![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 37 часть
Æнæкæрон даргъ сæрдыгон боны хур ныгуылæнырдæм дзæвгар куы акъул, уæд фæндаггæттæ хъазахъхъаг Къардонмæ. бахæццæ сты Саудоны былты. Разæй — далыс, йæ хæдфæстæ — Тæнхау, æртæ-цыппар къахдзæфы фæстæдæр та Хъуырман. Тæнхау æм кæд кæсгæ нæ кæны, уæддæр рагацау бамбары, зæронды.зæрды кæцырдæм фæзилын ис, уый. Хъæугæроны стыр фæндаджы тæккæ был дуканимæ баздæхт Хъуырман, цанæбæрæг дзы афæстиат æмæ уадидæгæн æдде бæстæ рæйын æмæ хæпп-хæпп ссис, æвæццæгæн, Къардоны иу куыдз фæсте нал баззади, иууылдæр Тæнхаумæ лæбурæг систы; далыс сызнæт, скатай, фæстагмæ йæ сæр æрцахста æмæ Тæнхаумæ йæхи нылхъывта. Тæнхауæн йæ бæрзæйы хъуын арц слæууыди, зыхъырдæндагæй бахъуырхъуыр кодта æмæ уæд куыйтæ дæр Тæнхаумæ лæбурыны бæсты кæрæдзимæ рæйыныл фесты, ома, марадз, раздæр ды бавзар, кæд ахæм хъæбатыр дæ, уæд, уый фæстæ йæ мах бар уадз; иуы дæр сæ йæ худинагыл басæттын нæ фæндыд æмæ адæргæй зæхх сæ дзæмбытæй фæйлауын æмæ сындз къудзитыл цъырттытæ кæнын байдыдтой. Тæнхау та сæ цыма уынгæ дæр нал кæны, уыйау йе ’ргом дуканийы дуармæ сарæзта æмæ зæронды рацæуынмæ æнхъæлмæ каст. Йæ дæларм дынджыр хæмпус дзулимæ рахызт дуканийæ Хъуырман, йæ тæф уайтагъд сæмбæлди Тæнхауы фындзыл. Зæрондæн æрмæст йæ цæстæнгасæй бамбæрста Тæнхау, далыс кæцырдæм фæзилгæ у, уый. — Сæ цæрæнбон бирæ къардойнæгтæн — æгас Ирыстоны адон йеддæмæ ничиуал зоны дзул фыцын,— раппæлыд Хъуырман. Дуканийæ чысыл дæлдæр къордæй цы сылгоймæгтæ бадт, уыдонæй дæр нæ фефсæрмы, фæлæ дзул йæ дзыхмæ схаста æмæ йын йæ тæфмæ цалдæр хатты адджынæн сысмыста. Куыйтæ дæр Тæнхауы нæуынæг скодтой сæхи æмæ иугæр афтæ дзæвгарæй кæм бамбырд сты, уым кæрæдзийы мукъутæм æмæ къæдзилы бынтæм смудынтæ систой, æрмæст ма дзы цалдæр æнæбары хæппытæ скодта Тæнхауы фæдыл, фæлæ сæм уый фæстæмæ ракæсын йæ сæрмæ дæр нал æрхаста. Æхсæвиуат сæ æрæййæфта Фыййагдоны къæдз-мæдз фæзилæнтæй иуы. Æнахуыр фæлмæн æмæ хъарм изæр сыл йæ базыртæ æруагъта. Хъуырман йæ æхсæвæрæй Тæнхауæн бах$й кодта, стæй уæд донбылмæ æрхызт, дзабыртæ раласта æмæ уазал,фæлæ рæвдауаг доны йæ къæхтæ дзæвгар фæдардта. Уый фæстæ нымæты йæхи æрбануæрста æмæ æрдæгфæлдæхт бæласы къодахыл бауагъта йæ фæсонтæ. Æгас быдыры хъуыст æрмæст доны хæл-хæл æмæ цъырцъырæгты мынæг æхсидт. Ахæм дард балцы кæдæй æмæ кæдæй нал ацыд Хъуырман æмæ уайтагъд адджын фынæй ацис. Æмæ та ногæй йæ фыны федта Дзаххоты куыройы сæрмæ ауæзты мал. Ацы хатт Бексолтан, нæлгоймæгтæн се ’ппæты кæстæр, иннæтимæ найынмæ нал бахызт донмæ, фæлæ Хъуырманы фарсмæ кæрдæгыл йæхи æруагъта. Хъуырманæн дæр фаллаг фарсмæ ахизын йæ фæсонæрхæджы дæр нал уыд. — Тæнхаумæ кæй байхъуыстай, уымæй тынг раст бакодтай, Хъуырман,— загъта Бексблтан. — Кæдæм цæугæ у, уый Тæнхауæй хуыздæр ничи зоны,— йе уæхсчы сæрты къухæй ацамыдта Бексолтан хæхты ’рдæм æмæ та ногæй загъта: — Тынг раст бакодтай, Хъуырман. Ничи йæм кæсы — йæ хъуымыз йæ былтыл нæма бахус, афтæмæй зонд амонынтыл схæцыд, уыимæ дæр кæмæн, кæмæн, фæлæ Хъуырманæн. Йæ хъуымыз йæ былтыл нæма бахус, афтæмæй дыууæ хатты сыгъди танчы мидæг. Фыццаг хатт йæ танк ныппырх дард Ростовы, дыккаг хатт та — Мæздæджы быдырты, Вознесенскæйы рагъмæ хæстæг. Æрфгуытæ æмæ цæстыхаутæ сыгъд, цæсгом цы у, уымæй æнæхъæнæй дæр дондæппал, хорз æмæ цæстытæ æнæхъæнæй баззадысты, сæр лыстæг къубалыл æнæнцойæ фесхъиуфесхъиугæнгæ йæ цæфтæласæн машинæйæ — йæ амондæн уыдаид æви йе ’намондæн — Зилгæйы госпитæлмæ æрбахæццæ кодтой иннæ цæфтимæ. Дохтыртæ йæм куыддæр базылдысты, афтæ рынчындоны дарæсы мидæг сæ хæдзармæ фæцыд. Куыннæ йыл ныццин кодтаид мад: æгайтма сæрæгас у, фæлæ уыцы сæры фесхъиуфесхъиуæй йæ уæнгтæ бауазал сты. Дохтыртæ йæ къуылымпыгæнæг нæ фесты — æнæуый дæр бынæттæ фаг нæ кодта, уый бæрц цæфтæ ластой Мæздæджы ’рдыгæй дæр æмæ Елхоты ’рдыгæй дæр — æмæ цæуынхъом чи уыди, уыцы цæфты хæстæгдæр хæдзæрттыл байуæрстой, æрмæст сæ хъæдгæмттæ бæттынмæ куыд цæуой, афтæ. Æмæ Бексолтан дæр йæ рæстæг æрвыста йæхи хæдзары; зымæджы къæсæрмæ фæнывыл æмæ йын фæстæмæ хæцæнмæ фæцæуыны уынаффæ рахастой дохтыртæ. Фæлæ мад дохтырты уынаффæ дæр æмæ хæсты рæстæджы æнæхатыр карз закъонтæ дæр ницæмæ æрдардта, хъæддыхæй скарста: мæ фырты никæдæмуал ауадздзынæн; дыууæ хатты мын кæй аирвæзт, уымæй Хуыцауæн табу, фæлæ æртыккаг хатт аирвæза, ахæм диссæгтæ царды мидæг нæ вæййы. Ногæй та мæзджыты кæртæй рахæссын бахъуыд уыцы фыдæлтыккон бирæтæ бавзарæг тæрсфæйнæгæй найæн. Дыууæ æнахъом лæппуйы æххуысæй — æниу, цæй æххуыстæ: мардмæ бавналын нæ, фæлæ æркæсын дæр нæ уæндыдысты — Хъуырман бабиноныг кодта Бексолтаны мард; сыхырнайау сыхырна амæн разынди йæ буар: трибунал иугæр фехсыны тæрхон куы рахæссы, уæд къаддæр уæддæр ссæдзæй æрлæууынц æмæ сæ амæттаджы æмæхст фæкæнынц, йæ зæрдæмæ йæ куыд ничи хæсса, афтæ — «мæ нæмыг нæ уыди, мæ сыхаджы нæмыг ыл сæмбæлди». Йæ мад та абон дæр ма, дыууиссæдз азæй фылдæры дæргъы йæхи хæры: «Мæхæдæг æй амардтон, мæхи къухтæй амардтон мæ иунæг хъæбулы. Дыууæ хатты сыгъдис æмæ æгасæй баззади — Хуыцауæй йын адзал лæвæрд нæ уыди, æмæ æртыккаг хатт дæр, дæсæм хатт дæр аирвæзтаид. О, Дунедарæг, Дунесфæлдисæг, цæмæн мын ацы хъизæмар æвзарыи кæныс, цæуылнæ мæ айсыс дæхимæ? Æниу кæмæй рахъаст кæнон, мæхицæй дарддæр — хъæбулмарæджы тыхтухитæ мæ хай баисты. О, Хуыцау, æвзæр ын куы нæ бауарзта мæ цæст, æгасæй мын баззайайыл куы хъардтон мæхи. Нал мын аирвæзтаид æртыккаг хатт, ирвæзæнтæ дзы куы уыдаид, уæд иннæ цыппарфондзыссæдз зилгæйаджы дæр сæ мадæлтæ барвыстой мæрдтæм? О, фæлæ дзы фæстæмæ чи сыздæхт, ахæмтæ дæр куы разынд. Ауадзын æй хъуыди, ауадзын æй хъуыди! Дæлæ хуымæллæггаг Саханджери дæр, Бексолтаны æмгар куы у, уый дæр куы сыгъдис тан. чы æмæ цыфæнды сахъатæй дæр удæгасæй куы баззад...» Æрмæст сæ æртыккаг бон баййæфтой фæдисæттæ, Куырттаты комы мидæгоз куы бахæццæ сты бæлццæттæ, уæд. Дæллагхъæуы фале рахизырдæм фæзылдысты æмæ сындæггай, æрлæуæрлæугæнгæ Джимарайы æмдзæхгæр фæхстæй иуы рагъмæ схызтысты. Комы бын фæндагæй сæм куы скæсай, уæд цыма зæххæй фæхицæн сты æмæ арвмæ фæцæуынц, уыйау зындысты. Йæ къæхтæй хъæстаг никуы уыдис цæрæнбонты Хъуырман: кæдæм сын дзырдта, уырдæм æй æнæзивæгæй хастой. Уæд ай цы хабар уа, йæ коммæ цæуылнæуал кæсынц? Дыууæ уæраджы дæр иумæ фæдыдагъ сты æмæ æрхауыны тæссæй Хъуырман йæ лæдзæгыл æрæнцой кодта æмæ афтæмæй дзæвгар фæлæууыд. Акъахдзæфы иу фæлтæрæн, дыккаг. Нæй, нæ кæсынц йæ коммæ. Ныр цы чындæуа, кæдмæ афтæ лæудзæни? Искæмæ æххуысмæ фæдзурид, фæлæ кæмæ, чи йæ фехъусдзæн, æмгæрон змæлæг куы никæцæй зыны, уæд? Тæнхау æм фæстæмæ фæкаст æмæ алцыдæр бамбæрста. Йæ рæуджыты уæлдæф цас цыди, уыйас баулæфыд æмæ комы иу кæронæй иннæмæ йæ зæрдæмарæн ниуын азæлыд: — Оу-у-у... Къæдзæхтыл æмæ лæгæттыл йæхи хоста Тæнхауы хъæлæс æмæ та дзы-иу фæстæмæ фесхъиудта æмæ дарддæр азæлгæ цыдис. Канд Тæнхауы хъæлæс нæ уыд: йемæ сиу сты, дуне рафæлдисынæй фæстæмæ Куырттаты даргъ комæн йæ рæбынæй йæ дымæгмæ бирæгъы амæттаг чи бацис, уыцы цуанон куыйты хъæлæстæ. — Кæуын сыл ницæмæн хъæуы, Тæнхау,— загъта Хъуырман æмæ цæ нымæт зæхмæ æрæппæрста. — Фаллаг фарсы дæр адæмы баййафдзынæн. Цæлыкмæ фæндаг — Сыхагæй, зонгæйæ, къабазæй абон Бæгуычаты кæртмæ чи æрæмбырд æмæ сæ циныл чидæриддæр цин кæны, уыдоны цæрæнбон бирæ уæд! — Оммен, Хуыцау! Бæгæныйы кæхц уæлдæр систа Рамазан æмæ Мухары ’рдæм разылд: — Хæстæгдæр æрбалæуу, мæ къона. Амонын æй никæмæн хъæуы Мухары, уæхæдæг æй мæнæй хуыздæр зонут. Æз хæстмæ куы цыдтæн, уæд æй æнахъом бæгъæмзæнг сабийæ ныууагътон, куы сыздæхтæн, уæд та йæ тракторыл бадгæ сæййæфтон. Æмæ дзы абоны онг дæр нал рахызт. Йæ цæрæнбон бирæ уæд æмæ ма йыл къорд азы æнæнизæй бадын куыд бафæраза, уыцы хъару йын Хуыцау раттæд! — Оммен, Хуыцау! — Зæхкусæг адæймаг у, фыдæбонгæнæг лæг у, æмæ йæ фыдæбонæн паддзахадмæ кæддæриддæр аргъ уыд, хæрзиуæгæй йæ никуы бахъулон кодта, ныр та йын мæнæ фæллойы хъæбатыры буц ном дæр радта, æмæ ахæм хъæбатыр фæсивæд мыггаджы æхсæн дæр æмæ Зилгæйы мидæг дæр фылдæрæйфылдæр куыд кæной æмæ нæ лæгагур цæуын куыд никæдæм бахъæуа, Дунейы фарн уый зæгъæд! — Оммен, Хуыцау! — Мухтар айдагъ йæхицæн не скодта ном æмæ кад... — Айдагъ Мухарæй нæу, айдагъ, дыууæ хатты хъæбатыры кой дæр скæн,— кувæгмæ фæрсырдыгæй бадзырдта Бæдæс. Рамазаны æрфгуытæ фелхынцъ сты; Мухары фарсмæ. кæцæй февзæрд бæсты фыдбылыз, уый уæвгæ дæр нæ бафиппайдта. Алырдыгæй йыл схор-хор кодтой. — Бæдæс, мæ къона, хистæры бынаты сусхъæды габан куы сæвæрой, уæддæр æм дзырдæппарæн аив нæу, уæлдайдæр кувгæ-кувын. Рох мæ ницы у, кувын уал мæ бауадз, стæй уæд сидты мидæг Иссæйы кой дæр уыдзæн æмæ кæмæн æмбæлы, уыдонæн се ’ппæты кой дæр, суанг мæ ды дæр нæ ферох уыдзынæ. Ма дын фæсырх уа Бæдæсы цæсгом. — Раст мæ нæ бамбæрстай, Рамазан, æз. Заретæйы кой кæнын. Уый куы нæ уыдаид, уæд дзы Мухармæ дæр хъæбатыры хорзæх не ’рхаудаид — æмæ уал дын йу хъæбатыр. Уæдæ ауал азы Мухаримæ цæрын кæй бафæрæзта æмæ дзы кæй нæ фæлыгъд, уый тыххæй та дыууæ хатты хъæбатыр. Уайдзæфты бын æй фæкодтой фæйнæрдыгæй: — Банцай, кувын бауарз хистæры! — Гъер ма уымæй æнæуагдæр куы уаис, уый дæ фæнды? Æфсæрмæй мард Мухарæн дæр æм йæ къæс-къæс цæуы, фæлæ йæм цы сдзура йæ кæрты мидæг, утæппæт адæмы æхсæн, æрмæст ын рæмбыныкъæдзæй йæ фарс афтæ басхуыста, æмæ Бæдæс ферхæцыди, ныхъхъус. *** Йæ райсомы зылдтытæ фæцис Заретæ: хъуг æрдыгъта, уæныгимæ йæ рæгъаумæ аскъæрдта, роды дуары æдде фæкодта. Сæ дарæн рамæрзинаг бæргæ у, фæлæ йыл къух ауыгъта: се ’ппæт мæнмæ нæ кæсынц, лæппу куы сыста, уæд уый та ма цы кусдзæн? Иууылдæр сæ æз мæхимæ куы райсон, уæд æгæр хуыскъастæуæй рахъомыл уыдзæн. Цы ма? Цæй, æххæст маргъæн дæр мæхæдæг раттон холлаг, науæд та сын нæ рæдаугуырд æгæр парахатæй æркалдзæн æмæ бон-изæрмæ бæлонæй, гæркъæрагæй, сырддонцъиуæй æмбырдтæ кæндзысты уæлдæйттыл. Æгæр æвзæр ахуыр кæнынц афтæмæй; зымæг нæу, миты бынæй къахын сæ нæ хъæуы хæринаг, алчи сæ йæхицæн амал кæнæд, кæмæн куыд æмбæлы, уымæ гæсгæ. Фосы кæрты сæ хъæлæбагæнгæ ныууагъта каркæй, гогызæй, бабызæй — сæ ахуыр нæ уадзынц, æндæр сын фагæй фылдæр æркалдта нартхоры ссад самангæрдæны уагъды пысырайы æмæ мæнтæджы сыфтимæ æмхæццæйæ; хæрд куы фæуой, уæд сæ лæппу уынгмæ ауадздзæн æмæ-иу уым хизæд. Хур дзæвгар куы стылди, æрмæст уæд равдæлд йæ зилæнтæй Заретæйы. Æххæст ма бетонæй астæрд кæрт донæй куы бапырх кодтаид сатæгдæрæн, фæлæ кæдмæ фаг суыдзæн, ацы зынджыстъæлф хуры дудгæ тынтæм уайтагъд айсысдзæн. Кæрт уымæлæй куы æрбаййафы Мухар фæскуыст, уæд æм уымæй хуыздæр ницы кæсы сæрдыгон æнæкъæвда заман — æхсæвæр дæр бæласы бын æрæвæрын кæны; изæрдалынгты уа, æнафоны уа, уæддæр цырагъ ссудзын нал бауадзы — къогъойæ, гæлæбуйæ, хъæндилæй фынджы сæрмæ зилдух самайынц æмæ адæймагæн йæ хойраг йæ фарсыл дæр нал бахæцы. Цæй, кæй хъæуа, уый-иу æй бапырх кæнæд, мæн уыдæттæм нал æвдæлы. Лæгуæрдон къæбицы дуармæ хæстæг батардта къуыркъуыргæнгæ. Æппындæр æм хуры цæст куыд никуы бахæццæ уа, барæй афтæ арæзт у къæбиц, æмæ цыфæнды æнтæф рæстæг дæр сатæг вæййы. Уæзласæн машинæйы бакæй конд уæлиау æвæрд найæны бын дæхи куы сæнхъæвзай сæрдыгон бонрæфты, уæд къæбицы къуымы хъæдын тъахтиныл дæхи æруадз æмæ дæ фæллад æмбаргæ дæр нал бакæндзынæ, афтæмæй дæ хуыссæг уайтагъд йæ хъæбысы ануæрддзæн. Хъамылæй дыууæ фæтæнбын чыргъæды — мыййаг дзы æрыскъæф куы бавгæнай, уæд йæхи уæзæй куыд нæ цъæл кæна, афтæ уæлæнгай быд — уæрдоны фæрсæй-фæрстæм сæвæрдта. Знон изæргæрæтты рагацау кæй æртыдта æмæ йын къæбицы æвæрд чи уыд, уыцы фæткъуытæй алы чыргъæды дæр фæйнæ дыууæ фæлтæры — фылдæр нæ! — хъавгæ самадта, сыгъдæг кæрдæйнаг сыл æрæмбæрзта. Уæрдон йæ разæй схойгæ уынгмæ рахызт. Цалдæр минуты фæстæ бахæццæ, хъæугæрæтты чи æривгъуыдта, паддзахы уыцы стыр фæндагмæ. Фæндаджы сæрты ахизыны размæ уæлæмæ дæр æмæ дæлæмæ дæр афæлгæсыд — тæссаг дзы у машинæйæ; ауал азы дзы ницы фыдбылыз æрцыд, фæлæ хъæуæй рахизæны цавæрдæр æнахъинæгон бæлæстæ куы ныссагътой,— цы хуыйнынц, уый зонгæ дæр нæ кæны Заретæ — уисойæнгæс, пыхцыл къабæзтимæ, хæрдмæлвæст, æддæг-мидæг ауадысты; хих у, сыфтæр у, нæ йæ равзардзынæ, æрмæст афæдз-афæдзы дæргъы æмхуызон тарцъæх дары, йæ фæлыст ивгæ йæ никуы федта,— уæдæй ардæм дзы фыдбылыз сарæх; Æхсараты Энверы цырты тæккæ рæбынты паддзахы фæндагыл цæхгæрмæ ахызт Зилгæйæ Ног Бæтæхъойыхъæумæ, нартхоры æмæ куырæйтты комбинаттæм фæндаг, ууыл дæр фагæй фылдæр ис цалхджын; Беслæнæй Æрджынарæджы ’рдæм чи æрцæйтæхы, уыцы машинæмæ хъæуæй рацæйхизæг нæ зыны пыхцылуисой бæлæстæй, хъæуæй рацæйцæуæгмæ та Беслæны ’рдыгæй чи æрцæйтæхы, уый нæ зыны æмæ дзы цалдæр кæрæдзийы скъуырдтой, адæймаджы зиантæ дæр дзы сарæх сты. Цыртрæбын-цыртрæбын паддзахы фæндаджы фаллаг фарсмæ у ахизгæ Заретæйæн, уым æрæвæры йæ уæййаг автобусмæ æнхъæлмæгæсæн дæлбазыргонды аууон. Цыдæр диссаг у абон: æнæуый иу иннæйы фæсурынц машинæтæ ниугæ æмæ уынæргъгæ, ныр цæст кæйонг æххæссы уæлæмæ дæр æмæ дæлæмæ дæр, уым машинæ никуы зыны. Кæдæй-уæдæй æдæрсгæ ахызт йæ уæрдонимæ. Дæлбазыры бын æрлæууыд. Уæрдоны сæрты дæргъырдæм уагъд дыууæ фæйнæгæн сæ фæтæндæр цæхгæрмæ фæзылдта — цæттæ тæрхæг, дыккаг фæйнæг рæтæнæгъдты бын ныллæг æртæкъахыг бандоныл. æрæвæрдта, гуыффæ æмраст куыд лæууа, афтæ. Чыргъæдæмбæрзæн кæрдæйнаджы кæроныл иуварс ахæдыд, къахыл ауайынæввонг сывæллоны сæрыйас фæткъуытæ дзы нымадæй æртæ систа, сыгъдæг куатæйы фæдджийæ сæ асæрфта æмæ тæрхæгыл æрæвæрдта: фæндаггæрон æртæ сырх цырагъы ссыгъди фæрсæй-фæрстæм. Йæхæдæг дæлбазыры аууон бабадт æмæ фыццаг æлхæнæгмæ æнхъæлмæ кæсы. Уæддæр машинæ зынæг нæма ис. Æрмæст тыртыргæнгæ уæле дæлæмæ æртахт гуыффæджын мотоцикл, стæй та иннæ, сæ фæстæ милицæйы дыууæ «волгæйы» сæ сæрыл фæтæпфæтæпгæнгæ сыгъдысты дæлгоммæ фæлдæхт литруат банкæйы æнгæс цырæгътæ. Машинæтæ дæлæмæ аивгъуыдтой, мотоциклтæ та фæстæмæ фездæхтысты — уыдон уыдаиккой æви æндæртæ: сæ иу Зилгæйæ рахизæны æрлæууыд цæхгæрмæ, иннæ — Бæтæхъойыхъæуæй æрбахизæны астæу. Бадтис дзы фæйнæ æртæйы: иу — скъæрæг, иннæ — йæ фæсарц, æртыккаг — гуыффæйы. Рагæппытæ ластой æмæ сæ уæнгтæ ивазыныл фесты. Цыма удæгас кæф асфальтыл йæхи хойгæ федтой æнæнхъæлæджы, уыйау цал уыдысты, уалæй Заретæйы фæткъуытæм ныдздзагъыр сты. Сæ цæстытыл не ’ууæндæгау куыд æрбацæйхæстæг кодтой, афтæ Бæтæхъойыхъæуы ’рдыгæй машинæйы уынæр æрбайхъуыст æмæ дыууæйæ уыцырдæм фæзылдысты. Уалынмæ та Зилгæйæ рахизæны дæр — фæзилæнæй нæма разынд, фæлæ йæ гуыффæйы афтид æфсæн боцкъатæ кæрæдзийы хойынц. Дыууæйæ йæ размæ æрлæууыдысты æмæ йæ æрурæдтой. Нæдæр боцкъаджыны, нæдæр бæтæхъойыхъæуккаджы æрбауагътой стыр фæндагмæ. Иуырдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр цалынмæ шофыртæ хъæлæба кодтой, ауадзут нæ фæндагыл цæхгæрмæ ахизын, зæгъгæ, уæдмæ Заретæйы уæлхъус æрлæууыд хæрзæрыгон хистæр лейтенант. Йæ фындзыл ауад цанæбæрæг несийы тæф. Æмбæлы æви нæ, уымæй йæ фæрсгæ дæр нæ бакодта, фæлæ кæрдæйнаджы кæроныл схæцыд иуырдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр. Неси дзы нæ разынд, афтæмæй йæ тæф ноджы тынгдæр ауад фындзыл. — Цы сты адон? — Цæстытæ дыл нæй — фæткъуы. Уæдæ несийы тæф цæмæн кæнынц, афæрсинаг уыд, фæлæ мæ кæд мæ фындзыхуынчъытæ сайынц, зæгъгæ, нал бауæндыд, ноджы ма Заретæйы дæрзæг дзуаппæй дæр фæныхкъуырд. Гуырысхохуызæй лæмбынæгдæр æркæстытæ кодта. Гъы, фæткъуы! Искуыдæр ма уыйас фæткъуы æрзади? Кæцæй сæ æрбаластаид, Хуыцау йæ зонæг. Гуырдзыйы дæр куы нæ зайы ахæмтæ. — Æмæ сæ цы æрæвæрдтай тæккæ фæндаггæрон? — Уæдæ мæм æлхæнæг мæ хæдзармæ хъуамæ æрбацæуа? — Алас сæ ардыгæй рæвдздæр. — Уæд цæмæ гæсгæ? — Сæудæджеры тыххæй æфхæргæ кæй кæнæм, уый дын зындгонд нæу, мыййаг? Уый дын айхъуыста, цы, Заретæ. — Цъыртмизы фырт, ды сæудæджеры фидис кæмæн кæныс, уый ма ацы ран зæгъ ныртæккæ! — къухтæ синысæртыл авæрдта, афтæмæй фæтъæлланг ласта хистæр лейтенантыл. Шофырæй, милицæйæ хъæлæсыдзагæй ныххудтысты; уæдмæ машинæтæ дыууæрдыгæй дæр бабирæ сты, чи дзы бадт, уыцы адæм цымыдисхуызæй бакъорд сты дæлбазыры цур: дзæгъæлы не ’рæхгæдтаиккой фæндаг, хицауадæй йыл чидæр цæудзæн, уый бæрæг у. Æнæрцæугæ фидисæй сырххъулон афæлдæхт хистæр лейтенанты цæсгом, цыма йын йæ былтæ бацавдæуыд, уыйау уайтæккæ нал сарæхст зæгъынмæ, исдуджы фæстæ бартхъирæн кодта: — Фæстæдæр аныхас кæндзынæн демæ: чи радта дæуæн бар... Йæ ныхас кæронмæ нал ахæццæ. Беслæны ’рдыгæй фæзындысты цыппар рог машинæйы, сæ моторты уынæрæй сæ цæлхыты æхситт фæраздæр. Цæсты фæныкъуылдмæ фыццаг машинæ фатау æхситгæнгæ æривгъуыдта, фæлæ дыккаг йæ цыд фæсындæг кодта æмæ дæлбазырмæ хæстæг æрлæууыд, йæ фæдыл иннæтæ. Фыццаг машинæ дæр уæд дзыхълæуд æркодта æмæ фæстæрдæм цæугæйæ уайтагъд сæ цурмæ схæццæ; зилгæйаг æмæ бæтæхъойыхъæуккаг шофыртæ хæлиудзыхæй аззадысты: гъе уый дын машинæ — размæ куыд цæуы, фæстæрдæм дæр афтæ.
![]() |