![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 13 часть
— Макуал сæ рарвит ардæм. Куыннæ фæкуыддæр уыдаин. — Ау, Зилгæйæн сæ тæккæ уæздандæр устытимæ нымад куы сты, уæд ам равдисынмæ нæ бæззынц æви дæм æнæфенды уайдзæф æрхастой? — Цытæ дзурыс! Иннæтæ дæр уыдоны хуызæн куы уаиккой иууылдæр: уæ се сныхас, уæ сæ къахайст, уæ сæ алы уаг. — Уæдæ ма сæм цы аипп разына, нæ зонын. — Хæринаджы аиппæй дарддæр ницы. — Ау, ахæм гуыбындзæл разындысты? — Бæргæ, бæргæ, гуыбындзæлы ном сыл куы сбадид фæлтау. Хæринаг дæттæг сылгоймæгтæ мæм хъаст æрбахастой, дæ хъæуккаг дыууæ усы, дам, цай æмæ къæбæрæй дарддæр ницы бахæрынц. Мæ зæрдæ уайтæккæ фæкъапп ласта æмæ фæссихор сæ уатмæ бауадтæн. Дæрдты фæрафæрс-бафæрсы фæстæ мын басастысты: сираджы хъæстæйæ, дам, нæхи хъахъхъæнæм. Æрбамæсты дæн: — Мæлæты пысылмæттæ! Ламаз кæнынæй мын сæ уæрджыты сæртæ ныддур сты. Уагæр ма сæхæдæг чырыстæттæ куы нæ уаиккой дыууæйæ дæр. — Зонын æй, зонын, сæ хабæрттæ мын радзырдтой: чызгæй кæцон сты, сæ мойæгтимæ куыд базонгæ сты, хæдзары мидæг цавæр æгъдæуттæ æрбаййæфтой. Дæ мад афтæ зæгъы, минæвæрттæ, дам, нæм куы ссыдысты æмæ сæ сыхбæстæ куы бамбæрстой, Зилгæйæ сты, уæд алырдыгæй дзырдæппарæн байдыдтой: чи сæ пысылмон хуыдта, чи сурсымылла. Пысылмæтты кой, дам-иу уымæй размæ дæр куыннæ хъуыстон, фæлæ сурсымылла — фыццаг хатт. Лæппумæ, дам, ницы фау ардтой, пысылмонæй дарддæр. Мæхæдæг дæр, дам, ын цы зыдтон, дæлæмæдæр, уæлæмæдæр æй иунæг хатт федтон, Бæтæхъойыхъæумæ хуындзау куы фæцыдтæн, уæд; кæцæй мæ фæсонæрхæджы уыдаид, минæвæрттæ кæй æрбарвитдзæн. Нæ хæрæфырт, дам, сæ сыхаг чындз уыди Зилгæйы æмæ уый хæстæджытæм æрбафтыдысты Бæтæхъойыхъæумæ æмæ мæ нымудзгæ дæр уый бакодта. Пысылмон, зæгъгæ, уæд æнхъæлдтон, се ’взаг дæр æндæр у, æмæ, дам, стыхстæн, куыд сæ æмбардзынæн, зæгъгæ. Уæд мын æй цавæр хæринæгтæ æвзарыны æфсарм ис? Стæй нæм сираджы дзидза кæд æмæ кæд уыди, уый мæнæй уæвгæ дæр ма куы байрох. Ноджы ма сæ куы бамбæрстой, уæд сæм алчи хъазгæйæ дзырд æппары, адон та йæ æцæгмæ æмбарынц. Æмæ афтид цай æмæ дзулы æвджид баззадысты. Мæ ныхасыл дæр не ’ууæндынц, ома, дам, фæуæд стуры фыд, фалæ, дам, уыцы аджы амæй размæ искуы сираджы дзидза æнæ сфыцгæ нæ уыдаиккат. — Ма дæм диссаг кæсæд. Нæ хæдзары Бабуйæ пысылмондæрæй никæй æрæййæфтон чырыстон бинонтæй рацæугæйæ, фыды ’фсымæрæй, фыды хойæ. Æмæ хуымæтæджы бузныг у йæхицæй: чырыстон чызг, дам, пысылмон дин куы райса, уæд комкоммæ дзæнæтмæ йæ фæндаг цæттæ у. Кæмæй йæ фехъуыстаид, нæ зонын, фæлæ æгæр пысылмон дæр ма ссис. Бæгуыдæр. Иуахæмы фæскуыст нæхимæ куы æрбацæйцыдтæн, уæд мыл фатермæ хæстæг дыууæ æмгары æрбамбæлдысты. Мидæмæ сын æнæ зæгъгæ нæ уыди. Афтæмæй та хæдзары сывæллæттæй дарддæр кæй ничи ис, уый зыдтон. Уæд ма дуне хъæздыгдæр уыдис æмæ дуканийыл нæ фæндаг ракодтам. Метры æрдæджы бæрц ставдгомау тахынæг æмæ къуыртваг æйчытæ балхæдтон. Тебæтæн сæ егъаудæры æнæцагъд хъайла куыддæр фæбæзджын, афтæ йыл тахынæг æркарстон хъæдындзимæ æмæ ахъаззаджы аходæйнаг разынд. Уæдæ уæларынг дæр куыд балæууыдаин мæ уазджытæн? Уыйхыгъд ма сын бадырджантæ цывзыджынæй куы æркарстон, уæд ма сæ хуыздæр цы хъуыди? Хъæстагæй нæ баззадысты, иу дзырдæй, мæ уазджытæ. Дыккаг бон Бабу хъæуæй куы сыздæхт, уæд ын сывæллæттæ кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ диссаджы хабар ракодтой: тебæйы мидаг тахынæг сфыхтон. Диссаг дæр сæм куыннæ фæкастаид — уæды онг нæзæгъинаджы хъæстæ нæ хæдзары никуы уыд; зыдтон æй: Бабуйæн уымæй зындæр ницы уыдзæн, æмæ йæ æмгæрон нæ уагътон. Куыдзæй гуырдтæ, æз та æнхъæл уыдтæн, æмæ ницы бафиппайдтой. Уайдзæф дæр дзы нæ фехъуыстон, кой дæр, æрмæст лæппуты бафарста: кæцы тебæ уыди? Бацамыдтой йын æй. Къух ыл куыннæ андзæва, афтæ йыл куатæйæ ныххæцыд, рахаста йæ æмæ йæ быронкалæны ауагъта. Æфсæн къултæ хойгæ фæтахти æвдæм уæладзыгæй уым дæлæмæ æмæ бынæй йæ фæлмæн тъупп ссыди бырæттыл. Уæууа, йæ буцдæр чъиригæнæн тебæ; мæ уазджытæ куы ацыдысты, уæд ма йæ уыцы зæрдиаг æхсæдтытæ æмæ сæрфтытæ фæкодтон, æппындæр ыл фæд куыннæ баззайа, афтæ. Уый дæр æм фаг нæ фæкаст, фæлæ ма куатæ йæ астæуæй райхæлдта æмæ йæ тебæйы фæдыл быронкалæны ныппæрста.Уæд сæ цы домыс уыцы пысылмæттæй? Худæг дæр цас уыд, нæ зонын, фæлæ худæг фæкаст дохтырмæ. — Уымæй уæлдай хойраг сæ дзыхмæ куы нæ хæссой, уæд ам уадзгæ не сты, сæ хъæрмæдон дæр сын ницы феххуыс уыдзæн. Тæккæ уыцы бон сæ мемæ раластон алывыдтимæ, кæд сæ нæма фæндыд, уæддæр. — Ардæм уæ сыдæй мæлынмæ нæ рарвыстон, фæлæ уæхиуыл фæхæцынмæ. — Уыйадыл Бæрæгъуынмæ фæцалх сты алы аз сæрды тæккæ тæмæны. Цавæр заууаты Бæрæгъуын у, нæ зонын, никуы дзы уыдтæн. Картоф, сойаг, ссад, цыхт, суанг хуыссæны цъæрттæ семæ ластой, афæдзбалцы цæуæгау. — Цавæр уаргъ у уый, кæд мын Туркмæ нæ лидзут. Куыд æй фæзмынц, афтæмæй æдзæрæг бæстæ дæр куы нæ у, уæд æм къус-къоппы онг семæ ласын цæмæ хъæуы — ницы йын æмбарын. Йе дзы дохтыр хъусдарæг нæ уыди, йе иу. Уæд сын уагæры цавæр æххуыс уыдаид уыцы цъымарайы бæгъдулæг? Æмæ дын дзы фæстаг хатт йæ фындзы рагъ хъæдгом хæлмагæй куы æрбаздæхид Бабу, цæсты бынтæ цъæхæй. — Уый та циу? — Æгæр дзы ануæзтон æмæ телыхъæдыл мæ фындз бацавтон. Уæдæ куыд æнхъæлдтай, æдзух сымах нуазат? — хъазынмæ здахы ныхас. Фæлæ мæнæн уайтагъд мæ зæрдæ фæкъæпп ласта. — Æппындæр мæм хъазын куыннæ цæуы, уый куы зонис. Цы уыди, дæу фæрсын? — Бауырнæд дæ, мæхæдæг дæр ын ницы зонын. Нæхи цынадтам æмæ нæ фысымтæм куыд фæцæйцыдыстæм, афтæ тæккæ фæхæрдгæнæны хуыртыл дæлгоммæ куыд ахаудтæн, уымæн ницы бамбæрстон. Тæвд доны æгæр афæстаит уыдаин, хуры аххос уыдаид, мæгъа. Æнхъæлдæн æмæ раст дыууиссæдз азы фæстæ феввахс Æрджынарæджы мынæг арвæрттывд æмæ йæ гуыр-гуыр æргомæй райхъуыст. Цалынмæ йæ хæлмаг бадзæбæх, уæдмæ йæ сыхæй дарддæр къахдзæф никæдæмуал ауагътон: чи йæм бакæса, уый хæрзаг ма зæгъа, йæ фыртæй, йæ чындзæй йæ кæцыдæр фæнадта. Кæуыл æмбæла, уыдонæн се ’ппæтæн йæ хабар дзурыныл дæр куыд слæудзæн. Æмæ уæд та се ’ппæты уырнгæ нæ бакодта. Се ’ппæт нæ, фæлæ иунæг фыдæх адæймаг куы разына, уæд уый дæр фаг у кой ауадзынæн. Æмæ иугæр куы айхъуыса, уæд ма мæ цард цæй цард у? Æрмæст дыууæ къуырийы фæстæ сбæззыд дуканимæ ацæуынæн. Дæс иуæндæсæмыл æрбаласынц дзул. Æрæгмæгомау зынди, фæлæ йæм ницы мæ зæрдæ æхсайдта: кæнæ дзул нæма æрбаластой, кæнæ та искæимæ ныхасыл фæцис. Уалынмæ нын нæ дуар уæздан хост æрбачындæуыд. Ракастæн æмæ — Хади. Кæд иу сыхы цæрæм, уæддæр сонтæй никæй дуармæ æрлæудзæн. — Мидæмæ, Хади. Кæдæй-уæдæй нын нæ дуар куы æрбахостай. — Мидæмæ нæ цæуын. Тæрсгæ ма фæкæн, фæлæ Душинка февзæр. Иумæ уыдыстæм дзул æлхæнынмæ. Куыддæр дуканийы асинтæй æрхызтыстæм, афтæ дын уым куы æрхауид. Иу мæхъæлон машинæ дзы лæууыд æмæ йæ уыцы фæдыл дохтырмæ бадавтам. Йæ цæрæбон бирæ, нæ базиваг кодта. — Æмæ ныр цы фæцис? — Мацæмæй йын тæрс: судзин ын скодта дохтыр йæ цонджы æмæ фæдзæбæх. Ныртæккæ йæ ардæм хъæуы. Мæнимæ рацæуынмæ хъавыд æмæ йæ Римæ нæ рауагъта, тъахтиныл, дам, йæ фæллад иугыццыл суадза æмæ уый фæстæ иумæ ацæудзыстæм. Римæ — нæ сыхаг чындз, дохтыртимæ кусы. — Мæнæ уæ хызын айс. Нырма ныр фæкомкоммæ дæн йæ къухы Бабуйы базармæдзæуæн хызынмæ. — Цæуон æз,— фæрæвдз Хади. — Нæхимæ дæр нал бакастæн, мæ дзул бæласы къалиуыл ацауыгътон æмæ йæ гæды исты куы цæнаккаг кæна. — Бузныг, Хади, батыхсын дæ кодтам. — Цæй-ма, бузныгтæ мын куы нæ зæгъай. Мыййаг, зæгъын, дæ зæрдæ куы æхсайа — кæм ис нырмæ? Суаин æм дохтыртæм, æмæ уæдмæ æндæр уынгыл куы рацæуой? Æцæгдæр ын ницы у æви мын зæрдæтæ авæрдта Хади? Æмæ мын æй сусæг дæр цы æгъдауæн хъуамæ бакæнид? Кæцы уынгты цымæ æрцæуы Римæ куыстæй? Дызæрдыггæнгæ кæрты астæу цалынмæ лæууыдтæн, уæдмæ Бабу йæхæдæг æрбахызт дуарæй. Æввахсæй-æввахсдæр кæны Æрджынарæджы ’рдыгæй арвы гуыр-гуыр. Тæккæ дыккаг бон фæссихор уыдаид, афтæ искæмæй æфсæйнаг лыггæнæн хырх курæг уынгмæ рацыдтæн. Кæсын æмæ кæрты ’дуарæй чысыл æддæдæр дойнаг дурыл бады Бабу. Йæ цæсгом æнахуыр фæлурс. Бахъуыр-хъуыр ыл кодтон: — Уымæй хуыздæр кæм сбадай, уый не ссардтай? Стæй та зæгъдзынæ: мæ фæсонтæ риссынц, мæ астæу риссы. — Уæртæ Зарæимæ ныхæстæ кодтам. Уый сæхимæ ацыд, æз та ма тыхамæлттæй ардæм æрбахæццæ дæн. Мæ хъусты гуыр-гуыр æмæ сæры зылд баиу сты. Мидæмæ куы нал бахæццæуоны адæргæй ам мæхи æруагътон, æндæр, æнхъæлыс, мæ хъалæй бадын уазал дурыл. Æнцой йын балæууыдтæн æмæ йæ хæдзармæ бакодтон. Тыргъмæ тæккæ бахизæны мын йæ къæхтæ фæдыдагъ сты æмæ æрлæмæгъ. Йæ дæларм бацыдтæн æмæ йæ тыхамæлттæй диванмæ бахæццæ кодтон, йæ нывæрзæны йын баз авæрдтон. — Бабу! Бабу! Куыннæ стæй: мард дæр мард æмæ уый дæр, йæ цæстытæ æнгом цъындæй. Æнхъæлдæн æмæ хорз нæу хабар. — Бабу, Бабу! Нæ мæ хъусыс? — бауыгътон ын йæ уæхсчытæ. Нæй, ницы дзуапп дæтты, æнæзмæлгæйæ хуыссы. Æппынфæстаг цæстæй ракаст. — Цы кодтон, дæ хорзæхæй, цы мыл æрцыд? — Мæ уд мын фæхауын кодтай, æндæр цы. — Ахæм ма диссаг уа, знон ма раст дуканийы афтæ фæдæн. Цы уа, цымæ? Хорзæй исты уа, уый мæ нæ уырны. Исты æфсон ын ссарын хъæуы, æмæ йæм загъдмæ фæдæн: — Хуыцау дæ уыцы дыргътыл скодта æмæ хойраг дæ хъуыры нал уадзыс. Уæддæр ма къахыл куыд лæууыс, уый дæр мæм диссаг кæсы. — Омæ дыргъ уарзын æмæ йын цы кæнон? Гыццылæй йæ рахастон æмæ. Мах кæрдоты разæй Къуындзихаты бæлæстæм кæсгæ дæр ничи кодта. — Цæй, æгæр сæ ма ’ппæл. — Уæдæ ма сын сæхицæй искæй бафæрс. Цы сæ фæрсон — дыргъафон мæ мады ’рвадæлтæм куы сæфтын, уæд сæ цæхæрадонмæ æнæ бауайгæ нæ вæййын. Рагфыдæлтаг бæлæстæ, дыууæфондзыссæдзгай азтæ сыл ма цæуа, уый зын бауырнæн у, уæддæр нырма сæ тыхы сты, Джызæлдоны тæккæ былыл. Дыргъæй та кæрдойæ æмхицдæр никæцы у донмæ, фаг ын куы уа, уæд цæрдзæн æмæ цæрдзæн. — Нæ мæ уырны, Къуындзихы кæрдо исчи аййæфтаид. Къуындзихы æрцыдмæ фæцæрæд алчидæр — раджы амарди, фæлæ кæрт абон дæр ма йæ номæй баззад. — Гъемæ дæ æппындæр макуы бауырнæд. Æз та дын цы уыди, уый зæгъын. Хæлæгæй мæм мардысты сыхы чызджытæ уынгæн йæ дæллаг кæронæй йæ уæллагмæ. Æдзух мах бæлæстыл æмбырдтæ кодтой. Уалынмæ куырдуаты куы бабадтæн, уæд мæ мæстæй марынмæ бавнæлдтой: «Ныр дæр-иу æппæл дæ кæрдотæй. Куы ацæуай, уæд махæн бæргæ баззайдзысты. Схæр-иу ныр Зилгæйы». Мæхæдæг дæр бæгуы катайы бацыдтæн — куыд цæрдзынæн ныр уыцы дыргъахуырæй æцæгæлон адæмы æхсæн, акъаци æмæ хæрисæй дарддæр дзы ницы зайы, куы зæгъынц, уæд? Рацæй-рабон, æмæ æмбисæндты баззаинаг дыргъдон ам разынди. Мæстæй мæ чи мардта, уыдон мæ фæдыл хуындзау куы æрцыдысты, уæд хæлæгæй бынтон куыннæ атъæппытæ ластой — бæлæстæ раст сæ тæккæ дидинæг æфтаугæ æрæййæфтой, фырхæлæгæй сæ цæсты фиутæ куы атайой, уымæй сын старстæн: «Гауыр, гауыр, ам дæр та йæ хъуыддаг куыд ацыди!» — О, уыцы рагон таурæгътæ хорз сты, фæлæ айдагъ дыргъæй цæргæ дæр никæйма федтон. — Омæ, хæринаг мæ зæрдæ куы нæ агура, уæд мын æй тыххæй бадарынмæ хъавыс? — Зæрдæмæдзæугæ хæринæгтæ мæнæн дæр нæй, фæлæ хæдзары цы æрæййафай, уый хорз. Мæнæн дæр сæ мæ зæрдæ тынг-тынг бæргæ нæ агуры, фæлæ йæ уæддæр зонын: æнæ хойраг фæцæрæн нæй æмæ йæ бахæрын цыфæнды зæрдæцъæхæй дæр. — Ныууадз-ма мæ, дæ хорзæхæй — куы мæ хъæуа, уæд къæбицыл гуыдыр æвæрд нæй, бахæрдзынæн. Акса, дæ хорзæхæй, уыцы бустæ ныхас та йын цы миниуæг у æрæджыйæ нырмæ? Цыма дзы мæхицæн исты агурын. Горæты куы æрбынатон стæм... Æрбынатон, зæгъгæ, цас бынатон уыдыстæм: Джеуæргуыбайы æртæ чъиримæ сыхбæсты цалынмæ æрхуыдтаиккам алы аз дæр, уæдмæ ницы хуызы акуымдтаид горæтмæ. Зымæджы нымад æртæ мæйы дзы кæд тыххæйты бафæраза, уæд хорз. Мит æххæст нæма сыстдзæн, афтæ йæ нал бауромдзынæ: хъæумæ æрфардæг вæййы. Æмæ та уæд мæнæн дæр мæ цард цоппайаг: къæвдайæ, хурæй дыууæрдæм кæн Зилгæйæ Дзæуджыхъæуы æхсæн. Ныр ацы фæд-фæдыл зæрдæхъæрмтты фæстæ Джеуæргуыбамæ дæр нал банхъæлмæ кастæн: горæтмæ йæ фæхæццæ кодтон дохтыртæм равдисынмæ. Мæхæдæг дæр ыл кæд гуырысхо кодтон, уæддæр ма цæмæдæр æнхъæлмæ кастæн, нæ мæ уырныдта, фæлæ мын дохтырты тæрхон ме уæнгтæ асаста: склероз. Низты æбуалгъдæр. Сабийæн суанг авдæнæй фæстæмæ йæ зондыл бонæй-бонмæ æфтгæ фæкæны, уыцы низ кæмæ фæхæццæ уа, уымæн та мынæггæнгæ цæуы æмæ фæстагмæ сабийæ уæлдай нал вæййы. Дзæгъæлы куы нæ дзырдта, дзæгъæлы, йæхæдæг дæр фæстаг заман: — Ахæм ма диссаг уа, цыдæр æнахуыр рохзæрдæ сдæн. Дзæгъæлы куы нæ уыдысты мæ гуырысхотæ дæр: цымæ цы ’гъдауæн сау æвзалы баисты нæ кастрункæтæ иууылдæр? Уæларт хæринаг сæвæрдтаид æмæ дзы-иу байрох, йæхæдæг кæнæ уынгмæ афтыдаид, кæнæ цæхæрадоны исты куыстыл фæцадаид. Уæллæй, хорз хъуыддаг нæу уый: суджы пец ма цыфæнды фæуæд, фæлæ газ ахæмтæ нæ бары, æмæ не ’мбисонды хъæр хъуысдзæн. Уæдæ йæ горæтмæ куы схæццæ кодтон, уæд уым дæр афтæ. Бинонтæ иууылдæр бон-изæрмæ куысты, хæдзар та Бабуйы æмæ Лæппыны æвджид. Хæринаг ахъарм кæныны тыххæй электрон пецы цыппар къæйæ иу ссудздзæн, тебæ кæнæ кастрункæ та æндæрыл æрæвæрдзæн. Сæрæн цалынмæ уыди, уæдмæ йæм стыр удæнцойы хос касти: æркъæпп æй кæн æмæ ссудздзæн, нæдæр æй сæндзарын хъæуы, нæдæр алайы фæд уадзы, мигæнæн куыд цæхæркалгæйæ æрæвæрай къæйыл, афтæ сыгъдæгæй йæ фæстæмæ дæр райсдзынæ. Ныр та йæ хъуыр-хъуыр æмæ бустæйæн кæрон нал ис: цæмæ хъуыди ацы пец, æгæрмæгур ыл цай стæвдгæнæн куы нæ ис, уæд? Цыма æнæхъæн авдуæладзыгон хæдзары иннæтæй хъауджыдæр мæнмæ газ æрбауадзинаг сты, науæд дзы цыма нæхимæ ирон суджы пец самайæн ис. Октябры тæккæ кæрон диссаджы фæлмæн æмæ хъарм рæстæг скодта; раст зæгъын хъæуы, изæрыгон айдагъ хæдоны уынгмæ нал рацæудзынæ, фæлæ уыйхыгъд боныгон сæрд вæййы æмæ сæрд, хуры судзгæ тынтæ алкæй аууонмæ тæрынц. Фæстаг хъæрмттæ сты, æвæццæгæн, иугæр фæкъæвда куы бафæраза, уæд фæззæг йæхионтæм бавналдзæн æмæ æддæ зæрдæйы фæндиаг нал абаддзынæ. Æмбарынц æй зæрæдтæ, æмæ сæ горæтаг цанæбæрæг зылдтытæ куы ахицæн вæййынц хæдзары мидæг, уæд кæртмæ сæхи райсынц. Иугæр сæ иу йæхи æруадзæд æнгузы бын дæргъæй-дæргъмæ бандоныл, æндæра уайтагъд бакъорд вæййынд. Бабу дæр сæм рудзынгæй куыддæр фæкоадкоммæ уа, афтæ йæ мидæгæй бастæй дæр нал бауромдзынæ. Цалынмæ устытæ æвдæлон дæргъвæтий ныхас фæкæнынц, уæдмæ Лæппын та змисæй фæхъазы чысыл æддæдæр. Уыцы бон дæр дзæвгар фæбадтысты бæласы бын. Лæппынæн дæр дзы хъазыны æмбæлттæ фæцис æмæ йæ мидæмæ нал хаста йæ къах. Фæлæ иугæр устытæ куы рахæлиу сты, уæд ма йын æнæ цæугæ цы уыд. Лифтмæ бахызтысты æмæ къæпсыр балхъывта Бабу: кæцы уæладзыгмæ уыдаид, мæгъа, нæхи къæсæрыл æви искæй дуармæ — сгуырысхо Бабу. Уæладзыгæй уæладзыгмæ фистæгæй зилын байдыдтой кæрæдзи къухтыл хæцгæ: нæ фатер кæцы у, уый нал ардтой; алы уæладзыджы дæр бынтон æмхуызон дыууæ дуары, бынтон æмхуызон дуары хæцæнтæ дар — марадз æмæ йæ равзар, кæцыйы цæрæм; æрмæст ын уæладзыгмæ кæнæ дуарыл фидаргонд нымæцмæ гæсгæ ис базонæн; Лæппыны сæр нæма ахсы, Бабуйы сæр та ахсгæ нал кæлы уæладзыггай нымайын; сывæллон ын куы иу дуармæ бацамоны, куы иннæмæ, æмæ бынтондæр сдызæрдыг, суанг ма — цæй æнхъæлæй, марадз æмæ йæ базон — лифты фæскъуыммæ дæр бакæсынц, афтæмæй асинтыл куы уæлæмæ хизынц, куы дæлæмæ; дуар бахойын та чи йæ сæрмæ хæссы — куы йыл фæхудой, мыййаг. Кæдмæ афтæ фæзылдаиккой, Хуыцау йæ зонæг, хорз æмæ уæдмæ мæхæдæг æрбахæццæ дæн. Фатеры дуар бакодтон — æмæ дзы ничи. Ау, уæдæ кæм хъуамæ уой? Кæрты æмæ уынджы дæр сыл куы нæ бамбæлдтæн. Уæттæм, балкъонмæ, хæринаггæнæнмæ, уазæгдонмæ, суанг къæбицы къуыммæ бакастæн. Никуы æмæ ничи. Сыхæгтæй искæмæ бадой? Æмæ сыхæгтæм дæр мæлæты цæуаг куы нæ у. Дзæбæхдæр акæсын хъæуы кæртмæ, нырма дзы чидæртæ куы бадынц. Нæ, куы æрбацæйцæуын, уæд мæ æнæ ауынгæ никуы фæвæййы Лæппын — йæхæдæг куы нæ фена, уæддæр ын йе ’мбæлттæ ацамонынц,— «дада, дада!» хъæргæнгæ æрбатæхы æмæ мыл атыхсы; фырдиссагæй йæ дзыхы ныхас нал фæбады, афтæмæй мын хабæрттæ кæнынмæ фæвæййы: «Дыууæ халоны быруйы сæрыл фæхыл сты æмæ дзы иу иннæйы сæр йæ бырынкъæй ныкъкъупп лас’та», «Бертикæн йæ папæ велос балхæдта æмæ йыл мæн дæр бауагъта абадын», «Динкæ къæбылатæ ныййардта уæртæ быронуадзæны фарсмæ, цæуæм-ма, фен сæ». Ацы Динкæйы диссæгтæ та бонæн диссаг сты: куы гæдыйы бæласмæ басырдта æмæ йæ æрхизын нал уагъта, куы лæппутæй чидæр фæздæгдзæф тахынæг бахордта æмæ йæ тæфæй базыдта, йæ фæдыл зылдис æмæ зылдис, йæхи дæр ахæм хъуыди. Къæсæрæй рахызтæн æмæ сæ ныхас мæ хъустыл ауади. Бынæй кæмдæр, асинтыл. Ныр цымæ цæуыл зæрдæхауд фæдæн, уымæй мæ бафæрс, уæд цы дзуапп раттин? Цæй æрæгмæ хæццæ кæнынц, дæ хорзæхæй? Æнхъæлдæн æмæ дæлæмæ фæцæуынц. Цы хъуыддаг ма сæ ис изæрыгон æдде? Асинтыл рæвдзгомау æруадтæн æмæ сæ дыккаг уæладзыджы фатертæй иуы дуармæ кæрæдзи къухтыл хæцгæ æрæййæфтон. — Мах та нæ хæдзар нал арæм,— фæхæрзæггурæггаг мæм Лæппын. Бабуйæн дæр йæ цæсгомы тыхстхуыз æнхъырдтæ æрлæмæгъ сты, фæлæ йæм хардзау æркаст сывæллоны ныхас:
![]() |