Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 1 часть



АЗАБÆЛАС

Кæд диссаг нæу, уæддæр мæнмæ диссаг кæсы — куыннæ сфæлмæцы алы æхсæв уыциу æртæ аргъауæй. Бафынæйы размæ сæ цы изæр нæ фехъуса, уый йæ гыццыл зæрдæйæ сæфтыл нымад у. Ахæм изæр та йыл стæм хатт скæны — хæдзары куы нæ уон кæнæ искуы куы афæстиат вæййын æмæ йæ ме ’рбацыдмæ йæ мад куы бафынæй кæны, уæд. Хæрæджы къæлæу — йæ мад æмæ йæ фыдимæ дæр нæ комы, хибар сынтæджы хуыссын дæр, æрмæст мæ фарсмæ. Уымæй æхсæв-бонмæ — уазал кæны æви æндæр исты у — адæймаджы бынмæ быры, æмæ æнæбары фестъæлф-фестъæлфгæнгæ хуысс: мыййаг æй куы ныцъцъæл кæнон. Фынæйы размæ мæлæты дзæбæх вæййы — йæ хъарм гыццыл къух мæ хъуырыл æрбаппардзæн æмæ уайтагъд йæ сым-сым ссæуы; а, æвæдза, мæхæдæг куыддæр афынæй уон, афтæ кæмдæр мæ фарсыл нынныхæсы, мæ быны аныгъуылыныл хъары йæхи. Сисын æй, базыл ын æрæвæрын йæ сæр æмæ та иу афон суанг дæлфæдты онг ахæццæ вæййы. Кæд хæрдмæ ницы фæразы, уæддæр æй куыд æмбарын, афтæмæй мадæн цъус хъыггомау у, мæнмæ йæхи кæй ласы, уый; иннæмæй та йын æхсызгон куыннæ хъуамæ уа: туг туджы агуры, æгайтма ахæм æнувыд у йæ дадайыл.

Чингуыты дæр ын фæкастæн, æндæр аргъæуттæ дæр ын фæдзырдтон дзæвгар, уæддæр айдагъ ацы æртæ баззадысты йæ зæрдæйы. Æрмæст сын иу изæрæй иннæмæ сæ фæтк ивы: кæцы дзы кæд радзургæ у.

— Раздæр уал хорз дадайы æмæ арсы тыххæй.

— Уый фæстæ гыццыл лæппуйы, тæрхъусы æмæ папæйы тыххæй.

— Стæй та бирæгъ æмæ рувасы тыххæй.

Иннæ изæр:

— Раздæр уал гыццыл лæппуйы, тæрхъусы æмæ папæйы тыххæй.

— Стæй та хорз дадайы æмæ арсы тыххæй.

— Уый фæстæ бирæгъ æмæ рувасы тыххæй.

Æртыккаг изæр:

— Раздæр уал...

— Уый фæстæ...

— Стæй та...

Цалынмæ йын æртæ дæр радзурай, уæдмæ ницæй тыххæй бафынæй уыдзæн цыфæнды æнафоны дæр. Стыр хорз æрцæуæгау сæм æнхъæлмæ кæсы иу изæрæй иннæмæ.

Цæй аргъæуттæ дзурæг ис мæнæй — афтæ, æнæбары. Адæймаг аргъæуттæ кæмæй базоны, уыдонæй иуы не ’рæййæфтон, иннæ та, æрмæст мыл дæс азы куы цыдис, уæд амарди. Раджы кæддæр чингуыты кæй фæкастæн, æрмæст уыдон: чи дзы æрдæгрох фæци, чи — фемхæццæ, чи та — дызæгъ-мызæгъы мæхи æрхъуыдыгонд.

Ахсæв аргъæуттæн сæ уæлдай адджындæры — йæхæдæг дæр дзы архайæг кæй у, уымæ гæсгæ — рад æрæййæфта. Дыууæйæ баззадыстæм хæдзары: лæппумæ æртæ къуырийы æмгъуыдæй фæсидтысты æфсадмæ æмæ йæ Гуырдзымæ аластой афицерты æрвылазы ахуыртæм; уастæн бафсис куыннæ ис ацы паддзахадæн, салдат ын куыннæ фаг кæны æппын — дыууæ азы фæфыста йæ хæс æмæ уый æгъгъæд нæу, сидынц æм уæддæр; Рейганæй аст азы дæргъы бæргæ аирвæзтыстæм, фæлæ ног æвзæрст Буш ме ’мпъызтытæ батинкæтæм куы бабæлла, уымæй тæссаг у æмæ, мыййаг, куы æрбалæбура, уæд æм хъуамæ цæттæ разынæм; чындз йæ куыстæй йæхи ракуырдта æмæ ныр цыппæрæм бон йæ цæгаты ис, чындзæхсæвмæ цæттæ кæнынц Джеуæргуыбатæм — чъынды хæдзарвæндаджы миниуæг: адæм хæрдæфсæст, нозтæфсæст уыдзысты æмæ сын уæлæнгайдæр сыстдзæн — йе ’фсымæры зæрды кæдæйуæдæй бинонты хъуыддаг æрæфтыди.

Ардыгæй дæумæ — не ’хсæвæр: доны фых пырындз æмæ цай æнæ дзулæй. Лæппыны уарзон хойраг. Мах цал стæм, уалæй йæ адджинагæй хизæм, уый йæ уæддæр исты æфсонæй самал кæны. Доны фых пырындзыл дæр уымæн фæцалх: слæмар æй, нæлхæ йыл æрæппар æмæ йын æй йæ разы æрæвæр. Уыцы лæгъстæхуызæй дæм ныккæсдзæн:

— Æмæ сæкæр та?

Гыццыл лæппу-иу сæкæр нæ фæхæры.

— Фæхæры, фæхæры, ма мæ сай.

— Иу уидыг фаг уыдзæни?

— Дыууæ уидыджы, мамæ мын дыууæ уидыджы æркæны.

Марадз æмæ йæ басæтт. Æнæ ратгæ йын кæм ис, дур, мыййаг, нæу адæймаджы зæрдæ.

Æмбисхæрдыл ын æнæ сдзургæ нæй:

— Уарзын æз ахæм.

Мæ зæрдæ алхæнынæн — иннæ хатт ын æнæзивæгдæр куыд æрызæрдон, афтæ — кæд æй нæ уарзы, уæд дæр. Ничи йæм кæсы ныридæгæн. Ракъахон æй:

— Æз æхсыры фыхæй уарзын пырындз.

— Æз та — нæ.

Бæргæ йæ хорз хордта фароны онг. Фæлæ фарон сæрд æнæхъæн дыууæ мæйы йæ мады ’рвадæлтæм куы арвыста, уæд фæкъæссавæлдæхт: ногдыгъд æхсыры хъæстæ фæцис æмæ йын уый фæстæ уæнгæл фестад дуканийы æлхæд. Зонгæ та йæ цæмæй бакæны, уымæй диссагдæр мæм ницы кæсы; а, æхсыры авг кæнæ дзæкъул фæуæд, фæлæ йæ мад æртæлитруат балоны дæр арæх æрбахæссы дуканийы æхсыр нанайы дыгъды æфсонæй. Æнæбары дзы æз дæр ма схуыппытæ кæнын, кæд æм бацыбæл уаид, зæгъгæ: «Мæнæ цы адджын у, мæнæ!» Куыннæ стæй! Йæ хуызæй йæ базоны дардмæ, хъæстæ дзы нæ фæуыдзæн, афтæмæй. Кас ын дзы куы сфыцай, уæд дæр дзы йæ дзыхмæ не схæсдзæн, лæгъстæ йын кæнай æви æртхъирæнтæ; фæлтау бон-изæрмæ æххормагæй баззайдзæн æмæ изæры дæр æххормагæй бахуысдзæни, кæд цай æмæ дзулы къæбæр бахæра, æндæр. Рæвдауæндоны дæр дзы уыцы хъаст кæнынц: æхсыры хъæстæ хойраг йæ дзыхмæ нæ хæссы. А, æвæдза, хæдзары дыгъд æхсыр æрбафтыд искуы-иу хатт йæ мады ’рвадæлтæй, уæд та йын дзы бафсис нæй: хомæй уа, фыхæй уа, йæ сæртæ уой, кас ын дзы скæнай. Фермæйы родты ма афтæ фæзмынц хъомгæстæ: зайынафон сæм гæппæввонгæй лæууын хъæуы, род йæ мады фæздонмæ цæмæй ма баирвæза; иугæр æхсыры хъæстæ куы фæуа, уæд æндæр ницуал бакомдзæн, цалынмæ хизынхъом фæуа, уæдмæ, фæлтау стонгæй амæлдзæни. Уæд æй, цымæ, цæмæй базоны род дæр æмæ сывæллон дæр?

Фæстаг уидгуытæ дыууæйæ дæр уыциу рæстæг схастам нæ дзыхмæ; æнæбары сындæггай хæрын æз дæр сывæллонмæ гæсгæ, науæд мæ тæбæгъмæ йæ цæст дары æмæ фæсте баззайыны тасæй хæлоф-хæлоф байдайы — чи тагъддæр фæуа. Рæвдауæндоны миниуæг. Сæ фарсыл дæр дзы цы бахæцы цымæ афтæмæй?

— Бабуйы уаты ма мын цырагъ ссудз æмæ мæ машинæ райсон.

Æллæх, Бабу, карды рæхуыстау мын куы ссис дæ ном, иунæг минут айрох дæ æмæ та мын æй мæ зæрдыл куы æрбалæууын кодта.

— Хъуыды ма кæныс Бабуйы?

— Куыннæ. Сымах-иу кусынмæ куы ацыдыстут, уæд-иу мах та шахмæттæй хъазыдыстæм Бабуимæ.

Мæлæты шахмæттæй хъазджытæ. Æнæ хъазгæ дæр ма йын цы уыдаид, хъуырмæ йæ куы скæнæй, уæд. Бинонтæ æнæвдæлон сты: иу телевизоры дзыхмæ бады, иннæ чиныджы кæсы, æртыккаг къустæ, къоппытимæ архайы, æмæ сывæллоны зæрды хъазын æрæфтыд, уæд-иу æй кæрæдзимæ рарвит-барвит райдыдтой: «Марадз, уæртæ уыимæ ахъаз», «Марадз, мæн не ’вдæлы», æмæ-иу фæстагмæ йæ тъæпп Бабуйыл фæцыд; йæхæдæг æм фæдзырдтаид: «Рауай, иумæ ахъазæм, уыдоны никуы ницæмæ равдæлдзæн». Æмæ-иу шахмæттæ фæйнæгыл уæгъд къуппытæ кæныныл схæцыдысты; чи сæ сывæллондæр уыд, марадз æмæ йæ равзар.

Цалынмæ тæбæгътæ æмæ уидгуытæ æнхъæвзтон, уæдмæ цæлгæнæны пъолыл дыууæрдæм сцырын хъазæн машинæйы фæстæ йæ зонгуытыл.

— Ахсæв кæцы аргъау дзурдзыстæм раздæр? — афарстон æй къранты цур мæ къухтæ сæрфгæ, кæд, зæгъын, йæ зæрдыл нал æрлæууид, аст сахатыл сывæллæттæн цы кино февдисы телевизор, уый, æмæ рагацау куы афынæй уа, уæд ма кæд истытæ акусин.

Машинæ рауагъта, пъолыл тымбылцъæгæй æрбадт æмæ исдуг ахъуыды кодта.

— Ы-ы-ы... гыццыл лæппуйы, тæрхъусы æмæ папæйы тыххæй.

Аргъауы коймæ уайтагъд хуыссæнмæ фæраст, кино дзы байрох. Кæд ма мæнæн дæр исты мæ къухы бафтид, науæд цалынмæ хъал уа, уæдмæ нæ чиныг райсдзынæ, нæ фыссæнгарз: йæ хабæрттæн æмæ фæрстытæн кæрон нæй.

— Цырагъ уадз æмæ судза, дада.

— Цырагъы рухсмæ-иу нæ фæдзурынц аргъау.

— Фæдзурынц, фæдзурынц.

Ничи йæм кæсы: уыйæндæр йеддæмæ нæма у, афтæмæй йæхи фæнд тæрыны фæлтæрæнтæ кæны. Æгæр раджы йын у нырма, йæхи бар æй куы ауадзай, уæд фæстæдæр бынтон нал бакомдзæн æртасын.

— Гъемæ кæд исчи фæдзуры, уæд дзурæд, æз нæ зонын рухсмæ дзурын.

— Гъемæ хорз,— сразы нæвæндонæй, цыма мæ ранхъуыдта, уыйау.

Ныуулæфыд æмæ сынтæджы къуымы æнхъæлмæгæсгæ батымбыл, роцъойы онг хъæццулы бын.

— Æцæг ды дæр дæ дзаумæттæ ралас, дада.

— Уый фæстæ сæ раласдзынæн, æз нырма тамако дымынмæ цæудзынæн балкъонмæ.

— Гъемæ хорз.

Дзаумæтты йæ фарсмæ æруагътон мæхи.

«Раджыма-раджыма тынг бирæ мит ныууарыд æмæ иу гыццыл лæппу рæвдауæндонмæ фæцæйцыди. Иннæ сывæллæттæй чи йæ мады къухыл хæцыд, чи — йæ фыды. Уыцы гыццыл лæппу та хорз лæппу кæй уыд, уымæ гæсгæ иунæгæй фæцæйцыд, йæ къахыл хъарм цырыхъытæ, йæ уæлæ æфцæгготджын палто, уæлдзарм худы хъустæ роцъойы бын баст.

— Уый Лæппын уыди.

Ома, йæхæдæг. Кæй сдзырдта, уый та — куыд зæрдиагæй хъусы, уымæн æвдисæн.

«О. Æмæ тынг уазал кæй уыди, уымæ гæсгæ мит йæ къæхты бын хъыррыст кодта. Æмæ иу дынджыр зазбæласы акомкоммæ бахæццæ, йæ бинаг къалиутæ миты уæзæй дæлиау æртасыдысты суанг зæххы онг. Æмæ дын...»

Ныртæккæ цы фехъусдзæн, уый цинæй сабийы къæхтæ хъæццулы бын раздæр фæдыдагъ, стæй та сæмраст сты цъæтæй фесхойæгау.

«Æмæ дын бæласæй чидæр куы сдзурид: «Дæ райсом хорз, Лæппын!» Æмæ дын гыццыл лæппу дæр бæласы ’рдæм фæкасти, фæлæ дзы никæй федта æмæ дарддæр араст, æвæццæгæн, дам, мæ хъустыл ауади. Уæд та йæм дыккаг хатт дæр сдзырдæуыд: «Дæ фæндаг раст, Лæппын!» Лæппу кæсы, æмæ дын уæртæ зазбæласы бын миты уæлæ иу тæрхъус бады. «Дзæбæхæй цæр, Тæрхъус!» — «Кæдæм цæуыс ацы сæумæйæ, Лæппын?» — «Рæвдауæндонмæ, рæвдауæндонмæ. Цæуæм ды дæр мемæ æмæ сывæллæттимæ хъаздзынæ». — «Нæ, мæнæн цæуæн никæдæм ис ацафон: мæ лæппынтæ нырма фынæй сты æмæ куы райхъал уой, уæд сын хæринаг раттын хъæудзæни. Фæлтау изæры куы раздæхай, уæд-иу мæм æрбадзур æмæ демæ ацæудзынæн». Ууыл лæппу азгъордта æмæ рæвдауæндоны балæууыди. Бирæ фæхъазыдысты хъарм уаты, стæй сæ хъæдмæ ракодтой тезгъомæ. Раст уыцы зазбæласы цурты рацæйцыдысты, фæлæ йæ быны тæрхъус цæры, уый Лæппын йеддæмæ ничи зыдта æмæ йæ иннæтæй никæмæн загъта...»

— Уымæн æмæ тæрхъусы лæппынты фæтæрсын кодтаиккой.

Æгайтма йæ гыццыл зонд ахæмтæ ахсы.

«О. Миты рагъыл бирæ фæхъазыдысты, кæрæдзийы дæр бырстой, къуыбæрттæ дæр æхстой, стæй уæд рæвдауæндонмæ рацыдысты фæстæмæ, сихор бахордтой æмæ бафынæй сты. Уый фæстæ райхъал сты æмæ ахорæнтæй нывтæ кодтой. Уалынмæ æризæр æмæ гыццыл лæппумæ йæ папæ бацыд...»

Уæды онг дыууæйæ дæр уæлгоммæ хуыссыдыстæм, æз — хъæццулы уæле, уый — хъæццулы бын. Ныр мæнырдæм разылд, хуыздæр æм куыд хъуыса, афтæ, йæ къух хъæццулы бынæй систа æмæ йæ мæ хъуырыл æрбавæрдта.

«Хæдзармæ йæ куы рацæй кодта, уæд папæ разæй цыд, лæппу та — фæсте, миты къуыбæрттæ алырдæм æхсгæ. Зазбæласы комкоммæ куы æрбахæццæ сты, уæд дын папæ фæстæмæ фæкаст — æмæ лæппу нал и. «Æллæх, кæд æй бирæгъ адавта! Лæппын, цы фæдæ?!» — «Ма мын тæрс — мæнæ дæн!» — зазбæласы бынæй йæм рахъæр кодта лæппу. Йæхæдæг та касти бæласы бын фæсалæй лыстæнмæ — тæрхъусы лæппынтæ дзы æхсæзæй хъæбыс-хъæбыс фынæй кодтой».

— Фондз уыдысты,— фæбæлвырд кодта Лæппын.

Ома, цал бинойнаджы стæм, уал. Ницы дзы ирвæзы: сæрды дæр ма фондз уыдысты; уæдæй нырмæ бинонтæй иу фæхъуыд. Кæс-ма, дæ хорзæхæй, æз ын йæ заманы æртæ йеддæмæ куы нæ загътон æмæ сæ ай хуымæтæджы куы нæ схæццæ кодта фондзмæ. Алцы дæр ын нымад у. Мæнæн та мæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд бинонтимæ сæ абарын. Фæлæуу, фæлæуу, æмæ зымæгон аргъау куы у, зымæджы та ма æхсæз куы уыдыстæм. Æви уыйонг не ’ххæссы йæ зонд?

«Уалынмæ дын тæрхъус æмæ лæппу æвæд миты гæппытæгæнгæ разгъордтой надвæдмæ кæрæдзийы къухтыл хæцгæ æмæ папæйы æрбаййæфтой. Папæ та йын йæ иннæ къухыл ныххæцыд...»

— Йæ рахиз къухыл.

Уый дæр фæбæлвырдгæнинаг у.

«О. Æмæ æртæйæ дæр сæ хæдзармæ æрбацыдысты. Дада сыл тынг ныццин кодта: «Мæнæ нæм цæй диссаджы уазæг æрбафтыд!» Йæхæдæг ауад æмæ уайтагъд дыууæ уырыдзыйы æрбадавта къæбицæй, къранты бын сæ хорз ныхсадта тæвд донæй, сæ цъар сын хæрынкъайæ астыгъта æмæ сæ насхафæны уадзынмæ бавнæлдта. Тæрхъус æмæ лæппу дæр йæ фарсмæ бадтысты ныллæг фынджы цур. Уæд тæрхъус уырыдзы фелвæста æмæ афтæ зæгъы: «Æз æй насхафæны уагъдæй нæ уарзын», æмæ йæ мыртмыртгæнгæ ахордта. Лæппу та йæ хай гыццыл уидыгæй бахордта. Уалынмæ телевизорæй сывæллæттæн кино æвдисын байдыдтой. Дыууæйæ дæр ныллæг бандæттыл сбадтысты йæ размæ æмæ йæм дзæбæх сæхицæн кастысты. Бирæгъ чи у, уый дын йæ уæлæ æрхуы тас ныккодта æмæ тæрхъусы æфсонæй бацæуынмæ хъавыд спортзалмæ. «Тæрхъус дæ?» — бафарста йæ дуаргæс — бегемот. «Тæрхъус, тæрхъус»,— лыстæг хъæлæсæй йын дзуапп радта бирæгъ. Фæлæ йыл бегемот фæгуырысхо, йæ кæсæнцæстыты бынæй йæм скаст æмæ йæ базыдта. Зæгъгæ ницы кодта, афтæмæй сыстад æмæ бирæгъы гуыбынæн йæ къахæй — х-х-а-а-афт! Бирæгъæн дæр йæ тасы гыбар-гыбур ссыди, сæрбихъуыройгæнгæ атахт æмæ кæмдæр къæртайы мидæг скуыси. Кино куы фæцис, уæд гыццыл лæппу æмæ тæрхъус дæлфæдтæуæлфæдтæ бахуыссыдысты æмæ хорз фæфынæй кодтой. Райсомæй тæрхъус тынг раджы æрыхъал æмæ фестад: «Цæуон, мæ лæппынтæ цалынмæ нæ райхъал сты, уæдмæ». Ваннæйы йæ раззаг къæхтæ æмæ цæсгом сапонæй ахсадта æмæ гыццыл лæппуйы сынтæджы цурмæ æрбауад хæрзрайсом зæгъынмæ».

Цы у, уымæй хъус фестади, йæ буар æнæхъæнæй ныттынг, йæ улæфт дæр ма фæурæдта.

«Гыццыл лæппу та ма фынæй уыд, æмæ йын тæрхъус мæнæ афтæ гыдзы-гыдзы акодта йæ гаккæн».

Худæгæй бакъæцæл сывæллон; хъæццулы бын дыууæрдæм стырындз сты йæ къæхтæ æмæ сæ хъыдзыйы тæссæй йæ гуыбынмæ сæлхъывта.

— Æмæ лифты къæпсыр нылхъивынмæ не ’ххæссыд æмæ гæпп-гæпгæнгæ асинтыл уым дæлæмæ азгъордта,— мæ бæсты кæронмæ ахæццæ кодта аргъау. — Ныр та хорз дадайы æмæ арсы тыххæй.

— Фæлæуу, тамако уал адымон балкъоны.

— Гъемæ хорз. Æцæг мын цырагъ ссудз.

— Æвзæр, цæмæ дæ хъæуы цырагъ, æнæуи дæр фаг рухс куы кæлы уынгæй.

— Ссудз æй уæддæр.

Цы нæ йын кæнын — нæ уæнды талынджы иунæгæй. Цæй, кæд куы фæхъомылдæр уа, уæд сахуыр уаид.

Тæхуды, тæхуды, ацы тамакойæ чи фервæзы; мæ бон æй дымын дæр куы нал у æмæ ныууадзын дæр.

Æгæр-мæгуыр цæлгæнæны дæр нæ, балкъонмæ фæцыдтæн — къæвдайæ, хъызтæй — дымынмæ, цалынмæ Бабу æгас уыди, уæдмæ; йæ разы тамако никуы схастон мæ дзыхмæ; æндæр ницы, фæлæ йæ уымæй фæбуц кодтон. Йæ цард-цæрæнбон дзы цы стырдæр маст бауагътон, уый — мæ тамако дымын. Ахуыр дæр ыл мæлæты сонт ахуыр адæн — фыццаг сдымдæй.

Фарæстæм æмæ дæсæм кълæстæм мæ Хуымæллæгмæ цæуын бахъуыд, Зилгæйы сæ сæхгæдтой, аст къласы каст куы фæдæн, уыцы аз; æхсæзæй йеддæмæ нæ бахызтыстæм æмæ нын бамбарын кодтой: сымах номыл кълас нæ дардзыстæм, чи уæ куыд арæхсы, афтæ — чи техникуммæ, чи та — Беслæнмæ кæнæ Хуымæллæгмæ. Хæстæгдæр æнхъæлæй Хуымæллæг равзæрстон. Уымæй размæ йæ хъæуысæры мæнæуыссæн куыройæ æмæ хырхæйфадæнæй арфдæр никуы бацыдтæн. Уым дæлæмæ куы ахæцыдтæн фыццаг хатт скъолайы онг, уæд хорзау бæргæ нал фæдæн, фæлæ ма мын цы гæнæн уыди. Фондз-æхсæз километрæй хæстæгдæр нæ уыд нæ хæдзарæй скъолайы онг — æнæхъæн сахаты цыд. Ахæм æнæкæрон уынг Зилгæйы нæ, фæлæ горæты дæр — уæвгæ та цастæ æфтыдтæн горæтмæ — никуы федтон уæды онг. Дыууæ зымæджы дæргъы хæцъил дзабырты æмæ æмпъызтытæ къалосты æвæд мит фæнадтон дыууæ хъæуы æхсæн. Ноджы ма, æнæхайыр фæуинаг, æртæ радæй уыдысты ахуыртæ: райсомæй, фæссихор æмæ изæронтæ. Дыууæ къласы дæр мæ райсомы рад æрæййæфта: авд сахаты æмæ дæс минутыл — фыццаг урочы райдайæн. Ома, æхсæз сахаты æмæ фынддæс минутæй фæстæдæр куы рахизай хæдзары къæсæрæй, уæд нал баййафдзынæ, байрæджы дын уыдзæн. Уæдæй фæстæмæ мын уæнгæл У Мæскуыйы радиойы сæумæрайсомы дзæнгæрæг: тæккæ адджындæр фынæймæ-иу куы бахæццæ дæн, уæд-иу райхъуыст мæ сæрмæ. Æмæ цъындæй фæтæррæтт лас, талынг уаты стъолы тигътыл æмæ бандæттыл къуырццытæгæнгæ пецмæ бацу, йæ уæхскæй йын спичкæтæ райс æмæ фæтæгены цырагъ ссудз; пецы фæрстæ ма кæд цанæбæрæг хъарм дарынц, уæддæр уат ныууазал, комытæф дзы зыны, дуары зыхъхъыртæ мидæджырдыгæй зæрдæ мæгуыргæнæн салф сæвæрдтой. Æхсæв-бонмæ пецы уæхскыл æвæрд къуымбил цъындатæ фырхусæй ныхъхъæбæр вæййынц æмæ сæ къахыл скæныны размæ дыууæ къухы æхсæн аууæрдын хъæуы; гæзæмæ чъыры тæф фындзыл сæмбæлы: бонцухæй пец цæгъдынмæ зивæг дæр нæ зоны мамæ, алайы фæд ыл æппындæр бæрæг куыд нæ уа, афтæ; мæнæн та уыцы тæфæй æнаддæр ницы ис, æмæ куы бахъуырхъуыр кæнын, уæд мæ сдзырд нæ бауадзы: «Нæла-сыла ма у. Дæу уыдæттимæ ницы хъуыддаг ис æмæ сæм дæ хъус дæр ма дар». Айдагъ дзабырты цалынмæ пецмæ уайай, цырагъ судзай æмæ фæстæмæ сынтæджы цурмæ здæхай, уæдмæ къæхтæм уазал хъарын байдайы æмæ сæ цъындаты куы атъыссай, уæд хъарм суанг æнгуылдзты кæрæттæй уæраджы кæхцмæ куыд сцæйхилы, уый адæймаг дзæбæх фенкъары; суанг скъолайы онг фаг разыны, кæд дзабырты хъустæй мит ныккæлы, уæддæр; цæугæ-цæуыны мæм нæ хъары, фæлæ иугæр къласы æрбадтæ, уæд стайы æмæ хъарм уаты дæр зæвæтæй, æнгуылдзæй æлхыскъ байдайынц. Ныр та уал хихсæны æрдæгих донæй дæ цæсгом сæнхъæвз, кæд скъаппы исты комдзаг разына, уæд æй æрдæгæууылдæй аныхъуыр, науæд дæр дæ тæнтæ хафгæ дуарæдде фæу, куыддæр Гордеев райсомы гимнастикæ амонын байдайа, афтæ. Ардыгæй Хуымæллæгмæ æвæд миты куы афсæрид, уæд ын хорз гимнастикæ уаид, бæргæ. Суанг куыйтæ дæр ма зивæг кæнынц уыцафон сæ хъарм лыстæнæй рахизынмæ, æрмæст дзы алчи æнæбары хæпп-хæпп кæны мæ къæхты бын миты цъæхснаг хъыррыстмæ йæ кæртæй.

Иунæгæй фæцыдтæн фыццаг аз Хуымæллæгмæ. Дыккаг аз мын æмбæлттæ фæцис. Беслæны скъоламæ фарæстæм къласмæ чи цыдис, уыдонæн цы сæ зæрдæмæ нæ фæцыдаид — мæгъа, æмæ Хуымæллæгмæ раивтой. Бæлвырд мын фенцондæр: иуæй æмбæлттæ — æнæхъæн цыппар, иннæмæй та Кан Валентины (корейаг лæппу, йæ ныййарджытæ фарон æрбалыгъдысты Зилгæмæ æмæ быдыры пырындзы куыст кодтой) англисаг æфсæддон батинкæтæ — сæ хъустæ уæраджы бынмæ — ахъаззаг разындысты миты фæд лæгæрдынæн; уый — разæй, мах та-иу йæ фæстæ ныххал стæм; быдираг налат дымгæ нын нæ цæсгом хоста, кæцырдыгæй фæнды куы дымдтаид, уæддæр.



Просмотров 1321

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!