![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 9 часть
Бандоныл æруагъта йæхи æмæ нæ куыстмæ ногæй бавнæлдтам. Æвæццæгæн, æнæмæт нæ уыди, чи не ’мбæлы, ахæм истæмæй та куы бафæрсон, уымæй, æмæ ныхас æндæрырдæм аздæхта: — Нæ зонын, нæ зонын, ацы аз æнæ ихвæткъуыйæ куыд уыдзыстæм. Ницы сын æмбæрстой салдæттæ, афтæмæй сыл фæхæлоф кодтой. Уæд сæ цæмæ хъуыдысты, уымæй сæ бафæрс. Дурæй хъæбæрдæр уыд уыцы ихвæткъуы. Бæласæй йæ æртон æмæ йæ ныррус кæн, ахæм дæндæгтæ никæуылма æрзад. Буц митæ ахуыр нæ уыди иннæ фæткъуытау, ома йæ хъавгæ æртон, хъавгæ йæ бафснай, уæлдæф æм куыд хæццæ кæна, сийгæ дæр куыннæ бакæна, афтæ. Нæ, ахæмæй ницы. Фæззæджы кæдмæ ирвæза сывæллæттæй, уæдмæ йæ бауадз бæласыл, а, иугæр æм фæкомкоммæ сты æмæ дарддæр нал аирвæздзæн, уый бамбæрстай, уæд схиз æмæ йæ ныууигъ, æрмæст дзы дæ сæрыл куыннæ сæмбæла, ууыл бацархай; цæфтæ æмæ хъæнтæй йын ма тæрс, зæххыл кæм æрхауа, уым йæ фæд цы баззайа! æндæр йæхицæн ницы тас у. Стæй йæ уæд, мыггаджы картоф кæм ныгæндзынæ, уыцы дзыхъы ныккал æмæ уалдзæгмæ йæ тæккæ хорзæй уыдзæн хæрынæн; фæззæджы йæ куыддæриддæр сæвæрдтай, афтæмæй лæудзæн уыцы æнæхъæнæй — æрмæст æрлæхурæг уыдзæн. Уыцы аз дыргътæм бырсæг сывæллæттыл бафтыдысты салдæттæ дæр ма. Нæ чъылдыммæ дæлбылы, цæхæрадонæй скъолайы фæзы æхсæн æрбынатон æфсæддон абана æмæ-иу Уырдыгæй æрбацыдысты мадард бæгънæгæй, бæлæсты цъуппытæм хылдысты. Абана, зæгъгæ, тар кæрдæгхуыз кæттагæй цатыргонд, йæ бын — кæрæдзимæ хост фæйнæджытæй. Йæ фарсмæ уæзласæн машинæ, гуыффæйы бæсты йыл артагласæн боцкъа æвæрд. Боцкъайæ ставдгомау тъанг ауагътой суадонмæ æмæ уырдыгæй цъиры дон, хъармгондæй хæтæлыл згъоры цатырмæ æмæ уым цыхцырæй хауы. Роныдзаг фæткъуытæ кæнæ кæрдотæ бахæсс æмæ дæуæн дæр уыдзæн дæхи цынайыны бар. Сæрд-сæрды дæргъы абанахъуаг нæ уыдыстæм, доны былæй нæ æгæрмæгуыр хæрынмæ æрбатæрын дæр нæ фæрæзтой мадæлтæ, фæлæ октябры хур кæд йæ тæккæ тавгæйæ у, уæддæр марадз æмæ ныххиз цъæх-цъæхид уазал донмæ. Яийы цæсгом ныссау фырмæстæй. Ома, йæ дыргътыл, мыййаг, нæ ауæрста — куатæйы æмæ кæфойы дзагæй сæ лæвæрдта зонгæтæн æмæ æнæзонгæтæн, сывæллæттæн æмæ æфсæддонтæн. Бæлæсты бынмæ куыд хъуамæ рацыдаид, фæлæ сын кæртæй уайдзæф кодта æрдæгцъæррæмыгъдæй: — Штиднæй, чалавек, штиднæй! Салдæттæ йын хъазгæмхасæн дзуапп лæвæрдтой: — Цы сыл ауæрдыс, нæ мады хай, уæддæр дын Гитлеры амæттаг бауыдзысты; нæхæдæг ма дзы цы ахæрæм, уый нæхи. Цастæ зыдта уырыссагау, фæлæ иугæр Гитлеры кой кæм кодтой, уым ма йын цы бамбаринаг уыди ныхасы сæр, æмæ загъд амадта: — Æмæ мын Гитлеры мæ бæлæстæм æрбауадзинаг стут? Уæд ма уын паддзах уæ къухтæм хæцæнгарз та цæмæн радта? Гитлерæй мын мæ зæрдæ балхæнут! Стæй Гитлер æрбацæуы, зæгъгæ, уæд худинаг æмæ æфсарм æппындæр нал æмбарут? Бæлæстæм хилæг бæгънæг салдæттыл сахуыр дæн æмæ мæм нымады дæр нал уыдысты: сбырыд æмæ сбырыд, марадз æмæ йæ чи баиргъæвдзæн? Уæд цымæ ацы хистæр сержантæй цæмæн фæтарстаин? Хæлаф æмæ йыл хæдон, астæу ронæй æнгом æлвæст; æфсады куыд домынц, афтæ аив æфснайд йæ хæдоны фæдджитæ, разырдыгæй дзы иунæг æнцъылд дæр нæ зыны, йæ æфцæгготы æртæ æрттигъоны; абанайæ рацыд, уый дардмæ дæр бæрæг у: хæрдмæ биноныг фаст сæрыхъуынтæ æххæст нæма бахус сты, бæрæг сыл дарынц ставд сæрвасæны фæдтæ. Кæртæй цæхæрадоны æхсæн къутуйы тæрхæгыл бадтæн чъылдымырдыгæй, аууондæры мондагæн, æмæ дзыппыдаргæ фанар — нæ рæбинаг уаты цы булкъон æрбынатон, уый лæвар — ссудз-ссудз кодтон; æрталынгмæ йæм нал хъæцыдтæн, кæд мын Яи дзырдта: «Ма йæ дзæгъæлы судз боныгон, нал дын бæздзæн», уæддæр. Иуахæмы бæлæсты тæккæ егъаудæрмæ — сæрдыгон кæрдомæ фæкомкоммæ дæн æмæ мæ дзых бахæлиу: бæласы зæнг æнæнхъæлæджы нæрсын байдыдта, фæдывæр æмæ цыма йæ хуылфæй рахызт, афтæ йæ фарсмæ февзæрд бурдзалыг, бурæрфыг къабазджын æфсæддон. Йæ бакасты тæрсинагæй мисхал нæ уыди, уæддæр дзы диссаджы тарст фæкодтон: бынтон æнæ уынæрæй кæй фæзынд, уымæн уыдаид, æвæццæгæн. Бæзджын сыфтæры æрдæгтар аууоны мæ размæ æрбацæйцыд, йæ къухы кæрдæгхуыз гæххæтты уадздзаг, цыдæртæ дзырдта, фæлæ йын фыртарстæй йæ ныхас нæ хъуыстон, æрмæст йæ былтæ куыд змæлынц, уый мæм зынди. Мæ цурмæ ма йæ иу-æхсæз къахдзæфы хъуыдаид, афтæ мæ бынатæй фесхъиудтон æмæ цъæхахстгæнгæ кæрты кæуылты смидæг дæн, уый мæхæдæг дæр нæ бамбæрстон. Мæ цъæхахстмæ Яийæн дæр йæ уд куыннæ фæхаудаид, хыссæйæдзаг къухтимæ мæнгхæдзарæй рауади; уыциу тахтæй йæ цуры балæууыдтæн æмæ йæ раздарæны мæ сæр фæцавтон, ризæг мыл бахæцыд. — Тобæ, тобæ, цы кодтай?! — Уæртæ уым... уæртæ уым... — æндæр ницуал бадти мæ дзыхы, æрмæст ма къухæй амыдтон чъылдымы дуары ’рдæм: — Уæртæ уым... — Ма тæрс, цы кодтай? Мæ къухыл мын æрхæцыд æмæ кæцырдæм амыдтон, уыцырдæм æнæууæнкхуызæй араст. Уæдмæ хистæр сержант чъылдымы дуары онг æрбæхæццæ æмæ дызæрдыггæнгæ æрлæууыд: кæртмæ бахиза æви нæ. Йæ бакаст æнæхъæнæй дæр дзурæг уыди: Хуыцау ме ’вдисæн — фыдвæндæй мæ хъуыдыйы кæрон дæр ницы ис. Йæ къухы цы гæххæтт уыд, уый разынди дыдагъгонд æртæ сомы. — Ахæм ма диссаг уа,— сдзырдта къæмдзæстыгæй. — Цæмæн мæ фæтарстаид цымæ саби? Зæгъын, фæткъуытæ дзы балхæнон, ай та ныцъцъæхахст ласта æмæ афардæг. Йæ хатыркурæг хъæлæсыуагæй мæ тарст æвиппайды ссыди, мæ зыр-зырæй æрсабыр дæн. Яи уырыссагау нæ зыдта, æфсæддон та иронау кæм æмбæрстаид, уæддæр кæрæдзийæн сæ зæгъинæгтæ загътой ацы æнамонд рæстæджы тыххæй. Йæ æрбацыды сæр ын куы бамбæрста Яи, уæд къутумæ бахызт æмæ, зымæгмæ сæвæрынæн цы фæткъуытæ æрцæттæ кодта, уыдонæй йын куатæйы дзаг рахаста. Æфсæддон дзы йæ хæлафы дзыппытæ байдзаг кодта, Яи та ма йын йæ худы дзаг дæр раттинаг уыди, фæлæ не сразы: — Æгъгъæд мын сты адон дæр,— æмæ йæ къухтæ йæ дзыппытыл æрхаста. Æхцайы тыххæй йæ кой дæр не суагъта Яи, йæхицæн æй стыр æфхæрдыл банымадта. — Дæ дзыхæй дæр æй ма суадз! Ау, куыд хъуамæ уыцы тæригъæд мæ удмæ райсон, кæд уыцы капеччытæм не ’рхаудтон. Хуыцаумæ дæр мын раст нæ фæкæсид. — Æмæ йæ хуыздæр цæмæй бамбара, уый тыххæй амонæн æмæ астæуккаг æнгуылдзтæ фæсаджил кодта:— Два шин... война! Омæ, зæронд адæймаг куы дæн, дæ мадæй дæр хистæр, уæд мæ цæмæн æфхæрыс, мæхицæн дæр мæ дыууæ фырты хæстмæ куы фæцыдысты; хистæр дæр куыннæ, фæлæ йæм уæддæр ницы мæ зæрдæ уыйас æхсайы — зæйы бын дæр нæ фесæфдзæн, фæлæ мæ ацы кæстæр мары, мæ хуыссæгуарзаг хъæбул: дард Невинкæйы йæм фæсидтысты афæдзы размæ æмæ дзы уæдæй ардæм хабар нæй; чи зоны æмæ афонмæ кæмдæр Уæрæсейы уый та дæ мадмæ базылд йæ хæстон фæндаггагæн дыууæ фæткъуыйы кæнæ æхсыры агуывзæ курæг. Уæд мæ цæмæн афтæ тынг æфхæрыс? Хистæр сержант æм фæхъуыста, фæхъуыста, цыма зæронды ныхæстæм йæ зæрдæ суынгæг, уыйау йæ цæстыхаутæ тыбартыбургæнгæ, армытъæпæнæй мын мæ сæр æрсæрфта, стæй уæд сонт фæзылди æмæ чъылдымы дуарыл ахызт, тагъдгомау санчъехтæй абанайы ’рдæм араст, къалиуты бын-иу йæ сæр фæгуыбыр. Цалынмæ дæлбыл фæаууон, уæдмæ йæ фæдыл фæкаст Яи æмæ куы нал зынди, æрмæст уæд загъта йæхицæн дзурæгау: — Уæздан адæймаг кæмдæриддæр уæзданæй баззайдзæн. Суанг тар хъæды астæу дæр фæмизыны размæ фæйнæрдæм афæлгæсы, халæттæ мæ куы феной, уæд уыдонæй дæр худинаг у, зæгъгæ. — Мæнырдæм разылд æмæ йæ хъуыды фæбæлвырддæр кодта:— Гуыргæ куы нæ ракæна адæймаг уæзданæй, уæд æй стыр мулкæй дæр нал балхæндзæн. Цыма уæзданæн дæр æмæ æнæуæзданæн дæр бирæтæ æмбæрстон. Уæвгæ та мын уæзданы тыххæй æдзух алыхуызон æмбисæндтæ хаста. Иу хæдзармæ, дам, уæзданыл нымад хъæздыг лæджы фырт æндæр комæй усгур бацыд йæ фæсдзæуин мæгуыр лæджы фыртимæ. Фысымтæ сæ куыннæ суазæг кодтаиккой, æхсæвы дæр сæ нал рауагътой, уæд та ма искуы фæндагыл абырджыты амæттаг баисты, зæгъгæ. Куы бафынæй сты, уæд кæддæр дыккаг кæркуасæнтæм хæстæг чызг сусæгæй уазджыты уатмæ рудзынгæй бакасти: стæма, мæ сæры хицау чи уыдзæн, уый дзæбæхдæр фенон. Хуыррытт кæнынц, уæдæ цы, комæй коммæ бон-изæрмæйы балцы фæстæ дыууæ фæллад фæндаггоны. Хъæздыг лæджы фырт хъæццул иуварс асхуыста, афтæмæй хуыссы дыууæ къухæй йæ цæмæйцæратыл хæцгæ. Мæгуыр лæджы фырт та аив æмбæрзт, йæ дыууæ къухы хъæццулы уæлæты йæ риуыл дзуарæвæрдæй фынæй кæны. Уыйадыл чызг дыккаг бон цæхгæр ныллæууыд: кæд мæ дæттут, уæд æрмæст мæгуыр лæджы фыртæн — йæ хуыстмæ гæсгæ уый у æцæг уæздан. Ахæм æмбисонды фæстæ цыфæнды уазал уаты дæр марадз æмæ дæ къухтæ хъæццулы æдде ма сæвæр, афтæмæй бахуысс. Хъæстаг мæ хъуамæ ма разына Яи: цæуылты мæ ахуыр кодта æмæ мын цытæ фæдзæхста, уыдæттæ мæ рох никуы уыдысты, мæхи зæрдæйы нымадæй йæм уайдзæф никуы æрхастон йæхимæ дæр, æмæ мын кæй номæй дзырдта, уыцы хистæртæм дæр. Сыгъдæг цæсгомимæ бæргæ æрлæудзынæн Яийы цур. Кæд мæ дзуапп уæвгæ бадомой, уæд мын тæккæ уæззаудæр дзуапп Зауырбеджы раз дæтгæ уыдзæни, уымæн æмæ уый уыд хæдзары бындурæвæрæг. Æназымыл нымайын мæхи уый цур дæр. Хъуамæ йæм йæ бæрзонд къæлæтджынæй зындаиккой мæ фыдæбæттæ. Æппын мацы, уæд ын йæ къона æцæгæлон къухтæм нæ ауагътон æмæ мын уый хъуамæ уа нымады фыццаджыдæр. Суанг институтмæ куы бацыдтæн, уæдæй фæстæмæ æнæхъæн æртындæс азы дæргъы æххуырсгæ къуымты рахаубахауæй мæ бон куы нал уыд Дзæуджыхъæуы æмæ мæ куыст ныууадзыны онг куы æрцыдтæн, уæд дзы мæнмæ дæр кæдæйуæдæй иу уат æрхауд. Уæдмæ горæтæй хъæумæ, хъæуæй горæтмæйы дыууæрдæмæй мæ уд æрдуйæ нарæгдæр ссис. А, сæрд ма цыфæнды фæуæд, фæлæ зымæгон — аба-бау! — талынгыл дæ рацыд, талынгыл дæ ныццыд, фынæйæ ныууадз дæ сидзæр сабиты райсомæй æхсæз сахатыл æмæ та сæ фынæйæ ныййаф изæрæй аст сахатыл, хуыцаубонæй хуыцаубонмæ дæ фенæд æрмæст. Нæ, дарддæр мæ бон афтæ нал у. — Æз никæдæм цæуинаг дæн,— цæхгæр ныллæууыд Бабу. — Зæрондæй дын мæ къодах горæтмæ куыннæ фæласдзынæн. — Омæ, мæныл дæр ахъуыды кæн иугыцЦыл: кæдмæ уыдзæн мæ дыууæрдæм цоппай? — Æз уæ алкæуыл дæр фаг фæхъуыды кодтон, ныр уæ цы фæнды, уымæй уæ бар уæхи. Æз мæ сæрызæдæн кæм æркуывтон, уыцы мæгуыр къона ныууадзинаг нæ дæн. Дæдæдæй, дæ дзыхæй та йæ куыд суагътай! Цыма мæ ме ’фсины раз, науæд сæ зæронд лæджы раз æрлæууын нæ хъæудзæн, уыйау. Тобæ, тобæ, Хуыцау! Ме ’взонг сæр ам куы басыгътон, æмæ ныр зæрондæй мæ къодах искæдæм куы фæхæссин. Науæд дæ фыд та цы зæгъдзæн? — Омæ, Бабу, æз дæр афтæ нæ зæгъын, æмæ нæ фыдæлты хæдзар суæлдай кæнæм. Æрмæстдæр зымæджы... — Нæ, нæ, кой дæр æй ма кæн. Уæд та ма сæ исчи фæзынд ®мæ хæдзар сындзæрхæй æрæййæфта. Хæрзаг мæ сæхимæ æмгæрон дæр нал бауадзиккой мæрдты бæстæйы. Ахæц мæнæ дæ цоты къухыл æмæ цæугæ, мæн та æнцад мæ мæгуырыл Уадзут. Хорз æй куы зоны, никæй къухыл ахæцдзынæн, уый, уæд ма дзы уыцы зæрдæкъахæн ныхæстæ та цæмæн хъæуынц? Сыхбæсты дæр, хионты дæр, йæ цæгаты дæр æм фæминæвæрттæ кодтон æмæ æнæбары сразы уалдзæгмæ æмгъуыдæй. Уæддæр цы нæ æфсон агуры: — Æмæ уæд нæ хъугæн та цы уынаффæ уыдзæн? — Уæйгæнгæ æрцæудзæн, æндæр ын цы уынаффæ хъуамæ уа? — Дæдæдæй, æмæ уæд цæргæ та цæмæй фæкæндзыстæм? Ауал азы нæ урсаджы сагъæсы никуы бафтыдта, ныр æй суæлдай кæн, уæд нын Хуыцауы зæрдæмæ дæр нæ фæцæудзæн. Мæлæты хъуг, йæ тæригъæды тыххæй раст цы зæгъы, æндæр. Дзарасаты Батырæй йæ балхæдта йæ заманы. Канд Зилгæйæн нæ — æгас Ирыстонæн дæр æмбисондаг даргъ Батырæй. Йæ уæраджы хъултæй æрмæст адыли уæлдæр йеддæмæ нæ уыди нæ сикъо. Стыр худæг касти Бабумæ — тæхуды, рæгъаумæ-иу æй куы рацæйтардта, уæд æй макуы фен. Уæвгæ та æнæмастдæр хайуан нæ кæрты никуы уыди. Ахæмтæм нæ хæстæгдæр сыхаг Алийæ рæвдздæр ничи разындаид, æмæ иу хуыцаубоны — раст нартхортонæнТы — нæ сикъойы йæ уæрдонмæ бабаста, афтæмæй Беслæны базармæ фæцыдысты. Йемæ æз куы ацыдаин, уый бæргæ фæндыд Алийы, мæнæн та, марадз-зæгъай, мæ зæрдæ бакома. Бабу йæхæдæг мæлæты хорз фæрæвдз, стырзæрдæйæ нæ — хъуамæ йæхи цæстæй фена, йæ бинонты дарæг цавæр адæймаджы къухмæ бахаудзæн: кæд æм фыдæхæнгæс фæкæса, уæд æй фæстæмæ æрласдзæн, кæд дзы райгондæй баззайа, уæд аргъы тыххæй дыккаг ницуал зæгъдзæн: цы райса, уый райсæд. Райгондæй æрыздæхт базарæй: — Зæды хуызæн æнæзæнæг дыууæ зæронды. Кæс-ма, кæйонгты йæ сбæлвырд кодта æмæ цæмæй райдыдта хабар. — Утæппæт фосы æхсæн мах сикъойы равзæрстой. Йæ æнцондарæнмæ бабæллыдысты — цастæ холлаг, дам, ын бахъæудзæн, кæд цæхæрадоны хъæллæгъæй ирвæзид зымæг-зымæджы дæргъы, уæдæ ма, дам, ын луарæнтæ дæр змæнтдзыстæм райсомæй райсоммæ. Æмæ йын, зæгъын, буцдæр хабæрттæ нæхимæ дæр нæ уыди. Дыууадæс æмæ ссæдз туманыл сын æй радтон. Али уым дæлæмæ йæ хъуыр=хъуырæй нæ банцади, лæвар дæттæгау загъта, фæлтау æй хъæугæронмæ аскъæрдтаис æмæ йæ исчи йæхицæн баздæхтаид загъта. Æгайтымæ мын ахæм фæлмæн адæмы къухмæ бахауд. Уæддæр ыл мæ зæрдæ куыддæр уынгæг кæны. Мæхæдæг дæр хуыздæр ран бæргæ нæ дæн. — Кæрчытæн та цы уынаффæ бачындæуа ныр? — бафарста мæ Бабу. — Цæй, кæд æндæр бæстæм нæ лидзæм. Ныронг алы бон кæм фæрæзтон, уым ныр къуыри иу кæнæ дыууæ хатты куы æруайон, уæд мын ницы уыдзæн. Дуцыны фыдæй, мыййаг, куы нæ баззайдзысты. Кæд Бабуйæн дæр æмæ мæнæн дæр хæдзар суæлдай кæнын нæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыди, уæддæр уайтагъд нæ фæдыл айхъуысти: алыгъдысты. Мæстæймарæн дзæбæх рæстæг скодта æрæгвæззæджы æмæ Бабу фæстæмæ хæдзары балæууыд сывæллæттимæ. Æмæ иугæр кой кæм айхъуысти, уым æй кæд сæхи цæстытæй уыдтой хæдзары змæлгæ, уæддæр æлхæнджытæ сарæх сты Зилгæйæ дæр æмæ æндæр хъæутæй дæр. Хæдзар уæййаг нæуы дзуаппыл ничи æууæндыд: стырдæр аргъæй йын зæрдæ бавæрдæуыд æмæ фæливы, æндæр ницы. Æгæр куы сарæх сты æлхæнджытæ, уæд мæ Бабу иуахæмы дызæгъ-мызæгъы бафарста: — Нæ дуар нын чи нæ æрбахоста, ахæм, æвæццæгæн, æгас Иры нал баззад. Цы фæнд дæм ис, цы дзуапп сын радтон, чи ма нæм æрбадзура, уыдонæн? Къахгæ мæ кæны æви æцæг фæрса? Ау, æмæ йæм ахæм гуырысхо уæвгæ та куыд хъуамæ сæвзæрдаид? — Иунæг дзуапп: махмæ хæдзар уæййаг нæй. — Гъемæ дæ цæрæнбон бирæ,— сулæфыд удæнцойæ. Уалынмæ фæуазалтæ æмæ горæты æрбынатон Бабу. Бæргæ ма йæ зæрдæ æхсайдта, фæлæ кæм уазал, кæм цъыфы ницуал уый бæрц хаста йæ ныфс сывæллæттимæ цæуынмæ. Уыйхыгъд æз бæрæг кодтон, мæ амал куыд амыдта, афтæ. Кæд хæдзар æхгæд уыди, уæддæр æлхæнджытæ дуæрттæ хостой. Сыхбæстæ сын бæргæ дзырдтой, уæййаг, нæу, зæгъгæ, фæлæ марадз æмæ кæй уырныдта: горæтмæ чи алыгъд, уыдонæй ма кæцы фæстæмæ æрыздæхт? — Гъемæ уæ кæд нæ уырны, уæд хуыцаубоны абæрæг кæнут, хæдзары хицау йæхæдæг æнæ фæзынгæ нæ уыдзæн. Иу нæ, фæлæ цалдæр разындысты æлхæнджытæ. Се ’ппæтæн дæр мæ дзуапп цæттæ уыд: — Аразгæ йæ æз не скодтон, йæ ауæй дæр мæнмæ нæ кæсы. Уыйадыл мæ æппынфæстаг æнцой ныууагътой. Хуыцау æвдисæн, хуыздæр цард агурæг мæ алыварс сæ фыдæлты фæллæйттыл сæ къух куы ауыгътой æмæ сæхи удæнцойыл куы бацархайдтой, уæд мæнæн та мæ фыдæбон фæдывæр. Горæтаг удæнцой цардмæ чи фæтындзыдта, йе стырдæр бæллиц хъарм пысунæ кæмæн ссис, уыдоны бафæзмын нæ бафæрæзтон. Хъарм пысунæ! Дæ цæрæнуаты бæстастХъуызгæ æмæ ныгъуылгæ — уæдæ мæ мацы уынæр райхъуыса. Барвæндæй. Гъе уæууæй, уæууæй! Уый æмæ дын Зилгæйы: цæхæрадоны фаллаг кæронмæ фæцу мæнтæджы сыфтæ тонгæ æмæ уым кауы дыууæ михыл фидар æрхæц. Удæнцой дæр куыннæ у, куыннæ, уæд цымæ мæнæн цæуылнæ фæадджын уыцы горæтаг хъарм пысунæ, иунæг хатт дзы чи æрбады, уый хъæумæ йæ къах куынæуал фæхæссы. Худæн никæуыл ис, алчи хуыздæр æмæ удæнцойдæрмæ бæллы, фæлæ цымæ сæ фæлмæн хуыссæны — фыццаг уæладзыджы уа æви æхсæрдæсæмы, уæлдай нæу — адджын фынæй куы бавæййынц, уæд сæм ничи фæзыны? Фæзыны, æнæ фæзынгæ йын нæй, æрмæст æй рахъæр ничи уæнды. Искуыдæр ма æнæ фæзынгæ ис Бынаты Хицауæн; кæдæмфæнды дард куы фæцæуай, уæддæр дæ ссардзæн æмæ æрфæрсдзæн. Райгуырæн къона чи суæлдай кодта, уый йæ рæзты куы æрцæйцæуы, уæд æм цымæ цавæр хъуыдытæ фæзыны? Фæсмон? Æфсæрмы? Æви йын уæлдай нæ вæййы? Къуымы сыхæй иу кæйдæр куы афарстон, уæд сонтæй фæсырх: «Цы?! Фæсмон, зæгъыс? Ме ’нæуынон куы фæуид — хорзæй та дзы цы федтон, зиантæ ныгæнынæй дарддæр?» Гъеи-и, мæ лымæн, дзæгъæлы хъулон нæ афæлдæхт дæ цæсгом, нæ йыл сæттыс, æндæр. Апрелы тæккæ райдайæны скодта фыццаг уалдзыгон хъарм бон, æнæ дымгæйы къуыс-къуысæй, сыгъдæг арвимæ. Миты пæлæз бынтон аппæрста зæхх, риуыдзагæй улæфыд æмæ йæ тæф хæрæмигъау уылæнтæй ивылди сындæггай. Бæлæсты къуыбар нытътъæппæввонг ныннæрсти, кæрдæг æрыхъал, фæлурс судзины сæртæ сæппæрста хурвæрсты, æхсæвæй бонмæ се ’ппæты разæй фæцис хъалгъæны къудзи æмæ цъæхбын адардта; уæдæ дæлбылты хæрис дæр сыфтæр ракалынæввонгæй лæууы, йæ пыхцыл къабæзты æхсæн рухс иннæрдæм нал хизы. Афæдзæн йæ тæккæ бæллиццагдæр афон, кæд ма йын æрмæст зымæгон хурхæтæнимæ уа абарæн, æндæр ницæимæ; адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма иугæр боныл æфтын байдыдта, уæд йæхи цæрæнбонтæ дæр къахыргæнгæ нæ, фæлæ фылдæргæнгæ цæуынц. Хисайæн.
![]() |