Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 25 часть



— Цæуæм мидæмæ, Бабу.

Йæ æнцой балæууыдтæн. Иу къух суагъта, иннæмæй уæддæр къæлæтыл фидар хæцы.

— Ахаудзынæн.

— Ма тæрс, æз дæ хауын уадзын?

Чопчопгæнгæ тыххæйты исы йæ къæхтæ. Диссаг у, уыцы хуызæнæй кæрты дуары онг куыд ахæццæ йæхæдæг. Цалдæр къахдзæфы ма нын баззади тыргъмæ, афтæмæй йæ иу дзабыр ахауд. Æрцæй йæм гуыбыр кодтон æмæ мын Бабу фæцудыдта. Куыд æй сисон ныр? Нæй, нæ арæхсын. Бæди дæр куы нал æмæ нал зыны. Мæ хъæбысы йæ систон æмæ йæ афтæмæй бахастон йæ сынтæгмæ. Цъиуы уæз дæр дзы куы нæуал ис æгæр-мæгуыр.

— Къулæнцой абад, Бабу, æз дын дæ нывæрзæн адзæбæхтæ кæнон.

— Дойны мын у.

— Æхсыр ануаз мæнæ.

— Æхсыр мæ ницæмæн хъæуы, ситро бæргæ ануазин.

— Мæнæ куыддæр Бæди фæзына, афтæ дуканимæ суайдзынæн.

— Гъемæ дæ цæрæнбон бирæ.

Уайгæ бæргæ скæндзынæн, фæлæ дзы разына лимонад? Гæппæй йæм бадынц, уæлдайдæр ахæм æнтæф рæстæг, æмæ куыддæр фæзыны, афтæ йæ хызыныдзаггай фæхæссынц. Куы нæ дзы уа, уæд Беслæнмæ фæцæугæ уыдзæн. Сахатмæ скастæн. Ссæдз минуты фæстæ уыдзæн дыууадæсæм æрдæджы автобус. Аййафын æй хъæуы, науæд уый фæстæ æртыккаг æрдæгæй раздæр нал уыдзæн, æмæ мæ рынчыны ардыгæй уæдмæ дойныйæ марын? Иунæгæй дæр æй куыд ныууадзон — куы та рахиза, мыййаг. Цæй, уыцы ацыд æмæ æрбацыды фæлладæй тагъд нал суыдзæн рахизынæн.

Зыдтон æй уайтагъддæр — нæхи дуканимæ дзæгъæлы цæуын. Хорз æмæ йæм автобусы лæууæн дард нæу. Беслæны станцæйы цур дуканийы замманайы æрыскъæфы лимонад разынди. Автобус куы схæццæ вæййы, уæд дæс минуты йеддæмæ нæ фæлæууы. Баййæфтон æй æмæ уайтагъд фæстæмæ æрхæццæ дæн. Бæди зынæг нæма ис.

— Фынæй дæ, Бабу?

— Ницы дæн фынæй, мæ цæстытæ æнæуи бацъынд кодтон.

— Ситро куы мысыдтæ — æрхастон дын мæнæ.

Йæ сынтæджы йæ рабадын кодтон æмæ йын уæхскæнцой фæлæууыдтæн. Уырынгтæ цайцымæн агуывзæйæн йе ’мбис адджынæн анызта, стæй йæ æруагъта æмæ таппузæй куыд æнхъизы, уымæ джихæй баззади:

— Оф, оф, æрцардтай мæ, науæд дойныйæ фæцæймардтæн.

— Ануаз ноджыдæр, фæу дæ агуывзæ, ма йыл ауæрд: æнæхъæн хызыны дзаг дзы æрхастон.

Кæронмæ йæ нæ фæци уæддæр, цалдæр хуыппы ма дзы скодта æмæ агуывзæ мæнмæ радта:

— А, мæ цуры мын æй æрæвæр бандоныл æмæ та куы сдойны уон, уæд æй ануаздзынæн.

Йæхи æруагъта æмæ уайтагъд афынæй.

Уалынмæ Бæди дæр фæзынди. Йæ къухы хъæрмхуыпцымæн къуырф тæбæгъ урс хæцъилы гæбазæй æмбæрзт.

— Цæй, куыд у нæ рынчын? Цъиу аргæвстам абон æмæ чындзæн йæ лывзæ цалынмæ сфыхти, уæдмæ афæстиат дæн,— цыма стыр азымджын у, уыйау йæхи рæстытæ кæнынмæ фæци. Тæбæгъ хъавгæ æрæвæрдта стъолыл, Бабуйы ’рдæм бакаст: — Фынæй у?

— Цæй хуынты æфсæрм дæ ис алы бон, Бæди? Йæ хæрдтытæ йын нæ уыныс, æви?

— Омæ, уæддæр. Бæдулы дзидзайæ ног картофы лывзæмæ чи нæ бабæлдзæн?

Сынтæджы цур æрбадт æмæ, абон райсомæй кæй ратыдта, уыцы æнгузы сыфтæй рынчыны бындзытæ ссурынмæ бавнæлдта.

Скъаппæй сыгъдæг агуывзæ райстон æмæ Бæдийæн лимонад рауагътон.

— Мæ нуазæн дын, Бæди.

Æдзынæг æм ныккасти:

— Циу, цы?

— Цы хъуамæ уа — ситро.

Райста агуывзæ, схуыпп дзы кодта æмæ йæ нынныхъуырыны размæ иуцасдæр йæ дзыхы фæдардта.

— Цы дзæбæх у: раст морсы хуызæн фындзыхуынчъытæ æлхыскъ кæны.

— Æрæмысыдтæ ма морс: йæ кой раджы куы ферох.

— О, о, æз дæр-ма уый зæгъын.

Схуыпп кæны æмæ йæ аныхъуырын цæст цыма нæ уарзы, уыйау æй цасдæр йæ дзыхы фæдары. Рæстæггай у йæ къуырма æви цæй дзæбæх хъусы ацы хатт? Æви йæ фехъусын цы нæ фæфæнды, уый нæхъусæг скæны йæхи? Авджы ма цы баззади, уый йын йæ цуры æрæвæрдтон стъолы кæроныл.

— Рауадз-иу дæхæдæг, æз истытæ акусон.

— О, нæ: ацы æлхыскъгæнагæй дын уыйбæрцытæ чи нуазы?

Хъæдындзæй ма мын акъахинаг бæргæ баззади, фæлæ æмбисбоны хур цæхæрадонмæ акæсын нæ уадзы, йæ фыртæвдæй адæймаджы улæфæнтæ судзы раст; цалынмæ акъул уа, уæдмæ банхъæлмæгæсгæ у.

Ныллæг бандон рахастон æмæ дыргъдоны рæстæгмарæн куыстмæ бавнæлдтон бæлæсты бын. Хъоло афтæ ныннæрсти, æмæ йæ зæнг кауы михæн бабæззид; рувæн дæр æй нал исы æмæ цæвæг дæр, æрмæст ма йын къухæй ис стонæн. Дзуццæджы бадын уыйас чи фæразы — уæраджы кæхц фæцæйрæдувы, æмæ та сыстын, фæллад суадзын; афтæмæй æд бандон сындæггай размæ лæгæрдын хъоло тонгæ.

Уæдмæ хур дæр акъул. Мидæгæй цы гæнæг сты, зæгъгæ, тæнæг рудзынгæмбæрзæныл иуварс ахæцыдтæн æмæ бакастæн. Фынæй у, æвæццæгæн, Бабу. Бæди та сынтæджы цур диваны къухыл йæ армы уæлæ йæ сæр æрæвæрдта, афтæмæй æрфынæй ныллæг бандоныл бадгæ.

Рацыдтæн æмæ хъæдындзы куыст кæронмæ ахæццæ кодтон.

Æризæр. Абон уал æгъгъæд фæуæд, ницæмæуал бавналдзынæн. Мæ къухтæ æмæ къæхтæ цæхсадтон, астæуæй уæлæмæ мæхи æрæнхъæвзтон, дзабыртæ аивтон æмæ мидæмæ бацыдтæн. Мæ къахдзæфтæ мын нæ фехъуыста, æвæццæгæн, Бæди, æмæ цырагъ куы скъæпп кодтон, уæд фестъæлфыд, æнгузы сыф уæгъд тылд бакодта.

— Цæй, куыд у нæ рынчын, нæма райхъал æви?

— Куыд у — мæнæ хъæрзын райдыдта.

Сынтæджы цурмæ хæстæгдæр бацыдтæн. Йæ цæстытæ цъындæй уæлгоммæ хуыссы Бабу, йæ къухтæ хъæццулы уæле; хæдоны дыстæ рæмбыныкъæдзты онг батылдысты, зæрдæуынгæггæнæн — цонджы æлхуыйтæ; мæнгæн куы нæ фæзагъдæуы: царм æмæ стджытæ ма дзы баззади.

— Бабу!

Ницы дзуапп радта. Æрмæст йæ мынæг хъæрзын райхъуысти.

— Бабу, цы дæ риссы?

Цæстытæ тæрсынгæнæн æнгом æхгæд, сæ къуырфыты бахаудтой.

— Нæ мæ хъусыс, Бабу?

Йæ цуры æрбадтæн дæлфæдты ’рдыгæй.

— Сихорæй ардæм нæма æрыхъал,— хъæстгæнæгау загъта Бæди. — Æнæуи мæ-иу худæгæй амардта йæ ныхæстæй.

О, хъуыстон сæ. Раст фынддæсаздзыд чызджы кæл-кæлиу ныккодта Бæди. Уагæры йын цавæр худæгтæ дзырдтаид? Уыцы хуызæнæй йæхæдæг куыд никуы ныххудти дзыхыдзагæй Бабу? Цыфæнды худæг хабарыл дæр кæд æнæбары бахудызмæл уыдаид йæ цæсгом, уæд хорз. Ау, адæмæн се ’ппæтæй фыддæр бæллæхтæ бавзæрстаид? Æви се ’ппæтæй мæгуырдæр разынди? Цас фæцардтæн, æмæ абоны онг никуы ахъуыды кодтон: хæдзары дæр æмæ уынджы йе ’мгæрттимæ бадгæйæ дæр уыдонау йæ хъæлдзæг худын искуы цæуылнæ райхъуысти? Ныр мын уый дæр та адзалы боны онг зæрдæмæхæссинаг. Æй, амæндтæуарæг, амæндтæуарæг, иутæм æгæр рæдау куы дæ, уæд иннæтæм ахæм чъынды цæмæн хæссыс?

Уыцы иугæндзон хъæрзтæй — нæдæр хъæрдæрæй, нæдæр сабырдæрæй — хъæрзы.

Бады Бæди. Бадын æз дæр. Æдзæмæй. Æнхъæлмæ кæсæм: кæд йæ цæстытæ байгом кæнид рынчын, кæд исты сдзурид, кæд æй исты бахъæуид.

Иугæр сынтæджы куы æрхуыссон, уæд мын цырагъы рухс куыд æнад у æмæ мæ куыд тынг хъыгдары, кæд, мыййаг, Бабуйы дæр афтæ хъыгдары æмæ уымæн хъæрзы. Сыстадтæн æмæ цырагъæн гæххæттæй чъилагъуд ацарæзтон, йæ рухс бæлвырд фæмынæгдæр.

Нæй, ницы йын феххуыс: куыд хъæрзыд, афтæ хъæрзы. Цы дзы рисса, цымæ, цæмæй йын феххуыс кæнон? Дохтырмæ фæдзурин æмæ ацафон дохтырмæ дæр кæдæм фæцæуон, Беслæнæй у æви Дзæуджыхъæуæй куы цæуы кусынмæ? Æмæ йын цы бауыдзæн дохтыры бон дæр, кæд ын скæна судзин. Сæхæдæг мын куы загътой: хурхæй йæ цы марай судзинтæй, æндæр ын æххуыс ницы фæуыдзысты. Стæй йæ хъæрзын дæр, мæнæ иуæй-иу рынчынæн хъæлæсыдзаг цъæхснагæй куыд вæййы, афтæ куы нæ у: сабыр, фæлмаст, бон-изæрмæйы уæззау куысты фæстæ адæймаг фынæйæ йæ фырфæлладæй куы хъæрза, уыйау.

— Банафон, Бæди. Кæдмæ баддзынæ, уæхимæ дæ бахæццæ кæнон?

— Мæ хæдзарыл, уый та куыд! Банхъæлмæ йæм кæсон, куы райхъал уа, уæд æй исты, мыййаг, куы бахъæуа.

— Омæ йæ исты куы бахъæуа, уæд æз йæ цуры нæ дæн?

— Ды ныффынæй уыдзынæ æмæ дæ цуры сармадзантæй куы æхсой, уæд дæр сæ нæ фехъусдзынæ.

Бабу дæр ма мын-иу кодта ахæм фидис. Уымæй йæ фехъуыстаид Бæди, æндæр цы. Нал, нал, аивгъуыдтой, сæрмадзаны гæрæхтæ дæр куы нæ фехъуыстаин, уыцы адджын фынæйы æхсæвтæ; фестъæлф-фестъæлфы амæттаг бадæн ныр æнæхъæн афæдзы бæрц. Уæддæр ма лæппуйæн йæ цæрæнбон бирæ: Бабуйы Зилгæмæ куы æрластам, уый размæ бирæ æхсæвтæ гæсæн фæхуыссыд рынчыны уаты. Мæнæн тæригъæдæй? Æви йын Бабу мады бæсты куы баззади, уæд йæ бирæ фыдæбæттæй мисхалы бæрц уæд та бафидыны тыххæй? Æви йæхицæн удыбæстæйæн? Фæрсай йæ, ма фæрсай — ницы дзуапп дын ратдзæни; кæрæдзийæн бузныджытæ æмæ арфæтæ ахуыр не стæм, хинымæр сæ цы ракæнæм, æндæр; мæнæ иуæй-иутау адæмы æхсæн дæр нæ раппæлдзыстæм хæдзары хабæрттæй. Бæлвырд æй зыдтон: Алик йæ уæлхъус куы уа, уæд зæрдæхсаинаг нæу, мæнæй йæм хуыздæр фæкæсдзæн, мæнæй æнæзивæгдæрæй балæггад кæндзæн. Æфсадмæ куы ацыд, æрмæст уæд скъахтам нæхи кæрты цъай, къранты донæн та йæ кой дæр нæма уыди. Уымæй размæ сыхæгтæй куы кæмæй, куы кæмæй хастам дыууæ къæртайыдзаггай. Скъоладзау дæр нæма уыди Алик, афтæмæй уынджы сывæллæттимæ хъазы æмæ нæ кæрты æрмæст къæртайы дзыгъал-мыгъул ссæуæд, æндæра йæ æнæ айхъусгæ никуы фæцадаид, йæ хъазын-иу фæуагъта æмæ тъæбæрттæй — Бабуйы размæ; дуарæй æддæмæ ахизын æй никуал бауагъта; йæхæдæг дыууæ къæртайы уæз нæма ласта, уæддæр-иу сæ дзагхъуагæй æрбахæццæ кодтаид æрæвæр æрæвæргæнгæ. Æмæ йыл ныр дæр кæд мæхицæй тынгдæр дардтон мæ зæрдæ, уæддæр æхсæв-бонмæ цал хатты сныхас кодтаид Бабу, уал хатты æнæ фехъал нæ фæцадаин.

Нæ бакуымдта сæхимæ ацæуын Бæди, æхсæв-бонмæ Бабуйы сынтæджы уæлхъус фæбадт ныллæг бандоныл. Цырагъ ахуыссын кæнын дæр нæ бауагъта.

Фестъæлф фестъæлфгæнгæ цастæ фынæй хъуамæ бацадаин; цалдæр хатты сæ цурмæ рацыдтæн æмæ-иу алы хатт дæр Бæдийы хъалæй раййæфтон; куыд æрбадти фæссихор, афтæ иунæг хатт дæр йæ бынатæй нæ фенкъуысыд; æнгузы сыфтæ йæ къухы, рæстæггай сæ рынчыны сæрмæ батилы бындзытæ сурæгау, кæд бындзытæ дæр ныффынæй сты, уæддæр. Хорз æмæ æхсæв нæма ныддаргъ, хорфыцæны фæстаг æртыццæгæхсæв.

Райсомæй дæр нал æрыхъал Бабу æмæ йæ цæгатмæ, хæстæг хиуæттæм арвыстон. Лæппутæй дæр куыстмæ ничиуал ацыд. Хабар уайтагъд айхъуыст æмæ йæ цух нал суагътой, йæ цуры рад фæхастой сыхæгтæ æмæ къабæзтæ. Уалынмæ йæ цæгат дæр фæзындысты: Токон йæ чызджытимæ. Нæй, йе ’муд нæ цæуы Бабу, æрмæст хъæрзы æмæ хъæрзы сындæггай. Æнæнцойæ. Бæрæггæнæг æм иу иннæйы фæдыл — зонын æй: фæстаг хатт фенынмæ — цæуынц хæстæджытæ, сыхæгтæ, хърубæстæ. Æз та мæхицæн бынат нал арын, мамазила кæнын кæрты къуымты, цæхæрадоны бæлæсты бын, фæлæ та зæрдæ нæ фæлæууы æмæ уатмæ бакæсын: кæд, мыййаг, йæхи æрæмбарид, кæд ма мæм исты сдзурид, кæд мын исты бафæдзæхсид. Нæй. Хъæрзы æмæ хъæрзы. Рæстæггай йын чындз йæ сæрыл схæцы базæй, рабадын æй кæны æмæ йын цайы уидыгæй дон бадары. Аныхъуыры, фæлæ нæдæр цæстæй ракæсы, нæдæр дзыхæй сдзуры.

— Оу, Бабу, ракæс-ма æмæ йæ зæгъ, цы дæ риссы, цы хуызы дын дæ рис фенцондæр кæнон, куыд æй мæхимæ райсон?

— Ацу, ацу кæртмæ, мах бар æй уадз. Нырма никуы райста иу адæймаг иннæйы рис йæхимæ: нæдæр мад йæ хъæбулы рис, нæдæр хъæбул йæ мады рис. Ацу, ма нын нæ зæрдæтæ риссын кæн, æнæуи дæр фаг зæрдæрыст стæм,— феддæдуар мæ кæнынц сылгоймæгтæ уайтагъд.

Феддæдуар мæ кæнынц æмæ та мæ цасдæры фæстæ мæ къæхтæ сæхæдæг мидæмæ бахæссынц, сиахсау дуары чъылдыммæ къулæнцой слæууын. Куы бахизын, уæд сылгоймæгтæ сæ ныхас фæуадзынц; æмбарын æй: фæндон сын нæу мæ фæзынд, сæ ныхас сын бакъуылымпы кæнын; афтæмæй та сæ дзуринæгтæм мæ хъус уæвгæ дæр нæ дарын. Дзæвгар алæууынц хъусæй æмæ ацæуинаг нæ дæн, уый куы бамбарынц, уæд та исчи сдзурдзæн, иннæ йын дзуапп ратдзæн æмæ афтæмæй-афтæмæй бацайдагъ вæййы сæ ныхас.

Бабу та æнæзмæлгæйæ уæлгоммæ хуыссы, цæстытæ цъынд, къухтæ хъæццулы уæлæты уагъд, йæ цæсгом æнахуыр фæлурс.

— Йæ фарсыл ма йæ æрхуыссын кæнут,— сдзырдтон сылгоймæгтæм бустæхуызæй. — Цæй æнæрхъуыды стут уагæры: иудадзыг уæлгоммæ хуыстæй йæ фæсонты туг фæбаддзæй.

— Мах æй бæргæ рафæлдахæм æмæ та йæхæдæг уайтагъд æрзилы: афтæмæй йын æнцондæр у, æвæццæгæн.

Ракъул æй кæны чындз; цайы уидыджы уазал йæ былтыл куы сæмбæлы, уæд æй дыууæ-æртæ хуыппæн аныхъуыры æмæ дыккаг нал бакомы. Искуы кæддæр иу ныхас сдзуры, фæлæ йын бамбарæн нæй.

— Цы загътай, цы, Бабу, ногæй ма йæ зæгъ?

Ницуал фæзæгъы.

Уыраугæ хурджын æнæкæрон сæрдыгон бон кæддæр уæддæр æризæр бафæрæзта. Æхсæвы мæм хæдзары хуыссæн нал æрхауд рынчынфæрсджытæй. Малхъартæ мæ сæхимæ фæхуыдтой. Æфсин фынг æрæвæрдта, гуыбынджын графин. Хæдзары хицау агуывзæты рауагъта.

— Ма мын нуазын кæн, Барис, мæ хъуыры нæ цæуы.

— Æмбарын дæ, бæргæ. Ануæзтытæ кæнæм æмæ дын фенцондæр уа. Ма тæрс, Хуыцауæн зын ницы у: куы йæ бафæнда, уæд Бабу адзæбæх уыдзæн æмæ йын æртæ чъирийы дæр ма акувдзыстæм.

— Сыгъзæринтæ куы схауид дæ дзыхæй æмæ Хуыцауы æцæгдæр куы бафæндид.

Фæйнæ æртæ арахъы банызтам нымадæй, уыдон дæр æнæбары ныццыдысты мæ хъуыры.

— Ныууадз, Барис, ма мæм хат. Ды дæр æмбаргæ адæймаг, æз дæр. Уæд та ма мæ рынчыныл исты æрцыд, уæд мæ рауигъ-бауигъ кæниккой сæ былтæ арахъы тæфæй фæрсырдæм счъилтæгæнгæ.

— Уæд та хæргæ акæн.

Кæй хъуыры цæуы хæринаг дæр? «Минас бирæ» загътон æмæ сыстадыстæм, къæхтæ æрæнхъæвзынмæ дон бацагуырдтон.

— Ныртæккæ дын ахъарм кæндзынæн,— къæртаимæ пецы ’рдæм фæраст Зарæ.

— Уанцоны хъарм нæу, кæд нын тъæвджы мæй нæ ралæууыд. Мæнмæ къранты дон дæр æгæр хъарм куы кæсы. Уæртæ уæ цъайы радиацийæ куы нæ тæрсин, уæд йæ тæккæ хорзæй уаид къæхтæ æруазал кæнынæн.

— Куыд ницы дæ рох кæны,— ныххудт Зарæ. — Æнæмæт у: канд æхсгæ нæ, фæлæ дзы нуазын дæр раджы куы райдыдтам.

Чернобыль куы срæмыгъта, уыцы бон уыдаид æви йæ хабар куы рахъæр, уыцы бон — дыууæ азæй фылдæр рацыди æмæ ма йæ бæлвырдæй чи хъуыды кæны — ахæм змисхæссæг фыддымгæ ныффуттытæ кодта, æмæ адæм сæ уæлхæдзæрттæн фæхæссынæй старстысты; хъæуы алы кæрæтты цалдæр зæронд акъацийы — иннæ зæронд бæлæстæй се ’ппæтæй лæмæгъдæр разындысты цæмæдæр гæсгæ сæ уидæгтæ — бындзарæй сфæлдæхта, афтæмæй сыл æгæр-мæгуыр сыфтæр дæр нæма фæхæцыди; баст æмæ зæгæлæй хост цы нæ разынд, уымæй бынаты ницуал ныууагъта, алырдæм сæ фæхаста, къуымты сæ ныннадта. Гъе, æрмæст диссаг: кæд бæстæ ныттар æмæ мылазон æврæгътæ зæххыл æрæндзæвынæввонг сæхи æруагътой, уæддæр къæвдайы æртæх не ’рхауд. Уаддымгæ Чернобылæй ралæбурдтаид æви æндæр искæцæй — адæм æй ууыл баххуырстой, хабар иугæр куы схæццæ, уæд.

Сæ цъайы сæр зестæй æнгом æхгæд нæу Малхъартæн; йæ бетон уæхсчытæ адæймаджы астæумæ, фæрсырдыгæй — къæрта ауадзынæн æмæ дон сисынæн гом. Æмæ йæм уыцы фыддымгæ цы нæ фæхаста, ахæмæй ницуал баззад — рыгæй, хъæмпыхалæй, хъазы пакъуыйæ, карчы бумбулийæ иууылдæр доны сæрыл ленк кодтой. Фæистой сæ, фæсыгъдæг кодтой цъай — кърантыл зæрдæ дарæн нæй: иу бон дзы цæудзæни дон, къуыри та хуыскъæй фæлæууы. Цъаймæ, æвæццæгæн, исты сæрдæнæвдылд ныххауд æмæ доны уæлцъар тæппытæй баззади. Бæгуы тарст дзы нæ фæкодта Барис: «Ай мæ бинонтæ фыднизæй цагъды куы фæуыдзысты афтæмæй». Æхсырласæн цыппар флягæйы йæ фыртимæ уыцы уæззауæй куыд æристой сæ дуармæ машинæйы гуыффæйæ, уый мæм хорз зындис нæ цæхæрадонæй. Арахъ уыдзæн, æндæр цы. Æмæ йæм куывды кой дæр куы нæ уыди. Чындз хæссикой, æмæ уый дæр сыхы мидæг куыннæ рахъæр уыдаид? Стæй цавæр чындз хъуамæ уа: а, кæстæры тыххæй ницуал зæгъын, фæлæ хистæр лæппумæ дæр нырма фарон фæззæджы куы фæсидтысты æфсадмæ. Кæд йе ссыдмæ рагацау нозт цæттæ кæнынц? Æниу дын Дзандарон æлхæнгæ нозтытыл ма барвæсса йæ куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæн: арф ныгæдæй йын лæууынц цалдæр азы дæргъы ссæдзгай литруат сæрæхгæд балонтæ.

Æхсыр. Фермæйы бафтыд, æвæццæгæн, йæ къухы æхсыр. Ау, æмæ йæм дзы уый бæрц куыд æрхаудаид тæккæ холладжы мæгуырыл, колхоз йæхæдæг хъырдыйы куы бафтыд; Барис къуырийæ-къуыримæ куы хъæбæрхоры, куы æмхæццæ холладжы машинæимæ Куырттаты æмæ Дыгуры кæмтты куы разил-базил кæны, суанг Хъуды æмæ Урстуалты фæскъуымты куы балæууы цыхтæй баивыны æмæ йæ æхсыры хыгъдмæ паддзахадæн раттыны катайæ? Дисы бафтыдтæн хинымæр, фæлæ йæ куыд хъуамæ бафарстаин? Бафтыд йæ къухы æмæ йын хæлар уæд — æгайтма ахæм сæрæн у; иннæтæ куы нæ ауæрдынц колхозыл, уæд Барисмæ кæсы йе схъæздыг кæнын? Æртыккаг бон дæр та цæхæрадоны куыд архайдтон, афтæ сæ дуармæ машинæ æрлæууыд. Барис кабинæйæ рахызт, сæ кæрты фæмидæг æмæ уайтагъд фæстæмæ фæзылди. Уынджы дæлæмæ-уæлæмæ акаст æмæ мæнмæ фæкомкоммæ: «Рауайма, æрисæм, гъей!» Цалынмæ йæм цыдтæн, уæдмæ машинæйы фæстаг фарс æруагъта æмæ дзы кæронмæ хæстæг фæрсæйфæрстæм лæууынц цыппар сæрæхгæд алюмин мигæнæны. «Шофыр рынчындонæй нырма ибон рацыди. Йæ куырм тъанг ын ралыг кодтой æмæ йын уæззæуттыл схæцæн нæма ис. Ромик та нæхимæ нæй». Иу иннæйы фæдыл райстам мигæнæнтæ. «Сепаратор сæвæрдтай æви Беслæны æхсыры завод æхгæнгæ скодтой?» — «Æдылы ныхасæй дарддæр дæ ницы фехъусдзæн адæймаг,— фæхъыг Барисæн. — Ныккæс мæнæ»,— схæцыд флягæтæй иуы сæрыл. Дон у æви? Æргуыбыр кодтон æмæ йæм сысмыстон. «Ай дон куы у». — «Ды та йын æхсыр æнхъæл уыдтæ?» — «Хилачъы суарæй æрластай, æви?» — «Цæй Хилакъ, цæй! Уæлæ йæ фермæйы сæрмæ артезианæй æрластон». — «Æмæ дæхи цъай адæмæн æмбисонд куы у, уæд дæ артезианы сæр кæцырдыгæй бахъуыд?» — «Мæхи цъай ма куы бæззид, уæд ацы фыдæбонмæ, дæумæ гæсгæ, мæ былыцъæрттæ хæрын?» — «Цы кодта, уыры дын дзы ныххæдмæл?» — «Цæй уыры, цæй: йæ радиаци йæ сæрыл сойау куы хъазы, уæд ма нуазынтæм бæззы?» Чернобыль. Радиаци. Цъайы доныл хъазы. Марадз æмæ ма ныххуд. «Уæуу, дæхи ныххырхай, Барис!» — «Ныр цы мыр-мыр кæныс æдылыйы хуызæн?! — смæсты Барис. — Дæуыл сæры хъæстæ нæй, фæлæ æз мæ бинонты цæгъдинаг нæ дæн. Æмбаргæ ницы кæны, афтæмæй...» Шофыр дæр, бæллæхы гуырд, рулыл ныддæлгом æмæ йæ цæссыг фырхудæгæй акалди...



Просмотров 1275

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!