Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 5 часть



— Уæртæ Жапханаты хæдзар.

Лæгты номæй нæ, фæлæ сæ устыты номæй амоны Яи, æмæ сæ æз дæр афтæ хонын; уайсадгæ кæны йæ тиуты æмæ мыггаджы æппæт нæлгоймæгты нæмттæ сывæллæттæй фæстæмæ.

Æхсæвыгон сæм кæд никуы уыдтæн, уæддæр æй базыдтон: хæдзары фæйнæ фарс дыууæ кæрты дуары уыдонæн йеддæмæ никæмæн ис.

— Бæгуыдæр, Жапханаты,— лæугæ не ’ркодта, афтæмæй мæм радзырдта Яи. — Хионты зонын хъæуы, мæ къона. Сæ уæле тигъыл та — Разетæтæ.

Зонын уыдоны дæр, куыннæ сæ хъуамæ зонон, фæлæ мæм Жапханатæм хуыздæр кæсы — мæхи æмгар лæппу сæм ис — Мурик, сабыр, зæрдæхæлар, йæ мидбылхудт æппындæр цæсгомæй нæ цух кæны, истæй тыххæй йæм загъд куы самайынц, уæд дæр.

Æнæхъæн æхсæз сты Яийы тиутæ, цыппар та — йæ файнустытæ, йæхæдæг — сæ хистæр. Ноджыдæр ма дыууæ моймæдзыд ходыгъды, сæ иу, Жамка, нæхи хъæуккаг — Азиаты — чындз у, иннæ Здокка, уæртæ комбинатаг — Абайты — чындз. Комбинатмæ стæмдæр æфтæм, фæлæ файнустыты æмæ Жамкайы алы къуыри дæр бæрæг кæны радгай æмæ йын уыцы фæтк нæдæр сæрд, нæдæр зымæг ис фехалæн, арв æмæ зæхх кæрæдзи хойой æви цыфæнды хъызт уа, æппындæр æй куы нæ æвдæла, уæд дæр: мады, æфсины бæсты сын баззад. Кæмæн арфæ, кæмæн — уайдзæф, кæимæ уынаффæ. А, æвæдза, исты ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй бакъуылымпы, уæд йæ рад кæмæн æрæййæфта, уый йæм йæхæдæг фæдисы æрхæццæ вæййы изæрырдæм. Мамæ йын бустæ дæр ма байдайы:

— Тæхуды, уæртæ ус, зивæг дæр куыннæ кæныс алы бон уыдоныл зилынмæ. Хæрзаг ма зæгъой, исты æнхъæлæй сæм цæуыс. Ноджы ма сывæллон дæр къæбылайау фæцалх демæ.

— Æмбæлгæ мын афтæ кæны мæнæн: хистæр файнуст дæн, æфсины бæсты дæр сын æз баззадтæн. Сывæллон та уадз æмæ хиуæтты зона, уыдонæй хæстæгдæр æм ничи ис. Йæ хотæ æмæ æфсымæртæ, мыййаг, куы нæ æрбалæудзысты бахъуыды заман йæ фарсмæ.

Разиаты тигъмæ дæр йæ фæллад суагъта Яи. Æз дæр цырагъ æрæвæрдтон æмæ мæ уæззау уаргъæй улæфын. Фæллайынц къухтæ æрдæгдыдагъæй, уæдæ цы. Йе æз даргъдæр куы уаин, йе та фанар цыбырдæр, уæд мæм йæ уæз нымады дæр бæргæ нæу. Уадулты цанæбæрæг хъыдзы кæны ирдгæ уазал, æндæр фиутыхт буармæ кæуылты фæхъуыза, уый йын нæй.

— Бафæлладтæ, мæ лæппу?

— Æппындæр нæ. Ноджыдæр ма иу уыйас куы фæцæуæм, уæд дæр нæ бафæллайдзынæн.

Ницы мæнг зæгъын.

Хъæугæронмæ рахæццæ стæм. Уæртæ уым, кæройнаг зæхбын хæдзары Аминæтатæ цæрынц, уый дæр Яийы файнуст у, мæныйас лæппу дæр сæм ис, Хадзымурат, стæй ма Дзыгко, Фуккæ æмæ Джабраил, уыдон та дынджырдæртæ. Тæккæ знон сæ бабæрæг кодтам Яиимæ. Сæ хæдзар бынтон ныллæг, хæрз гыццыл рудзынгимæ. Яи æмæ Аминæт фæхт радыгай хойгæ ныхас кодтой. Аминæт махæн дæр ма радта дзæрнайаг, йæ куатæйы фæдджийы йæ æрхаста Яи нæхимæ. Бирæ фæдзырдтой Хадзымураты фыд Гадзыбейы тыххæй. «Архангелмæ йæ фæхастой»,— загъта Аминæт. Архангел циу, уымæн ницы зонын, фæлæ йæ мæ зæрдыл хорз бадардтон — цалдæр хатты йæ ской кодтой. Хъæбысы йæ хастаиккой, æндæр цы. Науæд æккойы. Тæхудиаг. Йæ къухтæ куы æвдæликкой Яийæн, уæд мæ митыл цæуын нæ бауадзид — «Дæ къæхтæ схуылыдз уыдзысты» — йæ хъæбысмæ мæ æнæ сисгæ нæ фæуид. Æмæ дынджыр лæг куы у Гадзыбе — федтон æй уынгæ дæр, цалдæр хатты нæм уыдис,— уæд æй цымæ чи сфæрæзта? Сæрды хъуырнизæй куы фæрынчын дæн, уæд мæн дæр Яи йæ хъæбысы фæхаста суанг комбинатмæ, стæй мæ уым дохтырмæ бакодтой Здоккаимæ. Кæд Гадзыбе дæр рынчын фæцис æмæ йæ уый тыххæй фæхастой кæмæдæр.

— Яи, Гадзыбейы та Архангелмæ чи хаста?

Æрлæууыд æмæ фæджихау:

— Кæс-ма, дæ хорзæхæй, йæ цуры куыд ницы ис срæдийæн. Мæнæй куы айрох, уæд æй йæ зæрдыл цæй хорз бадардта, нырма зæххæй хæрдмæ нæма зыны, афтæмæй. — Стæй уæд ныддодой кодта:— Уастæн сæ быныхъæр рацæуа бынтон, мæгуыр лæг кæй дзыхæй бабын! Кæм цы æнæхæдзар ис, уыдон нын хицæуттæ æмæ уынаффæгæнджытæ систы, иу дæр сæ мауал баззайа!

Дзуапп мын нæ радта, фæлæ кæй смæсты, уый бамбæрстон, æмæ мæ кæд базонын тынг фæндыд, уæддæр æй дыккаг хатт бафæрсын нал бауæндыдтæн. Ахæмæй куы ницы загътон, уæд цымæ йæ маст цæуыл уа?

Йæ фыййаджы хыррытт дæр цыма мæстыдæрæй райхъуыст: раздæрау цыппар-фондз къахдзæфы фæстæ нал калы фæрсырдæм, фæлæ уыциу риуыгъд размæ акæны æмæ та фыййаг фæфæлдахы.

Йе знæт ныхасыл, æвæццæгæн, фæфæсмон æмæ мæм рæвдаугæ хъæлæсыуагæй сдзырдта:

— Цæуæм, мæ къона, рæвдздæр, науæд скæсæн фæфæлурс. Бирæ нæ нал хъæуы, нæ фæллад уый фæстæ суадздзыстæм.

Суанг уæлмæрдты онг нал æрлæууыд.

Уæлмæрдмæ бацæуæны дыууæ дурыл æвæрд дзæнхъа къæйы онг куы схæццæ стæм, уæд ыл фыййаг банцой кодта, цыртытæ бæрæг бæлвырдæй кæм разындысты, уыцырдæм азылд æмæ сабыргай загъта:

— Рухсаг ут иууылдæр. Хуыцау уын бахатыр кæнæд — æдзардæй ацæуæгæн дæр, тыхмардæн дæр, хистæрæн дæр, кæстæрæн дæр. Рухс дзæнæты уæ бынат. Рæхджы уæхимæ макæйуал бацагурут.

Ногæй та фæдгæнгæ ахæцыд фыййагыл. Ныггуыбыр, цыма йæ хæкъуырцц тыххæйты уромы, афтæ мæм фæкаст, фæлæ йæм сдзурын нæ бауæндыдтæн.

Уæлмæрдрæбыны кæройнаг ингæнтæм хæстæджыты у нæ фæндаг. Сæрды дзы цалдæр хатты уыдтæн Яиимæ, стæй ма нæ сыхæгты æмæ æнæзонгæ устытимæ: чи мын дзы адджинаг лæвæрдта, чи алтъами, чи кæрдо, чи сгуы. Раст уæлæ уыцы тутайы рæбын — ныр быгъдæгæй лæууы — бадтысты цъæх нæууыл. Мæн йеддæмæ сывæллæттæй ничи уыд семæ. Цалынмæ устытæ дæргъвæтин хабæрттыл схæцыдысты, уæдмæ æз та цыртытыл зылдтæн. Алы санчъехæн дæр мæ къæхты бынæй кæрдæджы сыбарсыбургæнгæ фæйнæрдæм лыгъдысты гæккуыритæ, чысыл æддæдæр-иу æрлæууыдысты æмæ-иу мæм сæ хъоппæг цæстытæй ныккомкоммæ сты сæ лæф-лæф цæугæ. Бæргæ сæм-иу фæцæйхъуызыдтæн сабыргай, фæлæ, а, ныр æй рацахсон, зæгъгæ, афтæ-иу æддæдæр асыффытт ластой.

Æмæ цы нæ диссæгтæ федтон цыртытыл нывгондæй: ливортæ, зæнгæйттæ, хъуывгъæттæ, камаритæ, хуыйæн машинæтæ, бæрцытæ, хъаматæ, хуымпъыртæ, разгæмттæ.

Æнæ æрзилгæ та сыл нæ уыдзæни ныр дæр.

Мæнæ кæроны цыртытæй иу. Яи йæ цурмæ куы бахæццæ, уæд фыййаг иуварс аппæрста, йæ къæхтæ фæдыдагъ сты, зонгуытыл æрхауд æмæ ингæныл ныддæлгом, цыртæн æрбахъæбыс кодта:

— О, ме ’нхъæлцау æдзард хъæбул, цæй тагъд бакодтай сау ингæнмæ, дæ сау ныййарæджы дзыназгæ куы ныууагътай! О, цæй фидар сты дæ ингæны къæйтæ, куыннæ сæ стоныс æмæ дæ иунæг сидзæрыл куыннæ баузæлæнтæ кæныс, мæнæ дæм сæумæ-сæууонæй карз миты рагъыл куы слæгæрста йæ гыццыл къæхтæй!

— Яи, Яи, ма ку, тæрсгæ кæнын æз! — фанар æрæвæрдтон æмæ йын йæ дысыл рахæцыдтæн.

Яи æвиппайды фæхъус, цырт суагъта, зонгуытыл слæууыд æмæ рæдзæ-мæдзæ кæны. Цыма сыстын нал фæразы, афтæ мæм фæкасти æмæ йын йæ цонгмæ февнæлдтон феххуысмæ.

— Æ, дæ цæрæнбон мын бирæ уа, ныридæгæн мын æнцой куы фæлæууыдтæ.

Сыстад æмæ йæ миттæ æрцагъта. Йæ æддæгуæлæтæй иуы дзыппæй къухмæрзæн систа æмæ дзы йæ цæстытæ ныссæрфта. Сæвнæлдта æмæ кæлмæрзæны æлхынцъ фидардæр бабаста.

— Ме ’гæрыл куыд фæдæн, сывæллоны дæр ма куыд фæтæрсын кодтон,— сдзырдта хатыр курæгау. — Цæй, кæд мын æй ныббариккой, мæ хъалæй, мыййаг, нæ уыдтæн.

Фыййаг систа, ингæны миттæ дзы хъавгæ æрсæрфта æмæ йæ сыджыт разынди. Æд фыййаг ингæны алыварс æрзылди æмæ мит æддæдæр акалдта.

— А, мæ хъæбул, дæ ингæн — сыгъдæг, дæ фæндаг — бæрæг, фæдзæгъæлæй дын тас нал у. Мæн ма цы хъæуы — мæ цард ницуал у, фæлæ мæнæ дæ иунæг сидзæрыл рæстмæ бацауд.

Йæ иу къухмæ фыййаг райста, иннæмæй мæ къухыл рахæцыд:

— Цæуæм ныр нæхимæ.

Фанар систон æмæ рараст стæм.

— Æри йæ мæнмæ, науæд æй зæххыл хафгæ цæуыс.

— Æмæ йæ æз бæрзонддæр сисдзынæн.

— Æри, æри, мæ къона, хорз мын фæрухс кодтай нæхицæй ардæм.

Нæ мæм æй ныууагъта.

— Цу ды разæй.

Уæлмæрдтæй нæма рахызтыстæм, афтæмæй бон дзæбæх æрбарухс.

Уæдæй нырмæ мæ дæлæвзаг цы фарст рауай-бауай кæны, уый сфæрæзтон:

— Яи, æмæ кæд æрцæудзæн папæ нæхимæ? Махимæ æви фæстæдæр?

— Уый Барастырæй аразгæ у — бар ын куы радта, уæд.

Бæлвырддæрхъуаг дзуапп у бæргæ, фæлæ уæддæр — æнхъæлмæ кæсынваг.

Мидæмæ цæугæйæ фыййаг цы къæйыл банцой кодта, уыйонг куы рахæццæ стæм, уæд та Яи фыййаг æмæ фанар æрæвæрдта, ингæнты ’рдæм разылд:

— Рухсаг ут, иууылдæр.

Æз дæр йæ фарсмæ æрлæууыдтæн. Æдзæм дунейы æгомыгæй лæууынц дурын æмæ хъæдын цыртытæ, мæнмæ та цæмæндæр афтæ кæсы, цыма улæфгæ кæнынц. Æмæ Яийы бафæзмыдтон:

— Рухсаг ут иууылдæр.

Яи йæ къухтæ ме уæхсчытыл æрæвæрдта, стæй мæ йæ хъæбысмæ фелвæста, йæ уымæл уазал уадул мæ русыл авæрдта, тыхбонæй мæ йæхимæ нылхъывта:

— Рæстаудæн дыл кæнæд, Яийы гыццыл къона.

Йæ хъæбысæй куы æрхауон æмæ тæнæг авджын дзаумайау куы базгъæлæнтæ уон, уымæй мын цыма тарсти, уыйау мæ хъавгæ зæххыл æрæвæрдта.

Фанарыл уæлиау схæцыд, иуцасдæр æм джихæй баззад æмæ кæд рухсæн ницуал æххуыс уыд, уæддæр æй нæ ахуыссын кодта; фыййаг дæр систа æмæ араст стæм.

Æз аивæй æртæ-цыппар къахдзæфы фæфæстæдæр дæн, æмæ уæлмæрды къуыбырæй цалынмæ нæ фæдæле стæм, уæдмæ ма иу каст фæкодтон фæстæмæ: кæд нæ, мыййаг, папæ раййафид.

Нæй, никæцæй зыны.

Яи гуыбыр-гуыбыр, лыстæг къахдзæфтæй цæуы разæй. Æз дæр къæбылайау йæ фæдыл уайын...

Æнæхъæн дæс æмæ дыууиссæдз азы куы рацыд уæдæй ардæм, уæд цæмæн афтæ ирдæй лæууы мæ цæстыты раз уыцы зымæгон бонивайæн, бирæ æндæр ахсджиаг хабæрттæ мæ бынтон куы байрох сты, уæд?

Тамакойы сыгъдон астæуккаг æмæ стыр æнгуылдзтæй нылвæстон æмæ йæ балкъонæй дардмæ фехстон. Уары æмæ уары, зивæггæнгæ зилдухимæ сындæггай дæлæмæ хауынц урс гæлæбутæ. Рудзынг ассыдтон æмæ уатмæ бахызтæн. Кæс-ма уыцы æнæнтыстмæ! Æдзух ын афтæ дзурын — «Ма кæн, науæд асхъиудзынæ», уæддæр йæ кæнон нæ уадзы: хуыссыны размæ хибарæй аззади, уæд хъæццулыл сынтæджы иу кæронмæ ахæцдзæн, йæхæдæг сынтæджы бæрæг астæу гæппытыл схæцы — цъæт æй хæрдмæ куыд схойы, уымæй хуыздæр æм ницы кæсы. Мæнæ та ныр дæр уæлиау схъиуы. Хъазæд, уыйас дæр цин кæнæд, фæлæ афтæмæй иуварс куы атæха, уæд æмбисонды хъæр нæ хъуысы мæ хæдзарæй? Дæлæ хъахъхъæдуйраг зæронд лæджы ми бакæнин æз дæр. Паддзахы стыр фæндаджы тæккæ был ис йæ хæдзар. Цыппараздзыд сывæллоны йын йæ бæрны ныууагътой бинонтæ æмæ сæ алчи йæхи хъуыддаджы фæдыл ацыди. Зæрондæн та хæдзары мидæг зилинæгтæ кæд нæ разындзæн — лæппу дуарæдде куыд фæцис, уый нæ бафиппайдта. Иуахæмы уынгæй сылгоймаджы зæрдæскъуыйæн цъæхахст æрбайхъуысти. Удаистæй дыууæ гæппæн кæрты дуармæ рахæццæ зæронд. Дæ балгъитæг дæр ахæммæ бакæсæд — йæ хъæбулы хъæбулы йын машинæ сцавта. Бæргæ ма йæ фелвæста йæ хъæбысмæ сæ сыхæгты чындз, бæргæ ма дыууæ къухæй ныххоста шофыр йæ сæр. Йæ адджындæрмæ æркæсыны хъару нæ разынди зæрондмæ. Фæстæмæ фездæхт кæртмæ. Сарайы фæмидæг, йæхиуыл дуар æрæхгæдта, хъомдоны къуымы арф сагъд рельсмæ фидаргонд галбæттæн ставд синаг райхæлдта æмæ йæ хъайваныл цæгæвæрдæй æруагъта. Иу ингæны мидйвг баныгæдтой сæ дыууæйы дæр. Тобæ, Хуыцау, тобæ!

— Лæппын, Зилгæмæ дæ нæ фæнды?

Къæхтыл нал — уæрджытыл, стæй та гуыбыны цъарыл æруагъта йæхи, фæрсырдæм мæм æнæууæнкæй æрбакаст: хъазгæ кæнон æви æцæгæй дзурон хуыссынафон, йæхæдæг фестад æмæ сынтæджы кæрон абадт, йæ къæхтæ дзабырты атъыссынæввонгæй æруагъта:

— Кæд, мæнæ гъер?

— О, мæнæ гъер.

— Фæнды.

Йæхи загъдау: «нæхи Зилгæмæ». Дыууæ-æртæаздзыдæй Бабуйы къæдзилыл хæст уыди æдзухдæр. Йе ’мгар сывæллæттимæ ахъазыны бæсты йемæ бадтаид æмæ бадтаид устыты æхсæн. Йу цыдæр афон йæ сæры цы фæкуыси уыдаид, мæгъа, æмæ-иу уæд сагъуыди:

— Цом Зилгæмæ!

— Фæлæуу-ма, Зилгæйы куы стæм, уæд ма мæ цавæр Зилгæмæ кæныс?

— Не стæм, нæ, ма мæ сай. Цæуæм нæхи Зилгæмæ!

Ома, хæдзармæ.

Мæ уд дæ фæхъхъау æрбауæд, дæ фæхъхъау. Кæддæриддæр æй фæнды Зилгæмæ. Дзæбæхæй мын бахъомыл уæд, æндæр дзæгъæл нæ уыдзысты мæ фыдæбæттæ, хæдзар æвæгæсæгæй дæр нæ баззайдзæн, æцæгæлон къухтæм дæр нæ бахаудзæн.

Сахатмæ æркастæн. Æллæх, мæлæты æнафон у: автобус дæр нал уыдзæн Беслæнмæ æмæ такси дæр. Уыйхыгъд электричкæ — аст сахаты æмæ ссæдз минутыл. Фараст гыццылхъуаг ныххæццæ уыдзæн. Фараст сахаты æмæ фондз минутыл та — фæстаг автобус Зилгæмæ. Æнафон, бынтон æнафон, уæлдайдæр та ахæм рæстæг. О, фæлæ мит, фыццаг мит Бабуйы ингæныл.

— Цæуæм? — йæ цæстытæ мæм ныззынг кодта, æнхъæлмæ кæсы Лæппын.

Æмæ уæд мæнæн дæр мæ гуырысхотæ æрбайсæфтысты.

— Цæуæм!

Уыциу схъиуд ракодта сынтæгæй, йæ къах дзабыры атъыссынмæ дæр нал арæхсы фыртагъдæй, бандоны къухыл цыбырдыс хæдонмæ фæлæбурдта.

— Фæлæуу, фæлæуу, ахæм сæрдыгон фæлыст нæ ацæудзæн хъуыддаджы: цъында мидæггæгтæ хъæуы, бæзджын хæдон. Мит рауарыди.

— Мæнæ ам сты мæ хъарм дзаумæттæ,— йæ сæр шифанеры фæцавта æмæ ауыгъд дзаумæтты бынмæ чумæданы сæрыл схæцыди.

— Мит, зæгъын, рауарыди.

Ницы сдзырдта. Ферох дзы, æвæццæгæн, зымæгæй ардæм, мит циу, уый. Нæ, рох дзы куыд хъуамæ фæуыдаид, йæ аргъæуттæн сæ уарзондæры йæм миты рагъæй куы сдзуры алы изæр тæрхъус.

Мæн æххуыс дæр æй нал бахъуыд, йæхæдæг фелвæста йæ хъарм дзаумæттæ. Æрмæст æм уæлæ скæнынмæ фæкастæн. О, æрмкъухтæ та? Чумæданæн йæ тæккæ бын разындысты хъуырбæттæн æмæ къуымбил худимæ.

Уайтагъд фæрæвдз стæм. Фатеры къуымты æрзылдтæн. Къранттæ æхгæд, цырæгътæ ахуыссын кодтон. Бынмæ æрхызтыстæм. Фадхъултæм дæр нæу мит, æрбацæуæны йæ къæхты бын сызмæстой.

— Дада, дада, мит-иу цæмæн рауары, уый зоныс?

Абырыны фæлтæрæн акодта æмæ фæцæйкалд.

— Гъы, дæ хорзæхæй? Ницы йын æмбарын æз.

— Цæмæй йæ адæм сæ къæхты бын ныннæмой æмæ дзы сывæллæттæ бырынты хъазой, уый тыххæй.

— Акъуырдтай йæ, бæгуыдæр.

Куы мæ разæй кæны змæст митыл абырыны фæлтæрæнтæ, куы фæрсырдыгæй, фæлæ ницы, фаг над нæма у.

А-гъа, æнхъæлмæ кæсын нæ æппындæр нæ бахъуыди троллейбусмæ, йæ æрлæууæнмæ куыддæр бахæццæ стæм, афтæ нæ æрæййæфта.

Аст сахаты æмæ дыууæ минуты. Баййафдзыстæм.

— Дада, дада, уæлæ-ма кæс: а.

Вагзалы сæрмæ тæмæнтæ калынц неонæй фыстытæ: «1917 октябрь — 1988 перестройка». Дамгъæтæй «а» йеддæмæ ницыма зоны, кæд йæ мад йæхи тынг хъары, уæддæр. Бæргæ йын дзурын: «Ныууадз сывæллоны, цæуыл æй хурхæй марыс? Йæ афон куы ралæууа, уæд ын скъолайы бацамондзысты «а» дæр æмæ «б» дæр. Рагацау æй ма зæрдæцъæх кæн. Фæлæ та сусæгæй дамгъуатимæ йæ фарсмæ абады.

Вагоны — æнахуыр мынæг рухс, йæ иу кæронæй иннæмæ адæймаджы цæсгом нæ равзардзынæ. Уыйхыгъд — хъарм. Адæм дæр дзы нымадæй — цалдæр: иуæй боныхъæд рагацау алкæмæн ссарын кодта йæ хæдзар, иннæмæй æнафон.

Куыддæр æрбадтыстæм, афтæ рудзынгыл йæ ных аныхæста Лæппын, хуыздæр æм цæмæй зына, уый тыххæй дыууæ армытъæпæнæй йæхицæн аууон акодта. Æмæ йæм дзы цы разына уæзласæн вагоны фарсæй дарддæр? Уæддæр æдзынæг кæсы æддæмæ, тæссармæ бадгæйæ, йæ къæхтæ тилгæ.

Цæй охыл сцоппай кодтон ацы æнафоны мæхи дæр æмæ сабийы дæр? Мардæн ма цы уæлдай у, йæ ингæны мит ын рамæрзай æви нæ, хæдзармæ йын афæд кæнай æви нæ? Адæмы æфсæрмæй, ома, рох нæу йæ ингæн, йæ ном? Æмæ дæм джигул исчй кæндзæн, ингæнмæ бæрæггæнæг ссæудзæн? Нæ, мæнæй куыд нæ ферох сты дæс æмæ дыууиссæдз азы размæйы хабæрттæ, уадз æмæ уайтагъд мемæ чи фæрæвдз, уый дæр ацы изæры балц цард-цæрæнбон йæ зæрдыл афтæ бадара. Æндæра мардæн та ма цы уæлдай у? Нæ, уый ма зæгъ. Æвзæртæ, ницы йын зонынц, афтæмæй рагацау сæхи стæрсын кодтой: талынг ингæнæй дарддæр, дам, дзы ницы ис. Мæнау сæ æрдæгфæндагæй исчи куы раздæхтаид, уæд æндæр зондыл лæуд уаиккой.

Рынчындонмæ ма мæ бæргæ фæхæццæ кодтой, бæргæ ма сæнкъуыстысты дохтырты хуыздæртæ.

Ницуал.

Фæраст дæн уæлæмæ.

Мæзджыты алыварс ма æртæ зылды æркодтон, стæй мæзджыт дæр æмæ хъæу æнæхъæнæй дæр бынæй аззадысты, мигъы аныгъуылдысты, мигъы аныгъуылдтæн мæхæдæг дæр астæуæй бынмæ, афтæмæй хæрдмæ цæуын æмæ цæуын. Ау, æмæ горæтаг рынчындоны куы æрцыд хабар, уæд Зилгæйы та цæмæн февзæрдтæн? О, хæдæгай, кæм ныгæнгæ уыдзынæн, уый тыххæй мæ фæнд рагæй зындгонд уыди бинонтæн дæр, æмгар хæлæрттæн дæр. Сæ цæрæнбон бирæ, сæххæст мын кодтой мæ фæдзæхст.

Æмæ ныр фæцæуын. Тæхгæ нæ, тæхгæ раджы кæддæр, æвзонгæй кодтон мæ фыны æмæ-иу цæнгтæ базыртау тилын хъуыдис, тынгдæр батил æмæ уæлдæр стæхдзынæ, къаддæр — æмæ фæныллæгдæр уыдзынæ; ныр та тæхгæ нæ, фæлæ цæугæ, буары уæз нæй æппындæр. Хуымæтæджы нæ загъдæуыд Чырыстийæ дæр æмæ Мæхæмæт-пехуымпарæй дæр: уæларвмæ фæцыдысты, тæхгæ не скодтой, фæлæ.

Мæ алыварс æнахуыр фæлмæн рухс, мæ сæрмæ — цъæхцъæхид арв. Арвыл нæдæр хур зыны, нæдæр мæй, афтæмæй бынтон рухс; нæдæр зæрæхсиды фæд бæрæг дары, нæдæр сæуæхсиды, нæдæр ныгуылæн бæрæг, нæдæр — скæсæн. Иу каст ма бынмæ бæргæ æркодтон, фæлæ хъæу иууылдæр, хъæугæрæтты æртæ уæлмæрды дæр урс-урсид мигъы бын фесты. Мæзджыты алыварс æртæ зылды кæй æркодтон, уый цы амоны? Кæд мын Хъуыддæгтæ Аразæг ме ’ргом Чабæйы ’рдæм сарæзта, æмæ уæлдæр куы схæццæ уон, уæд мæм хурсыгъд змисджын быдырты æхсæнæй разындзæн?

О, бæгуыдæр Чабæйы ’рдæм.



Просмотров 1263

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!