![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Нывæрзæн здахаг у
Мады зæнæг æфсымæртæй дæр кæрæдзиуыл Чермен æмæ Сæлæдины хуызæн æнувыд нæма уыди. Фыдæбойнаг фæндæгтыл бирæ фæцыдысты иумæ. Ирыстоны фыццагдæр цы «Икарус» фæзынди, уый скъæрдтой зымæг Ростовмæ, сæрд — Анапæмæ. Ахæм дард ранмæ та автобустæ изæрмилты, фæндæгтыл цæуæг куы фæкъаддæр вæййы, уæд араст вæййынц, бонцъæхтыл куыд бахæццæ уой, афтæ. Лæппутæй сæ иу цалынмæ машинæ скъæрдта, уæдмæ иннæ та йæ фæллад уагъта. Цы бирæ хъæуты æмæ горæтты рæзты уыди сæ фæндаг, уым базардзаутæй хуыздæр ничи зыдта, дæлæмæ дæр æмæ уæЛæмæ дæр цы афон фæзындзæн сæнтморæ «Икарус», уый. Кæй æргъæвгæ, Кæй æвæргæйæ фæндаг цыбыр кодта Чермен æмæ Сæлæдиныл. Æнафоны бæлцæттæй сæм цы суари хауди, уый дыууæ раст дихы кодтой. Хъæстаг кæнæ фæсмойнаг иунæг хатт дæр никуы разынд сæ балц. Бонтæ куыд ивгъуыдтой, афтæ «Икарус» дæр æдзæллагм.æ цыд, лæппутæн сæ дарæг фыдæбойнаг фæцис. Бæргæ ма йæ æмпъызтой алырдыгæй, бæргæ ма йын амал кодтой куы иу, куы иннæ хай, фæлæ уыдтой — бирæйы фаг нал у. Тайынгæнæн пецы дзыхмæ баппарынæн йеддæмæ куы ницæмæнуал бæззыд, уæдмæ сæ уынаффæ дæр конд уыди: æгъгъæд фæуæд æнафоны дард балцытæн. Сæ каст уыди æрмæст ног такситæ фæзынынмæ. Æмæ куыддæр заводæй хабар ссыди, уæ машинæтæм шофыртæ рарвитут, зæгъгæ, афтæ дыууæйæ абалц кодтой æмæ цæхæркалгæ «Волгæтæ» стардтой. Фæйнæ таксийыл куы бабадтысты, уæд дæр кæрæдзиуыл сæ зæрдæ нæ сивтой. Ноджы ма сын фатертæ дæр иу хæдзары куы радтой, уæд иу бинонтæй уæлдай нал уыдысты. Чермены фатер æртыккаг уæладзыджы, Сæлæдинæн та — цыппæрæмы, æрмæст сæ бацæуæнтæ — хицæн. Бахъуаджы сахат балкъонмæ рауай æмæ ахъæр кæн: — Уæ, Чермен! Уайтагъд æртыккаг уæладзыджы фæзындзæн Чермен кæнæ йæ бинойнаг Заретæ. Науæд: — Уæ, Сæлæдин! Æмæ Сæлæдин куы нæ уа, уæддæр ракæсдзæн Гиданнæ. Æххæст ма Сæлæдинæн дæр телефон куы сæвæриккой, уæд сæ кæрæдзимæ хохаг рахъæр-бахъæр нæ хъæуид, бæргæ. Лæгтæй æнувыддæр та сæ устытæ уыдысты кæрæдзиуыл. Заретæ дын искуы йæ лæгæн исты хорз дарæсыл бамбæла æмæ Гиданнæйы дæр ма сцыбæл кæна, уымæн уæвæн нæ уыди. Уæдæ лæгтæ дæр алы рагуалдзæджы сылгоймæгты бонмæ сæ устытæн бынтон халдих лæвæрттæ æлхæдтой иумæ. Æмæ-иу æмхуызон фæлысты куы рараст сты уынгмæ, уæд-иу фæндаггæттæй исчи йæ сæр хæлæггæнгæ банкъуыста: — Тæхудиаг, файнустытæй дæр кæрæдзийæн ахæм адджын чи вæййы! Æрмæст сæ чи кæй къай у, уый адæм хæццæ кодтой. Сæлæдинæн хæрдмæ цы нæ бантыст, уый фæйнæрдæм фæцыд. Гиданнæ та æнахъом чызгæй уæлдай нæ уыди: тæнæг, æлвæст. Заретæ — бæзæрхыгтæ æмæ хъомыл, Чермен — иутъангон кæмæй фæзæгъынц, ахæм. Чи сæ нæ зыдта, уыдон-иу Чермен æмæ Гиданнæйы банымадтой къайыл сæ кондмæ гæсгæ. Фæлæ-иу афтæ æрмæст бæрæгбæтты, науæд хуынды цæугæйæ, бакъорд сты. Æнæуи æрмæст сæумæйы æмæ изæрыгæтты уыди иумæ сæ фæндаг Сæлæдин æмæ Черменæн. Куыстмæ — афоныл, куыстæй та — арæх æрæджиау, уымæн æмæ-иу сæ дыууæйæ гаражмæ раздæр чи æрбацыд, уый иннæмæ банхъæлмæ кастаид. Фæйнæ дæр-иу куыннæ анызтаиккой хатгай. Нозт та адæмæн æмхуызон кæм тайы. Кæнинаг уæздан ныхас у — хæссинаг бирæ хæттыты фæцис Сæлæдин йе ’рдхордæн. Æрвонгæй мæлæты æнцондзырд вæййы, æцæг иунæг ануæзта, уæд дзы æфсис нал фæзоны, ныхас æм нал бахъардзæн. Йæ низ йæхæдæг дæр æмбæрста, æмæ-иу фæснозт Черменæн къæмдзæстыгæй хъаст кодта: — Хуыцауы тыххæй, дысон куыд æрбацыдыстæм? Нал æй хъуыды кæнын. — Нæ зонын, райсоммæ дзы куы нал уа, уымæй тæрсæгау ныххæлоф кæныс. — Марг мын фестæд, æз ма йæ мæ дзыхмæ дæр куы схæссон! Фæлæ йæ сомы изæрмæ йеддæмæ нæ ахæссы. — Цыдæр ризæг мыл бахæцыд — уæд та дзы фæйнæ ануазиккам? — Ау, сомыгонд куы уыдтæ сæумæйæ? — Æмæ, дæу зæрдæйæ, мæ ныхас цæуыл у: кæй нал нуазын, уый тыххæй ма дзы фæйнæ бануазæм фæстаг хатт. Тынг æрхатын кæмæ хъæуы, Чермен дæр уыдонæй нæу. Уайтагъд фæраст вæййы — æмæ та фыдæбойнаг: Сæлæдины хæссæгау бакæн, сывæллонау ын йæ дзаумæттæ ралас. Цъæх арт бæргæ уагъта Гиданнæ, æрмæст зæрдæйы фæндиаг ныффуттытæ кæнын йæ бон никуы бацис: цот ын нæ рацыд ауал азы æмæ лæгъстæйаг у йæ мойæн. Ныддæнгæл-иу, фæлæ хæрдмæ ницы фæрæзта, алы райсом-иу йæ лæгæн æфсоны тæргæйттæ цы фæцис, уымæй уæлдай. Уазал доны дæр æй никуы бахъуыд йæ къух атъыссын, йæ замманайы цард фехалын æм æвгъау касти. Æнаипп лæг кæм ссардзынæ: чи нуазгæ кæны, чи — хæтгæ, чи — нæмгæ. Бæллæхтæн дæ сæ уæлæнгайдæрæй бар куы уа, уæд хæтын æмæ нæмыны бæсты йæ быны къæйтæ дæр бануазæд. Адæм фыддæртæн куы быхсынц. Хæрдмæ цы нæ фæрæзта, уыйас хинымæр дæнгæл кодта Гиданнæ. Хуызы цъыртт дæр ыл уымæн нæ хæцыд, æвæццæгæн. Æниу, уæртæ Заретæйау фæйнæрдæм фæцæуыны бæсты фæлтау йæ бикъ йæ астæуыхъæдыл баныхæсæд. Зæрдæтæ бæргæ æвæрдта йæхицæн, уæддæр иу хаттæй иннæмæ æнæ хъæлæба никуы фæлæууыд: — Сау емынæ куы банызтаис æмæ дæ сау сынтыл куы æрбахастаиккой фæлтау! Дæуæн чи бадардта, уый мæ уды тæригъæдæй йæ быны къæйыл дзыназгæ фæбадæд!.. Иуахæмы Черменæн фæхъыг сты.уыцы æлгъыстытæ. — Кæд, мыййаг, мæнмæ хауынц дæ уайдзæфтæ, Гиданнæ? Марг мын фестæд, кæд ын æй йæ къухтæй нæ фæкъахын. — Æмæ исты, мыййаг, ме ’нæзонгæ у? Фæлæ ахъуыды кæн дæхæдæг — алы æхсæв сусхъæды габаны фарсмæ хуыссæгау æрвит де ’хсæв! Уæд та ма, дæ фарн бирæ, æз дæр удæгæс адæймаг дæн... Кæд æй раст нæ бæмбæрста Чермен, уæддæр бæрæг нæй, фæлæ-иу Сæлæдины бабиноныг кæнынæн цас хъуыди, уымæй цыма фылдæр рæстæг афæстиат уæдæй фæстæмæ йæ лымæны хæдзары, афтæ йæм каст. Кæмæндæрты сæ цæсты фиутæ тайын байдыдтой дыууæ бинонты цардмæ хæлæгæй. Кæмæндæрты, зæгъгæ, йæ дардыл цы амонæм — Заретæйы файнуст Хæдарцонæн. Файнустæн та йæ ном йæ уæлæ баззад фыдæлтæй нырмæ. Фæрсæг æй нæ уыди, хъуыддаг æй ницы ис, афтæмæй дын Заретæйæн куы срæцугъид: — Æппын мæ тиуыл дæ зæрдæ ницæмæй къæпп кæны? — Уый та цы хоныс? — бадиссаг Заретæ. — Гиданнæмæ цыма æгæр афæстиат вæййы, афтæ дæм нæ кæсы? Стыр худæджы хос фæцис Заретæйæн. — Уанцон нæу, Хæдарцон. Дæумæ байхъус, уæд æппындæр æууæнк никæуыл ис а дунейыл. Кæуыл, кæуыл, фæлæ æхсæв иу уаты куы баззайой нæ лæгимæ, уæддæр Гиданнæйыл ахæмæй ницæуыл фæгуырысхо уыдзынæн. Кæд йæ файнусты ныхæстыл æууæндгæ нæ бакодта, уæддæр ын хъыг уыдысты. Мæнæ иуæй-иу устытæ сæ лæгты фæдыл смудгæ куыд фæзилынц, Заретæ ахæм митæ йæ сæрмæ никуы æрхæсдзæн. Хæдарцон та, мыййаг, йе ’нæзонгæ Хæдарцон у? Се ’фсины хæдзарæй дæр уый бырынчъы аххосæй фæхауæггаг сты. Стæй дзы йæхæдæг дæр бирæ нал бафæстиат — сæ фæд-сæ фæд схæццæ сты горæтмæ йæ лæгимæ, зæрæдтæ та хъæуы æвæгæсæгæй баззадысты. Калм, дам, битъынайæ тарсти. Афæдз дæр нæма ацардысты Чермен æмæ Заретæ сæ ног хæдзары, афтæмæй раст сæ тæккæ чъылдыммæ Хæдарцонæн дæр кооперативон фатер срæвдз. Адæмы æфсæрмæй æфтыдысты дыууæ файнусты кæрæдзимæ. Æмæ цалынмæ бада, уæдмæ дзы искæй кой йеддæмæ ницы фехъусдзынæ: уый йæ лæгæй ахицæн, уымæн йæ чызг кæйдæр фæдыл алыгъд, уыдон та машинæйæн æртæ аргъы бафыстой рамбулыны æфсон... Æмæ ныр, æппынфæстаг, Заретæйæн йæхи бинонты онг æрхæццæ. Йæ дам-думтæй рагæй зæрдæцъæх у, уыййеддæмæ йæм, чи зоны, æрыхъуыстаид. Кæд Хæдарцоны дисы бын фæкодта, уæддæр дзы йæ ныхæстæ бынтон нæ байрох сты. Дыккаг æмæ æртыккаг хатт дæр та йæ файнустмæ уыцы кой куы рауади, уæд æм æрыхъуыста. Худæн дæр ыл нæй: адæм дæ сохъыр куы схоной, уæд дæ цæст бацъынд кæн. Æцæг Хæдарцоны цæсты йæхи бафтауыны бæсты æнæмæтхуыз дзуапп радта: — Æндæр исчи дæр ма куы уаид, фæлæ Гиданнæйæ тæригъæд ма зæгъ. — Бар дæхи, фæлæ искуы нæлгоймагыл æууæнк уыди? Хæдарцоны цæстытæ хинæрттывд фæкодтой, уый бафиппайдта, æмæ йын фæхъыг: — Æддæкъахы гуырысхо йыл никуы фæдæн махоныл. Æниу, адæймаг мыд æмæ царвæй дæр сфæлмæцы. Бынтон æнæ аирхæфсгæ дæр кæм уыдзæн йæхи. Гæппæй куы бадынц уагъд сылгоймæгтæ, уæд уанцон нæу, Хæдарцон, йæ хуыздæр æрдхорды бинойнаджы йеддæмæ никæй ссардта? — Нæ зонын, нæ зонын, фæлæ ахæм хъуыддаджы йæ къахыл кæмæн æрлæууай, уый дæр дын нæ басæтдзæн. — Низ мæм макæцæй æрбахæссæд, æндæр йæ рæгъау сывæллæттæй кæдæм фæцæудзæн? Мæхимæ йæ хъæуы: нывæрзæн здахаг у. Дыууæ мæйы æмгъуыдæй фæсидтысты Черменмæ æмæ йæ нæузæххытæм арвыстой хор æфснайынмæ. Бонтæ ныддаргъ сты Заретæйыл, ноджы даргъдæр та фæззыгон æхсæвтæ. Кæд Хæдарцонмæ Гиданнæйы кой никуал рауад, уæддæр гуырысхойаг цы нæ уыд, уый дæр Заретæйæн гуырысхойаг сси. Цал хатты æмбæлдысты, кæрæдзимæ цал хатты æфтыдысты, уал хатты йын йæ тъæнгтæ карста Гиданнæйы «Уæ лæг цытæ фыссы? Уæ лæг кæд ссæудзæн?» Æниу æй, цымæ, нæ афарста, зæгъгæ, уæд та йæм куыд фæкæсид? Йæхæдæг æй, цымæ, нæ афæрсид, Сæлæдин ахæм дард балцы куы уаид, уæд? Дæ бындур ныззила, мæ файнуст, кæд дыууæ мады зæнæджы дæр туджджынтæ фестын кæндзынæ! Уæвгæ, рæстытæ кæд дзуры, мыййаг, Хæдарцон? Искæй тæригъæд дæр æй цæмæн бахъуыдаид уæдæ? Фыдæнæны хуызæн хæдзарæн йæ бацæуæнтæ кæрты ’рдыгæй сты, Чермены фатеры рудзгуытæ та — у.ынджы ’рдыгæй: мидæмæ чи хизы, уый дæр нæ фендзынæ, æддæмæ чи цæуы, уый дæр. Æцæг Хæдарцоны рудзгуытæй иууылдæр хорз зынынц. Исты федта, æвæццæгæн... Зымæджы къæсæрыл схæццæ нæузæххытæй Чермен. Хæстæгхионтæм фæдзырдтой æрмæст æмæ тæккæ уыцы изæр æртæ чъирийы скуывтой. Йæ хуыздæр æрдхорд кæй фæзынди, уый цинæй та æгæр фæрасыг Сæлæдин. Æрмæст хъуыддаг искæй æххуысы онг не ’рцыд: Гиданнæйы æнцæйтты ссардта хæдзар. Бæргæ фæрæвдз Чермен, бахæццæ йæ кæнон, зæгъгæ, фæлæ фæндаггоны ской дæр нæ бауагътой. Гиданнæ ма йæм фæстæмæ иу каст куыд фæкодта æмæ кæрæдзийæн цыдæр куыд ацамыдтой цæстыты нæзына базмæлдæй, Чермен йæ къурткæ куыд æнæбары æрæвæрдта, уый нæ аирвæзти Заретæйæ. Цалынмæ уазджытæ дуары æдде нозтджын хæрзфынтæ кодтой кæрæдзийæн, уæдмæ Заретæ йæ файнусты афарста: — Райсом искæдæм цæуинаг дæ? — Никæдæм. Уæртæ мæм дунейы хуыинæгтæ бамбырд æмæ мын базармæ ауайыны амал дæр нæй. ...Чермен хуыссæнæй нæма рабадт, афтæмæй Заретæ сывæллæттæй кæй скъоламæ, кæй рæвдауæндонмæ фæхæццæ кодта. Йæхæдæг кусынмæ араст, уый куы федта лæг, уæд фæбустæхуыз: — Абон нæ хæдзары куы абадтаис, уæд дæр ницы æрцыдаид — дард балцæй æрхæццæ дæн уæд та. — Ардæм мæ хъæуы, мацæмæй мын тæрс. Схæццæ уыдзынæ, уый куы зыдтаин, уæд ме ’мбалимæ нæ рад баивтаиккам,— дзургæ-дзурын феддæдуар Заретæ. Æцæг дардмæ нæ ахæццæ: Хæдарцоны къæсæрыл бахызти. — Нæ лæджы æууæлтæ дысон мæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты, æмæ мын абоны бои æнæ суæлдай кæнгæ нæй. — Цæмæй йын тæрсыс — нывæрзæн здахаг у,— фелхыскъ æй кодта Хæдарцон. Ницы йæм сфæрæзта Заретæ. Рудзынджы дзыхмæ бандон æрбайста æмæ æмбæрзæны аууонæй фæлгæсыныл схæцыд. Æнхъæлмæ кæсын æй бирæ нæ бахъуыди: цалынмæ, æвæццæгæн, Чермен йæхи даста æмæ æхсадта, æрмæст уæдмæ. Стæй рахизæны фæзынд пæ къурткæ йæ уæхсчытыл æппæрстæй. Фæйнæрдæм аивæй афæлгæсыд тамако ссудзыны æфсонæй, æмæ йæ сæр дæр нæ систа, афтæмæй Сæлæдинты бацæуæны фæмидæг. — Мæ зæрватыкк ахстонмæ батахт,— фестад йæ бынатæй Заретæ, фæлæ йæ Хæдарцон фæурæдта. — Баййафдзынæ сæ: уадз æмæ уал хус цинтæ акæной кæрæдзиуыд. — Дæддæй, Гидан.нæ, дæ цæсгомы цъар дыл æрлæбырæд! Æниу, махон дæр хуыздæр у? — Нæ зонын, къæм абадын сæ иуыл дæр нæ уагътай. Гъа, ныр сæ хус цинтæн фæуын афон у, афтæ Заретæ йæ фысымы дуарæй рахызти. Хæдарцон дæр йæ фæдыл фæрæвдз, фæлæ йæ нæ рауагъта: йæхæдæг дæр фаг у, уæлдай æвдисæнтæ дзы ницæмæн хъæуы. Цыма йæ фæсте сургæ кодтой, уыйау фæдисæй суанг цыппæрæм уæладзыджы балæууыд. Йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп кæд гыццыл æрæнцаид, зæгъгæ, къулыл банцой, фæлæ тынгдæр цы фæцис, æндæр къаддæр куы нæ кодта, уæд дзæнгæрæг æртæ хатты балхъывта: — Дзинг-дзинг-дзинг!.. Банхъæлмæ касти. Сыбыртт нæ хъуысы мидæгæй. Æрмæст бинаг уæладзгуытæй кæмдæр авдæны сывæллон бацъæх. — Д зинг-дзинг-дзинг!.. Дзуапдæттæг нæй. Йæхиуыл сгуырысхо Заретæ: кæд æндæр искæмæ бауад, мыййаг, Чермен. Нæ, сæумæйæ дзы кæй бабæрæг кæна, ахæмæй йын æндæр ничи ис. — Дзинг-дзинг-дзинг!.. Æдзæм, æгомыг хæдзар. Сывæллон дæр йæ кæуынæй банцади. Заретæ дзæнгæрæджы къæпсыр уыциу æлхъывдæй нылхъывта æмæ цалынмæ мидæджырдыгæй дæгъæлы дзыгъал-мыгъул ссыди, уæдмæ йæ нал суагъта. Дзагъырдзаст æмæ фæлурсæй ракаст Гиданнæ дуарæй. — Черменмæ ма фæдзур,— салам дæр нæ, фæрсгæ дæр. — Æмæ Чермен ам куы нæ ис,— мидæмæ дæр ын нæ загъта, комкоммæ дæр æм нæ бакаст. Æрмæст йæ лыстæг æнгуылдзтæй халаты тæрттæ нылхъывта. — Æз дæ, ам ис æмæ нæй, уымæй нæ фæрсын. Фæдзур-ма йæм. — Мæнæ диссаг! Махмæ цы агуры ацафои Чермен? — Æз дæр уый базонынмæ æрбацыдтæн, æз; ис хæдзар, ис усæй дæумæ цы агуры? Тæрхъусы лæппыны хуызæн тæнтъихæг сылгоймаг цастæ асхоинаг уыдис Заретæйæн. Къæсæры мидæгæй куыддæр фæцис, афтæ гуыдырæй ахгæдта дуар æмæ дæгъæл йæ дзыппы ауагъта. Æддаг уаты дæр, мидæггаджы дæр, хæринаггæнæны дæр нæ разынди лæг. Цыппæрæм уæладзыгæй агæпп кæныны зонд æм ма ’рцæуæд, зæгъгæ, лоджæмæ куыд фæраст, афтæ æмбæрзæны чъылдыммæ ауыдта йæ лæджы цырыхъхъытæ. — Æ, бабын уай, бабын! Йæхæдæг Гиданнæмæ раздæхт. Æрдæгталынг тыргъы йын йæ дзыккуты пыхцыл йеддæмæ ницы раиртæста, фæлæ уаты рухсмæ сылгоймагмæ бакæсынæй диссагдæр цы федтаид: фыртагъдæй лæг, æвæццæгæн, нывыл нæ адаста йæхи, æмæ ардуанæй хафæгау ныххафта Гиданнæйы уадултæ æмæ дæлхъуыртæ. Ноджы дари халаты йæ риутæ уæгъд змæлд куыд кæнынц, уымæ куы фæкомкоммæ, уæд йæхи нал баурæдта, къух дард фæхаста. Хорз æмæ диваны тæккæ уæлхъус æрæййæфта цæф Гиданиæйы, фæлмæныл æрхауд. Æхсæрфарсы цæф куыддæр айхъуыста Чермен, афтæ фæстæмæ дæр нал фæкаст, иргъæвæг дæр нæ фæлæууыд — дуармæ йæхи сарæзта. Æхгæд разынди. Цыдæртæ архайгæ баззад дуаримæ. Йæ зæрдæйæ дæгъæл агуырдтаид, æндæр цы. Заретæйы та уымæ не ’вдæлд: йæ амæттаджы йæ дзыккутæй фелвæста диванæй, къæхтыл æй алæууын кодта æмæ та ногæй — ха-афт! Цыппар æнгуылдзы бæлвырд фæд ныууагътой иу уадулыл дæр æмæ иннæйыл дæр. Йæ дзыккутæй та йæ ногæй фелвæста — бындзыг йæ къухы аззади æмæ æнгуылдзтæ æлгъгæнæгау ацагъта — æмæ: ха-афт! Диванмæ нал фæхæццæ ацы хатт Гиданнæ — пъолыл æрхауди. Къахæй æмæ къухæй йыл ралæууыд Заретæ. Синтæ, роцъо, уыргтæ, фæсонтæ. Хъæр дæр дзы нæ райхъуыст æмæ цъæхахст дæр — æмыр ниуд æрмæст. Ныттымбыл, цæсгомыл ма суайа цæф, зæгъгæ, айдагъ ууыл хъардта йæхи. Фæстагмæ йæ йæ халаты æфцæгготæй куыд фелвæста, афтæ авджын цæппæрты къæр-къæр уаты къуымты ссыди, гом гуыбынимæ йæ уæрæх диванмæ баппæрста. Æцæг йæ мойы фаг нал ссис йæ маст. Диваны сæрмæ къул цы ахаста, уый æнæхъæнæй дæр гауыз — номыл фæдарыны лæвар сын æй бакодтой сæхæдæг. Гауыз æррæдывта, ризгæ къухтæй йæ куыдфæнды атыхта æмæ йæ Чермены хъæбысмæ баппæрста. Гиданнæ æмыр ниугæ баззади диваныл. Зулаивæй йæм фæкомкоммæ Заретæ, гауызмæ куы бауади уæд: галиу цæсты бын адæнгæл, хъуырæй риуы æхсæн тугæрхæм фæбæрæг. ...Рудзынджы дзыхæй иуварс нал алæууыд Хæдарцон. Цæй æрæгмæ сты, зæгъгæ, скатай. Йæ зæрдæ цас не ’хсайдта, уыйас цымыдисы бын фæци. Фæдисмæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ бацæуæнæй рахизгæ федта йæ тиу æмæ файнусты дæр: Чермен гауызимæ — разæй, Заретæ уыцы ракæнынæввонгæй — йæ фæдыл. Гауыз æй бынтон дттсы бафтыдта, фæлæ уæддæр йæхиуыл ныххæцыди, цалынмæ файнуст йæхæдæг æрбауад, уæдмæ бафæрæзта. Сæрæй кæроимæ йын рафæзмыдта Заретæ хабæрттæ. — Æмæ уæд мæ тиу цы кæнæг уыди, мæ тну, уыцы рæстæг? — Æз дын цытæ дзурын, æз: дæ тиумæ ма мæ æвдæлди. Мæнæ гæды æддæмæ куы æрцагура, уыйау дуары рæбын хъынцъым кодта. Уымæ дæр дзы уыди мæ зæрды раттын, фæлæ уæдмæ мæ сæры фæкуыси: «Æниу, зæгъын, æз Сæлæдины уый онг куы ’руадзин, уæд, цымæ «нæ» зæгъид?» Æмæ йыл мæ къух ауыгътон. Заретæ æнхъæл уыд, æмæ æнæмæтæй сбаддзæн. Раст сын фæсахсæвæр — дзæнгæрæг дæр нæ — чидæр гуымиры хост ныккодта сæ дуар. «Милицæ!» — ныссæххæтт ласта йæ зæрдæ. — Цæмæн амардтай мæгуыр сылгоймаджы?! — хъама йæ къухы, афтæмæй къæсæры æдде дзойдзойгæнгæ лæууы Сæлæдин. «Æгайтма милицæ нæ разынд»,— æнцонæй сулæфыд Заретæ, йæхæдæг бауад æмæ картофстигъæн кард радавта. — Ахæм ма бæллæх уа! — арыдта Сæлæдин. — Рынчын сылгоймагмæ балæбур æмæ йæ мæлæтдзаг фæкæн йæ хуыссæны! Лæгтæ йыл æрымыс! — Заретæйы къухы кард куы ауыдта, уæд æддæдæр алæууыд. — Æз афтæ нæ ныууадздзынæн ацы хъуыддаг. — Марадз, марадз, дæ нозт куы ссæуа, уæд-иу тæрхондонмæ бадæтт. Дæ хъама ма дæ усы тæккæ... Уæды онг арф ныгъуылдæй хъуыста Чермен, фæлæ ныр йæхи нал баурæдта: — Æллæх, цавæр у! Сывæллæттæй уæд та фефсæрмы у... Сæ замманайы цæрæнуат æндæр ранмæ ивинаг фæци Сæлæдин æмæ Гиданнæйæн. Редакторæй Ирон чиныгкæсæг Хæблиаты Сафары рагæй зоны. Йæ уацау «Æнамæ мын чи бадзурдзæн» мыхуырæй куы рацыд, уæд бæрæг уыд, литерагурæйы кæй фæзынд ног, курдиатджын уацмыс. Уацау фыст уыд фæлмæн, нывæфтыд, рæсугъд æвзагæй. Æз ын мæхæдæг уæдæй фæстæмæ æхсызгонæй фенхъæлмæ кæсын йæ ног чингуыты фæзындмæ. Сафарæн чысыл нæ бантыст — «Нырмæ кæм уыдтæ», «Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы», «Къостайы кадæг», «Дзæнæты маргъ», «Хъаймæты æфсымæр». Ацы чингуыты Хæблиаты Сафар, куыд фыссæг, афтæ йæхи равдыста реалистæй. Уый фыссы, царды цы федта, йæхи удæй цы бавзæрста æмæ бæстон цы зоны, ахæм хабæрттыл, ахæм цаутыл. Сафары чингуытæй мæ зæрдæмæ æппæты тынгдæр айстон «Дзæнæты маргъ». Мæ хъуыдымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны фысджытæй стæмтæн бантыст ахæм æлвæст, хæдбындур, арф хъуыдыджын æмæ нывæфтыд радзырдтæ ныффыссын. Хæблийы-фырт хорз зоны ирон хъæу, ирон адæмы цард æмæ æгъдæуттæ. Уый райгуырд Зилгæйы, уым схъомыл. Каст фæцис нæ горæты педагогон институт. Æмæ уæдæй нырмæ цæры æмæ кусы Дзæуджыхъæуы. Фæлæ, æвæццæгæн, ахæм бон нæ уыдис æмæ йæ хъуыдытæ йæ райгуырæн хъæуæй кæд фæхицæн сты. Нал сты йæ ныййарджытæ... фæлæ йæ фыды артдзæст дзæгъæлæй нæ ныууагъта — кæд сгорæтаг ис, уæддæр фылдæр хъæуы вæййы. Йе сфæлдыстадон суадæттæ — хъæууон цардæй цæуынц. Мæнæ та ирон дзыллæйы тæрхонмæ рахаста ног чиныг «Азабæлас». Æмæ нæ уырны, чиныгкæсæджы зæрдæмæ кæй фæцæудзæн. Уымæн æмæ дзуры ахæм хабæрттыл: адæм адæм кæмæй сты — уды фарн, æгъдау, æфсарм, цæстуарзондзинад. Мадæлты, фыдæлты ахсджиагдæр хæс у, ирон адæм куы фæзындысты, уæдæй нырмæ цæсты гагуыйау цы удварнæй хъæздыг сты, уымæй кæстæрты зæрдæ срухс кæнын. Уыцы удварн у нæ царды уидаг. Уидаг ног тау куынæуал уадза, куы бахус уа, уæд нал ис наци, уæд сæфтмæ цæуы нæ мыггаг. Ахæм у авторы хъуыды. [1] М. Булгаковы роман «Мастер æмæ Маргаритæ»-йы дæлимонтæй иу.
![]() |