Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 42 часть



Адæмы æхца æмæ мулчы сагъæсæй стырдæр сагъæс куы нал ис, зæнæджы, æфсымæры æмæ ныййарæджы судзаггаг зианыл дæр куы ничиуал дары сау, уæд Джабраил та кæйонг ахæццæ — мады æфсымæры ус. Уæвгæ хуыздæр кæуыл бадара сау дæр, кæд æмæ йæ дæргъвæтин сидзæрдуджы æрмæст уымæй федта рæвдыд. Йæ бирæ хæрзтæ. йын цæмæй бафида, ахæмæй никуы ницы разынд йæ къухы. Сæ иуæн йæ къух цы амыдта, уымæй уæлæуыл бацархайдта удыбæстæйыл, иннæмæн йæ мæгуыры бон цы у, уымæй æлхæцы йæхицæн фæндаг дзæнæты бæстæм.

Æмæ, дам, æдылы. Ай йæ дзæгъæлы, бынтон дзæгъæлы куы батыдтой хъæубæстæ цард-цæрæнбоны æдылыйæ.

Фыдохы тьыссæнтæ

Хид аласыны бæрц ацы аз йеддæмæ кæд у, уæдæй нырмæ никуал раивылд Хуымæллæджыдон. Мит куыд сыстади мартъийы, афтæ уæларвæй æртæх нал æрхауд. Адæм сæ цæхæрадæттæ раджы бакодтой, байтыдтой æмæ ныссагътой; кæмæн равзæрдысты йæ хуымтæ, кæмæн — нæма, уæддæр къæвда нæй æмæ нæй. Æртхутæг фæныкæй лæууы зæхх. Йæ мæгуыр фæстаг миты уымæлтæ йын фæхаста налат скæсæйнаг — Ногъайы быдыртæй лæбурæг дымгæ; кæмдæр уæларвы, æвæццæгæн, нымайæн æвæрд ис, æмæ алы бон дæр уыцы иу рæстæг — дыккæгæм æмбисыл — хур арвы астæумæ куы схæццæ вæййы, уæд зæрдæмæгуыргæнæн къуыззитт райдайы æмæ йын изæрмилтæм банцайæн нал ис; рыг, хъæллæгъы фæлхæрдтæ, фароны сыфтæр, гæххæтты гæбæзтæ æнæхъуаджы æмæ æнæпайдайæ хæссынæй фæллайгæ дæр нæ кæны.

Сыфтæры мæйы фæстаг бон, æнхъæл дæр куы ничиуал уыд къæвдайæн, стæй ма искуы рауардзæн, уый дæр куы никæйуал уырныдта, æмæ адæмы цæстытыл стонг аз уайын куы райдыдта, уæд фæссихæртты Сау денджызæй лæгæрдын байдыдтой сау мигътæ. Арвы æмбисмæ куы схæццæ сты, уæд ногъайаг фæлæмæгъ, фæсабыр æмæ æппынфæстаг бынтон банцад. Бæстæ иуцасдæр æдзæмæй, йæхимæ хъусгæ фæлæууыд, стæй хуры зынг цæст æмвæтæн мылазон куыддæр фæкъахыр кодта, афтæ сыстад зилгæдымгæ. Бæлæсты къæс-къæс ссыд, сæ ногдзыд сыфтæрæй сын æнауæрдон æррæдывдтытæ ласта; родты удаист тæригъæддаг уасын æмæ авджы дзыгъал-мыгъул, гом рудзгуыты æмæ дуæртты гуыппытæ æмæ сылгоймæгты удаист хъæрахст сиу сты. Марадз æмæ йæ равзар, кæцырдæм æмæ кæцæй дымы: рыг æмæ змислуарæнæй цæсгом хойы, цæстæй ракæсын нæ уадзы.

Зæхх кæмæй бафсæда, ахæм къæвда ма искуы рацæудзæн, уый æнхъæл ничиуал уыд, афтæмæй дзы уайтагъд дон ахъарын нал фæрæзта; хуымгæнæнтæй фæстæмæ уыцы æнамонд ногъайаг дымгæйæ, рагсæрды хуры дудагдæппал тынтæй ныкъкъæйдур æмæ аскъуыдтæ, йæ зыхъхъыртæ куы айдзаг сты, уæд бынмæ нал хъардта дон, фæлæ.чысылдæр дзыхъгонд кæм уыди, уым култæй аззад æмæ куыд фылдæр уарыд, афтæ дардæй-дарддæр æнхъæвзтой фæйнæрдæм æмæ æппынфæстаг зæхх иууылдæр доны бын фæцис, уæларвæй та йыл калдта æмæ калдта æмгуылф сахатæ.

Суанг æмбисæхсæвмæ фæуарыд, стæй уæд иуафон уæззау цæлхъытæ райдыдта арв; куы-иу фæсабырдæр, куы фæтыхджындæр къæвда.

Райсомæй хур цымыдисæй ныккаст зноны æмæ дысоны диссæгтæм. Хурæй раздæр та сæ федтой колхозы хъугдуццжытæ. Сæударæй чи рараст хæдзарæй, уыдоны фермæмæ цæуын бахъуыд æндæр фæндагыл — хъæуы сæрмæ ног хидыл.

Хабар уайтагъд хъæубæстыл айхъуыст æмæ, фаллаг фарсы хъуыддаг кæй нæ уыдис, уыдон дæр диссаг фенынмæ нæ базивæг кодтой сабийæ зæронды онг.

Иннæтау æз дæр бацымыдис дæн. Дысоны фыдивылд дон хъæуастæуы зæронд-хиды бетон æнцой рахиз былырдыгæй бахордта æмæ хидыхъусæй дыууæ метры уыдаид æви фылдæр ныккалд, ахизæн дзы нал уыд.

Кæддæр, дыууиссæдз, фондз æмæ дыууиссæдз азы размæ нæм стыр хъæбатыр кастысты, Хуымæллæджы ивылд донæн йæ иу былæй иннæмæ чи баленк кодтаид, уыдон: æгас хъæуы нымадæй цалдæр йеддæмæ нæ уыдысты æмæ сæ номæй-номмæ зыдтам. Бæтæгаты бынмæ бæхнайæны бæрзонд былæй сæрбынмæ куы фæмидæг уай абухгæ доны, уæд цалынмæ уылæнтимæ хъæбысæй хæцгæ иннæ былмæ ленк кæнай, уæдмæ дæ Дзарасаты фисыны онг фæхæсдзæн. Уæд ма Зилгæйæн йæ бæстастæуты цыди паддзахы фæндаг æмæ рæвдз лæууыдысты доны сæрты иунæг хидмæ; каубыд ауазæнтæ ногæй-ногмæ ивтой æмæ иу ивылдæй иннæйы онг æххæссыдысты. Хид йæхæдæг дæр хъæдбын, уæрдонæн арæзт, стæй хæсты заманæй Фæстæмæ машинæтæ куы сарæх сты, уæд афæдз цалдæр хатты æмпъузинаг ссис. Уалынмæ хъæуы бынты куы сæмраст паддзахы стыр фæндаг, уæд хъæуастæуы хид бынтон æдзæллагмæ цæуын байдыдта, цалынмæ йæ рухс дзæнæты фæбадæг хъæуыхицау Беруаты Ибырхин бетонæй не скодта, уæдмæ. Æмæ уал азы лæууыд æмæ лæууыд, хиды сагъæстæй сæнæмæт сты адæм. Ноджы ма Хуымæллæджыдон йæхæдæг дæр тæнæгæй-тæнæгдæрмæ цæуы уæдæй нырмæ: иуæй Цæлыччы парахат быдыртыл не ’ххæссы Зилгæйы сæрæй Заманхъулы рабынмæ, иннæмæй та гуырæны мæсчъыдæттæ куынæгмæ цæуынц. Гæдыйæ тынгдæр ницы тæрсы донæй хæдзары фосæй дæр æмæ хъæддаг сырдæй дæр; кæддæр сахъ лæппуты йеддæмæ йæ ныфс кæм ничи хаста баленк кæнынмæ, уым ныр гæдыйы лæппынæн йæ зæвæт не схуылыдз уыдзæн, афтæмæй дур-дур бахиздзæн фаллаг фарсмæ.

Фæскъæвда æгæр ивылд æмæ змæст уыди дон, фæлæ дыккаг бон стыр фæссихæртты рацыдтæн мæхи найынмæ. Кæддæры бæхнайæн фадхъултæм йеддæмæ нал у, ауал азы змисы æмæ ламийы бын фæцис; уыйхыгъд иу-æртиссæдз сардзины бæрц дæлдæр, Мырзайы чъылдыммæ дзæбæх мал ис, адæймаг дзы аныгъуылдзæн, уæлдайдæр та фæсивылд. Мал дзæбæх бæргæ у, æрмæст дон дæр æмæ йæ былтæ дæр æмызмæлд кæнынц æгас хъæуы сабитæй, мæ кары та се ’хсæнмæ бахизын аив нæу. Чысыл дæлдæр, ронбастмæ кæнæ уыдзæн, кæнæ нæ, ахæм ранмæ ацыдтæн.

Мæ уæллæгтæ феппæрстон æмæ донмæ бахизыны размæ уымæлбын хъарм змисыл мæхи æруагътон дæлгоммæ. Хъусты арауы сабиты æнæнцой хъыллист, бæрзонд былæй чи сæрбынмæ, чи æмрастæй гæпп кæны малмæ, кæрæдзийыл змæст дон калынц, ахсынты æмæ тъыссынты — кæй бæрзæй фидардæр у — хъазынц, ленк кæнынц, ныгъуылынц, иу уысм æнцой нæ зонынц — сатæгсау, хурсыгъд; кæм найынц, уым дон фыцæгау кæны.

Хуры судзгæ тынтæй цæстытæ срыстысты æмæ сæ æрæхгæдтон, иуцасдæр ма мæм хъуысыд доны тъыллуппытæ, хъæрахст; куыд афынæй дæн, уый нæ бамбæрстон.

Фехъал дæн кæйдæр цъæхснаг хъæлæсмæ.

— Годо-годо-годо!..

Мæ цæстытæй нæма ракастæн, афтæ йæ базыдтон: Мырза.

Рабадтæн, найæгæмбал мын фæцис. Мырза гæпгæнæны бæрзонд былыл тæккæ къардиумæ сындæггай фæцæуы, йæ бынмæ дæр нæ кæсы, йæ алыварс чи тæлфы, уыдоны дæр нæ уыны; фаллаг фарс дæлвæзы цалдæр роды кæм хизы, уырдæм нымдзаст æмæ сиды:

— Годо-годо-годо!..

Æнæуый ма фæуæд, фæлæ ацы ивылды куыдæй хъуамæ бахæццæ уыдаид йæ род фаллаг фарсмæ?

— Годо-годо-годо!.. Бирæгъы амæттаг фæдæ!

Йæ иу къах къардиуæй фæхицæн, уæддæр не ’рлæууыд æмæ цы у, уымæй æмраст ныттахти былæй малмæ, дæрдджын кусæн хæлафы, цæппæруагъд къурткæйы æмæ рогхъус дзабырты.

Былыл дæр æмæ доны дæр сабитæ. фегуыппæг сты уыцы æнæнхъæлæджы хабарæй, стæй уæд сæ хъæрахст ногæй ныццарыдта:

— Æх-ха-ха, уæлæ уыцы лæг куыд ныххаудис!

— Уый Мырза у, Мырза!

— Сæрра ис, æвæццæгæн! Къостайы æрра фыййау!

Куы аныгъуылд, уæд дзæвгар рæстæг нал сзынд æмæ уалынмæ сабитæй кæцыдæры тарст æрдиаг бæстæ йæ сæрыл систа:

— Уау! Уæуу-уау!

Мырза йын доныбын йæ къах æрцахста æмæ йæ æрæлхъывта; цалынмæ йæхæдæг æнæулæфгæ фæрæзта, уæдмæ лæппуйы цалдæр хатты æрныгъуылын кодта; уæуу-угæнгæ дзых хæлиуæй куыд баззади, афтæ дзы дон бакалд æмæ ферхæц-ферхæц кæны, цæстытæ фыртæссæй куы фæцъынд вæййынц, куы ныдздзагъыр.

Уалынмæ донæй сзындысты Мырзайы æмхалас сæрыхъуынтæ, æрфгуытæ æмæ рихитæ. Лæппуйы къахыл фидар хæцы, уый дæр йæ гæндзæхтæ тилы; сывæллæттæ худæгæй бакъæцæл сты, сæ ныфсджындæртæ хæстæджыты æрбаленк кæнынц.

— Кæй схуыдтай ды æрра? — æртъыссы та лæппуйы Мырза, уый дæр худгæ-кæугæ хъыллист кæны.

Хуыцауы æлгъыст, хъусгæ та йæ кæцæй фæкодта доны бынмæ?

— Йæ, Мырза!

Сывæллоны суагъта æмæ æндæры рацахста, армæй йын йæ сæры тенкайыл æрхæцыд æмæ йæ иу хатт æртъыста, иннæ хатт; кæй суагъта, уый фæдис-фæдисæй тæнæгмæ раленк кодта, уæрджытæм доны æрлæууыд æмæ худæгæй бакъæцæл. Уалынмæ сæ ныфсхастдæр Мырзайы æккой абадт, мæллæг цæнгтæ йын йæ хурхыл æртыхта, гуыбынцъарæй йын йæ сæр доны æртъыссыныл хъуырдухæн кæны, нæ йын бантыст æмæ фæбырыд, сæрбынмæ доны фæмидæг æмæ былгæронмæ хæстæг футтытæгæнгæ скаст.

— Йæ, Мырза! — ныхъхъæр æм ластон дыккаг хатт.

Нæ мæ хъусы. Æниу, диссаг дæр уаид, уыцы хъæлæба æмæ хъыллистæй мæ куы фехъусид, уæд.

Æппынфæстаг сывæллæтты расур-басурæй бафæллад æмæ лæфлæфгæнгæ тæнæгмæ раленк кодта, сурыл æрлæууыд. Сæр галиуырдæм фæкъул, армытъæпæн хъусыл авæрдта æмæ цалдæр уæзбын гæппы скодта мидбынат галиу къахыл, стæй уæд рахиз къух рахиз хъусыл авæрдта æмæ та уыцы уæзбын гæппытæ рахиз къахыл.

— Йæ, Мырза!

Мæнырдæм разылд:

— А, ды дæр ам куы дæ.

Йæ донласт дарæсы мæ цурмæ æрбацыд фæдуадзгæ, алы къахдзæфæн дæр дзабырты хъустæй дон цъысцъысгæнгæ лæдæрсы.

— Дæ хорзæхæй, куыд æй фехъуыстай доны бынмæ, æрра дæ схуыдта, уый?

— Хъусгæ та йæ кæцæй фæкодтон, фæлæ æндæр цы хъуамæ загътаиккой, дарæсы мæ ныггæпгæнгæ куы федтой, уæд?

— Æмæ дæ род та фаллаг фарсмæ кæуылты бахæццæ?

— Кæм æй федтаи? — ныджджих мæм.

— Куыд кæм? Уымæ нæ сидтæ æмæ афтæмæй нæ ныххаудтæ доны?

— Ха-ха-ха! Сабитæй æнцондæр сайæн куы разындтæ уый! Ацы фæлыст уалдзæгæй фæззæгмæ, цалынмæ найыны рæстæг вæййы, уæдмæ уæртæ мæ цæхæрадоны кæрон, тæккæ донмæ рахизæны, бæласы къалиуыл ауыгъдæй лæууы. Найынмæ куы рацæуын, уæд сæ мæ уæлæ скæнын. Уæдæ сывæллæтты æхсæнмæ бæгъæмзæнгæй бахизон? Найгæ та малы куы нæ ныккæнай, уæд ам, уæрджыты сæрмæ доны, цæй над у? Сывæллæттæм та цыма æнæбары ныххауын былæй æд дзаумæттæ, алы хаттæн афтæ фæкæсы. Уадз æмæ худæгæй сæхи хæссой.

Кæд æмхалас ссис, уæддæр зæронд никуы бауыдзæн.

Къурткæ раласта æмæ йæ лæмары.

— Æгæр лакъон ма куы нæ уаид фæсивылд, уæд дзы адæймаджы зæрдæ æддæмæ рахизын нæ комы. Марадз, æрæнхъæвз ды дæр дæхи æмæ цом.

— Кæдæм?

— Уæдæ донбыл баззайынмæ хъавыс ахсæв?

Цæй дзæнæты рæстæджытæ уыд кæддæр, чи фылдæр хатт цынайдзæн бон-изæрмæ йæхи, уый не стырдæр сгуыхт куыуыди, уæд. Хуыр уа йе дур — бæгъæмвадæй нын сæ хъауджы нæ уыд, ныр та фесхъиуфесхъйугæнгæ цæуы адæймаг æнахуырæй дурыл дæр æмæ хуырыл дæр. Сабитæ дзы найынæй æфсис куыд нæ зонынц, уымæ гæсгæ афтæ уазал нæ банхъæлдзынæ донæн, цалынмæ дзы бахизай, уæдмæ. Фадхъулы сæртæ хъыдзы кæны. Хъавгæ, къæхты бынтæй сгаргæ рæбындæр. Уæраджы бынтæм. Ноджыдæр ма иу къахдзæф, дыууæ. Уæраджы сæртæм дон уазал æлхыскъ райдыдта. Æрлæууыдтæн.

— Фæстæмæ мауал раздæх — дæ бикъ донæн фенын кодтай,— худы мыл Мырза.

Дур фехста æмæ мæ тæккæ фарсмæ доны пæлхъ фæцыд, пырхæнтæ буарыл сæмбæлдысты, сонт уазал зæрдæ фæрæхуыста æмæ æз дæр æвиппайды фæныгъуылдтæн. Æрмæст йæ фæныгъуылын дæ зын, æндæр дæм дзы сыстын нал цæудзæн. Астæумæ арф, уæддæр ленк кæнынæн бæззы. Науæд къухтæ фæйнæрдæм аппар, дæхи уæлгоммæ ауадз, бынмæ дæ куыд нæ ласа, афтæ иу къахæй схойæгау кæн æмæ дæ сындæггай дæлæмæ хæсдзæн.

—. Рахиз, цæй! Уæд куы нæ уæндыдтæ, ныр дзы бафсис куы нал зоныс.

Мырза йæ фæлыст аивта. Æз дæр мæ дзаумæттæ скодтон. «Астрæйы» къоппимæ йæ хæдоны риуыдзыппæй сйста армытъæпæныйас газеты уадздзаг æмæ мæм æй æрбадардта.

— Куыд дæм кæсы ацы хабар?

— Цы у?

— Ау, æмæ йæ нæма бакастæ? — дисгæнæджы дзагъыр ныйисты йæ цæстытæ.

Газеты гæбаз райстон. Разынд «Правда»-йæ лыггонд. Сæвджынгомау дамгъæтæй сæргонд: «Ракетæты ныхмæ». Йæ бынмæ ноджыдæр ма иу сæргонд лыстæгдæр дамгъæтæй: «Правда»-йы сæрмагонд уацхæссæг хъусын кæны Гаагæйæ:

Кæд Вашингтонмæ æмæ НАТО-йы разамындмæ ахæм фæнд уыдис, уæддæр Нидерландты хицауад рахаста бæстæйы зæххыл 48 базырджын ракетæйы æрæвæрын нæ бауадзыны уынаффæ. Уыцы уынаффæ йæ тыхы уыдзæн 1988 азы райдайæнмæ æмæ йæ хъуамæ сфидар кæна парламент»...

— Цæй, цы зæгъдзынæ? — уацхъуыд кæронмæ цалынмæ бакастæн, уæдмæ дæр нал бахъæцыд Мырза.

— Ахъаззаджы уынаффæ у.

— Æмæ дын æз цæй кой кæнын? Кæдæй-уæдæй паддзæхтæй дæр кæцыдæр зондджын разынд. Ныр кæд мæ фыдохы тъыссæнтæ дæр ницæмæнуал бахъæуиккой.

— Цавæр фыдохы тъыссæнтæ?

— А-а, хæдæгай, ды сын куы ницы æмбарыс.

Газеты гæбаз биноныг цыппар дыдагъæй фæстæмæ йæ дзыппы сæвæрдта.

Цæхæрадæтты араст стæм хæдзары ’рдæм. Йæ хуымтæ — бæллиццаг зылд. Мæнгæн нæ дзурынц, суанг нартхоры онг уырзæй рувы, зæгъгæ. Æмхуызон райдзастæй кæсынц æндæрæбоны къæвдайы фæстæ хъуырæлхынцъ губакгонд картоф дидинæг ракалынæввонгæй, нартхоры æмраст ирдцъæх рæнхъытæ. Цæхæрадоны хæдзармæ хæстæгдæр æмбис телбыдæй æхгæд, йæ мидæгæй дыргъбæлæстыл гага бæлвырдæй фæбæрæг.

Бæлæсты бынмæ куы бахызтыстæм, уæд улæфæнтæ риуыдзаг фегом сты аууоны. Хуры судзгæ тынтæн ам сæ тых асаст, æрмæст ма цæстытæ тыбартыбургæнгæ хъыдзы кæнынц.

— Уæртæ лæг, уыцы æртæ чъирийы сугдæвдæг цалынмæ ныууой, уæдмæ сæ дарыс? — чъылдымы дуарæй ныхасгæнгæ рахызт Мырзайы бинойнаг Терезæ, мæн куы ауыдта, уæд фæкъуыхцы. — Ды дæр ам куы дæ — æгас цу.

Тæнтъихæг, æдзух худæнбыл, æдзух æнæвдæлон, сæрыхæцъил æрфгуыты тæккæ сæрмæ æлхынцъ. Фидисмæ фæцис:

— Худинаг дæр уæм нæ кæсы, зæронд куы стут, уæд, сабиты æхсæн бæгъæмзæнгæй уæхи найын? Æ, бастъæлат, бастъæлат...

— Марадз, ды мах найæнтæн ницы æмбарыс, æмæ дæхи хабæрттæ кæн. Ламаккамæ нæма арвыстай?

— Куыд æм арвитон, абонсарæй дыл мæ цæст куы нæ æрхæцыд, уæд. Æви мæхæдæг æрбадтаин йемæ фынгыл? — йæхи сцагъта ус.

Кæд исчи æцæгдæр фæрæты хъæдæй барст у, уæд ацы къай. Сæ уайдзæф дæр æмæ цин дæр — æцæгæлоныл уа, хионыл, æви кæрæдзийыл — хъазгæмхасæн æнæмаст æлхыскъимæ. Сæ иу иннæйы фæзма, æви æрдзæй рахастаиккой ацы миниуæг?

— Ам ма дæ?

Терезæ кæрты фæаууон, мах дыууæйæ дыргъдоны баззадыстæм. Зæронд кæрдойы бын — бæзджын нæзы фæйнæгæй бандон, йæ иу кæрон бæласы зæнгмæ фидаргонд, иннæйæн æнцой сагъд. Бандоныл мæхи æруагътон, мæ фæсонтæ бæласмæ сарæзтон. Мырза дæр фæйнæджы иннæ кæрон æрбадт. Сигаретты къоппимæ та систа уыцы газеты уаццаг, тамако йæ дзыхы бакодта, фæлæ йæ нæма ссыгъта, афтæмæй ноджыдæр ма иу хатт сæрæй бынмæ бакаст фыстытæ, гæххæтт йæ дзыппы бафснайдта. Стæй уæд тамако ссыгъта, сыстад æмæ мын мæ цонгыл рахæцыд.

— Стæ-ма.

Бæлæсæй æддæдæр абадтæн. Мырза йæхи дзудздзæджы æруагъта, фæйнæг бæласмæ фидаргонд кæм уыд, уым йæ бынмæ кæрдойы зæнджы æмбуар æмбыддзæф хъæдын асыччы фарсыл рахæцыд æмæ дзы æрдæглитруат авг райста. Рыг æмæ хæлуарæджы тын ыл гуппар сæвæрдтой, йæ хъуырæй йæ бынмæ бæрæг дары сæтæлæджы фæд. Бæлæсты бын бæзджын цъæх кæрдæджы йæ сæвдылдта æмæ авг фæсыгъдæгдæр, йæ сæр бурбын тасмачъийæ æхгæд. Уырыссаг арахъы авг. Йæ къухмæрзæн систа Мырза, авг ныссæрфта, хъуыддагхуызæй. дзы рухсмæ акаст, Разынди йæ уæхсчытæм дзаг.

— Дæ кæрдойыл арахъы æвгтæ зайын райдыдта æви йæ Итæзонæй ам фембæхсыс?

Цыма мæ хъусгæ дæр нæ кæны, уыйау исдуг ницы дзуапп радта — дард кæмдæр сты йæ хъуыдытæ. Ноджыдæр ма иу хатт рухсмæ акаст авджы, стæй уæд мæнырдæм разылд.

— Æмбаргæ йæ нæ бакодтай газеты фыст æви уырыссагау кæсын нæ зоныс? — дзуапп раттыны бæсты мын бафарста мæхи.

— Цавæр газет?

— Æз та æнхъæлдтон... — нывнæлдта йæ дзыпмæ.

— Ракетæты тыххæй æви?

— Уæдæ, уæдæ! Ракетæты тыххæй, æндæр цæй тыххæй.

Æз æй авгæй куы фæрсын, уæд ай та Голландийы хицауады уынаффæмæ кæцæй ахæццæ?

Кæртæй цæхæрадонмæ рахызт Рамазан — сыхы хистæр зæгъон æмæ — хъæуы хистæртæй иу, нæхи мидæг та — Ламакка. Æрхæццæ. Зианы фæдыл бацагуырдæуа сыхбæсты æви цины фæдыл, æрбахъæр дæм кæндзæни: «Цæй, цы зæгъыс — цæуæм æви нæ цæуæм?» — «Цæуæм, уæдæ цы кæнæм!» — «Æрмæст, дæ хорзæхæй, рæвдздæр». Фылдæр хатт æнæдаст, фылдæр хатт иударон фæлысты. Уымæй диссагдæр ницы ис: нымад дæс минутмæ дæм уынджы астæу æнхъæлмæ кæсдзæн — ногдаст, фындзы бын ма нарæг рихиты уадздзаг ныууагъта; йæ бæрæгбоны фæлысты, цырыхъхъытæ цæхæртæ калынц. Махæй та, кæй зæгъын æй хъæуы, æмбисцæттæ дæр ничима у. Уынгæй йæ хъуыр-хъуыр хъуысдзæн — кæнæ искæмæн хъаст кæны, кæнæ йæхицæн дзуры: «Уæллæй, чындздзон чызджытæ куы фæцадаиккой адон, уæд сын царды мидæг æнæцыдæй æнæ баззайгæ нæ уыд». Фыццагдæр æм чи рахæццæ уа, уымæ фæвæййы: «Салдат нæ уыдыстут, салдат?» — «Куыннæ, куыннæ, Ламакка, салдат дæр — фæндараст дæр нæ дæхæдæг куы акодтай, æгасцуай дæр нын дæхæдæг куы загътай». — «Уæдæ уый цавæр æрсым-бырсым у, цавæр?»

Нæ цурмæ æрбахæццæ æмæ салам радта, Мырзайы къухы авгмæ уыцы æнæууæнкхуызæй кæсы.

— Дæ мæрдты хатырæй, уый циу?

Дзуапп ын нæма радта, афтæ нæ уæлхъус æрбалæууыд Мырзайы æмдзæхæрадон сыхаг Валодкæ; кæцæйдæр нæм фæлгæсыд, æмæ иугæр æртæ баистæм, уæд хуымæтæджы кæй нæ уыдзæн, уый бамбæрста.

— Æмбырдæй куы стут ам, уæ рынтæ,— цыма нæ æхсызгон хъуыддаджы фæдыл агурынæй бафæллад, уыйау йæ ныхас. Къобаг уæзбын ивазгæ дзырдыздæхт — æрæгæй нырмæ цæры сыхы æхсæн. Бонзонгæ кусаг лæг, хæдзарыдзаг æнахъбм цотимæ. Фæкæсынмæ, балæггад кæнынмæ — æнæзивæг, коммæгæс. Æрмæст ын а нозт æппындæр нæ тайы, уайтагъд йæ гæлæбутæ стæхынц æмæ уæд хистæрмæ, кæстæрмæ уæгъд дзырдæппарæн кæндзæн, уæнг дзы уæнджы коммæ нал фæкæсы: гуыр хицæнæй тæлфдзæн, къухтæ хицæнæй, уæдæ сæр та бынтон æнцой нал фæзоны насы хъæды хуызæн лыстæг даргъ къубалыл.

— Ды дæр æй нæма бакастæ? — йæ дзыппæй та уыцы газеты уадздзаг систа Мырза æмæ йæ Ламаккамæ бадардта.



Просмотров 1176

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!