![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 45 часть
Стæ-ма, кæд ирон мыггагæн уый бæрц не сты йæ уидæгтæ æмæ уымæн афтæ лæмæгъ у дымгæйæн. Нæ базивæг кодта æмæ кæрдзинаг нартхор кæм æркарста, уырдæм бацыд. Куыннæ стæй! Дзуццæджы æрбадын дæр æй нæ бахъуыд — зæххы бынæй уæлæмæ зынгæ дæр нæ кæны йæ уидаг, уæд дын куыд хъуамæ ма афæлдæха бындзарæй фыдуаг зилгæдымгæтæм? Кæд хур нæма ракаст, уæддæр нартхоры сыфтæр фæсурбын. Абон уал æгъгъæд у кæрдынæн — мигъ кæд нырма бæзджынæй бады, уæддæр цалдæр минуты фæстæ хурæн æнæ ракæсгæ нæй. Кæртмæ æрбахызт, æхсырф хордоны шиферы бын атъыста, бæмбæджджын раласта æмæ фæстæмæ цæхæрадонмæ ацыд: йæ иу къухы ныллæг бандон, иннæйы — чыргъæд. Уæдмæ йæ тæккæ сæрмæ арвы цъæхæй иу мусуат разынди, мигъ бынтондæр фæфæлурс, фæйнæрдæм алæбырд æмæ хур æцæгдæр ракасти. Кæройнаг куырисы фарсмæ æрæвæрдта бандон æмæ æхсæдыныл балæууыд Мырза. Базар рахæлиуæн нырма раджы у, уæддæр уынджы ’рдæм дæр йæ зæрдæ æхсайы — мыййаг, машинæйы уынæр куы нæ фехъуса сыфтæры сыбар-сыбурмæ. Рæстæггай йæ куыст дæр фæуадзы — уæд та ма чидæр кæронмæ нал банхъæлмæ каст æмæ хуыздæрæнхъæлæй йæ уæййагимæ хъæууынгты æрзилынвæнд скодта. Байхъусы æмæ та æхсæдынмæ бавналы. Нæ, хъуамæ йын ма аирвæза: алы куырисæй дæр æнæхъæн чыргъæд æвзæры æмæ фондз минутæй фондз минутмæ тыннывæндæгау дыууæрдæм кæны Мырза: цæхæрадонæй — кæртмæ, кæртæй — цæхæрадонмæ. Æгæр уымæл у нырма нартхор, фæлæ йын уæддæр уадзæн нал ис: боны хурмæ цы ахус уа, уый æхсæвы æртæхæй фæстæмæ бауымæл уыдзæн. Ноджы куыд фæстæдæр хуры хъару сæтдзæн, æртæх та тыхджындæр кæндзæн, уалынмæ халас дæр расайдзæн. Урс нартхор цас хусдæр уыди — рогæн-иу фелвæста тæскъ, ауыл та схæцын хъæуы. Згъалынмæ дæр нæма бæззы: уырзы бын йæ æхсыр лæдæрсы. Къутуйы бафснайынмæ кой дæр нæма ис. Сара дæр æгæр æмыр æхгæд у æртæрдыгæй, дымгæ йæм ницы уадиссаг фæхæццæ уыдзæн, кæд уым æфснайддæр уаид, уæд дæр. Йæ тæккæ бынат — хæдзары рæбын бетонгонд хурварс. Раст зæгъын хъæуы, фыдæбон ыл уæлдай фыдæбон уыдзæн: цалынмæ хур уа, уæдмæ йæ ратæнæг кæн, изæрырдæм æй рæбынмæ бамбырд кæн æмæ йæ шиферæй иувæрсыггонд æрæмбæрз, æхсæвы æртæх æмæ йæм æнæнхъæлæджы къæвда куыннæ фæхæццæ уой, афтæ. Райсом дæр та йæ рахæлиу кæн æмæ изæрырдæм ногæй æрæмбæрз. Иннæбон дæр... Уæлдай фыдæбон та ма куыннæ у, фæлæ лæг фыдæбонæн райгуырд. Уæдмæ кæд схус уаид. Уæдæ базивæг кæн, уыциу калдæй йæ къутумæ бакал æмæ замманайы фыдæбон бамбидзæн. Лæгæн йæ фæллойæ йæ зæрдæ куы рухс кæна, уæд дзы ай æцæгдæр куы нæ фæлмæцы. Æмбисонд басгуыхт, æвæдза, зайынмæ: кæрты æмбис йæ быны фæкодта тæнæггондæй. Уæдæ дзы тонинаг дæр нырма дыууæ боны куыстæй къаддæр нæй. Цæхæрадонæй — кæртмæ, кæртæй — цæхæрадонмæ. Мæнæ ма æххæст ацы фондз куырисы бахсæда, æмæ уæдмæ сихорæн дæр афон уыдзæн. Абонсарæй йæ хъус дары, уæддæр ыл сайд æрцыди — кæй снымадта, уыцы фондз куырисæй фæстагмæ куыд бавнæлдта æхсæдынмæ, афтæ йæм сыбар-сыбурæй машинæйы уынæр нæ фехъуыст. Бæргæ разгъордта, фæлæ цадынмæ уынгмæ рахæццæ, уæдмæ машинæ тигъы аууон фæци. Йæхицæн ма зæрдæ авæрдта: кæд цывзыйы сыфтæ уæйгæнæг нæ уыд. Бæгуыдæр нæ уыдаид, æндæр афтæ тырындзæй куыд æрсыххуытт ласта, æнæуый уасгæ æмæ æрлæуæрлæугæнгæ куы фæцæуы. Кæй дзы афæрса, ахæм дæр ничи зыны — уынгты бадынтæм никæй æвдæлы. Зæрдæ æхсайыны бæсты тигъæй акæсын хъæуы йæ фæдыл, уæд та ма искæй дуармæ лæууы. Йæ къæбыла Хъулон фæндагамонæгау йæ разæй фæраст. Тигъмæ нæма схæццæ, афтæ йæ хъустыл ауад Сонайы æрдиаг: — Гъер ма ахæм диссаг уа!.. Цы диссаг та ссардта, цымæ? Йæ фырцымыдисæй диссаг цы нæ уа, уый дæр сдиссаг кæны. Тигъæй скасти Мырза. Иунæгæй куы лæууы сæ дуармæ, уæд кæмæн йæ диссаг дзура? Æниу, сылгоймаджы та ныхасæмбалы сæр цæмæ хъæуы? Уæдмæ Мырзайы ауыдта. — Гъер ма ахæм диссаг уа: туман ын бавæрæггаг бафыстон, туман — ласæггаг, йæхæдæг ныххоста æмæ афардæг. Æз ын: «Фæлæуу, искæмæ фæдзурон æмæ йæ æххæст мидæмæ байсæм». Уый мын: «нæ мæ ’вдæлы байсынтæм, æнæуый дæр мын байрæджы». Уæд ма ахæм диссаг уа! Йæ цуры дæргъмæ сардзин, уæрхмæ сардзины ’рдæг чи уыдзæн, ахæм цыппæрдигъон чырынгонд хъæддых гæххæтты тыхтæй, йæ тигътæ та, куыннæ фæцъула уа, афтæ фæйнæджы уадздзæгтæй фидаргонд. Уæдмæ йæм Мырза дæр бахæццæ, æркæстытæ кодта æмæ тыхтон базыдта: хайгай æвæрд шифанер. — Чи уыди, чи, кæмæй зæгъыс? — Шофырæй, æндæр кæмæй? Ласæггаг ын æнæхъæн туман бафыстон, йæхæдæг мын æй гуыффæйæ æруагъта æмæ йæ мæнæ ам фæлдæхтæй ныууагъта. Йæхæдæг афардæг. Ныр æй кæимæ сисон? Цастæ бамбарын хъуыд Мырзайæн, сылгоймаджы ныхас кæцырдæм фæзылд, уымæн. Уæддæр йæхи нæхъусæг скодта æмæ ма йын йæ мастыл цæхх дæр айзæрста: — Заманхъуйлаг уыдаид. Заманхъуйлаг хæрæфырт у Сона æмæ йæ мадырвадæлтыл къæм абадын никуы уадзы. Мырзайæн та Сонайы амæстæй марыны охыл уыдоны рафауынæй хуыздæр мацы хорз ракæн. Ныр афтæмæй йæхæдæг дæр уырдыгон хæрæфырт у. Æндæр хатт æм æнæ фæкъæпгæнгæ нæ фæлæууыдаид Сона, фæлæ ныр æлхыскъ нынныхъуырдта; лæгъстæйаг ын у: дзаума иуæй мидæмæ байсын хъæуы, иннæмæй — æрæвæрын. — Хъæугæ дæр мæ цæмæн кодта мæн, мæхи зæронд шифанер дæр мын фаг у, цы дзы сæвæрон, уый мæм куы уаид. Женя йæм бацыбæл, æндæр мæн æппындæр ницæмæн хъуыд. Фатеры йæм цы сылгоймаг æрцард, уымæй зæгъы. Ахуыргæнæг. Дыууæ мæйы бæрц æм цæры. Сых æй иууылдæр уайтагъд базыдтой, йæхæдæг се ’ппæты уæвгæ дæр нæма зоны, хатгай йын фемхæццæ вæййынц: зонгæ нæ, фæлæ сæ уынгæ дæр нæма фæкодта. Кæуыл бамбæлы, уыдонæн иууылдæр хъæлдзæгæй салам дæтты, кæд æндæр сыхтæй æрбафтæг вæййынц, уæд дæр. Цалдæр хатты йæ Мырза дæр федта кæм дардмæ, кæм хæстæгмæ: кæй уарзы, ахæм худæндзаст æмæ къæйныхæнгæс. Шифанеры кæроныл схæцыд Мырза — мæлæты уæззау у. — Раст ын æй уынджы астæу ныууадз, æндæр ницы. Ме ’ккойы мын æй баппæрста, æз, дам, автобусы дæр ацæудзынæн, гуыффæйы мæ дымгæ фæхойа, уый бæсты. Тæхуды, искуы дæхиуыл афтæ бацауæрдын дæр базон. Адæймагыл, дам, тæрхоны бон æппæты разæй йæхи уд бахъаст кæны, дарын мæ нæ базыдта, зæгъгæ. Ныр ын цы кæнон, уæдæ — дыууæйæ нын нæ бакомид байсын? Фыдцъылыз сылгоймагмæ дæр бакаст Мырза, шифанермæ дæр. — Дыууæйы сæр дзы цæмæн хъæуы: æрбадар ма дæ фæсонтæ, æз дын æй сæккой кæнон. — Цæй-ма, дæуæн та алцы хъазын у!.. — Уæдæ йын цы хъуамæ демæ бакæнон, ай мæнæ бетон къæйæ уæззаудæр куы у,— сбустæ кодта Мырза. — Йæ кæнæг иунæг кæй нæ уыди, уый бæрæг у: цалæй йæ кодтой, уалæй йæ мидæг сты æнæхъæн бригад. — Йæхæдæг ма рæвдздæр куы æрзынид уыцы сыл... — Йæхæдæг дæр нйцы æмæ дæхæдæг дæр. Марадз, фæлтау Мурикмæ суай, кæд сæхимæ разынид. Сæхимæ разынд. Уайтагъд æрхæццæ ис Сонаимæ; дæргъæйдæргъмæ, сыхы мидæг уымæй бæрзонддæр ничи ис, æнæхъæн хъæуы дæр кæд æрмæст Батыр разына; тæнтъихæг, æнæ уæлдай дзидзайы мур, къабазджын, зæбулфындз. Йæхицæй æнæзивæгдæр нæй фæкæсынмæ æнæхъæн сыхы, зæгъон, æмæ æгас Зилгæйы дæр; иугæр æм бадзур, æндæр йæ хæдзары ахсджиаг хъуыддаг дæр ныууадздзæн æмæ уайтагъд дæ уæлхъус æрбалæудзæн. — Гъер мæм мæнæ ай тыххæй дзырдтай? Æмæ йæ æз мæ дæларм куы бахæсдзынæн иунæгæй! — æххæст нæма æрбахæццæ, афтæмæй йæ хъæлдзæг ныхас йæхицæй фæраздæр. Фæлæ кæронырдыгæй куы схæцыд, уæд хорзау нал фæци, фæстæмæ йæ хъавгæ æруагъта зæххыл. — Мæнæ цы уæззау у, мæнæ — æй, дæ хицау! Иннæ кæроныл дæр схæцыд рогдæрæнхъæлæй æмæ та йæ æруагъта. Мырза йæ къухтæ йæ чъылдымыл сæвæрдта, афтæмæй йæм мидбылхудгæ кæсы. — Цæй, цы? — Сисæм æй, æндæр цы! Уæд мæм дæ къухтæ дæ синтыл ныккæс. — Æмæ йæ иунæгæй дæ дæларм бахæссинаг куы уыдтæ. — Ма-ма хынджылæг кæн, схæц дæ разы, уый дын! Фæйнæ кæроныл схæцыдысты. Иугæр зæххæй куы фæхицæн, уæд сисæн кæмæн нæй, ахæм уæззау нæ разынд — дыууæ лæджы хъару дыууæйы хъару у. Муриччы ’рдыгæй кæрон бæрзонддæр у, æмæ Мырзайыл фылдæр уæз æнцайы. — Араст стæм! Мурик — разæй, Мырза — фæсте. Сона сæ алыварс скатай, куы иуырдыгæй бауайы, куы иннæрдыгæй, æнæхъуаджы дзырдæппарæнæй хъыгдарыны хос циу, æндæр æххуыс — ницы. — Иннæрдæм ма йæ уæд та æрзилут, кæд рогдæр уаид. — Ма йæм хъус, Мурик, куыд хæцæм, афтæ рогдæр у — тъæпæнæй. Цæугæ, цæугæ! Йæ цæнгтæ æртонынц Мырзайæн, бæрзæйы туг ныббадт, фæлæ дын йæ сæрмæ ма ’рхæсса æрæвæрыны кой. Ацы дæргъындзæгæн та циу — размæ уыцы фæтæн санчъехтæй лæгæрды... Кæрты мидæгæй фесты, табу Хуыцауæн. — Мурик, уæ фæллад уал суадзут,— æрбадзырдта сæм фæрсырдыгæй Сона. — Фæкъуыллауæй йын тæрсыс æви цы Мурикæн? — сбустæ йыл кодта Мырза. — Марадз, фæлтау уаты дуар фегом кæн, æрæвæрын æй куыд нал бахъæуа, афтæ. — Æ, банцъылай! Фæлæ йæ уæддæр æрæвæрын бахъуыд схизæны къæпхæнты цур: сæ бынæттæ куы нæ баивой — цыбырдæр Мырза разæй, даргъдæр Мурик та фæсте, уæд нæ сарæхсдзысты схизынмæ. Уаты астæу æй æруагътой. Сæ дыууæйæн дæр сæ лæф-лæф ссыд, афтæмæй лæууынц. — Хуыцауы салам уыл сæмбæла — ахсæв уынджы баззадаид, сымах куы нæ уыдаиккат, уæд! — арфæтæм фæцис Сона. — Ныр ын исты амал кæндзыстæм Женяимæ. Кæм ис, цымæ, нырмæ, дæ тæккæ фæстæ фæцæуын, куы загъта? — Марадз-ма,— йæ фындзы рагъæй хиды фæрдгуытæ асæрфта Мурик,— фæрæт радав, æххæст æм æркæсæм, нæ фыдæбон цæуыл уыди. Уæд та ма дын бæрзы къодæхтæ батыхтæуыд хъæбæр гæххæтты. Йæ уæрагыл æрæнцой кодта, афтæмæй фæйнæджы уадздзæгтæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнынмæ февнæлдта Мурик фæрæты комæй. — Сабырдæр æвнал, фæцъæррæмыгъд уыдзæн,— сдзырдта йæм Мырза. — Къухы бынмæ ма дзур, мæхи бар мæ уадз. — Мæлæты хæрзарæхст,— мæстæй йæ мары Мырза. — Æрима, мæн бауадз, цалынмæ дæ къух нæ фæцъист, уæдмæ. — Къухы бынмæ ма дзур дын нæ загътон? — хæрдмæ дæр æм нæ кæсы Мурик, фæйнæджытимæ архайы. — Схæц ма иугыццыл уæртæ фаллаг тигъыл фæлтау. Фæйнæджытæй къæлæтгонд феуæгъд. Гæххæтт райхæлдтой. Тарморæ лакæй ахуырст хъæдын къæйтæ æрттывдтытæ калынц. — Амондджын дзаума йæ Хуыцау фæкæнæд,— æрдзуццæджы æмæ лæгъз къæйыл йæ къух æрхаста Мырза. — Цасы аргъ у? — Æстдæс туманы æмæ фондз сомы,— йæ фæдджийыл бындæр æрхæцыд, афтæмæй сæ цуры æрбадт Сона дæр. — Ноджы ма туман — æвæрæггаг, туман та — æрласæггаг. — Уый дын гъе! Иу дæр — туман, иннæ дæр — туман, и? Хæсты заман та ралæууыд фæстæмæ æви туманæй дæлдæр хъуыддаджы куы ницуал цæуы. Уæд ма уыдй афтæ: ссады банкæ — туман, махоркæйы агуывзæ — туман. — Ныууадз ма дæ хъуыр-хъуыр. Фæлтау февнал æмæ йæ æххæст саразæм. — Нæ, нæ, цы йыл уæхи тухæнæй марут, кæй йæ æрбахастат, уый æгæр дæр ма у. Ныр ын исты амал уыдзæн. Мерон дæсны у ахæм куыстытæм. — Мерон та ма дзы кæцы у? — бакаст Мырза Мурикмæ. Уый йæ уæхсчытыл схæцыд: ницы йын æмбарын дæуæй уæлдай. — Женяйы æфсымæр. Инженерæй кусы горæты. Алы къуырй дæр æнæабæрæггæнгæ нæ фæвæййы Женяйы... — Ау, æмæ ныронг дæр сæ дарæг Мерон уыд Къуымы сыхæн? — фæхъыг Мырзайæн. — Æви инженер куы нæ уа, уæд махыл не ’ууæндыс дæ шифанер. — Цæмæн зæгъыс? Уæздан адæймаг у... Ноджы хъыгдæр та уыцы ныхас фæцис Мырзайæн: ома, инженерыл фидауы, фæлæ сымахæй та чи кæд равдыста уæздандзинад. — Дæ зæрдæ йæм.фехсайдта, цыдæр у? — Æ, банцъылæй — сывæллон лæппу нырма. — Кæд дзы уыцы къуылымпы йеддæмæ ницы ис, уæд инженер чи у, уый ахæм æнахъом сывæллон нал уыдзæн, æмæ сылгоймагæн йæ тыхст ма сараза. — Æ, банцъылай! Мурик ницы дзуры, сабыргай худы: Мырза кæм уа, уым æм ныхасы бар кæнæ æрхаудзæн, кæнæ — нæ. Шифанер хайгай исы йæ тыхтытæй. Мæнæ йæ чъылдымы фанер, йæ фæрстæ, йæ сæр, йæ бын, къæхтæ, æвдузæнтæ, тæрхæджытæ; зæгæлæй, лæсгæрæй, дуары хæцæнæй — целлофан дзæкъулы бæстон тыхт. — Инженер! Цæмæ хъæуы мах инженеры сæр? И, Мурик? Уæд та нæхæдæг февналиккам? Ахæм куыст никуыма кодта Мырза, кæд æй уæвгæ дæр нæ бахъæудзæн, уæддæр бацыбæл — сарæхсдзæн æви нæ? Инженеры фыдæнæн. — Уæллæй, æз ахæм инженертæ зонын, æмæ дзæбугæн йæ хъæдыл хæцгæ у æви йæ сæрыл, уымæн ницы æмбары. И, Мурик? — Инженертæ дæр алыхуызон вæййынц. — Æз дæ уымæй нæ фæрсын. Февналиккам, зæгъын? — Куыд дæ фæнды, афтæ. Мурикæн дæр куыннæ ис ахæм ахъаззаджы бон йæ цæхæрадоны куыстæгтæ, фæлæ æфсæрмæй ницы сфæрæзта ской кæнын. — Цæуон, уæдæ, æз, æмæ аркъауæй, æндæрæй цы хъæуы, уыдон сдавон нæхицæй. Мырза рацыд. Сона дæр феддæдуар æмæ нартхоры гагатæй кæрчыты сæ бадæнмæ сайы: «Дзип-дзип-дзип!» Æ, иу дæр уæ мауал баззайæ, æнæуый адæймаджы уæ быны куы скæнут! Дзип-дзип-дзип!..» Уалынмæ дзы иуы «хъиахъ» фæцыди. Хъæдын къæйтæ кæрæдзийыл бары Мурик — чи дзы кæуыл хъуамæ сбада. Уæдмæ кæртæй Мырзайы ныхас æрбайхъуыст: — Уый та ма дзы циу? — Мæ зиууæттæн, зæгъын... — Æмæ цалынмæ æз цыдтæн, уæдмæ гуыбыны хардзыл бафидыдта уыцы дæргъындзæг, мæ разы дзы ахæм койæ куы ницы уыди? — Гъей, ныззыввытт ма йын лас йæ карк, стæй йæ уæд мæн æфсон фæкæнут! — къæсæрæй сæм ракаст Мурик. — Цæй-ма, сæргæвд æй, Мырза, ма хъус уымæ. — Æри-ма, уый дын æргæвст! — Нæ, нæ! — Карк йæ дæларм, афтæмæй иуварс фæзылд Сона. — Мæрдты мын цы иунæг мадызæнæг ис, уый хатырæй мын æй ма сдзырддаг кæн... — О, цæй, æри, дæ бæдулы тыххæй цалынмæ суанг Барастырæн йæхимæ нæма бахæццæ стæм, уæдмæ. Сæрдасæны хуызæн цыргъ иуæвзагон хæрынкъа йæ дзыппæй систа Мырза æмæ бæдулы кæрты фæскъуым хъыбыллæйы ’рдæм æрæвæрдта, иу къахæй базыртыл æрлæууыд, иннæйæ — къæхтыл. «Бисмиллагъи» загъта, стæй уæд бæдулæн йæ туг иууылдæр цалынмæ ралæдæрст, уæдмæ банхъæлмæ касти, йæ къæхтæй йæ систа, сæрдæлгоммæ дæр ма йæ исдуг фæдардта, сæр базыры бын фæтъыста æмæ бæдул тымбылæй Сонамæ радта. — Цывзыйы сыф уæйгæнæг машинæмæ дæ хъус фæдар, мыййаг, куы фæзына,— бафæдзæхста сылгоймагæн, йæхæдæг мидæмæ бахызт. Шифанерæн йæ бын, йæ фæрстæ æмæ йæ чъылдым куы срæвдз сты,уæд фæзынди Женя дæр. — Ай нæм зиууæттæ куы ис, æмæ æз куы ницы æмбæрстон. Уый зонгæйæ афонмæ раджы фæзындаин. Хæстæгмæ йæ фыццаг хатт федтой дыууæйæ дæр. Худæнбыл, худæндзаст, нарæгастæу, мыдхуыз къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ йын. Асæй раст Сонайы йас, æрмæст тыппырдæртæ, æмæ уымæ гæсгæ Сонайæ ныллæджытæдæр зыны. Дæс æмæ йыл ссæдз цæуа æви фынддæс æмæ ссæдз? Йæ иударон дзаумæттæ нæлгоймæгтæй æмбæхстытæгæнгæ феддæдуар æмæ сæ кæмдæр сарайы къуымы аивта, уайтагъд хæдзары зылдтытыл фæцис. Арт у æмæ арт — йæ фезмæлдыл цæст нæ хæцы. Кæд цалдæр æхсæвы фæд-фæдыл фæуазалтæ, уæддæр уаты пец нæма бандзæрстой сылгоймæгтæ æмæ сарайы у сæ архайд. Уырдыгæй хъуысы сæ мынæг ныхас æмæ чыр-чыр, тебæйы хыррытт, къус-къоппы дзыгъал-мыгъул. Хойраг срæвдз, фæлæ дыууæ нæлгоймаджы куыст нæма фæцис — уæхскуæзæй дзы ницы ис, æрмæст лыстæг зæгæлтæ здухыныл бирæ рæстæг хардз цæуы. — Нæма фестут? — æрбауад сæм Сона бæрæггæнæг. — Науæд чъиритæ ныууазал уыдзысты. Æви уал хæргæ акæнут æмæ уый фæстæ дæрддæр кусдзыстут. — Цæй, кæд дын хæдзары сæр, мыййаг, не ’вæрæм. Дарддæр æргъæвыныйас нал у — фæвæййæм. Сылгоймæгты кæм бафæндыд, уыцы къулы рæбын æрæвæрдтой шифанер. Мырза йæ кусæнгæрзтæ биноныг батыхта. Сæ къухтæ цæхсадтой. — Кæм уын æрæвæрон — уаты æви тыргъы? Сарайы æгæр уазал куы уа, изæрырдæм у, æмæ? — фæрсы Сона. — Тыргъы се ’ппæтæй хуыздæр уыдзæн. Мурик ницы, фæлæ æз кæм тамако дæр сдымын, кæм æндæр исты хъуыддаг дæр. Нæма æрбадтысты, афтæмæй Терезæйы ныхас кæртæй æрбайхъуыст: — Куыддæр Хъулоны уæ дуармæ бадгæ ауыдтон, афтæ ма мын æй цы бамбарын хъуыди, махбн дæр ардæм кæй æрбафтыд. Науæд æй кæм хæдзари-хæдзар агуырдтаин. — Æмæ йæ хæдзари-хæдзар цы агурыс? Нæ йæ зыдтай, бадджытæ кæм сты, уым агургæ у, уый? — дзуапп ын рздта Женя. — Ах-ах! — йæ сæрæй кæрты ’рдæм ацамыдта Мырза; бæрæг у: Женяйы хъæлдзæг ныхас йæ зæрдæмæ фæцыд. — Æй, дæ хицау! — хъæрæй ныххудт Мурик. — Цы ми кæны, цы? — тыргъмæ схизæнæй дзуры Терезæ. — А, Мурик дæр ам куы ис... Шифанер балхæдтай? Стæ-ма, хæстæгдæр æй фенон. Мæнæ цы дзæбæх у! Амондджын æмæ йæ æнæмасты дзаума фæкæнæд Хуыцау. Мах та, цымæ, кæд балхæндзыстæм? Йæхицæн дзурæгау кæны, фæлæ йæ моймæ хауы ныхас; уый та йæхи ницымбарæг скодта, æндæрырдæм ахæцыд: — Бинойнаг дзы ахæм куы нæ уа: кæсут, æрхъæцмæ мыл нæ хъæцы. — О, цæвиттон, дæ мæтæй мардтæн! — Уæдæ дзы Муричы агурæг дæр куыннæ ис? — æнæуый дæр ардыдæй уæлдай цæу Терезæ, Сона та ма йыл арт æндзары. — Мурик афæдз куы фæуа æддæ, уæддæр нйцы зæрдæхсаинаг у, фæлæ махон йе ’ууæнк раджы бахордта,— дзуаппы фыдæй ницы ауадздзæн Терезæ дæр. — Цопанаты куыдзæй уæлдай нæу — сисы сæрты дæр багæпп ласдзæн. — Æй, дæ хицау! — ныххудт та Мурик æмæ йæ къухтæ кæрæдзийыл æрцавта. — Ай мæ цалынмæ æцæгæлон адæймаджы цæсты бынтон нæ бафтыдта, уæдмæ йæм акæсон,— кæртмæ рахызт Мырза. Йæ фæдыл Мурик дæр. — Цы ахсджиаг хъуыддагæн мæ сæр бахъуыди? Дæ цуры куы вæййын, уæд дæ бустæ æмæ уайдзæфтæй дарддæр куы ницы хъусын. — Хъæугæ дын фæкæны, æвæццæгæн. Хорз æмæ мæхæдæг базары Амырбийыл бамбæлдтæн æд уæрдон, æндæр дæумæ кæсгæйæ æнæ цывзыйы фыхæй баззадаиккам. — Балхæдтай? — Æнæмæт у — балхæдтон. Нæ хæдзары хабæрттæ де ’вджид баззадысты, уæд æнæхæдзар фæуиккам, æвæдза.
![]() |