Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 35 часть



Æнæ стæгæй та йын фæцæрæн нæй. Дæхæдæг кæй æрыстигьай, ахæм тохси кæнæ йын фæрск ратт æмæ йыл йæхи фæстиат кæна. Дойнаг дурæй уæлдай дзидзайы æмæ сойы хьæстæ кæуыл нал ис, ахæм стæг æхсыныныл куы схæцы фыййау, уæд дзы, дæу зæрдæйæ, бафсæдын æнхъæл вæййы? Нæ, мæ хур, стонджы фæдыл нæ вæййы, фæлæ дзы йæ дæндæгтæ фæцыргъ кæны. Цас фылдæр æхсына, уыйас фидардæр уыдзысты æфсæртæ. Уæрхæджы байзæддагимæ хъæбысхæсты куы бафта фыййау, уæд дзы йæ бæрзæй æмæ риу фæразондæр, йæ æфсæртæ фидардæр кæмæн разыной, æгасæй уый баззайдзæн. Уæдæ куыд æнхъæлдтай?

Хъуахъдзыхæй хъусгæ баззад Къабуз зæрондмæ. Кæд æй йæ ныхæстæ се ’ппæт уырнгæ дæр нæ кодтой, уæддæр æм диссаг кастысты. Ахæм бирæ хабæрттæ æнхьæл уæвгæ дæр нæ уыди ныронг: дæлæмæ дæр куыдз æмæ уæлæмæ дæр; кæд æцæгæлон фæзына, уæд. ыл срæйдзæн, кæд ын фæлхор аппарай, уæд дæ фæбузныг уыдзæн.

— Афтæ гъе, мæ лымæн Къабузыхъо,— хин каст æм бакодта Хъуырман. — Дæ фыййау йæ тæккæ лæппуйæ у нырма, низы хъæстæ йæм æмгæрон дæр нæй.

— Æз та ма йыл рынчыны гуырысхо кодтон йæ ниуынмæ.

— Æндæр у йæ низ æмæ йын иунæг хос йеддæмæ нæй.

— Цавæр? — бацымыдис Къабуз.

— Фыс ын балхæн — уый дын йæ хос.

— Ома йын хæрын бакæнон фыс æнæхъæнæй дæр?

— Дæ мæрдты хатырæй, хъазинаг дын дæн? — ногæй та фæхъыг зæрондæн.

— Бахатыр кæн, æфхæрдæн æй нæ загътон, æцæг дын не ’мбарын дæ ныхас.

Лæппу фæкъæмдзæстыг, уый куы бамбæрста Хъуырман, уæд фæфæлмæн.

— Йæ туг æрыхъал. Ниугæ дæр хохмæ кæны. Афонмæ хъуамæ дзуджы фæдыл зилид. Æнæ дзуг йæ цард цардыл нæ нымайы æмæ ниугæ дæр уымæн кæны. Йæ хъаст йе сфæлдисæгмæ хæссы: цæуыл мæм фæфыдæх дæ, цы дын ракодтон, цæмæн мæ ныууагътай куыйты æхсæн? Уый дын йæ низыхъæд.

— Йæ хос та?

— Цалынмæ йын фыс балхæнай, уæдмæ не ’рсабыр уыдзæни, ниудзæн æмæ ниудзæн.

— Бæргæ балхæнин, фæлæ мæн рады фыййау кæд равдæлдзæн? Абон куы нæ уа, уæддæр райсом нартхор тауынмæ бавналдзыстæм, уый фæстæ похци, уый фæстæ культиваци, уый фæстæ мæнæугæрдæнтæ. Æндарæны дæр æй куыд дарон?

— Уыцы иунæг бон равдæлон кæн. Фысы хизæнмæ фескъæр дæ фыййауимæ, ривæддон дæр дзы куыд уа, афтæ. Изæрмæ йæ фæхиз, стæй йæ райсомæй кæуылты аскъæрай, изæр дæр æй уыцы уынгты æрыздах. Науæд алы уынгты куы уа дæ фæндаг, уæд фыййауы зæрдæ сдыууæрдæм уыдзæн. Стæй йæ дыккаг райсом дæ бон у æмæ æнæмæтæй фыййауы æвджид бакæнай. Цæуын æз, мæ хур, æгæр афæстиат дæн. Æцæг фесафыны тæригъæддаг кой дæ хъуыдыйы кæронмæ дæр мауал æрцæуæд, Хуыцауæй дын хатыр нæ уыдзæн Ахæрæты бон.

— Нæ, нæ, Хъуырман, цытæ мын радзырдтай, уыдæтты фæстæ мæм бинойнагау кæсын байдыдта Тæнхау. Æрмæст ма иу хабармæ æхсайы мæ зæрдæ, фæлæ... — фæкъуыхцы Къабуз.

— Зæгъ æй, зæгъ, æфсæрмыйаг нæу.

— Кæд ахæм æууæнкджын у, уæд æнæхъæн сых дæр рады фыййау цæуынæй куы сфæлмæцыдысты. Бавдæлæм æмæ фыстæ иууылдæр Тæнхауыл бафæдзæхсæм.

— Нæ, мæ хур, ницы рауаинаг у дæ кой. Уæд æнæхъæн сыхы фосы дæр дæ кæрты æрæмбырд кæн æхсæвиуатмæ, стæй дын сæ райсомæй куыд аскъæра, афтæ та дын сæ изæры дæр иууылдæр дæ кæрты æрбалæууын кæндзæн. Кæд сæм дæ ныфс хæссыс æмæ дæм бынат разьгаа, уæд уый дæр тынг ахъаззаджы æрхъуыды у.

Кæрц йæ уæхсчытæй æриста Хъуырман, йæ дæларм æй бакодта æмæ дæлбазырæй рараст, Къабуз йæ фæдыл, чъылдымы дуарыл къæпсыр æрæвæрдта. Куыддæр кæртмæ рахызтысты, афтæ дуары цæлхъ фæцыди, æнгуылдзы стæвдæн телæй къæпсыр дзыгъалмыгъулгæнгæ зæххыл сæмбæлд æмæ сæ фæдыл рагæпп ласта Тæнхау.

— Кæрцы тæфмæ йæхи нал баурæдта,— загъта хæдзары хицауæн Хъуырман æмæ, цыма æппындæр ницы ракодта, уыйау сæ цуры чи æрлæууыд, уыцы куыдзмæ джихæй баззад. — Æнæхъæн дзуджыйарагъ фыййау.

Стæй уæд дуары ’рдæм араст. Къабуз ын йæ фæндаг æрæхгæдта:

— Мидæмæ дын æнæ рахизгæ нæй, Хъуырман. А, цы диссæгтæ мын бацамыдтай, уыдон сæхæдæг бæгуы диссаг сты, фæлæ кæдæй-уæдæй нæ къæсæрæй æрбакастæ. Цæуæм, æмæ Хуыцау цы радта, уымæй дæ хорз фендзыстæм.

— Хуыцауы хорзæхæй хайджын у, мæ хур, фæлæ Хъуырманы цыдтытæ раджы ахицæн сты. Дæ фыййауы хъæлæсы суагъдмæ рахызтæн нæ кæртæй дæр, уыййеддæмæ рагæй куы никæдæмуал цæуын. Цыппарыссæдз азы онг фæфыдæбон кодтон мæхицæн дæр æмæ æхсæнæн дæр, фондзыссæджы онг фæцыдтæн зианмæ дæр æмæ цинмæ дæр, стæй æгъгъæд загътон. Зианы фыдæбон дæр æмæ цины фыдæбон дæр кæуыл бакодтон, уыдонæн хæлар фæуæд. Дуне рафæлдисæг мæм йæхимæ цы бон фæсиддзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсын, æндæр ма цæй сагъæстæ ис мæн? Дæ фыййауы цæрæнбон бирæ уæд, мæнæн ма уынг чи фенын кодта.

Тигъы онг йæ фæдыл рахызтысты Къабуз æмæ Тæнхау.

— Фæхæццæ дæ кæнон, Хъуырман.

— Фæхæццæ, йа? Ау, æмæ æз нырма хæццæгæнинаг дæн?

Лæдзæг рог æппаргæ араст уæллаг сыхы ’рдæм.

Дыууæйæ дæр йæ фæдыл кæсгæ баззадысты: лæппу — хъуыдытæгæнгæ, куыдз — æнкъардæй, йæ къæдзил дæлæмæ уагъдæй.

Фыццагдæр хуыцаубон Беслæны базарæй далыс æрхæццæ кодта Къабуз. Кæртмæ йæ куыддæр фæмидæг кодта, афтæ та Тæнхау ногæй æрбатыдта чъылдымы дуар æмæ далысы куы ауыдта, уæд ыл цыма æнхъæл кæмæн нæ уыд, ахæм цины хабар æрцыд, уыйау сагъдæй аззад, бирæ йæм фесмыста дардæй, стæй уæд къæдзил батылдта, æмæ йæм хæстæгдæр бацыд. Далыс дзы фæтарст æмæ фæрсырдæм асхъиудта, фæлæ йæ къæхтæй æххæст нæма æрлæууыд, афтæ куыдз йæ фаллаг фарс февзæрд иу гæппæн. Иннæрдæм та ныццавта йæхи æмæ та ацы хатт дæр куыдз фæразæй. Далыс йæ бон куы базыдта, уæд æрæнцад, Къабуз ын йæ сыкъайыл рахæцыд æмæ йæ чъылдыммæ, дæлбазыры бынмæ аласта. Сæ фæд-сæ фæд араст Тæнхау дæр. Къабуз далысы цæджындзыл æрбаста, йæхæдæг ацыд æмæ хæрисы пыхцыл къалиутимæ æрбаздæхт, йæ разы йын сæ æрæппæрста. Далыс сæм æрæвналыны размæ куыдзы ’рдæм йе ’ргом азылдта, цалдæр хатты йæ раззаг къахæй тæргайгæнæг сывæллоны хуызæн зæхх æрхоста, æхснырсæгау ныффуттытæ кодта. Куыдз йæ цурæй сыстад æмæ чысыл фалдæр йæхи æруагъта. Æмæ уæд далыс дæр къалиуты зыдгомауæй йæ мукъутæ фæцавта.

Æхсæв-бонмæ йæ хуыссæны фæхъуырдухæн кодта Къабуз, цымыдис ыл бахæцыд: «Раст разыной Хъуырманы ныхæстæ? Æцæгдæр мауал сниуа Тæнхау? Сайгæ дæр мæ цæй дымæгмæ акодтаид? Ау, сайыны тыххæй фæцыдаид уæллаг сыхæй хъæубынмæ? Кæд нал сниуа, уæд мын æцæгдæр куыд бафæдзæхста, афтæ æнæ бавзаргæ нæ уыдзæн — суæлдай кæндзынæн райсом мæ бон æмæ фыййау фæцæудзынæн. Иннæбон та Тæнхауы æвджид бакæндзынæн далысы. Кæд фесæфа, уæд-иу фесæфæд. Искуы иу фыс дæр искæмæй фесæфт..,»

Дыккаг кæркуасæнтæм хæстæг ыл хуыссæг фæтых. Куы райхъал, уæдмæ дзæбæх æрбарухс.

«Не сниудта! Æмæ кæд сæ иуæн дæр йæ кой дæр нал ис». Æрдæгбæгънæгæй дæлбазырмæ рауад. Куыдз æмæ далысæн сæ чъылдымтæ кæрæдзийыл æндзæвыдысты, афтæмæй хуысгæ сæ раййæфта хæрисы фæлхæрдты цур. Далыс сынæр цæгъдгæйæ йæ бынатæй дæр нæ фенкъуысыд, фæлæ куыдз сыстад. Æвæццæгæн, æхсæв-бонмæ кæрæдзийы сæ хъармæй цалынмæ æндæвтой, уæдмæ йæ къæхтæ бандзыг сты æмæ ныр, раззæгтæ кæйонг æххæссыдысты, уыйонг сæ размæ аппæрста, афтæмæй йæхи зæрдиаг ивæзт акодта, кæройнаг цæджындзмæ бауади, фæстаг къахыл хæрдмæ схæцыд æмæ æндон хæтæлыл ферттывта цалдæр æртæхы — уыгард бæрæг.

Хъæубæстыл уайтагъд айхъуыст Къабузы фыййауы кой, кæй нæ уырныдта, ахæмтæ дæр дзы куыннæ разынд æмæ йæм сæхи цæстæй фенæг цыдысты. Кæмæдæрты дзы хæстæг бацæуыны зонд дæр фæзынди, фæлæ Тæнхау йæ бæрзæйы хъуын арцæй сæ размæ цалдæр къахдзæфы куы ракодта, уæд сæ йæ ныфс ничйуал бахаста.

Сæ бон базыдтой сыхы куыйтæ дæр. Райдианты дзы сæ хъæбатырдæртæм кæд разынди лæбурыны фæнд. Бæрзæйы хъуын арц кæй сбадт æмæ æртхъирæны хъуыр-хъуыр кæй ссыд, уый сæ фаг кæмæ нæ фæкаст, уыдонмæ йæ дæндæгтæ дæр ма куы фæзыхъхъыр кодта, уæд ма кæрæдзийы цæстмæ цалдæр хæппы скодтой, стæй фæстаг дзæмбытæй рыг фæйлауыныл схæцыдысты, æмæ сæ цыма уæвгæ дæр нал уыны, уыйау йæ далысы фæдыл сæ цурты æривгъуыдта Тæнхау. Уæдæй фæстæмæ дардæй кæнæ дуары бынæй исчи кæд срæйдтаид, æндæр æмгæрон ничиуал æрбауæндыд.

Куыйтæ уынгты, адæм та хизæнуаты сæ бон куы базыдтой Тæнхауæй, уæм ма æрмæст иунæг адæймагæн баззад æмгæрон цæуыны бар.

Фыййауы ниуын цы æхсæв нал райхъуыст, уыцы æхсæв бамбæрста Хъуырман: лæппуйæ нæ ферох йæ фæдзæхст, сæххæст æй кодта. Уалынмæ Хъуырманмæ дæр æрбахæццæ Къабузы фыййауы кой. Æрмæст ыл иннæтау дисы нæ бафтыд.

Æмæ иуахæмы сæрвæтмæ цæмæн фæраст, уымæн йæхæдæг дæр ницы бамбæрста. Сусæны æнуд æмбисбон сатæг уаты зæронд тъахтиныл æркъул кæныны бæсты йæ лæбырд кæрцы дыдагъгæнгæ гыццыл бандон батыхта æмæ хъæуы æдде, Хуымæллæджы дон цæхгæр кæм фæзилы, уыцы хæрисджын дæлбылмæ фæраст, мæраджын незамантаг бæласы рæбын æрбадт æмæ дæрдты фæлгæсыд. Зынынц æм Зилгæ, Заманхъулы рæгътæ, Хуымæллæг, Беслан, Бæтæхъойыхъæу, гæны завод; хæдзæрттæ бæлæсты бын ныгъуылынц; кæддæры сыгъдæг быдыры алырдæм фæцыдысты тыхдæттæнты æфсæн цæджындзтæ; тарцъæх кæрдæгыл цалдæр раны хизынц хъомрæгъæуттæ; уæрæх асфальт фæндагыл дæлæмæ-уæлæмæ æнæнцойæ тæхынц рог, уæзласæн, æнтыдласæн, адæмласæн, гуыффæджын, æнæгуыффæ, уæзисæн машинæтæ, æзфæраздæры дугъ самадтой.

Цалдæр къахдзæфы æддæдæр æнæмæтæй хизы Къабузы далыс. Æнтæфæй бæлæсты аууонмæ йæхи байста Тæнхау, йæ æвзаг æппæрстæй тыхулæфт кæны, цæстытæ æрдæгцъынд; кæд фæндаг.дæрддзæфгомау у, уæддæр куыдзы æмбудæнтæ хъыдзы кæны бензины тæф, хъыгдары йæ; ноджы ма тыхсы машинæты æнæнцой ниуын æмæ гуыв-гуывæй.

Хъуырман хæрисыл банцой кодта. Бæласы зæнг разынд æнахуыр дæрзæг, къуызырджын, йæ фæсонтæ йын хъыгдардта. Ау, йæ зæронд царм уыйонг баруади æмæ стджытæ бахизынæн нал у? Уанцон нæ уыдзæн. Нæ, æндæр цыдæр дзы ис. Йæ бандон бæласы йннæрдыгæй æрæвæрдта, банцой та йыл кодта, фæлæ йæ уæддæр фæсонтæ нæ уарзынц. Цы уа, зæгъгæ, бæласы цъар уырзæй басгæрста — æмæ къæртгай æнцонтæй хауы. Кæс-ма, дæ хорзæхæй, ай йыл æппындæр хъуынайы мур куы нæ ис. Уымæн куы у, уымæн, ахæм æнад дæрзæг. Ау, æмæ цы кодтаид иннæ бæлæстæй хъауджыдæр? Æви та хæрисыл дæр исты низ фæзынди? Æндæр бæласы бынмæ бацыди æд бандон. Æмæ ууыл дæр хъуынайы мур нæ разынди. А, æрыгон бæлæсты хабар бæрæг у — цалынмæ сæ зæнг рæза, уæдмæ хъуына фæхæцын нæ уадзынц сæхиуыл, рæдувынц æй. Æнæ хъуынайæ та куыд ис фæцæрæн? Æниу, зынгхосæн дæр ма кæй хъæуы? Афтæмæй та фыдæй-фыртмæ дæр фыййæутты йрвæзынгæнæг уыди, дзæгъæлы йæ нæ дардтой сæ роны арф æвæрдæй, къæвда йæм куыннæ фæхæццæ уа, афтæ. Уыцы хусæй йæ райс, æхсон дурмæ йæ галиу къухы стыр æнгуылдзæй нылхъив æмæ рæсы гæбаз æрдау дурыл, йæ цæхæр куыддæр андзæва хъуынайыл, афтæ фæздæг скалдзæн, цалдæр фуйы йыл акæн æмæ ссудздзæн — йæ адджын фæздæг скæлы æмæ йæ уæд лыстытыл бадар.

Далыс хизгæ-хизгæ донмæ ныххæццæ æмæ дзы мондагæн йæ былтæ фæцавта. Тæнхау сыстад, йæхи адджынæн аивæзта, далысы ’рдæм акаст æмæ зивæггæнгæ æрзылд цалдæр бæласыл, уагъылыйы къудзийыл, донбылы къæдзæхдурыл æмæ сыл фæйнæ цъыртты бакодта. Стæй уæд далысы фарсмæ йæ дойны суагъта, Хъуырман цы бæласы бын бадти, уый аууонмæ йæ баздæхта æмæ зæрондæй чысыл æддæдæр йæхи æруагъта.

«Дымгæ кæцырдыгæй кæны, уыцырдыгæй цæуылнæ хуыссы, цымæ? — хъуыдыты аныгъуылд Хъуырман. — Æви иу фыс кæцырдыгæй хъахъхъæна, уый уæлдай нæу? Науæд та дзугимæ цалынмæ ауæдтытæ кæна, уæдмæ йæ нæ бамбардзæн, кæцырдыгæй хуысгæ у, уый? Нæ, хъуамæ æрдзæй йемæ рахæсса æппæт уыдæттæ. Уæдæ йын уæлдай цæуылнæ у, дымгæ кæцырдыгæй дымы, уый? Кæд исты сахъат у, æз та дзы дзæгъæлы феппæлыдтæн йæ хицауæн? Ау, æмæ рæдигæ дæр куыд хъуамæ фæкодтаин?»

Бон, дыууæ боны фæрахъуыды-бахъуыды кодта Хъуырман куыдзы уыцы миниуæгыл.

Фыййæуттæй йæ амонын никæмæн хъæуы: куыйтæ зонынц, дзуг æхсæвиуатмæ куыд æрбатымбылгæнгæ у, уый, сæхæдæг та цал уой, уалæй йæ алыварс æрхуыссынц. Кæд æмæ фыййæуттæм иунæг куыдз йеддæмæ нæ уа, уæд та йæхицæн бынат равзардзæн, дымгæ кæцырдыгæй дымы, уыцырдыгæй æмæ кæд æндæрырдыгæй радыма, уæд та йæ бынат аивдзæн, сырды тæф æм комкоммæ куыд æрбахæсса, афтæ.

Тæнхау та, дымгæ кæцырдыгæй фæнды ма дымæд, уæддæр хуыссыд йæ сæр хуссарырдæм, æнкъардæй æмæ æдзынæг касти, дард кæмдæр цъитисæр хæхтæ арвимæ кæм сиу сты, уыцырдæм æмæ дзы-иу хатгай сирвæзти ниуынæнгæс мынæг хъиу-хъиу.

— Кæс-ма, дæ хорзæхæй! — хъæрæй сдзырдта Хъуырман. — Йæ туг æм хохмæ сиды, æз та йæ бамбарынхъом нæ уыдтæн. Сахъаты дау дæр ма йæм æрхастон ахъаззаджы фыййаумæ.

Хъуырман фырдиссагæй лæппуйау рæвдз фестади йæ бандонæй æмæ йæ къухтæ кæрæдзийыл æрцавта:

— Ай мæм хохмæ куы сиды, хохмæ — æхсæны дзугтæ Джимарайы фæхстыл кæм хизынц, уырдæм.

Æнахъом æнæмбаргæ къæбыла ма куы уыдис, уæд æй æрластой кæцæйдæр Тырсыгомæй, фæлæ йæ афон ралæууыд æмæ йæхион æрдомдта.

Дыккаг бон райсомæй Хъуырман банхъæлмæ каст, йæ фыртыфырт æмæ чындз кусынмæ цалынмæ ацыдысты, уæдмæ — науæд æй æнæхъуаджы рафæрс-бафæрс æмæ къуылымпытæ кæндзысты — æмæ фыййауы дзаумæттæ сæ арф æвæрæнтæй райста: паддзахы афицерты незамантаг æвзист донгарз — агургæ æмæ æнаргæ дзаума, дон дзы афæдз куы фæлæууа, уæддæр йæ ад уæлдайхуызон нæ кæны; æрттиваг тасмачъийæ æмырæхгæнгæ цæхдарæн къопп, спичкæтæ, дыууæ фæсмын цъындайы, тъæпæнфарс æрхуы хъуывгъан, хæндыджы цыхт — раст зæгъын хъæуы, дурау ныхъхъæбæр, фæлæ уыйхыгъд æвæджиауы хæрзад æмæ сойджын; Джеуæргуыбайæ нырмæ чи лæууы, фæздæгмæ дард ахæм фæхсыны хай. Иууылдæр сæ галы мисындзæгæй фидар лалымы биноныг бафснайдта. Фæтæнком сау хъама астæуыл æрбабаста; бирæ азты йæ къæвдайæ чи хызта æмæ йын æхсæв та хуыссæнгарз чи уыд, уыцы сау уæйлаг нымæт уæхсчытыл æрбаппæрста. Рахизыны размæ уаты къуымтыл цæст ахдста — исты дзы, мыййаг, рох кæны? — йæ къæдз лæдзæг йæ къухмæ райста æмæ къæсæрæй рахызт. Дзæгъæл фос кæртмæ куыннæ бацæуой, афтæ фидар сæхгæдта гыццыл дуар.

Дардмæ йæ бафиппайдта Тæнхау, фæлæ йæм цалынмæ æрбаввахсдæр, уæдмæ йæ æнахуыр фæлысты нæ базыдта, дызæрдыггæнгæ йæ фæстæгтыл æрбадт. Фæлæ уæдмæ къуымбилы тæф йæ фындзыл сæмбæлд æмæ йæ гуырысхотæ æрбайсæфтысты. Уалынмæ йæ сæрымагъзы цыдæр ферттывта æмæ ныронг куыд никуы уыд, афтæ рæузондæй фæгяепп ласта æмæ зæронды размæ атындзыдта, йæ уæлхъус февзæрд уайтагъд æмæ цины гæппытæ самадта, йæ зæрды уыд Хъуырманы уадултæ æвзагæй асдæрын. Уымæн дæр йæ лæдзæг йæ къухæй æрхауд æмæ йыл хуыфæг уыди æви худын бахæцыд — бауромын æй нал æмæ нал фæрæзта.

Стæй уæд араст сты. Разæй — далыс, сæрддæргъы фос скæсын кæй нæ бауагътой, уыцы кæрдæгыл хизгæ, йæ фæстæ — Хъуырман, зæронды фарсмæ та — Тæнхау, скæс-скæс æм кодта: æгæр сындæг нæ дарæм нæ фæндаг, кæд, мыййаг, далысы счъилтæ басхоинаг сты? Науæд афтæмæй кæд фæхæццæ уыдзыстæм уæлæ уыцы цъæхбын фæлмæвæрд мæстæймарæн хæхтæм?

— Тагъд ма кæдæм кæн, Тæнхау,— дзуапп ын радта Хъуырман. — Ардыгæй уырдæм нæ ауайынтæ хъæуы, мæныл та дæу æййафыны къæхтæ нал ис.

Æмæ Тæнхау йæ къæдзил къæмдзæстыг тылд бакодта.

Цыдысты асфальт фæндагæй дæрддзæфты, кæддæры донвæды былты, раджы замай Теркæй Хуымæллæджыдонмæ цы къабаз рауагътой, уый тæккæ фæрсты.

Асæрды Хъуырман йæ фыны арæх уыдта ацы къабаз, кæддæр ыл Беслæны дæр æмæ Зилгæйы дæр æвæрд уыди цалдæргай нартхорыссæн куыройы æмæ æхсæвæй-бонæй æнæнцой хъыррыстимæ сæ куыст кодтой; дыууæ хъæуы æхсæн та — Беруаты мæнæуыссæн куырой. Уый Германы стыр хæсты размæ. Хæсты фæстæ та иугай-иугай хæлддзагмæ цæуын байдыдтой æмæ фæстагмæ сæ фæд дæр бæрæг нал у. Къабаз уыди дыууæ сардзины уæрхæн, хуыдзых æмæ сардзанæй бæз-бæз кодта; сагойæ дзы æвгæдтой кæсаг куы зæгъон, уæд гæды ныхас уыдзæн, фæлæ дзы даргæ хызæй къæртайыдзæгтæ хастой.

Ныр ма дзы донвæд тыххæйты бæрæг дары, йæ кæддæры æмдзæхгæр былтæ ныккалдысты уæдæй ардæм æмæ сындзæмхæццæ кæрдæджы бын фесты.

Хъуырман та йæ фыны уыдта донæй йæ былты онг дзагæй. Алы хатт дæр-иу фæцæйцыд куырæйтты доны былгæрæтты æмæ нал æмæ нал хæццæ кодта иу былæй иннæмæ фистæгæй хизæн хидгæндтæм — иу кæнæ дыууæ фæйнæджы æппæрст. Алы куыройы раз дæр уыдысты, ныр дзы иу дæр нал ис. Ахизæн агургæ-иу Дзаххоты куыройы онг куы схæццæ, уæдиу йæ размæ фесты цалдæр æрыгон нæлгоймаджы, кæуыл — куырæт, кæуыл та — куырæт æмæ цухъа, зæнгæйтты æмæ хæдбын дзабырты, нымæтхудты кæнæ бухайраг худты, сæ астæуыл — хъаматæ æмæ ливортæ; се ’ппæт дæр æмхуызон рæхснæг æмæ хæдæлвæст. Хъæлдзæг хъæлæбагæнгæ-иу кæрæдзи фæдыл азгъордтой æмæ-иу доны сæрты рогæн асæррæтт ластой, науæд та-иу сæ дзаумæттæ феппæрстой æмæ мадард бæгънæгæй — æфсæрмы дæр нæ кодтой — доны ленчытæ, иу иннæйы тъыссынтæ байдыдтой; дон — æнахуыр рæсуг, суанг дзы сæ къахы æнгуылдзтæ дæр зынынц уыцы малы. Уыдис дзы Хъуырманы æмгæрттæ дæр, æрмæст æрыгонæй, йæ сыхæгтæ æмæ æндæр сыхтæй, канд уыдон нæ, фæлæ йын Германы дыууæ хæсты чи фæмард, йæ уыцы хъæбулты æмæ хъæбулы хъæбулты æмгæрттæ дæр. Хъуырман сын лæгъстæ кодта, базæронд дæн, мæ бон ницуал у æмæ мæ фаллаг фарсмæ фæхæццæ кæнут, зæгъгæ, фæлæ йын ницы дзуапп лæвæрдтой, æрмæст ын — чи уæхсчыты онг доны лæугæ, чи та ленкгæнгæ — йæ ныхæстыл худтысты. Æмæ сæм Хъуырман ницы маст дардта, уайдзæфты бæсты-иу йæхæдæг дæр йæ дзаумæттæ феппæрста æмæ-иу донмæ ныххызти, семæ ленчытæ кодта, ныгъуылди, йæхи надта. Æмæ-иу алы хатт дæр ардыггаг былмæ раздæхт, уыдон та-иу æм фаллаг фарсæй хъæр кодтой:



Просмотров 1391

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!