Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 29 часть



Хуыцауы ном ссардта Дабегка, Уастырджийы ном, бæрæгбоны хорзæх загъта, бæлццон дзæбæхæй хæдзарыл сæмбæлыны тыххæй бакуывта æмæ йæ ноджыдæр ма иу хатт Сыгъдæг Уастырджийыл бафæдзæхста.

— Дуне сабыр уæд, мах дард кæмдæрты топпæргъæвдæй чи хъахъхъæны, уыцы фæсивæдæн, æндæра лæппу цалынмæ æфсады баслужбæ кæна, уæдмæ дзы лæг никуы рауайдзæн. Гъе æрмæст Мырзайæ дæр нæхи Мурадийы хуызæн лæг рауайа, уый бæсты йæ, Дунедарæг цытджын Хуыцау, фæлтау Уæрæсейæ мауал суадз æмæ уырыссаг сылты амæттаг бауæд!

Марадз æмæ йæ равзар — æлгъыст у æви арфæ.

Бинонты цæрæнбоны онг æрхæццæ гаджидау. Уæдмæ нозт дæр сæрмæ куыннæ цыдаид æмæ æнæуи дæр хъæлдзæг ныгхасгæнæг Дабегка Терезæйы ’рдæм фæци:

— Гъы, къæцæлæй чындзы лæуд скодта. Чындз! Ахæм чындзытæ: хи-хи æмæ ха-хайæ дарддæр ницы зоны. Аргæ кæн, аргæ, иугæр хæдзармæ æрцыдтæ, уæд. Раст нæ зæгъын? Æнæуи дæр тæнæг мыггаг стæм æмæ дæ фидауцæн, мыййаг, не ’рхастам, фæлæ арынæн. Раст нæ зæгъын? Хорз æмæ мæнæ кæйдæр лæппу æрбафтыд, уый йеддæмæ чъирикувæг дæр, омменгæнæг дæр, аходæг дæр, уырдыгстæг дæр мæхæдæг нæ уаин? Уæд Мырзаты мыггагæй иу ракæнынæввонг кæстæр дæ уæлхъс ма æрбалæууæд. Раст нæ зæгъын? Æдзæллаг ма ут, æдзæллаг, фæлæ аргæ кæнут, уый дын хи-хи æмæ ха-ха!

Уайдзæфтæ Терезæмæ хауынц, мæ худæг та æз нæ уромын. Хæрзаг йæхимидæг ныддæнгæл; æз йæ бынаты срæцугъин: «Афæдзы æрдæг дæр уæм куы нæма цæрын, уæд дын кæд тæрхъусы мыггаг нæ дæн, мыййаг».

— Æви афтæ зæгъыс, кæд дын тæрхъусы мыггаг нæ дæн?

Терезæ бахудæнбыл, æвæццæгæн, афтæ ахъуыды кодта æцæгдæр.

— Худгæ ма кæн чындз, худгæ, фæлæ аргæ. Раст нæ зæгъын?

Цæй раны бахауд, уæдæ, Терезæ: ныддæнгæл, йæ худындзæг ныртæккæ арæдувдзæни, фæлæ марадз æмæ хъæрæй схуд. Уæд та кæрты дуар исчи куы ’рбахоид, уæд ын феддæдуары æмæ йæ тыппыртæ суадзыны фадат фæуид. Нæй, ничи хойы.

— Джетæгъæзы фырттæ дæр бадынц æмæ сæ каст цæмæ у, уый бæрæг нæй. Уæдæ дзы мæхи хæдзары дæр дыууæ нæл бæхы кæдмæ баддзысты, уый нæ зонын. Чи — Дабегка? Æмæ сын Дабегка тыххæй æрхæсса, сæхæдæг куы ницы змæлой, уæд? Сæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй. Æмæ ныр æнæхъæн мыггагæй каст дæумæ у. Аргæ кæн! — фæтызмæгдæр йæ ныхас, ноджы ма йæ къахæй дæр пъол æрцавта фынджы бын; гæды йæ йæхимæ бамбæрста æмæ феддæдуар. — Дæс ныййар, дæс! Ссæдз ныййар, ссæдз! Нудæс дзы æдылытæ куы разына, уæддæр дзы иуæн æнæ фæрæстмæ нæй. Раст нæ зæгъын? Ссæдзæй иу куы фæрæстмæ уа, уæд дæм фаг нæ кæсы? И? Дæуæй зæгъын. Иу дзы уæд та куы фæрæстмæ уа, уæд дæм фаг нæ кæсы? А, иннæ нудæсы кой нал кæнын, фæлæ уыдон дæр се ’ппæт бынтон æдылытæ кæм уыдзысты. Раст нæ зæгъын?

Цы дзуапп ын хъуамæ ратта уайсадæг чындз?

Хизæг дæр нал ис поездæй æмæ бабадæг дæр, уæддæр æрлæууæрлæугæнгæ цæуы мæстæймарæгау.

Ссæдз. Кæуылты у ссæдз! Чи сæ фæдардзæн? Табу Хуыцауæн — фæныфсджын дæн: хъæбулы фыццаг хъæбул фæзынди, бындар. Цалынмæ нæма уыд, уæдмæ дзæгъæлыл нымадтон мæ фыдæбæттæ æмæ фæллæйттæ.

Хиды бынты æрсыххуытт ласта поезд æмæ Беслæны рухсытæ разындысты. Лæппынæн йæ дзабыртæ скодтон, йæ худ; палтойы цæппæртæ бафтыдтон. Нæ райхъал.

Æрлæууыд поезд. Сæрдыгон дзы дзæвгар адæм рахизы ацафон дæр, ныр — нымадæй цалдæр, æмæ æнæнад митыл алчи йæ хæдзармæ фæтындзы. Фынæй сывæллон мæ хъæбысы, афтæмæй æз дæр перронæй фæзмæ рахызтæн æфсæнвæндаджы сæрты. Цæй автобус æмæ цæй æндæр дæсæмæй ссæдз минутыл. Æрмæст уæртæ фæскъуымы иннæ хæттытæй хъауджыдæр зыбыты иунæг «москвич» лæууы.

— Дада, уæлæ «а»,— æнæнхъæлæджы сдзырдта сывæллон.

— Райхъал дæ, дадайы карк?

Фæстæрдæм ракастæн. Вагзалы сæрмæ тæмæнтæ калы сырх неонæй ставд фыст: «1917 октябрь — 1988 перестройка». Хицауадæй рацыдаид æфсæнвæндаджы æппæт станцæты дæр æмхуызон ныффыссыны амынд, æви сæхицæн уымæй хуыздæр ницы æрцахста сæ сæр?

Машинæйы цурмæ бацыдтæн æмæ сывæллоны зæхмæ æруагътон. Йæхи нæуынæг скодта «москвичы» хицау, афтæмæй та дын поездæй чи рахызт, уыдоныл йæ цæст ма ахастаид: исчи мæм дзы æрбаздæхдзæн æви нæ? Машинæйы дуарыл рахæцыдтæн æмæ æхгæд разынди. Цыма мæ нырма ныр бафиппайд. та йæ хицау, уый хуызæн рудзынг æмбисы онг æруагъта:

— Цы зæгъдзынæ?

— Ардыгæй Зилгæмæ цас агурыс?

— Аст сомы,— радта бустæхуыз дзуапп.

Æвæццæгæн æм бæлццæттæй куы ничи баздæхт, уæд хинымæр смæсты, æнафонмæ дзæгъæлы фæлæууыдтæн, зæгъгæ. Фæлæ йæм æз куы фæзылдтæн, уæд куыннæ ахъуыды кодтаид: «Ай та ма мын цы фæуыдзæн йæ сывæллонимæ ацы митфæлдзæгъдæны? «

Фæзы цырæгъты цæсткъахгæ ирд рухсмæ миты гæлæбутæ цы сты, уымæй егъаудæрæй зыныц.

— Цас, цас? — нæ баууæндыдтæн мæ хъустыл.

— Дст сомы. Æви уæзхъус дæ?

— Цавæр аст сомы у?! Æви мын фыццаг хатт цæуын æнхъæл дæ Зилгæмæ? Дыууæ сомы уыд æдзухдæр. А, æнафоны тыххæй æртæ сомы дæр фæуæд. Уæвгæ та, дыууæ хатты куы нæма фæзынаргъдæр, уымæй размæ таксометр ардыгæй Зидгæйы мæзджыты цурмæ дыууæ абазийы æмæ аст капеччы нымадта. Таксистæн сом куы раттаис, уæд æм фагæй фылдæр касти, ды та...

— Кæддæр, дам, мæрдты бæстæйы сæрак дзабыртæ лæвар уыд алы æрбацæуæгæн дæр.

Ома, дзурай, ма дзурай, уæддæр мæн йеддæмæ æмгæрон ничи ис машинæджын.

Мотор сындæггай гуывгуывгæнгæ кусы, рудзгуытæ рахид сты æмæ дзы машинæйы тæккæ фарсмæ бæрзонд цæджындзы фидаргонд цырагъы рухс тыххæйты хизы иннæрдæм. Цыма аскъæрынæввонг у æмæ йæ æз ныкъкъуылымпы кодтон, уыйау дыууæ къухæй рулыл хæцы, йæ ныхас былысчъил. Æдзынæгдæр æм бакастæн. Хъусджын худ ныхыл суанг æрфгуыты онг конд, бæзджын фæтæн рихитæ, къæсхуыр цæсгомыл уадулты стджытæ ныттынг сты; ахæм кæрæф уазал æдде дæр куы нæ у, уæд ма цымæ машинæйы мидæг та йæ балон къурткæйы æгънæджытæ суанг роцъойы онг бафтауын цæмæн бахъуыди, ноджы ма йæ æфцæггот дæр хæрдмæ фæлдæхт.

— Æгæр зынаргъ у аст сомы.

— Æмæ бензин, дæумæ гæсгæ, аслам у? Стæй ма дæ сахатмæ æркæс, цымæ цафон у? Науæд фæндаджы бырынцъаг та? Æнхъæлыс, мæн ацафон тæргæ ракодтой мæ хæдзарæй? Нæ, мæ хур: алкæй дæр цæрын фæнды.

— Уыцы кой мæм куы нæ ис мæнмæ. Æнхъæлыс, ацафон сывæллонимæ...

Мæ ныхас кæронмæ нæ ахæццæ, мæхи фæурæдтон: «Ма кæн, дæхи цæсты ма æфтау, сывæллæттæ-йеддæ кæмæ бахъарой, ахæм нæу йæ бакаст».

Машинæйы хицауы цæсгом цæстуынгæйæ фендæрхуызон: «Лæвар дæ куыннæ аласдзынæн дæ сывæллоны тыххæй — æнхъæлмæ кæс! Хæрзаг зæгъыс: сывæллоны йæ хъарм хуыссæны бануæрдыны бæсты йæ демæ куы ракæнай, уæд дын ракалдзысты. Ахæм рæстæг йæ куыдзы дæр æддæмæ ничи ратæрдзæн, ай та мын йæ сывæллонæй мæ зæрдæ æртасын кæнынмæ хъавы».

— Фондз сомы дын æгъгъæд уыдзæни.

«Дзурай, ма дзурай, уæддæр æз цы зæгъон, ууыл сразы уыдзынæ. фæстагмæ». Йæхæдæг цæстызулæй фæзмæ æрбацæуæн хъахъхъæны: мыййаг дзы машинæ куы фæзына.

— Аст сомы.

— Аст сомы! Дæ Хуыцауæй уæд та фæтæрс.

— Хуыцауæй мæ цы тæрсын кæныс, цы? Æнæ фынддæс сомæй хæрæг чи радта, æз ахæм Хуыцауы нæ зонын. Ничи йæм хъусы? Зынаргъ, дам, у аст сомы. Фæстæдæр æй фенат!

Æдзух кæм, фæлæ цалдæр хатты аластон машинæйæ Лæппыны. Дыууæ-æртæ ныхасы скæн шофыримæ — æмæ бабад. Ныр нæ ныхас цæмæн ныддæргъвæтин, уый не ’мбары æмæ мын мæ къурткæйы фæдджи аиваз-аиваз кæны.

— Хорз зоныс, уæллæй, фыдæлты æмбисæндтæ. Уæвгæ, æртæ килæйы сæгъы дзидза...

Сæгъы дзидза мæ дзыхы кæцæй æрбабадт, уымæй дæр, цы зæгъинаг уыдтæн, уымæн дæр ницы æмбæрстон, афтæмæй сывæллоны мæ хъæбысмæ фелвæстон æмæ æфсæнвæндаджы сæрты Зилгæйы ’рдæм кæуылты ахизгæ у, уыцырдæм фæраст дæн. Æниу мын аст сомы нæ, фæлæ аст мины куы фидид йæхæдæг нылласыны æдде, уæддæр нал бабадин йæ машинæйы.

— Сæгъы дзидзайы кой та дзы цæмæн бахъуыд? — æфхæрдхуызæй ма хъæрæй радзырдта мæ фæдыл, æвæццæгæн мыл уæзхъусы гуырысхо фæцис æцæгдæр æмæ йæ машинæйы дуар байгом кодта.

Фæлæ йæм æз фæстæмæ дæр нал фæкастæн æмæ уæд йæ дуар хъавгæ бахгæдта.

Амонинаг мын сты, æви, ацы фæндæггæ — бирæ сыл фæцыдтæн фистæгæй. Куыд æнхъæл уыдтæн, уымæй дзæвгар рухсдæр разынди бæстæ, станцæйы цырæгътæй куы адард стæм, уæд.

Аст сомы, дам. Цастæ æхца сты, фæлæ ахæммæ йæхицæй раппæлыны цæсгом дæр разындзæн, дысон иу æдылыйы адастон, зæгъгæ. Стæй нырма мæ къæхтæ мæхиуыл куы сты. Кæддæр, дам, Азиаты зæронд Гамбол Дзæуджыхъæумæ сæфтыд, йæ хъуыддæгтæ бакодта æмæ станцæмæ æрбацыд æмæ бафарста: «Кæд уыдзæн Беслæнмæ поезд?» — «Дыууæ сахаты фæстæ». — «Ау, æмæ мæ къæхтæ мæхиуыл куы сты, уæд дыууæ сахаты æнхъæлмæ кæсон?» Фистæгæй ралæвæрдта æмæ поезды разæй æрхæццæ. Уыйау æз дæр. Зæрдæйы дзæбæхæн дæр ныууай ардыгæй Зилгæмæ фистæгæй. Цастæ хæссинаг у Лæппын дæр; йæ заманы базармæ цы уæхсчыдзаг хастон фæткъуытæ уæймæ, уымæн дзы йе ’мбисы уæз дæр нæй.

Ам дзæвгар уæлæнгайдæр у мит; кæд бынтон нæма банцад йæ уарынæй, уæддæр цалхыдзаг мæйы зиллакк арвы бæстастæу дзæбæх фæбæрæг мигъты æхсæн æмæ бæстæ ноджы фæрухсдæр. Рæвдзгомау куы ахæцон, уæд дæс сахатæй иуфондз минуты фæстæдæр нæ кæрты дуарæй бахиздзыстæм; дзæгъæлы ма фесæфтон рæстæг уыцы стигъæгимæ. Æрмæст мын сывæллон мацæмæй стыхсæд.

— Лæппын, фынæй дæ æви хъал?

Ницы дзуапп радта. Йæ афон раджы у æмæ та афынæй: йæ сæр мæ рахиз уæхскыл, йæ къухæй мæ хъуырыл ныттыхсти. Беслæн фæсте аззади æмæ мæ кæддæры фйстæг цæуæнтыл араст дæн, сосайы фарсмæ дыууæ рæнхъæй сагъд бæлæсты æхсæнты. Фæндагыл искуы-иу стæм машинæ сивгъуыйы куы уæлæмæ, куы дæлæмæ, йæ фæдыл митздыхт къæдзил ласгæ.

Куыддæр нæ дуарæй бахизæм, афтæ арт сæндзардзынæн. Рагуалдзæг, мит æххæстæй нæма сысты, афтæмæй бæлæстæм зилынмæ куы бавналæм, уæд дзы алы аз дæр æхсæдынæй уæлдай калинæгтæ дæр разыны.

Бæлæстæ калыныл дæр, æвæдза, цас фæфыдæбон кодта Бабу. Цæхæрадоны алыварс акъаци æмæ сæгъысыкъа æрæййæфтон, цæджындзтæн сæ æнгом ныссагъдæуыд сæ заманы æмæ уæлæрвтæм фæцыдысты кæрæдзийы сæрты кæсгæ. Суджы мæгуыры рæстæджыты нæ уыдон фервæзын кодтой. Акъаци ногкалд хуылыдзæй дæр æмбисонд у судзынмæ, уæдæ сæгъысыкъайæн дæр домбай у йæ арт, æрмæст æй бахус хъæуы. Йæ акалын дæр æмæ йæ афадын дæр æмхуызон уæззау, уæлдайдæр куы ныххус уа, уæд дзы цыфæнды цыргъ фæрæт дæр схъиугæ æмæ къæртхауд кæны. Бæлæстæ уæлдай æнгомдæр сагъд уыдысты хæдзары чъылдыммæ, Алыккаты ’рдыгæй, цæгатварсы, æмæ уырдыгæй цæхæрадонмæ аууон нæ лæвæрдтой. Æз бæлас калынтæн нæма уыдтæн, фæрæт хæрдмæ сисын уæвгæ дæр нæма фæрæзтон, Бабуйæн та уалдзæгæй фæззæгмæ фадат нæ уыди быдыры куыстæй, кæд-иу зымæгмæ рагацау æрцæттæ кодтаид суг, уæддæр; æндзарынафон-иу куы ралæууыд, æрмæст æй уæд равдæлдаид æнæбары; иу бæлас кæд къуырийы фаг суыдаид, уæд хорз. Æвæдза йын йæ фæрæты къупп айхъуыста Алыккаты зæронд Аслæнбег — æнæ рацæугæ йæм никуы фæци, бæлас кæронмæ акалын æй никуы бауагъта: «Æри-ма, мæ къона, ахæм бæлæстæ фæлдахын сылгоймаджы куыст нæу». Бындзарæй нæ калдта бæлас, фæлæ дзы цæджындзы бæрзæндæн куыд баззайа, афтæ. Уæззау хъыс-хъысимæ-иу куы афæлдæхти бæлас, уæд-иу фæрæт Бабумæ радта: «А, мæ къона, ныр ын йæ къалиутæ дæхæдæг дæр æрæхсæддзынæ. Мæнæ лæппу йе ’мбæлттймæ куы фæзына, уæд æй уыдон та хырхæй ныллыгтæ кæндзысты».

Ныр сугхъуаг нал æййафæм, арт дæр цастæ кæнæм хæдзары; зымæгон дзы æнæсцухæй куы нæ æндзарай, уæд раумæл вæййы къулæй, царæй, хуыссæнæй. Кæд дзы зымæг-зымæджы дæргъы йымадæй цалдæр хатты сæндзарæм, æндæр нæ, æмæ æхсæдæггаг-калæггаг суг иу азæй иннæмæ баззайы, бабирæ вæййы. Аликкæй æрхъуыдыдæр ничи у хæдзары мидæг; æндæр куыст ын куы нæ разына, уæд йæ фæллад суадзыны бæсты фæрæт æмæ иукъухыг хырхимæ рацæудзæн æмæ къалиутимæ архайынæй фæлмæцгæ дæр нæ кæны; алцыдæр ын биноныг: æндзарынæн бæзгæтæ хицæнæй, лыстæгдæртæ — хицæнæй, фадинæгтæ — фадгæ, афтæмæй сæ сугдоны самайы æмæ сæрды дæргъы дзæгæрхус ныввæййынц. Уый дæр æм фаг нæ кæсы æмæ цалынмæ хырхæйфадæнæй рагацау хауæдздзæгтæ æрласæм, уæдмæ нæ ныууадздзæн. Уагæр ма цæргæ исчй куы кæнид зымæг-зымæджы дæргъы хæдзары. Фæлæ бæрæггæнæг куы æруайай æмæ сугтæ.пецы дзыхмæ амадæй куы æрæййафай, уæд ма уымæй удæнцойдæр цы уа. Ноджы ма сæ сæрыл бæрзы цъары гæбæзтæ дæр — сæндзарынæн дæ нæдæр гæххæттимæ архайын бахъæудзæн, нæдæр фæтæгены тæф скалын; бæрзы цъарыл æрмæст спичкæ сдар æмæ уайтагъд ссудзы. Хуымæллæггаг Буцци нын самадта пец суанг хæсты размæ æмæ ауал азы фæстæ дæр паровозæй уæлдай нæу, æрмæст дзы къуыригæйттæ куы нæ æрæййафы арт æмæ куы ныууазал вæййы, уæд райдианы иугыццыл ракалы фæздæг. æмæ сугæн йæ фæздæг дæр адджын у адæймагæн; дуар æмæ рудзынг иумæ байтындз æмæ уайтагъд федде вæййы. Никуы мын фæадджын æвзалыйы арт — æгæр сонт тæвд свæййы нæ ныллæгцар хæдзар. Уыимæ дын суджы арт — фæлмæн, рæвдаугæ; пецы гуыр-гуыр йæхæдæг бирæйы аргъ у.

Раст цыма уыцы гуыргуыргæнгæ пецы фарсмæ дзæвгар фæбадтæн бæмбæджджын дарæсы, уыйау стæвд дæн æмæ къурткæйы цæппæртæ суагътон, Лæппыны хъарм комытæф мæ хъуырыл сæмбæлди. Нырма йын бæргæ адджын у амæн дæр Зилгæ, фæлæ куы рахъомыл уа, уæд та йæм цавæр зонд æрцæудзæн? Кæйдæртау ын хъарм пысунæ зынаргъдæр куы разына. Къуымы сыхы мæ алыварс хæдзæрттæ чи фæамадта йæ уд барæвдауыны бæсты, уыдон дæр æнхъæл кæцæй уыдаиккой, æмæ сын сæ байзæддаг сæ бынтæ ныууæй кæндзысты æмæ æнцондæр цард агурæг æцæгæлон рæттæм фæцæудзысты. Æви рæстытæ фæдзуры Мурик: «Мах ма цыдæрты мæт кæнæм, фæлæ мæнæ нæ фæстæ чи ис, уыдоны æппындæр куы ницы хъæуы а дунейыл. Фæлтау бавдæлæм æмæ цалынмæ нæ бон исты амæлттæ у, уæдмæ рагацау нæхæдæг нæхицæн фæйнæ цыппарыссæдз дуры, фæйнæ аслам цырты æмæ фæйнæ æфсæйнаг æмбонды æрæфснайæм кæрты фæскъуымы».

Йæ фыррыстæй дзуры Мурик дæр, æндæр цы, зæрдæйæ кæм уыдзысты йæ ныхæстæ. Æниу, уæдæ, цы зæгъа йæ домбай хæдзардарæджы фæстæ? Бирæ цот дæр куыннæ — ссæдз, Дабегкайы загъдау,— фæлæ хæдзары мидæг Муричы хистæр фырт Валеричы хуызæн æрмæст иунæг куы уа, уæд фаг у. Æмæ дзы æхсæз æмæ ссæдзаздзыдæй, бинонтæ дæр ын нæма æрхаста, афтæмæй бавдæлон. Никуы йын ницы бахъуыди амонын, марадз, уæртæ уыцы куыст бакæнинаг у, зæгъгæ; бел æмæ рувæныл хæцынхъом куы фæци, уæдæй фæстæмæ йæхæдæг æххæссыд се ’ппæтыл дæр — цæхæрадон ныссадзынæй каркæн къуыртт сæвæрыны онг. Мæнæн дæр ма-иу мæ зæрдæ куы барухс, йæ рихиты бын мидбылхудгæ нæ дуарæй цал хатты æрбакаст, уал хатты.

Тепловозыл куыста нартхоры комбинаты. Уыцы бон йæ æххуысгæнæгимæ комбинаты кæрты зылдысты сæ машинæмæ; бæгуы буц уыдысты сæхицæй:. нырма йæ хæрзæрæджы стардтой дзыхъыннæуæгæй далæ Уралæй; хъуамæ йыл уæлдай рыджы мур дæр ма бада. Фæззыгон уыди хабар, фыццаг мит æруарыд æмæ кæм фæхæцыд, кæм атад. Уалынмæ селекторæй айхъуыстой Беслæны станцæйы диспетчеры удайст фæдис: «Уæхимæ кæсут иууылдæр — тепловозтæй иуæн йæ уромæнтæ феуæгъд сты æмæ дзы ничи бады, афтæмæй комбинаты ’рдæм уырдыджы стырындз; уæхи дзы хъахъхъæнут!» Валерикитæн сæ рад ахицæн æмæ сæ тæккæ дзаумæттæ ивгæйæ уыдысты. Валерик айтæ-уыйтæ нал фæкодта, æмæ бæгъæмвадæй, айдагъ цъындаты, рагæпп ласта миты рагъмæ; йе ’мбал та йæ дзабырты йæ къæхтæ цалынмæ атъысс-атъысс кодта, уæдмæ сын хæддзу тепловоз уыцы цырынæй сæ машинæ сцæлхъ ласта, æмæ мидæгæй чи афæстиат, уый фæрсксаст, бæхбæттæнсаст фæци. Мæ хъæбул амондджын ирвæзт акодта, зæгъгæ, Хуыцауы номыл æртæ чъирийы ныббарста Мурик æмæ сæ сыхбæстæ къабæзтимæ иумæ хæстæгдæр хуыцаубоны скуывтой, Хуыцауы ном ссардтой, Уастырджийыл æмæ зæд, дуагæй кæй зыдтой — се ’ппæтыл бафæдзæхстой Валеричы.

Суанг уалдзæгмæ дæр нал срæвдз сæ тепловоз. Валерик æй куы бонцухæй, куы та алы бон бæрæг кодта. Уыцы мартъийы бон дæр та нæ фæлæууыд йæ зæрдæ. Фæстæмæ куыд рацæйцыд хæдзармæ — рæвдздæр куы ныххæццæ уаид: машинæйыдзаг агуыридур кæрты дуармæ рæдзæгъдæй лæууы знонæй нырмæ æмæ бабиноныггæнинаг у,— афтæ зонгæ зилгæйаг æнтыдласæгыл бамбæлд æмæ йæ фарсмæ бабадти: тагъддæр ныххæццæ уыдзæн, науæд комбинатæй Беслæнмæ иу автобусмæ æнхъæлмæ кæс, Беслæнæй Зилгæмæ та — иннæмæ. Зилгæмæ сæ бирæ бæргæ нал хъуыди, фæлæ хъæуы сæрмæ куыд æрхæццæ сты, афтæ сæ уыцы тæхгæ-тæхын уæззау Краз фæрсырдыгæй сцæлхъ ласта — артаг æвгæнæнæй рацæйцыд. Бæргæ ма сыстадысты Беслæны æмæ Дзæуджыхъæуы амæйай дæсныдæр дохтыртæ. Æртæ боны ма фæцарди. Муричы йын йæ уæлхъусмæ нал бауагътой, æрмæст Хасанбеджы. Уæддæр сæ цæрæнбон бирæ дохтыртæн: судзинтæ йын фæкодтой æмæ йын йæ рис бамбарын нæ бауагътой. Иуахæмы æрчъицыдта, царыл, палатæйы къултыл йæ цæст ахаста, Хасанбегмæ скасти, мидбылты дæр ма йæм бахудт æмæ къæмдзæстыгхуызæй бафарста. «Цы кодтон, цы?» Æй, мæгуыр, цæй мæгуыр дæ, уæдæ, фыдыфсымæр дæр, йе ’фсымæры хъæбул, йæ ныгæнæг, æдзардæй ныгæнинаг кæмæн разыны. Уæддæр ма йæ мадæн уыцы хатыр уыди Хуыцауæй, æмæ Валеричы разæй аивгъуыдта.

Æртæйы баныгæдта Мурик æртæ азмæ, æмæ дзы æртыккагæй — Валерикæй — уæззаудæр, астæустæгсæттæн цæф нæ разынди. Цæй тыххæй, цымæ, ахæм цæфтæ баййæфта Хуыцауæй, фысы комæй хал куы никуы раласта цард-цæрæнбон, уæд?

Рагæй-æрæгмæ дæр фыццаг автобусы, æвдæм æрдæгыл, араст вæййы Мурик йæ куыстмæ; сæрд ма гъа, фæлæ зымæгон — бынтон сæудары. Цыппар азы размæ, тъæнджы мæйы кæронмæ хæстæг дæр та йæ бинойнаг Римæ йæхицæй раздæр рабадти, хæринаг ахъарммæ уæларт æрæвæрдта, йæхæдæг хъугæн доны къæртаимæ куыд рацæйцыд, афтæ къæсæрыл æрхауд æмæ уыйадыл ахицæн. Мурик та йæ тæккæ хихсгæйæ уыди. Бæргæ ма йæм фæлæбурдта, бæргæ ма йæ йæ хъæбысы фелвæста æмæ йæ сынтæгмæ бадавта. Бæргæ ма рагæпп ласта хуыссæнæй йæ зæронд æфсин Нади æмæ йæ ныууыгъта, бæргæ нырдиаг кодта: «Цы кодтай, Римæ?! Цы мын кусыс, Римæ?!» Бæргæ ма ныххоста Мурик уыцафон Малхъарты кæрты дуар: «Бабын мæ хæдзар! Мæ хæдзар бабын!» Бæргæ ма йæм удаистæй разгъордтой Малхъартæ лæгæй, усæй: «Цы кодтай, Мурик? Цы ’рцыдис? Нади исты кодта?» — «Бабын мæ хæдзар!» Æндæр ницуал зæгъынмæ арæхсти Мурик, æмæ уыцы удаистæй йæ фæдыл бæргæ атындзыдтой. Фæлæ «бæргæйæ» исты куы уаид, уæд бæргæ... «Куыннæ аскъуыди мæ зæрдæ, Альбинæмæ куы бакастæн, уæд: йæ мады хъæбысы аныгъуылд, йæ цонг ын йæ хъуырыл æрбавæрдта æмæ йыл ныттыхсти, ныддæвдæг, æмæ нын, цал уыдыстæм, уалæй ратонын нæ куымдта; кæугæ дæр нæ, цъæхахст дæр, æрмæст ыл ризæг бахæцыд. Мад æруазал, уæддæр æй нæма бамбæрста чызг»,— дзырдта фæстæдæр Дзандарон.



Просмотров 1194

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!