Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 31 часть



Куыдзмæ æрæвнæлдта, хъавгæ йæ систа йæ хъæбысмæ уыцы хуылыдзæй, цъыфамæстæй, цыма сывæллон систа, уыйау; систа æмæ йæ фæхæссы сæхимæ; куыдз йæ хъиухъиуæй банцад. Æз та фисыныл лæугæ баззадтæн æмæ мæ цæссыгтæ рахъардтой.

Иугæр дурфыцæнмæ кæм æрхæццæ стæм, уым нæ хæдзармæ дæр бирæ нал хъæуы. Уазал уыдзысты хуыссæнтæ, æндæр цы. Кæд Лæппын нæ райхъал уа, уæд уал æй æддзаумæтты æрæвæрдзынæн диваныл æмæ арт бандзардзынæн.

Хæрзаг арф та бафснайдтой лæппутæ фыййаг. Цæй, кæртæй дарддæр никуы уыдзæн. Мæлæты дзæбæх рог алюмин фыййæгтæ уæййаг фæзынди фæстаг азты, фæлæ мын дзы балхæнын не ’нтысы: сæрд фенхъæлын æмæ зымæг никуал æрцæудзæн, зымæг куы ралæууы, уæд та сæ кой дæр нал вæййы. Æмæ незамантаг уæззау тæрс фыййагæй хафинаг разыны мит: йæ ком тæссармæ баихсыд, йæ хъæдыл дыууæ армæй тыххæйты æххæссы адæймаг, уайтагъд дзы афæллайы. Фыдыфыдæй мын чи баззад, уыцы бынтæй. Уыцы уæззау фыййагæй Яи цæй хорз афæрæзта нæ къæсæрæй мæ фыды ингæны онг фæд алæгæрдын? Нæ, фесафынæн æвгъау у; уадз æмæ лæууа, цалынмæ бынтон баихсийа, уæдмæ. Чи зоны ма дзы Лæппын дæр алæгæрда мæ ингæнмæ фæндаг. Мурик куыд зæгъы, кæд афтæ бынтон æгуыдзæг æмæ æнæрхъуыды нæ разыниккой нæ байзæддаг.

Фæндаггæрæтты дæр ма цы цæуон — заводы рæзты, раджы кæддæр уæлмæрды рæбынты кæуылты цыди къахвæд, ууылты хæстæгдæр у хъæумæ ныххизæн. Æхсæзыл сæвæрын хъæудзæн сахаты дзæнгæрæг; баййафдзыстæм — æстæм æрдæгæй раздæр не скæсдзæн хур.

Сывæллоны сæр ме уæхскæй фæхицæн, йæ цæстытæй ракаст æмæ цымыдисæй фæлгæсы алырдæм.

— Райхъал дæ, Лæппын?

Ницы дзуапп радта, æрмæст мæйы фæлывд рухсмæ æдзынæг кæсы дурфыцæны цырæгътæм, уæлмæрды быгъдæг тар бæлæстæм, æвæд митмæ.

— Кæдæм цæуæм, дада?

— Куыд кæдæм: нæхи Зилгæмæ.

Митыл азгъорынмæ бабæллыд æмæ йæ мæ хъæбысæй æрæргъæвтон. Мæ разæй стырындз, комкоммæ хъæуы ’рдæм нæ, фæлæ куы рахизырдæм, куы галиуырдæм азгъоры, ногуард сыгъдæг митыл бæгъдулæг æм дзæбæх кæсы æмæ барæй ахауы, уайтагъд фестыны бæсты ратул-батул байдайы, кæл-кæлæй худы. Æз дæр æй цыма баййафынæн нæ дæн, афтæ йæ фæдыл азгъорæгау кæнын æмæ уæд бынтондæр бакъæцæл вæййы.

— Дада, уæртæ-ма кæс: рафæлдæхт,— къухæй мын ацамыдта дурфыцæны быруйы ’рдæм.

— Цы рафæлдæхт?

Быруйы ’рдæм кæсын — æмæ йæ бетон къæйтæ иууылдæр сæ бынаты, фæлдæхт дæр дзы нæй æмæ къахыр дæр.

— Уæртæ, уæртæ,— ахæцыд мын мæ къухыл.

Æдзынæгдæр ныккастæн æмæ быруйы тæккæ тигъмæ миты рагъыл цæст æрцахста цыдæр сау æндæрг. Уыцырдæм цалдæр къахдзæфы акодтон æмæ æрлæууыдтæн. Адæймаг. Йæ быныкъæйтæ банызтаид æви ацафон ардæм кæцæй æрбадзæгъæл? Дурфыцæны кусджытæй уыдзæн, æндæр цы. Æмæ дзы цыппар сахатæй фæстæмæ артæндзарæг æмæ хъалагъурæй дарддæр куы ничи вæййы, уæд сæ нозт дæр хицæнтæй куыд хъуамæ уыдаид, стæй дзы иу иннæйы фæкæсинагæй куыд хъуамæ ныууадза? Æниу сæ дыууæйæ кæцы тъайлагдæр уыдзæн — Хуыцау йæ зонæг. Хæстæгдæр æм цæуон æви мæ фæндаг дарон? Гъер марадз, цыма мын æнæуи дæр фаг нæ байрæджы, уыйау мæм ай та ма кæцæй æнхъæлмæ касти. Фæлæ йæ уадзгæ дæр куыд ныччындæуа миты рагъыл. Ноджы ма кæд зонгæ кæнæ хион у, мыййаг. Чифæнды куы уа, уæддæр æй ардыгæй хъæумæ æккойы фæхæссинаг нæ дæн; уæртæ йæ хъалагъуры æвджид бакæндзынæн æмæ хъарм къуымы арвитæд йе ’хсæв; бонæй та бар йæхи: кæд ын зонды æмæ фæсмоны хос разынид. Гъы, марадз, тæлфгæ дæр нæ кæны, сыстыны фæлтæрæн дæр, мæлæты æнæмæтæй ауагъта йæхи. Дызæрдыггæнгæ йæм хæстæгдæр бацыдтæн, Лæппын дæр мæ фæстæ уыцы хъуызгæ къахдзæфтæ кæны. Мæ хъустæ ацахстой лæмæгъ хъæрзын. Гъы, цыма йæ исчи топпытæм ныддардта, бануаз, зæгъгæ.

Йæ уæлхъусмæ бахæццæ дæн.

— Цæй карз уыди, уагæр, уыцы нозт, æфсымæр? Æви дæ ахуыйæн мæгуырау разынд?

Ай мæнæ ссæст æмæ æнахуыр сау хъулæттæ куы у йæ алыварс мит. Æргуыбыр æм кодтон. Туг. Тугæй амæст йæ гуыр æнæхъæнæй дæр; фæрсырдæм æнахуыр дыдагъæй хуыссы, иу къух йæ быны, иннæ иуварс æппæрст; кæцы ран цæф у, уый дзæбæх не ’взарын, æвæццæгæн, рахиз хъусы бын. Лæмбынæгдæр æм æркастæн. О, уырдыгæй лæдæрсы туг.

— Дада! — ныццарыдта мæ чъылдыммæ Лæппыны удайст цъæхснаг хъæлæс.

Фæлæ йæм фæкæсын мæ бон нал бацис: цæфмæ гуыбырæй куыд лæууыдтæн, афтæ галиу уæны нынныхсти судзгæ цыргъаг. Къурткæйы дзыппы ма хæрынкъайыл бæргæ фæхæст дæн, æрмæст йæ фелвасын нал бафæрæзтон, æнгуылдзтæ феуæгъд сты æмæ ма фæлдæхгæ-фæлдæхын ныхъхъæр ластон:

— Сывæллон... Сывæллонæн ныххатыр кæнут!..

Цыма йæ сæфты размæ адæймаджы фыд хæрынмæ чи бавнæлдта, уыцы дуне хатыртæ зоны, уыйау.

УАЦАУТÆ

Фисыны хæдзар

Мæзджыты цур автобусы æрлæууæны иумæ рахызтыстæм: Рая — раззаг дуарæй, æз — фæстаг.

Мит сыстад æмæ мартъийы дымгæтæм зæхх уайтагъд асур, фæлæ нæма базмæлыд — æууæнк нæй боныхъæдыл, нырма йæм цы зонд æрцæудзæн, уый бæрæг нæу: чи зоны æмæ уымæл тъыфылæй ныккала, чи зоны æмæ лыстæг фæлдзæгъдæн ралуара.

Ныхасгæнгæ скъолайы быруйы онг æрхæццæ стæм, æмæ сæ хæдзар куы разынди, уæд Рая æрлæууыд, цыдæр фæсмонхуызæй загъта:

— Цымæ уыцы бон Хуыцауæй фылдæр хæрзтæ цæуылнæ ракуырдтон, йæ тæккæ хорзæхыл куы уыдис, уæд?

— Æмæ кæд ахæм быгъдæгæй федтай арвы дуар, уæд дзы æххæст дæ сыхагæн дæр ракуырдтаис уыцы хорзæхтæй: халамæрзæн ма у, халамæрзæн — æрмæст дæхирдæм, фæлæ хырх — мæнæн дæр, дæуæн дæр.

— Уæд сыхæгтæ нæма уыдыстæм,— ныххудт Рая. — Дыууиссæдз азы размæ уыд хабар.

***

— Мæ фыдæн фыртæн та ма цæмæн райгуырдтæн, мæ цоты стонгæй мæлын куы бауадзон, уæд? — ныккæрзыд Быдыго, йæ бинойнаг фаллаг уаты хæрдхъуаг сабиты бафынæй кæныныл куыд хъуырдухæн кæны, уымæ хъусгæйæ: сызнæт сты, чысыл ницæуыл дæр тæргай кæнынц, кæуæг сæ былалгъыл бады, фынæй та æппын нал комынц цалдæр æхсæвы. Худæн дæр сыл нæй: кæд у, уæдæй нырмæ сæ гуыбын къæбæрæй нæма бафсæстой, стæй кæд бафсæддзысты, уый дæр бæрæг нæу — кæм æмæ кæм и нырма хорафон. Сæ тæригъæдæй лæджы фæрстæ куыннæ атонынц. Цы æмбары саби, «нæй» йæм нæ хъары, куы сæххормаг уа, уæд ын хæринаг ратт, æндæр ницы зоны. Хæрдмæ кæд ницы дзуры сæ мад, уæддæр куыннæ фæлмæцы уый дæр, бынтон æй куы стыхсын кæнынц, уæд сыл фæтъæлланг ласы, нал бауромы йæхи. Стæй уæд сусæг куыдæй æхсæв-бонмæ ныддæнгæл вæййы. Ницы дзуры хæрдмæ, уыны йæ — адæмыл се ’ппæтыл æмхуызон бон ис, фæлæ Быдыгомæ афтæ кæсы, цыма йын хинымæр уайдзæф кæны: «Лæг куы дæ, цот куы рауагътай, уæд сын сæ тæригъæдмæ кæсын куыд фæразыс, цæмæннæ исты æрхъуыды кæныс?»

Хистæр чызг, цастæ, фæлæ уæддæр æмбаргæдæр у, фыццаг аз цæуы скъоламæ, мады зæрдæвæрæн ныхæстæм фæсабыр вæййы, сом хуыздæрмæ æнхъæлмæ кæсы, афтæмæй та бонвыддæр æвзарынц. Цæй фидар сты йæ ныййарджыты фæрстæ, куыннæ атонынц, уый цæсты къуырфыты саутæм чи кæсы!

Абон дæр та пысырайы æууæрцъыйæ ахицæн бинонты æхсæвæр.

Уыцы хъугæн дæр ницуал æнтысы ныззайынмæ. Куы ныззайа, уæддæр æм кæрдæгафонæй раздæр æхсырмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй, стæй ма кæрдæгафон дæр тагъд йæхиуыл фæхæца; фæззæгæй нырмæ колхозы хуымты хъæллæгъы æвджид у рæгъау, цалдæр хатты йыл æрзылдысты иу фæлхæрд иннæйы фæдыл, ныр æмбухгæ æрбахæццæ вæййынц изæргæрæтты уыцы зæрдæсæттæн тæнхаудæй. Замманайы дыгæрдыг суæлдай кæнын бахъуыд зымæджы тæккæ хъызтыл, æндæра афонмæ уый дæр схъазыдаид. Уый аргъæй аирвæзтысты ныронг дæр, æндæр цы кæнæг уыдаиккой, уымæн ницы ахсы Быдыгойы сæр. Цы дыууæ мины æмæ æрдæг ма дзы баззад, уыдон дæр та бакъахыр кæнын хъæуы, иу нартхоры путы аргъимæ фæцæудзæн стыр базармæ.

Хорз æмæ фæхъарм кодта, пец æндзарыны сагъæс уæд та нал ис адæймаджы.

Дуар æнæхъинцъæй байгом æмæ уатмæ æрбахызт йæ бинойнаг Кудзиан, фæтæгены цырагъ йемæ не ’рбахаста, фæлæ йæ тыргъы стъолыл æрæвæрдта, гом дуарæй мидæмæ мынæг рухс кæны. Кудзиан йæ мойæн фынæй æнхъæл у, æмæ куыннæ райхъал уа, афтæ æнæуынæрæй цыдæр агуры шифанеры, куы иу тæрхæг басгары, куы иннæ.

— Бафынæй сты? — сдзырдта йæм Быдыго.

— Хъал куы дæ нырма. Дæ мидæггæгтæ дын, зæгъын, куы аудаин æххæст. — Дзургæ-дзурын цырагъ мидæмæ æрбахаста. — Сакинæты сапонæй æртæ джиппы райстон. Базары йæ нал уадзынц уæй кæнын æмæ абон сыхи-сых зылди чыргъæдимæ.

— Æнæбайрайгæ дзы фæуæд — йæ смагæй мæ улæфæнтæ нал фæкусынц, фæлтау сæ фæныкимæ аууæрд.

— Омæ ныр та фæныкгур фæцæуон, къуыри нæ пецы арт куы нæ уыди, уæд?

— Уыцы æхца ма фæкъахыр кæн?

— Нæ, дæ мыздæй ма нæм цы баззади, уымæй сæ балхæдтон.

— Уый бæсты дзы сывæллæттæн касаджы къус куы балхæдтаис.

— Уыдæттæ нæлгоймаджы хъуыддаг не сты æмæ сæ мæхи бар уадз.

Зоны йæ, бæргæ, Быдыго йæхæдæг дæр.

Зоны, дыгæрдыджы аргъæй ма цы баззад, уый дæр, фæлæ сыл цыма бафтын æнхъæлмæ кæсы, уыйау афарста:

— Цас ма дзы ис, цас?

— Цы уыдысты, уый сты — дыууæ æмæ æрдæг,— бинаг сул фæйлаугæйæ дзуапп радта Кудзиан.

— Хуыцаубоны, зæгъын, базармæ фæцæуон æмæ та иу нартхоры путы кой куы бакæнин. Стыр базары кæд асламдæр уаид.

Кудзиан йæ архайын фæуагъта, сыстад æмæ йæ моймæ разылд.

— Æз та, уæртæ лæг, цæуыл ахъуыды кодтон, уый зоныс? Фæлтау дзы цы цæуы, уый уыциу æлхæд куы бакæнис ахæм иугай путты бæсты.

— Æвзæр бæргæ нæ уаид, фæлæ дæ рæбыны фæстæмæ фæкастмæ иу капекк куы нæ уа...

— Фæстæмæ кæсыны бæсты фæлтау размæ акæс,— йæ хъуыры фæбадт Кудзиан. — Ардыгæй ног хоры фæзындмæ зынаргъæйзынаргъдæр цы кæна, æндæр фæасламмæ æнхъæлмæгæсæн нæй. Фыддæр рæстæджытæн ис скæнæн, уый дæ тынг уырны?

— Уæллаг нæ кæд сæфын нæ бауадзид,— йæхæдæг дæр кæуыл не ’ууæндыд, ахæм дзуапп радта Быдыго.

Ус ницуал сдзырдта. Æхсинæгтæ галиу дæларм, цырагъ рахиз къухы, афтæмæй дуар йæ фæдыл ахгæдта.

«Зæгъгæ дæр рæстытæ зæгъы,— иунæгæй куы аззади талынг уаты, уæд хъуыдыты аныгъуылд Быдыго. — Чи йын цы зоны, куыд уыдзæн æмæ цы уыдзæн ардыгæй сæрдмæ. Нæхи мæт мæ уыйас нæй, фæлæ цы фæуыдзысты сабитæ, хур дæрдты зилын куы байдайа, уæд? Ацы дзулы хабар дæр мæлæты æвзæр ссис фæстаг заман. Цал бонæн нæ радтой мартъийы? Фондз æви æхсæз? Æмæ йу бон дæ хай нæ райстай, уæд æй уый хыгъд дыккаг бон дывæрæй куы дæттиккой, уæд бæргæ. Мæгуыры зæрдæ сæнттæй хъал,— бахудт йæхиуыл. — Раст зæгъы Кудзиан: æлхæнгæ у, асламдæрмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй. Иннæмæй та цæттæ хойрагмæ кæм фæлæудзæн адæймаг? Æмæ цы уæлдай у, бинонты хъуыры нæ цæудзæн уæддæр? Рæстытæ дзуры Кудзиан, фæлæ уæддæр дæ рæбын сафтид кæн... Уæд та ма исты æрцыд хæдзарыл...»

Уыцы сагъæстæй йæ иуафон фервæзын кодта хуыссæг.

Хуыцауæхсæвмæ æрæййæфта йæ кусыны рад Быдыгойæн æмæ хæдзармæ куы æрбацыд, уæд йæ фæллад дæр нал суагъта, æрмæст йæ дзаумæттæ аивта æмæ уыциу фæдыл базармæ фæраст.

Амæй размæ хуыцаубоны куыд уыдис, афтæ ныр дæр та æртæ туманы нартхоры банкæ. Уый хæйрæг чи уыд, æндæр зымæджы дыууæ туманы цалынмæ кодта, уæдмæ дыгæрдыджы аргъæй уыциу æлхæд бакæнын хъуыди. Уæвгæ, афонмæ хæрд фæцадаид. Фыдгулæн та ма бынтон йæ рæбын сафтид уа. Æниу, хисайæнтæ сты иууылдæр. Ныр кæй балхæна, уый дæр фæуыдзæн, фондз бинойнаджы цæрын хъæуы.

Хоры рæнхъыл дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр æрзылд асламдæрыл бамбæлын æнхъæлæй Быдыго. Аргъ æмхуызон — цы нæхимæ урс нартхорæн, цы канадæйаг мыггагæн, цы бур нартхорæн. Æмдзырд бакодтой, æвæццæгæн, уæйгæнджытæ: сом суари ничи æппары. Цæмæн дзы хъуамæ аппара, æлхæныны фыдæй йын, куы нæ баззайдзæн, уыйас дæр куы уаид уæййаг.

Ай та цы уа? Картоф? Картоф циу, уый дæр нал зоныс, æви? Хуыскъæл у мæнæ. Килæ дзы бацæудзæн æви чысыл фылдæр цъуппамадæй, ахæм цъæлтæ æрхуы къусы.

— Цас кæныс дæ хуыскъæл?

— Ту-уман,— ивазгæ дзуапп радта низæфхæрд рæстæмбис кары сылгоймаг.

Гъы, туман! Туманæй къаддæр аргъ куыд ницæмæнуал ис.

— Цавæр туман у?! — ныддис кодта Быдыгойы чъылдыммæ чидæр. — Хуыскъæл йеддæмæ ма исты у?

Йæ хъæлæсæй йæ базыдта Быдыго: сапонуæйгæнæг Сакинæт. Нæдæр станцæйы раз алыбоны гыццыл базарæй цух кæны иу хатт, нæдæр хуыцаубоны стыр базарæй.

— Йæ къахыны æмæ уидзыны фыдæбон ын нал нымайын, фæлæ Цæллыккæй ардæм къуыппыты-дзыхъхъыты афтид лæгуæрдонимæ дæр куы рараст уаис, уæд дæм дæ туман ахæм кадджын нал уаид. Ды дæ лæхъир сапоны джиппæн аст туманы куы æрдомыс.

— Æмæ дын æй тыххæй искуы балхæнын кодтон?

— Дæ хъал мыл куы нæ калис, кæд дын, мыййаг, æз дæр æнæбары нæ хъарын мæ хуыскъæл.

Цымæ ма дыккаг ахæм æнæхайыры сылгоймаг сфæлдыста Хуыцау: йæхи кæм нæ фæтъысдзæн æмæ масты хай кæй нæ бакæндзæн, ахæм нæй. Низ уа æви удыхъæд?

Бур нартхор рагæй фæстæмæ дæр айдагъ холлагæн сагътой адæм, фæлæ ацы канадæйагæй, иронæй хуыздæр кæцы уа? Канадæйаг задæн æмæ къæлуайæн æмбисонд хуыдта нана. Зады сæр мæ тагъд цыма нæ бахъæудзæн, афтæ йæ банымайæм. Къæлуайы хæрд та хæрдыл чи нымайы. Нæ, уæддæр дзы кæрдзинагæн æмæ касагæн нæхимæ иронæй хуыздæр нæй, нуарджын, донгондæй дæр цæуы йæ хъуыддаг æмæ æнхъизæнимæ дæр. Æнæ æхсырæй дæр ацæудзæн йæ касдон — ахуыйæнцух къæбæр бынтон æбæркад у.

Йæ къæхты фыдæбонæн у ацы æнæхъуаджы разил-базил, æндæр ницы: иугæр æртæ туманы кæм сфæрæзтой, уым дзы капекк ничиуал аппардзæн. Уæддæр хорз æмæ балхæнынмæ кæй ис. Фæлтау цалынмæ базардзаутæ нæма ахæлиу сты, уæДмæ иу зонгæ уæрдонджын ссарон.

Уæрдæттæм куыддæр бахæццæ, афтæ та ауыдта Сакинæты: саурихи лæппулæгимæ кæйдæр бричкæмæ фæхæссынц æлхынцъбаст уæззау годлаг; цæсгомы руаджы бафтыдтаид хæссыныл зонгæцы-æнæзонгæйы; лæппуйы бакастыл бæрæг у: гъа, уæззау уаргъ дын хæссын, уый ницы у, фæлæ ма дæ дзæнгæдайæ рæвдздæр куы фервæзин.

— Хæрынæн æй чи æлхæны, ахæмтæ дæр бирæ ис,. фæлæ йæ æз мæ хъыбылтæн райстон туджы аргъыл — хуылфхæлд фесты, мæгуырæг, æнтыдæй...

Уæдæ, уæдæ, æниу дыл исчи баууæнддзæн, хæрынæн куы зæгъай, уæд дæр: Гуытъиаты ссадыл дæр не ’рвæссыс. Немыцы куырой куы нæ уа, уæд. Æмбисаргъыл райстаид уыцы усæн йæ хуыскъæлы голлаг, æндæр цы.

Фæлæуу-ма, фæлæуу, лæвар куы у хуыскъæл Цæлыччы, уды фыдæбон йеддæмæ йыл куы ницы хъæуы, æз та къуххъуаг, къаххъуаг куы нæ дæн. Уагъд рæстæг дæр — табу Хуыцауæн, уыцы хорз уаг ис æфсæнвæндаджы — дыууадæс сахаты бакус æмæ æнæхъæн бон уæгъд, æхсæвы рад дæ куы æрæййафа, уæд та — дыууæ боны. Гъе фæлæ Беслæны хъæуæй Цæлыкмæ... Фистæгæй? Курæггаг уæрдонæй? Æмæ йæ иу хатт ракурдзынæ, дыууæ хатты. Стæй та? Нæ, фæлæ мæ цæстытæ фæцъынд кæнон. Уыцы цыппар путæй дæр кæдмæ аирвæздзыстæм? Ласгæ йæ мæхæдæг ласдзынæн, уæй кæнынмæ та-иу Кудзиан æрлæууæд. Кæд нæ ауæй уа, уæд дæр нæ фесæфдзæн — хъугæн холлаг. Уæдæ йæ сывæллæттæ дæр фыццаг бонты кæрдойау адджынæн хæрдзысты. Дæ цæрæнбон бирæ уа, Сакйнæт, ай дæ бынтон дзæгъæлы ме сæфт куы уыдтон: ды куы нæ уыдаис, уæд мæ сæр никуы æрцахстаид.

Фосы базармæ байста йæхи. Æмхуызон цола хъугæй, родæй, сæгъæй, фысæй; адæмæй фыддæр бон та уыдоныл бакодта, уæлдайдæр ардыгæй кæрдæгафонмæ, уыцы бонзонгæ æнкъардæй лæууынц, цыма уасынæн дæр нал сты, уыйау, æрмæст ацы æнæзæгъинæгты цъæхснаг кæнæ хуыдуг хъыллист цæуы алырдыгæй.

Быдыго æппынфæстаг бахæццæ, цы агуырдта, уымæ: тæнтъихæг, фæлæ сæрæнарæзт фæныкхуыз хæрæг зæронд уæрдоны ифтыгъдæй. Йæ æнгæсæй бæрæг сты йæ хъуыдытæ: сымах гуыбынæй æддæмæ цы бирæ сагъæстæ æвдæрзынц, уыдон мæнмæ нымады дæр не сты, уымæн æмæ мæ урс мукъутыл уайы мæнтæджы тæф; сымах æмбудæнæй рæвдз не стут, фæлæ йæ æз хатын: йæ уидаг раджы базмæлыд зæххы мидæг, абон куы нæ уа, уæддæр райсом йæ сæр сдардзæн, æмæ уæд алкæмæн.йе ’мбисонд йæхи хай, сæрдмæ та-иу сымах æнхъæлмæ кæсут. Йæ хъуыдытæй йæ зæрдæ барухс, мидбынаты базмæлыд, риуы цас цыд, уыйас уæлдæф баулæфыд, йæхи бæргæ æрцæттæ кодта «хъихъхъо-о», зæгъгæ, æнæкæрон даргъ ауадзынмæ, фæлæ йын раст тæккæ уыцы уысмыл йæ хицау йæ тæн ехсы хъæдæй фæцагайдта æмæ ферхæцыд, æрмæст ма дзы цыдæр æнахъинæгон футтытæ сирвæзт æхснырсæгау.

— Гъерры, бйрæгъы амæттаг фæуай!

Быдыго хæрæджы хицаумæ йæхи хæстæгдæр байста. Сырхцъар æмæ цъæхдзаст лæг, Быдыгойæ дзæвгар хистæр; йæ æнæдаст бурбын хил æдзæллаг фистхуыз; уæлдзарм худы хъустæй иу алгъы дыдагъæй тъыст, иннæ æрзæбул æмæ уæгъд дзедзыкка кæны; рахиз къухы амонæн æмæ. астæуккаг æнгуылдзтæй хитыхт тамакойыл хæцы, кæстæр æнгуылдзтæ къленц пакагонд.

— Уæййаг у дæ хъилхъус?

— Уæймæ æвгъайуаг,— Быдыгойы уæхсчы сæрты кæдæмдæр æдзынæг кæсгæйæ дзуапп радта хæрæджы хицау.

— Æз дæ æцæгæй фæрсын.

— Уæййаг йеддæмæ цы вæййы базары?

— Уæд та ма дзы, зæгъын, исты æрбаластай.

— Ласинагæй мæм ницуал ис не ’фсинæй æддæмæ, æмæ уый та æгæр фæдæрдджын — хуынкъ суари дæр ын ничи ратдзæн.

— Уæдæ йын йæ фæстаг аргъ зæгъ.

— Æфсинæн æви хæрæгæн?

— Уæллæй, æвдæлон у дæ ныхас.

— Дæу дæр цыма уыцы æнæвдæлонæй нæ уынын.

«Цы кусыс, Быдыго, сæрæй фæцух дæ æви дæ сабиты хъуырæй æцæгдæр стонис къæбæр? Æмæ йæ мæхицæн хæрынæн куы нæ æлхæнын хæрæджы, уыдоныл куы у мæ сагъæс».

— Зæгъ ын йæ фæстаг аргъ.

— Æртæ.

— Цав-вæр æртæ у?! — йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой Быдыгойæн. — Æртæ минæй дыууæ цæды галтæ куы балхæндзынæн!

— Ахæццæ дæ Микъалайы замантæм.

— Æгæр ныццавтай — æртæ!

— Æртæйæ къаддæрыл дуцгæ сæгъ дæр ничи ратдзæн. Мæнмæ гæды ныхас нæй.

— Аппар дзы.

— Аппар, и? Дзæбæхдæр ма йæм æркæстытæ кæн, кæд æцæг æлхæнæг дæ, уæд.



Просмотров 1201

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!