Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 23 часть



— Дæу дзы ничи фæрсы æмæ æнцад дæ дзыхыл хæц.

Афтæ тызмæгæй мæм никуы сдзырдта Оля æмæ тæргайæ рацыдтæн мæнг хæдзарæй. Уæвгæ та мæ æппындæр нæ фæнды, басудзой сæ, уый. Уæлдайдæр нывджын чингуытæ. Кæсыс, уæртæ шофыр æмæ старшина дæр сыгъд нæма фесты сæ гæххæттытæ. Мæстæй марæгау. Сихор хæссынмæ дæр сæ ничиуал цæуы, мæн фыдæнæн, æвæццæгæн: мыййаг, сæ гæххæттытæй мæ къухы исты хуызы куы бафта, уый тæссæй. Уынджы лæппутимæ ахъазынмæ дæр мæ нал хæссы мæ къах; булкъон кæм фæбады сарайы, уым сбадтæн æмæ мæстæй тъæппытæ хаугæ кæсын шофыр æмæ старшйнамæ: иу гуыффæйæ калы, иннæ сæ артмæ æппары.

Мæ бон сæм кæсын куы нал уыди, уæд сыстадтæн, рудзынджы фæрсæгтæ бассыдтон, мидæмæ бацыдтæн, тъахтинмæ схизыны размæ мæ дзабыртæ раппæрстон, æмæ Яийы чырынтæ кæлмæрзæн мæхиуыл æрæмбæрзтон.

Райхъал дæн цыдæр æнахуыр хъыррыстмæ. Кæсын æмæ Оля уаты астæу ныллæг æртæкъахыгыл бады, йæ разы чингуыты дыууæ рагъы: иуырдыгæй — æнæхъæнтæ, иннæрдыгæй — æнæ цъæрттæй; тыххъуырдухæнæй архайы чингуытæн сæ сæрак цъæрттæ фæхицæн кæныныл; къухæй кæй атоны, уымæн йæ хъыррыст фæцæуы, атонын кæй нæ фæразы, ууыл та æрчъиаглыггæнæн фæтæнком хæсгард суадзы; йæ чъылдыммæ рæдзæгъдæй лæууынц морæ, бурбын, тарсырх, фæныкхуыз, сау цъæрттæ. Уалынмæ Яи дæр уатмæ æрбауад, пырх чингуытæй йæ куатæйы дзаг сæвгæдта æмæ феддæдуар: сæ дыууæ дæр æмхуызон тарæрфыг, дзургæ дæр ницы скодтой кæрæдзимæ. Тъахтиныл рабадтæн æмæ Олямæ кæсын; уый дæр мæ куыннæ бафиппайдтаид, фæлæ йæхи нæуынæг скодта, уыцы хъуыддагхуызæй рæдувы чингуытæ. Сыстадтæн æмæ йæм ницы сдзырдтон — ме ’фхæрд мæ нæма ферох,— афтæмæй кæртмæ рацыдтæн.

Хур акъул, кæртыдуармæ пыхцылсæр хæристы нынныхсти. Æфсæддонтæ сæ тæккæ æндзаргæ сты нырма. Мæнгхæдзары къæсæрыл бахызтæн. Яи пецы дзыхмæ дзудздзæджы бады æмæ чингуытæ судзгæ артмæ калы иугай; иу дзы æмбиссыгъд нæма фæвæййы, афтæ йыл иннæ баппары, банхъæлмæ кæсы æмæ сæ æртысгæнæй афæйлауы.

— Яи, стонджы мын у.

— Дæ разы арынджы кæрдзын, йæ сæрыл та кæхцы мидæг картæфтæ. Изæры дын æхсыры бассæнддзынæн.

Бахордтон æмæ Бæтæгаты бын бæхнайæн малмæ ацыдтæн; цалынмæ мыл ризæг нæ бахæцыд, уæдмæ былгæронмæ хæстæг тæнджыты мæхи æмгар лæппутимæ фæцъыбар-цъыбур кодтон, стæй та хъазынтыл фестæм тъæпæны æнæсындз кæрдæгыл. Уалынмæ кæйдæр зæрдыл æрбалæууыд: родтæ æрбаскъæрын афон у, кæннод хъомты размæ куы фæуой, уæд бадæйдзысты.

Æрмæст изæргæрæттæм æрбахæццæ дæн нæхимæ æмæ мамæйы æрбаййæфтон богъ-богъæй кæугæ; æвæццæгæн, бирæ фæкуыдта: йæ цæстытæ — сырх-сырхид, уадултæ — уымæл, æнæнцойæ сыл згъорынц æмæ згъорынц цæссыгтæ, афтæмæй дзойдзойгæнгæ лæууы афтид чингуыты тæрхæджы цур. Яи сæргуыбырæй бады тъахтиныл, куатæйы кæронæй йæ цæстытæ асæрфы; Оля та Абайты фæлмæн къæлæтджыны кæрон йæхи æруагъта, тæргайхуызæй тæссармæ кæсы.

Йæ куыды сæр цæуыл у, уымæн ницыма æмбарын, афтæмæй йæм базгъордтон æмæ, тарвазыл цы къухæй хæцы, ууыл ын ныддæвдæг дæн:

— Ма ку, мамæ!

— Куыннæ кæуон, ме ’намонд сæр бынтон кæуинаг куы фæцис, уæд! — ноджы тынгдæр ныббогъ-богъ кодта. — Ныр ма цы цæсгомимæ бацæудзынæн мæрдты бæстæм сæ хицауы размæ?! Ме ’намонды æдде мæм ацы маст та ма кæцæй касти?! Йæ ингæнмæ фæндагыл дæр уыцы чингуытæм фæстæмæ фæкæс фæкæсгæнгæ куы афардæг, бахъахъхъæн сæ, иу дæр дзы сæфын ма бауадз мын куы фæфæдзæхста. Цы дзуапп ын ратдзынæн — хæцынмæ уыдтæн ын зæгъдзынæн? Æниу, хæстон лæг дæр куыннæ дæн — бон-изæрмæ къахæн бел æмæ къæдз бел чи раивбаив кæны уыцы дæвдæг хуры бын. Дæлæмæ ныххауа ацы паддзахад: иу мын фондзæхстон топп нæ радта мæ къухтæм, æндæр мын цы нæ бавзарын кодта, ахæмæй куы ницуал баззади бæстыл! Дæуæн та куыд бакуымдта дæ зæрдæ, уæртæ ус, хорз æй куы зоныс, йæ уд, йæ цæст уыцы чингуытæ уыдысты, уый?! — йæ уæраджы сæртæ тымбыл къухтæй ныххоста мамæ.

Ницы дзуры Яи, куыд бадти, афтæ сæргуыбырæй бады тъахтиныл, йæ цæссыгтæ гæр-гæрæй згъæлынц æнцъылдтæ рустыл, фындзæй футт-футт кæны æмæ куатæйы кæронæй куы цæстытæ асæрфы, куы фындз.

— Æндæр гæнæн куы уыдаид, уæд Яи дæр йæ фыртæн дæуæй æддæссондæр нæу,— дæрзæг æнад хъæлæсыуагæй Яийы бæсты дзуапп радта Оля. — Нæ фырхъалæй сæ, мыййаг, нæ басыгътам. Немыц сæ куы ’рбаййæфтаиккой, уæд уæ æнæ уæлдай рафæрс-бафæрсæй иууылдæр къулы рæбын æрлæууын кодтаиккой топпы дзыхмæ. Æви дын дæ разы дæ сывæллонæй æмæ де ’фсинæй зынаргъдæр сты уыцы чингуытæ?

Фæлæ мамæмæ нæ хъарынц уыцы ныхæстæ, богъбогъгæнгæ йæ зæнгтæ хойы:

— Цы дзуапп ратдзынæн ныр сæ хицауæн, рыг абадын дæр сыл макуы бауадз мын куы фæдзæхста?!

Уæд федтон мæ царды мидæг дыккаг хатт Бабуйы кæугæ.

Æнæмæнг, йæ мойы фæдзæхст ауад йæ хъустыл, чингуытæ куы ауыдта тæрхæгыл, уæд, æрмæст ын кæй фæдзæхста, уыцы чингуытæ хæсты заман арты амæттаг кæй баисты, сæ бынаты æндæртæ кæй лæууынц, уый йæ сæр нал æрцахста. Уымæн афарстаид фæрсгæ дæр рыджы тыххæй.

Зæронд дзаумæттæ та уымæй æвзæр сты: хъæуа-нæхъæуайæ адæймаджы зæрдыл цы нæ æрбалæууын кæндзысты, ахæм нæй.

Дзæгъæлы, бынтон дзæгъæлы банымадта рыджы кой уайдзæфыл чындз: æппæт уыцы хабæрттæ зоны, зæгъгæ, уæд æм ахæм хъуыды æмгæрон не ’рбацыдаид. Æмæ йæ æгайтма Хуыцау бахызта сæ бавзарынæй дæр æмæ сæ зонынæй дæр.

...Æнхъæлдтон, ничи нæ базыдта. Иу æмæ дыууæ хатты, мыййаг, куы нæ æрцыдтæн машинæйæ, иу æмæ дыууæ хатты йæ куы нæ батардтон кæртмæ. Дæс минуты дæр нæма афæстиат Бабу йæ сынтæджы, афтæ æнæ æрбахойгæйæ, æнæ æрбадзургæйæ Бæди йæ уæлхъус æрбалæууыд.

— Гъы, ничи йæм кæсы: кæлæхы галау мын йæхи ауагъта. Сыст уæлæмæ, уый дын!

Тæнтъихæг зæгъон, æмæ бынтон хус: æнцъылдтæ тар цармы тыхт стæджыты голлаг, армыйас цæсгом цы у, уымæй æнæхъæнæй дæр — цæстытæ, æнæдæндаг тæнæг æфсæртæ æмæ цыргъ роцъо, сау æмæ кæрдæгхуыз тæппытæ сæрбæттæны бын фырурсæй бурбын дадалитæ; ноджы ма — къуырма: цалынмæ йæ истæмæй бафæрсай æмæ дæ фехъуса, науæд ын тæккæ хуымæтæгдæр хабар бамбарын кæнай, уæдмæ дæ хурхы уадындзтæ срисдзысты. Уæрджытæ нал тасынц, фæлæ куы фæцæйцæуа, уæд йæ къахайстыл цæст нæ хæцы.

— Гъы, ауагъта мын йæхи!

Иуæй, уайдзæфау, иннæмæй хæлæгау — йæ ныхас. Ома, нæ дыл æууæндын, сайыс мæ, æндæра уый та куыд — дæ бон рабадын мауал уа? Ау, мæнæй дæс-дыууадæс азы кæстæр куы дæ. Нæ, фæлæ дæхи буц кæныс бинонтæн дæр æмæ мæнæн дæр, æндæр ницы. Иннæмæй та: тæхудиаг, йæхи æнæмæтæй ауадзыны бон кæй фæцис; мæнæн та мæ цоты цотæн сæ цоты хуызæн тæлфаг а дунемæ нæма равзæрд: куыддæр бонрæфты дæ фæллад суадзынмæ æркъул кæнай ацы æнуды, афтæ райдайынц сæ хъыллистытæ æмæ тæлфын; уæдæ лыстæг хуымтæм дæр мæхæдæг куы нæ фæкæсон, уæд сæ кæм æгæр бæзджынæй ныууадздзысты, кæм та сæ æгæр фæтæнæг кæндзысты; нас ныссадзын та сæ азæй-азмæ рох фæвæййы кæнæ та йæ æгæр æрæджиау ныссадзынц, цыма æнæ насæй а дунейыл фæцæрæн ис.

Сыхы.сылгоймæгты æхсæн сидзæргæстæ — Нади, Бæди, Бадинæт æмæ Бабу — уæлдай æмуддæр рахастой. Нади, Бæди æмæ Бабу хæсты размæ бавдæлон сты сæ мæйттæй, Бадинæтæн та хæсты баззад. Куы ма йæ загътон: сидзæрхæссæг — тугдзых, хъыбылхæссæг — сойдзых, Кæцы барæнæй баргæ сты сæ хъизæмайраг фыдæбæттæ — мæгъа. Кæд, мыййаг, нымæцæй? Нæ зонын, нæ зонын. Нымæцæй — уæд дзы Бабуйæ æнцондæр схæссæн ннкæмæн уыд: иунæг. Бæдийæн — æртæ. Надийæн æмæ Бадинæтæн — фæйнæ цыппары. Уыйхыгъд Надийы цоты кæстæр — Бадинæты хистæры æмгар, æнæбары амалхъом уыдысты; «къæбæр нæй» сын куы зæгъай, уæд уый æмбæрстой æмæ кæстæрæй фæстæмæ нæ агъуыдысты; Бадинæтæн та — иуæй иннæ æнахъомдæр, марадз æмæ сæм бахъарæд «нæй». Дзæнæты фæбадинаг колхозы хицау Дзарасаты æмбаргæ Хъазыбег дæр, æвæццæгæн, уымæ гæсгæ сæвæрдта Надийы разæй куыройгæс Бадинæты. Ноджы ма кæд йæ сæрæны тыххæй. Фæлæ хæсты фæстæ бирæ нал бафæстаит Зилгæйы Бадинæт: йæ моймæ æнхъæлмæгæсгæ нæу, уый куыддæр базыдта, афтæ къæбæр æнцондæр амалгæнæн кæм у, уырдæм айста йæхи æд байзæддаг; амонæг æмæ йын фæхæцæг фæцис хионтæй.

Иннæтæ æртæйæ дæр сæхи ныггуыбыр кодтой æмæ тъыртттъырттæй хафтой колхозы: садзгæ, рувгæ, дон уадзгæ, ссивгæ, æфснайгæ.

. Куы афæлгæсай, уæд уый бæрц бирæ сты, æвæдза, Хуыцауы диссæгтæ, фæлæ дзы дыууæ диссагæн æмбал нæй: иуæй фаллаг былмæ чи кæд фæраст уыдзæн, уый алкæмæй дæр æмбæхст у, иннæмæй та адæм цы нæ базондзысты, ахæм хорзæй дæр æмæ æвзæрæй ницы ис, алцыдæр базондзысты: расты æмæ зылыны.

Иннæ бæстæты æфсæрмæй уыдаид æви Уæрæсейы хицæуттæн сæ зæрдæ срыстаид — ныр нæ уыдæттæ æвзарынмæ нал æвдæлы,— фæлæ хæст куы ныллæууыд, уæд скарстой: æгъгъæд фæуæд адæмæн сæ дарджыты сæфт, сæ уæззау бæллæхтæ, се ’ххормаг бонтæ; мæрдты раздахын нæ бон нал у, фæлæ æгæстæн сæ гуыбынтæ уæд та бафсадæм. Кæд афтæ нæ уыд, уæддæр æй ме ’дылы сæр дарддæр нæ ахсы. Стæй куыннæ уыдаид, куыннæ: нæ уарзон фæтæг, саусæртæ æмæ бурты фыд, нæ дарæг Сталин æндæр цæуыл хъуамæ сагъæс кодтаид? Зондджын хъуыды та ма куыннæ уыди: фыс иу уæрыкк йеддæмæ нæ зайы, дыууæ куы ныззайа, уæд бирæ у, хъуг куы ныззайа дыууæ роды, уæд та — æгæр; ахæм хабар Зилгæйы хуызæн егъау хъæуы афæдз иу кæнæ дыууæ хатты куы æрцæуа, уæд æмбисондæн баззайы; æргæвдынмæ цалынмæ сбæззой, уæдмæ сæм афæдзгæйттæ æнхъæлмæ кæсын хъæуы. Уый æмæ дын маргъ — каркæй, бабызæй, гогызæй, хъазæй: сæрды цъиу — фæззæджы æргæвдинаг. Раст зæгъын хъæуы, иу уæрыкк ссæдз карчы бæркад тæры, иу род та — ссæдз гогызы бæркад. Уыйхыгъд карчы æмæ гогызы цъиутæ иугæр аирвæзæд, æндæра ссæдзгæйттæ вæййынц. Æмæ æниу уæрыччытæ æмæ родтæ се ’ппæт ирвæзынц? Цыбыр дзырдæй, сæ ранымай-банымай æгæр дæргъвæтин у, фæлæ Зилгæйы колхозæн бафæдзæхстой маргъ дарын. Рагуалдзæджы карчы цъиутæ цалдæр фондзыссæдзы æрластой хъæугæронæй дæрддзæф амад саманкъул агъуыстмæ, кæрчыты фермæ йæ схуыдтой. Къуырийы бонмæ цъиутæ иууылдæр цагъды фесты: æгæр уазал уыдаид æви низ фæзынди — ауал азы фæстæ ма йæ чи сбæрæг кæндзæни?

Нæ фæрæстмæ дыккаг къорд дæр — дыууæ къуырийы нæ аирвæзтысты цъиутæ. Кæркгæсты æгайтма знаггадгæнджытæ нæ рахуыдтой сæ амондæн. Æндæр колхозы хицауы зонд уыйонг дæр аххæссыдаид. Хъазыбегмæ та æндæр хъуыды фæзындис: никæйы тæригъæд мæ хъæуы, фæлæ цæй æмæ кæркгæсты баивон. Бæди æмæ Бабуйы равзæрста æгас колхозы сылгоймæгты æхсæн. Мардысты уыдонæн дæр сæ цъиутæ, æмæ мæлгæ та кæцы æфсинæн нæ кæнынц? Ноджы ма сæм гæркъæраг куы фæцалх уа, уæд бынтон бæллæх; йæхицæй æнамонддæр маргъ нæ равзæрди Хуыцауы бын: æнæуи бæстæ фæдис самайы, фæлæ æнæуынæрæй кæуылты æрбахъуыздзæн, уый нæ бамбардзынæ, цъиуыл йæхи ныццæвдзæн æмæ йæ фæсвæдмæ ахæсдзæн, уым æй зæххыл æрæвæры, сæр гуырæй фæхицæн кæны, стæй — цыргъ бырынкъæй къупп æмæ йын йæ магъз æхсæры аппы хуызæн фелвасы.

Фæхъуыд, куыннæ дзы фæхъуыд Бæдийы æмæ Бабуйы цъиутæй дæр, фæлæ сæ фылдæр аирвæзтысты æмæ Хъазыбег иттæг райгондæй баззад йæ кæркгæстæй. Нартхоры лæхурæгæй уæлдай ма цъиутæн лæвæрдтой пысырайы карст, къуыдырфых æйчытæ æмæ къæдоры цыхт. Гæды ныхас ницæмæн хъæуы, хастой дзы кæркгæстæ се стонг сабитæн: æххормаг аз скодта æмæ кæмæн куыд йæ амал уыди, уымæй нæ ауæрста — алкæмæн йæ хъæбул æхсæны карчы цъиуæй зынаргъдæр у. Куыд æй æмбарын, афтæмæй Бæдииты разæй чи куыста, уыдон, æвæццæгæн, ногуагъд цъиуты хъуыры айк æмæ къæдор æппындæр нæ ауагътой æмæ цагъды дæр куыннæ кодтаиккой. Хастой дзы Бæди æмæ Бабу дæр, æрмæст сæ Хуыцаумæ скæсгæйæ: хæлофæй нæ, уæздан бæрцæй; кæмæн цал сывæллоны уыди, уымæ гæсгæ — алы сывæллонæн дæр бон иу айк æмæ армыдзаг къæдор; сæхицæн дзы сæ цæст никуы бауарзта. Ноджы ма сæ Хъазыбег æппæт адæмы æхсæн кæй равзæрста, уый дæр хорз æмбæрстой æмæ дзы куыннæ æфсæрмы кодтаиккой.

Бæгуы æфсæрмыйаг лæг. Бирæ азты фæстæ, Хъазыбег йæхæдæг дæр ма æгас уыди, афтæмæй йæ фырт Бобæ кæцæйдæр цæгатырдыгæй, æнхъæлдæн, Мурманскæй, йæ æфсæддон хайæ Бакумæ рараст ног хæдтæхæг скъæрынмæ. Йæ фæндаг Зилгæйыл ракодта, йе ’рдхæрдтæй хъæуы кæй æрæййæфта, уыдоныл хæдзаргай фæзылди æмæ мæн дæр бацагуырдта фенынмæ. Фæбадтыстæм, фæхабæрттæ кодтам, хæдзары цы разынд, уымæй йын æгасцуай загътон. Стæй уæд уазæджы фæдыл рацыдтæн. Сыхы устытæ сæ адджын бынаты — Надиаты дуармæ бæласы бын — бадтысты фæссихоры æнтæфы. Нæ тигъæй куыддæр разындыстæм, афтæ цымыдисæй куыннæ ныккастаиккой æнæзонгæ адæймагмæ: мæнæй дыууæ хатты бæрзонддæр, хистæр лейтенанты тæмæнкалгæ бæрæгбоны дарæсы, сыгъзæрин пъагæттæ, хæдæлвæст, тæнтъихæг. Сæ цурты куы фæцæйцыдыстæм, уæд ын сыстадысты. Ног чындзæн кæртмæ бæгъæмсарæй рацæйхизгæ мыггаджы хистæртæ æнæнхъæлæджы йæ размæ куы фæуой, уыйау ныфсæрмы Бобæ æмæ йæ ныхас мæнмæ дæр тыххæй фехъуыст, афтæ сабырæй сдзырдта:

— Бадут, бадут, цæмæ сыстадыстут? Уæ салам бирæ.

Сæ рæзты сивгъуыдтам уынджы астæуты. Нæ йæ базыдтой, æндæр æй æнæ фæуромгæ æмæ фæарфæтæгæнгæ кæм ауагътаиккой. Сосайы онг фæцыдтæн Бобæимæ, уым ын фæндараст загътон æмæ фæстæмæ раздæхтæн. Сæ цурмæ нæма æрхæццæ дæн, афтæ мæ дардмæ афарста Уæлинка:

— Дæ хорзæхæй, уыцы хæдаив лæппу чи у?

— Ау, нæ йæ базыдтат? — дисгæнæг скодтон мæхи.

Куыд æй хъуамæ базыдтаиккой — цал æмæ цал азы ис æфсады, стæй уымæй размæ дæр цастæ арæх æфтыди нæ сыхмæ.

— Кæцæй йæ базонæм — дæ хуымæллæггаг æрдхæрдтæй æнхъæл æй у мæнæ Бабу.

— Гъы, хуымæллæггаг! Æмæ Зилгæйæн уæ цæст нæ уарзы ахæм афицертæ? Ничи сæм кæсы — хуымæллæггаг! — бустæгæнæг скодтон мæхи.

— Ма нæ ныууадз, цалынмæ нæ цымыдисы дзæкъул фырдымстæй аскъуыйа, уæдмæ! — йæ къухтæ мыл сцагъта Нади.

— Хъазыбеджы фырт у Дзарасаты.

— Мæх-хæдзарылна — Динæйы лæппу?!

— Динæйы цæмæн, Динæйы — Хъазыбеджы фырт уын куы зæгъын.

— Стæ-ма, мах æй Динæйы лæппуйæ амонæм. Кæс-ма, дæ хорзæхæй, æмæ йын афицер ссис?

— Афицер дæр ма хуымæтæг афицер куы уаид, фæлæ тæхæг афицер.

— Бæрæг у, бæрæг, йæ фæлыстæй,— йæ сæр банкъуыста Нади.

Исдуг ницуал сдзырдтой. Æвæццæгæн сæ алчи йæхи фыртыл ахъуыды кодта — цымæ махонтæй искæцыйæ цæуылнæ рауад, адæм сæ цæст кæуыл æрæвæрой, ахæм гуырд, æмæ хинымæр кæрæдзи сусæгæй ныуулæфыдысты: амæндтæ дæттæгæн цы загъдæуа?

Дзуццæджы æрбадтæн сæ цуры — дæрдты хабæрттæ та æрæмысдзысты, исты фæрсинаг сæм æнæ разынгæ нæ уыдзæн.

— Амондджын уæд, амондджын, йæ мад, йæ фыды фæндиаг,— загъта Нади. — Гъей, æмæ куыд уæздан у, уый та? Ног чындзау куыд ныссырх, куы йын сыстадыстæм, уæд.

— Хъазыбеджы фырт нæу æви, куыд хъуамæ ма уа уæздан? — йæ ныхас баппæрста Бабу дæр. — Кæм и, кæм, Хъазыбег та — рагæй йæ никуал федтон?

— О, о, куы никæцæй зыны.

— Сæйгæ рынчын куы у ныр цалдæр азы, никæдæмуал цæуы æмæ йæ кæм фенат.

— Æвгъайуаг! — бахъыг кодтой æртæйæ дæр. — Йæхицæй уæздандæр адæймаг куы нæ уыдис.

— Цæй-ма, стынг æй кæнут: «уæздан, уæздан!» — къахын сæ. — Уагæры цы ракодта йæ уæзданæй?

— Банцай, куы ницы зонай, уæд! — фæтызмæг Бабу. — Дæуæн иууылдæр хъазынтæ æмæ худынтæ сты, фæлæ йæ мах дæуæй хуыздæр зонæм. Уыцы æххормаг азты-иу куы ацыдыстæм нартхор тонынмæ, уæд сихормæ кусгæ кодтам, сихорæй изæрмæ та кæрийы уæлхъус бадтыстæм хъæллæгъыл æмæ нæ бæмбæджджынты дыстæм згъæлдтам салд нартхор. Кæд хицауадæй исчи фæзына, уæд фæндагмæ хæстæгдæр кæрийы цур чи бады, уыдон фæхабар кæндзысты æмæ та æнæбары æрлæуу дæ рæнхъыл. Хæдзармæ рараст стæм изæрæй, уæд дыл районæй æрвыст цъаммартæй мачи бамбæлæд, æндæр Хъазыбегæй ма тæрс.

— Иудадзыг районы аххос æй ма кæн,— йæхи нал баурæдта Нади. — Нæхимæ дæр дзы уыди фаг цъаммартæ.

— О. Фæлæ уæддæр Хъазыбеджы тыххæй зæгъын. Æнхъæлут, нæ йæ æмбæрста, нæ бæмбæджджынты дыстæ фæйнæрдæм цæмæй ныхъхъæддых сты, уый æмæ нæ раздарæнты дзæкъул-мæкъул? Йæхæдæг-иу фефсæрмы. Фæндагыл нæ размæ фæцис, уæд-иу йæ бидаркæ лæхъир хуымгæнды дæрдты æрзылдта, цалынмæ аивгъуыйæм, уæдмæ. Ома, ницы федтон. Науæд æй, æнхъæлут, фæрсæг нæ разындаид: «Цæстытæ дыл нæй? Кæдæм кæсыс, дæ хор дын куы фæдавтой, уæд?» Айрох уæ, æвæццæгæн, Хъазыбеджы фæстæ цалдæр нартхоры æфсиры тыххæй кæйдæрты Сыбырмæ куыд фæхастой, уый.

— Бæгуыдæр, никуы никæй тæригъæды бацыд,— загъта Уæлинка. — Йæ цæрæнбон бирæ æмæ йæ Хуыцау æнæниз уадзæд.

Сæ цæсгæмттæ барайдзаст сты, разыйы æнкъуыст кæнынц сæ сæртæ Уæлинка дæр æмæ Бабу дæр; æрмæст Нади тарæрфыгæй бады, дзурыны рад æм кæд æрхаудзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсы.

— Уæдæ исчи сæхи Хъазиханы хуызæн у? Мæлæты хицау дæр ма куы уыдаид — дæлæмæ дæр бригадир, уæлæмæ дæр. Æллæх, æллæх, адæмæй, æвæдза, цæй сырдтæ разыны.

— Уагæры дæ цавæр маст бауагъта — бынтондæр æй куйг ныссырд кодтай? — баппæрстон мæ ныхас Надимæ. — Куы йæм байхъусай, уæд йæхицæй растдæр æмæ æнæхиндæр æгас хъæубæсты куы ничи разындзæн.

— Фæмизæд ма йæ растыл дæр æмæ зылыныл дæр. Ныр, ай-гъай, æрфæлмæн сты иууылдæр, афтæмæй сæ заманы лæджы туг бануазыныл нæ бацауæрстаиккой. Ныр сæ, айгъай, бахъуыд кæстæр дæр æмæ хистæр дæр. Ницы кæны, æз ын æй адæмы æхсæн хорз йæ цæсгомыл бафтыдтон, дæлæ йæ кайыстæ чызг куы æрвыстой, уæд. Ма тæрс, мæнæй дæр ахæмтæ нæ аирвæздзæн.



Просмотров 1180

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.su - 2025 год. Все права принадлежат их авторам!