Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 43 часть



Уый йæм тарстхуызæй æркаст, смудæгау æм æркодта, фæлæ йæ къухмæ нæ райста.

— Царды мидæг æз «Рæстдзинад» йеддæмæ ницы газет бакастæн, стæй мæ кæсæнцæстытæ дæр нæхимæ ныууагътон. Цы фыссынц, цы?

Æз ын уацхъуыд цыбырæй радзырдтон.

— Бæргæ, бæргæ, иуыылдæр ахæм зондыл куы ныллæууиккой.

Залодкæ ницы сдзырдта: кæнæ йæ æмбаргæ нæ кæны, ныхас цæуыл у, кæнæ йæм нæ бахъардта; йæ хъуыдытæ, бæлвырд, авгимæ сты.

— Гъемæ, зæгъын, мæн дæр ницæмæнуал хъæуынц мæ фыдохы тъыссæнтæ,— балхынцъ кодта Мырза.

— Уæртæ лæг, худинаг у Ламаккайæ, армукъа цы сарæзтай уым? — рахъæр кодта Терезæ кæртæй. — Цæттæ у фынг.

— Фæцæуæм, мæнæ ма нæ иугуыццыл хъуыддаг ис.

— Дæ мæрдтыстæн, цавæр фыдохы тъыссæнты кой кæныс?

— Мæнæ,— Мырза авг уæлдæр систа. — Мæнæ дзы иу, иннæтæм дæр кæсгæ нал у.

— Ницы дын æмбарын, мæ мæрдтыстæн,— джихæй йæм баззад Ламакка.

— Хæстон лæг куы дæ, уæд æй куыннæ æмбарыс? Немыцаг салдат Джызæлы онг цæмæн схæццæ æд автомат?

— Уæллæй... — цыдæр зæгъинаг уыди Ламакка, фæлæ Мырза фæразæй:

— Фæлæуу, фæлæуу, æз дын æй цыбырдæрæй бамбарын кæндзынæн: уымæн æмæ нæм Гитлер гадзрахатæй æрбалæбурдта. Æнæнхъæлæджы.

— Куыдзæйгуырд, афтæмæй йæхæдæг ефрейтыр куы уыдис, уæд инæлары цырыхъхъытæ адавта,— йæ ныхас баппæрста Валодкæ.

— Кæм æй федтай ды та?

— Уынгæ йæ нæ фæкодтон, фæлæ уæдæ ахæстоны цæй тыххæй бадт, дæумæ гæсгæ?

— Ма йæм хъус, Мырза, нæ йын зоныс æви йе ’дылы ныхæстæ? Дзур, цы зæгъинаг уыдтæ?

— Æмæ иугæр Гитлер ахæм мæнгард кæм разынд, уым иннæтыл ис æууæнк? — фæрсы не ’ппæты дæр Мырза. — Кæд афонмæ къæпсыр æрæлхъывтой, уæддæр ын исты зонут?

Дзуапдæттæг ын нæ фæцис, æнхъæлмæ кæсæм, дарддæр цы зæгъдзæн, уымæ. Æрмæст та Валодкæ нæ фæлæууыд:

— Цæй, ды дæр сæ бынтон стугмондаг кæн, кæд мын сæ каст мæнæ ме ’мпъызтытæ хæлафмæ æмæ Бленайы чындздзон фæлыст цъилзæвæттæм нæу.

Анызта, æнхъæлдæн, Валодкæ, æрвонгæй йæ бинойнаджы ном хистæрты цур никуы схауы йæ дзыхæй.

— Фæлæуу-ма, кæд Ленæйы дыууæ цъилзæвæтæй нæ хицæн кæны Уæрæсейы мулк,— бауайдзæф ын кодта Ламакка.

— Æмæ иугæр куы æрæлхъивой уыцы æнамонд къæпсыр, уæд цал минутмæ æрбахæццæ уыдзæн ракетæ Къуымысыхмæ? — фæрсы Мырза. — Ды институт каст фæдæ, хъуамæ йæ зонай.

— Америчы зæххæй йæ куы суадзой, уæд дыууадæс минутмæ, Европæйæ кæй æрбахсой, уый та авд минутмæ. Фæлæ ракетæтæй хи хъахъхъæнæнтæ...

— Гъеи-и, ракетæтæй хи хъахъхъæнæнтæ куы уаид, уæд сæ æмризæджы нæ ризид æгас дуне. Цæй, нæ ныхас афтæмæй æгæр дæрдты зилы,— загъта Мырза. — Комкоммæ йæ Къуымысыхмæ кæд нæ саразиккой — Дзæуджыхъæуы стыр заводтæм уыдзæн, фыццаджыдæр, сæ хъавд. Æмæ æз дæр уый тыххæй фæкодтон фыдбоны тъыссæнтæ,— авг батылдта Мырза. — Куыддæр йæ къозо Сæнайы сæрмæ сзына, афтæ авджы къæрмæг дæндагæй стон æмæ йæ æнæхъæнæй ауадз йæ хъуырæй, цы фæдæ, уый куыд нал бамбарай.

— Цалынмæ дæ кæрдойы бынмæ згъорай, уæдмæ æртхутæг фестдзынæ.

— Æмæ, æнхъæлут, кæрдойы бынмæ згъорыны бæрц æдылы дæн? Кæрдойы бын иу тъыссæн у, ноджыдæр ма дзы цалдæр ис, æмæ ныр, Голландийы паддзахы уынаффæйы фæстæ...

— Уæртæ лæг! - рахъæр та кодта Терезæ.

— Лæг дарæг дæ мауал баззайæд, куы ма мæ ныууадзай. Фæцæуæм!

— Хъазын дæм цæуы, æндæр ницы,— йæ сæр ныттылдта Ламакка.

— Ацы сау зæххардыстæн, нæ! — йæ амонæн æнгуылдз кæрдæгыл æрæндзæвыд, афтæ ныллæг æргуыбыр кодта Мырза. — Уæд мын мæ сау ингæнмæ ныккæсут тæккæ райсом.

— Тобæ, Хуыцау, тобæ!

— Уæдæ æз дæр ахæм æнæмбаргæ нæ дæн, æмæ иугæр къозо куы сзына, уæд цалдæр дуары сæрты кæрдомæ тæхон. Иу тъыссæн ам, ома мæ цæхæрадоны архайгæ куы æрæййафа, уæд. Иннæ гобаны бын, нывæрзæнырдыгæй.

— Бастæй дæр æм нæ фæлæууис хæрзаг.

— Ацы сау зæххардыстæн,— ногæй та кæрдæгыл æрæндзæвыд йе ’нгуылдз,— дæс азæй къаддæр нæ лæууынц æвæрдæй.

— Бауырныдта мæ, кæд дæ зæххарды сомытæ иууылдæр ахæм æцæг сты, уæд.

Йæ бæрзæй куыд æфхæрдхуызæй фæкъул фæрсырдæм, уымæй бæрæг у: мæнг сомытæ нæ кæны.

— Гъемæ дæ кæд нæ уырны, уæд... Æртыккаг тъыссæн та... — йæ ныхас кæронмæ нæ ахæццæ, афтæмæй уазæгдоны ’рдæм араст йæ къухы авг тилгæ. Æмбисфæндагыл æрлæууыд:— Рацæут, рацæут, куы нæ уæ уырны.

Уазæгдоны фæйнæджытыл чъылдымырдыгæй æмæ фæрсырдыгæй рубероид хост — зымæгон чи бацæуа, уый дымгæ куыд нæ цæва, афтæ.

— Уæвæн ис æмæ ахсджиаг хъуыддаджы заман сзына уыцы æнамонд къозо,— загъта Мырза.

Уазæгдоны дуары сæрмæ фæйнæджы чъылдымæй райста уырыссаг арахъы авг. Къæвда йæм нæ хæццæ кодта æмæ йæ гæххæтт нæ фендæрхуызон. «Экстрæ». Аргъ цыппар сомы æмæ дыууадæс капеччы. Ай æцæгдæр рæстытæ куы дзуры: нозт ма асламдæр куы уыдис, уæдыккон æвæрæнтæ сты.

Ламакка йæ худ систа æмæ йæ уæраджы сæрыл æрцавта:

— Уæллæй, Хуыцауы æлгъыст дæ рагæй æрæгмæ дæр: хъуыды та йæ кæцæй æркодтай?!

— Æнæбары, Ламакка, æнæбары. Сымахыл цы бои бакæндзæн, уый фыдгулæн дæр нæ зæгъы мæ зæрдæ, æз та хъæлдзæгæй фæхæццæ уыдзынæн — дзæнæтмæ уа, зындонмæ.

Дыууæ авджы хъуырыл æртæ æнгуылдзæй хæцгæ нæ разæй кæртмæ бахызт Мырза.

— Ламакка зæгъдзæн æмæ нæм стыр хъуыддæгтæ ис, иугæр æй бацагуырдтам, уæд,— сзилахар Терезæ. — Лæппу къухылхæцæг уыд бæтæхъойыхъæуккагæн æмæ йын знон ацы æртæ чъирийы æрбарвыстой хæдонимæ. Кæд уæм мидæгæй хуыздæр касти, уæддæр сæнæфсиры бын æрæвæрдтон фынг.

Мырза цъайы хъусыл къæртайæ æвгтæ æрæнхъæвзта æмæ уыдон дæр фынгыл æрæвæрдта, йæ цæст ыл ахаста:

— Æндæр дæм ницы ис, Тере?

Ус æм йæхи бахъулæттæ кодта, æртæ чъирийы æмæ карк уыдысты балонимæ æмæ сæ уæ цуры æрæвæрдтон — уæд ма мæ кæдæм фыддзæсгом кæныс?

— Ламаккайы раз, зæгъын...

— Мæрдырох мыл куыд бахæцыд,— армытъæпæнæй йæ ных бацавта Терезæ æмæ къæбицы ’рдæм атындзыдта.

Канд Къуымысыхæн нæ, фæлæ хæстæг сыхтæн дæр зындгонд у, Ламакка сæн йеддæмæ кæй ницы нуазы, уый. Æмæ иугæр хæдзармæ куы бафты хуынды уагыл, уæд фысымтæ дуканимæ нæ базивæг кæнынц. Кæд æмæ хæдзары æнæрхъуыды зæронд усæй уæлдай нæлгоймаг нæ разына, уæд та Ламакка кæстæртæй искæмæ фæдзуры: «Марадз-ма, нæхимæ иу рог уад скæн æмæ сын графины хабар зæгъ». Ома, йæхи дыгъд сæнæй.

Æфсин къæбицмæ куыд фæцис, афтæ Мырза йæ фæдыл ахъæр кодта:

— Дæ разы æххæст уыцы тъыссæн дæр радав гобаны бынæй.

Ноджыдæр ма иу «Экстрæ» æмæ «Кавказ» фæзындысты фынгыл.

— Хъусут-ма, мæнæ хорз адæм, æцæгæй ахæм исты æрцыд æви нæ лæгыл базыртæ куы базад, газет куы бакаст, уæдæй нырмæ? Нозтцух дæр куыннæ баййафы хæдзар, уæддæр сæм никуы бавнæлдта, ныр йæ фыдбоны æвæрæнтæй иу фæсте нал ныууагъта.

— Уæларвæй дæр та нæм æй куы æрцарæзтой ракетæ,— зæрдæсæттæн хъуынтъыз дзуапп ын радта Валодкæ.

— О, дæумæ йæ уæларвæй куы нæ æрцаразой, уæд дын комкоммæ дæр æмæ фæрсырдыгæй дæр ницы бакæндзысты. Рауадз-ма фæлтау дæ цуры агуывзæты,— сыстад Ламакка æмæ йæ худ систа, фæйнæрдæм афæлгæсыд æмæ йæ курагайы саггомы сæвæрдта. Чъиритæ кæмæн кувгæ сты, уымæ куыд зыной æртæ дæр, афтæ сæ кæрæдзийæ фæиртæста, уæллаг чъирийы кæроныл æрхæцыд галиу къухæй, рахизмæ агуывзæ райста:

— Йæ, иунæг цытджын Хуыцау, де сконд, де сфæлдыст адæм стæм, æмæ хуыздæр ахъаз кæмæн бакодтай, уый æмбал нæ фæкæн!

— Оммен, Хуыцау!

— Хæдзары мидæг бинонтæ ис, бинонтæм æртæ чъирийы æрбацыд æгъдауы фæдыл æмæ кæддæриддæр ахæм рæсугъд хъуыддæгты агуырд куыд уой, уыцы рæсугъд арфæ сын ракæн!

— Оммен, Хуыцау!

— Лæппу у, лæппуйы æцæгæлон мыггаг сæхицæн хъаймæты æфсымæрæн бацагуырдтой æмæ кæддæриддæр рæсугъд æмæ амондджын хъуыддæгты нымад куыд уа йе ’мгæртты æхсæн, ахæм арфæ ракæн, Хуыцау!

— Оммен, Хуыцау!

— Æгъдау æрбацыд хæдзармæ, се ’ртæ чъирийыл сæхæдæг не ’рбадтысты, фæлæ æвдисæн адæмæй бацагуырдтой сæ адджын сыхæгты æмæ сæ цард кæддæриддæр адджын æмæ æнæмаст уæд!

— Оммен, Хуыцау!

— Æгъдау хæдзарæй рацыд æмæ сæ æртæ чъирийы кæддæриддæр рæсугъд æмæ хъабыл уæд, сæ кæрæдзийы цы дыууæ сабийы бацагуырдтой, уыдон амондджынæй æмзайæмзæронд бауæд!

— Оммен, Хуыцау!

— Уастырджи, хъуыддæгтæ аразæг дæ, раст фæндагыл чи цæуы, уый дæр æмæ галиу фæндагыл чи цæуы, уый дæр дыл йæхи бафæдзæхсы, æмæ галиу зонд кæмæ ис, уымæн йæ сæры раст зонд бауадз, раст зонд кæмæ ис, уымæн та йæ фæндаг кæддæриддæр рæсугъд куыд уа, ахæм хорзæхæй хай бакæн!

— Оммен, Хуыцау!

— Дæ рухс кувæндæтты бын фæсивæд службæйæ дæр здæхынц æмæ службæмæ дæр цæуынц, æмæ сæ рæствæндаг кæн!

— Оммен, Хуыцау!

— Фæсивæдæн дуне сабыр уæд!

— Оммен, Хуыцау!

— Паддзæхтæн дæр сæ сæры зонд куыд бацæуа æмæ афтæ куыд зæгъой: «Мах æфсад ницæмæнуал хъæуы, алчи йæ хæдзармæ фæцæуæд, лæппутæ!», уыцы хорзæх ракæн, Хетæджы сыгъдæг Уастырджи!

— Оммен, Хуыцау!

Кувгæ куыд æнувыдæй фæкодта Ламакка, сидтытæ дæр афтæ зæрдйагæй. Бадт адæргъвæтин, куы иуырдæм фæкъул вæййы ныхас, куы иннæрдæм. Уæды онг фæурæдта йæ маст Валодкæ, фæлæ дзæбæх куы бахъæлдзæг стæм, уæд мын мæ хъусы бадзырдта:

— Нæ йæм хъусыс Мырзамæ — иугæр, дам, ын йæ къозо куы фенай, уæд ын йæ нæрынмæ мауал æнхъæлмæ кæс, фæлæ къæрмæг дæндагæй срæдув æмæ авг æнæхъæнæй дæр йæ хъуырæй ауадз. — Арф ныуулæфыд. — Алцæуыл дæр сахуыр дæн, æрмæст хъуырæй нуазын нæ базыдтон.

— Æнæмæт у,— айхъуыста йæ Мырза, — æз дæр дæуæн, мыййаг, нæ фæкодтон æвæрæнтæ.

Валодкæйæн фæхъыг. Ау, уый та куыд? Адджын сыхæгтæ куы уыдысты, сæ цæхх æмæ кæрдзынæй кæрæдзийæн хай куы кодтой, уæд куыд тынг гадзрахат разынд — фæстаджы бон Мырза хъæлдзæгæй фæфардæг уыдзæн æцæг дунемæ, Валодкæ та цалынмæ агуывзæмæ згъора, уæдмæ йæ уыцы хъаймæты къозойæн йæ пиллон арт æрæййафдзæн æмæ хусбылæй æртхутæг фестын кæндзæн. Æмæ йæ тæригъæддаг фæстаг боныл ставд цæссыг æрызгъæлдта.

— Мæ фыдыстæн, демæ иу фынгыл сбадынмæ нæ бæззы,— смæсты йæм Ламакка. — Сомыгонд бæргæ вæййын, уæддæр та мæ дæле фегуырыс. Æцæг æдылы дæ æви ныр цы митæ хæссыс дæ сæрмæ?

— Æдылы куы нæ уаин, уæд зондджын адæмимæ бадин.

Уый та дзы махæн.

— Цæмæй дæм æдылы кæсæм?! — фæтъæлланг ыл ласта Ламакка.

— Æдылыдæр ма цы вæййы уæдæ, уæ рынтæ: иу авг банызтаид, фæлæ иннæ дыууæ сæфгæ нæ кодтой?

Марадз æмæ смæсты у ахæммæ.

... — Æз сæ дзæбæх не ’взарын, чи сæ кæцы у, уый. Немыцы куыннæ зонын, амырыкæгтимæ Одырыл сæмбæлдыстæм, фæлæ ацы голландиæгтæ кæцытæй уыдзысты?

Мæнмæ у хистæры ныхас.

— Кусаг, бонзонгæ адæм, сæ хъуццытæ æгас дунейыл дæр æмбисондæн баззадысты. — Кæс-ма, дæ хорзæхæй, фылдæртæ зонынæнхъæл куы уыдтæн мæхицæн Голландийы тыххæй. «Институт каст куы фæдæ». Фламандиаг æвзаг. Рембрандт. Роттердаймаг Эразм. Æмæ уыдæттæ ницæмæн хъæуынц бадты адæмы. — Æрмæст зæххæй мæгуырау сты æмæ денджызы был ауазгæ цæуынц незамантæй нырмæ. Бацауаз — æмæ та зæххы гæппæл, бацауаз — æмæ та зæххы гæппæл. Раст нæ фыдæлтæ хохы чыргъæдгай куыд хастой сæ хуымтæм сыджыт, уымæй фыддæр. Уæдæ æнцон у денджызимæ тох? Нæ, немыц не сты, немыц сын хæсты заман сæ ауæзтытæ срæмыгътой фыдæнæн æмæ, æнæхъæн фондз азы уыди æви æхсæз азы, сæ дæлвæзты кæрдæджы хал нал фæхæцыд денджызы цæхджын донæй.

— Куыдзæйгуырд, афтæмæй йæхæдæг инæлары цырыхъхъытæ адавта.

— Ныхъхъус-ма у дæ цырыхъхъытимæ, цалынмæ дæ фынгæй нæ фæсырдтон, уæдмæ.

— Омæ æз куы ницы дзурын, уæ рынтæ, ныхасмæ цы хъусын, æндæр,— куыд лæмбынæг хъусы, уый равдисыны охыл Валодкæ йæ къух тымбылæй- йæ роцъомæ сбыцæу кодта æмæ Ламаккайы дзыхмæ ныккомкоммæ.

— Уæдæ кæд ахæм хъизæмæрттæ æвзарынц зæххы гæппæлы тыххæй, уæд уыдонæн æвзæр адæмæй тас нæу. Царды мидæг кусæг лæджы хæцынмæ дæр ницы хъуыддаг ис æмæ искæ.й зæххытæм лæбурынмæ дæр,— йæхицæн дзурæгау дзуры Ламакка.

— Кусынмæ сæ ничи баййафдзæн, раст зæгъыс уымæй. Уыимæ цы бакусой, уый — нывыл. Сæ алмасийæ æз ныр æртæ мæйы æнæсцухæй дасын æрвылбон.

— Æцæг зæгъыс æви хынджылæг кæныс?

— Бавзарынмæ дын дзы æнæ ратгæ нæй æмæ йæ уæд фендзынæ дæхæдæг,— зæрдæ йын бавæрдтон æз.

— Нæ, алмасийæ нæ базондзынæн: Германæй кæй сластон, æрмæст уыцы золингенæй дасын мæхи.

Хæсты размæ... — цыдæр сцæйдзырдта Валодкæ, фæлæ йæ Мырза не суагъта:

— Ды та уæгъд дзæнгæдайы бæсты дæ разы агуывзæты куыст кæн.

— Омæ, уæ рынтæ, ныхас уал акæнут фæлтау, нозт никæдæм аирвæздзæн.

Уæддæр рауагъта æмæ дыууæ армы роцъобыцæуæй сбадт.

— Царды мидæг лæгæн уымæй зындæр ницы ис: ай уыдис æмæ иу хæсты фæсивæдæн се ’взаргæтæ цагъды фесты, уæллæй, бындзагъды. Адон кæстæр сты æмæ сæ кæцæй зондзысты, фæлæ сæ, Мырза, ды хъуамæ хъуыды кæнай.

— Куыннæ, куыннæ,— æрæнкъард Мырза.

— Æппæты разæй уæхи Хадзымырзæйæ райдай, стæй уæллаг тигъæй суанг дæллагмæ. Æппæты уæле Хъулаты Дзенакко — кæд нæхи хъæуккаг нæ уыд, уæддæр цæргæ Елмæрзайы хæдзары кодта, ахуыргæнæгæй куыста, æмæ йæм сидгæ дæр ардыгæй фæкодтой. Уый дæле Алыккаты Зауырбеджы фырт Али. Нæхи Ахболат. Бордзи Цорæты. Гуыба Слонаты...

— Ныр цымæ кæддæрау цæуылнæ хæцынц паддзæхтæ сæхæдæг лæгæй-лæгмæ? — йæхи та нал баурæдта Валодкæ.

Ацы хатт ыл хъæр дæр ничи скодта æмæ худгæ дæр: йæ ныхас кæнæ раст фæкасти бадты адæммæ, кæнæ та æгæр æрхæндæг уыд Ламаккайы фыдохы номхыгъд.

— Хæцæнгарз куы нал ис, уæд ма цæмæй схæцой хæцгæ дæр? — æрæджиау æнкъардгомауæй сдзырдта Мырза.

— Ау, куыд нал ис, Валодкæмæ йæ уæларвæй дæр ма куы æрцарæзтой, стæй хуымæтæг топпыхосæй нымайгæйæ зæххы къорийыл алы адæймаджы хыгъдмæ дæр æвддæс тоннæйы куы æрцæттæ кодтой,— цалдæр азы размæ цы нымæц бакастæн, уый мæ зæрдыл æрбалæууыд мæнæн, кæд уæдæй нырмæ фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ фæцадаид, уæддæр.

— Æмæ уыдон цæй хæцæнгæрзтæ сты?

— Ау, уæдæ хъазæн дидитæй кæрæдзимæ æвзидой паддзæхтæ?

— Уыдон марæнгæрзтæ сты, хæцæнгæрзтæ нæ, фæлæ. Хæцæнгарзæн йæ ном йæ уæлæ куы ис: дæ къухтæм æй райс æмæ схæц, дæ хъару æмæ дæхæдæг.

— Уæллæй, æмæ раст зæгъыс, Мырза, æцæг сты марæнгæрзтæ. Царды мидæг цы нæ æрхъуыды кодтой адæймаджы фыдбылызæн, ахæмæй ницуал баззад.

— Хæсты размæ...

— Цы йæ стынг кодтай, цы — «хæсты размæ, хæсты размæ?» Хæсты размæ гуырд куы нæма уыдтæ, уæд цы ’мбарыс ды та хæсты размæйы хабæрттæн? — сзагъд æм кодта Ламакка.

— Омæ, уæ рынтæ, хæсты размæ цæрæм ныртæккæ, æндæр цы кæнæм? Хæсты размæ йеддæмæ хæсты фæстæ кæй нал уыдзæн, уый не ’мбарут, уæхи зондджын адæмыл куы нымайут, уæд?

Мæ акомкоммæ, Валодкæйы чъылдыммæ, кæм не ’мбæлы, уым — цæгатырдыгæй, Цæлыччы сæрмæ, скаст мæй, сонтæй йæм фемдзаст дæн æмæ хъуыддаг æвиппайды не ’рцахста мæ сæр. Дзагъырæй йæм баззадтæн, иннæтæн дæр æй бацамонын мæ зæрды уыд, фæлæ сдзурын нал фæрæзтон, æрмæст ма уæззау пъæззы фын уынæгау мæ дзых æгомыгæй фæхæлиу-фæхæлиу кодтон. Мæй нæрсын байдыдта; уыцы æмдымбылæй, ирд рухс калгæ, фæйнæрдæм цыд, уæрдоны цалхæй фестырдæр.

«Кæд афонмæ къæпсыр нылхъывтой, уæддæр ын исты зоныс?»

~ Цы кодтай! Цы кодтай?! — йæ бынатæй фæгæпп ласта Мырза æмæ мæ уæлхъус фестад.

Сдзурын нæ бафæрæзтон, фæлæ йын къухæй ацамыдтон. Иууылдæр сæ сæртæ уыцырдæм азылдтой; цæстызулæй сæм бакастæн — æртæйæн дæр сæ дзыхтæ æмхуызон хæлиу, мæхицæн дæр мæ роцъо риуыл æрæндзæвынæввонг. Зиллакк та уыцы æмдымбылæй нæрсы æмæ нæрсы, фæйнæрдæм фæцыд, арвы сыгъдæг фæзæн йæ дзæвгар хай, стæй уæд йе ’мбис бацахста нымад цалдæр минутмæ.

— Афонмæ Еленæ, мæгуырæг, сывæллæттимæ иунæгæй... Уынгæ ма сæ уæд та куы фæкодтаин... — æнæнхъæлæджы сдзырдта Валодкæ, сонтæй фæхъандзал æмæ цалдæр гæппæн кæрты дуары æдде фæцис, йæ цырыхъхъыты уæззау тъуптъупп уынгæй æрбайхъуыст.

— Уый куыд у, уый?! — йæ бынатæй фестад Ламакка дæр æмæ дыууæ тымбыл къухæй уæларвмæ ныддодой кодта. — Царды мидæг куыд цæргæ у афтæмæй а дунейы?!

Уæдмæ зиллакк хæрæмигъау тайын байдыдта æмæ йæ аууонæй разындысты иугай стъалытæ.

«Хæссæг ракетæ атмосферæйы бæзджын фæлтæртæм æрхæццæ æмæ басыгъд»,— фыст уыди æртыккаг бон газетты.

Зилгæйы родгæстæ

Иры алы хъæуæн дæр иннæты æхсæн баззад фидисæмхæццæ хъазæн ном. Алы хъæуты фæсивæд куы æрбакъорд вæййынц, æмæ сæм зонгæ æфтын куы байдайы, уæд ыл мæстæймарæн цин ныккæнынц:

— Мæнæ ма кæдæй-уæдæй сырхкæрцджын федтон!

— Уæртæ цъупхортæй дæр иу фæзынд!

— Æгас нæм цæут родгæстæ!

Æрбацæуæджы къорды фæсивæдæй чидæртæ фыццаг хатт куы феной, уæддæр æй йæ фæсномыгæй базондзысты, кæцон У, уый.

Мæстæймарæн ном алы хъæуыл дæр рагзаманты сбадт. Радио дæр æмæ газет дæр куы нæма фæзындысты, уыцы рæстæджы Иры иу кæронæй иннæмæ алы хъæуæн дæр йæ фидиссаг фæсномыджы хабархæссæг уыдысты царды иу кæнæ иннæ бæлвырд цауимæ баст таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ зарджытæ.

Зилгæйыл родгæсты ном, æнæмæнг, сбадт Хъæстуаты Хъазыбеджы зарæджы фæрцы. Фæлæ зарæг куы фæзынд, уымæй æртиссæдз азы размæ дæр Зилгæ Зилгæ уыд. Æмæ уæд родгæсты размæ та цавæр мæстæймарæн ном хаста? Æви йын уæвгæ дæр нæма уыд ахæм ном? Чи хъуамæ ратта дзуапп ахæм фарстæн? Кæй зæгъын æй хъæуы, хистæртæ. Чи аивгъуыдта, уыцы хистæрты дæр, æгас чи у, уыдоны дæр бæргæ фæфарстон, фæлæ дзы иу дæр дзуапп раттын нæ бафæрæзта.

Чи зоны, искæмæ диссаг дæр фæкæсдзæн: цы ахъаз у, цæмæн бахъуыд афтæ æхсызгонæй? Бахъуыд. Уыимæ абон нæ бахъуыд, фæлæ кæддæриддæр хъуыд. Уымæн æмæ адæм сæ фыдæлты цардæй, истори кæй хонынц, уымæй адæм сты. Ирон адæм. Уырыссаг адæм. Гуырдзиаг адæм. Туркаг адæм. Фыдæлтыл былалгъ чи кæны, уый та адæймаджы номы аккаг уæвгæ нæу. Æвзæр уыдысты æви хорз, уæддæр мæ фыдæлтæ уыдысты, æндæр фыдæлтæ мын ничи ратдзæн. Стæй сæ хорзы æмæ æвзæры тæрхон рахæссын та кæмæн у йæ бон, кæмæ ис ахæм бар лæвæрд?



Просмотров 1260

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!