв расыгъдæг, йæ бæстастæу былкъахыр мæй æрцауындзæг. Кæрты мал фæтæнæгдæр, хæдзаррæбыны дон нал ис, æрмæст ма фæткъуыйы сыфтæрæй иугай æртæхтæ лæдæрсы æмæ кулгонды сæ цъыкк фæцæуы. Сыбыртт никæцæй хъуысы, æрмæст цæхæрадоны чъылдыммæ дæлбылы цъымарайы хæфсытæ нæуæндонæй æвзарынц сæ фæскъæвдайы фæсус хъæлæстæ, мынæг хъырру кæнынц.

Чи куыд раздæр фæвæййы фыст, афтæ мæ фæдыл тыргъмæ рацæуы — иннæты ма хъыгдара. Æнæ сдзургæ дæр кæм и, æмæ нæм мидæгæй рахъæр кодтой:

— Ма нæ хъыгдарут!

Хæдзаррæбыны сурдæрыл сарамæ рацыдыстæм: Таймураз, Æхсарбег, æз. Нæ тæккæ фæстæ рахæццæ Кан дæр. Йæ дзыппæй «Мокко» сигаретты къопп систа, хæрздæф, сыгъзæрин тæлмджын; тамако уæнгæл кæмæн у, уый дæр бацыбæл уыдзæн сæ уындмæ æмæ гæзæмæ какаойы тæфмæ. Ахæм хорз дын ракæнай Таймуразæн:

— Уæллæй, мæ хъустæ ныддæнгæл сты изæрсарæй.

Адджын пъæрттытæ кæны, фæздæг фындзыхуынчъытæй уадзы.

Мæнмæ дæр æрбадардта къопп Валентин:

— Сдым дзы. Хуыссæг фæсурынæн йæхицæй хуыздæр хос нæй.

Цæмæн æй райстон — мæгъа. Æвæццæгæн, мæхимæ лæгдæр фæкæсынæн. Хъæугæ мæ ницæмæн кодта, уæды онг куы фæцардтæн æнæ уымæй. Сомыгонд кæд нæ уыдтæн, уæддæр дзы мæхи дæрдты ластон, дымджытæм хæстæг никуы бацыдтæн Къоддоры фæстæ. Æхсæзæмты æви æвдæмты уыдаид хабар? Уалдзыгон уыди, уый бæлвырдæй хъуыды кæнын. Фæссихоры хъарм хурмæ-иу куы раирвæзтыстæм, уæд адæймагæн урокмæ дзæнгæрæг йæ тъæнгтæ цагъта. Уæддæр-иу кæрты алы кæрæттæй скъолайы бæстыхаймæ ныххал стæм. Афтæ рауад ацы хатт дæр. Цанæбæрæг нын айрæджы Къоддоримæ дыууæйæ; тыргъмæ куы бахизай, уæд тæккæ кæройнаг къласæй сыбыртт кæй нал хъуысыд, уымæй бамбæрстам, Аслæнбег, ахуыргæнæг, нæ разæй кæй фæцис. Æллæх, ныр та йæ уайдзæфтæм чи хъусдзæн! Куыддæр тыргъы фæмидæг стæм, афтæ рудзынджы тæрхæгыл фæкомкоммæ стæм фæздæгкалгæ сæвджынгомау «сæгъы къахмæ». Хуыцауы æлгъыст Къоддор æм фæлæбурдта æмæ адджын пъæрттытыл схæцыд. Бæргæ ма йæм сдзырдтон: «Ныууадз æй, байрæджы нын!» Раст уыцы тæккæ уысмыл Аслæнбег къласы дуарæй ракаст (уый æрæвæрдта, æндæр чи, судзгæ тамако рудзынгыл, урочы размæ йæ куыд адыма) æмæ Къоддоры куыннæ ауыдтаид: «Цæй куыд у, æгæр хъæбæр дæм нæ кæсы?!» Урокмæ нæ, фæлæ скъоламæ дæр нал фæзынд уыцы бонæй фæстæмæ Къоддор. Йæхи æфсармæй, æндæр сæ куыннæ зыдтой ахуыргæнджытæ, æнæхъæн скъолайы дæр чи дымы, уыдоны, бонцухæй нын нæ дзыппытæ куы фæлдæхтой. Уæд... уæд ныр... Сонтæй йыл афтæ фæцалх уыдзынæн, уый æнхъæл чи уыди. Сдымдтон æй. Хæрзад, фæлмæнгомау. Дзæгъæлы-иу куы нæ ракалд алы урокæй-урочы æхсæн кæрты фæскъуым уазæгдонæй сæ фæздæг.

— Сулæф æй,— амоны мын Валентин. — Æнæ сулæфгæйæ ницы æххуыс у.

Баулæфыдтæн æй. Сæр сындæггай разылди, ныхъхъуыстон мæхимæ.

Валентин мæм чырчыргæнгæ ныккомкоммæ. Æнхъæлдта: ферхæцдзынæн, цæссыг акæлдзæни æмæ хъуыххыхъуыххыгæнгæ сигарет дард ныззыввытт ласдзынæн, цард-цæрæнбон æй мæ дзыхмæ нал схæсдзынæн. Кæцæй хæйрæг уыди, фарастаздзыдæй дзы кæй фæхъæстæ дæн æмæ суанг уæд кæй сулæфтытæ кодтон æфсæддонтæй давæггаг тамакойæ скъолайы чъылдыммæ бæзджын бæрæзедоны. Фæлæ мын уæд мæ фыдымады хос — пысырайы гуцъулайæ бæгъæм счъилтæн — хорз феххуыс, æнæхъæн аст азы дæргъы йæм æмгæрон нал бацыдтæн.

Сæуæхсиды тæлм бæлвырд куы фæбæрæг æмæ ме ’мбæлттæ куы ныххæлиу сты, æрмæст мын уæд фæци мæхи æруадзыны амал. Цастæ ма бафынæй уыдаин æмæ райсомæй бынтон къодахсæрæй араст дæн фæлварæнмæ. Фæндагыл та дзы иу бадымдтон уыцы «моккотæй» æмæ цыма сæр бæлвырд фæсыгъдæгдæр.

Фæсфæлварæн скъолайæ нæхимæ рацыдыстæм стыр сихæрттыл. Дыууæ хъæуы æхсæн доныбылмæ баздæхтыстæм нæхи найынмæ. Донмæ бахизыны размæ змисыл ныддæлгоммæ стæм, фæсонтæ хуры судзгæ тынты æвджид бакодтам. Зноны къæвдайы фæстæ змисæн нырма айдагъ йæ уæлцъар ахус æмæ цæхæртæ калы, гуыбыныцъарæй йын йæ бинаг фæлтæры уазалгомау уымæл æнкъарын. Хуыссæгхъæлдзæгæй уайтагъд бæргæ афынæй уыдаин, фæлæ æвиппайды цæстытæ тартæ кæнын байдыдтой, сæр разылдис æмæ зæрдæ схаста. Змисæй кæрдæгмæ ахылдтæн мæ цыппæртыл, мæ развæндаг мæм нæ зындис, афтæмæй, æмæ чысыл фалдæр мæ артæнтæ фæкалдтон. Амбырд мыл сты. Чи мын мæ тæрныхыл хæцыд, чи мын мæ фæсонтæ армытъæпæнæй сæрфта, чи дыууæ армыдзаггай змæст дон скъæфта æмæ мын æй мæ къæбутыл калдта. Диссаг у, уыцы тыхлæмæрстæй сæры дадзинтæ куыннæ атыдтой.



Просмотров 1204

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!