![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 6 часть
Дæлæ ис уыцы хибар æхсынцъы бæлас дæр Беслæнæй галиуырдæм. Дыууæйæ йæм фæцæуæм æркæрдынæввонг мæнæуы хуымы астæуты цалхвæдыл; дыууæйæ дæр бæгъæмсарæй; мæнæн мæ пинджак ме уæхсчытыл æппæрстæй, уый та бæгъæмвадæй, æхгæдхъуыр сырх кофтæйы, йæ уæхскыл къаннæг сæрак хызыны бос æппæрст, йæ иу къухы дæр æмæ иннæйы дæр — фæйнæ цъилзæвæты; мæнæ ныртæккæ бахæццæ уыдзыстæм æхцон сатæг аууонмæ. Кæс-ма, дæ хорзæхæй, цæры нырма. Цъаммар у, æвæдза, цæрынмæ, иуæндæс æмæ ссæдз азы йæм нымады дæр не сты. Цæй æхсынцъы æмæ цæй мæнæуы хуым — дурфыцæн завод дзы раджы куы сарæзтой. Сарæзтой, фæлæ фæстæдæр. Уыцы æхсынцъы у, æнæкарст мæнæуы астæу, дыууæйæ йæм фæцæуæм. Фæстаг зæххон нывæн мын кæд уыцы ныв бауарзта Хуыцауы цæст, уæд, æвæццæгæн, æназым дæн йæ разы. Фыццаг хатт æй Беслæнæй Дзæуджыхъæумæ поезды федтон. Зымæджы кæрон уыдаид æви рагуалдзæджы? Цыдæр уæддæр палтоты мидæг уыдысты йæхæдæг дæр æмæ йе ’мбæлттæ дæр, стæй ма сæ кæмæн тинтычъи кæлмæрзæн йæ уæхсчытыл, кæмæн къуымбилæй быд худ йæ сæрыл. Кæмæн сæ йе ’ргом мæнырдæм, кæмæн йæ чъылдым, фондз-æхсæзæй. Æмæ йæ фыццаг фендæн нал ферох кодтон. Рæсугъдæй кæд хъуаг нæ уыди, уæддæр дзы мæнæ-мæнæ диссаджы рæсугъд нæ загътаин, йе ’мбæлттæ дæр æнæдæр нæ уыдысты. Гъе фæлæ йæ æрмæст йæ сæрыхилы тыххæй нал уыди ферохгæнæн. Уымæй размæ дæр æмæ уымæй фæстæмæ дæр дыккаг ахæм сæрыхил никуал федтон. Куыддæр уыциу къордæй хъæлдзæг ныхасгæнгæ æрбахызтысты, афтæ фыдæндзæрст вагоны сæ палтотæ ласынмæ фесты. Йе ’ргом мæнырдæм здæхт фæцис æмæ дзы мæ цæст атонын нал бафæрæзтон. Кæлмæрзæн йæ сæрæй систа æмæ йæ уæхсчытæм æруагъта. Æмæ вагон æнæхъæнæй дæр бæлвырд фæрухсдæр, фæрайдзастдæр. Нæдæр бур, нæдæр мыдхуыз — сыгъдæг сыгъзæринæнгæс сырхбын, тæрныхы сæрмæ уылæнтæ-уылæнтæ, къæбæлдзыг дадалитæ; бæзджын, хъæддыхбыд дзыкку разырдæм раппæрста. Фæстæдæр цынæхуызон ахорæн федтон, ахæм нал баззади, фæлæ дзы уый хуызæныл никуал фембæлдтæн. Æрдзæй лæвæрдæн бæгуыдæр нæ вæййы æмбал. Нæ, цардæгас æрду сын уæвæн нæй, сыгъзæрин лыстæгуагъд æндæхтæ уыдзысты. Фæндаг даргъ уыди, цыбыр — чызгмæ хъуаджы каст фæкодтон, афтæмæй мыл ахицæн. Дзæбæх мæм зындысты йæ цæсты гагуытæ дæр. Уыдон дæр сыгъзæринхуыз, саубын тæппытимæ. Хъоппæгдзаст. Цалынмæ хæццæ кодтам, уæдмæ мæм цалдæр хатты æхсгæ кастæй фемдзаст. Хæрзаг загъта: ахæм ма дзы æнæфенд уа, хъæддаджы хуызæн мæм куыд ныккомкоммæ. Дзæуджыхъæуы уыциу къордæй куы рахызтысты вагонæй, уæд дæр ма йæ фæдыл дзæвгар фæкастæн, цалынмæ трамвайы бабадтысты, уæдмæ. Цалдæр боны фæстæ та тæккæ уыцы поезды æмæ вагоны бадт фæдæн. Абон дæр мæ рох нæу: дæс сахаты æмæ æхсæз минутыл-иу араст Беслæнæй, вагон та — дыккаг. Уæды заман ма вагæттæ тамакодымæг адæмæн æмæ нæдымæгæн дихгонд уыдысты: æнæкъай — дымджытæн, къайджын — нæдымджытæн. Цалынмæ Дзæуджыхъæуы ахуыр кодтон, уæдмæ æнæкъæйтты уыдис мæ фæндаг — фарæстæм вагоны, къæдзилмæ хæстæг, йæ бæлццæтты фылдæр хай — ахуырдзау фæсивæд; рæстæгмарæнæн къамæй цъыкк кодтам тамако пъæртгæнгæ. Æллæх, æллæх, куыд фæрæзтам, уæдæ, уыцы фæздæгмæ, уырысы загъдау — фæрæт æрцауындзæн дзы уыди; цы нæ дзы дымдтой: хикарст тамакойæ кæнæ æлхæнгæ махоркæйæ сæгъы къæхтæ, лулæтæ, аслам бапъерозтæ, хъылма сигареттæ. Кæд мæхæдæг цыфæнды дымаг уыдтæн, уæддæр дзы æрмæст æрдхæрдты æмæ къамæй хъазыны мондагæн фæрæзтон. Ахуыр куы фæдæн, уый фæстæ дзы никуал бабадтæн. Уый æмæ дын дыккаг вагон: сыгъдæг, райдзаст, ноджы дзы ацафон цæуджытæ дæр цанæбæрæг. Ацы хатт сæ вагоны бадгæ баййæфтон — æрæджиаугомау, поезд куы фæраст, уæд схызтæн. Амæй размæйы къорд. Бадтысты тæккæ бацæуæны купейы. Бурдзыкку — рудзынджы рæбын. Мæ акомкоммæ куыд уыдаид, афтæ купецухæй æруагътон мæхи. Уагæры сæм цастæ дзуринаг ис? Раст зæгъын хъæуы, бурдзыккуйæ искуы-иу ныхас йеддæмæ нæ хаудй, худæнбылæй лæмбынæг хъуыста иннæтæм, æрмæст хатгай æхсгæ каст фæкæны мæнырдæм. Ахуырмæ цæуой æви кусынмæ? Æмæ ацафон ахуырмæ чи цæуы — дæс сахатыл? Кусынмæ та æгæр æвзонг сты. Стæй сихортæм чи цæуы кусынмæ — нæдæр боны радмæ, нæдæр æхсæвы? Уæдæ киномæ рараст уыдаиккой æмæ сæ Беслæнæй Дзæуджыхъæумæ кинойæ дарддæр ницы сагъæс уа иу хаттæй иннæмæ? Уæдæй фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ мæ алы цыд дæр дæс сахаты æмæ æхсæз минутмæ сарæзтон — раджы мын уыдаид æви æрæджы кодтаин. Æмæ алы хатт дæр нæ цыд иумæ æййæфта. Диссаг у: дæлæмæ цæугæйæ сыл никуы бамбæлдтæн. Цæй, уый æгæр уыдаид — иуырдæм дæр мын фаг. Бадтæн, кастæн æм, бæллицтæй мæхи рæвдыдтон. Искуы-иу хатт мæм-иу уыцы æнæкъæмдзæстыг æргомæй куы æрбакаст комкоммæ, уæд мын-иу бонтæ æмæ къуыритæ фаг уыди. Дзæнæты бадæгау бæргæ уыдысты æхсæрдæс æмæ дыууиссæдз минуты, фæлæ-иу мæлæты тагъд атахтысты. А, æвæдза, поезд цалдæр минуты æрæджы кæнæ фæстиат кæны, уæд-иу мыл дыккаг хур скасти. Цыфæнды зæрдиаг куы уыдаид сæ ныхас, уæддæр рæстæгæй-рæстæгмæ мæнырдæм æнæ фæкæсгæ нæ фæцадаид: хъуамæ базона — хъуаджы хуызæн уымæ дзагъырæй лæууын æви мæм æндæр искæмæ фæкæсыны ныфс разынди? Йæ цæстæнгас, иуæй, тæргайхуыз, иннæмæй, æртхъирæнгæнæг: уæдæ ма дæм æндæр чызгмæ бакæсыны нæ, фæлæ рудзынджы æдде хъуынтъыз æнæзмæлæг быдыртыл дæ цæст ахæссыны ныфс дæр разынæд. Мæхицæн зæрдæтæ æвæрдтон, æндæр цы, кæд æм нымады дæр нæ уыдтæн, уæддæр. Фæндгæ мæ афтæ кодта, æмæ фæндонæй куы уаид алцы, бæргæ. Мæй аивгъуыдта, дыууæ мæйы. Дзæуджыхъæумæ мын алы балц дæр бæрæгбон ссис, иу хаттæй иннæмæ æнхъæлмæ кастæн — кæд та мæ бахъæудзæн цæуын, æмæ алы хатт дæр тарстæн — мыййаг, вагоны куы нæ разына. Фæлæ мын Хуыцауæй ахæм хорзæх лæвæрд уыди. Мит сыстади, уалдзæг æмæ уалдзæг. Уалдзæг та ма цы вæййы — иуæндæс æмæ ссæдз азы рацыди уæдæй ардæм, уæддæр æй абоны хуызæн хорз хъуыды кæнын — фæндзæм апрелы æртахтысты зæрватыччытæ. Дыккаг уæладзыгмæ схызтæн, мæ кусæн уатмæ дæр нæма бацыдтæн, фæлæ йæ фарсмæ Зояйы уатæй машинкæйы къуырцц-къуырцц хъуысыди æмæ уал уырдæм батагъд кодтон цины хабаримæ: — Зоя, дæ хæрзæггурæггаг мæн — зæрватыкк искуы афтæ раджы æртæхгæ федтай? — дзургæ бахызтæн дуарæй. Æмæ фæсыкк дæн. Машинкæйы уæлхъус, Зояйы бынаты — йæ чъылдым рудзынджы ’рдæм — бадти мæ уд, мæ цæст, йæ сыгъзæрин сæрыхилы хъазыдысты сæууон хъæлдзæг хуры тынтæ. Æууæндон æви ма æууæндон мæ цæстытыл? Дуарæй куыд бахызтæн, афтæ сагъдауæй лæууын. Мæ цæстытæ мæ сайынц, æндæр кæцæй хъуамæ ам фегуыра, йæ кой æппындæр куы никæцырдыгæй уыд, Зояйæн дысон фæскуыст хæрзизæр куы загътон æмæ йæм махæй цæуыны зонд дæр куы нæ уыд æмæ ног кусæг райсыны ныхас дæр куы никæмæй фехъуыстон. Уæдмæ чызг йæ бынатæй сыстад æмæ фæрсырдæм иу къахдзæф акодта стъолы уæлхъус: — Сымахмæ уазæгæн æгасцуай нæ фæзæгъынц? — фыццаг хатт ын хæстæгмæ фехъуыстон йæ хъæлæс. Хæрзаг æдылыхуыз уыди ме ’нгæс. — Искуыдæр ма нæ! — балæууыдтæн йæ цуры æмæ йын йæ къух мæ дыууæ армæй фæлмæн æрæлвæстон комкоммæ йæ дыууæ цæстмæ кæсгæ. Уый дæр мæм комкоммæ кæсы, йæ сыгъзæрин стъæлфæнджын цæстытæ худынц. — Алæбон æгас нæм цу! Цас æмбæлы, уымæй фылдæр афæстиат йæ къух мæ дыууæ армы æхсæн æмæ базмæлыд, æз дæр æй æнæбары суагътон. Нæ ныцъцъæхахст ласдзæн æмæ алырдыгæй нæ фæфæдис уыдзысты, уымæй мæ ныфс куы уыдаид, уæд æй мæ хъæбысы æнæ æрбакæнгæ нæ фæцадаин, кæд цыфæнды хъæддаг ми уыдаид, уæддæр. Мæ уадул мын ныддзæхст ласа, ууыл дæр разы уыдаин. Афтæ дæр уыдаид, æвæццæгæн, фæлæ уæдмæ — мæ амондæн уыдаид æви ме ’намондæн — Зоя дуарæй æрбахызт — тъæпæнгомау, тымбылтæ, ирдцъар, гæркъæраг: — Базонгæ стут? — Æххæст нæма. — Ритæ у йæ ном,— уазæджы цурмæ бацыди, йæ дæларм ын æрхæцыд æмæ йæм бынæй уæлæмæ скасти, мидбылхудтæй йæ тыппыр уадултæ банхъырд сты. — Машинисткæйыл сахуыр кодта æмæ практикæйы æрбацыд махмæ. Æнæхъæн мæй нæм уыдзæни,— цингæнгæ йæм йæхи нылхъывта; фырдиссагæй иу къахыл слæууыд, иннæ æрдæгдыдагъæй сабиау йæ чъылдыммæ тилы. Саби дæр у, уæдæ нæу — уазæджы æмгар, науæд дзы фылдæр-фылдæр афæдз хистæр. Цæуыл уа, цымæ, йæ цин? Мæгуырæг, йæ фæсонæрхæджы дæр нæй, мæнæн ныртæккæ фырцинæй мæ зæрдæ мæ риуæй кæй схаудзæн. Æниу, цас ницы бамбара, уыйас хуыздæр. — Кæс-ма,— уазæджы хъæддых быд дзыкку фæсонтæй размæ раппæрста:— Ахæм сæрыхил искуы федтай — сыгъдæг сыгъзæрин! — О-ох, Зоя,— цæмæндæр ныфсæрмхуыз Ритæ, йæ уадултæ бынтон сырх-сырхид афæлдæхтысты. — Федтон, Зоя, федтон — цыппар боны размæ,— гæдыйæ ницы, æцæг цы уыди, уый загътон. — Бæгуыдæр сыгъзæрин. Зоя йын цы зыдта, фæлæ мæ Ритæ æнæ бамбаргæ кæм фæцадаид. Мæ къух мæ нал бафарста æмæ æз дæр чызджы дзыккумæ бавнæлдтон хъавгæ. — Æдзæсгом! — мæ къух мын æркъуырдта Зоя. — Ды та йæм цæмæн æвналыс? — Нæ дыл æууæндын, Зоя, æмæ йæ мæхæдæг басгарон. Цæй сыгъзæрин у? Лыстæгуагъд сыгъзæрин телы бæсты — цардæгас фæлмæн хил, цыллæйау лæзæры æнгуылдзты æхсæн. — Цы у? — кæдæй уæдæй та мæм сдзырдта Ритæ. — Дзыкку,— цыма цæмæйдæр фæфыдæнхъæл дæн æмæ мын тынг хъыг уыди, уыйау арф ныуулæфыдтæн æмæ æнкъардæй дзуапп радтон æз. Ех-х, æвæдза, цы хуыздæр арфæ зæгъон мæ амонд скæнæгæн! Нæ, ницы хуызы мæ бауырндзæн, æнæнхъæлæджы æрбафтыдаид, æз кæм куыстон, уырдæм, уый. Æнæ мах дæр фыссæн машинкæтæ бирæ къанторты куы ис, уæд комкоммæ махмæ куыд æрбарæдыд? Нæ зонын, нæ зонын, хуымæтæджы уа. Базыдта йæ, æвæццæгæн, мæ куысты бынат, мæлæты зын базонæн куы нæ у. Йе ’мбал чызджытимæ сæм мæ кой æнæ рауайгæ нæ уыдаид. Ау, нæ йæ уыдтой, дыууæ мæйы дæргъы йæм дзагъырæй куыд фæкастæн, уый? Æз æй нæ зонын, фæлæ дзы, æвæццæгæн, мæн чи зоны, ахæм разынди. Æмæ йын куыддæр фадат фæцис, афтæ мæ бацагуырдта Ритæ йæхæдæг. Уæд уый ницæуыл дзурæг уа? О, уæлдæр схæц дæ хъустыл, дæу мæтæй мæлы. Уыцы бон нæ бахастон мæ ныфс, фæлæ йæ цалдæр боны фæстæ сæхимæ афæндараст кодтон фæскуыст; кæцырдыгæй цæры, уый куы базыдтон, уæд дызæгъ-мызæгъы æфсон ссардтон, цыма мæ хъуыддаджы фæдыл цæуын хъуыди, уыйау йемæ фæраст дæн бетонгæнæн заводы ’рдæм. Хуыцауы куы бафæнда, уæд ын зын ницы у: æнæфенд цæстмæ тагъд нæ бакодта сæхимæ, фæлæ æндæр уынгыл дæрддзæфты æрзылдыстæм уæлæмæ дæр, дæлæмæ дæр. Ницæуылты æмæ мацæуылты дзæвгар фæныхас кодтам, уый — фылдæр хъусгæ, æз — фылдæр дзургæ. Хæрзизæр зæгъыны афон куы æрхæццæ, уæд æнæбары сфæрæзтон, уæдæй нырмæ мын æнцой чи нæ лæвæрдта, хæссын кæй нал фæрæзтон æмæ мæ зæрдæ кæмæй æрцæйскъуыд, уыцы уаргъæй фервæзын æнхъæл: — Ус мын ис, Ритæ. Æмæ зæрдæ æрыскъуыд, тугдадзинтæй феуæгъд, æнахуыр æнцон мын фæцис æвиппайды: æнхъæлмæгæсæн ницæмæуал ис. — Æмæ уый цы диссаг у? Æнхъæлыс, дæуæн йеддæмæ никæмæн и ус? Фæрнæй цæрут, фæрнæй. Йæ къух мæм æрбадардта, ома, фæхицæн афон у, æмæ мын йæ армытъæпæнæй мæ арм рог æркъуырдта: — Сылгоймаджы зæрдæйыуагæн ницы æмбарыс æмæ йын уæвгæ дæр никуы ницы бамбардзынæ. Усджын! Цалынмæ тигъæй фæаууон, уæдмæ æмбаргæ дæр нæ бакодтон, иунæгæй кæй аззадтæн. Беслæны хъæуысæрæй Зилгæйы онг æнæкæрон даргъ фæндагыл мæ зæрдæ цы кодта, уый знаджы зæрдæ дæр макуы фæкæнæд. Ныр райсом зынгæ дæр нал фæкæндзæн æмæ ма йæ уынгæ дæр кæм фендзынæн? Хорз уыди æмæ ахуырмæ цалынмæ цыди, уæдмæ бабад дæс сахаты æмæ æхсæз минуты поезды. Ныр та? Ахуыр фæцис æмæ кæцырдæм йæхи айсдзæн, марадз æмæ йæ базон. Стæй ахæм уындджын чызг фæстиат дæр бирæ кæй нæ бауыдзæн, уый хъуамæ хорз æмбарай, кæд ма дыл фындзыхуынчъытæ ис, уæд. Диссæгтæ, ай æцæгæй æппындæр куы ницы æмбарын! Дыккаг бон иннæ хæттытау мæнæй раздæр фæзынд куыстмæ. Цыма ®ппындæр ницы æрцыд, уыйау йæхицæн æнцад къуырццкъуырцц кæны. Йæ бакаст, йæ ныхасыуаг мисхал нæ фендæрхуызон сты. Фæлæуу, фæлæуу, уæдæ цы æнхъæлдтай, Цæуыл дæ зæрдæ дардтай? Ома, йæхи къахæй æрбацыд, йæхæдæг дæ бацагуырдта æмæ уый хуымæтæджы нæу? Дæ хъуагхуыз ракæс-бакæсæй йæ зæрдæ атади æмæ нал бафæрæзта æнæ дæу, йæ æфсармы сæрты ахызти. Æдылы, æдылы, фæзондджындæр афон дын бæргæ у. Æнæхъæн бон æддæмæ нал ракастæн, сихор хæрынмæ дæр нæ ацыдтæн. Хорз æмæ мæ бæрæггæнæг арæх фæцкс, минут иунæгæй никуы аззадтæн, иу нæма ахиздзæн, афтæмæй иннæ йæ сæр æрбадары дуарæй. Æмæ иунæгæй куы аззадаин, уæд мæм цыма йæ размæ бацæуыны фаг ныфс разындаид? Цæй, ныр ма йыл цы мæ сæр риссын кæнон — разындаид, нæ разындаид? Цымæ йæ æмбара, абонсарæй мæ зæрдæ цы кæнæг у, уый? Æндæр æй мæт дæр нæй. Æхсæз чысылхъуаг уыдис, афтæ йæхæдæг æрбахызт мæ уатмæ: — Бирæ ма кусыс? Æрбахызт, зæгъгæ, хуры судзгæ цалх æрбатылд æмæ дуаргæрон æрлæууыди. Цъилзæвæт урс туфлиты, фæлурс кæрдæгхуыз ибкæйы, æмыр æхгæдхъуыр сырх свитеры — рæхснæг, æлвæст, æнæ уæлдай фыды мур, бæлвырд бæрæг дарынц йæ роны кæрæдзимæ дæрддзæфгомау æмбæхст дыууæ хъæбæр джиранка фæткъуыйы. Мæстæймарæн. — Хæрæгæй фылдæр ничи фæкуыста æмæ уый дæр амард,— нывылдæр дзуапмæ нæ сарæхстæн æмæ гæххæттытæ мæ цурæй иуварс асхуыстон. — Цæуæм, уæдæ. Æгайтыма йæ зоныс хæрæджы хабар. Æз дæм тигъы фале фæлæудзынæн. Марадз æмæ йæ бамбар — хынджылæг мæ кæна æви къахгæ. Æви йæ нæ бауырныдта усы хабар? Куы нæ йæ бауырна, уæддæр Зояйæн йæ хъустæ куы рачындæуыд, ма дын æй адзура. Фæсвæд æмæ дæрддзæф уынгты фæзылдыстæм æнафонмæ. А, мæныл худæн нæй: мæ сæрызонд фæцыд æмæ фæцыд, фæлæ Ритæ та йæхи цавæр артмæ æппары барвæндæй, уый не ’мбары? Адæмæй куы ницы басусæггæнæн ис, абон куы нæ уа, уæддæр æй райсом хъус-хъус ауадздзысты: кæйдæр лæгимæ талынг уынгты фæцæйцыд. Омæ, цас диссаг у, куы фæцæйцæуой, уæд? Нæ, мæ хур, ахæмтæй никæй асайдзынæ æмæ дзы дæхи дæр ма сай. Æмбæхсай, ма æмбæхсай изæрдалынгты — исчи дæ æнæ фенгæ нæ фæуыдзæн. Ныронг мæ уарзæттæ æргом уыдысты, никæмæй сæ сусæг кодтон. Ныр мын уыцы бар нал ис. Куы райхъуыса, уæд — аба-бау. Боныгон æнæгуырысходæр у. Уæдмæ Ритæйæн йæ практикæ ахицæн, къанторы бадын æй нал хъуыди. Æнæ кæрæдзи фенгæ та нын фæцæрæн нал ис. Уæд цы æрхъуыды чындæуа? А, иу хатт æрбацæуæд æнæ фæгуырысхойæ, дыууæ хатты. Фæлæ æртыккаг, цыппæрæм хатт та? Æмæ дарддæр та? Ноджы ма — ме ’намондæн, æндæр цы — бон дæр мæлæты даргъ ныццис. Кæд æмæ кæд æризæр вæййы. Уæд æй хæдзары фæрсæг нæ фæуыдзæн — ацафонмæ кæм уыдтæ? Уæдæ мæхицæн дæр нæ алы фембæлд мæ фарсæй фæвæййы — цалынмæ хæдзармæ цæуай, уæдмæ хъуыды кæн: цы æфсон æрæмыстæуа? Олгинскæйы бафæстиат дæн æмбырды. Зæронд Бæтæхъойыхъæуы. Беслæны. Ног Бæтæхъойыхъæуы. Комбинаты. Ау, æмæ алы бон æмбырдтæ аразынæй дарддæр ницуал кусынц? Æмæ фæскомцæдисæн йæ хуыздæр куыст циу уæдæ? Иу бон — скъолайы, дыккаг бон — колхозы, æртыккаг бон — депойы, цыппæрæм бон — фермæйы. Æмбырдтæ дæр куыннæ, фæлæ сæ æз æгæр сарæх кодтон. Сайынæй æнаддæр мын бæргæ ницы ис, фæлæ хуыздæр цы æрхъуыды чындæуа? Бæгуыдæр, боныгон æнæгуырысходæр у. Сихормæ фæбадтæн куысты, стæй мæ хицауæн загътон: цæуон, Олгинскæйы фæсивæдон звенотæ цы гæнæг сты, уый базонон, истæмæй сæм фæкæсон. Бæгуы æхсызгон ын уыдис. Ноджы ма æнæгуырысходæрæн мæ дæларм гæххæтты тыхтон фæцавтон: фæсивæды æппæтдунеон фыццаг фестивалмæ сидæг аив плакаттæ, ахъаззаджы бæзджын гæххæтты егъау сыфтæ. Уæлдай бузныг мæ фæцис мæ хицау: тынг сфидаудзысты Олгинскæйы хъæусоветы къулыл, скъолайы тыргъы, клубмæ бацæуæны, фермæйы къулыл. Бынтон сразæнгард уыдзысты фæсивæд, куы сæ феной, уæд райдзаст фидæны сæраппонд нардуат фæллоймæ. Рагацау куыд бафидыдтам, афтæ дыууæ сахаты поездæн рацыдтæн йæ размæ. Дыккаг вагоны æрлæууæнмæ. Цыма чысыл æддæдæрмæ кæрæдзи нæ федтаиккам. Адæмæн се ’ппæты фæстæ рахызт — хинымæр тыхсгæ дæр ма бакодтон: ау, цæуылнæ æрцыдаид? Æви æндæр вагоны бабадт? Уалынмæ дуарæй разынди. Куы мæ ауыдта, уæд йæ цæсгом фæрайдзастхуыз. Зымæджы йыл иунæг дзыгъуыр дæр нæ раиртæстон. Ныр уадулæй, тæрныхæй — хуры тынтæ комкоммæ кæдæмдæриддæр хауынц, уым æмхуызон хъулон афæлдæхт. Цы нæ сын кæны — джитърийы донæй, афтеччы хосæй: фесæфæн сын нæй. Цæуыл тыхсыс, цы дæ хъыгдарынц, зæгъгæ йыл худæгæй фæмæлын, уый та фырмæстæй йæ хъуырмæ свæййы. Перрон фæсте аззади, спъалытæ нымайгæ Дæллагхъæуы ’рдæм араст стæм, рельсытимæ фæрсырдыгæй æмдзугæнæг фæлмæн къахвæндагмæ рахызтыстæм. Рахизырдыгæй — тыгъд быдыр, галиуырдыгæй — дæргъæй-дæргъмæ фыхдурæй быру. Быруйы фале — иугай хæдзæрттæ, чи цæттæ, чи æрдæгарæзт. Уыдоны фале — Ног Бæтæхъойыхъæуы мæнæуы хуым. Фæззæджы гутонæй куы фæлдæхтой, уæд бафтыдтæн трактористтæм — хъæддаг æхсынцъыйы бын сихор хордтой — æмæ йæ суанг уæд бадартон мæ зæрдыл: сæрдыгон хæрзаг удæнцой у быдырдзаутæн. Хæдзæртты фале — фосхизæн, уый æдде — мæнæуы хуым, йæ астæуты — уæрдонвæндаг: кæдæм у — мæгъа. Быдыры змæлæг нæй — чи дзы хъуамæ цы архайа бонрæфты? Æрмæст уæртæ дæрддзæф кæмдæр стуртæ ривады хуыссынц къанауы был æмæ фæрсырдыгæй зыны хъомгæсы урс нымæтхуд. Хæдзæрттæй куы адæрддзæф стæм, уæд Ритæ фæйнæрдæм афæлгæсыд æмæ йæ уæраджы сæртæм февнæлдта: — Æллæх, мæ бон сæ нал у! — Цы кодтай? — æрлæууыдтæн æз дæр.
![]() |