![]()
Главная Обратная связь Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 46 часть
— Уæллæй, æнæхъæн хъæуыйаргъ сылгоймаг дæ! Уæдæ куыд æнхъæлдтай — дзæгъæлы мæм ис хæлæггæнджытæ? — Ацу, стæ, гæды рувас! Æмбисæхсæвтæм та-иу ма ныффæстиат у — утæппæт нартхорæн мæ бон иунæгæй ницы бауыдзæн къулы рæбынмæ бакалынæн æмæ æрæмбæрзынæн. — Хорз, хорз, æййафдзынæн дæ уæдмæ. Фæлæ цалдæр гаджидауы куы рауагътой, уæд æй йæ къах нал хаста. Мурикимæ се ’хсæн стъол йеддæмæ ницы ис, афтæмæй йæм йæ ныхас дард кæцæйдæр хъуысæгау хъуысы. — Загътон, мæ хæдзæрттæ æрмæст рæвдз суæнт, æндæр мæ къух ницæмæуал бакæндзынæн. Ныр та мæ, сæ мидæг сын цы æрæвæрон, уый сагъæс бацыд. Ноджы ма мæ не ’фсин дæр джыбы-джыбы кæны, искуыдæр, дам, ног хæдзæрттæм зæронд сынтæджыты æмæ скъаппыты хæррæгътæ-йедтæ хастæуы. Гъемæ, зæгъын, балхæнут ногтæ æмæ сæ æрæвæрут. Мæн ницуал хъæуы, кæй хъæуы, уый амал кæндзæн... — Æмæ дын æз дæр уый нæ зæгъын? — Цы? — Мæрдтæм дзы немæ ницы ахæсдзыстæм — хæдзарæй, стъолæй, скъаппæй. — Афтæ у бæгуыдæр. — Æмæ уæдæ мæнмæ цæуылнæ хъусыс? — Хъусын дæм, бæгуыдæр. Рауадз-ма, цæй, сидт. — Ай та мын сидты кой кæны. Сидт никæдæм аирвæздзæн. Æз дын цы зæгъын, уымæ цæуыннæ хъусыс? — Куыннæ дæм хъусын, куыннæ! — Кæд мæм хъусыс, уæд ма нæ каст цæмæ у, уæдæ? — Цы зæгъыс, цы,— ницы дын æмбарын. — Уый ды цы не ’мбарыс, ахæмæй ницы ис а дунейыл, дæхи нембарæг скодтай, æндæр,— амонæн æнгуылдзæй йæм бавзыста Мырза. — Мауал ма мын дæлгоммæ-уæлгоммæ ныхæстæ кæн, зæгъ æй, цы зæгъинаг дæ? — Мæрдтæм немæ ницы ахæсдзыстæм нæ загътам? — Бæгуыдæр. — Æмæ кæд афтæ у, уæд бавдæлæм æмæ уæлæуыл нæ къухы цы бафта, уый — нæхи. Мурик æм æнæмбарæджы каст ныккодта, йæ уæхсчыты базмæлдæй бæрæг у — марадз æмæ йæ бамбар, цы зæгъинаг уа. — Нæма мæ бамбæрстай? — Мырзайы цæстытæ ныззынг сты, хæйрæджы лæппынтæ дзы схъазыд. — Мæнæ нæ цуры дыууæ замманайы бадæджы æмæ дзы фæйнæйыл нæхи андзарæм. — Æх-ха-ха! — ферхæцыд Мурик. — Æй, дæ хицау! Ма-ма дзæгъæл ныхас кæн, фехъусдзысты нæ, æмæ худинаг у. — Цы худинаг дзы ссардтай — æнæрцæугæ хъуыддаг у, мыййаг? Удыбæстæйæ дарддæр дзы худинагæй ницы ис. Мурик аивæй йæ хъус æрдардта. Сарайæ хъуысы сылгоймæгты ныхас æмæ цæйдæр дзыгъал-мыгъул, хъуамæ сæ ма фехъусой. Бæллæх у æмæ бæллæх ацы Мырзаимæ — кæцырдыгæй йæ дзыхыуагæй адæймаг йæхи хъахъхъæна, уый нæ зоны. — Æнхъæлыс; сæхи нæ фæнды? Сона йæ дæ цуры нæ загъта йæхæдæг, мæн, дам, шифанеры сæр ницæмæн хъуыд. О, хæдæгай, ды куы нæма æрцыдтæ, уæд загъта. Æмæ уый уæлдай нæу. Уæд цас зын бамбаринаг у, æцæгдæр сæ кæй ницæмæн хъуыд шифанер; æрмæст æй мах æрбасайыны тыххæй балхæдтой. Каст ницæмæуал у, науæд хæрзаг ма зæгъой, адон дыууæйæ дæр цыдæр мохе сты, науæд та сæ хæрд æмæ нозты мæт йеддæмæ ницы ис... — Банцай-ма, мауал дзур! — Æдылы ма у, дыккаг ахæм фадат нын никуал фæуыдзæн. Æз дзы мæнæ нуазæн авæрыны æфсонæй иуы мидæмæ æрбайсайдзынæн... — Æмæ уæд иннæйæн нæ фæхъыг уыдзæн? — Иннæмæн дæр хос ис. Æфсинтæн нуазæн арвитгæ никуы федтай фынгæй? Гъемæ дæу та сарамæ арвитдзынæн нуазæны æфсонæй, æмæ йыл уым дæхи цæв. Ардæм чи æрбацæуа, уый та мæ бар уадз. — Æй, дæ хицау! Ах-ха-ха! Æз — нæ! — Омæ уæд та ды ам лæуу, æз ацæудзынæн нуазæнимæ, кæд фынджы хистæрæн нæ фембæлы, уæд дæр. Мырза æцæгдæр стъолы кæронæй сыгъдæг уæлæнгай тæбæгъ райста, нозты агуывзæ æмæ дзы карчы базыг æрæвæрдта, йæхиуыл хæрдмæ схæцыд. — Æнцад-ма бад дæ бынаты. Нуазæнтæ сын куы хъæуа, уæд сæм дыууæйæ дæр ардæм фæдзурдзыстæм. Кæд дын хъæугуывды нæ бадæм. — Æдылы ма у, ардæм сæм куы фæдзурæм, уæд сæхи кæрæдзийæ æфсæрмыгæнæг скæндзысты, æмæ дзы ницы рауайдзæн. Æви дæхи зæрдæ æхсайы сарамæ æмæ мæ уый тыххæй нæ уадзыс? — Никæдæм æхсайы мæ зæрдæ æппындæр, æнцад ма дæ бынаты бад æмæ сидгæ кæн. — Ахæм зындзырд дæ, уый куы зыдтаин, уæд æндæр искæмæ фæдзурын хъуыд бæргæ. — Гъемæ-иу иннæ хатт фæдзур æндæр искæмæ. — Иннæ хатмæ йæ цы æргъæвæм, ай нæ цуры куы сты, уæд? Абон куы ницы бакæнæм, уæд дзы иннæ хаттæн йæ кой нал уыдзæн. Æнхъæлмæ кæс — алы хатт дæуæн кæрчытæ æргæвддзысты. Æмæ уæд сæ иу иннæйы нæ бафæрсдзæн, цæй мондагæн, зæгъгæ. Марадз æмæ йæ равзар, æцæг дзура æви хынджылæг кæна. Нæ, хи дзы хъахъхъæнын хъæуы, цы минут кæцырдæм ныццæвдзæн, уый бæрæг нæу; гыццылдæр ыл куы баууæндай, уæд дæ худинаггаг фæкæндзæн. Ноджы дзы хъахъхъæнын дæр дыууæрдæм хъæуы, цы дыл æрæмысдзæн, уый бæрæг нæу; «о» йын зæгъ, æмæ кой ауадздзæн: «Мурик ахæм у, Мурик ухæм у, Алардыйы кувæггагмæ дæр нæ фæлæудзæн, сыхагыл дæр нæ бацауæрддзæн»; «нæ» йын зæгъ, æмæ ноджы фыддæр: «Хъуыддаг цæттæ уыди, Мурик та йæ халгæ фæкодта, йæ усæй фæтарст; уæд уый цæй лæг у!» Æмæ фæлтау уыцы стырдæр худииаг — Мырзайы нымадæй — равзардзæн Мурик. Сæ цурмæ æрбауади Женя. — Исты хъуаг æййафут? Уый æппындæр фынгмæ куы нæ æвналут, уæхи куы ныууæздан кодтат? — Мацæуыл ма тыхс æппындæр! Тынг хорз æвналæм мах — раст нæхи хæдзары хуызæн,— Мырзайæ исты æнæууылд ныхас куы схауа, уый тæсæй дзуапмæ фæраздæр Мурик æмæ Женямæ скасти. Мæлæты зæрдæисгæ у: тыппырбыл, хъоппæгдзæст, йæ иу æрфыг рог фестъæлф-фестъæлф кæны. Куыддæр феддæдуар, афтæ та Мырза Мурикмæ бауырдыг: — Гъы, ныр та ма цы зæгъдзынæ? — Цы хъуамæ зæгъон? — Ай дыл фындзыхуынчъытæ æппындæр куы нæ ис, фæлæ ма уый æдде бынтон къуырма дæр куы дæ! Нæ йæ фехъуыстай дæхи дыууæ хъусæй: исты хъуаг, дам, æййафут? — Ах-ах-ха! — йæ къухтæ та кæрæдзийыл æрцавта Мурик. — Æй дæ хицау! — кæцырдæм æй фæзылдта. — Ды уал кæцырдæм кæн, фæлæ ма уымæй æргомдæр куыд бамбарын чындæуа? А, фындзыхуынчъытæ дыл нæй, а, хъустæ дыл нæй, фæлæ дыл цæстытæ дæр нал ис? Нæ йæ федтай дæхæдæг? Нæ йæ федтай, базарæй куы ’рцыдис, уæд ыл цавæр къаба уыд, уый? — Къаба цавæр вæййы, ахæм. — Гъе, гъе, æз дæр дын уый зæгъын! Ныр æм нæ кæсыс — парахатгомау халатæй йæ раивта. Ноджы ма йын йæ бинаг цæппæр æвæргæ дæр нæ кæны барæй. Æнхъæлыс, рох дзы фæцис? Ма дын ферох уа! Уæдæмæ — мæстæй марынæн! Нæ йæм кæсыс, цы тыппыр уæраджы сæр дзы фæзыны цæугæцæуын, уымæ? Ницы дзы ирвæзы. Мурик та йæ хъуыды дæр не ’ркодта. Æниу дзы кæд ницы зыны, афтæмæй йыл æрымысыд. Лæмбынæгдæр æм бакæсын хъæудзæн, кæд ма сæ размæ æрбазына, уæд. — Кæд ма дын æй дæ хъуырыл æрцауындза, æндæр нæ зонын,— Муричы æнæмбаргæйыл уæззау ныуулæфыд Мырза. — Гъер мын ды къуылымпыйы хос куы нæ уаис, уæд афонмæ мæнæн исты бафтыдаид мæ къухы. — Гъемæ марадз. Хæцгæ дыл кæнын æз? — Æмæ ды та? — Æз — нæ! — Æдылы ма у, фæсмон дæм æрцæудзæн райсом. Мæнмæ хъус, æмæ ма фæрæдиай. Æнхъæлыс, уæхионмæ схæццæ уыдзæн хабар? Куыннæ стæй! Йæхиуыл дын комдзог ма рацæуа сылгоймаг. Стæй дыл уыйбæрц æнувыд куы уаид Кокиан, уæд дæ афонмæ бæрæг дæр акодтаид,— лæджы æндæрырдыгæй æртасыны фæлтæрæнмæ февнæлдта Мырза. — Махонмæ кастæ, уайтагъд ам куыд æрбалæууыд. Дæу та агургæ дæр нæ кæны. — Цы мæ агура, йæ цурæй куы рацыдтæн Сонаимæ. Нæ зоны, мыййаг, кæм дæн, уый. — Гъе, гъе, йæ бæллæх дæр уый мидæг ис — дæ мойы дыууæ бадæджы æвджид бакæн æмæ дæхæдæг дæ хæдзары æнæмæтæй сбад. Уæд та ма дын туг фæмизын кодтой абонсарæй. — Банцай-ма, дæ фынджы кой кæн дæ разы. Дызæгъ-мызæгъы йын йæ агуывзæйыл дæр ма æфтауы Мырза, уæддæр нæй, нæ тасы уымæй уæлдай. — Фынгæн алидзынæй тæрсыс æви? Фæлтау мæнмæ хъус æмæ цардæй исты фенай. Цы радзурдзынæ гъер мæрдты бæстæйы, куы дæ бафæрсой, уæд? — Кæд мæ æндæр цæмæй бафæрсой, уый нæ уа, уæд — ницы. Дæ нартхор æфснайд фæдæ? — ныхас иннæрдæм аздахыныл афæлвæрдта Мурик. Фæлæ Мырзайæн йæ зонд кæцырдæм фæзила, уыцырдæм цалынмæ ахуынкъ кæна, уæдмæ нæ ныууадздзæн. Уæдæй нырмæ Хъулон цалдæр хатты схæпи-хæпп кодта уынджы: æнафоны цæуджытыл уыдаид æви йæ хицауы зæрдыл æрлæууын кæнынмæ хъавыд: хæдзармæ афон дæм нæма кæсы? Ныр та цæхæрадоны ’рдыгæй хъуысы йæ рæйын — уыры дзы ссардтаид æви искæй род баирвæзт? — Цы ссардта, цы, Хъулон, цæуыл рæйы? — Кæд та дзы шпион ис? Мырза ныххудт: — Хъуыды ма йæ кæныс ды дæр? — Куыннæ! Тæккæ абоны хуызæн. Цы фæцадаид, цымæ, мæгуырæг? Ферох дзы уа, ахæм бынтон саби нæ уыд Мурик — æнæхъæн дæс азы йыл цыд. Мырза та Мурикæй цыппар азы хистæр у, уæд æй куыд хъуамæ ма хъуыды кæна. Æрджынарæгмæ æрбахæццæ сты уыцы сæрд немыц. Зилгæ æмызмæлд кодта фистæг æмæ бæхджын æфсæддонæй, алыхуызон машинæтæй. Сывæллæттæй дæр хæдзар ничиуал зыдта æппын, бон-изæрмæ сын æфсæддонтæй. фæхицæн нæ уыд: кæм бæхтæ Хуымæллæджыдоны цынайын, кæм исты цума, кæм скъолайы чъылдыммæ бæрæзеты астæу хæрдмæхсæн сармадзантæ, кæм цæфтæ æрбаласæг машинæтæ скъолайы кæрты. Хъæуы сæрмæ сыджыткъахæны фахсыл æфсæддонтæ мысан кæм къуырдтой, уырдæм дæр æнæ фæцæугæ нæ уыд хус гилдзытæ уидзынмæ. Уæдæ иугæр сыджыткъахæнмæ куы схæццæ уай, уæд уырдыгæй Беслæны фарсмæ дугъы фæзмæ дæр бирæ нал ис хæстон аэродром фенынмæ. Уыцы бон дæр аэродроммæ уыд сæ балцы сæр сыхы лæппутæн. Дæллаг сыхы Петкæйы цæхæрадоны джиранка фæткъуы срæгъæд æмæ дзы хъуамæ сæ боны хæлц семæ ахæссой. Хæрдæн цастæ æххуыс у, дойны хорз сæтты, æндæр. Дзæгæрæг хурмæ та ком уайтагъд ахус вæййы. Курын йæ сæрмæ чи хæссы — куы сын радта, уæддæр хауæццаг кæлмхæрдтæ. Фæлтау бахъуыз æмæ Хансиаты нартхоры астæуæй сбæрæг кæн, Петкайы бæлæсты бын исчи ис æви нæ. Нанайы кæртыл у, бæргæ, тæккæ хæстæгдæр фæндаг — Петкаимæ æмауæдз сты сæ цæхæрадæттæ,— фæлæ йын айфыццаг Петка алывыд акалдта, сымахуылты æрбафæд кодтой уыцы къулбадджытæ æмæ мын мæ бæлæстæ ныттыдтой, зæгъгæ. Цы йæм хъуамæ сдзырдтаид уайсадæг зæронд ус, æрмæст та дзы Алиханы счъилтыл ахъаззаджы над ауади уисæй. Мур дæр ын нæу, иу æмæ йыл дыууæ нæ ауади ахæм нæдтытæ. Уый сæ нæ баиргъæвид, бæргæ, фæлæ Нана никæдæмхъус у, куы рацæуа, уæд дæр æрмæст уынджы йе ’мгæрттимæ аууоны абадынмæ. Æмæ сæ æнæхъæн къордæй кæртмæ бахизгæ куы фена, уæд. ма йын цас бамбаринаг у, сæ фæндаг кæдæм дарынц, уый. Муриккатæн сæхимæ ничи ис, æмæ уыдоны кæртыты бахизгæ у, æндæр гæнæн нæй. Иугай-дыгай æнæгуырысходæр уыдзæн. Фондз-æхсæзæй бакъорд сты чъылдыммæ. Кæсгæ ницæмæуал у. Нартхоры хуым мæлæты хорз у æмбæхсынæн, æгæр куы нæ сыбар-сыбур кæнид, уæд; ауæдзты-ауæдзты цæуын хъæуы, хæдзæрттæй æддæдæр куыд уой, афтæ, науæд сæ уынæрмæ йсчи куы схъæлæба кæна, уæд Петка дæр фæфæдис уыдзæн æмæ йын суанг амæй изæрмæ бæлæсты бынæй мидæмæ бацæуæн нал ис. Кæрæдзи фæдыл ныххал сты. Муриккаты цæхæрадон фæсте аззади, Гæбылайы, Уырысбийы; бирæ сæ нал хъæуы — Хансиаты цæхæрадоны фале Петкайы дыргъдон. Ауæдз-ауæдз Хансиаты цæхæрадоны астæумæ куы бахæццæ.сты, уæд Алихан — сæ фæндагамонæг — дзыхълæуд æркодта æмæ йæ фæдыл чи цыд, уыдонæн къухæй ацамыдта, фæстæмæ нæ разылд, афтæмæй: æрлæуут! Иу-цыппар къахдзæфы æддæдæр, пæлæхсар мырткæйы зæнгмæ банцой кодта, афтæмæй уæрджыты сæрмæ кæрдæджы бадт бæгъæмсар æнæдаст лæппулæг сырхæфсæддоны дарæсы, йæ фарсмæ фондзæхстон. Рахиз къухы амонæн æнгуылдз йæ былтыл авæрдта: «Уæ дзыхыл хæцут!», галиу къухæй та амыдта: «Цæут, уæ фæндаг дарут, кæдæм цыдыстут, уырдæм, æз уæ ницы хъыгдарын». Ома, æз дæр уæ нæ федтон, сымах дæр нæ федтат. Цæй фæндаг æмæ цæй æндæр! Цъилау ныззылдысты сæ бынаты æмæ кæсгæ дæр нал фæкодтой, сæ фæд-сæ фæд фæстæмæ алæгæрстой чи фæраздæрæй; мæнæ ныртæккæ сæ чъылдыммæ ныннæрдзысты фондзæхстоны уæззау гæрæхтæ. Кæуыл сæмбæлдзæн цымæ фыццаг нæмыг? Лæфлæфгæнгæ балæууыдысты, æфсæддонтæ хæстæгдæр кæм уыдысты, уым — бæрæзеты астæу хæрдмæхсæн сармадзанты цур. «Шпион! Шпион!» — рахабар кодтой кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ. Сырхæфсæддоны дарæс ницы давы, уæдæ немыцаг дарæсы хъуамæ æрбахъуыза шпион? Шпион куы нæ уаид, уæд сæм исты æнæ сдзургæ нæ фæцадаид. Æмæ куыд сдзура, кæд уырыссагау нæ зоны, уæд? Уымæй размæ дæр куыннæ, фæлæ фæстаг къуыри шпионы кой йеддæмæ ницуал ис. Фаллаг сыхы, Гаппоатæм, къуырийы размæ дыууæ хатты бахсæвиуат кодта Каганович. Æнафонты-иу батардтой кæртмæ сау дæргъæй-дæргъмæ рог машинæ, уæдæ-иу цæугæ дæр сæумæйæ акодта, уæддæр æй базындæуыд. Дыккаг æхсæв бонивайæнты Гаппоаты цæхæрадоны — афтæ ма ныхъхъавгæ уа — немыц десант æрæппæрстой. Хæдтæхæджы уынæр хъуысгæ дæр нæ ракодта, цалынмæ парашюттæ нартхор бассæстой æмæ йæ къæркъæрмæ куыйтæ фæфæдис сты, уæдмæ. Æвæццæгæн, суанг хъæуæй дзæвгар дарддæр ахуыссын кодта йæ мотортæ, афтæмæй æрбахъуызыд æмæ десант куы раргъæвта, æрмæст сæ уæд скусын кодта. Фæлæ нартхоры къæр-къæрмæ, куыйты рæйынмæ хъахъхъæнджытæ фæфæдис сты, десантимæ схæцыдысты æмæ сæ ныццагътой, æрмæст дзы иу йæхи радта уацары. Чи дæс уыдысты загъта, чи дыууиссæдзы. Адæм дис кодтой, Гаппоаты цæхæрадоны сæ куыд бæлвырд раргъæвдæуыд, стæй хабар ахæм бæлвырдæй уайтагъд чи сæмбæлын кодта немыцыл. Хансиаты мырткæйы бын чи бамбæхст, уый уыдаид, æндæр ничи. Бæгуы бузныг куыннæ ныууыдаиккой сæхицæй сыхы лæппутæ: ссæдз минуты нæма рацыдаид, афтæ шпионы æнæхъинцъ-æнæуынæрæй ракодтой автоматджынтæ. Разынди Сонайы мой. Мой, зæгъгæ, йæ æвддæсаздзыдæй аскъæфта, хæст цы аз райдыдта, тæккæ уыцы аз Сындзыхъæуккаг лæппу, æмæ хæст куы райдыдта иугæр, уæд фидауын дæр нал бафтыд дыууæ хæдзары къухы. Немыц Сындзыхъæу куы бацахстой, уæд Сона куыддæртæй йæ цæгатмæ раирвæзт. Æмæ йæм ныр йæ мой агурæг кæцæй фæзындаид, Хуыцау йæ дæсны. Фæссихор æй топпæргъæвд дыууæ сырхæфсæддоны æмæ цъæххудджын хистæр лейтенант Хансиаты дуарæй бакæсын кодтой. Куыддæр кæртмæ бахызт, афтæ йыл зæронд ус хъæрццыгъайау йæхи ныццавта: «Ма мын фенын кæнут уыцы æдзæсгом куыдзы! Фенамонд кодта сывæллон чызджы!» Уыйадыл лæппуйы фæд фесæфт... — Цал азы рацыдаид уæдæй нырмæ? — Цал куы зæгъай, уæд... — Мурик хинымæр анымадта... æнæхъæн аст æмæ ссæдз. — Гъемæ дæм Хуыцауæй тæригъæд нæ кæсы — аст æмæ ссæдз азы мацы хъæстæ фæуæд сылгоймаг. Стæй аст æмæ ссæдз азы размæ дæр мырткæйы бын цастæ йæ къухы бафтыдаид фестъæлффесхъиугæнгæ? Удыбæстæйыл дæр хъуыды хъæуы — иууылдæр Хуыцауы сконд куы стæм. — Дæ бар кæнын æз уыцы удыбæстæ. — Бафидыдтам, уæдæ. Сонайы мæ бар уадз, ды та Женяйыл дæхи андзар. Цæй, цы зонд дæм ис? Науæд рæстæг дзæгъæлы цæуы. — Æз — нæ. Нозт дæр сындæггай йæхион куыннæ кæны. Цас дарддæр, уыйас тынгдæр гуырысхойы æфты Мурик: къахгæ йæ кæна æви æцæг у йæ ныхас? Чи кæд кæй баййæфта, фæлæ ацы хъуыддаджы цыма Мырзайыл æцæгдæр æууæнк нæй, афтæ йæм кæсы Мурикмæ. Фарон иу зымæгон изæр дæр Мырзатæм куы бадтысты, уæд сæм Зариффæйы кой цæмæ рауади, нал æй хъуыды кæны. О, хæдæгай, радиойæ Ханты цагъд кодтой, æмæ дын Мурик афтæ: «Зариффæ ма цæгъдæд уый?» — «Мæнæ дзы нæ лæджы бафæрс, уымæй хуыздæр ын ничи зоны йæ фæндыры хъæлæс»,— пецы цурæй йæм радзырдта Терезæ. «Цæй, мауал æй ферох кæн ауал азы!» — сбустæ йыл кодта Мырза. «Бустæ дæр ма мæныл хъæуы. Гъе уæууæй, гъе, цытæ дæ сæрмæ хæссыс, æвæдза. Зариффæ! Тфу, цымæ демæ куыд базæронд уыдзынæн? Ææндæр сылгоймаг мæ бынаты афонмæ ху-урæй йæ дымджытæ æртымбыл кодтаид». — «Цы уыди, цы?» — куыннæ бацымыдис уыдаид Мурик. Æндæр исчи хабар басусæг кодтаид, фæлæ йæ Терезæ куыддæриддæр уыд, афтæмæй радзырдта: «Куы мæ баййардта нæ лæг, марадз-ма, царæй иу кружкæ æрис, зæгъгæ, уæд æй мæ сæр не ’рцахста: уыцы тыхстæй йæхæдæг куыннæ æрисы. Фæлæ кæцæй хæйрæг уыдтæн. Адæймагæн йæхи туджы куы нæ уа хин, уæд æй æнхъæл никæмæн у. Раст дæ разы сынтæджы рæбын бадти Зариффæ ныллæг бандоныл, йæ фæсонтæ хуыссæныл банцой кодта. Æд фæндыр клубæй æрцæйцыд, ацы хъызты, дам, дзы ничи æрæмбырд, æмæ иугыццыл мæхи сымахмæ куы нæ атавон, уæд цалынмæ хæдзармæ хæццæ кæнон, уæдмæ уазалæй нытътъæпп ласдзынæн. Махæн та ма нæ лæг уæд фæндагыл куыста æмæ нæм æвзалыарæхы гуыргуыргæнгæ арт сыгъди. Нæ йын зоныс дæхæдæг йæ дзыхыуаг Зариффæйæн? Махонæн дæр дын Хуыцау ахæм хорз ракæна — къахæн ныхас æппары æмæ æппары. Зариффæ дæр сгацца, йæхицæй æппæлынтæм фæци. Мæнæн, дам, мæ риутæ нырма кæцыфæнды чызджы риутæй хъæддыхдæр сты, лиф циу, уый, дам, зонгæ дæр нæ кæнын. Йæхæдæг кæл-кæлæй ныххудт æмæ фæндыры тæнтæ аивæзта. Ныр афтæмæй йæхицæн йæ дуцгæтæ йæ дæлæрмттæм. Æ, бабын уа, бабын, йæ чызджытæ моймæдзыдæй. Махон дæр дын ахæмтæ фехъуса, скатай: «Марадз-ма рæвдздæр, мæ уд схауы». Кæцæй хæйрæг уыдтæн, цæмæн йæ уд схауы. Не ’рхуы кружкæ райстон, тыргъы фæтæген цырагъ ссыгътон æмæ цармæ асин ацарæзтон. Мæ иу къухы цырагъ, афтæмæй асиныл хъавгæ уæлæмæ дæр хизгæйæ цастæ рæстæг рацыдаид, дæхæдæг ахъуыды кæн. Фæстæмæ куы æрцæйхызтæн, уæд мæ хъустыл фæндыры мынæг «хъипп» ауади æмæ ныссабыр. Дуарæй æрбахызтæн æмæ де знаг дæр ахæммæ куы бакæсид. Зариффæйæн йæ фæндыр мæнæ ам æппæрстæй лæууы, йæхæдæг бандоныл дæр нал, фæлæ уæртæ сынтæджы рæбын пъолыл бады, йæ риуæгънæджытæ суанг комдæлмæ гом. Æ, бабын уай, бабын,— ныддодой кодта йæ лæджы ’рдæм Терезæ. — Зариффæ! Дæд-дæй!» Худæгæй артæнхæлд фæци Мурик; цыма йæхиу. ыл нæ, æндæр искæуыл худы, уыйау чыр-чыр кодта Мырза дæр... Уæды онг ма кæд хинымæр дызæрдыг кодта Мурик æмæ кæд Мырзайæн хъазын æнхъæл уыди, уæд ныр афтæ бæлвырдæй йæ цæстытыл ауадысты Зариффæйы риуæгънæджытæ дæр, фæндыр дæр æмæ сылгоймаг йæхæдæг дæр пъолыл бадгæ — нæй, æууæнк ыл нæй æппындæр ацы фæлывд гуырдыл! — æмæ хъæддыхæй скарста: — Æз — нæ!
![]() |