Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 44 часть



Зилгæйы цурты паддзахы фæндагыл дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр чи цæуы, уыдонмæ хъæуы æртæ уæлмæрдæй зыны æрмæст иу. Æмæ раст уыцы уæлмæрды ныгæд у Бæтæгаты Петка. Цыртыл йæ райгуырды æмæ адзалы азтæ амынд: 1855 æмæ 1962. Хъæстуаты Хъазыбег кæд фæмард æмæ Зилгæйыл родгæсты ном кæд сбадт, уый бæлвырддæрæй базоныны тыххæй нæ зæрдыл бадарæм Петкайы райгуырды аз.

...Уæды заман быдыры æмæ хохрæбын хъæуты алы аз дæр нысангонд цыдысты радгæстæ. Ныры адæмон дружинникты рагфыдæлтæ. Фæдзæхст сын уыдис хуыснæггадмæ хъус дарын. Хæдзар фæкъахынмæ чи хъуамæ бабæллыдаид — цы дзы рахæсдзынæ хæдзарæй? Алкæмæн йæ фæлыст, хъама æмæ дамбаца йæ нывæрзæн, хъыримаг — талынджы йæм къух куыд аххæсса, афтæ хæстæг æвæрд. Йæ иунæг давинаг — йæ фос æмæ кусгæ хайуан. Саргъы бæх кæмæй адавдæуа, уымæн та йæ худинаг йæ маст æмæ зианæй фылдæр.

Мæ фыдæлты самандурæй амад хæдзары æмрæнхъ æрæййæфтон хъæдкъул скъæт. Тулдзæй — йæ цæджындзтæ æмæ дуар, бæзджын тæрсфæйнæгæй — йæ къултæ. Фæйнæджытæ кæд цыфæнды æнгом хост уыдысты, уæддæр сæ зыхъыртæй зымæджы хъызт мидæмæ хылди æмæ-иу нæ дæлæмæдзыд хохаг хъуг уазалæй ныккука — цастæ хъуамæ стæфстаид йæ комытæфæй парахат скъæт?

— Ныр, Нана, хъомдоны къултæ дæр самандурæй куы самадтаиккат, уæд нæ хъугæн хъармдæр нæ уыдаид?

— Бæргæ йын хъармдæр уыдаид, Нана дæ нывонд фæуа. Фæлæ рæстæг ахæм æнамонд хаста, æмæ самандурæй хъомдоны къултæ амайын ничи уæндыд: хуыснæгæй тарстысты.

— Æмæ самандур фидардæр куы у.

— Хъармдæр у, æцæг ын йæ фидарæн ницы зонын. Саманкъул æнæуынæрæй ис æрыхалæн. Тæрсфæйнæджы та хуылыдзæй хостой зæгæл. Куы фæхус уа, уæд фæйнæгæн мæцъисæй йеддæмæ ницæмæйуал ис рафтауæн. Æмæ иугæр мард ма уæд, уый йеддæмæ йæ хъырринцъмæ бинонтæ нæ, фæлæ æгас хъæубæстæ дæр райхъал уыдзысты. Скъæтæн та йæ дуар æдде гуыдырæй, мидæгæй хъилæй æхгæд уыдис. Уатæй скъæтмæ ахизæны мæнæ скъаппы чъылдыммæ гыццыл дуар та, скъæт куы сæхгæнай, уæд æрбахизынæн уыд. Ноджыдæр мæнæ уыцы хуынкъ уыныс къулы? Уырдыгæй та дзæнгæрæджы тел уагъд уыди скъæты дуарæй нæ хицауы нывæрзæнмæ.

...Уыцы аз хъæугæстимæ йæ рад æрæййæфта Бæтæгаты Инæрыхъойæн дæр. Дыгæйттæй-æртыгæйттæй саргъы бæхтыл зылдысты æхсæвдзу, алы таурæгътæй рæстæгмарæн кодтой. Хъæугæстыл æхсæны мидæг дæр æмæ хæдзары мидæг дæр æндæр хæс æвæрд нæ уыдис. Кæд сæ исчи йæхи зондæй æмæ æфсармæй хæдзармæ фæкæса, уæд хорз. Изæрмилтæй бонивайæнтæм хаста сæ рад.

Хъæстуаты Хъазыбег та Заманхъулы разагъды фæсивæдæй уыди. Зилгæйы йын куырдуаты бадти Болиаты чызг. Каст уыди æрмæст ирæдмæ. Æхсархъуаг цæмæн хъуамæ æййæфтаид Хъæстуйы-фырт æмæ сфæнд кодта Стыр Кæсæджы фæфос кæнын. Уæды заман рæгъау раскъæрын давдыл дæр æмæ худинагыл дæр нымад нæ уыди, фæлæ лæджыхъæды æвдисæныл.

Æрджынарæгыл уыдаид æви Дзантемыры комыл сæ фæндаг — ауал азы фæстæ йæ марадз æмæ базон, фæлæ Хъазыбег цалдæр æмгаримæ кæсгон къниазы рæгъау Мæхъхъæлмæ куыд фæцæйтардтой, афтæ сæ Зилгæйы сæрмæ, фæстæдæр Цæлыччы къанау кæм райдыдта, раст уыцы тæккæ ран донбыл сæййæфтой радгæстæ æхсæвæй боны астæу.

Æртæ æндæрджы йеддæмæ не сты, уый куы федтой дард бæлццæттæ, уæд ма сын цас зын бамбарæн уыдис — фæдисæттæ не сты.

— Хæстæг сæ ма ’рбауадзæм,— загъта рæгъау скъæрджытæй чидæр æмæ йæ хъыримаг æриста.

— Бафснай дæ гарз,— сдзырдта йæм Хъазыбег. — Фæдисон не сты, хъæугæстимæ та кæд бафидауиккам.

Уæдмæ барджытæ сæ цурмæ схæццæ сты. Иутæй дæр æмæ иннæтæй дæр уæлбæхæй ничи æрхызт. Хъазыбег æмæ Инæрыхъо кæрæдзийы хорз зыдтой.

— Æ, Хуыцау дын æй куыд нæ ныббарста, Хъæстуйы-фырт, цы бакуыстай уый? — бадзырдта Инæрыхъо Хъазыбегмæ.

— Мах уæм уæздан салам æнхъæлмæ куы кæсæм, Зилгæйы фæсивæд, æмæ уæ уайдзæф куы фæраздæр,— ныхас хъазынырдæм аздахыныл афæлвæрдта Хъазыбег.

Фæлæ дыууæтæ дæр æмбæрстой: хъазынæй ахицæн уа, ахæм уæлæнгай нæ уыди хъуыддаг.

— Кæм фæхæст стут атæппæт лæвар фосыл, Заманхъулы хъалтæ? — Хъæугæсты хистæр Инæрыхъо куыд уыдис, уымæ гæсгæ ныхас йæхимæ айста.

— Зивæг ма зон, уый йеддæмæ Фæлвæрайы хорзæхæн кæрон нæй.

Заманхъулы фæсивæд та Хъазыбеджы фæдыл кæй ацыдысты, уый охыл дзырдта сæ номæй дæр.

— Уæдæ Фæлвæрайы хорзæхæй сымах дæр æмæ мах дæр хайджын куыд разынæм, афтæ рæгъау йæ фæд-йæ фæд фæстæмæ раскъæрут.

— Дзæбæх дæ нæ хъусын, Бæтæджы-фырт, хъазгæ кæнай æви æцæгтæ дзурай?

— Хорз æй куы зоныс, Хъазыбег, Уырысы паддзах ахæмтæ нæ бары, уый, уæд цæмæн уæхи дæр фыдбылызы æппарыс æмæ æнæхъæн Зилгæйы дæр. Фæд кæй зæххыл æрбацæуа, домгæ дæр уымæй куы кæнынц фосы æмæ фиддон дæр уымæн куы сты. Быдыртæ бирæ, уæд уæ цы Хуыцау ауылты æрбахаста? Афонмæ фæдис дæр æрбаввахс сты. Æнæзонгæ куы уаиккам, уæд нæ ныхас дæр æндæр уаид. Фæлтау уæ сæртæ бафснайут, мах та ам фæлæудзыстæм рæгъауимæ, фæдисæттæм банхъæлмæ кæсдзыстæм. Хъæугæстыл æууæнк уыдзæн. Цалдæр гæрахы фæкæндзыстæм æмæ нын æфсон уыдзæни: фæлыгъдысты талынджы, марадз æмæ йæ базон, чи уыдаиккой.

— Фæлыгъдысты, и? Уæллæй, тынг æй загътай, Бæтæджыфырт! Ау, æмæ Кæсæджы зæххæй Мæхъхъæлы рæбынмæ феелидзыны тыххæй фескъæрдтам мæ ирæдаг? Фæлтау афтæ бафидауæм: мах дæр уæ нæ федтам, сымах дæр ницы федтат,— балхынцъ кодта ныхас Хъазыбег, фæлæ йæхæдæг дæр æмбæрста, хъæугæсты цавæр фыдбылызы æфтауы, уый.

— Федтам æви нæ федтам, уымæй нæ фæрсæг кæй ничи уыдзæн, уый хорз куы зоныс, уæд дын хынджылæггаг стæм, мыййаг? Раздахут рæгъау!

Бон дзæбæх æрбарухс, фæдисæттæ афонмæ фæдыл фæхæст уыдаиккой. Рæстæг та æнæпайда радзур-бадзурæй ивгъуыйы.

Чи ныххатыр кæна, уыдонæй нæ разынд сæ иу дæр æмæ иннæ дæр. Ныхас æгæр-æгæр куы стынг æмæ кæрæдзийы мадæлтæм куы бахæццæ сты дыууæ сæртæг лæппуйы, уæд Хъазыбег фæраздæр йæ хъыримагмæ:

— Фæхъахъхъæн ма, уæдæ, дæ ронбасты сæрмæ, Бæтæджыфырт!

Арсмарæн нæмыг зæрдæсæры нынныхст. Бæргæ ма йæ багæрах кодта Инæрыхъо дæр, фæлæ иуæй цæстытæ дзæбæх нал уыдтой, иннæмæй къухтæ коммæ нал кастысты. Уæддæр ма йæ марæджы уæхск акъуырдта, йæхæдæг йæ туджы мæцгæ йæ бæхы къæхты бынмæ æрхауд.

Хъæугæстæй иу Зилгæйы кæройнаг хæдзары рудзгуытæ ехсы хъæдæй ныххоста, иннæ Бæтæгатæм фыдохы хабар фæхаста. Хъазыбегæн йæ æмбæлттæ куыд арæхстысты, афтæ йын йæ цæф уæлæнгай баст бакодтой æмæ сæ сæртæ бафснайыныл бацархайдтой.

Бæтæгаты фæдисы фæразæй Инæрыхъойы æфсымæры фырт Петка. Хъазыбег ын дардмæ айхъуыста йæ бæхы къæхты тъыбар-тъыбур, фæлæ йæ размæ куы схæццæ, суанг уæд дæр ницы йæ хъус æрдардта фæлмаст æмæ цæф адæймаг æнахъом лæппумæ; хæрисыл куыд банцой кодта, афтæ йæ бынатæй дæр нæ базмæлыд. Петка йæ фæтæнком хъамайæ куы æрриуыгъта, уæд ма бæхы сæрæй уæлдæр бæргæ фесхъиудта, фæлæ уæдмæ лæппу йæ иннæ фæрсты æрзылд æмæ йæ дыккаг хатт æрриуыгъта. Стæй уæд бæхæй æрхызти, Хъазыбеджы уæлхъус исдуг алæууыди æмæ, нал улæфы, уый куы федта, уæд хъама мæнтæджы сыфæй ныссæрфта, бæхыл бабадт æмæ йын æгъдæнцæйттæй йæ тæнтæ басхуыста.

Цалынмæ фæстæмæ здæхт, уæдмæ Инæрыхъойы дæр хæдзармæ æдхæццæ кодтой. Йæ уд ма йын йæ мидæг æрæййæфта. Йæ тызмæг æмæ карзæй бинонтæ æмризæджы рызтысты. Ныр ын аирвæзæн нал ис, уый бамбæрста, æвæццæгæн, æмæ йæм æрæджиауы фæсмон æрцыд.

— Хорзæй уын ницы фæдæн æгас хæдзарæй дæр маст æмæ рæхуыст йеддæмæ... Ныр та ма уыл мæнæ... ох-х-хай... туджы хæс дæр ныууагътон.

— Дæхи кой кæн, Инæрыхъо, уымæ ма ’хсайæд дæ зæрдæ. Ист у дæ туг.

— Чи?.. — йæхиуыл схæцыныл афæлвæрдта Инæрыхъо, фæлæ йæ бон нæ бацис æмæ сæр фæстæмæ базыл æрхауд. — Чи уыдис, мæ уæлхъус куы лæуут иууылдæр, уæд?

— Петка. Петка бакодта хъуыддаг.

Уыйадыл Инæрыхъо йæ цæстытæ æрæхгæдта æмæ ахицæн...

Петкайы æрцахстой æмæ, йæхæдæг куыд амыдта, афтæмæй йæ ныртæккæйы хæххон-металлургон институты бынаты цы ахæстон уыдис, уым афæдз фæдардтой, стæй йæ уæд, фынддæс азы йеддæмæ йыл кæй нæма сæххæст, уымæ гæсгæ рауагътой.

***

Иры разагъды лæгтæ æрæмбырд сты алы хъæутæй æмæ кæмттæй, æмæ сæ хуыздæртæ æдзардæй кæмæн фæмард сты, уыцы дыууæ стыр мыггаджы бафидауын кодтой, фыдбылыз кæм æрцыд, раст уыцы тæккæ ран, Зилгæйы кæройнаг арæныл, донбыл, хæристы къохы.

Фидардæр цæмæй уа фидыд, уый тыххæй Инæрыхъойæн гуыбыны цы фырт баззад, ууыл ном сæвæрдтой Хъазыбег, куы рахъомыл, уæд та йын æрхастой Хъæстуаты чызг Госæдайы.

Петкайæн бирæ цот рацыд: фондз фырты æмæ æртæ чызджы. Чызджытæй иуы — Хадизæты — радтой Хъæстуатæм. Дыууæ мыггаджы хæстæг-къабазæй æддæг-мидæг ауадысты.

Хъазыбегыл та йæ уарзон æмгæрттæ зарæг скодтой.

Кæд дуг цыфæнды æнамонд уыд, уæддæр уый бæрц æнамонд нæма уыд, æмæ лæппу иу хъæуæй иннæмæ — зарæг куыд зæгъы, афтæ — йæ каистæм рараст, ды та йæ бавдæл æмæ бынтон æнаххосæй амар. Стæй Заманхъулæй Зилгæмæ чи цæуа, уымæн йæ фæндаг Мæхъхъæлы рæбынмæ, бæллæх кæм æрцыд, уырдæм цæмæн хъуамæ схæццæ уа, кæд æмæ хъæуы бынты паддзахы фæндагыл стыр хидæй уæлдай хъæуы астæу цалдæр хиды уыдис Хуымæллæджы доныл?

Фæлтæрæй-фæлтæрмæ æндæр хъæутæй дæр ма зарæг скæнынмæ кæмæ цæуынц, уыцы дзырдарæхст Заманхъул куыд хъуамæ бауагътаиккой сæхионыл къæм абадын, куыннæ хъуамæ бацархайдтаиккой Зилгæйы фæсивæды цæсты бафтауыныл, бауайдзæф кæныныл.

Зарæг æнæхъæнæй дæр зæрдæ агайы, фæлæ йæ уæвгæ дæр чи никуы фехъуыста, уыдон дæр Зилгæйы родгæстæй базыдтой Хъæстуаты Хъазыбеджы мæлæты размæйы æрдиагæй:

«Цæуыннæ, дам, мæ ауадзут, Зилгæйы родгæстæ?»

Ацы рæнхъы уидагмæ лæмбынæгдæр æркæсын æмбæлы. Æнæгуырысхойæ зæгъæн ис афтæ, æмæ зарæджы райдиан вариант уыдаид — «Цæуыннæ, дам, мæ ауадзут, Зилгæйы радгæстæ?»

Фæлæ зарæг сфæлдисджытæм уый æгъгъæд нæ фæкаст, уымæн æмæ радгæстæй дисы никæй бафтаудзынæ, алы хъæуы дæр уыдысты. Бынтон æндæр хъуыддаг у «родгæстæ». Хъазыбег æнахъом лæппуйы къухæй кæй ссардта йæ адзал, уый зарæггæнджытæ бæлвырд зыдтаиккой. Æмæ йæ ацахстой — родгæс, хъуымызбыл. Уæлдайдæр та, быцæу фосы фæдыл кæй рауад, уымæ гæсгæ. Фæлгонц йæ джиппы абадт, рауади æвæджиауы зынрохгæнæн — Зилгæйы родгæстæ.

«Æз — нæ»

Беслæны стыр базармæ ныззнвæг и абон Мырза: иугæр хæдзарæй куы афта, уæд æгуыст цас фæуа, уыйас ахсджиаг хъуыддагæй дзы ницы ис — дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр цывзыйы сыфтæ. Рæстæг сыл цы фесафа, уый аргъ уæвгæ дæр не сты. Иу æргъомæй фылдæр дзы нæ раласдзынæ автобусы. Æмæ иу æргъомæй цы æрæвзæрдзæн? Йæ ацæуыны аргъ дæр нæу. Уæдæ фыцыны фаг цалдæр æргъомы куы балхæнай, уæд та цалынмæ хион машинæджыны кæнæ уæрдонджыны агурай, уæдмæ стыр сихор суыдзæн. Машинæджынтыл цæст нæ хæцы — ныртæккæ дæ фарсмæ лæудзæн, цалынмæ дæ тамакойыл зынг бафтауынмæ æргуыбыр кæнай, уæдмæ йæ фæд æрбайсæфдзæн. А уæрдонджынтæ та... Цал ма сты, цал, Зилгæйы? Æртæ æви цыппар? Æмæ сæ уæд та ма базары абон никæй ницы хъуыддаг ис. Нæ, рæстæгсафæн йеддæмæ ницы разындзæн: зонгæтыл дзы æнæ бамбæлгæ нæй — иуимæ æрлæуу, иннæимæ ныхас. Æмæ ма абоны хуызæн дзæбæх бонтæ цал скæндзæн, уымæн чи цы зоны? Уæд та ма тæккæ райсом фæкъæвда. Нартхор æфснайд нæма фæци; кæй дзы æркарста, уыцы куыристæ бæттинаг æмæ амаинаг, нурыйы зæхх къахинаг, стæй канд нурыйы нæ, фæлæ лыстæг хуымты зæхх дæр: фæззыгон уарынты фæстæ йæ мит куы æрæмбæрзы, стæй зымæджы дæвдæг салды фæстæ куы æртæфсы, уæд садзынафонты топхосау хæрогæй фезгъæлы; хал дæр дзы афтæмæй æрзайдзæн, æндæр æй уалдзæджы скъах æмæ йæ скæсæйнаг хус дымгæ уайтагъд чъиу къæйтæ фестын кæндзæн.

Нæ, æгæр бирæ сты йæ куыстæгтæ, боныхъæд та æнхъæлмæ кæсын нæ зоны. Бар сæхи цывзыйы сыфтæн дæр. Кæд Хуыцауы бафæнда, уæд кæсæгæн сæ уæййагыл бынтон нæ фæхæлоф кæндзысты базардзаутæ, гуыффæйы бын ма сæм æнæ аззайгæ нæ уыдзæн, æмæ та уæд сæ фæндаг Зилгæйыл радардзысты, сыхи-сых дуæрттæ хойдзысты сæхæдæг. Раст зæгъын хъæуы, бинаг æргъæмттæ уæллæгты уæзæй ныцъцъæл вæййынц. Æмæ сын циу? Æхсæдынмæ зындæр цы разыной, æндæр уæле дæр судзаг хал æмæ бынæй дæр.

Уыцы хъуыдытимæ Мырза сæумæйæ æрлæууыд йæ нартхоры хуымыл. Йе ’фсин Терезæ иунæгæй ацыд базармæ йæхи хъуыддæгты фæдыл.

Кæройнаг цалдæр рæнхъы урс нартхор ныссагъта. Иу хорз миниуæг æм ис ацы мыггагмæ — рагацау сцæттæ вæййы. Иу цæмæн, иу? Æмæ уæд кæрдзинаг æмæ касагæн та йæхицæй уæлдай кæцы мыггаг бæззы? Науæд хъуыдыдыйæ ахæрынæн, уæлдайдæр та цæхæры арыдæй?

Æниу, кæрдзын пецы дзыхы куы нæуал фыцынц, уæдæй ардæм ма дзы цæй кæрдзыны ад ис? Уæлдайдæр газы пецы — дæвдæг хус цы ныввæййы, æндæр уый цæй фых у?

Дæндагсæттæн. Фæлтау æй пецы дзыхæй судзгæ-араугæйæ райс, йæ фæнык ын афутæ кæн, чи дзы нынныхст, уыцы æвзалыйы муртæ ацæгъд, сыгъдæг хæцъилы кæнæ куатæйы йæ атух æмæ химидæг æрфæлмæн уыдзæн. Уазалы онг æй ма бауадз, афтæмæй хæндыгмæ нывнал æмæ æппæты уæллаг цыхтæй — алы хатт дæр сойджындæр разыны — цыппæрæм хай ралыг кæн. Науæд æй ногдыгъд æхсыры кæнæ мисыны æрыссæнд...

Нартхоры кас та бинонтæй бынтон никæйуал хъæуы, æрмæст ыл Мырза йæ зæрдæ нæ ивы. Сарæх пырындз æмæ ма чи æрвæссы нартхоры касыл. Афтæмæй æрмæст стыр бæрæгбæтты, уæлдайдæр мæрдты комуадзæны, кодтой адæм пырындзы хъæстæ. Уый дæр алы хæдзары къухы не ’фтыд. Йæхæдæг уæд гуырд дæр нæма уыд Мырза, йæ фыд Мысостæй фехъуыста хабар. Сæ акомкоммæ Рубайтæ цардысты. Кæддæрбон Мысост сæ кæртæй уынгмæ рахызт. Кæсы æмæ сæ дуармæ стыр тъæпæн дурыл Рубайты астаздзыд Али бады йæ къухы хъæдын арф къусимæ. Амонæн æмæ астæуккаг æнгуылдзтæ дзы атъыссы æмæ сæ афтæ зæрдиагæй сысдæры, æмæ Мысост йæ уæлхъус куыд æрбалæууыд, уый дæр нæ бафиппайдта. «Уый цы кусыс, Али?» Сывæллон фестъæлфыд æмæ къæмдзæстыг дзуапп радта: «Хæрын». — «Æмæ дæ хæринаг ардæм цы æрбахастай уынджы сæрты?» — «Баби пырындзы кас сфыхта æмæ дзы сымахæн дæр æрбарвыста».

Уыцы ныв Мырзайы цæстытыл афтæ бæлвырдæй ауад, æмæ дзы хъæлæсыдзагæй сирвæзти:

— Ха-а!

Йæ чъылдыммæ базырты пæр-пæр ссыд æмæ уыцырдæм фæкаст. Халон. Дыууæ азы зæгъа æви æртæ цæхæрадоны алы кæрæтты æнгузы цъарæн йæ раст æмбисыл куы иу ран бамбæлы, куы — иннæ. Иу хатт уæд та куы разындаид хъæн уыцы раст æмбис. Никуы. Æрмæст ын карды бырынкъæй ис ахæм раст дыууæ дихы фæкæнæн. Æнæуый та йæ армæй сæттай, дурæй, дзæбугæй — æнæ фæцъæл ын нæй искæм. Фарон фæззæг ын сыхы хистæр Рамазан куы рахъаст кодта, халæттæ мын ме ’нгуз фæдавтой, зæгъгæ, уæд ыл худæгæй амарди: цæмæ бахъуыд халоны æнгуз, цы йын бакæндзæни? — «Цы куы зæгъай, уæд æй асфальтыл æрæппары æмæ дыууæ дихы куы фæвæййы, уæд æй бахæры». — «Æмæ сымах æнгуз дзæбугæй дæр зынтæй куы асæтдзынæ, уæд ын халоны бои циу? — «Уæуу мæнæ лæг: æз мæхи цæстæй цы федтон, уый йын дзурын, ай та «циу, циу», кæны». Уæд æм худæг фæкасти, ныр æй бауырныдта. Ау, æмæ йæ цымæ цæхæрадоны фæлмæн зæххыл та куыд асæтты, цæуыл æй æрцæва, уый дзы æмгæрон дур куы нæ ис, уæд. А-а,— йæ ных бакъуырдта Мырза. — Æппаргæ йæ æцæгдæр асфальтыл æркæны æмæ йæ уым фæхæры, фæлæ истæмæй куы фæтæрсы, уæд æй сисы æмæ йæ фæсвæдмæ, цæхæрадæттæм ахæссы.

Рувæнты заман цалдæр ногдзыд æнгузы талайыл бамбæлд æмæ сын сæ фарсмæ цыбыр михтæ ныссагъта, сыфтæр куы азгъалой, уæд ма сын ссарæн куыд уа, афтæ. Халæттæ кæй фæдавтой, уыдонæй уыдзысты. Сæттын сын чи нæ бакуымдта, уыцы æнгузтæ гутоны бын фесты æмæ сæвзæрдысты. Æцæгдæр Рамазаны бæласæй куы уой, уымæй фæллойаг у. Бæллиццаг нæу сæ мыггаг — хъæбæрцъар, дзæбугæй сæттинаг, туасæй къахинаг. Æниу, æнгуз цас зындæр сæттæн уа, уыйас сойджындæр вæййы. Раивын сæ хъæудзæн, куыддæр æй февдæла, афтæ, уалдзæгмæ уадзгæ не сты: дуармæ фидауцæн æмæ аууонæн уæд та бабæздзысты.

Бынтон дæлæуæзты — гутоны размæ дзы куыстаг куыд нал уа, афтæ — дзæнгæл кæны нартхоры зæнг Мырза. Ардыгæй иуæндæсмæ йын цы бантыса, æндæр дарддæр кæрдгæ нал у: мигъ куыддæр сысты, афтæ хуры зынгцæст сусæнау судзын байдайы, æмæ уæд нартхоры зæнгыл уæлхъæдæй андзæвгæ нал у — йæ сыфтæр згъæлын байдайы. Кæрдынмæ йæ тæккæ ахъаззаг у æртæхы уымæлæй, уыцы фæлмæн, æхсырфæн æнцон лыггæнæн. Иугæр куыристæ-куыристæ куы баййафа мигъ сыстыны размæ, уæд ын хуры бон дæр ницуал бавæййы уый фæстæ, суанг изæрмæ дæр норст уымæлæй лæудзæн, задаг банордæгау, тонгæ-тонын дзы иу сыф нæ азгъæлдзæн, куы æрсæтта, уæд дæр зæнгыл баззайы. Уæдæ! Æрдзы фæткæн дзы æмбал нæй; афтæ ма йæ раст банымайгæ уа: сæумæйæ аходæнмæ фæкæрд, стæй уæд сихорæй изæрмæ куыристæ фехсæд. Уыцы фæтк фехæлдтай, уæд та дæ фос нуарджын холладжы бæсты фистæг уистæ æхсындзысты суанг кæрдæгафонтæм.

Ацы югославиаг бур мыггагæн ма йæ æфсир нæхимæ урс нартхоры хуызæн æххæст хус куы æййафид, уæд ын æмбал бæргæ нæй: æфсир уыцы æмхуызон уæззау æмæ ставд; иу бындзæфхады дыууæ зæнджы йеддæмæ æмбайлаг ма ныууадз, æндæр дзы дзекъо никуы разындзæн; згъалынмæ æнцон; йæ сыфтæр уыцы фæтæн æмæ бæзджын; хæтæл æнахуыр ставд — дыууæйæ фылдæрыл дзы арм не ’ххæссы — цыфæнды дымгæйæ æмæ фыдкъæвдайæ дæр ын ныххуыссæн нæй. Æмæ куыд ныххуысса, кæд æмæ зæнгыл уыцы æмдымбылæй зæхмæ фидар хæцынц, суанг фыццаг уырынгæй чи райдыдта, уыцы уидæгтæ, раст велосипеды цалхы телты хуызæн зæнгæй фæйнæрдæм фæцыдысты æмæ уым нынныхстысты. Адон æй нæ уадзынц, адон, фæлдæхын! Ноджы мæлæты бирæ сты. Цалынмæ тамако дымыныл фæстиат кодта, уæдмæ дзуццæджы æрбадт Мырза æмæ сæ нымайын байдыдта. Æнæхъæн æхсæрдæс. Йæ фарсмæ иннæ бындзæфхадыл дæр æхсæрдæс. Æртыккагыл дæр афтæ. Диссаг, цымæ цæмæн æмхуызон уой? Кæд дзы лыстæгдæртæ æмæ ставддæртæ ис, кæд дзы чи хъæддыхдæр, чи лæмæгъдæр нынныхст зæххы, уæддæр нымадæй æмхуызон.



Просмотров 1268

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!