Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 14 часть



— О, нал арæм, уæдæ. Хæрзаг ма банхъæла, æцæгдæр фæдзæгъæл дæн.

— Нал арæм, нал,— комдзог ыл рацыд, ныффæрск Лæппын.

— Знон дæр ма афтæ нал ардтам æмæ фæстæмæ кæртмæ ахызтыстæм, цалынмæ Блу æрбацыд, уæдмæ фенхъæлмæ кастыстæм.

Кæс-ма, мæнæн та кой дæр ницы скодтой. Æмбæхсгæ йæ бакодтаид æви йæ хъус не ’рдардта?

— Сымахимæ фæнды дзур, фæнды ма — ничи уæ басæтдзæн,— тæргайæ йæ къух ауыгъта Бабу.

Тæккæ дыккаг бон хицауы стъолыл курдиат æрæвæрдтон:

мæ хæдзары уавæртæм гæсгæ мæ куыстæй суæгъд кæнут. Нал мæ хъæуы мызд дæр, куыст дæр, иу дæр. Рынчынгæс æрбаддзынæн, æндæр гæнæн нæй. Мæнæй фылдæр хæс никæуыл ис йæ разы æмæ йæ уæлхъус дæр æз хъуамæ бабадон. Кæдмæ? Кæдмæ бахъæуа, уæдмæ. Ау, уый йе ’взонг сæр мæн тыххæй куы сфизонæг кодта, ныр мын фараст æмæ дыууиссæдз азы куы бады сидзæргæс. Цæттæ дæн æз дæр — æрмæст мын цæргæ кæнæд — фараст æмæ дыууиссæдз азы æмæ ноджы фылдæр рынчынгæс фæбадин. Æмæ куыд уыдзæн æнæ мыздæй? Æнцон нæ уыдзæн. Хæргæ та цы кæндзыстæм? Стыр фыдæбæттимæ кæй ралæгтæ кодтам, уыдон кæд мах фæхæссынхъом нæ разыной, уæд нæ-иу Хуыцау стонгæй амарæд. О, хæдæгай, тынг буц кæмæй у æмæ стыр æхцайыл кæй нымайы, йæ уыцы пенси та: æнæхъæн цыппар туманы. Гъе уæууæй, мæнæ паддзахад, цымæ дæлдæр цæуылнæ ныххауыс — фылдæр туджызæйтæ дæ ныккалын хъуыди цыппар туманы тыххæй. Уæвгæ йын райдайæны цыппæрдæс сомы куы уыдысты, стæй та аст æмæ ссæдз сомы. Æмæ фæстагмæ цыппар туманы. Уæлбыл. Уыдонмæ нæ Хуыцау макуы архауын кæнæд, фæлæ уыдоны æвджидæй чи баззад, ахæмтæ дæр дзæвгар куы сты, æндæр куы ницæмæ у се скаст. Уæд цымæ сæ цармы цæуылнæ бабыры Уæрæсе, кæй цæсгомæй рацæуы паддзæхты рæгъмæ?

Æртæ уатæн се стырдæры — йæ хуыссæн, фæтæнгомау диваныл. Йæ хуыздæр бонты дæр æм — иугæр хæринаггæнæны ма змæлæд æмæ йæ зилæнтæ ахицæн уæд, æндæр æм уыцы диваныл йæхи æруадзынæй дзæбæхдæр ницы каст, куыддæр ын-иу амал фæцис, афтæ. Йæ уæлæ чырынтæ бæзджын кæлмæрзæн æмбæрзтæй-иу батымбыл. Йæ куыстытæ йæ никæцырдыгæй домдтой, уæдæ зымæгон кæрты дæр нæ абаддзынæ устытимæ. Кæд æй бафæнда, уæд рæстæг марынæн æмæ йæ зæрдæйы дзæбæхæн исты мигæнинаг райстаид. Йæ уарзондæр куыст — къуымбилимæ архайын. Кæд сæ даргæ ничи кодта, уæддæр цъындатæ бийынæй не ’фсæст. Кæд сæ зымæг-зымæджы дæргъы исчи дыууæ-æртæ хатты скодтаид йæ къахыл, уæд хорз. Стæй уæд цы къуыммæ бахаудзысты, хæйрæг йæ зонæг. Уалынмæ афæдз, дыууæ азы фæстæ искæцæй разындзысты, æцæг конд кæмæн уыдысты, уымæн нал фæбæззынц æмæ та сæ райхалы хъуырхъуыргæнгæ.

— Гъер марадз, æз сыл фыдæбон фæкодтон, адон та сæ арфгомау баппарынц.

Æмæ та ногæй бавналы бийынмæ. Æрмкъухтæн ма ницы у — дарæм сæ, цалдæр азы фаг дæр свæййынц. Уæдæ къуымбил хæдон дæр афтæ. Уыцы бæзджынгомау æй сбийдзæн — кæрц вæййы æмæ кæрц. Хистæрæй кæстæрмæ хауы, дарынц æмæ йæ дарынц, уæддæр ын сихсийæн нæй. Æмæ та боныфæстагмæ халгæ æрцæуы цъындайагæн, хъуырбæттæйнагæн, æрмкъухагæн. Уыдæттæм йæ зæрдæ куы нал фехсайы, уæд та гобæттæй искæцы райхалы. Ваннæйы йæ цалдæр боны фæудайдзæн, уый фæстæ йæ слæмары æмæ лоджæйы æрытауы. Ницуал æмæ ницуал ын фентысы уыцы уазалы схусмæ. Иугæр куы бахус уа, уæд диваны цур ныллæг бандоныл сбаддзæн æмæ уырзæй æхсæдынмæ бавналы. Кæрон нал æмæ нал вæййы уыцы куыстæн. Йæ каст уымæ нæу æмæ йыл тагъд дæр нæ фæкæны — æвæджиауы рæстæгмарæн, цалынмæ бинонтæ куыстæй æмæ скъолайæ æрбамбырд уой, уæдмæ.

Ныр дзы байрох сты уыдæттæ. Хуыссæн æй йæхимæ æлвасы æмæ æлвасы.

Ногбонтæм бынтон æруатон. Æз та ма йæм фæсæрæндæрмæ æнхъæлмæ кастæн. Дохтырты ныхæстыл æууæндгæ у, æндæр цы. Уæддæр мын се ’ппæт кæм схъæр кодтаиккой. Хæрзаг зæгъынц: багъæц, æвзардзынæ сæ дæхæдæг, цæуыл дын рагацау дæ зæрдæ сæттæм. Чи зоны, æмæ раст дæр сты. Хосæй цыдæриддæр рафыстой, уыдон се ’ппæт дæр бæргæ самал кодтон. Аскорбин, аминалон, но-шпа. Æмæ исты æххуыс куы уаиккой. Уæддæр уадз æмæ зæрдæ ма ’хсайа, искуы афтæ куыннæ фæсмон кæнон: æххæст ма уыцы хос дæр самал хъуыди, уæд та ма йын æвдадз разындаид. Цымæ сыл дохтыртæ сæхæдæг æууæндой? Куы нæ æууæндой, уæддæр дын нæ басæтдзысты. Дохтыры хæс — йæ рафыссын, феххуыс уа, ма феххуыс — уый та йæ æрхъуыдыгæнæджы хъуыддаг у.

Йæ хæрд æппындæр мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Афтæмæй, дам, ахæм рынчынæн хæринагæй æппын нæ вæййы бафсис. Бабу та хæргæ цас нæ кæны, уыйас æм бон-изæрмæ хæринаджы кой вæййы. Йæ царды стырдæр сагъæсæй баззад, нæ дзы ферох сты æххормаг азтæ æмæ та ногæй искуы куы ралæууой, уымæй тынгдæр ницæмæй тарст, уыцы хъуыды фæсырдта йæ сæрæй иннæ хъуыдыты æмæ дзы иунæгæй ныффидар.

Нал æм ис хъаруйы цъыртт. Йæ зæрдæйæ, цæмæ сысты, марадз æмæ йæ базон, фæлæ фатеры иу кæронæй иннæмæ йæ бон ацæуын нал у æнæ æнцойæ, цалдæр хатты хаугæ дæр æркодта. Хъуыддаг дæр æй кæм цы ис — æрмæст бахæрынмæ кæнæ йæхи хъуыды цы сыста, æндæр.

Æдзух йæ фарсмæ дæр куыд хъуамæ лæууон — фаллаг уаты исты акусыныл бæргæ æрбадын, фæлæ зæрдæ æдзух рынчынмæ æхсайы, чысыл сыбыртмæ дæр æм рауайын. Ноджы ма поролонæй диванæн нæдæр йæ хъинцъ фæцæудзæн, нæдæр исты; куы рахиза, уæддæр цалынмæ дзабырты чыртт-чыртт ссæуа, уæдмæ йæ нæ базондзынæ. Боныгон — зæрдæхсаинаг, æхсæвыгон та — бынтон сагъæсаг.

Йæхиимæ ныхас кæна, мæнмæ дзура — иу уатæй иннæмæ йын равзарæн нæй, фæлæ куыддæр сдзуры, афтæ йæм рауайын.

— Исты дæ хъæуы, Бабу?

— Мæн бæргæ ницы хъæуы, фæлæ уыцы лæппуты мæстæй адæймаг куыннæ ныддæнгæл уа.

— Кæцы лæппутæй зæгъыс?

— Фаллæгтæй, æндæр кæцытæй. Гæмос æмæ Мысостæй. Бинонты хабар сæ афоныл иу дæр цæуылнæ бакодта, уымæй сæ бафæрсæг нæй. Æппын цыма уыдоны аккаг Иры зæххыл ничи разындаид. Ныр дын бон-изæрмæ уыцы судзгæ хурмæ трактор дæ уыргтæ фæхойæд, фæскуыст фæлладæй æрбацу æмæ дын хъарм хойраг дæ цуры мачи æрæвæрд, фæлæ дæ аходæн дæр æмæ æхсæвæр дæр айдагъ хус къæбæрæй ахицæн кæн. Мæхиуыл дæр пъæззы цыма ныххæцыд, уыйау мын бауайынмæ ницуал æнтысы. Алывыд сын акалин, кæд цæуыл æнæ устытæй сæхи ныззæронд кодтой.

Йе ’фсымæртæй зæгъы.

Бæргæ, бæргæ, Бабу, æнæусæй дæр дын бæргæ куы рацардаиккой. Фæлæ сæм хæсты тæккæ фыццаг бонты куыд фæсидтысты, афтæ æвæдæй фесæфтысты, сæ кой, сæ хъæр нал райхъуысти, йæ сидзæрты фæдыл дзыназгæ, æнæ ныгæнæгæй баззади Сæ зæронд фыд.

Гæмосæн бæргæ æрхастой бинойнаг, Зинæ йæ ном, хæсты тæккæ хæдразмæ. Дыууæ мæйы ацардаиккой æви æртæ, бæлвырд æй нæ зонын.Уалынмæ лæг хæстмæ ацыди, ус та æнхъæлмæ кæсынтæ байдыдта. Æнæхъæн авд азы фæбадт, æнæ зæрдæхудтæй, «а» æмæ «о»-йæ фæцард йæ зæронд хицау æмæ æфсинимæ. Уæдмæ мард чи фæци, уымæн йæ марды хабар сыхъуысти, сыздæхинаг чи уыди, уый та здæхгæ скодта. Кæдмæ хъуамæ фенхъæлмæ кастаид Зинæ? Йæ бон куы базыдта æмæ куы бамбæрста, йæ бадт дзæгъæлы кæй у, уый, уæд æнæхъинцъæй сыстад æмæ цæссыгæй йæхи æхсгæ йæ цæгатмæ фæцыди.

Цард-цæрæнбон нымадæй æрмæст цалдæр хатты федтон Бабуйы кæугæ. Уыдонæй иу хатт — Хъæрмæдоны фæстæ. Йе ’рыздæхыны дыккаг бон мидæггаг уатмæ йæхи байста иуафоны. Ницы йæм мæ хъус æрдардтон, зæгъын, æвæццæгæн та æд дзаумæттæ йæхи диваныл æруагъта. Дуарæхгæд уаты рæзты куыд фæцæйцыдтæн, афтæ мæ хъустыл гуырысхойаг фурттфуртт ауади. Мидæмæ бахызтæн. Диваныл бады æмæ йæ цæссыгтæ къухмæрзæнæй сæрфы. Ау, ныртæккæ дæр ма дзæбæх куы ныхæстæ кодтам, уæд дзы æвиппайды цавæр маст бацыдаид?

— Кæугæ кæныс, Бабу? — æрлæууыдтæн йæ разы.

— Ницы кæуын,— багæды мæ кодта цæстæй хъусмæ, йæ къухмæрзæн армытъæпæны æууæрдгæ.

— Куыд ницы кæуын у, дæ цæссыгтæ куы хъарынц, уæд?

— Ныууадз-ма мæ, ацу æмæ дæ куыстытæ кæн.

Уыцы бустæхуызæй.

Рагæй дæр мын йæ цæссыг уынынæй зындæр ницы ис, мæхиуыл сгуырысхо вæййын: кæд дзы æнæбары маст бауагътон æмæ йæ мæхи сæр нæ ахсы. Æви дзы мæ фæсаууон бинонтæй искæцыйæ маст бацыдаид? Æниу дын æй ма схъæр кæна — ардауынау æм фæкæсид.

— Хорз æй куы зоныс, нæ дæ ныууадздзынæн, уый, уæд ма мæ цæмæн бирæ дзурын кæныс? Ницы мæ сæрæн зонгæйæ мæхиуыл сдызæрдыг вæййын иу хаттæй иннæмæ.

— Æнæмæт дæ Хуыцау уадзæд. Ацу стæ, сфæлмæцын дæ, куы мæ баййарыс, уæд. — Цæсты хаутыл ауыгъдæй цы æртæхтæ баззади, уыдон ныссæрфта æмæ хæкъуырццæмхæццæ арф ныуулæфыд. — Зинæйы ма кæцæй хъуыды кæндзынæ?

— Цавæр Зинæйы?

— Гæмосы ус Зинæйы... — йæ хъуыртæ ахгæдтой æмæ та цæссыг рахъардта.

— Ау, куыд æй хъуамæ ма хъуыды кæнон?! Джызæлмæ бафтгæйæ мæ-иу фырцинæй куы фæцæй ныхъуырдта: буцдæрæн мын цы хæринаг акæна уыцы мæгуыр заманты, цæмæй мæ барæвдауа. Кæцæй ма дæ зæрдыл æрлæууыд?

— Æмæ мæ рох та кæд уыди? Хъæрмæдоны амбæлдыстæм. Хæринаггæнæгæй дзы кусы. Æз æй зонгæ дæр ма кæцæй бакодтаин, фæлæ мæм йæхæдæг æрбауади, диссаджы цинтæ мыл ныккодта. Æз та йæм уыцы уазалæй фæтигъ дæн æмæ йæ ныр мæ зæрдæмæ хæссын æрæджиау.

— Уанцоны тигъ нæ уыди, Бабу. Ахæм хъæбæр зæрдæйы хицауæй дæ куы нæ зонын.

— Мæгъа, мæхæдæг дæр æрæджиау дисы бафтыдтæн мæхиуыл. Фæлæ мыл уыцы сахат цы ’рцыди, уый абон дæр не ’мбарын.

Мæгуырæг, Зинæ. Мæнæн дæр ма куы фæхъыг сты Бабуйы ныхæстæ.

— Æмæ йæм дзургæ дæр исты фыдæх скодтай, мыййаг?

— Ницы йæм фыдæхæй сдзырдтон, фæлæ мæ зæрдæ сонтæй фæдур æмæ йын йæ бæстон рафæрс-бафæрсæн æнæбары «о» æмæ «нæ» дзуаппытæ фæлæвæрдтон. Æппæты разæй мæ дæуæй афарста.

Фæстаг хатт æй куы федтон, уæдæй цыма æнæхъæн æхсæрдæс æмæ ссæдз азы нæ рацыди, фæлæ тæккæ знон уыд, афтæ бæлвырдæй ауад мæ цæстытыл. Тыхст æмæ уырыдæй дарддæр ницы федта царды мидæг, уæддæр æдзух худæнбыл, хъæлдзæг, йæ фезмæлдыл цæст нæ хæцыди, дыууæ зæронд къодахы — сæ мæгуыры æдде ма немыцы заман хъæдмæ куы фæлыгъдысты, уæд уырдыгæй фæстæмæ хъæумæ бынтон куырмæй æрыздæхт Гацыр — ныфс æмæ удæнцой. Цал хатты æфтыдтæн мадырвадæлтæм, уал хатты: «Мæн-нæ-ма нæ хæрæфырт цæйас лæг ссис!» Æртындæс-цыппæрдæс азы мыл цыди, уæддæр мæ-иу гæдыйы лæппынау рогæн йæ хъæбысы фелвæста. Уайтагъд-иу асин цармæ ацарæзта æмæ-иу ыл, йæ къухы фысæлвынæн хæсгард, афтæмæй сфардæг, хъайвантыл уæгъдæй æвæрд фæйнæджыты гыбар-гыбур йæ къæхты бын ссыдаид. Дыууæ уафсхор æрчъиагимæ-иу фæстæмæ æрхызт æмæ-иу æй удайынмæ бавæрдта. Стæй уæд йæ къухы чиныг февзæрдаид, кæцæй-иу æй райста, уый никуы бафиппайдтон. Зыдта йæ: уымæй зынаргъдæр мын никæцы лæвар у, æмæ йæ алы цыдæн дæр цæттæйæ дардта. Æз дæр ыл-иу хъæрццыгъайау мæхи ныццавтон, сывæллæтты чиныг уыдаид æви æппындæр кæм ницы æмбæрстон, ахæм; уырыссагау æви иронау, æмæ-иу мæ дыргъ дæр æмæ адджинаг дæр байрох.

Раст зæгъын хъæуы, цины хос мын цас уыди чиныг, маст дæр мын уыйас æрхаста. Немыцы Джызæлæй фæсурыны хабар куыддæр фехъуыста мамæ, афтæ йæ цæгат бабæрйег кæныныл скатай: «Цы фæцадаиккой уыцы дыууæ мæгуыр зæронды?» Ской йæ нæ уагъта Яи: «Куыннæ стæй, фæсырдтой сæ! Цы нæ дам-думыл баууæнддзынæ, ахæм цæй. Раст сабийау. Дæ разы дуар байгом кæн æмæ байхъус, куыд сæ фæсырдтой, уымæ. Айонг чи схæццæ, уыдоны ма исчи фæсура, нæ зонын». Дуарæхгæдæй дæр хæдзармæ дзæбæх хъуысыдысты сармадзанты уæззау гуыппытæ æмæ минометты цæлхъытæ, пулеметты мынæг къæр-къæр. Кæм сты, уымæн æз цы зыдтон, фæлæ хистæртæ дзырдтой: Къардоны фале Æрыдоны æмæ Нартыхъæуы уыди хæст йæ тæккæ цырынæй, уырдыгæй хъуысыдысты гæрæхтæ — фæззыгон дымгæ кæцырдæм фæзила, уымæ гæсгæ — куы хъæрдæрæй, куы мынæгдæрæй. Цалдæр боны фæстæ сындæггай адард сты, стæй сæ æппындæр нал хъуыстам. Æмæ та уæд мамæ дæр ногæй райдыдта йæ цæгаты кой. Уæдмæ Дзагъулаты Зауырбеджы ус Зези — уый дæр джызæйлаг чызг — куыддæр амæлттæй йæ цæгатмæ фæхæццæ æмæ æрхаста бæлвырд хабар: хъæу æцæгдæр суæгъд, фæлæ тынг пырхытæ у, кæд дзы немыц æрмæст къуыри фесты, уæддæр; ма ’хсайæд уæ зæрдæ, сымахонтæ иууылдæр сæрæгас сты; хъæдæй куы æрыздæхтысты, уæд хæдзар куыд ныууагътой, афтæ йæ æнæхъæнæй æрæййæфтой. Уæддæр мамæйæн йæ зæрдæ æхсайдта æмæ йæ Яи дæр нал бакъуылымпы кодта: ацу, фен сæ дæхи цæстæй æмæ дæм алы сахат уыцы кой мауал уа. Æз дæр бæргæ сагъуыдтæн, фæлæ мæ ской дæр нæ бауагътой, иннæ хатт ацæудзынæ, зæгъгæ. Зонын æй уыцы иннæ хатт хабар — асаинаг мæ куы вæййынц, уæд фæдзурынц афтæ.

Æмæ та ралæууыд иннæ хатт дæр, æрмæст æм дыккаг азы æмбисмæ æнхъæлмæ кæсын бахъуыд. Горæтæй Джызæлмæ нын фистæгæй цæугæ рауади, афтæмæй-иу хæсты размæ та кæддагæй æмбæрзт автобусы бабадтыстæм. Бабадтыстæм, зæгъгæ дзы бадæн мæнмæ нæ, фæлæ мамæмæ дæр никуы æрхауд, уымæн æмæ дзы æгъдау раттын кæмæн хъуыди, ахæм хистæртæ æнæ разынгæ нæ фæцадаид. Цыдæр-уæддæр нæ-иу бынатмæ фæхæццæ кодтаид дзыхъытæ фæндагыл гыбар-гыбургæнгæ æмæ хойгæ. Ныр та джызæлдзауты къорд фистæгæй араст; зæронд уæлмæрды фале сосайæ рахизырдæм фæсаджил къахвæндаг æмæ суанг Джызæлы онг йæхи амыдта астæумæ кæрдæджы æхсæнты. Уæды онг сæм афтæ æрæгмæ никуы фæдæн æнæ бафтгæ æмæ мыл уæлдай цин бакодтой мæ мады ’рвадæлтæ; мæнæн та мæ гыццыл зæрдæ, æвæццæгæн, фыццаг хатт срыст адæймаджы мæгуыры уындæй; куырмы кой хъусгæ нæ, фæлæ йæ уынгæ дæр нæ фæкодтон: Ефæндыйы; се ’мкъул Дзагъулаты тутамæ-иу куы схызтыстæм, уæд нæм уырдыгæй дзæбæх зынди — армыдзаджыйас урсбоцъо зæронд лæг, йæ сæры тенка йын тыххæйты æмбæрзы гыццыл сау тымбыл худ; сæ кæрты йын хæдзары рæбын урс кæддагæй цатыргонд æмбæрзæн, йæ быны — ерджен, йæ алыварс — базтæ æмæ мутакатæ, йæ къухы — боннымайæнтæ, рæстæггай сæ йæ куырæты фæдджийы æрæвæры æмæ сау сæракцъар егъау Хъуыран райсы æмæ йæ сыфгай фæлдахы; æнæнцойæ сабыргай цыдæртæ дзуры æмæ дзуры араббагау; ламазафон æм йæ ус Госæнагъуæ хъуывгъан æмæ тасимæ рацæуы, къæхтæ, къухтæ, цæсгом æрæнхъæвзы, ердженыл сæгъдзарм æрытауы æмæ ламаз райдайы. Æмæ уый, Ефæнды уыди, Хуыцаумæ мын тæригъæд ма фæкæсæд, æрмæст ме ’рвад, куырмæй йæ æрæййæфтон; ам та мæнæ мæхи Дада уаты къуымты, хæдзарæй кæртмæ, кæртæй чъылдыммæ кæнæ уынгмæ йæ развæндаг лæдзæгæй сгаргæ цæуы; хъæдмæ куы фæлыгъдысты немыцæй, уæды онг йæ цæстытæй хъастгæнæг никуы уыди, хъæды нымад цалдæр бонмæ бынтон куырм бацис, афтæмæй æрыздæхт, æмæ ныр кæм æрбынатон уа, уым йæхимæ хъусгæйæ бадгæ баззайы; минут æнцой чи нæ зыдта æмæ кæдæмдæриддæр фæкомкоммæ уыдаид, уым куыстаг чй ссардтаид, йæ цума сæххæст кæнынмæ æхсызгонæй кæмæн згъордтон, уыцы Дадайæн стыр зивæджы хос ссис йæ къах айсын. Дада мæхи Дада куы у, уæд ын уагæры ахæм карз тæрхон хаст цæмæн æрцыдаид?

Мæ хъынцъым мын æнæ бафиппайгæ кæм фæцадаид Зинæ æмæ мæм сабыргай фæсидт уаты дуарæй: «кыс-кыс-кыс...» — кæд цæстæй нал уыны Дада, уæддæр æфсæрмы кæны уæлдай хатт йæ рæзты ауайынмæ; куы йæм фæкастæн, уæд мын рахиз къухы амонæн æнгуылдзæй ацамыдта: ардæм рауай, галиу къух та йæ чъылдыммæ дары; бæрæг у — цыдæр дзы æмбæхсы. Базгъордтон æм. Нæ фæрæдыдтæн: йæ къухы разынд чиныг — «Куыд æхсыстис æндон». Уæды онг мын ахæм бæзджын чиныг никуыма радта. Ноджы ма иронау. Тыргъмæ схизæн фæйнæгæй къæпхæныл æрбадтæн æмæ йæ рафæлдах-бафæлдахыл фæдæн. Нывтимæ. Нывтæ дæр куыннæ, фæлæ ахæм бæзджын уæвгæ дæр никуал федтон, фарон сæрд Оляйы ардыдæй Яи папæйы чйнгуытæ пецы куы басыгъта, уæдæй нырмæ. Ардыгæй скъоламæ цалынмæ цæуон, уæдмæ мын кæсыны фаг уыдзæн, æндæр цы.

Æртыккаг бон нæхимæ рараст стæм; ногæй та уыцы астæумæ кæрдæджы æхсæн къахвæндагыл. Къæбылайау разæй рæвдзгомау уадтæн, чиныг мæ дæларм, афтæмæй; мæ фæстæ мамæ æмæ Зези, ноджы ма цалдæр усы. Сырддонцъиуыйас гæлæбутæ — хъуынджын сау базыртæн сæ бæстастæу цæсты гагуыйы æнгæс бур зиллаччытæ, базырты кæрæттыл тарсырх æмæ сæнтурс аив тæппытæ; ставдгомау рихитимæ — пæр-пæр кæнынц фæндаджы сæрмæ; æртæх æххæстæй нæма сыстад æмæ фæндаггæроны алыхуызон дидинджытæ сæ тæккæ ногæхсад хъоппæгæй лæууынц, гæлæбу сыл куы æрбады, уæд йæ уæзæй зына-нæзына банкъуысынц æмæ цалынмæ дидинæджы мыд цъиры, уæдмæ сæ зыр-зыр цæуы. Æнæ æрцахсгæ дзы нæй — Зилгæйы æхæмтæ никуыма федтон æмæ сæ лæппутæм диссагæн æвдисдзынæн. Сæ базырты базмæлд уæзбынгомау бæргæ у, фæлæ æнæнхъæлæджы рог стæхынц, дыууæ армы йæм æрæхгæнынæввонг куыддæр бахæссай, афтæ. Ноджы ма мын чиныг дæр хъыгдарыны хос у дæлармы æлхъывдæй — гуылмызау æнарæхст у иу къух. Мæнæ ацы гæлæбуйæн ауадзæн нал ис: хъавгæ йæм хæстæг байстон мæхи, дыууæ армы æрæхгæнынæввонг куы æрбавæрдтон дидинæгыл, уæд чиныг мæ дæлармæй фæбырыд æмæ рыгыл æрхауди. Рæвдзгомау æй фелвæстон, фæлæ гæлæбу аирвæзт. Нæй, нæ рæстмæ кæны мæ цуан. Цалдæр къахдзæфы фæстæ та ногæй æрхауд мæ чиныг.

— Рыджы æвдулынмæ дæм æвгъау нæ кæсы уыцы чиныг — стыр буцæн дын æй куы балæвар кодтой дæ мады ’рвадæлтæ? — сдзырдта мæм мамæ. — Æри-ма, æз æй мæнæ мæ хызыны сæвæрон æмæ мауал æрхау-æрхау кæна.

Раттон æм æй. Гæлæбудзуанæй мыл нæ даргъ фæндаг фæцыбыр. Горæтмæ куы æрбахæццæ стæм, уæд ма Зези цавæрдæр хæстæджыты æрхъуыды кодта, ацы фæдыл æххæст уыдонæн дæр æнæ бабæрæггæнгæ нæй, зæгъгæ. Мамæйæн фæндон бæргæ нæ уыди, фæлæ нæ уæддæр нæ ныууагъта.

Нæ фысымтæн разынд парахат кæрты мидæг ныллæггомау хæдзар: къуындæг дыууæ уаты æмæ тыргъ. Дуне сынтæджытæ, скъаппытæ, стъолтæ æмæ бандæттæ — истæуыл хи æнæ скъуыргæ дзы къахдзæф ничи кодта сæ лæппуйæ фæстæмæ. Мæнæй стырдæр, цыдаид ыл дыууадæс-æртындæс азы, хæнкъуытæ, зыхъырдæндаг, дзæргъдзæсгом, йæ сæрыхъуынтæ уызыны судзинтау ныттынг сты; сæ къæсæрыл куы бахызтыстæм, уæд мæм иунæг былысчъил каст фæкодта, стæй мæ уæвгæ дæр нал уыдта, æрмæст йæ зилахарæн кæрон нæ уыди тыргъæй суанг рæбинаг уатмæ. Сылгоймæгтæн сæ хъæрæй ныхас хъуысти тыргъы пецы цурæй. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй сæм цавæрдæр ахсджиаг уазджытæ æрбацæуинаг уыдысты — минæвæрттæ сæ хуыдтой — æмæ уыдонмæ сæхи цæттæ кодтой, махмæ сæ не ’вдæлди, къуылымпыйы хос сын разындыстæм. Æддаг уаты мæ сынтæгæй шифанеры æхсæн бандоныл куыд сбадын кодтой, афтæ дзы бадгæ баззадтæн, æмæ мамæ æмæ Зези сæ дзуринæгтæ кæд фæуыдзысты æмæ дарддæр нæ фæндаг кæд адардзыстæм, уымæ æнхъæлмæ кастæн. Зыхъырдæндаг та тыннывæндæгау æнæкæронæй дыууæрдæм кодта мæ рæзты мидæггаг уатæй тыргъмæ, тыргъæй — мидæггаг уатмæ. Мæ акомкоммæ къулыл ауыгъд айдæнмæ мæм дзæбæх зынди, мæ чъылдыммæ, миддæггаг уаты цы архайæг сты, уый. Йæ бæстастæу парахат стъолыл æрытыдтой чырынтæ æмбæрзæн. Дыууæ бынтон хæрзæнгæс чызджы — æмхуызон къабаты, æмхуызон куатæты æмæ æмхуызон дзабырты, æмхуызон фæтæн синтæ; сæ иу æддæмæ, иннæ мидæмæ, афтæмæй стъолыл æвæрын байдыдтой тæбæгътæ, агуывзæтæ; кæд-иу стъолы цур баиу сты, уæд кæрæдзийы æвæрдмæ исты аипп æнæ ссаргæ нæ фæцадаиккой æмæ дзыхъхъынногæй æвæрынмæ бавнæлдтаиккой, сынтæджы къухтыл, буфеты тигътыл, бандæттыл æмæ кæрæдзяйыл сæхи къуырттытæгæнгæ æмæ кæрæдзи хъыгдаргæ. Æппынфæстаг се ’вæрдæй райгонд разындысты æмæ сæ мидæмæ æрбахизгæ нал федтон.



Просмотров 1453

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!