Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 38 часть



Дыккаг машинæйы фæстаг дуар байгом æмæ дзы рахызт рæстæмбис кары бæрзондгомау нæлгоймаг фæныкхуыз дæргъытæ костюмы, сæнтурс хæдоны хъуыр сырхбын галстукæй æнгом æлхъывд; иннæ дуарæй та — асдæр сырхуадул фæтæнтæ лæг, фыццагæй дзæвгар ныллæгдæр, фæдæ уыйхыгъд сæвджынтæ арæзт.

Бæрзонддæр йæ биноныг фаст бæзджын сæрыхъуынтæ армытъæпæнæй асæрфта æмæ сындæг къахдзæфтæй æрбахæццæ Заретæйы æмæ хистæр лейтенанты цурмæ. Йæ фæдыл — асдæр нæлгоймаг.

Æрбацæуджытæ салам радтой.

Бæрзонддæр цымыдисхуызæй æрæвнæлдта тæрхæгыл. æвæрд фæткъуымæ æмæ йæ хъавгæ, авджын дзаумайæн æрхауынæй тæрсæгау, систа. Йæ фындзыл бæрæг бæлвырдæй сæмбæлд несийы тæф. Ноджыдæр ма йæм иу хатт сæсмыста. Заретæмæ бакаст:

— Неситимæ æвæрд уыд æви?

— Нæ, нæ, цæй неси — йæхи тæф ахæм у.

— Йæ-хи? — даргъ ауагъта æнæууæнкæй. — Уый та куыд? Фæлæуу ма, фæлæуу, фæткъуы нæу?

— Фæткъуы, фæткъуы.

— Æмæ искуыдæр ма уыйас фæткъуы æрзайгæ федтай?

Заретæйы цæстытæ цины æрттывд фæкодтой, йæхицæй ныббузныг бынтондæр; æнæ бадисгæнгæ кæд ничи бавæййы, уæддæр ын ацы лæджы ныхæстæ уæлдай æхсызгондæр уыдысты, уымæн æмæ йæ æмбæрста: стыр хицау у, афтæ куы нæ уаид, уæд фæндаг дзæгъæлы не ’рæхгæдтаид мидицæ.

—. Кæцы бæстæй йæ æрбаластай?

— Уæртæ,— йæ уæхсчы сæрты хъæуы ’рдæм ацамыдта Заретæ. — Нæхицæй. — Кæд ма абон йæ зæрдæ йæ риуæй не сгæпп кæна æмæ уæларвмæ нæ фæтæха, уæд никуал.

— Диссæгтæ,— хæрдмæ сæппæрста фæткъуы æмæ йæ ацахста, йæ тъупп уæззауæй фæцыд армытъæпæныл. — Килæйæ дзы къаддæр ницы хуызы ис.

— Нæ, килæ не ’ххæссы, суанг йæ бынтон ставд дæр кæм дыууиссæдз кæм æртиссæдз граммы хъуаг æййафы.

— Цасы аргъ у йæ килæ?

— Килæйæ нæ уæй кæнын: фæткъуы — сом. Фенут ын йæ ад, кæд ыл барвæссат, уæд,— куатæйы дзыппы хæрынкъа агурæг йæ къух фæтъыста Заретæ.

Фæлæ уæдмæ нæлгоймаг стыр æнгуылдзтæй фæйнæрдæм ахæцыд фæткъуыйыл æмæ дыууæ раст æмбисы фæцис йæ хъæдæй йæ бикъмæ. Мидæгæй разынд урс-урсид лæхурæг, суанг машинæты цур чи бакъорд, уыдонмæ дæр фæхæццæ несийы тæф.

Фæткъуыйы æрдæг йе ’мбалмæ алæвæрдта, иннæ зæрдиаг хæмц æркодта. Чыргъæдтыл æмбæрзт кæрдæйнагыл схæцыд. Фæткъуытæ мыдадзы тылдау мынæг сырхбынæй разындысты. Сæ уæлæ бæрæг дардтой æнгуылдзы фæдтæ.

— Адон та æндæр мыггаг сты?

— Нæ, нæ, уыциу бæласæй тынд.

— Уæдæ иннæтау сырх цæмæннæ сты? Æви сыл рыг æрбадт афтæ бæзджын?

— Рыг нæу уый — сæхæдæг сæхицæн халасагъуд сæвæрынц. Ногтындæй афтæ у сæ хабар. Къуырийы бæрц куы алæууой, уæд бæрæг нал вæййы сæ агъуд.

Заретæ чыргъæдæй фæткъуы систа, кæрдæйнаджы кæронæй йæ асæрфта æмæ сырх-сырхид тæмæн скалдта йæ къухы.

— Ай дæм алæмæттаг диссæгтæ куы зайы Ирыстоны æмæ сæ кой куы никуы райхъуыст,— йе ’мбалмæ разылд Стыр Хицау.

— Фыццаг хатт сæ уынын мæхæдæг дæр,— йæ сæр нынкъуыста уый.

— Йæ дыргъ фенын ницы давы, бæласæн дæр æнæ фенгæ нæй. — Заретæйы ’рдæм разылд. — Кæцы ран цæрыс, нæ хойы гæбаз?

— Мæнæ тæккæ хъæугæрон. Дыууæ къахдзæфы йеддæмæ нæу,— бынтон фæцыбыр кодта фæндаг Заретæ.

— Кæд дыууæ къахдзæфы йеддæмæ нæу, уæд фистæгæй дæр бауайдзыстæм,— йе ’мбалмæ сдзырдта Стыр Хицау.

Заретæ йæ уæрдонмæ æркаст: амæн та цы кæнгæ у, йæ разæй йæ атула æви йæ уадза?

— Уадз æй, нйцы тас ын у. Мæнæ йæ милицæйы æвджид бакæнæм — уæдæй нырмæ сæ цуры хъуахъдзыхæй лæугæ чи баззад, уыцы хистæр лейтенантмæ ацамыдта Стыр Хицау.

Фæндагыл хъæуы ’рдæм бахызтысты. Сæ фæстæ машинæты гуыв-гуыв ссыд.

Цалынмæ хæццæ кодтой, уæдмæ Заретæ йæ базайраг хабæрттæ дзургæ цыди:

— Фæндаггонтæй сæм чи фæкомкоммæ уа, уый æнæ балхæнгæ нæ фæвæййы. Мæ цурты куы аивгъуыйа, уæд дæр раздæхы. Чи дзы цал райсы, чи — цал. Æрмæст æй бахæрын искуы-иу быластæры цæст йеддæмæ нæ бауарзы. Чи зæгъдзæн — мæ сывæллæттæ йæ феной, чи сыхæгтæ, чи — хионтæ, чи — кусджытæ. Сæ фылдæр та зазбæласы хъазæн фенхъæлынц, цалынмæ йæ басгарой, уæдмæ.

— Æвæрынмæ та куыд у?

— Бирæ нæ лæууы, зымæджы райдайæнты æрлæмæгъ вæййы, æмпылын байдайы.Æмбийынæй йын тас нæу, цæф куы баййафа, уæд дæр: цæф кæм уа, уыцы цæст ахус вæййы æмæ йæ куы акъахай, уæд рахауы. Йæ афонæй фылдæр куы алæууа, уæд баруайы. Ногбонтæм дæр тыххæйты æххæссы,— цыма рагæй фæстæмæ дæр йæ ныхас стыр хицауадимæ у, уыйау æнæкъуызгæ дзуапп дæтты Заретæ. Стæй цæмæн хъуамæ фæкъуыза, къæмдзæстыггагæй куы ницы ис, уæд? Гъе æрмæст ын уыцы цъыртмизы фырт афтæ уæлæнгæйтты куы аирвæза, уæд мæстæй нытътъæпп ласдзæн.

Ныхасгæнгæ бахæццæ сты. Хæдзары уындæй Стыр Хицауы цæсгом фæтар. Цæстæй йæ абарста: уæлхæдзары æмвæз быру — цыппар метры куы нæ уа, уæддæр æртæ æмæ æрдæг.

— Æрбабырсынæй тас у, Мыййаг, искæцырдыгæй? — афарста Заретæйы. — Мамайы заманты дæр куы нæ амадтой ахæм фидæрттæ.

— Быруйæ зæгъыс? Æвидауц кæсы нæхимæ дæр бæргæ, æмæ ма йын ныр цы амал ис: уæлхæдзаримæ æмамад у æмæ дзы иунæг фæлтæр дæр сисæн нæй. Нæ зæронд лæджы фæндæй афтæ у. Адæм дæр æмæ йын къуламайæг дæр дзырдтой: кæуылты сис у уый, æвидауц уыдзæн. Æмæ сын дзуапп лæвæрдта: «Алчидæр йæхи хæдзары уынаффæ кæнæд». Ацы фæткъуыйы тыххæй йæ уæлиау самадта, уынгмæ афонæй раздæр куыд нæ разына æмæ йæм сывæллæттæ куыд нæ цыбæл кæной, афтæ. Науæд, дам, мæ бирæ азты фыдæбон фæдзæгъæл уыдзæн, йæ афонмæ йæ нæ ауадздзысты.

Мидæмæ бахызтысты. Цыппарырдыгæй æмыр æхгæд уæрæх кæрты бæрæгастæу зыбыты иунæг бæлас. Йæ ныссадзæг æй хæрдмæ не суагътаид æви дыргъы уæзæй æртасыдаид — уæлæмæ йын цы нæ бантыст, уый фæйнæрдæм фæцыдысты йæ къабæзтæ кæрты къуымты. Тарцъæх бæзджын сыфтæры астæу судзынц сырхбын къоритæ: уæллаг къалиутыл ставддæр æмæ ирддæрæй, бинæгтыл — мынæгдæрæй, уыцы æрхауынæввонг.

— Æнæ æфсæн худæй зын бахæссæн у ныфс йæ бынты бацæуынмæ,— хъазгæмхасæнты бафиппайдта Стыр Хицау.

— Ма тæрс, хаугæ нæ кæнынц цыфæнды рæгъæдæй дæр. Фæлтау бæласыл хусæй фæлæудзысты иу азæй иннæмæ.

Бæласы зæнгыл йæ къух æрхаста Стыр Хицау; цыллæйау лæгъз, æнæ иу къуызыр, æнæ иу скъуыдæй йæ цъар, æрмæст дзы йæхй мидæг дæргъæлвæст стъæлфæнтæ.

— Бирæ йыл цæуы?

— Бæласыл? — Заретæйы тæрных фенхъырдтæ. — Бæлвырд æй нæ хъуыды кæнын, фæлæ ссæдз азмæ хæстæг уыдзæн.

— Кæцæй уæм æрбафтыд? — бафарста Стыр Хицауы æмбал; уæдæй нырмæ аууонау æдзæмæй лæууыд Стыр Хицауы фарсмæ, кæй ницы зæгъинаг æм ис, уый дæр æм аив нæ каст, цæмæй бафæрса, уый дæр нæ зыдта, æмæ йæхинымæр батыхст, кæд æм бæласы бынмæ хуры судзаг тынтæ нæ хæццæ кодтой, уæддæр йæ дæлæрмттæ куыд бауымæл сты, уый æмбæрста.

— Ницы йын æмбарын а дунейыл. Раджы кæддæр Заманхъулы хъæдмæ суг ласынмæ фæцыд нæ зæронд лæг æмæ ацы бæласы тала дæр сугты æхсæнæй райста. Тæккæ зымæджы къæсæрыл æй цæхæрадонмæ ахизæны ныссагъта æмæ йын фæйнæджытæй æмбонд скодта йæ алыварс, фос æм куыд нæ фæхæццæ уа, афтæ. Дыууæ азы фæстæ куы фæфидар, уæд æй кæртмæ раивта. Чи-иу æй бафарста, цы бæлас у, зæгъгæ, уымæн дзуапп лæвæрдта: «Азабæласы къалиу». Худтысты йыл: «Æмæ дзы, фыццагдæр, дæ кæцы марды райгас кæнынмæ хъавыс?» — «Нырма зæгъгæ нæма у, куы рахъомыл уа, уæд æй уæхæдæг фендзыстут». Цалдæр азы йын йæ дидинæг къухæй фæтыдта суанг уæллаг къалиутæй, кæм асинæххуысæй, кæм та бæласæн йæхимæ хилгæйæ. Уыцы дидинджытимæ фыдæбонæй цы бавзæрста, æрмæст уый тыххæй дæр ыл йæ уд мæрдты бæстæйы бахъаст кæндзæн, дарын мæ нæ базыдта, зæгъгæ. Цæлынмæ йæ зæнг адæймаджы бæрзæйы стæвдæн ссис, уæдмæ йыл дидинæг фæхæцын нæ бауагъта. Худæгæй йыл мардысты æрбацæуджытæ, фæлтау, дам, сусхъæд ныссагътаис дæ кæрты æмæ алы уалдзæг уыцы фыдæбон не ’взæрстаис йæ дидинæгимæ: йæхæдæг æрызгъæлдзæн æмæ йæ рамæрз. Æвзист коцораджын басылыхъ ын уыдис æмæ уыцы æвзист хаутæ æрхуы телы гæбæзтимæ æмхæццæйæ цалдæр азы фæсагъта бæласы буары мидæг, туасæй йæ хуынчъытæ кодта, афтæмæй. Рухсаг уæд, дидйнаг рафтауын æй цы аз бауагъта, уыцы аз дыргъафонмæ нал фæцард — ацы бæласмæ йæ зæрдæ æхсайгæ баивгъуыдта мæрдты бæстæм.

— Куыд дæм кæсынц хабæрттæ?. — йе ’мбалы ’рдæм кæдæйуæдæй раздæхт Стыр Хицау.

— Диссаджы бæлас. у, уæдæ циу,— къухмæрзæнæй йæ фæтæн тæрных сæрфгæйæ дзуапп радта уый.

— Йæ диссæгтæ йын æз дæр уынын бæргæ, фæлæ куыд кæнгæ у, уымæй дæ фæрсын.

Æнæнхъæлæджы фарстæн цы дзуапп раттаид, уый нæ уыд æмæ йæ æрфгуытыл хæрдмæ схæцыд, ома, ды цыдæриддæр зæгъай, уыимæ разы. Хуыздæр куы ницы фехъуыста Стыр Хицау, уæд йæ цæсгом батуагæнхъырд, афтæмæй Заретæмæ разылд ногæй:

— Æмæ дзы уæдæй-уæдмæ æндæр бæласыл куыннæ бафтыдтат, æви уæ кæрты цы хæзна ис, уый уæхæдæг дæр не ’мбарут?

— Кæм дзы бафтауæм — кæрты бынат нал ис, чъылдыммæ йæ сывæллæттæ ныссæтдзысты, стæй йæм нæ зæронды фæстæ зилгæ чи кæндзæн,— йæ уæхсчытæ бамæгуырзмæл сты Заретæйæн. — Масты хос йеддæмæ ницы разындзæн адæймагæн.

— Омæ уæд та иу сыхаг, иу хъæуккагæн раттут къалиу æмæ йæ бафтауа; куы сарæх уа, уæд æм дæхи цæхæрадонмæ дæр нал лæбурдзысты сывæллæттæ.

Йæ хъæдгомыл цæхх айзæрстæуыд Заретæйæн æмæ кæй цуры лæууы, уый дæр дзы байрох, йæхи сцагъта:

— Уастæн тъæпхауд куы фæуиккой! Дыргъафон дын иу дæр, иннæ дæр æрбахойдзæн дæ дуар: «Рынчынфæрсæг цæуын æмæ мын дæ фæткъуыйæ куы авæрис». Кæмæн дзы нæ бафæдзæхстон, къалиу ахæсс æмæ йæ бафтау, иу дæр ахæм нал баззад. «О, о, мæнæ куыддæр уалдзæг ралæууа, афтæ нæ лæгæн æнæ зæгъгæ нæ фæуыдзынæн». Уалдзæг куы ралæууы, уæд та дзы иу не ’мгæрæтты нал йуайы. Уæвгæ, цы зонынц зонгæ та — нартхор, картоф, нас, кæд ма исчи хъæдур ныссадза уыдонæй æддæмæ йæ цæхæрадоны, уæд бынтон фесгуыхт. Дæлдзæх фæуæд иууылдæр, кæд æгас Зилгæйы бæлас чи бафтауа, иу ахæм нæй, уæд!

— Тобæ, тобæ! Æлгъыст хъуыддагæн фæрæз нæу. Хуыздæр исты æрхъуыды æмбæлы. Уæд та ма æнæнхъæлæджы баху~л;къ, уæд йæ мыггаг нæ сæфы?

— Цы йын кæнон, куы сыскъуыйа, уæд? Йæ ныссадзæджы мардæн куы быхсæм, уæд ацы бæласыл нал фæлæудзыстæм?

— Уый дын сыгъдæг ирон дзуапп! — ныккæрзыд Стыр Хицауы æмбал.

— Æмæ цы? — фæзылд æм Заретæ. — Æнхъæлут, фæндаггæрон куы æрлæууын уæйгæнæг, уæд нæ каст уыцы сомтæм вæййы? Уæлдай сом дæр куыннæ хъæуы хæдзары мидæг, фæлæ бæлццон адæм уыцы фæткъуыйыл куыд бацин вæййынц, уый уæхи цæстæй куы фениккат, уæлдайдæр сывæллæттæ — хæрдмæ хауын куы байдайынц, уæд сын стæрсын: ныртæккæ сæ фæсонтæй.базыртæ разындзæн æмæ куы стæхой, уæд сæ ныййарджыты раз фæтæригъæдджын уыдзынæн, зæгъгæ.

Мидбылхудгæйæ йæм ныдджих Стыр Хицау, фæлæ Заретæмæ афтæ каст, цыма йын йæ ныхас нал хъусы. Æмæ æцæгдæр, кæсгæ Заретæмæ каст, дзургæ та йе ’мбалмæ скодта:

— Дæ. хъуыддæгтæ иуæй иннæ ахсджиагдæр сты, уый дæр æмæ цæй бæрц æнæвдæлон дæ, уый дæр зонын, æрмæст... Цæй, амонын дын ницы хъæуы. Инназ ацафон кæд мæхæдæг нæ сæфтон, уæддæр мын бæлвырдæй фехъусын кæндзынæ, цал талайы фæхæцыд æдæппæт адæммæ дæр æмæ æхсæны дыргъдæтты дæр. — Цыма минутгай нымадта сом ацафонмæ рæстæг, уыйау йæ сахатмæ æркаст. — Æххæст ма нæ уазал донæй хорз фен, æфсин, æмæ мах нæ фæндаг дарæм, науæд æнæнхъæлæджы æгæр афæстиат стæм.

— Мæ хæдзарыл! — йæ уæрджытæ æрцавта Заретæ. — Хус ныхæстыл уæ куыд фæдардтон кæрты астæу. Уатмæ уал цомут, сахаты æрдæгмæ гогыз куы нæ уа, уæддæр карк æмæ уæлибæхтæ цæттæ уыдзысты.

Ахæм хъæлдзæг худт ныккодта, ахæм, Заретæйы ныхæстыл Стыр Хицау — йæ цæстытыл ауад, боны дæргъы йын минутгай нымад чи у, уыцы рæстæгæй æнæхъæн сахаты æрдæг карк фыцынмæ æнхъæлмæгæсгæ куыд фæбадид сатæг уаты, уый — æмæ йе ’мбал фестъæлфыд.

— Цы худыс, сахаты æрдæгмæ куы нæ уа, уæддæр дыууиссæдз минутмæ,— æмгъуыдыл бафтыдта Заретæ.

— Бузныг, стыр бузныг, иннæ хатмæ йæ аргъæвæм. Мæ фыдымад чъындыгомау уыд æмæ æдзух афтæ дзырдта: карк тæригъæд у тæккæ æфтауынафон, цъиу та йæ пакъуы нæма аивта. Уазал дон нын авæр æмæ дæ карк бузныг дæр фæуыдзыстæм æмæ гогыз бузныг дæр.

— Дон циу — ихы хуызæн ногдыгъд къуымæл, кæд уæ хъуыртæн нæ тæрсут, уæд. Æцæг кæрты астæу аив нæу.

— Нæ бакастмæ гæсгæ мæнгæфсон не сты нæ хъуыртæ,— бахудт Стыр Хицау æмæ æнæнхъæлæджы фæраст бæрзонд къæсæры ’рдæм. Сом дæр куыннæ, фæлæ сомæй тынгдæр сабитæн цин æрхæссынмæ чи æрлæууы фæндаггæрон — дыргъ бæласыл зайгæ чи никуы федта, ахæмтæн дæр дзы æнæ уæвгæ нæй,— уымæн æвгъау ницы у: уадз æмæ канд йæхæдæг нæ, фæлæ йæ цоты цот дæр таурæгъ дзурæгау дзурой сæ хæдзары хионау къуымæл чи нуæзта, уый.

Йе ’мбал аивæй йæ сахатмæ æркаст, хинымæр ныуулæфыд æмæ йæ фæстæ къæсæрыл схызт тыргъмæ, тыргъæй мидæмæ: хæрзæфснайд райдзаст уатмæ куы бахызтысты, уæд цæст исдуг ницы ахста: бæзджын рудзынгæмбæрзæнтæ рухсы цъыртт нæ уагътой, дуарæй цы калд, æндæр. Стыр Хицау рудзынгæмбæрзæн иуырдæм ассыдта æмæ дыууæ рудзынджы æхсæн къулмæ фæкомкоммæ Адæмон хæдзарады æнтыстдзинæдты равдысты Кады гæххæтмæ, авджы бын алюмины нарæг уадздзагæй фæлгæты; азтæ йыл кæд дзæвгар цыд, уæддæр æм хуры тынтæ комкоммæ нæ хæццæ кодтой æмæ гæххæтт баззад, йæ ныффыссыны бон куыд уыди, афтæ урс-урсидæй. Къухæй фыст аив ставд дамгъæтæ — «Бæгуычаты Мырзайы фырт Мухар» — куы бакаст уæд фестъæлфыд.

«Бæгуычаты... Бæгуычаты... Кæцы аз уыдаид, кæцы? Уæд ма обкомы фыццаг секретарæй куыста Стыр Хицау. Цалдæр хатты сæфтыд Ирыстонмæ. Иуахæмы изæрыгон хибарæй куы аззад йæ фысымуаты, уæд телевизор скъæпп кодта, «Рæстæгмæ» бакæсон, зæгъгæ. Разынд бынæттон программæйыл æвæрд. Хабар зымæгон кæй уыди, уый хорз хъуыды кæны. Æвдыстой кæцыдæр хæдзарады механизаторты, ныхас цыд, уалдзæгмæ куыд цæттæ кæнынц, ууыл. Тæнтъихæг уацхæссæг цыбырдым пæлæзы æмæ хъусджын худы уазалæй ныккука, йæ къæхтæ кæд нæ зындысты, уæддæр бæрæг уыд: миты рагъыл сæ кæрæдзийыл хойы, ахæм налат хъызт у. «Хæдзарады трактортæ, тауæнтæ, похцитæ, культиватортæ, гутæттæ иууылдæр сты быдырмæ рацæуынæввонг. Æртæ къуырийы размæ сæ фесты цалцæггонд». Разындысты рæнхъгай лæууæг трактортæ æмæ тауæнтæ, кинокамерæ сыл иу кæронæй иннæмæ æрзылд. Цалдæргай рæтты сыл зындис урс æмпъузæнгæндтæ. «Сымах дис кæндзыстут, ацы æмпъузæнтæ цы уой, зæгъгæ. Ныртæккæ нын сæ тракторон бригады бригадир Бæгуычаты Мухар йæхæдæг бамбарын кæндзæн». Разынд хъуынджынæрфыг къуырфдзаст рæстæмбис кары лæг, тымбылдзæсгом, уæлдзарм худы, йæ уæлæ бæмбæджджын, галифе æмæ цырыхъхъытæ. Йæ бакастæй бæрæг у: кинокамерæ йæм кæй ныддардтой, уымæй тыхсы, йæ хъуыды у, æвдисгæ йæ кæй кæндзысты, ууыл, йæ бæмбæджджынæй æфсæрмы кæны — адæм банхъæлдзысты: аивдæр дзаума йын ницы ис,— æмæ уымæ гæсгæ йæ ныхас дæр у къуыхцытимæ, къуызгæ, ноджы ма уырыссагау мæнæ-мæнæ дæснытæй нæу, æмæ ма фæрæдийон, зæгъгæ, йæхи хъары: «Æмпъузæнтæ кæй хоныс, уыдон целлофаны гæбæзтæ сты. Нæ механизмтæ куы барæвдз кодтам, уæд сын сæ сæрдинаг хæйттæ байсæрстам. Стæй сæ уæд целлофаны батыхтам, къæвда сæм куыннæ хæццæ кæна æмæ сыл згæ куыннæ фæхæца, афтæ». — «Мухар, мæнæ ацы трактор «С-80» у?» Куы йæ уыныс дæхæдæг, уæд ма йæ цы фæрсыс? «О». — «Йæ бакусыны æмгъуыд цал азы у?» — «Аст». — «Сымахмæ та цал азы кусы?» — «Цыппардæс». — «Æмæ ноджыдæр ма цас бакусдзæн дæ нымадмæ гæсгæ»? «Цас бахъæуа, уыйас. Æрмæст æй æдзæллагмæ æруадзæн нæй. Цы дзы баихсийа, уый баив æмæ дарддæр йæ куыст кæндзæн. Æфсæйнаг йеддæмæ ма исты у — адæймаг куы нæ у, мыййаг».

...Гуыбынджын фæтæнком хъуырау стъолыл æрæвæрдта Заретæ, цалынмæ йæ уæрмæй ардæм хаста, уæдмæ йæ фæрстæ рахид сты; агуывзæты уæздандæртæ райста буфетæй æмæ дзы сырсыргæнгæ къуымæл рауагъта.

— Уæлæ уый чи у? — Кады гæххæтмæ ацамыдта Стыр Хицау.

— Махон.

— Æмæ ныртæккæ кæм ис?

— Кæм хъуамæ уа — йæ трактортимæ.

— Сæ бригад кæцы ран ис, уый зоныс? — йе ’мбалмæ разылд Стыр Хицау.

Уый рудзгуыты ’рдæм бацыд, кæсæнцæстытæ бакодта æмæ фыстытæ бакасти, бахудт:

— Куыннæ! Мухары та чи нæ зоны — нæ хуыздæр механизатор, орденхæссæг...

— Ацы фæдыл æм æнæ фæцæугæ нæй.

Сæвджынтæ цæсгом банхъырдтæ: ау, уый та куыд, рагацау ма фехъусын кæн, афтæмæй, æнæнхъæлæджы. Куысты лæуд уыдзысты æви бонасадæн кæной? Уæд та ма дзы нозтджын исчи разынд. Галиу дысалгъыл бахæцыд:

— О, фæлæ афонмæ...

— Банхъæлмæ кæсдзысты,— кæронмæ дзурын æй нæ бауагъта Стыр Хицау. — Сахат раздæр, сахат фæстæдæр — уæлдай нæу. Хъуыддаг та тынг ахсджиаг у. — Заретæйы ’рдæм:— Фæйнæ-ма нын рауадз дæ къуымæлæй фæндагсарæн.

Дыууæ хъуырттæн агуывзæ фæдæлæ кодта.

— Дæ бæрæчетт бирæ, æфсин.

Дуармæ сæм æнхъæлмæ кастысты цыппар машинæйы дæр. Хъæуы астæуты Цæлыччы ’рдæм атындзыдтой.

Фæндагыл Стыр Хицауæн йæ хъуыдытæ уыдысты Мухаримæ. Ауал азы дзы йæ ныхæстæ нæ рох кодтой: «Цас бахъæуа, уыйас бакусдзæн трактор». Кæд йæхицæй не ’ппæлыд, уæд. Иннæтæ та «æри, æри» йеддæмæ ницы зонынц. Цы сын радтай, уый сын иу æмгъуыды фаг дæр нæ кæны, уайтагъд æй сфыссынц, нал бæззы, зæгъгæ. Ахæм Мухартæ куы уаид алы бригады дæр, уæд паддзахады фæстауæрц кæуылты æмæ кæуылты разынид, цас æмæ цас æндон раттид ноджы ахсджиагдæр хъуыддæгтæн. Æнæхъæн дыууæ æмгъуыды йæм кусы трактор. Стыр Хицау йæ заманы йæхиуыл æххæстæй дæр бавзæрста, трактормæ зилыныл азæй-азмæ цас фыдæбон ис, фæлæ иугæр куы срæвдз уа, уæд та хæдзарадæн дæр æмæ районæн дæр цас удæнцой у, уый. Æгæр æвзæр фæцалх.сты разамонджытæ дæр æмæ механизатортæ дæр: ногæй-ногмæ домынц, йæ удыл уæз æруадзын никæй фæнды. Дæттæм сын, уæдæ цы гæнæн ис — æнæ бахуымгæнгæ, æнæ байтаугæ, æнæ сæфснайгæ нæ ныууадздзынæ Уæрæсейы тъæпæнтæ. Дæттæм сын æмæ кæдмæ афтæ рæдауæй дæтдзыстæм? Иу афтæ зæгъæг куыннæ ис: фæлæуу-ма, кæдæм цæуæм, цы кусæм, алы æмбырды трибунæйæ фæстауæрцы тыххæй нæ риу тымбыл къухæй куы хойæм, уæд? Кæд, мыййаг, аст азы æмгъуыдæй чи уадзы трактор, уыцы заводы нымад раст нæу? Нæ, уымæй рахъаст кæнын дæр раст нæ уыдзæн. Хорзæй-хуыздæрæн кæрон кæм ис, фæлæ иугæр цыппæрдæс азы фаг ссис йæ трактор, уæд æй афтæ æвзæрæй кæй нæ рауагъта, уый бæрæг у. Уæдæмæ азым æмгъуыдтæ æвæрæгмæ хæссинаг у — афтæмæй йын удæнцойдæр цард ис, чи зоны ма хæрзиуджытæй дæр хайджын разына, хорз кусæгыл нымад уыдзæн.



Просмотров 1158

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!